Дигорон адæмон сфæлдистадæ, т. 1

Page 1

1




ББК 82,3 (Осет) Н-19

Рекомендовано к печати Научно-экспертным советом Северо-Осетинского государственного педагогического института.

Научный редактор:

доктор филологических наук, профессор Тамерлан Таймуразович Камболов.

Дигорское народное творчство. Составители: Кибиров А.Я.; Скодтаев Э.Б. – Владикавказ, ИПП им. В.Гассиева, 2010 г. – 620 с.

В книгу вошли фольклорные материалы, записанные в XIX- XXI веках. Настоящая книга выходит впервые.

ISBN 5-7534-0649-1 82,3 (Осет)

© Кибиров А.Я., Скодтаев Э.Б. составление, 2010 © Григорян В.С., оформление, 2010


ОТ НАУЧНОГО РЕДАКТОРА Историческое прошлое – это фундамент развития народа, дающий ему опору в сегодняшнем дне. Именно в своем историческом прошлом народ черпает силы и знания, чтобы строить свое будущее. Осязание глубины своих национальных корней дает человеку возможность ощутить свою сопричастность к Вечности, осознать свой долг перед предками и свою ответственность перед будущими поколениями. Знание и уважение к истории своего народа, к истории его духовного становления и развития – непременный элемент индивидуальной культуры полноценной личности. Реалии нового времени, современного постиндустриального, информационного общества пресекли традиционную форму трансляции культурно-исторического наследия. Многие произведения и даже целые жанры устного народного творчества осетинского народа постепенно уходят в прошлое. В какой-то степени это процесс объективный и неизбежный. И тем большую ценность имеют работы по сохранению духовного богатства осетинского народа, по сбору, систематизации и изданию фольклорных памятников. Настоящий сборник, подготовленный известными осетинскими поэтами – Амурханом Кибировым и Эльбрусом Скодтаевым дает возможность более полно ознакомиться с осетинским устным народным творчеством, созданном на дигорском. При этом в книге представлены как прозаические, так и поэтические произведения во всем богатстве их жанрового разнообразия – от нартовского эпоса до малых фольклорных форм. Это дает читателю возможность не только раскрыть всю палитру образных средств известного своей древностью языка, все разнообразие его лексикона, но и проникнуть 5


в особый, только ему присущий дух нашего народа, почувствовать дыхание времени, окунуться в события давно минувших дней, ощутить свою генетическую духовную сопричастность к легендарным героям и великим их деяниям. Очевидно, что настоящее издание предназначено в первую очередь для научных работников – филологов, лингвистов, фольклористов, этнологов, историков, культурологов. Собранный Эльбрусом Скодтаевым и Амурханом Кибировым обширный материал открывает перед исследователями поистине безграничные возможности для познания истории духовной жизни осетинского народа. При этом такая беспрецедентная концентрация дигороязычного фольклорного материала создает условия для установления особенностей, специфики мироощущения, «картины мира» его создателей. Научное предназначение сборника обеспечено и скурпулезной работой его составителей, которые приложили немало стараний для того, чтобы снабдить каждый публикуемый материал точными паспортными данными, дающими представление об источнике, времени и месте его записи. Естественно, высокая научная ценность книги не умаляет ее общекультурного значения. Несомненно, что публикуемый сборник послужит источником вдохновения для новых поколений осетинских писателей и поэтов. Книга найдет свое достойное место в учебном процессе в школах и вузах Северной и Южной Осетии, и знакомство с ней станет для многих наших юных современников моментом истины, часом озарения, пробуждающего уважение к родному языку и культуре. Остается только поблагодарить составителей книги за неустанную заботу о сохранении культурного наследия своего народа, за искреннюю привязанность к своим историческим корням, за неподдельно ответственное отношение к собственной роли в культурном развитии осетинской нации, которые они уже многократно подтвердили конкретными делами. Тамерлан Камболов, доктор филологических наук, профессор

6


КИУНУГÆАРАЗГУТÆЙ Æгас дзиллæ нæ, фал ма æрмæстдæр дууæ адæймаги ку дзоронцæ кæрæдзей хæццæ сæхе æрдзон маддæлон æвзагбæл, уæддæр уонæн сæ еци барæ райсун æй тæрегъæддаг æма æнаккаг гъуддаг. Цæветтонгæ, нæ рагфиддæлтæ устур адæн адтæнцæ: сæ ковæндæнттæ, се’ змæлд, сæ рацæуæнтæ, сæ къахвæдтæ ма нур дæр бæрæг дарунцæ зæнхи къоребæл берæ рауæнти. Устур адæмæн ба се ‘взаг дæр сæ аси бæрцæ фæууй: гъæздуг, рæсугъд, цæмæдессаг. Уой фæрци кæрæдзей лæдæрунцæ æма уарзунцæ, гъомбæл кæнунцæ нæуæг фæлтæртæ, хæссунцæ сæ цард… Дигорон æвзаг дуйней рагон æвзæгтæй сæ еу ке æй, е дузæрдуггаг нæй. Еци æцæгдзийнадæ бæлвурдæй исбæрæг кодтонцæ æвзагзонунади зундгонд ахургæндтæ. Дæнцæн, зæгъæн, æностæ нæ, фал мингай æнзти дæргъци нæ фиддæлтæ цъухæй-цъухмæ дзоргæ æрцудæнцæ «Бæхфæлдесуни æгъдау». Адæмон сфæлдистади пахампар, кадæнгæгæнæг æма кадæнгитæ финсæг, нарти адæми фæлгонц нин цæстæйуингæ ка скодта, еци номдзуд хузгæнæг, финсæг æма ахургонд Туйгъанти Мухарбег зæгъуй: «Аци ‘гъдау нæ дзиллæмæ байзадæй фиддæлти дзаманæй, киристон æма пусулмон дини разæй.» Нæ рагфиддæлтæ, уæхæн устур адæн уогæй, сæ рагон æвзагбæл кунæг дессаги артдзæстæ уадзимистæ не ‘римистонцæ, фал ма уонæй мах уæнгæ, гъулæггагæн, æрхъæрттæй ефстаг æсгæрнæгутæ, финсунадæ ке н‘ адтæй, кенæ ке фесавдæй æгъатир тугъдтити, дзурунæ кæнæг хуæцгæ незти æма иннæ 7


уæхæн фидбилизти цагъди дзаманти, уой фудæй. Кай зонуй, æма уæхæн егъау бæллæхтæ ку нæ баййафтайуонцæ, уæд сæ уодифарни хæзнатæбæл абони дес кæниуонцæ дуйней берæ адæмихæттитæ. Уæддæр, еци ефстаг æсгæрнæгутæ дæр нæ зæрдити уадзунцæ æносон нифси рохс, æфтаунцæ нæ арф сагъæстæбæл, амонунцæ нин зунд, аразунцæ нæ федæни царди надбæл, нæхе æгъдау æма фæткити æрфадæ нин бæлвурд бæрæгæй æвдесунцæ. Еци æсгæрнæгутæ æнцæ, кæрæдземæн сæ цъухæй-цъухмæ дзоргæ ка æрцудæй, фæстæдар ба ма, финсгæ сæ ка фæккодта, уони цæстити рохс: нæ аци бонмæ нин æй æрхъæртун кодтонцæ, æма, цæстити рохсæй хуæздæр хуарздзийнæдтæ ба, æвæдзи, адæймаги царди берæ нæййес… Киунугæ исфæлундунмæ дæр Туйгъанти Мухарбеги конд хузæ – «Нарти рантæсæн» – дзæгъæли æвзурст не ‘рцудæй: нæ рагфиддæл хори тæмæнæй рагæпп кодта, æма, олимпиаг рохс хæссæгау, фæлтæрæй-фæлтæрмæ дæтгæй адæми фарни рохс, æрлигъдæй нури догæмæ, мах уæнгæ. Еци хузæ æй киунуги райдайæни. Æ фæстаг цъарæбæл ба идарддæр, федæни дзамантæмæ ледзуй. Нæ фиддæлтæ кæбæлти адæн адтæнцæ! Сæ цæрæн, сæ архайди бунæттæ куд изæлттæбæл æнхастонцæ, уобæл дзорæг æнцæ берæ тауæрæхътæ, кадæнгитæ æма историон зартæ дæр. Сæ еу тугъдон финдздзæуæг – силгоймаг, Нарти Насиран, æнæнимæдзæ æфсад кæми æмбурд кодта, уоми еугур æфсæдтæ, кенæ еугур адæн ба цæйбæрцæ униау адтæнцæ: «Е ‘фсæдтæн сæ нимæдзæ ка иссирдтайдæ, уомæ сæ барæ лæвардта… Æ хæццæ рацæуй Ацæмæз, е ‘фсæдтæ ин банимайуй: финддæс мини, сæ уæлдай ба – æртæ сæди…» («Нарти Насиран»). Киунугæ «Дигорон адæмон сфæлдистадæ»-мæ хаст æрцудæнцæ, уæлдæр кæмæй загътан, еци уодифарни æсгæрнæгутæн сæ кæцидæр хай. Киунугæ хецæн кæнуй 8


дууæ сæйраг хаййебæл: поэзи æма прозæбæл. Фиццаг хай – «Адæмон поэзи» – æвдесуй, рахес къохи армбæл æвдесæгау, нæ рагфиддæлтæ аййевадон дзурди генийтæ ке адтæнцæ, уой. Имистонцæ, дуйней литератури шедеврти рæнгъæбæл, æнæ дæ цæстæ æрникъолгæй, æрæвæрæн кæмæн ес, уæхæн поэтикон уадзимистæ: «Хъæрæмсаухалти Хъансаубий зар», «Бæхфæлдесун», «Нарти Ацæмæзи зар», «Уасгерги ‘ма æнæ финдз Маргъуз», æма ма берæ æндæртæ. «Нарти Ацæмæзи зар»-и туххæй Абайти Васо æ наукон куст: «Нартовский эпос осетин»-и уотæ финсуй: «…эта «Песнь» может быть названа по праву одной из жемчужин осетинской народной поэзии. Рассматриваемое сказание ставит Ацамаза в ряд знаменитых певцов-чародеев: Орфея в греческой мифологии, Вяйнемейнена в Калевале, Горанта в «Песне о Гудруне», Садко в русской былине.» Фæлтæртæ, дзамантæ æхсæдгæ æма амайгæ ке æрцудæнцæ, уотемæй хали къæбæлау ка исрæсугъд æй, еци аййевадон уадзимистæ æностæмæ æрттевгæ байзайдзæнцæ поэзий тæккæ бæрзонддæр цъонгбæл. Алли дзурд дæр си æ бунати æй, алли дзурдбаст, гъудиадæ, рæнгъæ дæр æ медæгæ хæссуй бæрæг ести информаци, гъуди, аййев фæлгонц, арф æнкъарæнтæ… Поэтикон уадзимистæн ес дессаги хехуз азæлд, ритмикæ. Нæ адæмон æмдзæвгити арæзт, сæ тухæ, уобæл дзорæг æнцæ, æма дигорон поэзи 19-20-аг æностæй нæ райдайуй, фал дзæвгарæ раздæр ке фæззиндтæй, берæ догтæ æма дзаманти сæрти рахезгæй. Гъо, догтæ, дзаманти тари раевгъудæй берæ генион поэттæ, берæ дессаг уадзимистæй фенæхай ан не ‘намондæн. Уæддæр, ка нæмæ ес, уонæй сæрустур ан, ке фæрци нæмæ æнцæ, уонæй ба – устур арфиаг, куд кадæнгæгæнгутæй, уотæ кадæнгæ финсгутæй дæр. 9


Дигорон адæмон поэзий, æ литературон аййевдзийнади бæрзæндæ æма æ карæ – æ рагдзамантæй цæуæг коми тулфæ, еумæ æвæрунцæ нæ адæми монон культури сæрккаг къæпхæнбæл. Киунуги дуккаг хай «Прозæ» дæр æнæ цæмæдессагдæр нæй. Еци жанрæн æ гæнæнтæ фулдæр ке æнцæ, уой фæрци уадзимисти медес æнхæстдæрæй æвдист æрцæуй, фулдæр си бантæсуй историон хабæрттæ æркæнун. Прози хаййи ес берæ аллихузи æрмæгутæ, æма етæ сæ еугурдæр ист æнцæ цардæн æ тæккæ тумугъæй. Еумæ райсгæй, аци киунуги устур дессæгутæ ес. Скъодтати Эльбрус. Уæрæсей Федераций фингути Цæдеси иуонг, националон преми «Нарти фæткъу»-й лауреат. Къибирти Амурхан, Уæрæсей Федераций финсгути Цæдеси иуонг.



НАРТИ КАДÆНГИТÆ

УАСГЕРГИ ‘МА ÆНÆ ФИНДЗ МАРГЪУЗ Уасгерги фæууй Уæларвон цæрæг; Дууæ уоси ин: Уæллаг дзиллити Цæруй сæ хестæр, Дæллаг дзиллити Цæруй сæ кæстæр, Къурпи бæрзондбæл. Цæттитæ кæнуй æхе Уасгерги, Цæунмæ гъавуй афæдзи балци. Æ хестæр уосæ зæгъуй кæстæрæн: «Исони бон æй нæ лæги нæхстæр, Дæуæн ба нур дæр дæ хуйуйнæгтæ Уæртæ лæуунцæ æрдæг кæрститæй, Æрдæг кæрститæй, æрдæг худтитæй. Ходуйнаг, мæ йарт! Курондзаутæ ‘ма Дондзау уоститæ зар скæндзæнæнцæ, Уой нин базонгæй, нæ дууебæл дæр». Кæстæр æмигир уæд æ медбилтæ Баходуй æма дзиуапп саразуй: «Уанæбæрæг ма куд æхцул уисæ Нæ лæгбæл, мæ хор, æнæ финдз Маргъуз Куд æй алцæмæй, уотæ ку уайдæ». Нецибал дзоруй хестæр уосæ дæр, Фал баивæруй сау маст æ зæрди.

13


Æхсæвæй ссæуй хестæр уосæмæ Уасгерги, уинуй, мæтъæлæй бадгæй, Къæразги рæбун æ рæсугъд уоси. «Ци кæнис? – зæгъуй. – Дæ хуарз цæгатæй Маке ‘рбахæссæд фуд хъонцци хабар». – Мæ хурфæ содзуй, мæ сæри хецау, Мæстæй абонккæй: нæ Къурпи бадæг, Дæ хуарз æфсийнæн, айсоми зæгъун: «Дæ хуйуйнæгтæ ратагъддæр кæнæ!» Хуæздæр дзурдæн мин уотæ фæккодта: «Æнæ финдз Маргъузи хузæн ку уайдæ Алцæмæй æнхæст, уæд ибæл цума Куд æхцул уисæ – уæд æй дæхецæн Хъури æгънæгæн бæргæ дарисæ». Ходуй Уасгерги æма фæррохс уй Аварæ уомæн æ худтæй æваст: «Цитæ мин дзорис... уæхе нимæри Кунæг зæгъдтæлтæ сумах нæ кæнтæ». И сæумæ фестуй æма ниццæуй Дæллаг дзиллити кæстæр уосæмæ: «Ку нæ разинна æнæ финдз Маргъуз, Куд зæгъис, уотæ – мæгур дæ къоппа, Дæ сæри къоппа! Ис дæ бæтдзæнæн Емиллæг бæхбæл, тъæпæн будурти Радæуадздзæнæн еци хузæнæй. Æцæг к’ уа дæ дзурд, – дæуæй адгиндæр Нæбал уодзæнæй мæнæн дуйнебæл». Уасгерги сбадуй æ уорс æфсорхъбæл, Ни ‘й цæфтæ кæнуй æвзестæ æхсæй, Будуртæ дауй уомæн е ‘хси къæрцц, Будуртæ дауй, хуæнхтæ арауй. Цæун байдайуй идард бæстæмæ, Æ цуд не ‘халуй сæумæй изæрмæ. Изæри цæуй æхсæвæртæмæ. Идардмæ уинуй арти цæститæ, Æ гъоси цæуй бæхгæси гъæртæ.

14


Идардæй сæмæ ку багъæр кæнуй. Ра имæ уайуй фараст лæхъуæни, Е ‘донæбæл ин фæххуæцунцæ ‘ма: «Медæгмæ ‘уазæг», – зæгъгæ, зæгъунцæ. Нивгæрдунцæ ин æнæ бадт байраг, Хуарз æй хинцунцæ. Сæумæ ку фестуй, Ку рафæлгæсуй – будур нæ зиннуй, Дзурд дæр не ‘гъусуй бæхти гур-гурæй. Сæ бæхгæстæ ‘нцæ фараст фарасти, Хъойрагъти хæццæ, архъанти хæццæ. Бæхтæ раздæхун туххæй комунцæ. Фæрсуй Уасгерги: «Атæ кети ‘нцæ?» «Ани хецау æй æнæ финдз Маргъуз, Æр нæмæ кæнуй анзæн еунæг цуд Æма фæлласуй бæрцæлвид байраг». «Æ цæрæн кæми ‘й, кæми гъæубæсти ‘й?» «Хуарзæй-фудæй ин неци лæдæрæн». Бæхбæл фæббадуй æвæсмард ‘уазæг, Бæхбæл фæббадуй, бон-сауизæрмæ Цæун байдайуй уæларвон бæхбæл. Галæргъæуттæ ‘ма къамбецæргъæуттæ, Идзаг фæздойнæ – хуæрдгун гъоцитæ Зиннун байдайуй нæ хуарз бæлццонмæ. Уонæн сæ уотар – æгас гъæубæстæ, Се стæнтæн ахæст – æгас будуртæ, Сæ нимæдзæ син туххæй ерунцæ, Минтæй нимайгæ – сæ гъонгæстæ дæр; Уасгергий размæ æрацæунцæ. – «Уæ фонс беурæ уа!» – «Беурæ фæццæрæ! Изæр æй, ‘уазæг, махæн нæ рæзти Некæд фецауй фæллад бæхгин лæг. Мах дин фусун ан, фусун, иуазæг». Дууæ æхсæви ‘й нæ рауадзунцæ, Æвгæрдунцæ ин бонæн ионуг, Хуарз æй уинунцæ хуæрдæй-ниуæзтæй. Етæ Уасгергий нæ фæсмæрунцæ.

15


Æ нæхстæрбæл син уотæ ку зæгъуй: «Аци мийнасæ ке фæрци кæнун, Уой ку нæ зонун, циуавæр лæг æй?» «Махæн не ‘лдар æй æнæ финдз Маргъуз, Æ фонси бæрæг райсунмæ анзæн Еунæг цуд кæнуй, – идард кæмидæр Цæруй æхуæдæг; исон рæфтæмæ Ду фембæлдзæнæ æ фиййаутæбæл, Уонæн зундгонд æй æ гъæумæ фæндаг». Райарфæ кæнуй, рафæндараст уй, Цæун байдайуй уæларвон бæхгин. Бонæ ку цæуй – е ‘мбал æй сах хор; Æхсæвæ цæуй – æ над амонæг Арвæн е ‘фсийнæ – рохс цæсгон мæйæ, Сæумон æстъалу – æ сæумон æмбал. Рæфти нихъхъæртуй урух тагæмæ, Донбæл бадунцæ фустæ ‘ма сæгътæ, Фустæ ‘ма сæгътæ дори арæхæн. И дони æрхæ бæлæсти æхсæн Уонæй сау даруй кæрæй-кæронмæ, Кæцæйдæр цæуй хæтæли цæгъдун, Хæтæли цæгъдун – æнгом æрдзæфгъæр. Зилдæй бадунцæ инсæй лæхъуæни И хорæфтуди, бæласи буни; Еу си ку цæгъдуй, дууæ си кафуй, Дууæ си кафуй рагон æссон кафт. Сæ уосонгæмæ ‘й ку бахонунцæ, Уазал месин ин æрбадавунцæ, Æрбавгæрдунцæ нард хæрсгæ далис, Æрбакъæр-къур уй ухстбæл фезонæг. «Маргъуз фæдзахста махæн, – зæгъунцæ, – Æрцæуæггаги губун æфсадун. Хуарзи хабар дæр, фудкойгæнæг дæр Нæ царди астæу бæлццон лæг фæууй». Æртæ ‘хсæви ‘ма æртæ даргъ бони Етæ хинцунæй нæ ауæрдунцæ.

16


Цуппæрæймаг бон æ дзоргъа бæхбæл Рафæндараст уй ‘уазæг Маргъузмæ. Къулдуни сæрæй кæсуй дæлæмæ, Кæсуй дæлæмæ: урух будурбæл Гъæу нитътъæпæн æй, æ бæрæг астæу Гъæуæн æрттевуй даргъ ‘уазæгдонæ, Хорау æрттевуй и цъæх зæлдæбæл. Æ бæх уордæмæ уæд ниййаразуй, Рæуæг бацæуй ‘уазæги цудæй Æма ниллæууй Маргъузи тургъи Уæларвон бæхгин, æвæсмард цæуæг. Ра имæ цæуй асæй рæстæмбес, Æ уиндæ – неци, гурæй дæр – уотæ, Сæгъдзар бор ходæ, цъæх цохъагин лæг. Бæхæй Уасгергий æрхезун кæнуй, Æ цъæх нимæт ин исесуй æма ‘й Бахонуй, базбæл пилæстæг сирей Æрбадун кæнуй хуарз иуазæги. Дзоруй Уасгерги: «Маргъуз мæ гъæуй». «Маргъуз дæ размæ ‘й», – зæгъуй ин е дæр. Ниддес уй ‘уазæг æхе нимæри: «Циуавæйраг æй – Хуцауи дессаг – Мæнæн мæ фусун; æ уиндæ – неци. Хузæнæн ма ин финдз дæр ку уидæ. Æ кой ба кæми ‘й, æ фонс дæр ахид!» Уомæй дессагдæр е ‘уазæгдонæ: Æрхи – æ фæрстæ, æ сæри астæу Цирагъи бæсти сæумон æстъалу; Доммаййи сиутæ æ рагъæнтæ ‘нцæ, Уонæбæл ауигъд – æ тохæн гæрзтæ. Сæнт уорс пилæстæг æ бадæнтæ ‘нцæ, Уонæбæл æфтуд – рæсугъд дангъатæ. Уалдæнмæ ибæл изæрæрдæмæ Æмбурдтæ кæнуй беурæ адæмтæ, Рæнгъæй и дуармæ даргъ ‘уазæгдони Етæ лæуунцæ ‘уазæги сæргъи.

17 2* Заказ №1424


Хинцун байдайуй фусун ‘уазæги: Сæумæ ин – уорс гал, цъæх гал – æхсæвæ. Æстæмæй-астмæ ‘й некумæ уадзуй. Игъæлдзæг уогæй хуæрдæ-ниуæзтæй, Уæгæ нæ кæнуй идардæй бæлццон. Æстæймаг бони зæгъуй Уасгерги: «Фæлдад дзабурæй хъæбæрдæр нæрсуй ‘Уазæг æдзохдæр хуæрдæ-мийнасæй!.. Никки февулæд дæ беурæ фонс дæр; Фал æз бадунмæ дæумæ нæ цудтæн. Загътон мæ зæрдтæй, Маргъузи хæццæ Лæбурди еу цуд ку фæккæнинæ; Дæу фæрци, Маргъуз, нæхе бæстæмæ Де ‘знæгти фонсæй ку фæттæринæ». Маргъуз радзоруй: «Мæ бæх, лæхъуæнтæ!» Æрбаласунцæ губунгин бор бæх, Губунгин бор бæх, æ цæсти къеутæ Халони æстæ; зулун къæхтæ ‘ма Дони хъаймагъæй – æ дæлхъуртæмæ, Къæндзæги буни – æ еугур барцæ, Байрæгути хуæрд – æ цубур думæг. «Гъе, уæууæй, Маргъуз, – дзоруй е ‘уазæг, – Ци мæрдцæстæ дæ, дæхецæн дæр ма Хузæнæн бæхбæл ауæрдгæ кæнис? Уомæй хуæздæр бæх нæбал иссердтай? Ра ‘й уадзæ, е ба хæта хæмпæлти, Фагус æзмæнта æ даргъ сæфтгутæй». «Нæ даргъ фæндагбæл бæрæг уодзæнæй! – Зæгъуй ин фусун. – Æ дангъа – æ цуд!» Рабадунцæ ‘ма ранæхстæр унцæ Цудгин бæхтæбæл Маргъузи тургъæй. И гъæдрæбунмæ ку бахъæртунцæ Æ бæхæргъаумæ; дзоруй Уасгерги: «Анæй мин раттæ сæ барæуæдзтæй, Зæрдæ нæ коруй анæй хуæздæр фонс, Ду дæр раздæхæ дæ хæдзарæмæ,

18


Æз дæр цæудзæнæн мæ даргъ фæндагбæл». «Сæрбæлтау дин уæд мæ нард бæхæргъау, Æгайтима сæ дæ сæрмæ хæссис! Де ‘ннæ фæндæ ба дзæгъæл æй, ‘уазæг, Ме стæги гъæдæ федар кæдæй æй, Кæдæй байдæдтон лæбурди цæун, – Некæд раздахтæй æрдæг фæндагæй Æнæ финдз Маргъуз æ гъæугæронæй. Зæгъдзæнæнцæ ми: лæбурди цæун Нæбал бандиудта æнæ финдз Маргъуз. Хæсгæ мард фæуун беурæ хуæздæр æй Маргъузæн, мæ хор, уæхæн фудкоййæй. Дони урухбæл денгизи уордæг Дууæ гъæуи ‘нцæ мæ хъалондартæ. Донæн æ еу фарс Тæтæр цæрунцæ, Донæн е ‘ннæ фарс Туркаг сахар ес. Ниуæзтæй нæ хуарз фæххинцдзæнæнцæ. Сугъзæрийнæй худ – сæ еу тъæпæнæг. Мæхе сласдзæнæн сæ тъæпæнæгмæ. Рауадздзæнæн æз фæстаг ниуазæн, Нæ Уасгергийæн æ даргъ цæрæнбон, Мæ цæстæ дæмæ фæнникъолдзæнæн, Тъæпæнæг дæмæ æз исдæтдзæнæн, Дæ бæхбæл цæфтæй мабал ауæрдæ, Уæдта уодзæнæй – Хуцауи фæндæ...» Фæннæхстæр унцæ, уонæн сæ бæхтæ Дони кæнунцæ бабузи накæ, Урух сау денгиз етæ кæрдунцæ Сæ реугудуртæй цъæх фелауæнтæ. Сæ кæрæдземæн и дууæ бæхи Рази барæ дæр нæбал дæттунцæ. Идардбæл бадуй сæ дони финкæ, Сæ пурфæй сах хор нæбал фæззиннуй. Ку бацæунцæ Тæтæри гъæумæ... Дууæ дзилли дæр æрбамбурд унцæ, Цæттæ дарунцæ хуæрдæ-ниуæзтæ.

19


Сæ сугъзæрийнæ тъæпæнæг уæллæй Æрæвæрунцæ Маргъузи фарсмæ. Даргъ фингитæбæл æрабадунцæ, Фæссæ хинцунцæ дуккаг рæфтæмæ. Исистуй Маргъуз æ финги сæргъи, Разæгъуй уотæ æ кæдзос хъурæй: «Фæууй афонæ хуæрдæ-ниуæзтæн, Фал ес афонæ сæ фæуунæн дæр! Цæун нæ гъæуй нæ даргъ фæндагбæл. Фæндаггон лæгæн агъазгæнæг æй Уæларви цæрæг – бæхгин Уасгерги, Æ цæрæнбон ин рауадзун гъæуй». Æ галеу къохæй æнæ финдз Маргъуз Уæзбун тъæпæнæг уæхæн фелвасуй, Кæми фунхтонцæ нивонд гали мард. Æ бæх Уасгерги ниццæфтæ кæнуй, Фæххаун кæнуй æфсорхъи фæрстæй Æркъедзæрттæ ‘ма уой финдзи хъæлтæй – Æхседæрфтæ ‘ма курдбадзи цæхæр. Ку балæборуй, Маргъузи къохæй Уæд æрбаскъæфуй уæзбун тъæпæнæг – Æ сæрæй бунмæ – сугъзæрийнæй худ. Ниббазуртæ уй ‘уазæги фæдбæл Æнæ финдз Маргъуз губунгин бæхбæл. Сæ фæсте адæм рафæдес унцæ, Тæтæр зæгъунцæ: «Ци хъæбæр уаруй!» Етæ кæд æнцæ Маргъузи фæттæ, Маргъузи фæттæ, æ хъæзин фæттæ, Фæдесон лæгтæн сæ уодхæсгутæ. Турк дæр зæгъунцæ: «Арв нæбæл тохуй!» Арв дæр не ‘рттевуй – æ фæтæн церхъæй Цæхæртæ хауй финдзой Маргъузæн. Фæззигон сифтау тъæфилтæй бæргæ Фæдесон адæм цæфæй хаунцæ. Бундор низзилдæй уони хæдзæртти, Уазал кæнунцæ Маргъузи къохæй.

20


Ку бахъæртунцæ урух денгизмæ, Барæй байдайуй æ бæх уорамун Æвæсмард изæд – уæларвон цæрæг, Æхе фæккæнуй Маргъузи фæсте. «Уæууæй, ме ‘уазæг, дæ бæх бастадæй!» – Æ бæх фездахуй æнæ финдз Маргъуз, Æхе уорамуй ‘уазæги фæсте. Багæпп кæнунцæ ивулд денгизи, Дæлæмæ ‘здахуй æ бæх иуазæг, Цума æй ласуй арф денгизи дон. «Хæдзаруат кæнун, уæууæй, ме ‘уазæг! Ку мин фæллæсис и арф денгизи!» Æхе фæккæнуй Уасгергий дæллæй Æнæ финдз Маргъуз æма саразуй Уæд е ‘хси гъæдæ æфсорхъи фарсмæ. Æрбахъæртунцæ Маргъузи гъæумæ; Дуккаг сæумæ ба ку ранæхстæр уй Цитгин иуазæг æ хæдзарæмæ. Авд лæхъуæни ин – æ бæхти хæццæ, Уони хæццæ ин никки бафтауй Тæтæри хæзна – уæзбун тъæпæнæг. Æрдæг фæндагбæл сагъæс байдайуй, Сагъæс байдайуй уæларвон бæхгин: «Рагон æмбесонд мæбæл æрцудæй, Хонхи адтæн ‘ма дортæ нæ фæйдтон, – Маргъузæн æ фий лухгонд цæмæн æй, Уомæн æ бæрæг ку нæ базудтон». Æрдæг фæндагæй фездæхуй æма Ниллæууй бабæй Маргъузи тургъи; Цæуæг-æзмæлæг некæми зиннуй. Ку багъæр кæнуй – цъæхдзæстæ кизгæ Æрцæуй гъеуæд ‘уазæги гъæрмæ. «Маргъуз кæми уа? Гъæугæ мæ кæнуй». «Уæлæ уобайбæл Хуцаумæ ковуй, Дони билæбæл æ уоси мардбæл». Ис имæ цæуй уæларвон бæхгин

21


Æфсæндуаргин уобаййи размæ. Хуцаумæ ковуй æнæ финдз Маргъуз, Намаз ку фæцæй, уæд имæ дзоруй Рæсти Уасгерги, æвæсмард изæд: «Гъулæг дин ма уæд, мæ дзæбæх фусун. Хæссун мæ хæццæ дæ хуарзи хабар, Фалæ æвгъау æй дæу хузæн лæгæн Аци дуйнейбæл æнæ финдз хæтун. Ку мин зæгъисæ дæ финдзи хабар». Æ сæр бателуй æнæ финдз Маргъуз: «Фудæбони лæг ке разиндтайсæ, – Зæгъгæ, ин зæгъуй, – уой дин, иуазæг, Бæргæ базудтон дæ фæууиндæй дæр. Дæ фæууиндæ ‘ма дæ бæхбæл бадтæй. Дуккаг мин адтæй – нæ фонс кæнунбæл Барæй уорæдтай дæ уайгæ бæхи, Æртиккаг адтæй – денгизи астæу Дони лæсæг мин дæхе ку скодтай. Нур ба мæ къахис еума хатт дæр ма. Кунæг не ‘нгъæлис, – æзнаги къохæй Кæд лухгонд фæцæй Маргъузæн æ финдз. Ма мин фæттæрсæ, мæ хуарз иуазæг! Еу анз фæццудтæн идардмæ балци. Ниууагътон ами нæуæг хунд уосæ. Фæстæмæ надбæл æвгъæди æсмаг Цæун байдæдта мæ финдзи хъæлти. Нæбал фæразтон... мæ хæдзарæмæ Куд хæстæг – уотæ хъæбæрдæр кодта. Туххæй æрхъæрттæн мæйдар æхсæви. Æхсæвæртæбæл кæсун, – мæ уосæ Хуссуй æхецæн гъæццоли буни, Хуссуй ‘ма кадæр уомæн æ фарсмæ. Мæ тог сирадæй, – мæ церхъ фелвастон Æррæуигътон сæ, – фæтæн пилæстæг Урундухъ дæр ма фæддууæ ‘мбеси ‘й; Æркастæн сæмæ листæгдæр, æма –

22


Ех дон ниллæудтæй мæ тогдадзинти! Æстур тæрегъæд æрхастон, ‘уазæг: Æвгъæди бадтæй мæ уосæ, мæгур, Ме ‘рцудмæ хустæй фæрдуги хузæн Æнæ тæрегъæд минкъий сувæллон. Мæстæй фелвастон мæ циргъ сæрдасæн, Мæ финдз уой сахат æрбацъипп ластон. Хуцау равардта мæнæн дуйней фонс, Фал мæхе уодæн уæдæй ардæмæ Нæ ес æнцойнæ, – аци уобайбæл Ковун Хуцаумæ, мæ царди бæнттæ Евгъуйун кæнун æрхунæй, мæ хор!» «Лæгау фæллæууæ, лæгау, мæ фусун! Ба ма мæ хонæ марди уæлгъосмæ». Сесуй Уасгерги æ реуи дзиппæй Бор фæрдуг æма уомæй æрсæрфуй Биццеуи мард дæр, и уоси мард дæр, Æ фусунæн дæр æ финдзи бунат. Рабадуй уосæ æ медбунати, Æ сувæллон дæр дзедзе агоруй, Маргъузи финдз дæр уæд банихæсуй. Сæ кæрæдзебæл цийнæ кæнунцæ. Иронх си нæ уй сæ хуарз иуазæг. Фæрсуй æй Маргъуз: «Ци бæстон лæг дæ?» «Уæларвон бæхгин Уасгерги ку дæн, Дæу базонунмæ бæргæ рацудтæн». Маргъуз нийдзулуй: «Хæстæг ан, – зæгъуй, – Нæ рохс базургин Хуцауи дзурдæй: Еу мадæ-фидæй игурд бæргæ ‘нцæ Дæ кæстæр уосæ не ‘фсийни хæццæ». Хорау ниррохс уй урух базургин, Уæлдай цийнитæ куд нæ кæнонцæ Сæ кæрæдзебæл! Маргъуз самайуй Уæхæн кувдтæлтæ – æгас дзиллитæ Æрæмбурд унцæ... Хуæрдæ, мийнасæ... Кафт æма зардæн кæрон нæ фæууй.

23


Къурпи бадæгмæ, кæстæр уосæмæ, Æ уорс æфсорхъæй уæларвон бæхгин Æрфестæг уй ‘ма «дæ бон хуарз» зæгъуй, «Бонхуарз» ку зæгъуй – игъæлдзæг фæууй. Дзоруй æ уосæн Маргъузи хабар, Дзоруй ин никки æ хуæри хабар: «Салантæ, – зæгъуй, – æрветунцæ дин». Зæгъуй æ уосæ: «Мæ сæри хецау, Барæй дин скодтон Маргъузи кой æз. Мæхуæдæг коргæй, нæ фæццудайсæ, Уой бæргæ зудтон! Æгайтима мин Нæ хæстæгути хæстæгмæ фæйдтай!» Цæруй сæ астæу уарзондзийнадæ, Цийнæ кæнунцæ сæ кæрæдзебæл. Мæнæ, хуарз адæм, махæн дæр раттæд Хуцау нæ астæу федуддзийнадæ! Сæцигонд рæхис – уарзондзийнадæй Федар баст куд уæн нæ фæди-фæдмæ. Туйгъанти Мухарбег, «Дигорон кадæнгæ», Дзæуæгигъæу, 1911 анз. 28-41 ф. «Нартæ», Дзæуæгигъæу, 2005 анз, 207 – 216 ф.

24


НАРТИ АЦÆМÆЗИ ЗАР Сау хонхи цæрæг Сайнæг-æлдар æй. Уомæн æ кизгæ – Агундæ-рæсугъд, Æ еунæг кизгæ, æ бундори хай, Зæронд æлдарæн – æ зæрди ‘нцойнæ. Æ цилле дзикко – фади гъолтæмæ, Æ сау цæстингас – фæскъæвда сах хор, Æ кустмæ февналд – берæгъи лæбурд, Бабузи накæ – æ донмæ рацуд. Сæумæ рагиау ку рафецауй: Æ нарæг астæу тасæ-уаситæ, Мæйрохс фелауй æ уорс гогойнæй, Сæууон хори рохс – æхе цæсгомæй. Нарти лæхъуæнтæн сæ хуæрзхаст бæхтæ, Æ размæ гъазгæй, фæггобан унцæ: Агундæ-рæсугъд бæрзонд айнæгæй Æ рæсугъд цæстæй нæ рафæлгæсуй. Мийнæвар цæугæй, нихæси бадæг Нарти зæрæндтæн сæ галдзар уæфстæ Сау хонхи рагъбæл бафехсуд æнцæ: «На»-æй æндæр син неци дзиуапп ес. Нарти Уази фурт минги Ацæмæз Агундæ-ханмæ æрхицæ кодта. Сау гъæди астæу гæмæх æрдозти Æ сау нæл сæгътæ дзæгъæл ниууадзуй, Дзæгъæл ниууадзуй æма саразуй Æ фиди хæзна – сау æфтудтитæ Сугъзæрийн’ хæтæл. Ку фæннæхстæр уй Сау хонхи цъоппмæ æ хæзнай хæццæ. Мулки номæн ма хуарз Ацæмæзæн Иуæрци фæсте е ку байзадæй. Уази хæдзари æ фуртти æхсæн

25


Иуæрци хъаугъа уобæл æрцудæй. Нарти скъуæнхт лæгтæ, Авд нихæсеми Æрбадгæй, уобæл нæ базонунцæ Раст хæйттæ кæнун ‘ма нийхæлунцæ Авд хатти етæ тæрхони сæрбæл. Нарти Мæгуйраг, къеуæ цæститæ, Фæстаг æмбурди се ‘уарæг фæууй. Рæстиуæрцæ дæр айдагъ е хæссуй: Фонс – и хестæртæн, хæтæл – кæстæрæн... Уази фурттæ дæр арази æнцæ. Нарти Уази фурт минги Ацæмæз Сау хонхи сæрмæ ку фæррæдæхсуй, Æртдор къæдзæхбæл æрбадуй æма Цæгъдунтæ, æдта, е ку байдайуй. Агунди гъоси дæр хæтæли цагъд Æрцудæй æма Сау хонхи айнæг Къæразги бæрцæ уæд ку байгон æй: Агундæ-рæсугъд, æ куст ниууадзгæй, Æ куст ниууадзгæй, æнæ фезмæлгæй, Игъосуй нæртон лæхъуæни цагъдмæ. Лæхъуæни зæрдæ уой балæдæруй. Уази игурдæн æ рæсугъд цагъдмæ Æгас дуйнетæ æригъал унцæ. Æноси цъететæ уæд тайунцæ, Урух будурмæ нæ унгæг кæмттæй Фæдесон лæгау хæбал-хубулæй Мæстгун ивулд дæнттæ уæд уайунцæ. Æнæбун денгиз ку рафæлхъæзуй. Хъуми будури и цъæх дудæхътæ Æма совæхътæ уæд ку кафунцæ. Уази фурт Ацæмæз æ хæтæлæй Хъæбæрдæр цæгъдунтæ ку байдайуй... Цæгатон æрситæ сæ тар фунæй, Сæ гъур-гъур цæугæ, æригъал унцæ. Сæ гъар лæгæттæ ку ниууадзунцæ ‘Ма лæпп-лæппгæнгæй кафун ‘ма семун Сау гъæди астæу уæд байдайунцæ. Тæгæрсæрæй ибæл сæргин сæгтæ,

26


Гъæуæнзтæ ‘ма къæлæтсæртæ скъæрун Уæд райдайунцæ; туацъи билтæбæл Хъæлзæнг рæууестæ уæд ку уайунцæ. Æфсатий фонс сау айнæги бунмæ Дзогтæ-дзогтæй Ацæмæзи зармæ Æмбурдтæ кæнун уæд ку райдайуй. Ацæмæз дæр дин уæд æ хæтæлæй Рæсугъддæр цагъдмæ нур ку низдохуй... Сау гъæддон ибæл тъæфилтæй хауй. Гæмæх къулдунтæ, гæмæх æрдозтæ Сæ цъæх зæлдагæ уæд радарунцæ; Аллихузи рæсугъд деденгутæ Идзулд будурти уæд равзурунцæ. Дуйней будуртæ Фæлвæрай фонсæй Уæд байдзаг унцæ; деденгутæбæл Гæбæлотæ ‘ма стонг мудбиндзитæ, Дув-дув гæнгæ, ратæхæ-батæхæ Уæд кæнунцæ; алли рæсугъд мæргътæ Сæ уасунæй сау гъæдæ сæ сæрбæл Уæд исесунцæ: хуарз Ацæмæзæн Фæрсаг кæнунцæ. Уалдзигон хор дæр Æгас дуйнебæл æхцæуæн гъарæй Уæд ку бакæсуй, кæдзос дунгæмæ Алли уодгоймаг, æхе рахатгæй, Фæтæн реуи ‘дзаг уæд исуолæфуй. Нарти Уази фурт минги Ацæмæз Рæсугъддæр здæхтæ уæд ку равзаруй... Мегъи пъæстутæ рарæнгъæ унцæ, Сæ гъар цæстисуг уæд æркалунцæ: Сау гъæдрæбунти арви нæрун дæр Уæд æрцæуй, ‘ма кæрдæги халæ Идзулдæй æхе уæд ку бацæгъдуй. Нарти Уази фурт минги Ацæмæз Рæсугъддæр цагъдмæ бæргæ низдохуй... Агундæ имæ айнæги фарсæй Беурæ фегъосуй, фал ин разæгъуй: «Уæ, дзæбæх лæхъуæн, дæ ниййерæгæн Æ фæндæуагæ ку фæццæрисæ,

27


Мæн ба к‘ уайуонцæ дæ сугъзæрийнæ Арæзт хæтæл ‘ма дæ сау нæл сæгътæ!» Нарти Уази фурт æрбамæстгун уй: Сау хонхи къæбурбæл æ даргъ хæтæл Листæг сау хъуæлтæ фæххаун кæнуй, Ку фæннæхстæр уй сæ хæдзарæмæ Æ сæр губурæй, æ уонтæ калдæй. Рæсугъд хъал кизгæ, Сайнæги бундор, Уæд æрахезуй айнæг къæразгæй, Æрæмбурд кæнуй хæтæли хъуæлтæ, Бадæттуй сæ æ фиди зæрондмæ. Буйнагин цъæфсæй сæ е ку ‘рцæвуй – Хæтæли мортæ банихæсунцæ. Агундæ-рæсугъд фиййауи хæтæл Ку бабæттуй уæд сурх дарий медæг. Хъандзалгун кири ‘й арф нинниуæрдуй. Хуарз Никкола ‘ма рæсти Уасгерги Бæхтæбæл бадгæ æрацæунцæ – Сæ уацæ рохсæй цæстæ тар кæнуй. Уонæн сæ бæхтæ – æфсорхъи муггаг, Лæгти изæдæн æ бæхæргъауæй. Курдалæгонæн æ цæфхати цагъд Нур дæр бæрæг æй: идзæгъни хузæн Кæд хонхи рагъбæл зингитæ цæгъдуй. Æрацæунцæ ‘зæдтæ-даугутæ, Мæйрохси хузæн, хонхбæл фелаугæ. Сæ фалæмбулай рафæлгæсунцæ: Разæй уинунцæ тъæпæн будуртæ, Сæ рахес фарсæй – Хъæреуи бæрзонд, Сæ галеу фарсæй – Бестауи бæрзонд. Уази фурти дæр уæд ниууинунцæ: «Дæ фæндаг раст уа, минги Ацæмæз! Кумæ фæццæуис дæ къæхтæ къуæргæ, Дæ сæр губурæй, дæ уонтæ калдæй? Ка дин фæттардта дæ сау нæл сæгътæ? Кæми ниууагътай дæ зинаргъ хæтæл?» «Табу уæхецæн, нæ рохс изæдтæ! Нифс ма ка хæссуй Нарти адæмæй

28


Сайнæг æлдармæ мийнæвар унмæ? Ду мин ку уайсæ, нæ рохс Уасгерги, Ду мин ку уайсæ къохбæлхуæцæгæн, Раздзæуæгæн мин – бæрзонд Никкола, Рохс идаугутæ – киндзхонти къуарæн, – Нæбал цæуинæ мæ къæхтæ къуæргæ! Нæбал цæуинæ мæ сæр губурæй». ‘Зæдтæ-даугутæ разæгъунцæ ин: «Рамбурд кæнæ ‘дта дæ киндзхонти къуар, Сæ рæнгъæй мах ба нæ рартæсдзинан». Нарти Уази фурт минги Ацæмæз Сæумон уазали, æ бæх ниртайгæй, Хорæн е скасти рафæндараст уй, Нарти фæйнæгфарс, хуарз Созурухъо, Æ рахес фарсæй, æрфæнбæл бадгæй, Хестæр æмбалæн хуарз Ацæмæзæн Æнæ зийнадæ е ку разиндтæй. Сæ киндзхонтæбæл уæд æрхæтунцæ: Æрги нарæгмæ рохс Тæтæртуппмæ, Курпи бæрзондмæ Будури ‘зæдмæ, Тубауи хонхмæ уорс Елиамæ, Уазай бæрзондмæ хуарз Никколамæ. Адай цъопбæл син – къахгин Æфсатий, Хъæреуи хонхбæл – тæтон Фæлвара, Дигоргоми ба – рæсти Уасгерги. Ходаистæй син кургус кæнунцæ. Нæ рохс бæлццæнттæ – ‘зæдтæ, ‘даугутæ Æрæмбурд æнцæ, ранæхстæр æнцæ Сау хонхи бадæг Сайнæг æлдармæ. Уорссæр Тæтæртупп – сæ къуари хестæр, Æ галеу фарсæй – æхсаргин Елиа, Æ рахес фарсæй – бæрзонд Никкола. Уонæн сæ кæстæр – рæсти Уасгерги. Изолдæр къуарæй – иннæ ‘даугутæ. Хуæнхтæ резунцæ бæхти хурруттæй, Цъæх мегъæ сбадуй сæ бæхти тулфæй, Рæфтон хор гъазуй сæ идæнттæбæл. ‘Зæдтæ-даугутæ уæд байдайунцæ

29


Сæ даргъ фæндагбæл унафæ кæнун: «Аци хатт дæр ма Сайнæги зæронд Нæ къуари хатир ку нæ фæууина, Нæ унафæ уæд цæбæл ралух уа?» Нæ Дигоргоми цитгин Уасгерги Рохс идаугутæн атæ разæгъуй: «Уази фуртæн æз къохбæлхуæцæг дæн Æма уи корун, ме ‘нхузон адæм: Кæд нин æй ратта фæндонæй – хуæздæр, Ку ниффæрсмæ уа – æхецæн фуддæр. Аци æмбурдæй рахæссæн тухæй Зæронд хевастæн æ рæсугъд кизги». Сау хонхи айнæг, – зæгъуй Тæтæртупп, – Æгæр бæрзонд æй, æгæр федар æй: Агундæ-рæсугъд, Сайнæги бундор, Æ фиди цорæй зин æскъæфæн æй. Даргъ æхсарæгин, мæнгардти сорæг, Уорс Елиа уæд атæ разæгъуй: «Нæ къуари хестæр, Хуцауи уарзон, Ду нин ракорæ бæрзонд Хуцауæй Мегъæстуг, æз ба бавзардзæнæн уæд, Бавзардзæнæн уæд, – ци федардæр æй: Ме ‘хсарæ æви Сау хонхи айнæг!» – Нæ уорс Елиа, Сау хонх фехалæ, – Уасгергий æма мæ бæгъдауонд æй Сайнæг æлдари кизги раскъæфун? – Уотæ разæгъуй бæрзонд Никкола. Уомæ игъосгæ къахгин Æфсатий Æрбарæуæг уй: «Лæгау фæллæууæн! Ме ‘ртасгæ фонсæй авд сæргин саги, Æвзестæ арæ уæрдуни ефтигъд, Хездзæнæнцæ уæ Сау хонхи рæбун». «Æз ба уин, – загъта Будури изæд, – Уæ разæй тæхгæ фæндагамонæг». Фæлвæра загъта: «Æстæмæй-астмæ Цидæр уæ гъæуа мæ фонсæй – цæттæ!» Нæ рохс изæдтæ, унафæ гæнгæ, Сау хонхи размæ бахæстæг унцæ.

30


Æрфестæг унцæ уæларвон бæхтæй Сау кæрдтуй буни урух надгæрон. Бæласи аууон цъæх зæлди астæу Æритаунцæ сæ уорс нимæттæ. Коми дунгæ син сæ даргъ закъитæ, Æрдогай телгæ, сатæг ку кæнуй. Сайнæг æлдарæн æ тургъи астæу Æрфестæг унцæ дууæ изæди. Æ цурд кæстæртæ Сайнæг æлдарæн Гур-гурæй сæмæ æракæлунцæ, Се ‘дæнттæмæ син фæллæборунцæ. Æрацæй цæуй е ‘уазгутæмæ Сайнæги зæронд – æлхий æрфгутæ, Æлхий æрфгутæ, уорс цилле закъæ, Нарæг астæу ‘ма фæтæн усхъитæ. Уæлæфтауцæй ин теуагъун цохъа, Æвзестæ лæдзæг æ галеу къохи. «Æгас æрцотæ!» – «Хуæрззæруæ бауо!» – Ку сæ бахонуй ‘уазæгдонæмæ. Лæгти изæд ‘ма бæрзонд Никкола Уæллæй сбадунцæ пилæстæг сирей, Ку ин дзорунцæ сæ цуди хабар: «Дæ хуарзæнхæ нæ к’ уайдæ, Сайнæг, Нæ хестæртæ дæр æнгъæлдзау æнцæ: Мах Уази фуртæн мийнæвæрттæ ан! Мийнæвар лæгæн е ‘хæс е рагъи ‘й. Уази фурти дин неке фаудзæнæй: Æ фидæ адтæй Нарти бæрæг лæг, Æхуæдæг кæд æй лæхъуæнти хуæздæр, Кæд æ хæтæли цагъд зæрдæ ‘лхæнуй, Будур батар æй кæд æ сау фонсæй, Уæд хæстæгæн дæр æнсувæр кæд æй, Зæрдегин æма нихидзиуаргин. Дæ хуарзæнхæ нæ ку уайдæ, Сайнæг, Дæттæг корæги уæд саразидæ». «О, мæ кæдзосуод, хуарз иуазгутæ! Æз аци бонæ мæ цæрæнбæнтти Æхсæви рохсбæл банимайдзæнæн.

31


Уæхе куд фæндуй, уотæ бакæнтæ, Сумах раст дзурдбæл ци зæгъуйнаг дæн? Фал æркæсетæ, нæ рохс изæдтæ, Мæгур зæрондмæ, мæгур фидæмæ! Фиццаги хъаурæ кæми ма ес нур? Æр мæмæ зилдæй мæ царди зумæг. Ме стæг фезгъæр æй, фæккиудтæй мæ зунд, Арфдæр æфсæрун мæ цирти гъосмæ. Мæтъæл бони ма ‘й мæ хори цæстæ – Табу уæ фарнæн – мæ еунæг кизгæ. Куд æй лæдæрун мæ хуарз хъæболи – Нæ рагæлдздзæнæй æ зæронд фиди, Æгæр æвзонг ма ‘й лæгмæ цæунмæ...» Сайнæги дзурдмæ неци зæгъунцæ. Фæннæхстæр унцæ нæ рохс изæдтæ Еци хузæнæй се ‘мбæлтти къуармæ. Гурведауцæ ‘ма нарæг æрфгутæ Сайнæги кизгæ, Агундæ-рæсугъд, Ци дзурд равардта рохс иуазгутæн, Уобæл бафæрсуй æ зæронд фиди. Дзиуапп фегъосгæй, æрбамæстгун уй, Æ даргъ æрфгутæ æрбатар кæнуй, Фендæ уй æма æ хæдзари дуар Уæд ниггупп ласуй æ рæсугъд къохæй. Ба ‘й лæдæруй уæд æ фиди зæронд, Фæхходуй æма уотæ разæгъуй: «Куд дæ лæдæрун, мæ хеваст кизгай, Уотемæй уарзис рæсугъд цæгъдтæлтæ, Сау нæл фустæ ‘ма дангъа хæтæлтæ; Уонæй хъæбæрдæр бæргæ бауарзтай Нарти Уази фурт хуарз Ацæмæзи. Дæ киндздзон кири хæтæли хъуæлтæ Хумæтæги арф нæ нинниурстай!» Дуккаг æрвист ма ку бакæнунцæ, Сайнæг æлдар син уотæ разæгъуй: «Уæ хатир фæйнгæ, рохс идаугутæ, Аккаг æй кæнун ме ‘мсæр адæмæн Мæ еунæг зæнæг, мæ еунæг кизги».

32


Нæ рохс изæдти æ хæдзарæмæ Уæд ку бахонуй Сайнæги зæронд. Устур Нартмæ дæр хонæг ферветуй. Нарти адæм дæр æрбамбурд унцæ. Сайнæг æлдар сæ æстæмæй-астмæ Уæд ку байдайуй идзулдæй хинцун. Æвзестин къæхтæ зурнæ фингитæ Æрæвæрунцæ изæдти размæ. Уæзбун фингитæ хъабагъи дæргъцæн Æрæвæрунцæ Нарти адæмæн. Хуæрзарæхсгæ ‘ма рæуæг кæстæртæ Æртæ къерей ‘ма æхсæрфæнбæлттæ Æфсæн ухстбæл цавд æрахæссунцæ. Бæгæний синон дугъосуги ‘дзаг Æлутон фунхæй æрæвæрунцæ. Уорссæр Тæтæртупп фæууй сæ ковæг, Ковæггаг фæууй Уази игурди. Сæ ниуæзтæ уй донæй ахиддæр, Сæ хуæрдæ фæууй дууæ уой бæрци. Сæ ниуазæнтæ – дзæбодур-сиуæй, Бунмæ тонунцæ фидæй фингитæ. Мийнасæ беурæ – фæууй фæндонæй. Нæ сæмæ фæууй мийнасæн æ сæр: Нæ сæмæ фæууй игъæлдзæг зартæ. Æфсеси зæрдæ зарун агоруй: «Гъе, мæ нæуæг сиахс, цæмæннæ цæгъдис Дæ сугъзæрийнæ рæсугъд хæтæлæй, Хъал кизги зæрдæ кæмæй басастай, Кæмæй ин цагътай, еци хæзнайæй?» Нарти Уази фурт Сайнæг æлдармæ Раги фæххатæй, зæгъгæ, бандеуй: «Мæ лæхъуæн зæрдæ мæ хæзнай цагъдæй, Мæ сугъзæрийнæ дангъатæ хæтæл Хонхи къæбурбæл ку ниффæртт ластон. Листæг буройнæ ‘й уæд ку никкодтон!» Агундæ-хан ин æ фиди хæзна Сурх дарий тугъдæй уæд æрбахæссуй. Е дæр саразуй рæсугъд цæгъдтæлтæ,

33 3* Заказ №1424


Иуазгутæ дæр уæд нийдзулунцæ. Нарти хуарз лæгтæ хуæрдæ-ниуæзтæй Ку бафсæдунцæ, уæд самайунцæ Тумбул фингæбæл къæрцц æнгулдзæхтæ, Кæхци билтæбæл нæртон кæфтитæ, Цъæх зæлдæ тургъи æнгон уæззау синд Ку рахецæн уй æстæмæй-астмæ, Рарæнгъæ унцæ Сау хонхи рагъбæл Ацæмæзæн уæд æ хуарз киндзхонтæ, Ку рахæссунцæ рæсугъд Агунди. Сæ киндздзон уæрдун – æвзестæ арæ. Уобæл син ефтигъд авд сæргин саги, Авд сæргин саги – Æфсатий лæвар. Киндзхонти фæдбæл авд уæрдунеми, Авд уæрдунеми – доммайтæ ефтигъд, Киндздзон дзаумаутæ етæ ласунцæ, Етæ ласунцæ Сау хонхи рагъбæл. Æ къохбæлхуæцæг – рæсти Уасгерги, Дуккаг уæхæн ин – Нарти Урузмæг; Сæ разæй цæуæг – бæрзонд Никкола, Туруса хæссæг – Будури изæд. Бæхбæл нигъгъазуй цитгин Елиа: Уомæн е ‘хси къæрцц арви нæрун æй, Бæхарци цæхæр – арвæн æ ферттивд, Æ бæхи рагурд – æгас адагæ, Æ бæхи финкæ – зумæгон бурдæн. Ба æй хонунцæ зæрдигъæлдзæгæй Сайнæги кизгæ Агундæ-хани. Фæрнæй баковуй нæртон хуарз уоси, Нæртон хуарз уоси – Сатанай къахбæл. Нæуæгæй бабæй уæд идзулунцæ. Уæдæй байзадæй æгъдауæн, мæ хор, Къуæре бæласæ нæ хуарз адæмæн. Нийфинста Туйгъанти Мухарбег. Дур-Дур, 1900 анз. Æ радзорæг бæрæг нæй. «Нартæ», Дзæуæгигъæу, 2005 анз, 180 – 188 ф.

34


УРУЗМÆГ ÆМА Е ‘НÆНОМ ФУРТ Стонг анз Нарти адæмбæл ку скодта, стонг анз. Сæ Авд нихæси ку сревæд æнцæ, Рацæуæг, æзмæлæг ку нæбал фæууй Устур Нарти гъæунгти. Нарти Сатанамæ ку ес авд медæггойни, Авд медæггойни фидæй идзаг. Никки имæ ку ес авд медæггойни, Авд медæггойни уорсаг æма дзолæй идзаг. Никки имæ ку разиннуй алли хуæрдæ-ниуæзтæ, Алли хуæрдæ-ниуæзтæ авд анзей фагæ. Авд нихæсеми федеуæг нигъгъæр кæнун кæнуй: «О, Нарти адæм, фегъосетæ! Урузмæг уæ абони Æхемæ хонуй, хинцгæ уæ кæнуй. Цæунгъон ка ‘й, е рацæуæд. Цæунгъон ка нæ ‘й, уой ба хæсгæ ракæнтæ Урузмæги тургъæмæ». Нарти адæм ку рамбурд æнцæ, Цæунгъон ка ‘й, етæ ку ‘рцæунцæ, ка нæ ‘й, Уой ба сæ усхъити ку ‘рхæссунцæ. Фингитæбæл ку сбадунцæ. Уæд се ‘хсæн Урузмæг ку ‘рбадуй. Уæларвæй цæргæс ку ‘ртæхуй, Æма Урузмæги æ уæлнихти ку сесуй, Денгизи сакъадахи устур дорбæл æй æрæвæруй. Æ размæ лæгтæ рацæунцæ, медæмæ ‘й бахонунцæ, Кувд ин ку саразунцæ. Дууæ лæхъуæни Æ уæлгъос лæуунцæ. Урузмæг раковуй: «Дууæ лæхъуæнемæй ка фæффиццаг уа, Ковæггаг уомæн, – зæгъуй, – махæн не ‘гъдау Уотæ ку æй». – Дууæ лæхъуæни дæр Исуайунцæ. Раззаг ку схæццæ уй,

35


Уæд æ къах фæггуруй æма бахауй Хъæмай циргъбæл. Хъæмай фий Æ тæккæ зæрди уæд исмедæг уй. Урузмæг никкæуй æма рацæуй. Дорбæл ку сбадуй денгизи астæу, Цæргæс бабæй æй æ уæлнихти Исесуй æма æрæвæруй нæуæгæй Нарти адæми астæу, æхе бунати. «Нарти адæм, – зæгъуй Урузмæг, – Ци уин радзорон? Рагон тауæрæхъ Æви æригон хабар?» Етæ дæр зæгъунцæ: «Ци нæ фегъустан, уæхæн хабар нæ гъæуй». Куд адтæй, уой син радзоруй. Æ уосæ Сатана æ дзигкотæмæ февналуй Æма уотæ разæгъуй: «О, зæронд æнамонд, дæ фурттæй ма Еунæг е байзадæй, де ‘нæном лæхъуæн, Уой дæр рамардтай, уой дæр бахуардтай!» Адæм фæххæлеу æнцæ сæ фур хъурмæй. Е ‘нæном лæхъуæн мæрдти ку фæууй, Уæд Барастурæй фæндаг ракоруй уæлæмæ: «Куд дæ рауадзон? – зæгъуй Барастур. – Еугур мæрдтæ дæр дæ фæдбæл цæудзæнæнцæ». Фесинмæ цæфхæдтæ æ бæхбæл Бакæнуй æма рацæуй æнæном лæхъуæн, Урузмæгбæл фембæлуй æма ин Разæгъуй: «Фонс кæнунмæ фæццæуæн исон, Нарти Стур фæзи дæ хездзæнæн». Урузмæг æрбацæуй æма нихъхъурмæ уй: «Минкъий биццеутæ дæр ма мæ сæ хæццæ Фонс кæнунмæ хонунцæ!» Ма тæрсæ, Урузмæг, зæгъгæ, загъта Сатана, Æз Хуцауæй къæвда ракордзæнæн. Авд бони ци ‘руара, уой бæрцæ æруаруй еу бонмæ. Ракæсуй Сатана хæдзари сæрæй æма Ниууинуй лæхъуæни цъæх зæлдæбæл бадгæй. Урузмæг лæхъуæнмæ бацæуй. Еумæ цæунцæ, Урузмæг разæй, лæхъуæн фæстегæй.

36


Фал Урузмæги бæх нæ фæразуй арф мети цæун. «Аййепп ма уæд», – Зæгъуй лæхъуæн æма æхе разæй фæккæнуй. Æ коми тулфæй лæхъуæни бæх мет тайун кæнуй Æма фæндаг урухгæнгæ цæуй. Ба ‘й фæрсуй Урузмæги: «Кæми нæма адтæ?» Донбеттирæн æ бæхæргъæуттæмæ бацæунцæ. Гæс син адтæй æфсæнцъух берæгъ. Къагъд искæнунцæ; къагъди ниббадуй, æ бæх исуадзуй. Берæгъ бæхмæ æ гъæлæс хæлеуæй куд æрхæссуй, Уотæ ‘й фехсуй æнæном лæхъуæн æма ‘й рамаруй. Æ гъос ин æрлух кæнуй, æ дзиппи ‘й ниввæруй. Фæдесон ку нæ зиннуй. Уæд æхуæдæг фæдесонæн гъæутæмæ бацæуй: «Фæдес, Донбеттир, и бæхæргъæуттæ фæттардæуй!» Адæм ибæл ходæгæй мæлунмæ, кувди бадгæй, æрцудæнцæ. Лæхъуæни имæ рарветунцæ, медæмæ ин зæгъуй. «Мæ бæхбæл мин хуæцун нæ бафæраздзинайтæ, Дæхецæй устурдæрмæ бадзорæ». Æндæр лæг рацæуй, е тухгиндæр разиннуй, Ниффæдзæхсуй æнæном лæхъуæн: «Федар хуæцæ!» «Бæх æ гъос ку ратона, уæд ин æ цуппæртæбæл Хуæцун бафæраздзæнæн», – зæгъуй лæг. Фингæбæл æй æрбадун кодтонцæ, Ку бахуардта, уæд син загъта: «Кæд уи не ‘руагæс кæнуй, уæд мæнæ Уæ гъæуайгæси гъос». – Æхе бæхбæл багæлста Æма ралигъдæй. Фонс сæ разæй фæккодтонцæ Урузмæги хæццæ. Фæдесонтæ сæмæ ку ‘рхæстæг æнцæ, Фæдеси хæццæ тохун байдæдтонцæ, Уони дæр размæ нæбал рауагъта, Нарти Устур фæзæмæ æртардтонцæ фонс, Уоми ба биццеу загъта: «Аци фонс дæр Дæу уæнтæ, Урузмæг, фал мæбæл Ести схарз кæнæ, мæрдти размæ Кæдзосæй куд бацæуон, уотæ. Æз дæ фурт дæн, де ‘нæном лæхъуæн». Æ бæх ниццæфтæ кæнуй ‘ма ратæхуй.

37


Урузмæгæн æ цæститæ донæй райдзаг æнцæ. Æма æ фæдбæл уайун байдæдта. «Дæ цæсгом ма мин фæййинун кæнæ!» «Нæбал ес мæнæн раздæхæн! Лæууæ, куд дин загътон, уотæ бакæнæ». Ниллæудтæй Урузмæг. Е ба бацудæй Мæрдти дуармæ. Фал хор ранигулдæй, Æма ин бацæуæн нæбал адтæй, Хуцаумæ скувта ‘ма дудзи хор ракастæй, Дзенетмæ бацудæй. Урузмæг дæр фонс Мæгуртæбæл байурста ‘ма æ фуртбæл Æ мулк бахарз кодта еугурæй дæр. Устур хист дæр адæмæн уæдæй байзадæй. ЦИГСÆИ-й архив, ф.13, 6 п., 37 – 40 ф. Нийфинста Туйгъанти Мухарбег, 1901 анз. Æ радзорæг бæрæг нæй. «Нартæ», Дзæуæгигъæу, 2005 анз, 312 – 315 ф.

38


СОСЛАНИ РАНТÆСÆН Нарти Æхсийнæ – Сатана донмæ рацæуй; Дони билæбæл стур дортæбæл Æ хъæппæлтæ æхснуй. Æ хæлаф ма ин байзадæй æхснуйнаг. Уой ку фелвасуй, Уæд ин æ уорс бауæр идардмæ еу фиййау фæййинуй Æма донуордæг æхе стур дорбæл бадæлгоммæ кæнуй, Æма нигъгъæр кæнуй уой фæсте: – Хуарз уосæ, аци дор де ‘уазæг! Батергади кæнуй уой рæсугъд уосæ. Еу мæйæмæ ‘й курдтæмæ бахæссуй; Етæ ‘й нимморæ кæнунцæ. Æ авд фæлтæрни ин ку басæттунцæ, Уæд ма ‘й байзайуй æфсæйнаг, æ хъаппæ. Уой рахæссуй Æхсийнæ ‘ма ‘й фараст мæйи фæсте Уордæгæй ссæуй сувæллони гъæр. Æфсæн хъаппæ басæттунцæ, Уордæгæй исесунцæ уæд минги сувæллон. Е фæууй Сослан, сос дори губунæй игурд Ка хуннуй; æндон æфсæйнаг еугурæй дæр, Уæраги къæдзтæй фæстæмæ. Æ лæг æй нæ базонуй, Е ‘хсирæй æй ку схæссунцæ. Сгъомбæл уй Сослан, Нартмæ æрцæуй æнæгъун лæхъуæнæй. Кæцæй æй, уой си неке зонуй. Æхсийнæ ку фæууй скъонхт Урузмæгæн æ уосæ. Урузмæг еци сахати адæмæн сæ уарзон нæ фæууй. Маруни фæндæ ибæл кæнунцæ Нарт. Стур кувд ку фæууй, Уæд фиццаг ниуазæни марг сцæттæ кæнунцæ.

39


Хонæг имæ Сослани рарветунцæ. Сослан дæр ин Нарти фæндæ балæдæрун кæнуй. Урузмæг æ хæццæ райсуй цубур хъæзæ лæдзæг, Æ хурфæ хæтæл, уæхæн лæдзæг. Лæдзæг æ дуси ку бакæнуй Урузмæг. Ниуазæн имæ марги хæццæ ку ‘рхæссунцæ, Уæд æй дуси хæтæли медæгæ рауадзуй. Хуæрдæй æхе дзæбæх бафсадуй Урузмæг. Æндегæй ин дуаргæрон стур къахт Ку сцæттæ кæнунцæ Урузмæгæн, Фал æй Сослан, куд æ кæстæр, Æ рагъи февæруй æма ‘й дзæбæхæй рахонуй къахти сæрти. Фурт ин нæ фæууй Урузмæгæн. Сослани æ фурт скæнуй. Уой фæсте Æхсийнæ базонун кæнуй Сослани рантæсæн. ЦИГСÆИ-й архив, ф.13, 6 п. Нийфинста Туйгъанти Мухарбег 1902 анзи. Æ радзорæг бæрæг нæй. «Нартæ», Дзæуæгигъæу, 2005 анз, 318 – 319 ф.

40


ÆЛБЕГИ ФУРТ МИНГИ ТОТРАЗ Сослан будурмæ рацудæй æма уинуй: Фæндагбæл мегъи пъæсту æрбацæуй. Мегъи пъæстуйæн æ сæрти тæхуй сау халæнттæ, Æ фæсте ба зиннуй готони ауæдзæ. Ниййимæ цæуй æма разиннуй Æлбеги фурт минги Тотраз. Мегъи пъæсту – æ бæхи коми тулфæ, Сау халæнттæ – æ бæхи къубарæ, Готони фæд – æ бæхарци фæд. Саргъбæл уæлгоммæ хуссуй сувæллон, Æлбеги фурт минги Тотраз. Уæлæмæ имæ схезуй Сослан æма ин Æ тæрних кардæй æрцæвуй. Фиццаг цæфмæ ин неци сбæрæг уй. Дуккагмæ дæр неци сбæрæг уй. Æртиккаг цæфмæ биццеу райгъал уй: – Ци кæнис, Сослан? Уæдæй ардæмæ мин мæ тæрних Дæ кардæй ку хуаис! Æз ку неци, йарæби, æз ку цæун мæхе фæндагбæл, Зæгъгæ, Сослан хуарзау нæбал фæууй. Æлбеги фурт минги Тотраз æ бæхарцæбæл Сосланæн æхе дæр, æ бæхи дæр ку исесуй. Бæхарцæ ин æ саргъæй е ‘фтаугити астæу бацæвуй, Уотемæй æй дзæвгарæ ку фæххæссуй. Сослан разæгъуй: «Ра мæ уадзæ аци хатт, Дæ хуарз фидистæн, Æлбегистæн». Æмгъуд нин фæууæд, – зæгъуй Æлбеги фурт минги Тотраз, – Уæрппи бæрзондмæ, абони майрæнбон – Иннæ майрæнбонмæ. – Сослан дæр æй, Уасхæ нæ астæу, зæгъгæ, баууæндун кæнуй. Сослан æрбацæуй æ хæдзарæмæ мæстгунæй,

41


Æ фур мæстæй ку ‘рбадуй, уæд сире къелай бун ниттонуй. Ци кæни, зæгъгæ ‘й бафæрсуй æ уосæ. – Ци ма кæнон? Къаннæг биццеутæ дæр ма ми Гириз кæнун байдæдтонцæ: Æлбеги фурт Минги Тотразæн æмгъуд равардтон, – Абони майрæнбон, иннæ майрæнбони Уæрппи бæрзондбæл куд фембæлæн. Сослани уосæ зонæнгин адтæй: – Уомæн, – загъта, – неке неци кæндзæнæй, Еугур æндон болат æй æ фæсонтæй фæстæмæ, Æ фæсонтæ ин ку нæ ниццæвай, Уæд ин неке неци бафæраздзæнæй. Уомæн æ бæх дæлуймонти хаст æй, Дæ бæхбæл бабæттæ аллихузи муртæ, Æма дæхе ку баримæхсай, – дæ рæзти рафецаугæй, Е ‘рух ратдзæнæй сæхердæмæ, – уæд базмæлун кæнæ Дæ бæхи æ мурти хæццæ. Дæ мурти гъæрæй æ бæх нæбал фæллæудзæнæй. Æмгъуди бони Сослан Гъазæн туппури аууон къахт ку скæнуй, Къахт ку скæнуй, æхе ку баримæхсуй, Уалинмæ æрцæуй Æлбеги фурт минги Тотраз, Рагъæуай-багъæуай кæнуй, ку некæми неци уинуй. Ард де ‘рдиги фæууæд, Сослан, зæгъгæ, ‘ма Сæхердæмæ ку раздæхуй. Е ‘рух ку рахатуй гъæуæрдæмæ, Уæд æ бæхи муртæ ку базмæлун кæнуй Сослан, Бæх дæр ку фæттæрсуй, минги Тотрази ку раскъæфуй, Хъæзи фæттæй æй цæвунтæ уæд Райдайуй Нарти Сослан. Æлбеги фурт минги Тотраз Æ идони ласæнтæ ку ‘рбатонуй, Æ бæхи гъостæмæ уæд ку фæллæборуй. Æ бæхæн бауорамуни мадзал ку нæ еруй, Уæд бæхæн е ‘фсæри къæдзæмæ ку балæборуй, Е ‘фсæри къæдзæ ин ку срæдовуй, Уалинмæ хъæзи фæттæй Сослани цæфтæй Æ фæсонтæ ку байдзаг унцæ, Уæд рахауй Æлбеги фурт минги Тотраз

42


Æма æ уод ку исесуй. Æ мадæ рарветуй дууæ лæхъуæни æ фурти агорæг: – Абони Уæрппи бæрзондмæ син адтæй æмгъуд Мæ фурт æма Нарти хуарз Сосланæн. Ба мин æй бæрæг кæнтæ! Дууæ лæхъуæни Уæрппи бæрзондмæ схæццæ унцæ. Идардмæ сæ ниууинуй Сослан æма Баслæхъæй æ сæр истохуй, Ба сæ фæрсуй: «Кумæ цотæ?» – Абони Æлбеги фурт Тотраз Уæрппи бæрзондмæ тохунмæ рацудæй Сослани хæццæ ‘ма си ка фæммард æй, Уой бæрæг есунмæ цæуæн мах. – Дзæгъæл цуд ку кæнтæ, Æлбеги фурт Æ бæхбæл гъазгæй, урух будурти Ниффардæг æй уæдæйти, Сослани мард ба Уæлæ берæгътæн хуалийæн байзадæй. – Дæ цæрæнбон берæ, мах ба уой туххæй Дзæгъæл хъиамæт ку кодтан. Æраздæхунцæ фæстæмæ Тотрази мадæмæ, Хуæрзæнгорæггаги имæ ку бацæунцæ, Зæронд уосæ син æрцæттæ кæнуй Нард фидтæй ‘дзаг тумбул фингитæ, Дони арæхæн син алли ниуæзтæ. Уæддæр мади зæрдæ зонæнгин кæми нæ ‘й? Æнцад нæ фæууй зæронд уосæн æ зæрдæ. Сæ уæллæй æрбабадуй æма сæ бафæрсуй: – Уæхуæдтæ ‘й фæййидтайтæ, æви уин еске загъта? – Мæнгæ зæгъун ходуйнаг æй, нæхуæдтæ ‘й Нæ фæййидтан, фал нин еци хуарз хабар Загъта еу бæхгин. – «Циуавæр æй? Еци бæхгини уи неке бафæсмардта?» – Листæг имæ фæккастæн, – загъта еу, – Æма ниддеси дæн, – баслæхъи тухт æ сæр, Фал æ еу цæсти дууæ гагуй адтæй. Æ ростæмæ февналуй, æ уæргутæ æрцæвуй Тотрази мадæ ‘ма никкæуй: – Сослан адтæй е, Сослан! Уомæй æндæр

43


Хуцауи скондæй дууæ гагуй æ еу цæсти Некæмæн ес. Фæццотæ имæ æма кæд Разæй цæф æй, уæд æй уæлмæрдти байвæретæ. Хуцауи унафæй уайтагъддæр Рабаддзæнæй фæстæмæ. Кæд фæстеггæй цæф æй, уæдта ‘й Æрхæссетæ ардæмæ æма ибæл мæхе Кæунæй бафсадон. Фæццæунцæ ‘ма Тотрази мард куд рахæссунцæ, Уотæ сæбæл Сирдон фембæлуй. – Кумæ ‘й хæссетæ? – Дæлæ уæлмæрдтæмæ. – Уой бæсти ‘й хæссетæ æ хæдзарæмæ: А, лæги къохæй мард ка нæ фæцæй, Уæхæн æй, барæй æхе бæргæ рамардта Хъал биццеу, кæсетæ, æ бæхи æфсæртæ Куд рарæдувта. Хæссетæ ‘й уой бæсти Æ зæронд мадæмæ, е ба ин кæд ести Хуцауæй ракора. Уотемæй Æнæ хай фæцæй уæлмæрдтæй Æлбеги фурт Тотраз. Нæбал ин адтæй Аци дуйнемæ раздæхæн æма æ зæронд мадæ Еунæг фурти мардбæл кæунæй æхе Ниттуппуртæ кодта. ЦИГСÆИ-й архив, ф.13, 6 п. Кадæнгæгæнæг Саулати Дзæрæх. Нийфинста Туйгъанти Мухарбег. «Нартæ», Дзæуæгигъæу, 2005 анз, 334 – 337 ф.

44


ЗИНДОНИ ЦАДÆ Нарти Сослан, зæгъуй, идард балцимæ бæргæ рандæ уй. Æ мегъæндзо æма ‘й æ уадæндзо бæх Арвæй зæнхи астæути бæргæ фескъæфуй. Нæртон Сосланæн Кæнтæмæ æзнæгтæ бæргæ адтæй. Кæнтæ Сослани ранди хабар бæргæ фегъосунцæ, Нæртон адæммæ сæ дзурд хæссун ку байдайунцæ: – Устур лæвæрттæ уин ракæндзинан, Æма нин нæ маст райсун бауадзетæ, – зæгъгæ. Нартæ фæстагæрдæмæ ку сарази унцæ. Кæнтæ син берæ фонс ку ниббæттунцæ, Сослани мадæ Сатанай Цардæгасæй зиндони цадæмæ ниггæлдзетæ, зæгъгæ. Нартæ аци гъуддагбæл ку сарази унцæ. Аци устур зин хабар, зæгъуй, Нарти Сослани мадæ Сатанабæл ку сæмбæлуй, Нартæ дæ цардæгасæй зиндони цадæмæ Багæлдзун фæндæ искодтонцæ, зæгъгæ. Уæд, зæгъуй, Нарти Сатана Къумнимæхсæнтæ кæнун ку байдæдта. Еу бон, зæгъуй, Сатанайæн æ зæрдæ бæргæ баунгæг уй. Сæ серамæ, зæгъуй, æрхунбадæ бакæнгæй, Æрхун цæстисугтæ ку æгъзалуй. Уоци рæстæги арви цъæхти Хуцау хой бæргæ æрбауадзуй. Нарти Сатана, æ цæстисугтæ цæппозурæй æгъзалгæй, И хоймæ ку сдзоруй: – Æ, уæлæ хой, дæ хуарзæнхæ мæ тухгин ку гъæуй. Нартæ мæ уодæгасæй майрæнбони Зиндони ку гæлдздзæнæнцæ, Уæ, корун ди, уæлæ хой, æма мин Хабархæссæг фæууо Сосланмæ, – зæгъгæ. Уæд и гиаур хой Сатанамæ фæстæмæ ку ‘рхъуахъ кæнуй:

45


«Куд нæ дин фæццæудзæнæн æз, Сатана, гъæргæнæг, Дæ лæхъуæн Сослан коми ‘дзаг сирдтæ ку ниццæгъдидæ, Уæд мин уонæй неци лæвардта. Фуддæр фудтæ дæр ма дин ку уининæ», – зæгъгæ. Уæд и хоййи Сатана ку ралгъетуй: «Хауæги фæххауæ, хуæдмæл ба – дæ хуаллаг», – зæгъгæ. Хоййи фæсте Нарти Сатанай сæрти халон бæргæ æрбатæхуй, Уомæ дæр бабæй Нарти Сатана бæргæ исдзоруй: «Уо, халон, дæ сæр мæ багъудæй æма мин исбæззæ!» – зæгъгæ. Е дæр бабæй ин фæстæмæ ку разæгъуй: «Фуддæр фудтæ дæр дин ку уининæ, Сатана, Дæ кæркæргъауæй мин еу цъеу Ку некæд исуæлдай кодтай!» – зæгъгæ. Уæд Нарти Сатанай размæ зæрбатуг Ку ницъцъæбар-цъубур кæнуй: «Уо, номдзуд Сатана, ци хъурдохæни бахаудтæ, Цæбæл æгъзалис дæ цæппозур цæстисуг?» – зæгъгæ. Уæд имæ Нарти хуарз Сатана унгæг хъурæй ку бадзоруй: «Уо, адæмуарзон зæрбатуг, фæдесон мин фæццо, Уо, адæмуарзон зæрбатуг, Сосланæн мин зæгъæ: Уартæ, дан, дин дæ зæронд мади Уодæгасæй Нартæ зиндони цадæмæ ку гæлдзунцæ, Тагъд мæмæ фæззиннæ, зæгъгæ, майрæнбонмæ. Майрæнбони мæ гæлдзуни рæстæг уодзæнæй», – зæгъгæ. «Уо, номдзуд Сатана, æз дæуæн фæдес хабархæссæг Куд нæ фæууодзæнæн! Æз куд феронх кæндзæнæн, хуарз Сатана, Дæуæн дæ хуарздзийнæдтæ: Ду мин мæ бæдæлттæ тикиси дзухæй куд райстай, Ду мин мæ бæдæлттæ æхсири куд ниртадтай Æма мин сæ уотемæй мæ астъони куд ниввардтай, уой». Адæмуарзон зæрбатуг æ дууæ сау базури ку райтиндзуй, Ку райтиндзуй æ дууæ базури æма тæхунтæ ку байдайуй. Авд бони æма авд къуæрей Нарти нæрæмон Сослан Æ дзиндз-аласабæл арв æма зæнхи астæу кæми фæттахтæй, Уоци идард бæстæмæ Бонвæрнони искасти хæццæ бæргæ бахъæрттæй. Адæмлимæн зæрбатуг Сослани бууат бæргæ раеруй.

46


Сослан æнæсагъæсæй æхецæн и цъæх зæлдæбæл, Павзбуни парахат бæргæ фæххуссуй. Адæми лимæн зæрбатуг бæласи цъоппæй Мин æвзагемæй бæргæ ниууасуй: «Гъæйтт, Нарти номдзуд нæрæмон Сослан, Дæхецæн цъæх зæлдæбæл ци дзæбæх хуссис! Гъæйтт, Нарти номдзуд нæрæмон Сослан, Дæ зæронд мадæ Сатанайæн Æ уæззау зин хабар цæмæй лæдæрис! Гъæйтт, Нарти номдзуд нæрæмон Сослан, И майрæнбони дин Нарти адæм Дæ уарзон мади уодæгасæй Зиндони цадæмæ гæлдзгæ ку кæнунцæ. Дæ уарзон мадæ æ цæстисугтæ цæппозурæй ку калуй Æма дæмæ хори тунау фæззиннун æнгъæл ку кæсуй!» Нарти нæрæмон номдзуд Сослан Цæсти тъæбæртмæ ку рауæлæ уй. Е ‘ртикъахуг дзиндз-аласабæл Еци æ байвæд бæргæ рабадуй, Нарти бæстæмæ, зæгъуй, бæргæ фæййагайуй. И Нарти адæмæн се ‘нгъуди бони бæргæ æрхъæртуй. Сосланæй æдас уогæй, номдзуд Сатанай Зиндони цадæмæ бæргæ рахæссунцæ. Нарти Сатана ма стъалутау æ дууæ хъоппæгъ цæсти Бæргæ ниййирд кæнуй, Бæргæ ма ‘й фæффæндуй фæстаги хатт Æ фурт Сослани фæууинун. Нæртон Сослан дæр æ нæртон бæхбæл Арвæй зæнхи астæу бæргæ тæхуй. Нæртон Сослан Нарти адæми изолæй бæргæ æрбауинуй, Бæргæ сæбæл фæцъцъæхахст кæнуй и нæртон Сослан. Нартæ дæр æй, зæгъуй, бæргæ æруинунцæ Æма Сослани мадæ, номдзуд Сатанай, Хæлæф, тагъдгæнгæй, Зиндони цадæмæ бæргæ ниггæлдзунцæ. Сæхуæдтæ Нартæ æ уоци байвæд Сæ хæдзæрттæмæ рахæлеу унцæ. И нæртон Сослан бæргæ никкæуй,

47


Зиндони цадæмæ æ мади фæсте Æхе бæргæ багæлдзуй, Фалæ Сатана зиндони цади ку ранигъулуй. Уæд уоци рауæн нæртон Сосланæн Æ бæхи къæдзелæ, æ бæхи барцитæбæл, Се ‘нгъуд кæмæн фæцæй, уоци адæмтæ Æрдой нимæдзæй ку ниххуæцунцæ. Нарти Сослан сæ æ бæхи фæдбæл И уæлзæнхæмæ бæргæ исласуй, Æ фал уони æхсæн ку нæ разиннуй Нарти номдзуд Сатана. Уæд Сослан ку ниммæтъæл уй, Æ хæдзари дуæрттæ бæргæ æрихгæнуй, Æхе адæммæ ку нæбал февдесуй, Æ рехæ æ астæумæ бæргæ рауадзуй. Уæд и Сосланмæ цæун ку байдæдтонцæ æ зонгитæ, Сæ къохти, сæ усхъити æд къуала бæлæстæ. Етæ нæртон нæрæмон Сосланæн Зæрдитæ ивæрун бæргæ байдайунцæ: «Фæццæуæн, Сослан, зиндони дуармæ, Басæтдзинан æй æд къуала бæлæстæй, Æма рахонæ дæ зæронд мади», – зæгъгæ. Уæд син Нарти нæрæмон Сослан бæргæ разæгъуй: «Зиндони дуæрттæ бæргæ басæтдзинан, Фал уони фæсте ку бадуй мæнæн мæ тоггин æзнаг, Ку ниллæудтæй е Мæрдти бæстæмæ бацæуæни гъæуайгæсæн. Гъе, уомæй махæн баервæзуни фес Ку не суодзæнæй». Номдзуд Сосланæн æ хуарз хæлæрттæ Хъонцгæнгæ ку раздæхунцæ. Уоци уæззау хабар æ хуарз хæлармæ, Саулæги фурт Мæрзæздухтмæ, бæргæ байгъусуй. Уæд и Саулæги фурт Нарти бæстæмæ Æ хъазар хæлар, Нарти Сосланмæ, рафæндараст уй. Нæртон нæрæмон Сосланмæ бæргæ æрхъæртуй, Нæртон нæрæмон Сосланæн ку бахъонц кæнуй. Уæд ин Саулæги фурт Мæрзæздухт Ку ‘ртауæрæхъ кæнуй:

48


«Мæ зинаргъ хæлар, Адæми астæумæ цæмæн нæбал цæуис, Адæми астæу цæмæн нæбал ходис, Цæмæн æруагътай де ‘хсари кадæ? Цæуæн мæ хæццæ, Маха и дуæрттæ ниббугъæ кæнæн!» «Бæргæ хуарз уайдæ, Фал мæ ме ‘знаг, Мæ зинаргъ хæлар, Уоми, бацæуæни, гъæуай ку кæнуй». «Уомæй, мæ хæлар, Мацæмæй тæрсæ. Мæ барæ ‘й уадзæ, Ду ба-еу, Сослан, Дæ бæхи цæвæ!» Ранæхстæр æнцæ дууæ æмбали Мæрдти бæстæмæ. Зиндони дуæрттæ Нимморæ кæнунцæ. Уæд Сосланмæ æ тоггин Бæргæ сæвзедуй зæрдтагонæй, Фал ибæл Саулæги фурт, Хъаурæгин Мæрзæздухт, Ку фæгъгъæр кæнуй. И тоггин æзнаг Æ медбунати цавддорау ку фестуй, Нарти Сослан Барастури размæ ку ‘рлæууй, Корунтæ си ку байдайуй. Æ мадæ Сатанайæн уордигæй рацæуæн ку нæбал фæууй. Уордигæй фæстæмæ Нарти нæрæмон нæртон Сослан Сæргубур ‘ма уонтæбæрзондæй Бæргæ фæццæруй и Нарти æхсæн. Цалдæнгæ цардæй, Уæдмæ алли майрæнбон дæр Зиндони цадæмæ Бæргæ фæццæуидæ, Уоми æ цæстисугтæ

49 4* Заказ №1424


Уорс цæппозурæй Ку ниррæдзæгъдидæ. Гъе, уæдæй нурмæ, Майрæнбони ка рамæлуй, Е амондгунбæл нимад ку цæуй. Уотæ адтæй, Гъе, уотæ ‘й, мæ хортæ, Нарти номдзуд Сатанай фесæвд. Уотæ берæ уарзта, Мæ хортæ, Сослан æ мадæ Сатанай. Уой адæбæл, мæ хортæ, Сослан æ фур мæстæй. Уодæгасæй ку бацудæй мæрдтæмæ. ЦИГСÆИ-й архив, ф. 56, 23 п. Гатути Дабеги дзурдтæй Хъазбегти Хъазбеги финст. Дигори гъæу, 05.02. 1945 анз. ИАС, 1961 анз, 1 т.

50


БАТРАЗИ РАЙГУРÆН Бецентæй уосæ ракоруй Нарти Хæмиц. Бецентæ ин зæгъунцæ: «Мах ан хæстмаст, цубурхъур, цубур муггаг: Нæ бæрзæндæ – дууæ удзести, Уæрхæмæ ан уомæй минкъий гъæуаггин. Махæн нæ тухæ, нæ лæгигъæдæ Æвзурст æй. Нур дин ку раттæн Нæ рæсугъд хуæри, уæд дин сбæздзæнæй Уодæмбалæн, дарун æй кæд базонай. Фал ин æ зæрдæ естæбæл ку фæхходун кæнай, Уæд «нæ фегъустон» ма зæгъæ, Дæ хæццæ нæбал ниллæудзæнæй». Æ дзиппи ‘й ниввæруй Хæмиц, Еу бон æй Нарти кувдмæ рахæссуй. Стур Нарт рæнгъитæй бадунцæ Даргъ фингитæбæл æма ниуазунцæ. Хæмици æрбадун кæнунцæ. Е дæр хуæруй, ниуазуй æма Хуæруйнагæй æ дзиппæн хай кæнуй, Куд неке ‘й фæйна, уотæ. Уæд Гæтæги фурт Сирдон уой æртергади кæнуй, Нартæн сæ тъасхитæ бæрæг кæнуни бæрцæ Æ уод дæр нæ уарзта, сæ аййепп син не ‘ронх кодта. Еци бон адтæй Сирдон урдугистæг. Барæй æхе ниуазæндæттæг ракæнуй, Æма Хæмици думæггæгтæбæл æрхæтуй, Силæстæги цъæхахст æваст фæццæуй. Низгули унцæ Стур Нарт. Сирдон ку зæгъуй: «Гъе, уæууæй, Стур Нарт, маке уи байзайа! Уæ уоститæ уæ дзиппи хæссун байдæдтайтæ

51


Кувдмæ, уой уин ку фегъосонцæ адæм, Уæд уой бæсти уи ку неке байзайа, Уæд хуæздæр æй!» Адæми Хæмицмæ æркæсун кодта. Хæмиц дæр ралигъдæй. Уой фæсте загъта Хæмицæн æ уосæ: «Хуцау си ма сарази уæд, Мæнæн мæ сæрбæл кæми æрхаттæй Сирдон Æма мæ ходуйнаг кæми фæккодта, Уоми мæнæн дæ хæццæ цæрæн нæбал ес. Лæхъуæн мæ губуни фезмалдæй, Фурт дин ниййирдтайнæ. Нур ба Æз цæун мæ цæгатмæ, фал ма дин Æз ке зæгъон, уой бакæнæ». Æ дууæ уони астæу ин Нитту кодта æма ин загъта: «Фараст мæйи уæнгæ ‘й багъæуай кæнæ Къæртт кæнунæй, дæ уонти астæу Ка сзайа, еци сункъæ». Ни ‘й фу кæнуй æма рандæ уй æ цæгатмæ. Еци бонæй фæстæмæ æ дууæ уони астæу Хæмицæн рæсуйун байдайуй. Е ‘мгъуд ку ‘рцæуй, уæд уордæгæй рацæуй, Æ сæрæй æ бунмæ æндон болат, Батраз. Содзгæ артмæ багæпп ласуй, Уордæгæй синдзгун артмæ багæпп кодта, Æцæг æндон уæд ку фестуй Хæмици фурт Нарти Батраз. «ПНТО, в.2», 1927 анз. 23-25 ф. Къолойти Баззей дзурдтæй Гарданти Михали финст. Махческæ, 1903 анз.

52


СОСЛАН ÆМА ИУОЙНОНИ ЦАЛХ Сослан рагæй æносмæ Нæртон адæмæй Бæгъатæр лæг адтæй. Дууадæс æмбали рахонуй, Æ зæрдæ нæбал даруй, Уæрппи бæрзондмæ сæ бахонуй. Уосæнгтæ сæгдзæрттæй самайунцæ. Æхсæвæ уарун байдайуй мет. Метæй сæ уосæнгтæ сæумæмæ Сæ уæраги сæртæмæ æртасунцæ. Ба ‘й фæрсунцæ е ‘мбалтæ: «Циуавæр æй, Сослан, Цидæр æфсад нæбæл æрбацудæй, Нæ уосонгæ ку ‘ртастæй?» Уонæбæл уаруй заути мет, æносон цъететæ. Ехæнæй дæр уæд баргъæфсунцæ, Стонгæй дæр баигудзæг унцæ. Сослан рагæй дæр хъаурæгун лæг фæууй. Фæййагайуй Сослан, Сау гъæди хъуæцæ бауинуй, Сау гъæди смедæг уй, Бæласрæбунæй хъуæцæ ку цæуй. Лæги хузæн имæ цидæр фæззиннуй, Къозотæ ратонуй Сослан бæласæй, Фæ ‘й æхсуй Сослан. Сувæллони хъест фæккæнуй æма раледзуй, – Е ‘рух схатуй Сосланмæ, ра ‘й æлгъетуй: – Мæ тæрегъæд дин, Сослан! Иуойнони Цалх дин дæ дууадæс æмбалемæн Сæ къæхтæ ракъуæрæд! Саг рамаруй. Уæрппи бæрзондмæ Е ‘мбалтæмæ æрцæуй, ку багъæр кæнуй: – Æндæмæ ракæсетæ! Саги мард райсетæ!

53


Æндæмæ ракæсæг нæ фæууй. Медæмæ бацæуй, æ размæ Æ дууадæс æмбали къудуртæй лæуунцæ. Уæллаг кæронæй сæ хестæр ка уй, Е ма ку кæсуй æ дууæ цæстемæй. – Е, уæууæй, ме ‘мбалтæ! Мæ тæрегъæд уæ ку басугъта. Е Иуойнони Цалх ку æй! – сорун æй байдайуй. Ци æй фæссоруй, æ цæстæ ‘й баййафуй. Уинун æй байдайуй, йафун æй байдайуй. Фæрбунмæ ‘й басоруй. Фæрбунæй фендæ уй. Уордигæй æй расоруй. Æхсæрбунмæ уæд баледзуй. Гъæр кæнуй æхсæрбунмæ: – Уорамæ ‘й, ма ‘й рауадзæ! Хумæллæг ибæл тохун уæд æхе байдайуй. Уоми батухсуй. Фæстæмæ имæ фæккæсуй Иуойнони Цалх: – Ку нæбал дæ базудтон, Сослан, зин дин ку скодтон! Æ фæсабæрцæ ‘й æрбайсуй Сослан, Сковуй: «Мæнæ хумæллæг, Хуцау дæ раттæд дуйнебæл, Уæхæн хуарз дæбæл æрзайæд, Æма дæ адæм се ‘гъæлдзæг сахати Куд агоронцæ идардмæ дæр!» Ра ‘й хæссуй æмбес надмæ. Æмбес надбæл ин Иуойнони Цалх Нæбал комуй æ фæсабæрцæ, Æхе æргæлдзуй æма разæгъуй: – Æз ди корун, рауадзæ мæ, Сослан, мæ хæдзарæмæ! Фæстæмæ дæмæ фездæхдзæнæн. – Цогæ æдта дæ хæдзарæмæ, Дæ дзурди мæнгæ ма фæууо! Рæхги æрхъæртæ аци рауæнмæ! Сослан дæр æрхезуй æ бæхæй Æма æ цъæх нимæтбæл, æ саргъ æ нивæрзæн, Цъæх зæлдæбæл æрхуссуй. Хъаурæгун лæг берæ фæххуссуй. Иуойнони Цалх æ рæзти æрзелуй.

54


Еуæрдæмæ æхе рахсуй, Иннердæмæ фæззелуй, Кæддæра куд хуссуй Сослан, Кæд барæй æхе схуссæг кодта, зæгъгæ. ‘Симæ дзоруй: «Ци берæ хуссис, Сослан? Хуссагæ ку некæд фæууис!» Сослан ин æ дзурдмæ ку нæ фестадæй. Æ уæрагисæртæбæл ин æхе раскъæруй, Фæххаун кæнуй ин æ дууæ уæраги. Фегъал уй Сослан. Цæстисугæй æ нимæт ницъцъифæ кæнуй, Уомæй цъифæдæр æ саргъ ку ниууй. Иуойнони Цалх æхе нирримæхсуй еу уобаййи буни. Дуйней рохсмæ æхе равдесун ку нæбал бандеуй. Сæйун байдайуй Сослан еци рауæн. Сирдтæ дæр имæ фæрсæг цудæнцæ. Ровас æрцæуй, кæуй, дзиназуй: – Ци ма кæндзæнæн, Сослан, æнæ дæу, Дæ хуалийæй мин хæйттæ ку уидæ! Дæ хуарздзийнадæй мæ губун идзаг æй! Уæд ин Сослан уотæ разæгъуй: – Растæрæ, ровас, мæ тогтæй, Мæ уæраги фидтæй дæхе бафсадæ! Ка ма сæ хуæрдзæнæй? Еци нард фидтæй дæхе бафсадæ! Ровас æрцудæй, æ тогтæй ин растæруй. – Æ, гæди ровас, кæуæг ку скодтай дæхе! Хуцау дæ адæмæн хиццаг фестун кæнæд, Дæ цармæ дин ци гъавонцæ! Сирдони имæ Хуцау æрхæссуй, Æхе ибæл е дæр кæуæг искæнуй. Сослан ин зæгъуй: – Сатанамæ мин гъæргæнæг фæццо! – Гъай-гъай, фæццæудзæнæн! Дæ бæхбæл фæццæуинæ. – Ра ‘йбæл бадæ, фал мин æй ресун ма фæккæнæ! – Ма тæрсæ, мæ хор! Царæй æфтауги астæу синдзæ бацавта,

55


Æ къохи райсуй никки синдзитæ, Синдзин æхсæй ин æ дæлвæзтæ схаун кодта. Уотемæй рандæ уй гъæргæнæгæн. Сатанайæн фегъосун кодта. Дууадæс уæрдуни ку сцæттæ кæнунцæ. Уонæй имæ ласунмæ уæд рацæунцæ. Мæцути ин цирт ку скъахун кæнуй Сатана, Сослани цирт хуннуй уоми. Дууадæс уæрдунемæй имæ фæццæунцæ, Æрба ‘й ласунцæ æма ин зæгъунцæ: – Кæд дæ фæндуй, – дæ адзали уæнгæ ами уæлæбæл, – Кæд дæ фæндуй, – цæрдуодæй уордæмæ ниххезæ, Уæддæр дæ фæстаг уордæмæ цæуй! Æ циртмæ цæрдуодæй уæд ниххизтæй. Иуойнони Цалх, Сосланæн æ енцег к’ адтæй, Деденæги фурт Арæхцау, уомæй нæбал æндиудта. Агоруй æй и дуйней рохси Иуойнони Цалхи. Некæми ‘й еруй Деденæги фурт Арæхцау. Дæсний бафæрсунцæ; е ин разæгъуй: – Дууæ хъал богъай дæ разæй тæрун байдайæ, Зæронд уæлмæрдтæ кæмидæр уа, уордæмæ! Дууæ хъал богъай æ разæй скæнуй, Уотемæй сæ тæрун байдайуй. Еу уобай, еу марди бунат æнæсгарст некæми ниууадзуй. Еу хатт зæронд уобæйттæмæ нимбохунцæ. Сæ сикъатæй рахафунцæ уобаййи фарс. Рагъæр кæнуй Иуойнони Цалх: – Æз ами Арæхцауæй мæхе ку баримахстон, Уæд мæбæл сумах ци неуетæ? – Æгайтима ами бадис! Сослани фæлдист фæууо! Ни ‘й къуæхтæ кæнуй, Уотемæй ин æ тог бахатуй æ енцег Арæхцау. ЦИГСÆИ– й архив, ф.345, 2 т., 133 п., ж. «Ирæф», № 3, 2004 анз. Туйгъанти Мухарбеги финст, 1900-1912 анз.

56


СОСЛАНИ МÆЛÆТ Сослан сæумæ раги æ дуармæ тæрхъоси фæд фæййидта. Сирдон загъта: «Сосланæй тæрхъостæ дæр гириз кæнунцæ!» Æ тæрхъос марæн хъамуци райста Сослан, Цауæни рацудæй и арф хъæзæмæ, Уоми фæййидта Донбеттири кизги. Е ин загъта: «Тæрхъоси фæд мæ фæд æй! Æз дæ рагæй дæр уарзун, Дæхецæн мæ уосæ скæнæ!» Е ин загъта: «Ци ма мæ гъæуй, дæу хузæн хæфситæ Мæхецæн уоститæн ку хонинæ!» Æхсинæги базуртæ ибæл æрзадæй Æма кизгæ е ‘нсувæр Иуойнонмæ фæттахтæй, Æма ‘й ракурдта Цалх Сослани марунмæ. Иуойнони Цалх Сослани рæзти æруадæй, Фал имæ нæбал бандиудта ‘ма ралигъдæй. Сорун æй байдæдта Сослан. Будурæй тар гъæдæмæ баервазтæй Æма сибулдзæ бæласæ æ размæ фæцæй. – Ма рауадзæ! – гъæр кæнуй Сослан. – Хуæцæ ибæл! Сибулдзæ дæр ибæл æхе ниццавта Иуойнони Цалхбæл, Фал æй дууæ ‘мбеси рахаун кодта. Тæрсæ бæласæмæ бахъæрттæй, Е дæр ибæл æхе ниццавта, Фал æй нæ бафæразта уорамун. Æхсæри къотæрмæ бахъæрттæй, Е дæр ибæл æхе ниццавта. Хумæллæгмæ æрхъæрттæй, Е ибæл æхе æрбатухта æма ‘й нæбал рауагъта. Сослан загъта: «Хумæллæг, Хуцау дæ адæми æмбурди Цитгин скæнæд, сæ цийнæ бони дæ куд агоронцæ!»

57


Уæдæй ардæмæ хумæллæг агорунцæ адæм Цийнæ сахати бæгæнийæн. Æхсæрæ, сибулдзæ ‘ма тæрсæн дæр райарфæ кодта: Етæ дæр гъæди астæу бæрæг æнцæ. Цалх ку ниллæудтæй, Уæд Сосланæй корун байдæдта, Ра мæ уадзæ, зæгъгæ. – Уадзун дæ, – загъта Сослан, – Дæ мадæ ‘ма дæ фиди къæхтæ ралух кæнæ! Фæстæмæ бабæй æрцо дæхуæдæг! Нарти Сирдон фидбилиз кæми нæ ‘й. Æхе зæронд лæги хузи Цалхмæ æрбавдесуй: – Ци мæтъæл дæ? – Сослани дзурдæй мæ мадæ ‘ма мæ фиди Къæхтæ гъæуама ралух кæнон! – Ци ‘нæзунд дæ, – зæгъуй Сирдон, – Дæхе еу рауæн бафснайæ, Цæмæй дæ зондзæнæй? Иуойнони Цалх бабæй фæззелуй, Сирдон ибæл фембæлуй бабæй лæги хузи Æма бабæй ин зæгъуй: «Æнæзунд ма уо!» Æртиккаг хатт ибæл фембæлуй Сирдон сувæллони хузи: – Сосланæн æ дууæ уæраги тæссонд æнцæ, Æнæуой еугурæй дæр æндон æй. Ку хусса, уæд ин Æ уæргутæ ралух кæнæ, уæд ма дин ци кæндзæнæй? Сирдони унафæбæл рацудæй. Фæстæмæ æрцудæй. Сослан бабæй рандæ ‘й Æнæ гæрзтæй хъамуций хæццæ тар гъæдбунмæ. Æ къæхтæ ин ралух кодта Иуойнони Цалх. Сирдон æрцудæй, æхе кæуæг скæнуй, Уæдта баивæруй синдзæ царæй æфтауги астæу Æма Сослани бæхбæл еуæрдæмæ рагъазуй, Иннердæмæ рагъазуй, Нартмæ рандæ уй гъæргæнæг. Берæгъ ибæл æрфецауй Сосланбæл æма ин зæгъуй: – Мæ уæраги тогтæ мин бастæрæ, берæгъ! – Хуцау ма зæгъæд, Сослан, Æз дæу фæрци берæ мийнасæ фæккодтон,

58


Нур ба æз дæу тог стæрон! – Хуцау дин мæ зæрдихатт раттæд, – Загъта Сослан. Уæдæй ардæмæ берæгъ бæгъатæр æй. Сæлаур имæ æрцæуй; Е дæр ин сæ нæ бакомуй æ уæргути тогтæ стæрун. Ровасæн зæгъуй; ровас ин сæ растæруй. – Еунæ Хуцау дæ адæмæн знаг фæккæнæд, Æноси дæр дин дæ уод куд агоронцæ марунмæ! Уæдæй ардæмæ ровасæн æнцойнæ нæййес. Нарти Æхсийнæн разæгъуй Сирдон: – Сослан цауæни дуйней сирдтæ рамардта, Уæрдунæй имæ цæун гъæуй. Рацæунцæ. Сослани уæрдунæй æрбаласунцæ. Сослан ниууосиат кæнуй: – Къантдзи фурт минги Сæууай – мæ тогесæг, Иуойнони Цалхи куд рамара! Сирдони æхемæ ихуæрсти райсæд бæх сæрфунмæ, – Бæх æй рамардзæнæй. Къæсибадæг уоси бафæрсунцæ. Е син баунафæ кæнуй. Богъай æ разæй скæнуй Къантдзи фурт минги Сæууай. Богъа æмбохгæ рацæуй æма Цалх ссеруй зæронд уæлмæрдти. Къантдзи фурт æй рамаруй. Сирдони мæлæт дæр бæхи цæфæй æрцæуй. ЦИГСÆИ-й архив, ф.345, 2 т., 133 п. Туйгъанти Мухарбеги финст. 1900 – 1912 анз. «Нартæ», Дзæуæгигъæу, 2005 анз, 346 – 348 ф.

59


БОРÆФÆРНУГ Бориати Борæн адтæй, Райда-уарайда, Еунæг хъæбæр рæсугъд кизгæ, Райда-уарайда! Борæфæрнуг е ку хундтæй, Райда-уарайда, Зонæнгин ба е ку адтæй, Райда-уарайда! Еу бон кæми адтæй, уоми, Райда-уарайда, Мæсуги сæрккагæй ку фæккæсуй, Райда-уарайда! Идардмæ бæхгин ку ниууидта, Райда-уарайда, Уæд Хуцаумæ е ку скувта: «Райда-уарайда! Йа, хуцаути мæхе Хуцау, Райда-уарайда, Тар мегъæ йбæл уæхæн скæнæ, Райда-уарайда, ‘Ма æ надбæл куд фæррæдуйа, Райда-уарайда, Уотемæй махмæ ци ‘рбаздæха». Райда-уарайда! Мæсуги сæрæй е æрцæуй бунмæ. Райда-уарайда, Æ фидæ Борæн е ку дзоруй, Райда-уарайда: «Ауæхæн дессаг некæд фæууидтон, Райда-уарайда! Надбæл еу уод фондз уоди схæссуй!

60


Райда-уарайда!» «Æ, налат силæ, цитæ дзорис? Райда-уарайда! Еу уод фондз уоди куд хæсдзæнæй?» Райда-уарайда! «Мæ фидæ Борæ ма рамæла, Райда-уарайда, Нæртон дууæ етæ ку ‘нцæ, Райда-уарайда, Лæхъуæн æма рæсугъд киндзæ, Райда-уарайда, Сæ фусун махмæ ку уодзæнæй». Райда-уарайда! Æцæг тар мегъæ ку ниббадуй, Райда-уарайда, Лæхъуæн æ надбæл фæррæдуйуй, Райда-уарайда, Бори хæдзарæмæ барæдуйуй, Райда-уарайда, Борæфæрнуг сæбæл ниццийнæ уй. Райда-уарайда! Етæ адтæнцæ нæртон лæхъуæн, Райда-уарайда, Сæнт сау рæсугъд уæззау киндзæ, Райда-уарайда, ‘Ма зайуйнаг рæсугъд æфсæ, Райда-уарайда! Хуарз æгъдау син ку раттунцæ, Райда-уарайда, Æхсæвæр син ку скæнунцæ, Райда-уарайда, Æртæ рауæни æртæ уати, Райда-уарайда, Борæфæрнуг ку никкæнуй, Райда-уарайда, Æхсæвæ киндзæн ку райгуруй, Райда-уарайда! Сугъзæрийнæ стуггин лæхъуæн.

61


Райда-уарайда! Æфсæ низзадæй уадæндзо ‘ма, Райда-уарайда, Мегъæнуайæн рæсугъд байраг. Райда-уарайда! Æхсæртæгкатæй лæхъуæн адтæй, Райда-уарайда, Бориатæн ба тоггин адтæй, Райда-уарайда! Бафедудтонцæ еци надбæл, Райда-уарайда, Борæфæрнуги хъаури фæрци, Райда-уарайда! Æстæмæй-астмæ етæ уони, Райда-уарайда, Сæхемæ ниууорæдтонцæ. Райда-уарайда, Устур æгъдауæй рарвистонцæ, Райда-уарайда, Етæ уони Нарти ‘хсæнмæ, Райда-уарайда! Еци игурд уæхæн иссæй, Райда-уарайда, Знæгти нихмæ ‘ма царди хуарзбæл, Райда-уарайда, Цæрæнбонти тох ка кодта, Райда-уа-рай-да! ЦИГСÆИ-й архив, ф.36, 4 п. Райдзурдта Кертибийти Кертиби. Нийфинста Хадати Берди. Уæхъæцæ, 1910 анз. «Нартæ», Дзæуæгигъæу, 2005 анз, 233 – 235 ф.


ХЕЦÆН КАДÆНГИТÆ

ЕУНÆГИ КАДÆНГÆ Еунæг мæгур æй, еунæг мæгур æй! Гъæдæй дæр, дорæй дæр еунæг мæгур æй. Будури астæу еунæг бæласæ – Е дæр мæгур æй! И хор дæр имæ Æгæр ку кæсуй, æгæр æй тавуй, И дон дæр имæ идард ку цæуй, Идард ку цæуй. Мæргъти астæу дæр, сирдти æхсæн дæр Еунæг мæгур æй, еунæг мæгур æй, Адæмти астæу дæр еунæг мæгур æй. Æ ном Еунæг фæууй, æхуæдæг дæр еунæг æй. Æнсувæр кæмæн нæййес, æрдхуард, æмгарæ Æ фарсмæ æрбалæууæг кæмæн нæййес, Еунæг ку хуннуй. Еунæг мæгур æй. Еунæг цæрун байдайуй дуйнебæл Æ зæронд мади хæтдзæ. Æ лимæнтæ имæ Дууадæсемæй ку ‘рцæунцæ, Сæ лимæни-седзæри бабæрæг кæнунцæ. Уазæгдонæ мæгур лæгæн ку нæ фæууй, Æ хæдзарæмæ сæ бахонуй. Æ зæронд мадæн раздæр ку зæгъуй: «Нана мин цæра, фæссæмæходæ!

63


Сæ зæрдæ син уомæй балхæнæ. Уазæг æфсийни ходгæ-билтæ ку фæййинуй, Уæд цийнæ ку кæнуй, – Таукелдзийнадæ ку æй. Æфсийнæ æ билтæ æнгон ку дарай, Уæд уазæги зæрдæ мæгур ку кæнуй». Арти уæлгъос Еунæг зелæнтæ кæнуй, Е уазгутæн фезонгутæ цæттæгæнгæ. Æ гъоси æрцæуй: «О, мæгур Еунæг! Æндæмæ ракæсæ! Дæ фиди маргутæ Герги коми авдемæй æрбацæунцæ. Аци бон сæ ку нæ ссерай, уæд дæ къохи Некæдбал бафтуйдзæнæнцæ». Еунæг æндæмæ рауайуй. Фæстæмæ Тургъæй фездæхуй, æ цæстисуг сæрфгæй. Фæрсунцæ ‘й иуазгутæ – неци син дзоруй, Фезонгутæ рахатæ-бахатæ кæнуй. Дуккаг хатт æригъосуй: «Тузартæ дин дæ курд уоси Æндæр кæмæндæр дæттунцæ, Марауадзæ!» – Æ цæстисуг ку расæрфуй, Æ фиди лимæнтæ ‘й нæбал уадзунцæ: «Ци кæнис, Еунæг, цæмæннæ ‘й зæгъис махæн?» Расинæйдзоруй. Фиццаг ранæхстæр уй е тоггинти марунмæ. Расæмаруй, тохæнтæй син Куреси тухт бакæнуй Æма Тузартæмæ бацæуй. Кизгæ ‘й къæразгæй рауинуй, æ кæун – кæунæй. Фæхходуй имæ. Кизгуттæ ‘й бафæрсунцæ: «Цæбал фæххудтæ?» – Расинзæгъуй: «Хори тунæ мæмæ æрбакастæй, Æма уомæн ходун». «Не ‘уазгутæн бадун афон æй», – зæгъунцæ. Медæмæ сæ бакæнунцæ, Еунæг фæсдуар слæууй. Ку сбадунцæ даргъ фингтæбæл, Ку сковунцæ, уæд сиахсæн ковæггаг рарветунцæ. Фæсдуарæй æхе ниццæвуй Еунæг,

64


Цъеусор каркбæл куд ниццæва, уоййау. Ковæггагæй, къеретæй ку сахуадуй. «Сиахсæн – ковæггаг, сиахсæн – нæ хай!» Рахæссунцæ, ‘ма æхе ниццæвуй бабæй Еунæг, бæгæнийæй сахуадуй, Фидæй дæр сахуадуй. Адæм ку сдæгъогъ унцæ: «Ци ‘й а? Циуавæр æй? Аци æнæгъдау кæцæй æрцудæй?» Уалдæнмæ къохбæлхуæцæг ку ранæхстæр уй Уатмæ, киндзи рахонунмæ. Æ пæлæз фæггæлдзуй, æ кард фелвасуй Æма фæгъгъæр кæнуй: «Ци кæнтæ? Ке уоси хæссетæ? Кизгæн æ фиди Бафæрсетæ – кæд мæ фиди хæтдзæ Федуд н’ адтæй, кæд кизгæ мæхе курд нæ ‘й?!» Кизгæн æ фиди бафæрсунцæ. Æртæ лæги сæртасунцæ, Кизги бафæрсунцæ – е дæр разæгъуй, Авдæни уогæй курд разиннуй кизгæ Еунæгæн. Еунæг æ ирæд бафедуй е знæгти хæзнатæй, Райхæссуй. Æ фиди лимæнти е хæдзари Ку ссеруй. Тумбул симд кæнунцæ. Æстæмæй-астмæ идзулунцæ. Цæрунтæ байдайунцæ. Еу бон Еунæг æ мади ку бафæрсуй: «Дессаги фун фæййидтон: еу богъа Æрбацудæй ‘ма мæ æ сикъайæй сцавта, Мæ сæргъи ба дууæ бæлæуи сæ кæрæдзей тудтонцæ, Сæ пакъу калгæ ‘ма сæ тог пурхгæнгæ». «Ма мин æй зæгъун кæнæ, – загъта æ мадæ, – Де ‘рваддæлтæй еуей хæтдзæ хилæ кæндзæнæ Æма мард фæууодзæнæ! Дæ мадæ ‘ма дæ уосæ ба Дæ марди сæргъи сæхе тондзæнæнцæ». Еунæг мæгур æй, Еунæг мæгур куд нæ ‘й? Æхсар æма Æхсæртæг фæуунцæ дууæ ‘рвади, Уони хæтдзæ фæббуцæу уй Еунæг, æма ‘й Æхсæртæг рамаруй.

65 5* Заказ №1424


Æ уосæ уæззауæй байзадæй, Гъæдæмæ фæллигъдæй, кæд мæ берæгътæ Бахуæриуонцæ, зæгъгæ. Фал уод цæруйнаг ку уа, уæд имæ Берæгъ дæр не ‘вналуй. Сувæллон ин ку райгуруй. Лæгæти ку цæруй, хæссун æй байдайуй. Фат æма ин æндурæ ку скодта, Цъеутæ ин ку маруй. Еу бон бæласи сæрмæ ку схезуй, Уордæгæй ракæсуй битдзеу æма зæгъуй æ мадæн: «Хъуæцæ цæуй еу æрдозæй! Циуавæр æнцæ?» «Етæ ‘нцæ Тузартæ – дæ мади ‘рваддæлтæ; Басæмæцо – кæд дин раттиуонцæ Еу топпи хæтæл; топпитæгæнæг ку æнцæ». Басæмæцæуй. Цийнæ ибæл кæнунцæ, Топп дæр ин раттунцæ. Сагтæ марун байдайуй. Еу бон ку ранæхстæр уй цауæни, Уæд робас фæццæф кæнуй, Æма ин будурмæ рафтуй, Æ фæдбæл цæун байдайуй. Ци рауæн æй баййафуй, уоми æй равгæрдуй, Райæстъегъуй, ба ‘й кой кæнуй. Æ цурд æвнæлдмæ ин идардæй Æхсар æма Æхсæртæг фæккæсунцæ, Æма ин æ арæхстбæл дес кæнунцæ. Кæрæдземæ дзорунцæ хатиагау: «Аци лæхъуæн хумæтæги лæхъуæн нæ ‘й». Байфæрсунцæ: «О, дæ бун – сой, Кæмæй дæ, ке фурт дæ?» Расиндзоруй: «Мæ мади хæтдзæ Гъæди цæрун. Кæмæй дæн, уомæн Неци зонун, фал мæ мадæй, Еунæги фурт дæн, зæгъгæ, фегъустон, – Атæ ‘ма атæ, зæгъгæ, радзоруй, – Нури уæнгæ гъæди сгъомбæл дæн Æма гъæди фæццардтæн». Хатиагау сæ кæрæдземæ дзорунцæ:

66


«А не ‘нсувæр æй, – ке рамардтан, уой фурт». Æхсæртæг-марæг æ гæрзтæ рагæлдзуй Æма разæгъуй: «Æз дæ фиди марæг дæн! Мæрдти дæ фиди тог федуни бæсти мæ Нур ку рамарай, уæд хуæздæр æй. Цæвæ мæ, æз цæттæ дæн!» «Кæд мæ фиди марæг дæ ду – Æз дæу нæ рамардзæнæн! Дæ гæрзтæ Бабæттæ! Мæ фиди хæтдзæ ба уæхуæдтæ Мæрдти бафедаудзинайтæ. Æз Хуцауæй боз дæн; цæуæн мæ мади размæ: Æз уæ бафедаун кæндзæнæн». Дууæ дæр, Æхсар æма Æхсæртæг, скудтæнцæ Æма æрцудæнцæ Еунæги сæгдзар уосонгæмæ. И мадæ уони ку фæййидта, уæд æ зæрдæ багъар æй Æма æрхаудтæй. Ку ‘рискъиттæй, уæд ин Æ фурт загъта: «Мæ мадæ, берæгъи цард Гъæди астæу фæккодтан, адæмæй нæхе Идард фæлластан – нур ба, корун ди, Æма не ‘рваддæлтæн дæр сæ фуд ниххатир кæнæ, Адæми астæу ма бацæрæн». Ци сæмæ адтæй, Уой сæ хæтдзæ рахастонцæ ‘ма Се ‘рваддæлти æхсæн æрцардæнцæ. Цауæнæй не ‘нцайуй Еунæг. Сирди фидæй Хæссуй æгас синхи. Æфсатий фонс Кунæг кæнуй æ къохæй, берæ ‘й нæ евгъауй. Еу бон цауæни рацæуй. Еу сæргин саг Æ размæ фæууй, фæ ‘й æхсуй. Тæгæр бæласи бунмæ æрзелуй саг. Кой кæнун æй байдайуй. Арт ку скæнуй, Хурфи дзаумæуттæй фезонæг фицуй. Æ хъуæцæмæ ин «базургантæ» бæласи бунмæ Æртæ лæги бацæуй: «Дæ бун – сой, лæхъуæн!» – Зæгъгæ, имæ дзорунцæ, – е фæууй хатиагау арфæ. «Æгас æрцотæ!.. Æрбадетæ бал, ести бахуæретæ!» «Махæн не ‘мбæлæггаг рахæссæ!» «Æмбæлæггаг дæр уин цæттæ ‘й, фал Фингæбæл евгъуйун ходуйнаг æй».

67


Нецибал имæ сдзорунцæ, фал ибæл Сæхе ниццæвунцæ æма ‘й сæ буни фæккæнунцæ. Сæ кæрдтæ æ цæсти размæ ку ферттевунцæ, Уæд си ракоруй фæстаг дзурд ма: «Тæгæр бæласæ, ду уо ме ‘вдесæн; хор, ду – мæ федар, Хуцау, ду – мæ тæрегъæд хæссæг!» Уалдзигон уæри хузæн æй равгæрдунцæ, Мæгур Еунæги, арф пихсити ин æ мард Баримæхсунцæ; тæгæри сифтæ ибæл Æ тогæй пурфгондæй Бæрзондгомау самайунцæ. Уæдæй ардæмæ тæгæри сифæ Иннæ бæлæсти сифтæй уæлдайдæр Гъæди астæу сурх даруй. Еунæги мард Æхсар æма Æхсæртæг Агорунтæ байдайунцæ. Æвдæймаг бони ‘й рæфти ку ссерунцæ Пихсити буни нигæдæй. Æрæйхæссунцæ, Уæлмæрдти ‘й байвæрунцæ, Æ къуæрей бон ин хист ку скæнунцæ, «Рохсаг» зæгъунмæ адæм цæунцæ. Фингтæбæл куд æрбадунцæ, Уотæ сæ рæзти Хуцау æрбахæссуй Æртæ бæхгини. Æрбасæхонунцæ, Мардæн рохсаг зæгъетæ, зæгъгæ. Уазæгæн æ бунат, не ‘гъдаумæ гæсгæ, Алли рауæн дæр цитгин æй. Фингæн Æ уæллæй етæ ‘рбадунцæ. Хуæздæр кæрдзинтæ, хуæздæр фунх фидтæ Уони размæ æрæвæрунцæ: «Еунæгæн абони е ‘вдæймаг бон æй, Уæд мард фæцæй æма ин рохсаг, Рохсаг зæгъетæ!» – Æхсар æма Æхсæртæг Уазгути уæлгъос лæуунцæ. Хуæздæр хуæрдæ син сæ размæ хæссунцæ, Фал ци дессаг æй, фал куд дессаг æй!.. Дзол син æрсæттунцæ, ‘ма си тог ракæлуй, Фунх фид син æрæвæрунцæ сæ размæ,

68


Æма тогæй райдзаг уй. Фефсæрми унцæ урдугистгутæ дæр: «Ходуйнаг кæнæн, цитæ хæссетæ Уазæги размæ! Еу хузæнæн хай куд некæми ес?» Æхсæртæг дзоруй: «Рохсаг зæгъунмæ Уазгутæн – бæгæни». – Рахæссунцæ ‘ма Дæттунцæ уазгути хестæрмæ бæгæний синон. Къос æ къохмæ куддæр райсуй, Уотæ зелгæ думгæ æрбацæуй, æма Тæгæри сифæ къоси астæу ниххауй, Хори тунæ дæр бæгæнимæ никкæсуй, Сурх тогæй сирайуй хæрдмæ бæгæни. Уазæг фæттæрсуй ‘ма дзоруй хатиагау Е ‘мбалтæмæ: «Ледзæн ардигæй, Еунæги кувд нæбæл æрцудæй, Æ мæлæти бони кувд; ледзæн, Цалдæнмæ нæбæл æ хæстæгутæ Нæма рафарс æнцæ...» Æхсар æма Æхсæртæг хатиагау Дæсни фæуунцæ. Фæгъгъæйтт кæнунцæ Æма Еунæги маргути райахæссунцæ. Еунæги уæлмæрдæмæ сæ бакæнунцæ Ниййинсæфæлдесунцæ ‘Ма сæ нивгæрдунцæ æ уæлмæрдбæл. Еунæг мæгур æй, еунæг мæгур æй! Еунæг мæгур æй, æ къох цубур æй!.. Æ уод минкъий æй, бун бауйнаг æй, Мæргъти астæу дæр еунæг мæгур æй, Сирдти астæу дæр еунæг мæгур æй. Фал уонæй мæгурдæр дзиллити астæу Еунæги сæр æй, еунæги уод æй! Еунæг мæгур æй, еунæг мæгур æй. Радзурдта æй Зороти Дзамболат. Нийфинста Туйгъанти Мухарбег, 1901 анз, январь. ЦИГСÆИ-й архив, ф. 13, 6 п., 22–28 ф.

69


ХÆЛАР ÆМА ХÆРАМ Дзæрæхи кадæнгæ Сæ над еу фæууй сæ даргъ фæндагбæл, Етæ цæунцæ, дзубандигæнгæ. Хæрам лæг цæуй фестæгæй бæргæ, Хæлар лæг, раст лæг – йæ аласабæл. Хуцауи уарзон мæгур хæлар лæг Зæгъуй е ‘мбалæн: «Табуафси, мæ хор, Атæ фæххуæцæ мæ фæллад бæхбæл! Мæ ком ниссор æй фур æдонугæй... Рæсог уазал дон ауæхæн бони Фæндаггон лæгæн дзенет æй, дзенет!» Æ бæх фездахуй фæснадмæ-донмæ, Æргæпп кæнуй ‘ма æ бæх февæруй Хæлар зæрдæ лæг хæрам æмбалмæ. Æнцад ниххезуй и арф мæскъæмæ, И арф мæскъæмæ – сауæдонæмæ. Ку ссатæг кæнуй æхе, ку схезуй, Бæргæ ракæсуй æ фалæмбулай; Рагъæуай-багъæуай, уинуй идардмæ: Е ‘мбал фæттæхуй йæ аласабæл, Йæ аласабæл, йæ фæллад бæхбæл. Бæргæ ниххуайуй æ уæраги сæр: «Ку мæ фæссайдтай æмбалдзийнадæй; Æмбалхуар ку дæ. Хуцау – дæ фагæ: Ци ма ин кæнон, ци ес мæ къохи, Æз фестæгæй дæр бæргæ лæсдзæнæн.» Цæунти фæууй Хуцауи раст лæг. Рахæтуй сах хор изæрæрдæмæ; Идардмæ зиннуй толдзæ бæласæ, Уомæ ниццæуй мæгур æфхуæрд лæг.

70


Бæласи буни æртæ бадæни, Æртæ листæни фæрсæй-фæрстæмæ. Ниддес уй лæгай – Хуцауи уарзон: «Æз ани бæрæг æнæ рартасгæ Нæ ниууадздзæнæн; мæ сайтани хай Ами кæд бадуй, уæддæр нæ зонун», – Зæгъгæ, ку схезуй бæласи сæрмæ. Æрталингæ уй, фитдзаг æстъалу Куддæр сасодзуй, уотæ ба кæсуй: Арс æрбацæуй, берæгъ æ фæдбæл, Сæ фæсте робас – Сирдони думæг. Астæугкæй сбадтæй, æ дзæмбу сдæргæ, Гъолон æфцæг арс е ‘стур бадæни; Æ галеу фарсæй хуалхуар цъæх берæгъ; Æ рахес фарсæй, æ думæг телгæ, Нæ робас кæнуй «гуассæ-нисси» бадт. Уæд арс райдайуй æ бæзгин хъурæй: «Æз аци бонæ уæртæ хонсари Дони билæбæл мура бæласæ Уохæн иссирдтон, мудæй е ‘дзагæй! Къуæрей фагæ мин уæддæр уодзæнæй! Мийнасæгæнгæ ‘ма фарни зар дæр Гъæди никкæнун... идзаг – мæ губун! Офф-офф! Мæ хортæ, æ муд куд хуарз æй!» Берæгъ райдайуй: «Æз дæр абони Æзинæй хуæздæр мæхе нифсастон. Мийнасæ кæнун уалдзæгæй нурмæ: Муртазатæбæл цæруй мæ фиййау, Æгас фондз анзи хæтуй хъæрæуæй Æ рахес цæстæй, бæргæ иннæ дæр Ку батар уидæ, берæгъи нивæн... Хъæрæймаг имæ – сайгæ мæ кæнис! Нæбал ди тæрсун! Кæцæй нæ уинуй, Раст ецирдæгæй фæууй мæ лæбурд... Мæхе бацæнцæ нард косæрттæгтæ, Тъæпп хауй нур дæр фидæй мæ хитъин. Фиййауæн хуасæ мæхецæй æндæр Аци дуйнебæл ку неке зонуй.

71


Æ фусти астæу сау гулу сæгъæ, Куддæр байсæрда æ хъæрæу цæстæ Уой тогæй, уотæ мæнæн мæ ком – баст! Ку не сресидæ мæ губун уæдмæ, Цалдæнмæ уомæн хуасæ скиндæуа, Ести радзорæ, нæ кæстæр хуæрæ!» Робас ку дзоруй, æ губун хафгæ: «Миститæ арæх – нæ лигъз будури, Хуцауæй боз дæн: æз бон-изæрмæ Гъазун æхцатæй, сугъзæринттæ ‘ма Кæдзос æвзестæй – дæлæ надгæрон Уони ку ссирдтон и къотæр рæбун, Сæумæ дæр цæттæ ‘й мæ гъазæн гъолæ». Сирдтæ фестунцæ сæумæ рагиау, Алке æ надбæл фæффудвæндаг уй. Æрхезуй лæг дæр бæрзонд бадæнæй, Сæумæ ку ссеруй æхца ходи дзаг, Æхца ходи дзаг – робаси гъазæн. Уайун байдайуй Хуцауи раст лæг Уæлæ къолæмæ, уоми раеруй Мура бæласæ; мура бæласæ Мудæй е ‘дзаг æй, уорс-уорсид мудæй. Æхе нифсадуй, æ хæтдзæ дæр ма Хæссун байдайуй хъæрæу фиййауæн; Муртазатæмæ æрхæтдзæ ‘й нæ лæг, Уоми фæндагбæл уинуй фиййауи. Салам ин раттуй: «О, дæ фонс берæ!» «Берæ фæццæрæ! Медæмæ, уазæг, Мæ уосонгæмæ! Æдонуг кæд дæ? Уæртæ гъосини хуарз тæнæг къумæл, Æстонг уодзæнæ – фид нæмæ арæх! Фестæг лæг ку дæ, кæцæй фæндараст?» «Атæ ‘ма атæ», – зæгъгæ, радзоруй Мæгур æфхуард лæг æ бæхи хабар. «Хуцау ке кæна, – дзоруй хъæрæу лæг, – Е хуарз ку хуннуй: æз дæр фондз анзи Хæтун хъæрæуæй, мæ еу цæстæ ма Бæргæ фæлгæсуй цъæх будуртæмæ

72


Мæ сау фустæмæ, гъолон сæгътæмæ; Кунæг кæнунцæ мæ хуæздæр фустæ... Мин сæ нимадтон – нур мин кæд æнцæ Фараст инсæдзи цуппар гъæуаггин. Еу гадздза берæгъ мæбæл сагъудæй, Цард мæ нæ уадзуй, цæгъдуй мæ фусти! Ме ‘ннæ цæстæй ма æз ку скæсинæ Есгæд – мæ маст ин уæд бахатинæ». «Æз дин ку зонун дæ цæсти хуасæ!» – Зæгъуй хæлар лæг уæд æ фусунæн. Фиййау ниссурх уй: «Корун ди, уазæг, Айуан ма кæнæ, дæуæй æфхуарддæр Лæг кæд разиндтæй – уæддæр уомæй хъал Дæ зæрдæ ма уæд! Уæллаг ци ‘рхæссуй, Уой неке зонуй е сфæлдесонтæй!» «Дæ сæгъти астæу сау гулу сæгъæ... Æрбайæвгæрдæ, æ гъар тогæй дин Дæ хъæрæу цæстæ æз байсæрддзæнæн, Хуцау æ гъуддаг уотæ аразуй». Лæг фæггæпп ласуй, æ гулу сæгъæ Æрбайахæссуй, райкосарт кæнуй. Сæгъæн æ тогæй Хуцауи раст лæг Уайтагъд райсæрдуй фиййауи цæстæ, Фиййау ракæсуй дууæ цæстемæй, Кинау низзелуй уæд æ фур цийнæй, Хинцун байдайуй æ хуæрзгæнæги. И сæумæ ба ин æ фустæн се ‘рдæг Ку стумбул кæнуй раст лæги разæй. Цæун байдайуй Хуцауи уарзон, Хуцауи уарзон, кæдзосзæрдæ лæг, Фембæлуй ибæл æ хæрам æмбал: «Æз ба ма, – зæгъуй, – дæу ку агурдтон Уæдæй ардæмæ, дæ бæх дин ластон. Кæми дин адтæй еци фусти къуар?» Раинсæдзоруй хæларзæрдæ лæг Æ хуарз хабæрттæ. Хæрамзæрдæ лæг Соцъагæнагæ ‘й: «Цæуон ахсæви Еци толдзæмæ, æз дæр бавзарон

73


Мæ нивæ, мæ хор! Хуæрзæбонæ бал!» Фæннæхстæруй ‘ма бæласи цонгбæл Æрбадуй, бæргæ, зæнхæмæ хæстæг, Зæнхæмæ хæстæг нæл гогузи бадт. Зæгъуй æ зæрдтæй: «Æз син сæ дзурдтæй Еу дæр дзæгъæли нæ рауадздзæнæн». Сах хор куд фæцæй нæ хуæнхти аууон, Æрбацæунцæ, сæ гъирнун цæугæй, Разæй – гъунтъуз арс, е стур дзæмбуйæй Сикъит ку скалуй æма нимбохуй, Низзугъгъутт ласуй æ разæй дортæ, Æхе ниггæлдзуй фæлмæн листæнбæл; Æ фæдбæл робас мæтъæл-мæтъæлæй, Нур райдайдзæнæй-уæд райдайдзæнæй Тъиф-тъифæй кæун нæ гæди силæ. Æрæгиау ба къулух-къулухæй Гъæрзгæ ‘ма нæтгæ нæ цъæх абæрег Æрбацæйхилдæй, æ листæнмæ дæр Æнхæст не схæццæ ‘й, хъæбæр зæнхæбæл Æрхаудтæй, æ къах æвзагæй стæргæ. Зæгъуй гъунгун арс: «Рамардтæн судæй! Фæццудтæн бабæй мæ еубонтиггон Бæласæмæ, ‘ма мудæн æ кой дæр Нæбал ес, нæбал, фæммин æй къагъд æй. Ухстбæл цума ‘нцæ ‘мæ сау артæнтæ, Уотæ содзунцæ... гъе, уæууæй, уæууæй!» Робас райдайуй кæунгъæлæсæй: «А дууæ бони æз дæр агорун Ме ‘хцатæ, фал – фæмминсæхаст æй, Цæмæй гъаздзæнæн амæй æндæмæ?» Берæгъ ниннæтуй: «Хæдзаруат бадæн! Абони бабæй хъæрæу фиййаумæ Багъузтæн æма, фустæн сæ нарддæр Куддæр раскъафтон, уотæ мæ фиййау Æ хъæрæу цæстæй ракастæй æма Æ даргъ хъæрæймаг æ сау агъодæй Æваст фелваста, фæггæрах ласта... Æркæсетæ-ма, мæ рахес къахæн,

74


Мæ фæстаг къахæн æ фади гъолæ куд ниццæхморæ ‘й... Мæ тæрегъæдæй ку фæххæтидæ мæнау къулухæй! Дес цæбæл кæнун... сумахæн дæр ма Уæ муд, уе ‘хцатæ хæтгæ лæг ссерæд, Фал мæ фиййауи цæсти хуасæ ба Ку неке зудта мæхецæй æндæр! Хуцауи дессаг, ка ин æй загъта? Игъосгæ нæмæ маке кæнæд, ма? Искæсетæ ма бæласи сæрмæ». «Уæлæ ‘й!» – гъæр кæнуй цъæхснагхъур робас. «Уæлæ ‘й!» –нимбохуй гъолонæфцæг арс. «Исхезæ имæ уæлæмæ, робас!» «Ци ма мин кæнай? – зæгъуй ин робас, – Мæ мæгур сæр мин ницъцъæлæ кæна?» «Исхезæ имæ, нæ цурд лæборæг!» «Кумæ уин хезон къулух-къулухæй! Дæхуæдæг, баба, ма рауадзæ, ма!» Арс дæр фæллæууй æ фæстæгтæбæл, Хезун байдайуй хæрами фæдбæл, Е дæр хезунæй ку нæ ауæрдуй Уæлдæрæй уæлдæр бæласи цъопмæ, Уордæгæй æхе бæргæ нинтъохуй. «Ма рауадзетæ!» – æмбохуй уæллаг. Уæд е скъелæбæл нæ хæрам лæгæн Робас ниххуæцуй æ циргъ æнсуртæй, Берæгъ дæр имæ къулух-къулухæй æхе батæруй. Лæу-лæуæй сæмæ æрхъæртуй арс дæр æма нимпурсуй Мæгур хæрами! Дæ фудгол уотæ! Хæрам бабун æй, хæрами фæндаг Берæ нæ хæссуй, цубур æй, цубур! Хæларзæрдæ лæг адæми рæнгъи Цæруй дуйнебæл æ рæстдзийнадæй Адæми уарзгæ, Хуцауæй тæрсгæ. «Дигорон кадæнгæ». Туйгъанти Мухарбеги финст. «Владикавказ, Типолитография 3.И. Шувалова», 1911, 16 – 23 ф. Феппайуйнаг. Аци кадæнгæ, æвæдзи, Саулати Дзæрæхи дзурдтæй финст æй.

75


АЗНАУРИ КАДÆНГÆ Таухъани фурт Ибахъ ку адтæй; Азнаури мæгур Еунæг уод Ка бахуардта, е ба Сау Ногъай И бæрзæйгин Сидахъ-æлдар ку адтæй. Азнаурæн æ уосæ ба Абайти кизгæ И рæсугъд Кумусхан уæд ку адтæй, Æ енцег æрвадæ ба Хъайтухъи-фурт Хамурз-æлдар уæд ку адтæй. Хамурз-æлдар Азнаурмæ уæд ферветуй: «Æрцо, Азнаур, ме ‘нцег æрвадæ, Мах ба æрбатæрæн Сау Ногъай И барзæйгин æлдар Сидахъи бæхæргъау». Уоци хабар фегъосгæй, Азнаур Æ уосæ Кумусхани-рæсугъдмæ бадзоруй: «Тагъд мæ рарæвдзæ кæнæ, Æз ба дæлæ Сау Ногъай бæхæргъау æрбатæрон». Саурæсугъд Кумусхан дæр дин Зонæнгин кæми н’ адтæй, Æма ин дзиуаппæн загъта: «Æз дæ уæд исрæвдзæ кæндзæнæн, Æма мæнмæ мæрддзогойнæ, Байсати Дзæнай разæй мардæгъдаугæнгæ, Ку ‘рбацæуиуонцæ Æма сæ цæстисуг ехæврагъау мæнмæ ку хъæрта. Æма и уæллагон думгæ сау дзигкоти Пæскъутæ мегъи стугау ку хæсса, Æз ба мæ уорс базгутæ пъæстугай ку тонон Æма мæ сау дзигкотæ мартъий метау Тъæпбилæй ку калон, Æз ба дæ гъе уæд исрæвдзæ кæндзæнæн». Азнаур ба ин загъта:

76


«Нæ-а, æз мæ уоди тасæй нæ ниллæудзæнæн!» «Уа-нæуа дæр кæд нæ лæууис, Уæд мæ цæгат Абайтæмæ Сау уйрæгтæ сау хъумæцтæ Беурæ æрластонцæ, æма дин Сау даритæй мæ сау фæлуст Дæ рацудмæ уæд исрæвдзæ кæндзæнæн». Азнаур æ уоси дзурдмæ кæми байгъуста, Бауадæй æма æ борцъух бор аласабæл Æ сау саргъ æнгом февардта Æма ин е ‘лвасæнтæ итинг æрбалваста. Æ уæле кæрдагæ сау хъæндзал кард æрбаста, Е ‘хсагæ хъæрæймаг топп дæр æрауигъта, Е згъæр цæнгтæ ‘ма е згъæр ходæ дæр Æ уæле æркæнгæй, ранæхстæр æй. Хъосбарти хедмæ ку нихъхъæрттæй, Уæд уоми æ еунæг косæг Майрæнхъул Æ уæргутæбæл тæрсæ ‘ндзалæ тæссармæ ‘ривардта Æма уотемæй еци хедбæл æрбадтæй. Майрæнхъул ин загъта: «Еунæгæй мæ ку уадзис, мæгурæй. Уа-нæуа дæр мæ кæд уадзис еунæгæй, Уæд мæ бафæдзæхсæ Айдаболти Дзандарæй, Дзæрæхмæтæй есгæбæл». Азнаур ин загъта фæстæмæ дзиуаппæн: «Гъе, хъулхъасхан, ду дæр ма мæ фингæбæл Ку сæвардтай», – æма уотемæй, æ бæх Ниццæфтæгæнгæй, æ еу фæрсти багæпп ласта. Уотемæй уайун байдæдта Æма Хъайтухътæмæ нихъхъæрттæй. Æ борцъух бор аласай исфæсахсæн кодта Æма æ сау нимæтæй æхе бамбарзта, – рарæхстæй. Уæд æрбайгъал æй æма хæдзарæмæ бацудæй. Хамурз-æлдарæн æ фун радзурдта: «Æз аци бон фæууидтон дессаг фун, – Мæ бæхи цуппар къахей астæуæй Баллон берæгъ фелвæстæй Æма мæ цъæх арцæй æрбарæхуста,

77


Еци фун ци уодзæнæй, уомæн неци зонун мæхецæн». Хамурз-æлдар ин загъта дзиуаппæн: «Нæ уоди тасæй нæбал байзайдзинан мах, Фал цæудзинан нæ надбæл». Ранæхстæр æнцæ ‘ма цæунтæ байдæдтонцæ. Уæд ин Азнаур загъта фæндагбæл: «Хамурз-æлдар, мæнæ мæ рæуæг дзауматæ Райсæ дæхецæн æнцонæн». Хамурз-æлдар æрбайста Азнаурæй Æ хъæрæймаг – æргъæвагæ топп, Æ сау хъæндзал кæрдагæ кард, Е згъæр ходæ, Е згъæр цæнгтæ ‘ма сæ æргæлста æ уæле. Уалинмæ рахъæрттæнцæ Стур Ногъай бæстæмæ, Æма рагъæр кодтонцæ Сау Ногъай и устур Бæрзæйгин æлдар Сидахъи бæхæргъаубæл, Æма сæ сæ разæй тæрунтæ байдæдтонцæ. Уалинмæ сæ Сау Ногъай Содзгæ фæдес сорунтæ байдæдтонцæ. Хæстæг кæнун сæмæ ку райдæдтонцæ, Уæд сæмæ раздæр исхъæрттæй Сидахъ-æлдар Æма сæмæ дзоруй: «Фæццæун уæ фæнддзæнæй, Фал нæ фæццæудзинайтæ!» Уотæ рæхги бастадæй Хамурз-æлдари бæх. Азнаур имæ уæд дзоруй: «Мæнæ хуæздæр бæхбæл ду рабадæ». Хамурз-æлдар рабадтæй Азнаури борцъух бæхбæл Æма ибæл, ниццæфтæгæнгæй, Фæллигъдæй æ уоди тасæй. Азнаур æй ралгъиста: «Мæ тæрегъæдæй дæ Хуцау æгадæ ‘лдарæй фæццæрун кæнæд Биасланти астæу æма дин синони хай С’ астæу макебал раттæд». Азнаурæн Хамурз-æлдари аласа ку бастадæй, Уæд загъта: «Мæнæн аци бон мæ борцъух бæх, Мæ сау хъæндзал – кæрдагæ кард, Мæ хъæрæймаг – æхсагæ топп,

78


Ме згъæр, ме згъæр ходæ, Ме згъæр цæнгтæ мæхемæ ку адтайуонцæ, Уæд искодтайнæ Сау Ногъайæн æносмæ Тангъада ‘ма тамаса, Адæмæн ба æносон дессаг æма æмбесонд». Уалинмæ ‘й, Азнаури, исаййафуй Сидахъ-æлдар Æма имæ дзоруй: «Гъой, гиаур, церкес!.. Фæццæун дæ фæнддзæнæй, уадзæг дæ ку уа, уæд! Цæвæ, гъе нур, лæг кæд дæ, уæд!» Азнаур имæ, е ‘ргон рахатгæй, дзоруй: «Цæмæн дæ цæвон? – Мæ борцъух аласабæл Æз ку нæ бадун, ме ‘хсагæ хъæрæймаг топп, Мæ кереке, ме згъæр, Ме згъæр ходæ, ме згъæр цæнгтæ Æма мæ сау хъæндзал – кæрдагæ кард Мæнмæ ку нæ ‘нцæ». «Мæ фидистæн, æдта æз иттæг ефтонг дæн!» – Зæгъгæ, имæ дзоруй И бæрзæйгин Сидахъ-æлдар Æма ибæл исуадзуй И бæдæйнаг хъæрæймаг топп, Æма и налат фат исæнбæлуй Азнаурæн æ зæрди сæри. «Æз дæр æдта дæу фагæ ефтонг ба исуодзæнæн!» – Азнаур имæ уотæ дзоруй фæстæмæ, Æма ибæл æ уруссаг топп, Фелвасгæй, исуадзуй, Æма Сидахъ-æлдарæн Æ тæккæ тæрнихи исæнбæлуй. Сæ дууæ дæр бæхтæй рахаунцæ, Æма кæрæдземæ æрхæстæг унцæ, Æма сæ кæрæдзей фæрсунтæ райдайунцæ: «Кæмæй æй, ка ци æй», – Зæгъгæ, еу инней бафæрсуй, Уалинмæ етæ дууæ æмхуæрифурти разиннунцæ, Кæрæдзебæл кæунтæ, лæдарунтæ райдайунцæ, Еу инней нæ зонгæй ке рамардта, уой туххæн. «Ци дин кæнон? –

79


Азнаурмæ дзоруй Сидахъ-æлдар, – Мæнæ мæ бæх уæддæр хуæздæр æй, Æма ибæл рабадæ, цæмæй дæ Уæддæр уæ бæстæбæл банцойнæ кæна». Бæхбæл рабадгæй, Азнаур ранæхстæр æй. Цæунтæ байдайуй æма бахъæртуй Лæутигъæумæ. Лæутигъæуи дони хеди гъоси æ уодæн нæбал адтæй Æма æ бæхæй æрфестæг æй зæнхæмæ. Уалинмæ уæллагон думгæ разилдта сихирна. Азнаур уой фæууингæй загъта: «Йа уæу-уæй! Сихирна дæр ма, сæдæ цъаси уогæй, Мæ фæрсти пæрпæргæнгæ разилдæй, Æз ба ами, Лæути дони хеди гъоси, М‘ адзал куд фæккæндзæнæн». Уæд уотемæй нæуæгæй бæхбæл исбадуй, Цæунтæ байдайуй æма бахъæртуй Байсатигъæумæ, Æ иуазæгдонæмæ бацæуй æма хъурмæ кæнун байдайуй, Хъурмæ кæнун байдайгæй, Азнаур загъта: «Мæ сон ка ‘й, е Хъайтухътæй енцег исхæссæд, – Баллон берæгъау æнбалхуар етæ ку ‘нцæ. Мæ сон ка ‘й, Абайтæй дæр кизгæ ракорæд, – Се ‘лгъистæ ка ‘й, е сау хъæндзал кардау кæрдуй». Уотемæй ма тæрхъосдзарæй дууæ уафси бахуйун кодта Æма иуазæгдони рацо бацогæнгæй син Сæ дæлфæдтæ исхаун кодта. Уой фæсте ламаздухъ æриста Æма, Хуцаумæ баковгæй, æ уод исиста. Кадæнгæ ракодта Салæгати Бадзай далафандурæй цæгъдгæй. Стур Дигорæ, 1898 анз. Нийфинста Собити Инал Тотурухъи фурт. ЦИГСÆИ-й архив, фольклор №11, 5 п., 304 – 315 ф. «Дигорские сказания по записям дигорцев И.Т.Собиева, К.С.Гарданова и С.А.Туккаева, с переводом и примечаниями Всев. Миллера. Труды по востоковедению, издаваемые Лазаревским институтом Восточных языков, Москва, 1902 г.», – 57 ф.

80


ДЗÆГЪÆСТУХЪИ ФУРТ ЦОПЕЛЛЕУИ КАДÆНГÆ Саримæ цудæнцæ Æстур Дигорæ фонс кæнунмæ. Етæ ба адтæнцæ æртæ лæги. Сæ еу – Дзæгъæстухъи фурт Цопеллеу, Иннæ ба – Уарæсей фурт Дзадза, Æртиккаг ба – Мамион Хъарадзау. Дзæгъæстухъи фуртæн æ уосæ Абайти кизгæ адтæй Фатума-рæсугъд. Загъта ин: – Кумæ цæуис, Дзæгъæстухъи фурт Цопеллеу? Мæ цар æ лигъзбæл мæнæн ку æй, Мæ хузæ æ ирдбæл мæнæн ку æй, Æрдæгæхсæви уотемæй мæ фарсæй цæмæн истис? Маргъин гобæнттæй дин дууæ дæ буни ку никкæнун, Сæмæлазе гъæццолтæй дин Æртигæйттæ дæ уæле ку нимбæрзун, Бумбули бæзтæй дин цуппар дæ нивæрзæн ку никкæнун, Уæд уотемæй æрдæгæхсæви мæ фарсæй ку истис! Уæддæр имæ нæ байгъуста ‘Ма цайдани дзаг арахъ райста, Æртæ æхцини скодтонцæ ‘Ма Уасгергий бунмæ бацудæнцæ; Уоми сæ кæрæдземæн уасхæ равардтонцæ. Уотемæй уордиги ранæхстæр æнцæ ‘Ма Нациуасци æрдозæмæ æрбацудæнцæ, ‘Ма уоми æхсæвæ сæ фусун æркодтонцæ. Æмбесæхсæвæ ку адтæй, уæд хуæнхтæмæ кастæнцæ, ‘Ма хонхи цъасæй еу рохс цудæй. Цæун имæ байдæдтонцæ ‘Ма æхсæвæ бакастæнцæ артмæ хонхи цъасæмæ. Уоми еу лæг, æ фур зæрондæй ка ниббитдзеу æй, уæхæн, Иннæ, æ фур битдзеуæй ка низзæронд æй, уæхæн. ‘Ма бацудæнцæ, ‘ма син хъæбæр гъæдæй ниндзарстонцæ,

81 6* Заказ №1424


Æма син артмæ сæ сæртæ тавун райдæдтонцæ, ‘Ма загътонцæ: – Ци кæнтæ? Ци уин хилæ кæнæн? Цæмæн нæ маретæ, Хуцау кæмæн нæййес, еци адæм? – Хабарбæл уæ фæрсæн, ‘ма нин ести хабар зæгъетæ, – Нæбал сæ уагътонцæ етæ ба. – ‘Ма уин ци хабар зæгъæн? Нурæй тъасхæйдæр некæд иссердзинайтæ Æстур Ассий, Æстонг сæбæл никкодта, ‘Ма, æ къахбæл е ‘ркъе кæнунгъон к ‘адтæй, Етæ хонхмæ рандæнцæ сæ уодти мадзалæн, ‘Ма сæ бабæрæг кæнтæ. Уотемæй раздахтæнцæ ‘ма бабæй Нациуасци æрдозæмæ Фæстæмæ ниццудæнцæ. Еци Уарæсей фурт Дзадза ба къахæй хуарз адтæй, ‘Ма ин загътонцæ: – Цæугæ, ‘ма нин бабæрæг кæнæ Æстур Ассий, Есге си ес æви нæ? ‘Ма фæццудæй Æстур Ассимæ. Уоми ба гъæунгти бацудæй, ‘Ма имæ цъеу дæр нæ ракастæй, Неке си адтæй силæстæгутæй фæстæмæ. Еу хæдзарæмæ бацудæй ‘ма уосæн загъта: – Æстонгæй мæлун, ‘Ма мин ести хуаллаг ракæнæ, – Уотемæй нæбал уагъта уоси. Уосæ ба ин загъта: – Ци дин кæнон? Æстонг анз нæбæл искодта, Нæхе сувæллæнттæн дæр хуæруйнаг нæбал ес, ‘Ма ма дæуæн ба ци кæнон? ‘Ма ‘й нæбал уагъта, ес-нæййес, Уæддæр мин иссерæ, зæгъгæ. Ку нæбал æй уагъта, уæд цихт рахаста ‘Ма ин фондз æхцини искодта, ‘Ма си дууæ уоми бахуардта, Æртæ ба си æ хурдзинти сивардта ‘Ма сæ æ хæццæ рахаста е ‘мбалтæмæ, Барæй сæ рахъæртун кодта Æстур Ассийæй Нациуасци æрдозæмæ.

82


Загъта е ‘мбалтæн: – Нурæй тъасхæйдæр некæд иссердзинан Æстур Ассий, Цæуæн сæ гъæумæ. Бацудæнцæ Æстур Ассимæ ‘Ма, цидæр иссердтонцæ къахбæл цæуниау, Уой сæ разæй ратардтонцæ, Æма сæ Æстулий æфцæгбæл ракодтонцæ. Уоми ба син се ставд цæгъдун байдæдтонцæ, Сæ листæг ба есалгъæй (къæхтæй) тардтонцæ; Сæ рагъæймаг к ‘адтæй, уони цæнгиуарæ кодтонцæ. Басиати рæсугъд æфсинттæ ку загътонцæ: – Саримæ фæццæунцæ фæдеси, Се ставд син цæгъдунцæ, Сæ листæг син есалгъæй тæрунцæ, Сæ рагъæймаг син цæнгиуарæ кæнунцæ. Басиати рæсугъд æфсинттæ сæ рагъæймагбæл кæунцæ. Райдзурдта Салæгати Даукуй, 27-анздзуд, 10 июль, 1910 анз, Одола, Стур-Дигори зилд. Фегъуста æй æ фидæ Бадзайæй.. Е ба æй фе­гъуста Куцукти Айдаболæй. Нийфинста Дзагурти Губади. ЦИГСÆИ-й архив, Дзагурти Губадий фонд, 1 æр., 3 гъ., 13–16 ф.

83


ХЪÆРÆМСАУХАЛТИ ХЪАНСАУБИЙ ЗАР Хъæрæмсаухалти Хъансаубийæн Æрдхуард æлдар-æнгарæ адтæй. Е ‘рдхуард æлдар-æнгарæ имæ æрцудæй: – Æз нæ фиддæлти æгъдау нæ фесафдзæнæн; Нæуæгуосхундæй цæун идард балци. Еу æригон силгоймаг дæ къохи уадзун, Ме ‘стур æууæндгин æрдхуард-æнсувæр Хъансауби, Æз некæбæл æууæндун Хуцауæй дæлæмæ дæуæй фæстæмæ, Æрхун кæнун æй ме ‘раздагъдмæ ма бауадзæ! Дæ рæсугъд игъæлдзæг дзурдтæ ин алли сæумæ дæр, Алли æхсæвæ дæр куд кæнай, уотæ. Хъансауби ин равардта дзурд: – Дæ зæрдæ ма фехсайæд, ме ‘рдхуард-æнгарæ, Еци устур ихæс мин ме ‘рагъи кæми ниввардтай, уоми. Æлдар рандæй афæй балци. Хъансауби дæр иссудæй æма æлдари иуазæгдони æрбадтæй. Хъансауби æгас дзиллити астæу адтæй Истур номдзуд, истур кондгин лæг. Æлдари уоси размæ цудæй алли сæумæ дæр. Хъæбæр рæсугъд игъæлдзæг дзурдтæ æ цори фæккæнидæ Æма фæстæмæ раздæхидæ. Мудгун махсуми хъæзин æ рази дардта, Уой ин баниуазун кæнидæ æма уотемæй рацæуидæ. Изæрæй дæр æ цормæ бацæуидæ, Алли гъазæн дзурдтæ фæккæнидæ, Фæстæмæ-еу рацæуидæ. И æлдари уосæ Хъансаубий зæрдибунтæй ниууарзта. Æ унæути имæ мийнæвæрттæ кæнун байдæдта. Хъансауби адтæй истур æууæндгин лæг Æма гъуддаг æндæр хузи æвдиста. Е ‘рдхуард-æнгарæн е ‘рцæуни бæнттæ ку ‘рхæтдзæ ‘нцæ,

84


Уæдта ибæл æлдари уосæ æма æ унæут баунафæ кодтонцæ: – Кæми нин нæ дзурдмæ нæ баигъуста, Уоми нæбæл æлдари ардаудзæнæй Æма нæ исафун кæндзæнæй! Æ махсуми хъæзини ин алли лæгъузеугутæ никкæндзинан, Цæмæй фæммард уа, уомæй. Сæ дуккаг унæут сæмæ игъуста, Сæ алли дзурдтæ дæр син фегъуста, Хъансаубимæ рацудæй унæут æма ин загъта: – Сæ коммæ ке нæ бакастæ, Уой туххæн, дæ махсуми хъæзин ка ‘й, Уобæл дин алли лæгъуздзийнæдтæ кæндзæнæнцæ Æма дин æй ниуазун кæндзæнæнцæ. Сæумæй бацудæй, æ рæсугъд зонæндзийнæдтæй Фæстæдæр нецибал ниууагъта, Уотæ ин алли рæсугъд дзурдтæ фæккодта, Махсуми хъæзин æ къохи ‘ривардта. Искувта: «Мæнæн аци махсуми хъæзин, Мæ фæстаг бон ка ‘рхæтдзæ кæндзæнæй, Уæхæн æй, æма мин ме ‘рдхуард-æнгарæн Мæ раст дзурдтæ, ме ‘ууæнкæдзийнадæ Ка базонун кæна, Хуцау еу уæхæн игъосæг Разиннун кæнæд.» Махсуми хъæзин к ‘адтæй, уой, Хуæрзæбонæ, хуæрзæбонæ, ме ‘рдхуард-æнгарæ, кæнгæ, Уотемæй баниуазта. Хъæбæр зиндзийнади хæтдзæ иуазæгдонæмæ рацудæй: Æ рæсугъд сау закъæ к ‘адтæй, Е æ тæккæ бунтæй æркалдæй; Æ рæсугъд сæригъун дæр æркалдæй; Æ кæдзос бауæрбæл алли лæгъуз нез фæззиндтæй. Æрцудæй æ хæдзарæмæ Е ‘стур нондзуд кизгæ Таубече ибæл Зæрдибунтæй никкудтæй: – Ме стур нондзуд фидæ! Дæ рæсугъд сау закъитæ дæ уæле ку нæбал æнцæ, Уотемæй мæмæ æрцудтæ! Алли лæгъуз незтæ дæбæл фæззингæй,

85


Уотемæй ку ‘рцудтæ! Æ рæсугъд уосæ Хъæнтинæ дæр ибæл Зæрдибунтæй никкудтæй: – Хуарздзийнадæ кæнунмæ ку фæццудтæ, Лæгъузеугути хæтдзæ ба нæмæ æрцудтæ! Райста мæгургори хурдзинтæ: – Хуæрзæбонæ, хуæрзæбонæ, мæ уарзон бийнойнаг Хъæнтинæ, Мæ уарзон кизгæ Таубече, Хуæрзæбонæ рауотæ, хуæрзæбонæ! Æз цæун истур дзиллитæмæ хуасагор. Мæ марди хабар уæмæ есгæцæй ку ‘ригъуса, Уæд мæбæл зæрди бунтæй никкæуетæ! Рацудæй. Дзиллитæбæл хæтун байдæдта. Еу истур ногъайаг гъæумæ ниццудæй. Уоми, ка ‘рзæронд æй, уæхæн истур цæрæнтæмæ бакастæй. Хæдзарæмæ хæстæггомау – дууæ иуазæгдони. Хæдзарæмæ хæстæгдæр ци иуазæгдонæ адтæй, Уордæмæ бараст æй. Иуазæгдонæмæ бацæугæй ин Хани уосæ æ фæсонтæ рауидта. Хани цæрæнтæ адтæнцæ, Хан æхуæдæг рамардæй, Фал уосæ ба ма баизадæй. И уосæ уæхæн уосæ адтæй, Æма берæ бæнтти нæ фæццардæй хани хæтдзæ. Æ унæутмæ исдзурдта: – Иуазæгдонæмæ уæхæн лæг бацудæй, Æ фæсонтæ ин рауидтон, Æма некæд фæййидтон уæхæн хуæрзконд лæг! – Æ унæутмæ исдзурдта: – Тагъд цæугæ æма ‘й бабæрæг кæнæ! Рацудæй унæут. Иуазæгдонæмæ имæ бакастæй æма ин загъта: – Мæнæ æфсийнæ фæрсуй, циуавæр дæ, – зæгъгæ. Е ба ин загъта: – Хуасагор лæг, фæллад лæг дæн. Аци бунат уæхæн бунат æй, Æма берæ ка баиуазæг кодта,

86


Уомæ гæсгæ æрбацудтæн, Зонгæ ба ‘й нæ кæнун, Ке иуазæгдонæ ‘й, уой. Унæут ба ин загъта: – Хани ‘уазæгдонæ ‘й. Хан æхуæдæг рамардæй, Æ уосæ ба ма баизадæй ами. Рацудæй унæут æма загъта и уосæн: – Е уæхæн иуазæг æй. Незæй æфхуæрд æй, Фал уой дзухæй адгиндæр æз нæ фæййидтон. Рарвиста: «Цо, мадта ‘й ардæмæ æрбакæнæ, Мæнæ дæмæ æфсийнæ дзоруй», – зæгъгæ. Хъансаубий бахудта æфсийни цормæ. Хъæбæр лæмбунæг æй бафарста æфсийнæ Хъансаубий æ гъуддæгутæбæл. Æ хабартæ ин Хъансауби дæр радзурдта, Уæдта ин Хъансауби загъта: – Æнæлæг хæдзарæмæ ке ‘рбацудтæн, Уой мин бахатир кæнæ, Аци æхсæвæ мæ де ‘уазæгдони бауадзæ, Фæллад лæг дæн, æнæхъарæ. Æфсийнæ ин загъта: – Хæлæф ма ракæнæ, Бауолæфæ, – зæгъгæ, ин загъта. – Дæ незти туххæй дæр дин Амал гъæуама ами æрцæудзæнæй. Хани уосæ имæ зелун байдæдта, Æ незтæ мингидæр кæнун байдæдтонцæ. Уæдта ‘й еу бонæ бафарста: – Дæ незтæй дзæбæхдæри туххæй Нецæбæл гурусхæ кæнис дæхебæл? – Дзæбæхдæр кæнун байдæдтон, Мæ зæрдæ хъæбæр рохс кæнун байдæдта. Ее ба ин загъта: – Ами æз уæхæн хæдзарæ дæн: Мæ бæхгæстæ истур бæхæргъæутти хæтдзæ будури ‘нцæ, Мæ фиййæуттæ дæр истур фусти дзогти хæтдзæ будури ‘нцæ, Мæ гъонгæстæ дæр уотæ. Нур ба хецау нæййес, мæхецæй фæстæмæ, – зæгъгæ, ин загъта.

87


– Æрцæрæ мæ хæтдзæ, – зæгъгæ, ин загъта,Мæйи бонмæ дæ, дæ мадæй куд райгурдтæ, Уотæ æнæнез бунати ниввæрдзæнæн æз. Хъансаубийæн æ зæрдæ хъæбæр фесхуаста: Ме стур уарзон бийнойнаг Хъæнтини Куд ниууадздзæнæн, зæгъгæ, Абони уæнгæ мæ æнæ зæрдихудтæй ка фæххаста! Лæг ку расагъæси æй, уæдта ин загъта æфсийнæ: – Цæбæлдæр расагъæси дæ æма мин æй, Корун ди, куд зæгъай, уотæ. Е ба загъта: «Мæ зæрдæ уобæл расагъæси ‘й, Æма мæ къохи ес уæхæн силгоймаг, Æма, æнæзæрдихуддæр адæймаг уодзæнæй, Уой æнгъæл нæ дæн, ‘Ма ‘й куд ниууадздзæнæн?» – зæгъгæ, ин загъта. – Уомæн ба дин æз хуасæ искæндзæнæн, Хъæбæр имæ куд фезнаг уай, Куд æй ниууадзай, уотæ! Æртæ хатти ин ард бахуæрун кодта, «Куд мæ нæ фæссайдзæнæ æма Мæ хæтдзæ куд цæрдзæнæ», уобæл. Æ нези тухстдзийнадæмæ гæсгæ Хъæбæр тухстæй ард бахуардта. Дзурд равардта: «Мæйи бонмæ Дæ фитдзаг уинди дæхе фæййиндзæнæ!» Æрцардæй æ хæтдзæ. Дууæ анзи рацардæй. Æ уосæ Хъæнтинæ æма æ рæсугъд кизгæ Таубече, Етæ сæ гъæуисæри стур бæрзондбæл Стур сау дори сæрмæ исхезиуонцæ, И будуртæмæ фæккæсиуонцæ, Алли цæуæгмæ фæккæсиуонцæ, Гъе, ци нин фæдтæ, ци, Хъансауби, зæгъгæ. Цæуæг цалинмæ уиниуонцæ, Уалинмæ фæккæсиуонцæ стур сау дори сæрæй. Ку нæ син разиннидæ Хъансауби, Уæдта истур сау дори сæрбæл Хъæбæр зæрди бунтæй никкæуиуонцæ, Рахезиуонцæ, еци истур сау дорæй

88


Фæйнæ комидзаги никкæниуонцæ Сæ фур тухстæй, уотемæй рацæуиуонцæ. Еу бонæ рацудæнцæ æма искувтонцæ: – Цæй, æдта, Хуцау, аци истур сау дорбæл Мах берæ цæстисуг никкалдтан, Æма аци истур сау дор æ медбунати Цуппар цуппæрæн хаййи куд рахауа, Æ бунæй ба истур сауæдонæ куд равзура, Æгас дзиллитæн тауæрæхъæн мах номæй куд байзайа! Уæд Хъансаубийæн хани уосæ загъта: – Цо, дæ еунæг кизги æрхонæ ардæмæ, Æз ин æ мади бунати мадæ уодзæнæн! Хъансауби дæр ранæхстдæр æй, Æ сатæгсау закъæ дæр æ бунатмæ æрцудæй. – Цæун æз, – загъта, – Фал ме стур уарзон бийнойнаги Æз кутемæй исхæран кæндзæнæн, æз? Е ба ин загъта: – Ку бацæуай æ размæ, Уæд æй мадиард бæгънæг искæнун кæнæ, Дæ уати ‘й еу къолæй иннæ къолæмæ Æртæ хатти рацæун кæнæ: Силгоймаг бæгънæгæй хъæбæр æведауцæ ‘й, Дæ уарзондзийнадæ си фæххецæн уодзæнæй. Иссудæй æ хæдзарæмæ. Дзиллитæ ибæл æмбурд кодтонцæ, Хъансауби æрцудæй, зæгъгæ. Еу æхсæвæ кæми адтæй, уоми загъта Хъæнтинæн: – Дæхе исбæгънæг кæнæ æма Еуæрдæмæ дæр æртæ хатти рацо, Иннердæмæ дæр æртæ хатти рацо. – На, уой мин цæмæн аккаг кæнис, мæ сæри хецау, Уæхæн æнаккагдзийнадæ мин цæмæн аккаг кæнис? Е ба ин загъта: – Берæ дзорун дæмæ цæмæн гъæуй, Æз дин ци зæгъун, уой цæмæннæ кæнис? Хъæнтинæ ибæл фæггурусхæ ‘й: «Æвæццæгæн мæ хæран кæнунмæ гъавуй», –

89


Æма, зæгъуй, еу кæрони ниллæудтæй, Æ дарæстæ раласта, Æ рæсугъд дзигкотæ разæрдæмæ ракалдта, Фæстæмæ ку раздахтæй, Уæддæр фæйнердæмæ калдта Æ рæсугъд дзигкотæ, Æ бауæрæй фæззиннун неци бауагъта. Рацо-бацо æй фæккæнун кодта, Æ бауæрæй фæййинун кæнун неци бауагъта. Хъансауби зæрди бунтæй никкудтæй: – Ме стур уарзон бийнойнаг мин Æ хуарз æгъдауæй Æ бауæр нæ фæййинун кодта! Уæдта ин загъта: – Ме стур уарзон бийнойнаг, Гъе, ауæхæн гъуддаг мæбæл æрцудæй, Дæхуæдæг мин унаффæгæнæг фæууо! – Еу цуппар бони ма фæллæууæ, Уæдта дин æз дзуапп ратдзæнæн. Хъансаубийæн æ къахæй æ къохмæ Æ дарæс нæуæгæй рацæттæ кодта, Æрбаинсæхаста, Æ рази ин сæ ниввардта: – Гъе, нур ба Таубечей хæтдзæ цотæ, Æма фæндагираст фæууотæ! Абони уалæнгæ дин дæ зæрдихудт Цæмæй æрхастон, Уой мин бахатир кæнæ, мæ сæри хецау! – Абони уæнгæ мин Мæ зæрдихудт не ‘рхастай, – Æвдесдзийнадæ ин бакодта Хъансауби. – Аци дзауматæ дин æз уомæн исцæттæ кодтон, – Зæгъгæ, ин загъта, – Берæ дзиллити астæу, Берæ адæнти астæу цæудзæнæ, Æма дæ зæронд дарæсти ку рацæуай, Уæд мæ зæрдæн зиндзийнадæ Кæддæриддæр дæр адтайдæ,

90


Уæдта, ду мæн ке схæран кодтай, Е берæ адæмтæбæл дæр фегъусдзæнæй, Æма еци адæмтæ загътайуонцæ: – Уотæ ‘й гъудæй еци адæймаги, Уæхæн нондзуд лæги æведауцæ фæддардта! Гъе нур ба фæндагираст фæууо! – Хъансауби дæр зæрдибунтæй никкудтæй, Æма, хуæрзæбонæ рауо, зæгъгæ, ин загъта. Хъæбæр уарзон лæг æма уосæ Еци сахат кæрæдземæй рахецæн æнцæ Хъæбæр истур зиндзийнади хæтдзæ. Райдзурдта Хъубадти Елхъан Хъурмани фурт, 18 апрель, 1926 анз, Дзæуæгигъæу. Нийфинста Дзагурти Губади. ЦИГСÆИ-й архив, Дзагурти Губадий фонд, 1 æр., I3 п., 109–117 ф.

91


ХАТÆГИ ФУРТ ГУЙМАНИ ЗАР Уорси сæрæй Елиай гъæртæ ку цæунцæ. Устур Дигори устур нихæси Сæ зæрæндтæ уæзгæ ку дзорунцæ: – Ци ‘нцæ еци Елиай гъæртæ, Ци уодзæнæнцæ? – Етæ Елиай гъæртæ нæ уодзæнæнцæ, Хатæг æ еунæг байзайæггаг Гуйманæн Уосиат никкодта: Сау айнæги цъæнодгун гъоси Сугъзæрийнæй тала сиутæ Сау дзæбодур хезуй. Уомæн рамарæн дзурд Хуцауæй нæййе, Ду уомæ макæд фæццо! Нур æвзарæгау хæтæлгъæр Е уобæл кæнуй, Уой хæтæли гъæртæ ку уодзæнæнцæ. Марауагътæ, кæстæртæ, Æдта ка бабæрæг кæна? Туалиати æмбалхуар Хъасболат Фæннæхстæр уй: – Æз уин æй бабæрæг кæндзæнæн, – зæгъгæ, Сау айнæги сæри ‘й, Уорс сиуæ сау дзæбодури Гъудгæнгæ иссæййафуй. – Берæ дин Хуцау раттæд, Хатæги фурт минги Гуйман! – Гъæйтт, Туалиай-фурт! Еумæ нин æй Хуцау равардта. – Е дæр хуарз, – зæгъгæ, загъта, – Фалæ дæлæ сау айнæги бун

92


Сау тæгæлсæртæй сау тар ку даруй, Ду мин уонæмæ куд лæууис? – Кæми, ку нæ сæ уинун, – зæгъгæ, Билæ ‘нгæрон е ку бацудæй, Уæд æй е сау айнæги билæй рагæлдзуй... Еунæг дзурд ‘ма имæ искæнуй: – Уаддзалх – тогагор, Туалиай-фурт! – Дагъæн цæфгæнгæ ниффардæг уй. Æ сау Селæн, сау айнæгбæл Сæдæ зилди никкæнгæй, уомæ ниццæуй, Ниццæуæн имæ е нæ фæййеруй. Сау айнæги фарсбæл синдзау Цæфсгæй е ниццæуй. Æ сау ходæ ин тогæй гъолæнттæй Е рахæссуй. Куйдари сæрæй дууæ хатти Е ку ниннеуй. Æ сау уосæ хорбадæни Уæд ку фесхъеуй. Æ сау мадæмæ ин ку бацæуй: – Цидæр æй, уæддæр нæ хæтæгбæл Цидæр æрцудæй: Куйдари сæрæй æ куййи гъæр ку цæуй! Æхседарф имæ раскъæфуй: – Мæ еунæг цæмæй фулдæр фæццæра, Уой ин фестæ! Дуаргæронмæ æрхъæртуй сау Селæн. Дуаргæрони хъес-хъес кæнуй: Уосæ ин дуар фегом кæнуй. Сау мади размæ сау ходæ Тогæй гъолæнттæй е ку æривæруй. Сау уосæ сау Селæни фæдбæл – æ фæдесон, Сау Селæн ба – æ гъæргæнæг, – Уайунтæ байдайунцæ. Сау айнæги буни ин æй Сау уоси æ сæргъи балæуун кæнуй. Мард ку рахæссунцæ. Æрæгиау дин Туалиай-фурт

93


Ахæй кæугæ уæд бацæуй. Сау селæн æ рагъи ку рабадуй, Еу балæдæрæг æй уæддæр нæ фæууй. Ци рацæуй, Хуцау дæсни, Туалиай-фурт идæдзæ уоси корунтæ уæд ку райдауй. Уæд æй е ку ракоруй. Ци фæццæрунцæ, Хуцау дæсни, Еу æхсæвæ кæми адтæй, Уоми дин зелæн дунгæ тæгæри тала æрбахæссуй. Уати дуар игон адтæй ‘ма Æ гъæлæсидзаг Туалиай-фурт уæд нихходуй. И уосæ имæ ку дзоруй: – Цæбæл ниххудтæ, уой мин ку нæ зæгъай, Адгинæй фæццæрæн нин уæд нæбал е. Æринæйдзоруй: – Дæ лæги дин сау айнæги сæрæй Ку рагæлстон, уæд ма мæмæ еу дзурд Уотæ искодта: Уаддзалх – тогагор, Туалиай-фурт, – зæгъгæ, ‘Ма нур ба мæнæ тæгæри тала Зелæн дунгæ æрбахаста; Е мæнæн ци искæндзæнæй? Рагъæй æ сæрмæ сау уосæн æ зæрдæ нирресуй. Е ‘гънæгутæ хуйæг ин æхе искæнуй. Ку рафунæй уй, æ болат кæрдæн ин Æ зæрди ауиндзæнти е ку ниссадзуй. Æхуæдæг æ дууæ думæггаги астæубæл ку батохуй. Хатæги фурти мадæмæ уæд ку бадзоруй: – Мæрдтæмæ гъæрзгæ мабал бацо! Дæ еунæги тог дин райстон, – зæгъгæ. Æхуæдæг æ фиди хæдзарæмæ ниффардæг уй. Финст æрцудæй 1923 анзи. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 126, 13 п., 17–21 ф.

94


УОРССÆР ЦÆРГÆСИ ЗАР Мæргъти хестæр ниффæндæ кодта, Цæудзæнæн, нæхстæр кæндзæнæн, зæгъгæ. Хонхаг хуаллаг адгин æй. Мæргъти хестæр фæннæхстæр æй Донифарсмæ. Донифарси къуппæбæл æрбадтæй. ‘Ма æ тæккæ бунтæй иллуй-луй кодта. Донифарси къуппæ ба ‘й се ‘носмæ хæзна – Мисигон. Уомæ Донифарс рацудæнцæ æд хестæр, æд кæстæр. Сæ хестæртæ йбæл «усси-усси» кодтонцæ ‘Ма син «уссийæй» тæхгæ нæ кодта. Сæ кæстæртæ ба ймæ «цицци, цицци» кодтонцæ, ‘Ма сæмæ «циццийæй» ба цæугæ нæ кодта. Уалинмæ еци хабар Тъæпæн Дигорæмæ байгъустæй. ‘Ма уоми иуазæгуати адтæй Гъуцъунати Габиц, ‘Ма иуазæгдони дуарæй ракастæй, Циуавæр дессаг уодзæнæй е, зæгъгæ. ‘Ма Хъарадзаути устур Хъарадзау ин енцеги лæвар ке ракодта, Еци хæтæл рагъæнæй æрбайиста. Æхсгæ си кодта, евгъаугæ ба си нæ кодта. ‘Ма ‘й иуазæгдони дуарæй арми даргæй фехста. ‘Ма ‘й фæццæф кодта, ‘Ма е стур базуртæ æмтилд никкодта. Æма Абисалти дууадæс дондзауебæл æхе рауагъта, ‘Ма сæ еци цæфæй дæр ма еу гъæуаггин фæккодта. Райдзурдта Дзарданти Дзахо Сæгей фурт, 1927 анз, 1 февраль. Нийфинста Толасти Андрей. Киристонгъæу. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 15, 8 п., 289 ф.

95


ФÆЛВÆРАЙ ФУРТ ДЗУДЗУНАЙ ЗАР Æ фустæ ба – сау сæртæ æма уорс костæлтæ; Уазай бæрзондбæл æ бадæн – цъетебæл, Уа-ай-рæйда, уæрайда-гъей… Æ сугъзæрийнæ къос æ астæуæй исихалуй, Æртæ дугъди æркæнуй; Æртæ калди ин æй никкæнунцæ, Фæлвæра дони фарсмæ æрцæуй; Фæлвæрай фурт сау зæнгæттæ искæнуй, уорс курæт. Фæлвæра исхъæртуй: – Ци кæнис? Дæхе исаразтай! – Дæ фонси хаттæй ма байрайа, Ка сæ уарзуй, уомæн ба хæлар уæнтæ! – Ду ба, æвæдзи, дæхе уомæн исаразтай, Æма хори кизгæ Фатъимæти Содзийни къæрццитæ æригъустай; Хори кизгæ Фатъимæт Уазай бæрзондбæл бадуй Æма авд дарæси хуйуй; Уой содзийни къæрццитæ æригъустай, Æма дæ фустæ дæр уомæй тарстæнцæ! Фæлвæра раскъæруй Уазай медæггæгтæмæ; Уой æстойнæбæл адтæй уæхæн дор, Адæм ке нæ ратулдтайуонцæ. Кæсæги зæнхæмæ баскъардта, Æма имæ кæсгон æлдар исæрвиста æфсад: – Ци ‘й, е, циуавæр хуæнхаг цъеу æй? Фæлвæра сæмæ баздахтæй Æма син кæмæн æ цонг, Кæмæн æ къах саста, уотемæй Сæ ледзæггаг хауæггаг фæккодта. Уæд имæ сæ нифс нæбал хастонцæ Æма имæ исæрвистонцæ сæ кизгутти рæсугъддæри,

96


Кæд ин е æ хъаурæ æрсæттидæ. Иссудæй и кизгæ Уазай сæрмæ æ размæ Æма ин загъта: – Æз дæу нивæ дæн! – Мæн нивæ нæ дæ, Ке нивæ дæ, Уомæн амондæй цæрæ! Нæбал æй уагъта, Туххæй дæр æ хæтдзæ ниххустæй, Æма æхенимæри загъта: «Еци дор толун Ку нæбал фæраза, Уæд ин ести искæндзинан!» Нæбал æй бафæразта ратолун Æма ибæл æ нимæт ниввардта. Бацъух кодта кизгæ æлдармæ Æма имæ иссудæнцæ ‘Ма ‘й сæ разæй ракодтонцæ. Тæрун æй райдæдтонцæ. Æма сæмæ адтæй еу зонæнгин уосæ; Е гъæр кæнун райдæдта: – Нæ фиййауи нин фæттæрунцæ! Æ дууæ æрвади имæ дзорунцæ: – Ци кæни, цæбæл гъæр кæни? Дзоруй сæмæ: – Нæ фиййауи нин фæттæрунцæ æд фустæ! Цæун гъæуй фæдеси! Ранæхстæр æнцæ æма цæун байдæдтонцæ; ‘Ма имæ бахъæрттæнцæ æ лæгæтмæ, ‘Ма фустæ дæр нæбал, фиййау дæр. Сорун æй байдæдтонцæ. Æма ‘й баййафтонцæ Кæсæги лигъзи Æма сæ уадхаст æма фунукдунд фæккодтонцæ. Фæлвæрай исæздахтонцæ æд фустæ. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 106, 13 п., 97–99 ф.

7* Заказ №1424


ИСТОРИОН ЗАРТÆ

ЗАДÆЛЕСКИ НАНА Тогуарæ æркодта, тогуарæ æркодта Тъæпæн Дигорæбæл, Тъæпæн Дигорæбæл! Ахъсахъ Тимури æфсæнцъух борæтæй Сæ цъæх будуртæ ку батар æнцæ, Æфсæнбид кауæй æнгондæр, федардæр Сæ фалæбулай æртеголæ ‘нцæ. Тъæпæн Дигорæн сæ финдздзæуæг адæм, Сæ хъал фæсевæд, лæгæй лæг хуæздæр, Се знæгти къохæй тог лæсæн кæнунцæ, Кунæг кæнунцæ, мæрдтæмæ евгъуйунцæ. Фæстаг лæги уæнгæмæ бæргæ тохунцæ, Фал бунцагъд фæцæнцæ Тъæпæн Дигорæ! Уæд сугъдæ ку схæцуæй, цъæх арт ку сгъазуй Тъæпæн Дигорæн се ‘вулд гъæутæбæл. Сæ байзайæггаг дæр: силæй дæр, нæлæй дæр Хасти ку фæцæнцæ! Ку бабун æнцæ Тъæпæн Дигорæ, Æвæстаг ку фæцæнцæ; кæугæ, дзиназгæ Уæд байзайунцæ дзæгъæл сувæллæнттæ Сæ сугъд бундорбæл, сæ сау фунукбæл. Уæд ма разиннуй дзилли амондæн Силæстæг дуйнебæл æма седзæрти

98


Æ разæй ку скæнуй фусти къуари хузæн. Æхсæвæй, бонæй сæ гъæуай ку кæнуй Гъæддаг сирдæй дæр, фудгæнæгæй дæр, Будурæй – гъæдæмæ, гъæдæй – æрдозæмæ, Дигори Æфцæгмæ е ‘рух ку раттуй. Цæгатбæл бахезуй æма æд сувæллæнттæ Задæлески сæри ку ‘рбунат кæнуй. Алли зайæгоййæй сæ хæссун ку байдайуй, Хæссун ку байдайуй. Ку растур унцæ, Сæ еумæйаг мадæ «Задæлески Нанай» мард Кадæ, цити хæтдзæ уæд ку байвæрунцæ Задæлески фалдзос Морги лæгæти. Кадæнгæ ракодта Саулати Дзæрæх 1894 анзи. Нийфинста Ту­йгъанти Мухарбег.«Мах Дуг», 1952 анз, №2, 76 ф.

99


ТÆТÆРТУППИ ФУРТ ТÆТÆРХЪАНИ УОСÆ КОРУНИ ЗАР Изæдтæ ратахтæнцæ Уæхъæци сæрæй, ‘Ма Курппи бæрзондбæл рамбурд æнцæ, Уоми унаффæ кодтонцæ, Тæтæртуппи фурт Тæтæрхъанæн, ке ин ракорæн, зæгъгæ. Уæд ин ниййаккаг кодтонцæ Уазай бадæг Азаухан-рæсугъди. Уазай бадæг Азаухан-рæсугъд имæ нæ бакумдта. Уæд унаффæ кæнунцæ, кæми ин ракорæн, зæгъгæ. Сæ зæрди æрæфтуйуй Сау денгизи бадæг сау рæсугъд. ‘Ма имæ бамийнæвар кодтонцæ, Е дæр имæ нæ бакумдта. Тæтæртуппи фурт Тæтæрхъан дæр имæ дзоруй, Нæ дæмæ ирайун, зæгъгæ, мæхе зæрдæмæ дæр нæ цудтæ, – Кæсалгдзауæн кæнæг дæ. Уæд бабæй унаффæ кæнунцæ, Мадта ма ин кæми ракорæн, зæгъгæ. Сæ зæрди æрæфтуйуй, Дзулати бадæг, Дзулати рæсугъди ин ракорæн, зæгъгæ. Дзулати бадæги хæтдзæ каййес разагътонцæ. Уомæн æ мийнæвæрттæ Уасгерги ‘ма Никкола адтæнцæ, Æ киндзхонтæ сæумон изæдтæ ‘Ма изæйрон идаугутæ адтæнцæ. Етæ ци бони фарни бахæстæг кодтонцæ, Еци бони фарнæ сумахбæл дæр æркæнæд! Райдзурдта Хъиргъути Геуæрги. Нийфинста Толасти Андрей, 25 август, 1927 анз, Уæхъæцæ. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 15, 8 п., 6 ф.

100


ДИГОР-ХЪАБАНИ ЗАР Дигор-Хъабан уæд адтæн, Æма Задæлескæмæ ку бацæуинæ, Абисалти Елберди, дæлбунти-уæлбунтигæнгæ, Æхе ку расаидæ, Гъе, Дигор-Хъабан уæд адтæн! Мæсуги сæрмæ ку исхезинæ, Æма æ рæсугъд уосæ сау лотон бæгæни Хæссун ку баидаидæ, Æма æ сау дзигкотæ мæ астæубæл ку æртохидæ, Гъе, Дигор-Хъабан ба уæд адтæн! Сæумæ раги мæ уорс аласабæл саргъ ку исивæрун кæнинæ, ‘Ма мæ егарти хæццæ уордигки ку рацæуинæ Зæрдидзæбæхæн Хъарабугъати рæзти, ‘Ма мæнмæ кæсунæй хуæнхаг унгæг хæдзари къæразгæй Сæ нæуæгцуд киндзитæ ‘ма кизгуттæ хаун ку байдаиуонцæ, Гъе, Дигор-Хъабан уæд адтæн! Дори хъæбæрæй мæнмæ кæсунæй Хъарабугъати киндзитæн æма кизгуттæн Сæ дзедзетæ-еу ку исцъæх уиуонцæ, Гъе, Дигор-Хъабан уæд адтæн! Се уазæгдонæбæл син ку нæ банвæрсинæ, ‘Ма мæ егарти бууат уоми ку искæнинæ, ‘Ма мæ Хъарабугъати æфсинттæ Сæ уæлнихти ку бахæссиуонцæ. Гъе, Дигор-Хъабан уæд адтæн! Сау лотон бæгæни мин хæссун ку байдаиуонцæ, Мæ цормæ ка ‘ндеуидæ, Етæ мæ цори ку лæууиуонцæ; Ка не ‘ндеуидæ мæ цори, Етæ ба мæбæл медæггойни кæрæдзей тонун ку баидаиуонцæ: «Мæнбæл банвæрссæнæй», – зæгъгæ, –

101


«Дæуæй бабæй ци кæнуй, уотемæй», – Гъе, Дигор-Хъабан уæд адтæн! ‘Ма уордигки ку рацæуинæ, ‘Ма мин мæ егарти бууæтти иуазæгдонæмæ Сæ нæуæгцуд киндзитæ ‘ма кизгуттæ Ку æрбатомар кæниуонцæ: «Æхуæдæг хъалти арми æфтуйуй, Фал уæддæр махæн ба æ иннæ фæууиндмæ Æ егарти бууат нæ фагæ уодзæнæй», – Гъе, Дигор-Хъабан уæд адтæн! Уордигки рацæугæй мин нæуæг уард метбæл Мæ нæуæг къахдзæфтæбæл Нивтæ кæрдун ку баидаиуонцæ,– Гъе, Дигор-Хъабан ба уæд адтæн! Уордигки рацæугæй, Дууæ доней астæумæ ку бацæуинæ ‘Ма ку нигъгъæр кæнун кæнинæ: «Махкемамæ æримбурд уотæ!» – зæгъгæ. Ка не ‘рцæуидæ, уонæй ба Лæхъуæн æма кизгæ ку ниссатар кæнинæ, Гъе, Дигор-Хъабан уæд адтæн! ‘Ма кæмæй ниссатар кæнинæ, Етæ ба мæмæ сау лотон бæгæни ‘Ма борæ нæлфуси хæтдзæ Корæг ку æрбацæуиуонцæ: «Ка фæцæй, уонæн гæнæн нæбал ес, – зæгъгæ, – Фал и баизайæггæгтæ ба Дæ мадæ, дæ фиди иуазæг»,– зæгъгæ,– Гъе, Дигор-Хъабан уæд адтæн! Райдзурдта Тобойти Сандир Гуймани фурт, 4 апрель, 1909 анз, Киристонгъæу.. Ниффинста æй Дзагурти Губади. ЦИГСÆИ-й архив, Дзагурти Губадий фонд, 1 æр., 1 гъ., 22-24 ф.

102


АЙДАРУХЪИ ЗАР Æнгари лæвар ракорон, зæгъгæ, Айдарухъ иссæуй залун Донифарсмæ. Тулион Тулабег ку ракæнуй Хуарз Айдарухъæн æнгари лæвар Копсиуалæ уорс аласа. Баделиати хъал фæсевæдмæ Бæхбæл гъазунмæ уæд ку рацудæй, Æ синæгдзæфтæй сæ, сау халæнттау, Фæйнердæмæ тæхунтæ кодта. Баделиати устур Бадели Мæцути астæуккаг цъухбæл хæдзарæн Сахæй хъалагъур уæд ку ниввардта. Айдарухъ Айдарухъ уæд адтæй, – Æхсæлæгини уард метбæл Тæрхъосдзауæни ку рацæуидæ, Уæд Баделиати кизгуттæ æма киндзитæ Æ къахи фæдтæбæл дзабури Нивтæ ку карстонцæ, Æ хораууæнттæбæл ин Цохъай нивтæ уæд карстонцæ. Баделиати кизгуттæ имæ Сæ дзедзетæ ку балвасиуонцæ, Сæ киндзитæ ба имæ Сæ дзедзетæ ку рауадзиуонцæ, Айдарухъ Айдарухъ уæд адтæй! Нур Айдарухъ базæронд æй. Фæрæскъæтти нихæси фестъæлфтæй. – Мæ зæронддзийнадæ уомæй бæрæг æй, – Баделиатæ рæнгъæбæл бадун байдæдтонцæ, Гъæйтт, Дигорæ, уе ‘сæвд æрцæуа! Айдарухъ мæрдти бæсти

103


Дуккаг мард кæд кæндзæнæй?! Еци копсиуæ уорс аласабæл Уомæн е ‘нæ хуæздæр фурт Авд Уæхъæци устур Стъонамæ Ку æрцæуа, Сæумæй изæрмæ бæхбæттæнбæл Доргæвдæсæй е ку лæууа, Авд Уæхъæцей фæсевæд ибæл Æзхуæздæрæй ку гъазонцæ, Е ‘гъдинцæйттæй ин Бæхъдартæ ку кæнонцæ, Е ‘лвасæнтæй ин Æркъе ‘мбестæ ку кæнонцæ, Айдарухъ мæрдти бæсти Дуккаг мард уæд кæндзæнæй. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 111, 89 п., 38–39 ф.

104


ФÆСНÆЛИ СÆРИ АРВИ ДУАР... Арви дуар ку байгон уй, уæд Донифарси Хъанухъти устур къубус æ бунтæй ниррезуй. Хъанухъти устур Есе Сугъзæрийнæ урундухъæй тъупгæнгæ рахаудтæй, Байзудта: «Ахсæви игурд райгурдæй, ‘Ма ‘й Хуцау мах Донифарси фæккæнæд». Дууæ лæги рарвиста, ‘Ма Донифарси æртæ гъæуеми æрхаттæнцæ, ‘Ма си некæми неци рантæстæй. «Хуцаути мæхе Хуцау, Уæддæр æй баделион игурд ма фæккæнæ, Баделион игурд уогæй æй, Хуцау, Хъубадтæ, Абисалтæй ма фæккæнæ, Хъубадтæ æнцæ фæлмæн æвзаг æма Синдзæ зæрдæ, Абисалтæ дæр лигъзгом, Фал искъели науæртæ ба уадзунцæ; Хуцау æй фæккæнæд уæддæр Туйгъантæй, Туйгъантæ æнцæ нæл фуси уавæрæн.» Гъе нур ба сæумæ гъæуай кæнунмæ рарвиста Есе, Сугъд искъæтти тегъæй Гъæуай кæнунцæ æ гъæуайгæнгутæ. Нари согдзаутæ рацæунцæ заргæ. Басæфæрсунцæ: «Цæбæл заретæ, цæбæл цийнæ кæнетæ?» «Хъубадти Тазейæн æ фæсмæрдæ Лæхъуæн райгурдæй, ‘Ма ибæл ном исæвардтонцæ Тазей фурт Тазæрет». Хъанухъти Есе загъта: «Кæмæй фæттарстæн, е мæбæл æрцудæй,

105


Нур ба ‘й енцег хæссун гъæуй, Дзедзе ин бадарун гъæуй. Енцег хæссæг ку нæ фæууæн, Уæд е мæн цæрун нæбал ниууадздзæнæй». Раимææрвиста енцег хæсгутæ: «Игурд райгурдæй, Хъубадтæ, сумахмæ. ‘Ма ‘й Есе коруй енцег исхæссунмæ æхемæ». Етæ ба сæ рафæливтонцæ: Сæ косæг уосæн дæр лæхъуæн райгурдæй, ‘Ма сæмæ уой равардтонцæ. Уомæн дзедзе бадардтонцæ Хъанухътæ, Уонæй уотæ, кæд дзедзе бадардтонцæ Тазæретæн, Етæ ба ‘й кæд уингæ дæр нæ фæккодтонцæ. Уалдæнги Тазæрет багъомбæл æй, Есейæн тухæ кæнун байдæдта; Есе имæ мийнæвæрттæ æрвиста: «Æхсир бор нæ астæу ку æй, Уæд мин мæ зæронд Мæ цæстæмæ цæмæн дарис ?!» Тазæрет ин загъта: «Æгириддæр дæуæй мæн астæу «æхсир бор» нæййес. Цидæр дин бакæнон, Тæрегъæд дæр мин нæ ‘й, Ходуйнаг дæр мин нæ ‘й. Нæ фиддæлтæ ди сæ зæрдæбæл Берæ уазалдзийнæдтæ дарунцæ. Ду исхастай енцег нæ косæг уоси фурти. Æнгъæлдтай абони уалдæнги, Кæд Тазæрети исхастай енцег, Фал исхастай нæ косæг уоси фурти, ‘Ма дин уой зонун кæнун абони». Нур ба, Тазе ку мардæй, Уæд Тазæрет губуни байзадæй; Ниффæдзахста: «Уæхæн игурд мæ фæсте райгурæд, Хъанухъти Есей æфсæйнаг колдуарæй Æ бæхæн цуппар цæфхати ка искæна». Есейæн æ зæронд æрæййæфта,

106


Тазæрет ба – æ тæккæ дзамани, ‘Ма ин е ‘фсæйнаг колдуар рафтудта, Æ бæхæн си цуппар цæфхати искодта. Тазе æй Фæснæли, дууæ дони уобаййи ивард; Тазæрет æ цъæх саулохбæл Гъазгæ æрбацудæй уордæмæ, Æ фиди уобаййи дуар бахуаста æхсæй: «Дæ фæсте игурд райгурдæй. ‘Ма дин дæ уосиат исæнхæст кодтон, Кæд ести мæститæ дæ губуни бахастай Хъанухъи-фуртæй, Уæд мæрдти надæй дæ маст исцæуæд». Еци загъдмæ мард æртæ хатти раргъувта æхе, Уойбæрцæбæл знаг адтæй Дигори сæрбæл Хъанухъти устур Есе баделиатæн. Æ лæг-афони имæ некæд бандиудтонцæ, Æ зæронди ба ‘й бафхуардтонцæ. Æвæстаг лæг адтæй, мæстæй рамардæй Есе. Райдзурдта Тобойти Дзæрæхмæти фурт Цицеу, 13 февраль, 1927 анз, Киристонгъæу. Нийфинста Толасти Андрей. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 15, 8 п., 322–324 ф.

107


ХЪАЙИ-ФУРТИ ЗАР Гезей цардæй Гогона Ахалбеда-æлдар; Устур Дигорæбæл хъалон дардта; Кизгæ, лæхъуæни дзæбæх сæмæ нæ уагъта. Æрæгиау Хъайи-фурт Гегки ку рантæстæй, Уæд имæ гъулæг кæсун райдæдта. Æстур Дигори æрæмбурд кæнидæ Сæ уæлæфтауæ кæрцити хæтдзæ, Сæ бæрзæ лæдзгути хæтдзæ. Сæ унафтæ нæ рæвдзæ кодтонцæ. Загъта: «Цидæр æй, уæддæр сау халон Уæрццæ нæ ахæссуй, Уæздæнттæй нæ хæццæ ку нæ уа, Уæд неци искæндзинан.» – Мадта си кæци муггагæй байагорæн? – Туйгъантæй лæг байагорианæ, Фалæ синдзæ зæрдæ æма бæмпæг цъух æнцæ, ‘Ма нин сæ бæрæг нæ базонун кæндзæнæнцæ. Хъубадтæй лæг байагорианæ, Æма етæ ба хахур силау силæвзаг æнцæ, Æма нæ рауæйæ кæндзæнæнцæ. Зураптæй лæг байагорианæ, Фалæ нин уонæй лæг дæр не cбæздзæнæй: Хæрессаг галау бæзгин лæбæз æнцæ. Хъантемуртæмæ бæргæ хонунцæ Иналухъи фурт, фал нæуæг уосхунд æй, Æндæр ба дзæбæх лæхъуæн æй. Уайунтæ ймæ байдайуй Хъайи-фурт Гегки. Æ фидæмæ ин бадзоруй. Æ уат ин байамонуй. Баимæдзоруй. Æ хабæрттæ ин æрдзоруй.

108


Раимæдзоруй: – Бундзарæй рæвдзæ нæ дæн, Æндæра фæццæуинæ. – Æ фидæмæ ин бадзоруй. Æрагæпп ласуй æ фидæ Иналухъ: – Гъæйтт, биццеу, уоси фарс Æма арти фарс ласагæ ‘нцæ, Ходуйнаг ку хæссис! Æрагæпп ласуй лæхъуæн. Цæунтæ байдайунцæ. Цихцили лæгæтмæ бацæунцæ. Гогона-æлдар зонæнгин адтæй. Æ фунæй сæ фæууинуй. Сæумæ мæсуги сæрккагмæ исхезуй; Кæсæнцæститæй гъæуай кæнун байдайуй, Æрæгиау сæ Цихцили лæгæти æруинуй. – Марауагътæ, мæ кизгуттæ, Мæ хъæрæймаг æрдаветæ! – Дзоруй сæмæ: – Саг уин рамарон, бабай кизгуттæ, Æви уин саги æууæз ху рамарон? – Саг бал нин рамарæ, баба, Ху ба нин кумæ ледздзæнæй? – Хъантемури-фурти фехсуй. Цихцили лæгæти ‘й рабæкъуæл кæнуй. Хъайи-фурт Гегки уайунтæ байдайуй Уæллагкомбæл, Дигори кæмттæбæл Гъæргæнгæ: – Гезей цæрæг Гогона Ахалбеда-æлдари Рамардтан; Мулкбæл хæлæф кæнунмæ æрауайтæ! Донифæрстæбæл, Устур Дигорæбæл, Гъæргæнгæ, Мулкуарзон адæм ниххæррæт кæнунцæ, Бацæунцæ. Хъантемури-фурти марди сæргъи сæ æрсадзуй, Загъта син: – Æз цæун, æма имæ рæхистæй баст егæрттæ ес, ‘Ма мæ етæ гæни дзæхæрамæ кæд бауадзонцæ,

109


Уæд, Хуцау ке зæгъа, е уодзæнæй. Фиццаг топпи гъæри фæсте, Æзнагæн дæтдзæнæн дууæ топпи гъæри, ‘Ма мулкбæл хæлæф кæнунмæ æрцæудзинайтæ. Кæд мæ нæ бауадзонцæ гæни дзæхæрамæ, Уæдта уæхе ма фесафетæ ‘Ма Хъантемури-фурти мард хæсдзинайтæ. Æ фазæбæл бурунтæ байдайуй; Гæни дзæхæрамæ байервæзуй. Сæумæрагиау Гогона Ахалбеда-æлдар Хъувгъани хæтдзæ æрацæуй. Е дæр æй хъæрæймагæй фехсуй; Æрæйбæкъуæл кæнуй. Æ рахес цонг ин æдмухур æрбалух кæнуй. Дууæ топпи гъæри æзнаг раттуй æмбалтæмæ. Мулкуарзон адæм син сæ циййесбæл Ниххæлæф кæнунцæ. Уалæнмæ Хъантемури-фурти мард æрахæссунцæ. Къæрæугоммæ рахъæртунцæ. Дзорунцæ уоми: – Хъантемуртæн сæ мард зæгъун Ка бандеудзæнæй? – Хъайи-фурт Гегки фæннæхстæр уй, Æрахъæртуй, æз син æй бандеудзæнæн, зæгъгæ. Хъантемуртæмæ Гогонай цонгæй æ сæр хуайгæ бацæуй. Хъантемурти Иналухъ Æ гъæлæсидзаг уæд нихходуй: – Æгæйтима æгади мард нæ ракодта! Хисти бæсти ин кувд кæнун гъæуй. Æ еунæг лæхъуæнæн хисти бæсти кувд искодта, Еци бонæй аци бонмæ Устур Дигорæй Хъалон ист нæбал æрцудæй. Рамаигурæд нæ Дигори муггагмæ Хъайи-фурти хузæнттæ! ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 122, 92 п., 95–98 ф.

110


ХЪУБАДТИ БОР БЕКМÆРЗАЙ ЗАР Биаслантæ Терки билтæбæл Æртæ рауæнеми æртæ ‘мбурди æрцæнцæ. Рарвистонцæ Ассий хонхмæ фæдесгъæргæнæг; Ири хуæнхтæмæ дæр рарвистонцæ фæдесгъæргæнæг: «Мæнæ н’ астæумæ æнахур адæм Цæун байдæдта, æма сæ ма суадзæн! Етæ махæн не ‘сæвди адæм уодзæнæнцæ!» Еци хуæнхтæй цъеу тæхæг, Халон тæхæг дæр нæ фæцæй. Дигори хонхæй уаллон берæгъ Рацудæй минги къуарди хæтдзæ; Бони цъæхи Æргиунгæгмæ ниххæццæ ‘й. Биасланти æмбурд имæ Æрхæси билæй кастæнцæ, Таурæхътæ ибæл кодтонцæ: – Уæлæ Æргиунгæги еу бæхгин æрцудæй, Минги къуард æ фæсте, уотемæй. Ци дессаг уодзæнæй е, Уаллон берæгъи цуд кæнуй?! Хатъохчихъоти минги Хатъохчихъо Æ нимæти бунæй ракастæй: – Е æцæг æй, Еунæгæй уаллон берæгъи хатт ка кæнуй, Хъубадти Амурхани фурт бор Бекмæрза æй! Æрхъæрттæй се стур æмбурдмæ халасдзагъдæй: – Фарнæ уæд уе ‘мбурди, Биаслантæ! Дигорон лæг хабарбæл рæхги фæрсагæ ‘й, Хабартæ мин радзоретæ, Æз фæдесон дæн! Хабартæ ин радзурдтонцæ. Уæдта сæмæ Æхсæри къохæй Фæдесгъæргæнæг æрбахæццæ ‘й:

111


– Хъæбæр берæ æнахур адæмтæ Æхсæри къохи æрæнцадæнцæ, Сæхебæл уæрдун бурæутæ æркодтонцæ, Сæ рæзти цъеутæхæг, халонтæхæг дæр Нæбал уадзунцæ, Биасланти заманай уонæхсар фæсевæд Ниггур-гур кодтонцæ. Хатъохчихъоти минги Хатъохчихъо ма сæ фæсте дзоруй: – Етæ сæ топпитæ берæ фæттæй ефтиндзунцæ, Унаффæ бакæнун гъæуй! Хъубадти Бекмæрза имæ дзоруй: – Гъе, ме ‘рдхуард æнгарæ, Хатъохчихъоти минги Хатъохчихъо! Берæ фæттæ дæр маргæ кæндзæнæнцæ, Еунæг фат дæр маргæ кæндзæнæй! Бацудæнцæ, æма æ фунукхуз бæхæн Æртæ цæфи никкодта. Е ‘хси гъæртæ топпи гъæрти хузæн фегъустæнцæ; Бæх уæрдуни сæрти балæуерун кодта; Еци истур æнахур адæми астæу кардæлвастæй равзурстæй. Цалдæнмæ сæхецæн над кодтонцæ, Уалдæнмæ сæ дессæгтæ никкодта: – Гъæй, берæ фæццæрай, Хъубадти Амурхани фурт бор Бекмæрза, Уæхæн хъарæ кæмæн ес! Райдзурдта Хъубадти Елхъан Хъурмани фурт, 21 мартъи, 1926 анз. Дзæуæгигъæу. Нийфинста Дзагурти Губади. ЦИГСÆИ-й архив, Дзагурти Губадий фонд, 1 æр., 13 п., 95–96 ф.

112


ЦАГЪДИ МÆРДТÆ Гæрæмони будури тох ку адтæй. Еци бон Дугъузи фурти бæсти Тургити Тъох ку адтайдæ! Дзæрæстей хъазах сау цæцæнмæ цæугæ кодтонцæ. Сæ мæгур маддæлтæ, Сæ рæсугъд уоститæ уони фæсте кæугæ кодтонцæ. И Терки дон талатæ ласуй, Гæзети Дзабой топп сау цæцæни астæу галау ку уасуй. Терки къохæй гæггог ниууаста, Гулдити хуарз Гасаййæн сау цæцæни астæу æ топп ниууаста. Гокъинати хуарз Иналухъ сау цæцæнæн сæ тог ниуазта. Тæходуй, уæртæ Терки ма къох ку адтайдæ! Гулдити Гасай нигъгъæр кодта: – Гъæй-гиди! Аци бони тугъди мæ æгас хъазахи бæсти Тургити Тъох ку адтайдæ! Терки билæбæл и хъæзæ синдзи лæуд кодта, Слонати даргъзакъæ Заурбег Тохи бони нæуæг киндзи лæуд кодта. Райдзурдтонцæ Бæзити Инал æма Текъойти Сарæби. 16 октябрь, 1903 анз, Мæхческæ. Нийфинста Гарданти Михал. – «Памятники народного творчества осетин, в. I, Владикавказ, 1927», 132–133 ф. ИАС, 2009, 2 т.

113 8* Заказ №1424


ДЗАГУРТИ ДЗАНБОЛАТИ ЗАР1 Дини туххæй Бæстити хуæздæр Гамоди æй, Кæмæн ниууосиат кодта, Е ба Махъоти Хъубади æй. Æппæтонти тегъæбæл авд синдзи, Дзанболатæй дзæгъæлæй байзадæй авд кизги. Паддзах æфхуæруй æ адæми Сибири туххæй, Дзанболат æ уод фесафта æ дини туххæй. Хосроти Саукуй Дигори сход фесафта абазий туххæй, Дзанболат Сибири рамардæй намази туххæй. Пусулмон дин æй Мæдинæ æма Сарази туххæй, Дзанболат æхе фесафта æ дин æма намази туххæй. Аци зар ка скодта, е сæхе бæстаг æй. Дзанболат никкудтæй ахæй: «Мæ авд кизги байзадæнцæ тæрегъæддагæй». Мæхческæ, 16 окт., 1903 анз. Æ радзорæг бæрæг нæй. Гарданти Михали сæрмагонд архив. «Гарданти Михал. Уадзимистæ.», Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 201 ф.

1 Киристон дин тухесæ ку кæнун кодтонцæ дигорон адæми еу хаййæн, уæд фæззиндтæй Дзагурти Дзанболати зар. Зари сæйраг архайæг (бæгъатæр) æрвист æрцудæй Хъаспий денгизи (Ахъденгизи) Цецени сакъадахмæ 'ма уоми рамардæй. Æ фурт æма уой цæуæт цæргæ байзадæнцæ Лескени гъæуи.

114


ГУЙМАНИ ЗАР Сæумæ раги бонивади Къамати зæрæндтæ æримбурд æнцæ нихæси, Æмхузонæй сæ лолтæ исасугътонцæ, Сæ лолти хъуæцæ сæ сæри мегъау исбадтæй. Цæлкости минкъий Гуйман сæумæраги ракастæй, Нихæси сæри мегъæ ку исуидта, Уæд фæдеси рацудæй: «Дессаг, еци мегъæ ци уодзæй, – зæгъгæ, – Къамати нихæси сæри Мегъæ ку некæд адтæй?» –Уæ сæумæ хуарз, Къамати зæрæндтæ, – дзоруй сæмæ, – Цæбæл сагъæс кæнетæ? Уæ лолти хъуæцæ уæ сæри мегъау ку исбадтæй? Къамати зæрæндтæ дзорунцæ: – Коми думæги абæрегæй байдзаг æй. Будурмæ цæуæг нæбал уадзунцæ, Нæ сабийтæ судæй мæлунцæ. Цæлкости Гуйман сæмæ дзоруй: – Мæ сæдæ сирди еу гъæуаггин æнцæ. Мæ уоди тæссæй сау гъæди мæ цæф сирд некæд ниууагътон, Нур дæр мæ уоди тæссæй Мæ сабийтæ судæй мæлун нæ бауадздзæнæн. Æ дууæ гали баефтиндзуй галуæрдуни, Е ‘мзæрæндæ хъæрæймаг уæрдуни Сæргъæдæбæл æрауиндзуй. Уотемæй рараст уй Силтанухъмæ хуар ласунмæ. Коми думæгмæ ку рахъæртуй, Уæд над дууæ æмбеси рауй. Унаффæ кæнун байдайуй: –Дæлæти цæуон, паддзахи фæндаг

115


Идардбæл зелуй. Уæлæти цæуон, æма Абæргутæ арæх ку æнцæ... Цæй, Сурхи къулдунбæл ниффардæг уон, Æхсæвæ Сурхи фиййаутæмæ Мæ фусун бакæндзæнæн, Сæумæй раги Силтанухъмæ ниццæудзæнæн. Сæумæ раги фестуй, Фиййаутæмæ нидздзоруй: – Æдосæ дессаги фун фæууидтон. – Сæумæ раги фун æнæ ахустæй нæ фæдздзурдæуй, – Фиййаутæ ин хуæруйнаг æрбайвæрунцæ. Фун дзорун байдайуй: – Æдосæ уæхæн фун фæууидтон, Цума хонхи дор зелæг нæбал адтæй. Дессаг, еци фун ци уодзæнæй? Æ дууæ гали баефтиндзуй Æма Силтанухъмæ рараст уй. Сау гъæди дзæвгарæ ку ниууайуй, Уæд пихси бунмæ бæхти къæхтæ бауинуй. Е ‘мзæрæндæ хъæрæймаг æхсæрæ къотæрмæ Æд хъатара багæлдзуй. Уалинмæ имæ абæргутæ исхъæртунцæ: – Дæ фæндаг раст, зæронд лæг, – дзорунцæ имæ, – Кумæ цæуи, кумæ рараст дæ? – Силтанухъмæ цæун, мæ сабийтæн хуар ласунмæ. – Дæ галтæ рауæгъдæ кæнæ, – имæ дзорунцæ. – ‘Ма ма мæ сабийтæ цæмæй фæддардзæнæн? – Дæуæн бабæй дæ сау гъог дууæ гали низзайдзæнæй. – Мадта сомигонд дæн, Мæхуæдæг сæ нæ исуæгъдæ кæндзæнæн. Абæргутæй кæстæр æргæпп кæнуй æ бæхæй, Тæвинги баст фæууæгъдæ кæнуй хъæмайæй, Галтæ исуæгъдæ кæнуй. Дзоруй сæмæ Гуйман: – Уæ хуарзæнхæй, ме ‘фсой мин уагътæ, Корæггаг æй, ‘ма æ хецау хилæ кæндзæй. Абæргутæ ибæл бахудтæнцæ:

116


– Галти сагъæс нæ кæнуй, Фал е ‘фсоййи сагъæс. Гуйман æфсой исæфтауй, Æ рагъи ‘й искæнуй, Фæстæмæ рараст уй. Къотæрмæ ку исхъæртуй, Æ ‘фсой къотæрмæ багæлдзуй, Æ хъæрæймаг ба е усхъи искæнуй. Гуйман къахæй рæуæг адтæй, Зæрдæй нæуæг адтæй, Сау гъæди нæдтæ дæр ин амонун нæ гъудæй. Абæргути над галтæрæни коммæ байахæссуй, Бæласи æнхæли федар бадæн æркæнуй. Гуйман сæ цæгъдун байдайуй, Дууадæсемæй ма дууæ байзайуй. Уæд имæ абæргутæ нигъгъæр кæнунцæ: – Ци изæд дæ, ци идауæг дæ? Ниннæуадзæ. Гуйман дæр сæмæ нигъгъæр кæнуй: – Мæнæн мæ сау гъог дууæ гали ку задæй, Сумахæн дæр бабæй уæ маддæлтæ Лæхъуæнтæ низзайдзæнæнцæ, – Уонæй дæр ма еуемæн Æ фæстæмæ фæккасти хæццæ Æ сæри фарс фæххаун кæнуй. Цæлкости Гуйман æ дууæ гали фæстæмæ æ Уæрдунбæл исефтиндзуй Æма Силтанухъæй æ сабийтæн хуар æрбаласуй. Гъæуи адæм имæ рацудæнцæ, Æма син зæгъуй: – Абæреги хабар некæмибал ес, Æдасæй уæ сабийтæн хуар ласунмæ фæццотæ Æма æрбаласетæ. Райдзурдта Дзæгойти Тотурухъ, 53-анздзуд, май, 1969 анз, г.Дигора. Нийфинста Мамати Р. Салæгати Зояи æмбурдгондæй.

117


ГЪУЦЪУНАТИ ГАБИЦИ ЗАР Уа, Гъуцъунати и мингий Габиц, И цауæни ку сфæндæ кæнуй. Уæй, авд æмбалей хæццæ ку ранæхстæр уй. Йа, Фæсалгуни сæрмæ уæд ку бацæуй; Истургомау уосонгæ уæд искæнуй. Сæгдзæрттæй æй уæд бамбæрзуй, Йа, æрсдзæрттæй листæнтæ ку никкæнуй. Гъа-гъа, æмбалтæ имæ ку исдзорунцæ: – Сирди фид бахуæрæ, – зæгъгæ, – Габиц! – Æфсатийæн æхе истæн, Сирди фид уин нæ бахуæрдзæнæн, Уæй, дæлæ и Курппи бæрзондбæл Æхсæвæй бонмæ бор хуар ка хуæруй, Сæумæраги уæлæ цъетей уазалмæ Хуссунмæ ка цæуй, Еци сæйгæ нæли мæ сирдикъахæй Сæумæраги ку нæ рамарон, Уæдмæ уин сирди фид нæ бахуæрдзæнæн! Уæй, сæумæраги имæ фæдздзорунцæ: – Сæйгæ нæл Фæсалгуни тегъæбæл Ку фæццæуй сæпсæпгæнгæ! Уа-гъа, уордиги æй бæргæ фехсуй Габиц Сау хъæрæймагæй. – Гъа-гъа, бабæрæг кæнетæ мин уæртæ ме ‘хсæн! Гъа-гъа, бæрæг кæнунмæ имæ бæргæ фæццæунцæ. Уордиги имæ заргæ-заргæ рацæунцæ, Хурдзинтæй бор хуар æ хурфæй райесгæй. – Уæ, сирди фид бахуæрæ, – Зæгъгæ, имæ ку сдзорунцæ, Кувд æрцудæй, – зæгъгæ. – Æфсатийæн æхе истæн,

118


Сирди фид уин нæма бахуæрдзæнæн: Уæлæ Къæлæлдари сæри фæндзсиуон, Æртидзæстуг уорс дзæбодур, Уой ку нæ рамарон мæ сирдикъахæй, Уæд уин сирди фид нæ бахуæрдзæнæн! Гъæй, сæумæраги бабæй бæргæ рагæпп ласуй; Гъа-гъай, Къæлæлдари сæри уорс дзæбодур, Фæндзсиуон, æртидзæстуг хезгæ ку фæууинуй; Сирдикъахæй имæ ниййарæнсæн кæнуй; Уа, уой дæр син ку рамаруй. – Сирди фид бахуæрæ, Габиц, Дæ кувд ку ‘рцудæй! – Уæд ку сдзорунцæ имæ. – Уæ, Æфсатийæн æхе истæн, Сирди фид нæма бахуæрдзæнæн: Авд Уæхъæци æз-хуæздæрбæл ку дзорунцæ, Раздæр ке рартасонцæ, Уомæн Уацамонгæ ку дæттунцæ. Æз ке бакодтон, Еци гъуддæгтæ кæд æцæг æнцæ, Уæд сæумæраги Уацамонгæ Мæ нимæти къабазæбæл ку нæ иссерон, Уæд уин сирди фид нæ бахуæрдзæнæн! Уæй, нимæти къабазæбæл æй Бæргæ ссеруй и Уацамонги. Фæстæмæ æхе хуссæгау бæргæ искæнуй. Е ‘мбалтæ имæ уæд исдзорунцæ: – Фестæ, Габиц, мæнæ дæ кувд æрцудæй! – Гъе, нур ба уин сирди фид Бæргæ бахуæрдзæнæн! Уай, истур кувдтитæ ибæл никкæнунцæ, Фарни зартæ никкæнунцæ. Райдзурдта Туйгъанти Тæтæрхъан, 2 мартъи, 1921 анз, Дзæуæгигъæу. Нийфинста Дзагурти Губади. ЦИГСÆИ-й архив, Дзагурти Губадий фонд, I æр., 12 гъ., 157–158 ф.

119


ЦÆУ-БОДЗОЙ ЗАР Цели сæри бодзо бадуй, Сой, сой, сой, уæрирадæ, сой, сой! Ейæ уоми синæр цæгъдуй. Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! И уæздæнттæ имæ Къохаууонæй кæсунтæ ниййагайунцæ, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Сæ кæстæрти имæ æрветун фæндæ никкæнунцæ, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уай, и кæстæртæ сæхе салдзабур æма Местæлæй исаразунцæ, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уай, сæ маддæлтæ син Фæндарасти туххæй къеретæ ракæнунцæ. Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уай, устур нифсæй имæ ранæхстæр унцæ, Сой, сой, сой уæридадæ, сой, сой! Уай, и кæрз хæрди имæ исхард кæнунцæ, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! И цæфрæбунмæ гуррустгæнгæ æрцæйтулунцæ, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Æфсати цæу-бодзомæ нигъгъæртæ кодта, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уай, дæ синæр цæгъдун дæр сæмæ, уай, ма ниууадзæ, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уай, и цæу-бодзо дæр гæзæмæгомау, Уæй, æ рахес гъос базмæлунтæ кодта, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уай, цауæйнæнттæ дæр Сæ фурмæстæй сæ дæндæгтæй, Уай, се ‘нгулдзитæмæ фæллæборунцæ,

120


Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уай, ци бæллах уа, ка нæбæл рамбалдæй? Уай, кадæр нин хийнæ искодта, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уой, уонтæбæрзонд æма сæргубурæй, уой, æрбаздæхунцæ, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уой, дзорæгмæ нæбал дзорунцæ, Уой, кæсæгмæ нæбал кæсунцæ. Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уой, уалинмæ уартæ фахси æрбазиндтæй, киудтитæгæнгæ, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уой, сæппæркъе æма лæузæнгойнæ, гъузгæ-гъузгæ, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уомæн æ топп – рæхсæнтæй баст, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уой, æ сæр ба – æхсирфæй даст, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уой, æ йастæу ба бийнагæй æлвæст, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уой, и Æфсати ба и цæу-бодзомæ нигъгъæртæ кæнуй, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уой, Æфсатий фæдес æма сæппæркъей топпи гæрах, Уой, еу рæстæги æрцæунцæ, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уой, цæрдæггомау имæ ку бауайуй, Уой, æ кардæй æй ку банисан кæнуй, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уой, уомæн æ фид – хæдзаридзаг, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уой, уомæн æ фиу – æ цари дзаг, Сой, сой, сой, уæридадæ, сой, сой! Уой, мæнæн дæр си фезонæггаг ку равардта. Уой, мæнæ адæн, сиугинти басæй æфсес куд уайтæ, Сой, сой, уой, æфсес куд уайтæ! Райдзурдта Тауасити Фацбай Гæлæуи фурт, 46-анздзуд. Нийфинста Салæгати Зоя. 1961 анз, 10 февраль. Дзæуæгигъæу.

121


УОРС ХОНХ ÆМА САУ ХОНХИ ФИЙЙАУТИ ЗАР Дууæ биццеуи байзадæнцæ седзæрæй, æма æрдхуард разагътонцæ. Лæсдæрæн бацудæнцæ, ‘ма фæйнæ фондз анзи бакустонцæ, ‘Ма сæмæ иссæй фæйнæ сæдæ фуси. Хаттæнцæ фиййау уони хæтдзæ, Нур ба Уорс хонх æма Сау хонхмæ исунаффæ кодтонцæ: – Цалдæнги нæ фæйнæ сæдæ фуси минтæ исуонцæ, Уæди уалдæнги Уорс хонх æма Сау хонх дзæгъæл нæ ниууадздзинан, ‘Ма уонæн цалдæнги Минти кувдтитæ искæнæн, Уæдмæ гъæуай кæндзинан. Нæртон æууæнкæ равардтонцæ сæ кæрæдземæн. Уæд баскъардтонцæ Уорс хонхмæ ‘ма Сау хонхмæ сæ фонс. Сау хонхи фиййау æрбуйуат кодта Уазай буни. Уорс хонхи фиййау ба æрбуйуат кодта Фæрæскъæтти сæри сау æлдари Æлхойниаубæл. Сæ хабæрттæ сæ кæрæдземæн зонун кодтонцæ Сæ сугъзæрийнæ хæтæлтæй. Сау хонхи фиййау зонæнгин адтæй. Ниймæцагъта Уорс хонхи фиййаумæ: – Абони майрæнбон, иннæ майрæнбони дæмæ Æрбацæудзæнæй исдæйрæнттæ дууæ дууадæси, Дæ фонс дин фонс кæндзæнæнцæ, Дæ сæр дин хæсдзæнæнцæ. Е дæр имæ фæстæмæ ниццæгъдуй: – Мадта мин уомæн ести хуасæ искæнæ. – Уомæн дин хуасæ искæндзæнæн: Дæ дзоги астæу уорссæр сау нæл сæгъæ, Уасгергий нивонд, Уой син равгæрдæ, Æд къах, æд къох син æй бахуæрун кæнæ, Æ басæй сæ игъæстæ ма бауадзæ, Уæдта, Хуцауи ка фæндæуа, е уодзæнæй. Майрæнбон æрхъæрттæй,

122


Изæрæй имæ æрбацудæй дууæ дууадæси Биасланти исдæйрæнттæ, Дзорунцæ имæ: – Дæ фонс берæ. – Фонс уин Хуцау раттæд, иуазгутæ, Мæ зæрдæ мин ку барохс кодтайтæ, Иуазæги бæрцæ ку неци уарзун, – зæгъгæ. Расæфестæг кæнуй, Сæхе син буйуатмæ бакæнуй, Сæ бæхтæ – бæхдони, Сæ сæргътæ – сæргъдони. Уасгергий нивонд уорссæр сау нæл сæгъи син Æрбаласта, дзоруй кæстæртæмæ: – Есге мæмæ фæккæсæд, Изæрхуар бал уин цæмæй ракæнон, – ‘Ма син æй равгæрдуй, Иссин æй фунхта, Ба син æй хуæрун кодта æд къах, æд къох. Баси агæ æ рацæуæни ниввардта кæлунæрвонг, Фонс ниггур-гур кодтонцæ, ‘ма рауадæй, ‘Ма баси агæ æ къахæй ракъуæрдта, ‘ма ниддæлгоммæ ‘й. Сæ кæстæр ма си æ кæстæр æнгулдзæ ратулдта, ‘Ма уой растардта, ‘ма ма е фæййервазтæй, Иннетæ ба цавддортæ фестадæнцæ. Дзоруй имæ: – Хуцау, Зæнхæ, мах дæуæн неци кæнæг адтан, ‘Ма нин цæмæн ауæхæн куст бакодтай? – Ка кæмæн ци кæнæг адтæй, уой æз къуæре раздæр базудтон. Уой дæр ма рамардта æхуæдæгка, ‘ма ‘й бафснайдта. Уæд дууæ фиййауемæн-æнгаремæн сæ фæйнæ сæдæ фуси Фæйнæ мини иссæнцæ, ‘Ма уонæн Минти кувдтитæ искодтонцæ, ‘Ма цæргæ байзадæнцæ. Райдзурдта Тобойти Цицеу Дзæрæхмæти фурт, 5 апрель, 1927 анз, Киристонгъæу. Нийфинста Толасти Андрей. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 15, 8 п., 309-310 ф.

123


СТУР ДИГОРИ ФИЙЙАУТИ ЗАР Еу хæдзарæй еци бон Уонæй цæуй сæдæ цæвæггинтæ, Уой сæд-сæдæ сæдозугай – Фæрæтгинтæ ‘ма тадзингитæ. Етæ хæдзарæ кодтонцæ ‘Ма никкарстонцæ Се’ндзалæ Рæстикоми, Сæ гъæдæрмæг ба – Зурмикоми, Самадтонцæ сæ Зурмикоми, Расæуагътонцæ Рæвдзикоми. Æ буни ин борæмæдзæ уæд рауагъдæй, Уомæн æ уæле – фид фицæн, Уомæн æ медæгæ – борæ нæлфус æвгарстæй, Уомæн æ цæгиндзи дортæ Сугъзæрийнæ æнцæ. Уой зæнхæ изæлу ‘ма хизæй марзт æй, Уой фæрстæ æсхъæрцæгæй бид искинд æй, Уомæн æ уæлдуар æвзестæй ‘Ма цæнгæтæй цагъд æй, Уомæн æ уæлиндзæ малхъи гъунæй Хуæрз астард æй, Уомæн уæларвæй сæ цигонмæ рæхис уагъд æй, Уомæн æ буни ба саги сиуæй цирен арт æй; Уой арти фарсмæ ба – Цæхцæхгæнгæ фезонгутæ, И хæдзари ба – гургургæнгæ и бийнонтæ, Уонæн сæ хецау размæ цæуагæ адтæй, Куцæй гал æма куцæй гъог ласагæ адтæй, Куцæй сæрдаст фиййау къопп ласагæ адтæй, Уæд ибæл Сау хонх сау галау ку нимбухта, Уорс хонх уорс галау ку нимбухта,

124


Уадæхсийнæ бор-æхсин къæйтæ уæд ку калдта, Сау гъæдæ ибæл Пъæстугæйттæй уæд ку хаудтæй, Æрра дон ибæл зуртæ-зуртæй уæд ку цудæй, Уомæн æ алли нахæтбос фонсæй дзаг æй; Хуарз мадæ ‘ма хуарз фидæ – лимæн кизгæ; Æстаун æй нæ гъæуй – хуæрзæстуд æй: Уæлæхсарбæл æй хъæртдзигъа дæр ‘ма Ку нистудта. Фестæ, фестæ, нæ æфсийнæ, Стур арт ду никкæнæ, Фиуи буни ци фиу ес, уой рахæссæ, Цигъди буни ци цигъд ес, уой рахæссæ. Æстурбæл æй ку бадарай, – Дæ къохи æгас уæд бадарай. Мæнгæйбæл æй ку бадарай, – Дæ къохи æрдæг уæд бадавай. Нийфинста Собити Инал. Æ радзорæг бæрæг нæй. «Дигорские сказания, по записям дигорцев И.Т. Собиева, С.К. Гарданова и С. А. Туккаева с переводом и примечаниями Всев. Миллера. Труды по востоковедению, издаваемые Лазаревским институтом Восточных языков, выпуск XI, Москва», 49 – 50 ф.

125


ДЗАНДЗИРАХЪИ ЗАР Уæ, Къаматæ, Къаматæ! Донæй уорс, сау Къаматæ, Кæрдзинæй хъал, Дигоргоммæ ку æрæмбурд унцæ, Стонамæ. Исдзорунцæ муггагæй; Дзандзирахъи рæсугъди сæрккæгтæй Ку раласунцæ бæрзæфцæгæй: – Дзандзирахъ-рæсугъд ке уодзæнæй? Дзандзирахъ-рæсугъд куд уодзæнæй? Уæд Дзандзирахъ-рæсугъд ку дзоруй: – Æхе дууæ къохемæй топп ка искæндзæнæй, Билæги коммæ ка ниффардæг уодзæнæй, Уоми мин сæдсиуон саг ка рамардзæнæй, Уомæн æ дууæ сиуи сирди къæхтæ ка ниссадздзæнæй; Æхе исконд аги ‘й ка исфицдзæнæй; Æхе исконд фингæбæл æй ка æриуардзæнæй; Дигоргоми хуарз адæмтæн æгъдау ка ратдзæнæй, Гъе, Дзандзирахъ-рæсугъд уой уодзæнæй! Уæд Къамати фæсевæд кæрæдземæ ку бадзорунцæ: – Æ, мадта е ба ка уодзæнæй? Куд уодзæнæй? – Æ, мадта е ба ку уодзæнæй Темисати Темиси фурт мæнги Айдар. Темисати Темиси фурт мæнги Айдар Дзандзирахъи дзурд ку исæнхæст кæнуй. Дзандзирахъи алай-булаййæй ку ниффардæг кодта Темисати Темиси фурт мæнги Айдар. Уомæн къохбæлхуæцæг ку адтæй Муалсати Муалсай фурт Артуд. Уæд мæнги Айдар афæй балци ку ниффардæг æй, Дзандзирахъ-рæсугъди ку бауосиат кæнуй Артудбæл, Уæд имæ Артуд æхуæдæг хицæ кæнун ку байдайуй. Еу хатт ин ку ской кодта æ зæрди фæндон. Дзандзирахъ-рæсугъд ин ку загъта:

126


«Æз мæ ардæн не смæнгæ уодзæнæн, Æз мæ зæгъгæ дзурд нæ фæссайдзæнæн!» – Уотемæй имæ ку нæ байгъуста. Уæд афæдзи балцимæ Айдари исцудмæ Артуд æхецæн тæрсун ку байдæдта. Æхе имæ ку рараздæр кодта и надмæ, Уæд ин уоми ку æртаус кæнуй мæтъæлæй: «Дæу дæр æма мæн дæр ку фесафта, Дзандзирахъ-рæсугъд лæг ку бакодта, – зæгъгæ, – Æз дин уой нæбал аккаг кæнун æмбалæн фæддарунмæ». Уæд Айдар æнæ дзоргæй ку исцæуй Æма ‘й æхсæви Дзандзирахъи-рæсугъди Хъалай бæрзондæй Айгоми хедæй Цъæх дони цæхъалтæмæ ку рагæлдзуй. Дзандзирахъ-рæсугъд ку нæбал разиндтæй. Адæмтæ уобæл дестæ кæнун ку байдæдтонцæ. Гъос-гъосæй дзорун ку байдæдтонцæ: – Æ, мадта ци фæууа, – зæгъгæ. Уæд Къубуси хоргонæй И фиййау ку низзардта æ хæтæлæй: «Федаунцæ Донифарси согдзаутæ и хоргони Къубусæй; Фелаунцæ Айгоми хеди бунæй И цъæх дони цæхъалтæй усмæй-усмæмæ Дзандзирахъи сау дзигготæ». Æримæфæдес унцæ Къаматæ æма ‘й исхастонцæ сæ нихæсмæ. Уæд Айдар дæр ку базудта Дзандзирахъæн æ растдзийнадæ Æма и марди уæлгъос ку низзардта: «Муалсати Муалсай фурт Артуд æй, Абонæй фæстæмæ макебал рамарæд Æ уарзон адгин æмбали еске цъухти, билти ардудæй!» Райдзурдта Тубети Дзæрдæг, 1934 анз, Лескен. Нийфинста Хъазбегти Хъазбег. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 111, 89 п., 166–168 ф.


ИЗÆДТÆ ÆМА ИДАУГУТÆБÆЛ ЗАРТÆ

УАСГЕРГИ Гъей, Уасгергимæ баковæн, базарæн, Е ‘уазæг ан, е ‘уазæг, лæхъуæнтæ! Бæрзондæй ракæсæ, рафæлгæсæ, Нæ сугъзæрийнæ базургин: Мæнæ дæ мæгур иуазгутæ – Де ‘уазæг, Уасгерги! Иуазæг дæр – де ‘уазæг, Уасгерги! Фусун дæр– дæ фæдзæхст, бæрзондбæл бадæг! Финдзи ку цæуай, – Фæстæмæ нæ багъæуай кæнæ! Фæстегæй ку уай, – Дæ базури буни нæ бакæнæ! Гъей, фæндаграст, фæндаграст, Нæ сугъзæрийнæ базургин расти Уасгерги! Бæрзондæй нæмæ ракæсæ, Ниллæгбæл нæ бафæдзæхсæ, бæрзондбæл бадæг, – Де ‘уазæг ан!

Æ радзорæг бæрæг нæй. Гарданти Михали сæрмагонд архив. «Гарданти Михал. Уадзимистæ.», Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 206-207 ф.

128


НИККОЛАЙ ЗАР Уæй, Никкола, табу дин уæд, ковæн дин мах, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Мæгур адæмæн агъазгæнæг дæ алли хатт дæр, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Али рауæн дæр нин дæ хуарзæнхæ банивæ кæнисæ, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Еу хатт и мæгур адæм балци цудæнцæ и денгизи, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Денгизæн æ астæумæ ку бацудæнцæ, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн Никкола хуарз! Уæд сæбæл стур думгæ ку ‘рцудæй, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Сæ науи син дортæбæл ку нимморæ кодта, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Мæгур адæм еци рауæн исавдæнцæ, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Уалдæн уонæй еу мæгур лæг ку никковуй, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! «Уæй, Никкола, ку исæфæн аци рауæн, Уæй нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Дæ хуарзæнхæ нæ фæууæд, фæннæ ервæзун кæнæ, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Ку нæ фæййервæзун кæнай, уæд дин кувдтитæ фæккæндзинан, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Уорс уæлитæ дин уорс кæркитау февгæрддзинан, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз!» Еци сахат изæдтæ ‘ма идаугутæ, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз, Хуцауи размæ æнхуæцæй дæр æмбурд адтæнцæ, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз!

129 9* Заказ №1424


Борæ нæлфус син кувдæн уомæн æвгæрст ку адтæй, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Уордæмæ Никкола мæгур лæги кувд ку фегъуста, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Еци сахат изæдти астæуæй фæййаууон æй, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! И денгизмæ мæгур адæммæ ниррæхсбетуй, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! И денгизæй мæгур адæми и сормæ ку ‘рбаефхæссуй, Уæй, нæ Хуцау, уæй нæ лимæн, Никкола хуарз! Исæфун сæ нæ бауагъта, табу ин уæд, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Уалдæнмæ изæдти кувд ку исцæттæ уй, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Хуцау син сæ къеретæ ковун ку райдæдта, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Уотæ Никкола дæр æртæхцагъдæй æрбалæудтæй. Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Фæрсунцæ ‘й: «Никкола, кæми адтæ нури уæнгæ?» Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Æрсинæй дзурдта, кæми адтæй, уой и Никкола, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Уой туххæй Хуцау Никколайæн изæдти астæу, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз, Ковæггаг æхсæрфæмбал хуæздæри хаййæн ку равзурста, Уæй, нæ Хуцау, уæй, нæ лимæн, Никкола хуарз! Æ радзорæг бæрæг нæй. «Ирон адæмон сфæлдыстад», Дзæуæгигъæу, 1949, 440–441 ф. «Гарданти Михал. Уадзимистæ.», Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 207-208 ф.

130


ÆФСАТИЙ ЗАР Æфсатимæ дессаг сирд ку рантæстæй, Гъе, уарайда-ра, сой! Дзиллитæбæл æ хабар ку фегъустæй, Сæдсугон сæргин саг е ку адтæй, Æ уæраги сæртæмæ зæнхи ку сагъдæй. Курппи бæрзæндтæ – Æ хезæнтæ, Будури æнæхуæрд хъамилтæ – Æ бадæнтæ. Аллирдиги йбæл дзиллитæ Ку фембурд кодтонцæ, Сæ еуей къохи дæр ку нæ бафтудæй; Уæд имæ будури ‘рдигæй еу къуар Æхе ку исцæттæ кодта æстæмæй-астмæ. Уонæн сæ рæвдзæ ци уодзæнæй? Сæ топпитæ – æвзеститæ, Медæгæй ба син – Изгæхуæрдтæ, Се ‘ддортæ – донгомаг дорæй, Сæ уорс бæхтæ – æнæртæдтæй, Сæ уорс курæттæ – Кæрзæхснæдтæй, Сæ цохъатæ – Сатæгсау сгæлладæй, Сæ зæнгæттæ – Зæриндаг худтæ, Сæ дзабуртæ – Дахран салæй. Еци сæргин саг бацудæй Тарæ коми истур федармæ: Иссудæнцæ будури къуар уордæмæ,

131


Тарæ коми истур федармæ. Тарæ коми бараст æнцæ, Тар уосонгæмæ бахъæрттæнцæ, Уосонги дуармæ Еу зæронд лæг бадтæй. Бонхуарз дæр ин нæ загътонцæ. Басæфарста: – Цирдæмæ фæндараст? Сумах хузæн рæсугъд къуард Некæд фæууидтон. ‘Ма ин загътонцæ: – Мæнæ Æфсатийæй Дессаги сирди хабар райгъустæй, ‘Ма уой марунмæ æрбацудан. Е æхуæдæг адтæй хъæрæу Æфсати, Истур федарæй сæбæл Сæргин саги рауагъта, – Сæ еу фæрсти æрцудæй, Сæ хъал бæхтæ си фæттарстæнцæ, Етæ фæцæнцæ бæх-хецæнтæ Æма лæг-хецæнтæ. Сæргин саг дæр фæстæмæ, Æ сæрæй гъазгæ, Æфсатий рæзти Истур федармæ исфардæг æй. Уалæнмæ исхæццæ ‘й Заманай дигорон цауæйнон, Æфсатий заргæнгæ, Æ дууæ цауæйнон æмбалей хæтдзæ. Уомæн æ рæвдзæ ци уодзæнæй? Æ дууæ æркъей – Æнгон рæхаст. Æ гебена – Æ уæрагисæртæмæ, Æ сау хъæрæймаг – Рæхсæнтæй баст, Æ топпи сампал – Сугъдæг болатæй,

132


Æ топпи æддор – Карди хузæн. Æ топпи гъосхуасæ – Идзæгъни хузæн. Гъеууотемæй исхæтдзæ ‘й, Еу зæронд лæгбæл исæмбалдæй. – Дæ бон хуарз уа, хуарз зæронд лæг! – Ци ‘рдæмæ фæндараст? – Зæгъгæ ‘й, зæронд лæг бафарста. – Æфсатийæн æ рун бахуæрæн, Дессаги сирди хабар фегъустан, Æма уой уинунмæ æрбацудан. Иссудæй истур федармæ, Æ нæуæг фæд ин иссердта, Расорæ-басорæ кæнун æй байдæдта, И сæргин саг дæр Фæдфæлевæнтæ кæнун байдæдта, Е дæр ин æ рæзтæ ахæссун байдæдта, Уалæнмæ истур федарæй Арви гъæр фæццудæй, – Арви гъæр н’ адтæй, Фал заманай дигорони Сау хъæрæймаги гъæр адтæй. Сæргин саг дæр Астæусастæй æрхъан æй, Æ фид адтæй адаги дзаг, Æ фиу адтæй авари дзаг. Сæумæраги нин февæрдзæнæй Дони гъоси сæргин саг, Гъе, уарайда-ра, сой! Райдзурдта Хъубадти Елхъан Хъурмани фурт. Нийфинста Дзагурти Губади, 1922 анз, 15 ноябрь, Дзæуæгигъæу. ЦИГСÆИ-й архив, Дзагурти Губадий фонд, I æр., 13 гъ., 9–13 ф.

133


ÆФСАТИ ‘МА КОМИАЙ-ФУРТИ ЗАР Æфсатийæн еунæг кизгæ адтæй, – Уацирохс æ ном. Коргутæ ‘й берæ адтæй – некæмæн æй лæвардта. Изæдтæ, идаугутæ имæ цæун байдæдтонцæ, Уæддæр æй некæмæн дæттуй. Хори фурт Хæмæтхъан ин æй курдта,– Уомæн дæр æй нæ равардта: – Тæвди мæйти мин æй хорæн басодзун кæндзæнæ. Уæд имæ тарæ сау гъæдæй сау сайтан æрцудæй, Адæмхуар, гъæдсор, зæнхсодзæг, – уомæн дæр æй нæ равардта: – Гиаур, ду ба мин æй бахуæрдзæнæ. Сау гъæддон сау сайтан Æфсатийæн æ зæронд бахизта. Æфсати базæронд æй; Уæд имæ æрцудæй æнафони ‘ма ин æ кизги раскъафта. Æфсатийæн ракæсунмæ цæстæ нæбал ес, Рацæунмæ къæхтæ нæбал ес, Февналунмæ цæнгтæ нæбал ес; Тарæ сау гъæдæмæ ин æй сайтан ниффардæг кодта. Комиати Дзамболат æссон лæг адтæй, Асси ‘ма Дигори астæу хъалагъур адтæй Даргъони сæри. Е уосонги хуссуй. Æмбесæхсæви рæстæги ибæл æй Сайтан цъæхахстгæнгæ рахаста. Æ медфунмæ ‘й фегъосуй, ралæуеруй. Æ сау хъæрæймаг æ хæтдзæ раскъæфуй; Ци дæ, циуавæр дæ, зæгъгæ, имæ дзоруй. Кизгæ ‘й базудта, Комиай-фурт ке адтæй, уой, – Æфсатий устур лимæн. Дзоруй имæ кизгæ: – Сау гъæддон сау сайтан мæ фæххæссуй ‘Ма мæ хуæрдзæнæй, ‘ма мæ дæ сæр багъудæй. Толдзæ бæласи бунгардæй имæ фенцойнæ кодта. Хуарз кизгæ идарддæр дзоруй:

134


– Æ наргутæмæ ин гъавæ астæуæй дæлæмæ. Фæйгæрах кæнуй Комиай-фурт, ‘Ма ин æ уæраги æставд раморæ кæнуй. Сайтан нигъгъæр кодта: – Хуцау дин ма бакомæд, Ку некæд дæбæл Мæ лæгъуздзийнадæ исæмбæлун кодтон, Мардтай мæ ‘ма мæ рамарун ку нæ бафæразтай, Нур ба мæ дугкаг цæф никкæнæ, æз ба мæ уод исесон. Дзоруй имæ Комиай-фурт: – Мæ фидæ Комиа дæр сирди дууæ æхсти нæ кодта ‘Ма мин нæ бафæдзахста, Сирди, зæгъгæ, дууæ æхсти фæккæнисæ, Мæ фидæ дæр Елиайау еудзæфон адтæй, Мæхуæдæг дæр еудзæфон дæн. Еци загъдбæл сау фунук фæцæй сау сайтан. Комиай-фурт Æфсатий кизги – Уацирохси æрбахаста Æфсатий хæдзарæмæ. Æфсати къоли фæрстæбæл æ сæр хуаста. Дзоруй имæ Комиай-фурт: – Ци кæнис, цæбæл дæхе марис? – Ци ма кæнон, Еунæг кизгæ мин адтæй, ‘Ма мин æй сау гъæддон сау сайтан фæххаста, Дзæгъæл хæдзари ма куд цæрдзæнæн: Ракæсунмæ цæстæ ку нæбал ес, Февналунмæ цæнгтæ ку нæбал ес, Уæд ма куд цæрдзæнæн? Дæ сæр мæ ку гъудæй, уæд куд некæцæй фæззиндтæ? – Тæрсгæ ма кæнæ, Æфсати: Дæ кизги дин фæстæмæ æрбахастон, Сау сайтани дæр дин рамардтон. Æфсати æ фур цийнæй æ цæститæй ракастæй. Уæд имæ æ кизгæ дзоруй: – Абонæй фæстæмæ ди аци лæг ци кора, Уомæн ин æ загъдбæл дугкаг куд нæ зæгъай, уотæ. Æфсати дзурд равардта Комиай-фуртæн:

135


– Ду мæнæй ци корай, е дин уодзæнæй алкæддæр, – Уобæл ин æууæнкæ равардта. Комиай-фурт Æфсатий фонс Комегор кæнун байдæдта Еци бонæй фæстæмæ. Алкедæр базудта, æ кизги куд некæмæн лæвардта, ‘Ма имæ æ нифс некебал хаста. Комиай-фурт хонхи цауæни адтæй ‘Ма федари бафтудæй. Бакувта Уасгергимæ: – Йа, Уасгерги, рамæйервæзун кæнæ. Уасгерги имæ фæззиндтæй ‘ма ин загъта: – Æз дæу райервæзун кæндзæнæн, ду дæр кæд Мæн гъуддаг исрæвдзæ кæндзæнæ, уæд. – Мæ бон ци гъуддагæн цæуа, Уой исрæвдзæ кæндзæнæн, Мæ бон кæмæн нæ цæуа, Уомæй ба дин зæрдæ не ‘вæрун. Рацудæнцæ еумæ, Уасгерги загъта: – Æфсатимæ мин мийнæвар фæууо, Æ кизги ин корун. Дзурд ин равардта Комиай-фурт: – Мæ хæццæ рацо, ‘ма ‘й исгъуддаг кæндзинан. Бацудæнцæ Æфсатиймæ ‘ма ин загъта: – Аци кизги туххæй берæ мæститæ æрхастай, Нур ба дин Уасгерги дæ кизги коруй, ‘Ма мин мæ дзурдæн аргъ искæнæ. Æфсати ин загъта: – Ду ке зæгъай, уобæл дугкаг зæгъæн нæййес,– ‘Ма бафедудтонцæ. Еци бонæй фæстæмæ Комиай-фурт хæларæй цæргæ байзадæй Æфсатий хæтдзæ дæр, Уасгергий хæтдзæ дæр. Райдзурдта Тобойти Цицеу Дзæрæхмæти фурт. Нийфинста Толасти Андрей, 1927 анз, 23 февраль, Киристонгъæу. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 15, 8 п., 208 – 210 ф.

136


ХЪÆРÆУ ÆФСАТИЙ РÆСУГЪД КИЗГИ ЗАР Хъæрæу Æфсатийæн рæсугъд кизгæ адтæй, Берæ коргутæ ин æй ку адтæй, Изæдтæ, идаугутæ ин æй курдтонцæ, Æгас дуйней адæнтæ ин æй зудтонцæ. Еу изæр донмæ куд рацудæй, Уотемæй ин æй дони билæй раскъавдæ ‘й. Еци хабар Æфсатимæ байгъустæй: – Дæ кизгæ дин раскъавдæ ‘й дони билæй! Хъæрæу Æфсати æ тæрних Фиаком лæдзæгæй хуаста: – Мæ зæронд мин мæ цæстæмæ бадардта, Кадæр мин аци гъуддаг исаразта. Берæ коргутæ мин æй ку адтæй. Алли бон уæладзуги бадтæй. Хори фурт Мæхæмæт æй курдта, Æ мийнæвæрттæ ин фæстæмæ сурдтон, Ку нæ ин æй равардтон, – Хор мин æй басодздзæнæй, зæгъгæ. Ку ин кувтон берæ бæнтти цæргæ. Мæйи фурт Мæсæмæт мин æй курдта, Ехæнæй мин рамæлдзæнæй, зæгъгæ, нæ ‘й равардтон. Нур ба ци кæнон?! Рацæунмæ мин уæргутæ ку нæбал е, Ракæсунмæ мин цæститæ ку нæбал е… Уæд загъта: – Уæларв Курдалæгон – Ме ‘рдхуард лимæн, уомæ цæуон. Уæларв Курдалæгонмæ цæун байдæдта, Ку схъæрттæй Æфсати, уæд имæ Курдалæгон рауадæй тургъæмæ. Æфсати ин «бонхуарз» загъта,

137


Е дæр ин «æгас цо» загъта, салан равардта: – Кæми адтæ, мæ зæронд лимæн, Зæрондæй хумæтæги не ‘рбацудтæ? – Кадæр мæ бафхуардта, Мæ еунæг кизги мин раскъавдæ ‘й, Мæ зæронд мин мæ цæстæмæ бадардæ ‘й, Нур ба ести унаффæ бакæнæ, – Уæд нивæ æма амондæй бацæрæ. Уоци дзубандитæ куд кодтонцæ, уотемæй имæ Комиай-фурт Хæзни комæй низзардта: – Хъæрæу Æфсати, Дæ кизгæ – нивгун, амондгун, Сесанæ дин æй фæххæссуй Уæларв Софиай зæппазæмæ. Изæдтæ, идаугутæ æ хæтдзæ адтæнцæ, Уасгерги, Никкола æ хæтдзæ бадтæнцæ. Уæд имæ Курдалæгон дзоруй: – Цæуæн медæгмæ, раковæн. Медæгмæ бацудæнцæ, бакувтонцæ, Нивæ, амонд Хуцауæй ракурдтонцæ, Уæхæн кувдтитæ махбæл дæр æрцæуæд, Нивæ, амонд нæ хæтдзæ æрцæрæд. Нийфинста Темирати Данел, 1912 анз, 17 ноябрь. Æ радзорæг бæрæг нæй. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. 14, 7 п., 676–677 ф.

138


МАДÆ МАЙРÆНИ ЗАР Киндзæ ‘рветгæй Дæлæ и будури киндзæ исцæуй, Уой киндзи, уой алай! Уомæн æ еу усхъæбæл – хори рохс тунтæ, Уой киндзи, уой алай! Уомæн е ‘ннæ усхъæбæл – мæйти мæйрохстæ, Уой киндзи, уой алай! Уомæн æ дигиза – Мадæ хуарз Майрæн, Уой киндзи, уой алай! Уомæн æ къохбæлхуæцæг – уацæ Уасгерги, Уой киндзи, уой алай! Уомæн æ киндзæ ‘мбалтæ – фидæ Никкола, Уой киндзи, уой алай! Сæумон идаугутæ ‘ма изæйрон Уацеллатæ, Уой киндзи, уой алай! Еци адæнтæн ци арфæ адтæй, Уой киндзи, уой алай! Аци киндзæн дæр Хуцау уоци арфæ раттæд, Уой киндзи, уой алай! Æ радзорæг бæрæг нæй. Гарданти Михали къохфинститæй. «Гарданти Михал. Уадзимистæ.», Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 203-204 ф.

139


АЛАУРДИЙ ЗАР Рохс Алаурди, табу дин кæнæн, Уой, табу, табу æхецæн, уой, табу! Сугъзæрийнæ нæдтæбæл фæххæтæ! Уой, табу, табу æхецæн, уой, табу! Цæгати хуар – дæ бæгæнийаг, Уой, табу, табу æхецæн, уой, табу! Хонсари мæнæуæ – дæ къерейаг, Уой, табу, табу æхецæн, уой, табу! Борæ нæлфустæ, рæсугъд уæлитæ дин Нивондæн æвгæрддзинан, Уой, табу, табу æхецæн, уой, табу! Æнæуосæ лæхъуæнтæ дин – къерехæсгутæ, Уой, табу, табу æхецæн, уой, табу! Æнæ киндзицуд кизгуттæ дин – къерегæнгутæ, Уой, табу, табу æхецæн, уой, табу! Нæуæг ностæлтæ дин – донхæсгутæ, Уой, табу, табу æхецæн, уой, табу! Æ радзорæг бæрæг нæй. Гарданти Михали къохфинститæй. «Гарданти Михал. Уадзимистæ.», Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 207 ф.

140


ХУАРЕЛДАРИ ЗАР Хуарелдар, Никкола, Уасгерги ‘ма Мадæ-Майрæн Рацудæнцæ дæлæ будурмæ хумæ кæнунмæ. Уасгерги готондар адтæй, Никкола – сæрбæл хуæцæг, Мадæ-Майрæн – муггагдзау, Хуари Уацелла ба муггагтауæг адтæй. Даргъ ауæдзтæ, фæтæн хумтæ æркодтонцæ. Еци анз уонæн ци хуар æрзадæй – Уæрццæ æ буни симдта, Уæрдун æ сæрбæл зилдæй – Аци анз нæ хумти еци хуар фæззайдзæнæй. Æ радзорæг бæрæг нæй. Гарданти Михали къохфинститæй. «Гарданти Михал. Уадзимистæ.», Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 209 ф.

141


ТОТУРИ ЗАР Махæн Тотур нæ фидбилизтæ фесафдзæнæй, Махæн Тотур нæ берекетбæл бафтаудзæнæй, Махæн Тотур устур Хуцаумæ баковдзæнæй, Устур Хуцауæй нин хуæрзеугутæ ракордзæнæй, Махæн Тотур рæдау изæдтæй дæр ракордзæнæй, Алли хуарзæй нæ хуæрзæфсес фæккæндзæнæнцæ. Тотур махæн рæсти гъæдæй готæнттæ кæндзæнæй, Еци готæнттæн Курдалæгон æфсæнтæ кæндзæнæй, Еци готæнттæбæл Тотур-игурд æстгай гали исефтиндздзинан. Даргъ ауæдзтæ, фæтæн хумтæ уæд кæндзинан. Тотур махæн Æфсатийæй ракордзæнæй, Сæргин сæгтæ нин Уæд дæтдзæнæй. Фонси Фæлвæрайæй дæр ракордзæнæй, Фонсæфсес нæ фæккæндзæнæй. Рохс Тæтæртуппæй Дæр нин ракордзæнæй, Будури хуарздзийнæдтæй нин хуарз Лæвæрттæ ракæндзæнæй. Рохс Алаурдийæй дæр нин Ракордзæнæй. Сæривулд нæ фæккæндзæнæй. Хуари Уацеллайæй дæр нин ракордзæнæй, Хуарæфсес нæ фæккæндзæнæй. Еци хуартæй устур кувдтитæ уæд кæндзинан, Еци хуартæй сау бæгæнитæ дæр уæд кæндзинан, Еци кувдти устур сау къостæй сау бæгæни уæд ниуаздзинан. Рагон устур зартæ уæд кæндзинан. Нæ кæрæдзей берæ дæр уæд уарздзинан. Махæн Тотур нæ фидбилизтæ фесафдзæнæй, Махæн Тотур ци хуарз æй! Фæйнæ-фæйнæ раниуазæн. – А хæдзарæн авди бæркад! Райдзурдта Хъубадти Елхъан Хъурмани фурт, 23 август, 1927 анз. Дзæуæгигъæу. Нийфинста Дзагурти Губади. ЦИГСÆИ-й архив, Дзагурти Губадий фонд, 1 æр., 13 гъ., 121–122 ф.

142


ИДАУÆГ Табу, табу, не ‘Дауæг! Алтаматæн, не ‘Дауæг! Нæ сæр хезæг, не ‘Дауæг! Нæ нез сорæг, не ‘Дауæг! Не знаг сорæг, не ‘Дауæг! Нæ бæлццæнттæ æмбурд кæмæ кæнунцæ, не ‘Дауæг! Нæ мæнгæйтæ стур кæмæ кæнунцæ, не ‘Дауæг! Не ‘знæгутæ федаунгæнæг æма хæстæгутæ æмбурдгæнæг, Не ‘Дауæг! Уосгор лæхъуæнтæ дæр æнгъуд ци бæрæгбонмæ кæнунцæ, Е дæр не ‘Дауæг! Уæ нæ сосæгхуар, не ‘Дауæг! Уæддæр дин табу кæнæн, не ‘Дауæг! Райдзурдта Гетъоти Дзанхот,1899 анз, Хæрес. Нийфинста Собити Инал. ЦИГСÆИ– й архив, фольк. № 75, 36 п., 103–104 ф.


АЛЛИХУЗИ ЦАРДИУАГОН ЗАРТÆ

БАСИЛТИ ЗАР Уæ, басилтæ, басилтæ! Хуарз басилтæ, гъой, гъой! Гъой, уе ‘фсийни лæхъуæн фæууа! Гъой, уæ хецау саг рамара! Махæн басийлаг раттайтæ, раттайтæ! Цъæх авгидзаг – цъæх арахъ, цъæх арахъ! Сау гъосини – сау бæгæни, сау бæгæни! Цæхцæхгæнгæ цæхгун фарс, цæхгун фарс! Не ‘ртæ къерей, не ‘ртæ къерей, Радæттетæ, радæттетæ! Уæ, басилтæ, басилтæ ! Фæууæмæцæуæн, Кæд цæлæмбуд айтæ, нæ уæмæ цæуæн. Фæстæмæ цæуæн! Нийфинста Цомайти Хадзирæт, 3 январь, 1926 анз. Æ радзорæг бæрæг нæй. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 47 – 16, 24 п.

144


ДИГОРОН БАСИЛТÆ Сæдæ сæдæ рацæуй фæрæтгинтæй, Еума сæдæ – тадзингинтæ. Æ гъæдæрмæг ин Зурни коми самадтонцæ, Е ‘ндзалæ ин Расти коми рауагътонцæ. Уомæн æ фæрстæ малхъи гъунæй стардтонцæ, Уомæн æ зæнхæ изæлу æма хизæй барст, Уомæн уæларвæй сæдсугон рæхис уагъд ес Дæргътæ-мæргътæ. Уой уæле – фусфицæн фусавар. Уой фæсте ба борæ нæл фус – фусæвгарст, Уой буни ба – цæхцæхгæнгæ фезонгутæ, Уони рази – гургургæнгæ сæ бийнонтæ, Уонæн сæ хецау размæ цæуагæ адтæй, Кæцæй гал æма кæцæй гъог ласагæ адтæй. Уорс хонхæй ибæл уорс галау ниййæмбохуй, Сау хонхæй сау галау ниййæмбохуй. Зурæ дон ибæл зуртæ-зуртæ уæд ку цæуй. Уадæхсийнæ æхсин къæйтæ уæд ку гæлдзуй, Е дæр æхсин гæрзæ уæд ку рабæдтуй. Æстаун æй нæ гъæуй – хуæдæстуд æй. Уæларвбæл æй хъæртдзигъа ниййасмуста, Дæлæ будури ‘й дæ уæйгæнæг Бадзиргон ку бадæндта. Кертибийти Кертибий дзурдтæй финст. Мæхческæ, 2 ноябр, 1903 анз. Гарданти Михали къохфинститæй.

145 10* Заказ №1424


МЕДМОСИ ИНАЙÆ Медмоси инайæ, Арси луби лупп-лупп! Иуазгутæ – фæндараст. Фусунтæ – хуæрзæ бонæ! Медмоси инайæ, Арси луби лупп-лупп! Æфсийнæмæ базарæн, Нæ ковæггаг сау бæгæни. Цъæх авги дзаг цъæх арахъ, Фезонгутæ цæхцæхгæнгæ. Медмоси инайæ, Арси луби лупп-лупп! Æфсийнæ ‘й рарветдзæнæй; Хецау æй раковдзæнæй. Медмоси инайæ, Арси луби лупп-лупп! Нæ готæнттæ – рæстефтонг, Тотуригурд сау галтæ Уонæбæл ефтигъд ку уодзæнæй… Медмоси инайæ, Арси луби лупп-лупп!

146


Даргъ ауæдзæ, фæтæн хумтæ Уæд ку кæндзинан! Нивгун нæмуг багæлдздзинан, Хуарзад фæууодзинан. Истур кувдтитæ ‘й ку кæндзинан, Фарни зар уæд кæндзинан. Медмоси инайæ, Арси луби лупп-лупп! Æфсатиймæ базарæн: Фæндаггаг нин ку дæтдзæнæй Къæлæлдари сæгтæй сæдсигон саг! Медмоси инайæ, Арси луби лупп-лупп! Райдзурдта Туйгъанти Тæтæрхъан, 1921 анз, 23 октябрь, Дзæуæгигъæу. Нийфинста Дзагурти Губади. ЦИГСÆИ-й архив, Дзагурти Губадий фонд, 1 æр., 13 гъ., 191–192 ф.

147


ЕС ХУАР Еси мæлгъæ ратахтæй, Ес хуар, ес хуар! Моси кæрæбæл ниббадтæй, Ес хуар, ес хуар! Æфсийнæ имæ рацудæй, Ес хуар, ес хуар! ‘Ма ‘й æ думæггаги ниввæруй, Ес хуар, ес хуар! Медæггойнæмæ ‘й бахæссуй, Ес хуар, ес хуар! ‘Ма ‘й дзоллаги авари астъойни ниввæруй, Ес хуар, ес хуар! Еци дзоллаг – сæрæй есгæ ‘ма бунæй ахедгæ, Ес хуар, ес хуар! Уасгерги ‘ма Никкола – æмхæтинттæ, æмбадинттæ, Ес хуар, ес хуар! Адæмæн ци хуарз, гъе, уобæл зилдæнцæ, Ес хуар, ес хуар! Дзубур кæнун сæ зæрди æрифтудæй, Ес хуар, ес хуар! Тотурти ин бавналдтонцæ æ кæнунмæ, Ес хуар, ес хуар! Тотури конд – е ‘фсой, Ес хуар, ес хуар! Тотури конд – æ ар, Ес хуар, ес хуар, Тотури конд– æ гинонæ, Ес хуар, ес хуар! Тотури конд – æ хумвæйнæг, Ес хуар, ес хуар! Тотури конд – е ‘фсæйнаг,

148


Ес хуар, ес хуар! Къалæрдомæ бацудæнцæ, Ес хуар, ес хуар! Къæлæт сæртæ æрбаздахтонцæ, ‘Ма син Къалæрдомæ ивазунцæ, Ес хуар, ес хуар! Атæ фонс нæ ‘нцæ, Ес хуар, ес хуар! ‘Ма сæ рауадзунцæ, Ес хуар, ес хуар! Цилпæ сæртæ исæздахунцæ, Ес хуар, ес хуар! Цилпæмæ син ивазунцæ, Ес хуар, ес хуар! Атæ дæр адæмæн фонс нæ ‘нцæ, Ес хуар, ес хуар! ‘Ма сæ рауадзунцæ, Ес хуар, ес хуар! Се ‘нсургинтæмæ ниццæунцæ, Ес хуар, ес хуар! Уони дæр ибæл исефтиндзунцæ, Ес хуар, ес хуар! Етæ дæр æнсæрттæмæ ивазунцæ, Ес хуар, ес хуар! Атæ дæр фонс не ‘суодзæнæнцæ, Ес хуар, ес хуар! ‘Ма сæ рауадзунцæ, Ес хуар, ес хуар! Тотуригурд сау галтæ, Ес хуар, ес хуар! Уорс билæ ‘ма уорс сиутæ, Ес хуар, ес хуар! Уони дæр ибæл исефтиндзунцæ, Ес хуар, ес хуар! Даргъ ауæдзтæ, фæтæн хумтæ æркæнунцæ, Ес хуар, ес хуар! Еци анз уонæн хуар æрзадæй, Ес хуар, ес хуар!

149


Уæрццæ æ буни симдта, Ес хуар, ес хуар! Уæрдун æ сæрбæл зилдæй, Ес хуар, ес хуар! Етæ адæмæн хуарз фонс æнцæ, Ес хуар, ес хуар! Гецати Аслани дзурдтæй финст. Мæхческæ. 10 окт.,1903 анз. Гарданти Михали къохфинститæй. «Гарданти Михал. Уадзимистæ.», Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 209-211 ф.

150


БÆГÆНИЙ ЗАР Еси мæлгъæ уæд фæттахтæй, Ес хуар, зæгъетæ! Æхсæрæ къотæрбæл – бор хумæллæг, Ес хуар, зæгъетæ! Уомæй цъеу ку рахуардта, Ес хуар, зæгъетæ! Зæнхæмæ е уæд рахаудтæй, Ес хуар, зæгъетæ! Нарти Орæзмæг уой иссеруй, Ес хуар, зæгъетæ! Сатанамæ ‘й е æрбахæссуй, Ес хуар, зæгъетæ! Мæнæуи цæстæмæ ‘й е бахæссуй, Ес хуар, зæгъетæ! Мæнæуи цæсти ‘й е ку ниввæруй, Ес хуар, зæгъетæ! Сæрæй есгæ æма бунæй ахедгæ е ку фæууй, Ес хуар, зæгъетæ! Цъеу уоми ку æрæскъетуй, Ес хуар, зæгъетæ! Сатана сагъæс уобæл уæд байдайуй, Ес хуар, зæгъетæ! Орæзмæги лæмбунæг уæд ниффæрсуй, Ес хуар, зæгъетæ! Æ хабæрттæ ин е ку æркæнуй, Ес хуар, зæгъетæ! – Гъе, нур бæгæни цæмæй кæнгæ ‘й? Ес хуар, зæгъетæ! – Хуари ‘лдари бафæрсетæ, Ес хуар, зæгъетæ! – Сау бæгæни – хъæбæрхуарæй,

151


Ес хуар, зæгъетæ! – Е ‘нтауæн ба цæмæй кæнгæ ‘й? Ес хуар, зæгъетæ! – Нарти Сатанай бафæрсетæ, Ес хуар, зæгъетæ! – Е ‘нтауæн ба – æхсæрæ къотæрбæл – бор хумæллæг, Ес хуар, зæгъетæ! Е ‘нтауæн ба уомæй кæнгæ ‘й, Ес хуар, зæгъетæ! – Ранинæйхæссай сау бæгæни, Нарти Сатана! Ес хуар, зæгъетæ! – Ранинæйковай, Нарти Орæзмæг, Ес хуар, зæгъетæ! Дзæбæх бæнттæ ибæл мах фæууинæн, Ес хуар, зæгъетæ! Дзæбæх зартæ ибæл мах никкæнæн, Ес хуар, зæгъетæ! ЦИГСÆИ-й архив, Дзагурти Губадий фонд, 21 п. Радзурдта æй Гадати Тазе. Нийфинста Дзагурти Губади. Дзæуæгигъæу, 03.09.1930 анз. «Нартæ», Дзæуæгигъæу, 2005 анз, 53 – 54 ф.

152


ЦÆЛИЛОЙТÆ ÆМА УÆЛИЛОЙТÆ Цæлилойтæ æма уæлилойтæ, Уæй, нæ бæлццæнттæ дин фонсæйдзаг, Фонсæй æма фæрнгун фонсæй! Уæй, нæ дзубуртæ ‘нцæ рæстефтонг, Тонг æма æцæгæй рæстефтонг! Нæ хуймонтæ хуарæфсес, Хуар æма хъæбæрхуар æфсес! Æ радзорæг бæрæг нæй. Гарданти Михали къохфинститæй. «Гарданти Михал. Уадзимистæ.», Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 209 ф.

153


УОНАЙИ ЗАР Уой, уонайи уонай, уонай! Нарти нæртон Сатана сæдæ гъунемæй Урузмæгæн нимæт кодта. Алли муггагæй фæйнæ кизги бæргæ æрхонуй, Нæудæс æма цуппаринсæй кизгемæ Фæйнæ гъуни бæргæ равардта, Уой, уонайи уонай! И кизгуттæй алке дæр æ гъуни хай бæргæ райста, Нарти нæртон Сатана сæ астæу бæргæ исбадуй ‘Ма син алли зари сæр ку хаста, Уой, уонайи уонай, уонай! Нарти нæртон Сатана сæмæ æ цæститæ ниййирд кодта, Уалдзигон цъеуау, цъæбар-цъубур кизгуттæ кæнунцæ, ‘Ма си Сатанайæн æ зæрдæмæ неке бацудæй. Æрæгиау ба Алумбегати Алибеги еунæг кизгæ Айсана-рæсугъди бæргæ исхонуй. Уой, уонайи уонай! Æ гъуни хай ин бæргæ багæлдзуй, ‘Ма ин алли зари сæр ку æркæнуй. Айсана æ цъухæй хъипп дæр не суадзуй. И нимæт бæргæ исцæттæ уй. ‘Ма и еунæг Айсанай ба æ фуртæн, Тайсанайæн, уосæн бæргæ æруорамуй. Уой фæсте ба рарветуй алли кизги дæр Бæхуæрдунæй сæ хæдзæрттæмæ,

154


Уой, уонайи уонай! Къуæрей бонмæ сæмæ бæргæ рарветуй Алумбегатæмæ, Кæрдзини хуæрдæмæ сæ исхонуй сæ хæдзарæмæ. ‘Ма сæ сæдæ лæгемæй ку фæххинцуй хъæбæр хуарз, ‘Ма уой фæсте ба Нарт æма Алумбегати Каййесдзийнадæ ку æрфедар æй. Уой, уонайи уонай! Уой, уонайи уонай!

«ПНТО, в.2», 1927 анз. 146-147 ф. Кæлухти Елмæрзай дзурдтæй Гарданти Михали финст. Уæхъæцæ, 10.07.1926 анз.

155


УОСТИТИ ЗАР Еумæйаг кусти Киста-киста Кистала, Будтутæмæ фустæ уа, Уони хезæг ку нæ уа, Гула Дахий ку нæма, Дахи уой надæй ку мæла, Сæ артбæл къумæл ку уа, Уой есæг ку нæ уа, Ейæ сæ артбæл ку кæла. Райдзурдта Хъиргъути Геуæрги, 26 сентябрь, 1927 анз. Нийфинста Толасти Андрей. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 15, 8 п., 126 ф.

156


УОСТИТИ ЗАР Цъопп æхсингæй Мели-мели Мелика, Тукъа меди Сасинка, Хъегъæлæгти æскæрдзин, Толæгæдти хъæбæр цихт, Седзæрæн си нæ фæтгуй, Фидирай фæууай, мæнæ карк. Æхсæвæ кæнис бони уаст. Дигори хæлеу Донифарс, Мах фæууæн уони фарс, Æрсинхæссетæ гъоги фарс, Ранинхæссетæ гали фарс. Райдзурдта Хъиргъути Геуæрги. Нийфинста Толасти Андрей, 26 ноябрь, 1927 анз, Уæхъæцæ. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 15, 8 п., 125 ф.

157


КИЗГУТТИ ЗАР Киндзи цæугæй Киндзхонтæ-еу ку æрбадиуонцæ, уæд кизгуттæ сæ кæрæдзей къохтæбæл ниххуæциуонцæ, сæ сæргъи æрлæууиуонцæ ма фитдзаг хестæрмæ базариуонцæ, уæдта уой дæллæй уомæ, уотемæй се ‘гасемæ дæр. – Уæй, Зула, Зула, Зула! Æртæ кизги бадунцæ, Астæуккаги ба фаунцæ. Раскъæфуй æй, ке аккаг æй, е. Зула дин зæгъæн. Хестæрмæ дзорунцæ: Дæ хай нин радтæ, Æнæ фæстæмæ фæккæсгæй. Е дæр син æ хай радтуй, Куд æмбæлуй, уотæ. Уæд иннæ хестæрмæ низзариуонцæ: – Зула дин зæгъдзинан, Дæ хунæ нин радтæ, Кенæдта дин дæ зæгъуйнаг зæгъдзинан. Æ хунæ син, куд æмбалдæй, уотæ нæ равардта, ‘ма имæ нæуæгæй бабæй низзардтонцæ. – Дæ закъæ – гудунмæрзæн, Авд гъунемæй – дæ комбос. Еунæг гъунæй – дæ тарбос. Фæстагдæр иуазæгмæ сæхе бахатунцæ: – Зула дин зæгъæн:

158


Нæ мæкъустæг нæхе гъæуй, Истурбæл æй ку æрбадарай, Дæ къох фæрнæй уæд бадарай, Минкъийбæл æй ку бадарай, Уæдта ‘й дæ къохи Æрдæгбæл æрбадарай. Зула дин ку загътан, ‘Ма дæ къох мæнгæйбæл Ку ‘рбадардтай. ‘Ма уомæ дæр бабæй дзорунцæ заргæй: – Дæ закъæ – гудунмæрзæн, Авд гъунемæй – дæ комбос, Еунæг гъунæй ба – дæ тарбос. Райдзурдта Магкити Цæпбо, 105-анздзуд, 25 август, 1927 анз, Къаматæ. Нийфинста Толасти Андрей Сандири фурт. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 15, 8 п., 2–3 ф.

159


ЗУЙЛАТÆ Уæ, зуйла! Зуйла! Хъубадтæмæ! Зуйла! Æртæ кизги! Зуйла! Къæразги размæ! Зуйла! Бадунцæ! Зуйла! Кæрдунцæ! Зуйла! Хуйунцæ! Зуйла! Содзийни бунмæ Кæсунцæ! Зуйла! Айки хъозгæ! Туй сухсун! Нийфинста Собити Инал. 1895 анз, Киристонгъæу. Æ радзорæг бæрæг нæй. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. №11, 67 п., 381–382 ф.

160


ÆНА Æскъæфт кизги катайтæ Ох, Æна, ци кæнон? Ох, Æна, куд цæрон? Æнамæ мин ка бадзора? Ох, Æна, ци кæнон? Ох, Æна, куд цæрон ? Æнай-æной кумæ цудтæн? Далæ будури цъæх бæхгинтæ. Сæ къохти ба цъæх æрцитæ. Нанай кизги хæсдзæнæнцæ. Мæ уорс бауæр гæппæлгæйттæ Уони къохæй бауодзæнæй, Бæлæстæбæл байзайдзæнæй. Мæ сау дзикко бæндзуггæйттæй Коко синдзи бауодзæнæй. Нанамæ мин бадзоретæ. Мæ содзийнæ – хуйуйнаги, Мæ ‘нгурстеунæ – фæсти коми, Мæ фæрдгутæ – нæ рагъæнбæл. Тæходуйтæ, куд ма цæрон?! Ме ‘нсувæртæн сæ минкъий дæр Мæ ‘намондæн – мæ гъæргæнæг, Уомæй хестæр, мæн агоргæй, Пихси буни байзайдзæнæй. Нана уони куд феронх уа! Нæ фæсдуармæ – мийнæвæрттæ, Мæнмæ гæсгæй, зелдзæнæнцæ, Нана, уонæн ци зæгъдзæнæ? Нана, уонæн ци кæндзæнæ? Мæ киндздзæгтæ нæ рагъæнбæл

161 11* Заказ №1424


Сæрсæргæнгæй лæудзæнæнцæ. Нанай кизгæ идард бæсти Уой имисгæй, игаудзæнæй. Цъæх бæхгинтæ цъæх æрцитæй Мæнæн мæ цард бакалдтонцæ. Æнай-æной кумæ цудтæн? Æнай æной куд цæрдзæнæн? Ох, Æна, ци кæнон? Ох, Æна, куд цæрон? Райдзурдта Мамаонти Косе, 8 июнь, 1920 анз, Киристонгъæу. Нийфинста Гарданти Михал. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 163–6, 51 п., 29–31 ф.

162


КИЗГАЙЙИ ФÆЗЗÆГИ ЗАР – Ой, Гадзи, рауай-ра, мах ба дæлæ и будурмæ ниффардæг уæн. Уæд Гадзи дзоруй: – Ой, лæхъуæн, будур хъали будур æй. – Ой, Гадзи, рауай, æдта мах ба Уазамæ исфардæг уæн. – Ой, лæхъуæн, Уаза ба уазал бæстæ ку æй. Уæд ибæл лæхъуæн заруй: – Ой, Гадзи, фестæфтуд робасау уорсдæлахъур ку дæ, Ой, Гадзи, Терки бабузау сергæ дзæуагæ ку дæ, Кизгайти кизгæ, сугъди рæууесау Уорс лæбæз ку дæ, æрфуггин ку дæ, Хуасдзау лæхъуæни цæмæн æгадæ кæнис?! Нийфинста Темирати Данел. Æ радзорæг бæрæг нæй. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 14, 7 п.,30 ф.

163


КИЗГАЙЙИ ЗАР Уæй, дæ кизгайи хай ку уайдæ хорти хор, мæйти мæйрохс. Уæй, гъой, райдæ. Уæй, Терки бабузау – уорс дæлахъур. Уай, уай, изæрæй æрцæугæй, хæдзарæмæ бауайгæй, Уай, рацæугæй, дан, дæ кизгаййи дзæбæхдзийнæдтæмæ, Уа, уай, дæ зæрдæ рæуæггæнгæ ку цæудзæнæй косунмæ. Уай, уай, æрцæугæй ба фæлмæн уат фæллад лæгæн Ци ‘хцæуæн æй. Райдзурдта Тегати Слангери, 1898 анз, Хæрес. Нийфинста Собити Инал. ЦИГСÆИ-й архив фольк. № 11, 67 п., 355 ф.

164


ГУАССÆ-РÆСУГЪДИ ЗАР З а р г у т æ. Ой, Гуассæ, рæсугъд Гуассæ, Тасолтанти æхсин-æфсийнæ! Г у а с с æ. Тасолтантæй мæ ма хонетæ, ма, – Етæ сæ кизгутти уæйæ кæнунцæ! З а р г у т æ. Ой, Гуассæ, рæсугъд Гуассæ, Ци кадæ, ци ном дин мах иссерæн? Г у а с с æ. Цитгин фæууотæ, о мæ хортæ, Мæ ном мæ хæтдзæ мæнæн райгурдæй. З а р г у т æ. Дæ сау æрфгутæ, дадалитæ, Сунти базуртау, æрттевунцæ. Г у а с с æ. Сунт, халон мæ ма хонетæ, ма, Е, кæми хуали, уордæмæ тæхуй. З а р г у т æ. Дæ дзиккоти бид, рæсугъд Гуассæ, Саулохи барцæй хуæздæр федауй. Г у а с с æ. Саулох бæхбæл дæр мæ ма баретæ, – Æнккæтей бунæй е ку фелвæсуй. З а р г у т æ. Дæ дууæ цæсти, рæсугъд Гуассæ, Налхъут-налмастау ку гъазунцæ!.. Г у а с с æ. Гъе, уотæ дæр мин сæ ма хонетæ, – Уонæбæл адæмтæ исæфунцæ. З а р г у т æ. Дæ фæрдуг билтæ, сурх уадæлттæ, Сурхфазæ фæткъуйау æрттевунцæ. Г у а с с æ. Фæткъухуз дæр мæ ма хонетæ, Биццеутæ уомæ хъæбæр бæллунцæ! З а р г у т æ. Уорсдæлахъур, хъазæ-хъургин, рæсугъд Гуассæ, Денгизи уорс хъазæй уорсдæр ку дæ! Г у а с с æ. Денгизи хъаз дæр мæ ма хонетæ, Е дæр денгизти æгæр фæббадуй! З а р г у т æ. Де схудт, де сдзурд, рæсугъд Гуассæ, Борæмæлгъи ‘взаг æвдесунцæ!

165


Г у а с с æ. Мæлгъон æвзаг мæн ма хонетæ, Маргъ æнæ бæстæ, æнæ хæдзарæ æй! З а р г у т æ. Уæддæр дæ мадта, ци хонæн, Гуассæ, Дидили бабузау ду ку дæ, ду. Г у а с с æ. Дидили бабуз мæ ма хонетæ, ма, Е дæр æ думæг æгæр фæттелуй! З а р г у т æ. Ой, Гуассæ, паддзах-Гуассæ, Уæрæсей мадæ æхсин-æфсийнæ!.. Г у а с с æ. Уотæ дæр мæ ма хонетæ, ма, – Паддзах адæмти фидхуар хуннуй. З а р г у т æ. Нæ кадгин, радгин, рæсугъд Гуассæ, О, мæгур лæги дарæг æфсийнæ! Г у а с с æ. Гъе, уотæ ба мæ хонетæ, гъе, – Хæзнати хæзна æй лæги дзæбæх! З а р г у т æ. ‘Ма дин дессаг, устур дессаг, Ду косæг лæгмæ ци цард агорис? Г у а с с æ. Хæдзарæ, бæстæ косæг зæгъуй. Уоси цард рæсугъд кустæй цæуй. Райдзурдта Гарданти Бæрег Хъайтухъи фурт, 15 февраль, 1920 анз. Нийфинста Гарданти Михал. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 164,1 п. 84–88 ф.

166


ТОЛДЗÆ Уой, толдзæ, толдзæ! Æз гъазтмæ цæун ку байдæдтон, Кизгуттæ уинун уæд байдæдтон. Рæсугъди уинун ку байдæдтон, Мæхецæн æвзарун уæд райдæдтон. Кизги мадæ, дин, уой ку базудта, Уæд æй нимæхсун ку байдæдта. Уой кизги фидæ ку базудта, Идардбæл дзорун уæд байдæдта. Кизгæ уой æхуæдæг ку базудта, – Еунæгæй кæунтæ ку райдæдта. Уой, толдзæ, толдзæ! Нийфинста Хъазбегти Хъазбег, 1936 анз, Мæздæг. Æ радзорæг бæрæг нæй. «Ирон адæмы сфæлдыстад», 1949 анз, Дзæуæгигъæу.

167


ТЕРКИ БИЛÆБÆЛ ДЗАРАХАН Терки билæбæл Дзарахан, Дзарахан. Æрбаймæцудæй æ мадæ, æ мадæ. – Дзарахан, Дзарахан! Дæ буранæй мæ багæлдзай, багæлдзай. – Æз, – зæгъуй, – дæу нæ зонун, нæ зонун, Мæ буранæй дæ нæ гæлдзун, нæ гæлдзун. Сау гъæди муркъитæ талинги нæ зиннунцæ, Нæ зарунцæ мæлгъитæ. Æ хуæрæ имæ æрцудæй, æрцудæй. – Дзарахан, Дзарахан! Дæ буранæй мæ багæлдзай, багæлдзай. – Мæ буранæй дæ нæ гæлдзун, нæ гæлдзун, Зонгæ дæр дæ нæ кæнун, нæ кæнун. Сау гъæди муркъитæ талинги нæ зиннунцæ, Нæ зарунцæ мæлгъитæ. Æ лимæн имæ æрцудæй, æрцудæй. – Дзарахан, Дзарахан! Дæ буранæй мæ багæлдзай, багæлдзай. – Æз, – зæгъуй, – дæу ку зонун, ку зонун. Мæ буранæй дæ ку гæлдзун, ку гæлдзун. Сау гъæди муркъитæ ниррохс æнцæ, Зарунцæ мæлгъитæ. Райдзурдта Туати Лизæ Антъони кизгæ, 82-анздзуд. Дзæуæгигъæу, 1956 анз. Нийфинста Салæгати Зоя.

168


КЕПЕНА Уой, кепена ка нæ зæгъа, Уой, уой, кепена! Размæ дæр, дан, кепена, Уой, уой, кепена! Фæстæмæ дæр – кепена, Уой, уой, кепена! Рахес къохæй – кепена, Уой, уой, кепена! Галеу къохæй – кепена, Уой, уой, кепена! Тумбул зилдæй – кепена, Уой, уой, кепена! Темирати Заурбеги дзурдтæй æй ниффинста Скъодтати Эльбрус. Дзæуæгигъæу, 1995 анз, Геуæргобай мæйæ.

169


ТАУКЕЙ ЗАР Дуйней рæсугъд – Тауке, Бæрзонд тæрних – Тауке, Къæлæт æрфуг – Тауке, Ходгæ цæстæ – Тауке, Даргъ тæфалæ – Тауке, Цæргæс æмвиндз – Тауке, Сурх уадолæ – Тауке, Фæрдуг билæ – Тауке, Уорс дæндаг дæр – Тауке, Сау дæндаг дæр – Тауке, Аййев цæггъос – Тауке, Хъун-хъул дзигко – Тауке, Уорс дæлуахъур – Тауке. Хъазæ хъургин – Тауке. Дæргъæлвæс æй – Тауке,

170


Нарæг астæу – Тауке, Гурведауцæ – Тауке, Тасæ-уасæй – Тауке, Сергæ цæуй – Тауке, Ходгæ дзоруй – Тауке, Адæм-лимæн – Тауке, Мудæвзаг æй – Тауке, Кадгин уод æй – Тауке, Лæги кадæ – Тауке, Кади ходæ – Тауке, Царди рохс æй – Тауке. Бæстæбæл хуарз – Тауке. Берæ цæрæд – Тауке. Райдзурдта Гарданти Бæрег Хъайтухъи фурт, 27 январь, 1921 анз, Киристонгъæу. Нийфинста Гарданти Михал. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 164-1, 51 п., 89–91 ф.

171


АЛИМÆРЗА-БИМÆРЗА Алимæрза-Бимæрза, Къæсса-мæсса бимæсса, Дзæкъол-мæкъол бор баркъи, гъей! Киндзæхсæвæри æртæ къерей, Карки мард, сæ фарсмæ ба Фиццаг уайæн карз арахъ, гъей! Баниуазæ, Еристау, Нæ дин дæттун æз æфстау, Хæлар дин уодзæнæй, гъей! Устур Хуцау низзæгъуй, Никколамæ никковуй. Карз арахъæй фенцъолуй, гъей. Æ сæр ибæл разелуй, Сæнттæ цæгъдун байдайуй, Къæдзтæ-мæдзтæ фæццæуй, гъей. Ма дзоретæ расугмæ, Фæххуæцдзæнæй дæндагæй, Фæннæндзæнæй лæдзæгæй, гъей. Дæ хузæ ба мудхуз æй, Мæлгæ кæнис фудхузæй, Дæ уиндæй дин ку тæрсæн, гъей. Сæгъи фæрскъæй бор басæ, Рахуппитæ си ласæ, Иссердзæнæ дæ уасæ, гъей. Алимæрза-Бимæрза, Гæсса-мæсса бимæсса, Дзæкъол-мæкъол бор баркъи, гъей. Зардтонцæ ‘й Цæлкости Гæлæу æма Хæмицати Васгæ. Нийфинста 1980 анзи 78-анздзуд Гæлæуæй Сурх-Дигори Цакъоти Руслан Саулæги фурт.

172


НÆУÆГ ИГУРД СУВÆЛЛОНБÆЛ КУД ЗАРИУОНЦÆ РАГОН ДЗАМАНИ Сувæллон ку райгуридæ, уæд еу уоститæ æрæмбурд уиуонцæ ‘ма сувæллони авдæни бабæттиуонцæ, æ мади рази ‘й æривæриуонцæ авдæни ‘ма ин зæгъиуонцæ мадæн: «Ра ‘й уозæ, – зæгъгæ, – дæ сувæллони». ‘Ма ‘й рауозидæ мадæ уотæ дзоргæй: «Боллай-боллай, Дæ цирти бæстæн дин Хуцау Бузуни хуми бунат раттæд». Иннæ уоститæ: «Оллай-Оллай, Æ цирти бæстæн ин Хуцау Бузуни хуми бунат ратдзæнæй». Райдзурдта Гецати Бадели, 1 август, 1927 анз, Мæхческæ. Нийфинста Толасти Андрей. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 15, 8 п., 168 ф.

БУЗУНИ ХУМИ ТУХХÆЙ Наргъи коми фарсмæ бæрзонди ес еу хумæ æма нæ фиддæлтæй æрæййафтан æ ном – «Бузуни хумæ», зæгъгæ. Уоци гæппæл, æвæдзи, Бузунæн хумæ адтæй. Уæдта Бузун ку рамардæй, уæд æ кадгин хумгонд байзадæй æма си, кадгин ке адтæй, уомæ гæсгæ уæлмæрдтæ скодтонцæ. Сувæллонæн, хуссун гæнгæй, дзориуонцæ: Булла-булла, Бузуни хуми дин – Цирти бууат. Райдзурдта Гецати Биса,75-анздзуд. Мæхческæ, 24 июль,1940 анз. Нийфинста Хъазбегти Хъазбег. ЦИГСÆИ-й архив,фольк. № 110, 88 п., 53 ф.

173


СУВÆЛЛОН АВДÆНИ БÆТГÆЙ ЗАР Булла-булла, буллатæ, Дæге-дæге, дæгетæ, Нæннæ, мæ хор, фæгъгъос уо! Уалæ хъахъа ратæхуй, Хъахъа нæ, фал хъæндел æй. Булла-булла, дæгетæ, Минкъий адæм – бæхтæбæл, Берди – дзæгъар æфсæбæл, Кудзин æхсин – къæлæубæл, Гамакей бæх – бор бæх, Бор, бæхи думæг ка бидта, Булла-булла, буллатæ, Сирдон бидта, тæх бидта, Къумæлхийтæ ‘й ракодта. Гъо, Сирдон! Гъо, Сирдон! Дæ еу фат мин раттæ, Де ‘ннæ фатæй ци кæнис? Ме ‘знæгти фæссорон, Мæ хæстæгути æрхонон. Булла-булла, буллатæ, Тæрхъос æ гъосæй æрласон… Райдзурдта Хъиргъути Геуæрги, Уæхъæцæ, 26 сентябрь. Нийфинста Толасти Андрей 1927 анз. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 15, 8 п., 126–127 ф.

174


ХЪАХЪА Уæлæ хъахъа ратæхуй, Хъахъа нæ, фал хъæнделæг. Адæм – æнккæт – бæхтæбæл; Сирдон – къæлæу æфсæбæл. Арви дуар баигон æй, Уомæй бор бæх рацудæй, Бор бæх нæй, фал сæнт сурх бæх. Бæхи думæг ка бидта? Сирдон бидта, тæх бидта, Фæразгæ ба ‘й нæ кодта, Къумæлхийтæ ‘й ракодта, Бази буни ‘й рацавта. – Нарти Сирдон, уæ Сирдон! Дæ еу фат мин радтай! – Мæ еу фатæй ци кæнис? Еунæг фат дин цæмæн æй? – Саг си марон, ху марон, Тæрхъос æ гъосæй æрласон; Нанайæн æй гъар кæрцæ, Бабайæн ба – арф ходæ. Мæхческæ, 21 окт., 1899 анз. Æ радзорæг бæрæг нæй. Гарданти Михали къохфинститæй. «Гарданти Михал. Уадзимистæ.» Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 218 ф.

175


ЦÆУОН ГЪÆУТÆМÆ Цæуон, цæуон гъæутæмæ! Гъæути надбæл ци ‘ссерон? Къотæррæбун – гъуни корк, Уой хурфи ба – сæрвасæн. И сæрвасæн – нанайæн, Нана мæнæн – гугко; Еци гугко – гатдзайæн, Е ба мæнæн – сау къæбис; Гъиггаг къæбис – фиййауæн, Фиййау мæнæн – борæ нæлфус. И бор нæлфус – Хуцауæн, Хуцау ба мин – уарундзæг, Фæлмæн æртæх – раст зæнхæн, Е ба мæнæн – цъæх халсар. Зæнхи сойнæй – гъолон гъог Къибилайдзаг хæсдзæнæй. Мæхческæ, 21 окт., 1899 анз. Æ радзорæг бæрæг нæй. Гарданти Михали сæрмагонд архив. «Гарданти Михал.Уадзимистæ.» Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 218-219 ф.

176


ÆХСИРИ ЦИГОН КÆМÆН УА И уорс æхсир кæмæн уа? Цигонидзаг ка цума? Гегæ‘й кизгæн и цигон. – Нæннæ, мæ хор, нæ дæдтун, Гегæй кизгæ ке кæна, Фуддæр æзнаг уой кæна. Гъиз-гъиз кæнуй ’ма тъифсуй, Хуæддзогæ цард агоруй, Тæгæнабæл не ‘нвæрсуй, Гъолгун авдæнтæ коруй, Зæрин бæттæнтæ амонуй, Фест буйнагмæ нæ комуй. Гъиз-гъиз кæнуй ‘ма тъифсуй, Хуæддзогæ цард агоруй, Авдæни бæттун нæ комуй, ‘Ма уотемæй фæтътъæпп æй. Мæхческæ, 21 окт., 1899 анз. Æ радзорæг бæрæг нæй. Гарданти Михали сæрмагонд архив. «Гарданти Михал.Уадзимистæ.» Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 219 ф.

177 12* Заказ №1424


ТÆРНА Цице, булла, цицетæ! Булла, цице, хухотæ! Идзаг цигон – æхсирæй Æз дæтдзæнæн тæрнайæн. Боститæ е нæ кæнуй, Гебенай дæр бахуссуй, Цогæ цардбæл нæ кæуй, Сог æргъонæй фæххæссуй. Хуæнхаг лæгау къулдундух, Фæтæнреу лæгой тæрна! Къæскъæсгæнгæ соги ‘ргъон Хускъ бæрзитæй æрхæссæ! Соги æргъон – и пецæн, Е ба махæн – анзи хахъ, Хеггон кæрдзин, гур-гур арт, Цæсти рохс ‘ма уоди цард. Мæхческæ, 21 окт., 1899 анз. Æ радзорæг бæрæг нæй. Гарданти Михали къохфинститæй. «Гарданти Михал.Уадзимистæ.» Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 219-220 ф.

178


КУЙЙИ ГАГКÆ Дæхе гагкæ, дæхе гагкæ! Куййæн дæр æй нæ дæттæн. Хуар си хæсса, мæнæуæ, – Царди хуасæ е фæууæд! Медазгъунст раст нæхемæ, Хуари уæрми дæ гагкæ Тъупп-тъупп кæнæд æгасæй, Дæхе фæндон, æдасæй, Зупп-зупп кæнæд дæ гагкæ. Мæнæуæйдзаг уæрмити Бафæзгъазæд, бафæразæд Дæу фæлгъаун æ бæсти. Мæхческæ, 21 окт., 1899 анз. Æ радзорæг бæрæг нæй. Гарданти Михали сæрмагонд архив. «Гарданти Михал.Уадзимистæ.» Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 220 ф.

179


ГОТДЗА Дæге, дæге, дæгеца, Сугъзæрийнæ – дæ гоцца! Зæлдагæй ба – дæ цаца Налхъут налмæсти хæццæ, Кæрдæг æндон – де ‘фсæнбун, Борæ болат – де ‘хсаргард, Федар мæсуг – де ‘хсæвеуат, Хуæрзидзаг ба – дæ рæбун. Сире къела – дæ бадæн, Берæ цæра нæ кадæн. Хъæртдзигъа ‘ндзаст – дæ цæстæ, Æрвæнкъабаз – дæ цæнгтæ, Хонхæмведар – дæ фæрстæ, Айкæ ‘млигъз ба – дæ ростæ. Æрсæмдухæ – дæ тухæ. Берæгъзæрдæ – дæ зæрдæ, Мегъæмдзо ‘ма уадæмуай, Нивгун уод дæ мадæн уай! Мæхческæ, 21 окт., 1899 анз. Æ радзорæг бæрæг нæй. Гарданти Михали сæрмагонд архив. «Гарданти Михал.Уадзимистæ.» Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 220 ф.

180


УÆЛÆ ХАЛОН ХЪУАХЪ КÆНУЙ Уæлæ халон хъуахъ кæнуй, Тæгæнай серæ туппур кæнуй, Касин серæ дингир кæнуй. Кæлихи, каликъо, Фæрæскъæтти – дзæгъæлзад. Æхсинцъæ лæдзæг – скъуддзаг, Сæ куй – фæд агор. Се ‘фсийнæ – лæг агор, Сæ уедгутæ – хъæлæба, Сæ гæбæт – гæбар-губур! Райдзурдта Хадати Данæ. Нийфинста Толасти Геуæрги. 1927 анз. 5 сентябрь. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 17, 9 п., 57 ф.

181


СЕДЗÆРТИ ХОР Седзæрти хор, Тагъд ракæсæ! Мах, мæгуртæ, Тухстæй мæлæн… Мах, седзæртæ, Дæумæ бæллæн! Хор-зæрийнæ, Дæуæн цæрæн! Мах уарунæй, Цъифæй тæрсæн... Æрра халон, Еу ратæхæ! Мах нæ цъифтæ Дæуæн дæттæн. Дæ сортæмæ Хицæ кæнæн. Нийфинста Гарданти Михал. Æ радзорæг бæрæг нæй. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 164–1, 51 п., 79 ф.

182


ÆРТАЙГÆЙ САБИЙТÆ ЗАРУНЦÆ I Хор, ракæсæ, Хор, ракæсæ, – Цъеути мадæ Сæйгæ кæнуй. Нæуæг ностæ Кæрдзин кæнуй. Зæронд нана Къумæл цæгъдуй. Гъомбæл кизгæ Къумтæ сæрфуй. Мах, седзæрти, Æфсадунцæ, Æфсес цард нин Аразунцæ. II О, халон, Дæ сортæ – мæн, Мæ цъифтæ – дæу. Нийфинста Гарданти Михал, 1920 анз, 9 июнь, Владикавказ. Æ радзорæг бæрæг нæй.. Гарданти Михали къохфинститæй ист.

183


БИЛЛИУЙ, БИЛЛИУЙ Биллиуй, биллиуй, Гого, гого, гог-рæбунтæ. Бодух хъадир – цъæрна-мæрна, Сарти гæна, Дууæ ‘рфуги. Пахсаригон курæтгинтæ, Задæлески зæрингурдтæ, Гемарамæ фиугунтæ, Хъахъхъидормæ хъæбунтæ. О, Гулæр – цæмæдес, Æхсæргини – уæ фæдес, Дзинагъамæ – уæ цъинг-цъинг, Гедигинмæ – уæ лæу-лæу. – Ой, мæгуртæ, уотæ лæу-лæу Цæмæ кæнтæ? Не ‘лдартæн æхцæуæн æй, Сау хæрæг син æхсæвæр æй. Æ радзорæг бæрæг нæй. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 46, 3 п., 21 ф.

184


СУХСУН Сувæллæнтти гъазунти билилиу Ка сдзора, ка сдзора… Уæлæ хонхи æдкъерппатæ Хæрæг адтæй! Уомæн æ рагъбæл Устур кæнон æма сункъæ адтæй! И хæрæг билæй рахаудтæй! Мæнæ ами ниттуппур æй, Ниддæнгæл æй! Ка сдзора, ка сдзора… Е и хæрæгæн æ сункъæй – хунц, Æ басæй – цунд! Тпуу! Сухсун! Биццеутæ сæхе нигъгъос кæнунцæ æма архайунцæ, цæмæй си еу еске раздæр исдзора, кенæ ба исхода. Аллихузæн ходæг миутæ къуæттиагау æвдесунцæ. Фиццагдæр ка исрæдуйа, е фæууй хæран, æма и билилиу уомæ цæуй. Гарданти Михали къохфинститæй. «Гарданти Михал. Уадзимистæ.» Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз.

185


ФАДÆ ФÆСТÆ Сувæллæнтти гъазунтæй Фадæ фæстæ, Фæд æлхойнæ! Еци гъазтбæл сувæллæнттæ сæ къилдунтæ кæрæдземæ рахатунцæ, сæ кæрæдзей цæнгтæй кæрæдзей сæ фæсонтæмæ раргъувæ-баргъувæй, дзорунцæ: «Фадæ фæстæ, фæд æлхойнæ!» Гарданти Михали къохфинститæй. «Гарданти Михал. Уадзимистæ.» Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз.

186


АГЛА, ДОГЛА Сувæллæнттæ (биццеутæ) рæнгъæй исбадунцæ ‘ма сæ къæхтæ радарунцæ. Биццеутæй сæ еу райсуй лæдзæг æма уæллæй дæлæмæ къæхтæ цæвгæ рацæуй æма дзоруй: – Агла, догла, Æхседæга, фæриндæга, Дзаггин, дзуггин, Хъойрагъ, хъустун, Сагæн æмбал, Фæндаг, къурц! Фæстаг дзуд «къурц» кæбæл æруайа, уой къах ниццæвуй. Ке къах ниццæва, е гъæуама исиста æ бунатæй; нимайæг гъæуама исбада дæллæй, иннетæ ба сæхе раййевонцæ сæ бунæттæй. Уой фæсте бабæй нæуæг нимайæг райдайуй гъазт нæуæгæй. Гарданти Михали къохфинститæй. «Гарданти Михал. Уадзимистæ.» Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз.

187


АГКÆ, ДУГКÆ Агкæ, дугкæ, Дувалугкæ. Нæ дæлтугур – Зæрватугтæ. Дзидзом, дзæндæл, Хъуст. Маке кæнæд Зуст. Гарданти Михали къохфинститæй ист. Мухургонд ма æнцæ цубуртæй киунуги «Гарданти Михал. Уадзимистæ», Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз.


БÆХФÆЛДЕСУНИ ÆГЪДАУ, ДАДÆЙ ÆМА ГЪАРÆНГИТÆ

ДИГОРИ БÆХФÆЛДЕСУНИ ДЗУБАНДИ Хуарз лæг адтæй, рамардæй, Æ ингæн рохс адтæй, Æ мæрддзаг уорс адтæй, Уомæн догъ адтæй, Амæн дæр догъ уодзæнæй. Терк-Торки бæхæргъауæй Аци бæх рартастонцæ. Аци адæнæй мæн рартастонцæ Хуарз æнæтæрегъæд лæгæн. Лæхъуæн райгурдæй, Дзедзегин ин нæ лæудтæй, Авдæнгин ин нæ лæудтæй. Цæппо-лæппо рацæй, Кæнтæ-дæлмагуртæ ‘й енцег фæххастонцæ. Уой фæсте и лæхъуæн рамардæй, Рохсаг уæд. Мæрдтæмæ цудæй, Бæх ин н ‘адтæй. Терк-Торки бæхæргъау Хузæдзæгати хизтæнцæ. Рахес фæрсти фæлгæсгæ иссудæй,

189


Галеу фæрсти фæлгæсгæ æрцудæй, Æ аккаг бæх не ссирдта. Уасгергий бæхæргъау Тарæкоми хизтæнцæ. Рахес фæрсти фæлгæсгæ иссудæй, Галеу фæрсти фæлгæсгæ æрцудæй, Æ аккаг бæх не ‘ссирдта. Уасгергий æртæ æфсоргъи фескъуддзаг æнцæ, Æхсири цадæ – сæ донниуазæн, Æхсæри къотæр – сæ бонасадæн, Мурдтун кæрдæг – сæ бонхезнæ, Калакаг æрхи тæбæгъи Дзæбодур сайæн рахесмæ бадаруй – Раззæгутæй цæвуй, Галеумæ ‘й бадаруй – Фæстæгтæй цæвуй. Астæуккагмæ ‘й бадаруй – Сабур ин разиндтæй. Денгизмæ ‘й нилласта, Айкæ вдулд æй искодта, Сапойнæ вдулд æй искодта, Æ дзиндзæ ‘рдо ин исзиннун кодта, Дзиндзæ барцæ, Дзиндзæ думæг, Æргъеу дæндаг, Болат сæфтæг, Цæпбозур билæ, Мурау– æ гъос. Æвзестæй цæфхæдтæ искодта, Сугъзæрийнæй зæгæлтæ искодта, Нийбæл сæ сагъта, Дахран салæй авд царемæй саргъ искодта, Есхъæди цъарæй – æ ласæнтæ, Сибулдзи цъарæй – æ идонæ. Рабадтæй. Цæунтæ байдæдта, Дзæндзег ибæл иссудæй, Дзæрæндзег ибæл иссудæй. – Изæд æрцудæй, – загътонцæ, – Идауæг æрцудæй, – загътонцæ.

190


– Изæд дæр нæ дæн, Идауæг дæр нæ дæн. Гъæулимæн адтæн, Хæстæг хæссæг адтæн, Знагсæттæг адтæн. Тогагор адтæн, Мæрдтæмæ цæун, Гъæуаггин дæн, Гъæуаггинæй мæ ма рауадзетæ. – Гъай-гъай дæ нæ рауадздзинан. Дзæндзег рафестæг æй, Æма ин хуарз æфтаугитæ равардта, Дзæрæндзег рафестæг æй, Æма ин хуарз æлвасæнтæ равардта. Басæфарста: – Мæ фæндаг куд уодзæнæй? – Цæугутæ дæбæл исæнбæлдзæнæй, Уони бафæрсдзæнæ. Райарфæ кодтонцæ кæрæдземæн. Цæун байдæдта. Хори фурт Мæхæмæт ибæл иссудæй, Мæйи фурт Мæсæмæт ибæл иссудæй, Гъæздуги фурт Хæмæтхъан ибæл иссудæй, Фæрнуги фурт Сæмæтхъан ибæл иссудæй. – Изæд æрцудæй, – загътонцæ. – Идауæг æрцудæй, – загътонцæ. Изæд дæр ку нæй, Идауæг дæр ку нæй. – Уасгергий æфсоргъ бæхæн ку ласун. Изæд дæр нæ дæн, Идауæг дæр нæ дæн. Гъæулимæн адтæн, Хæстæгхæссæг адтæн, Знагсæттæг адтæн, Тогагор адтæн, Гъæуаггин дæн, Гъæуаггинæй мæ ма рауадзетæ. – Гъай-гъай дæ нæ рауадздзинан.

191


Хори фурт Мæхæмæт рафестæг æй, Æма ин хуарз думетонг равардта, Мæйи фурт Мæсæмæт рафестæг æй, Æма ин хуарз сæргъбæттæн равардта, Гъæздуги фурт Хæмæтхъан рафестæг æй, Æма ин хуарз гъæст идойнæ равардта, Фæрнуги фурт Сæмæтхъан рафестæг æй, Æма ин хуарз зæлдагæ думæг æхсæ равардта, Басæфарста: – Мæ фæндаг куд уодзæнæй? – Дæ фæндаг куд уодзæнæй?! Еу уосæмæ бахъæртдзæнæ, Конгъæдæ – æ содзийнæ, Гъесинбæндæн – æ фæдзæл, Уотемæй зæнхи скъудтæ хуйуй, Кæрæдземæ ин нæ хæтдзæ кæнунцæ, Хуцауи хъиамæттæ сæбæл кæнуй. – Дессаг, е ба цæмæн уотæ ‘й? – Е ба уомæн уотæ ‘й: Æхе лæгæн æставд худта, Еске лæгæн листæг худта. Æ мæрдти над унгæг æй, Фæндагсодзæг хузесæг æй, Изолти си рацо, Дæ фæндагæн дин Рахилæ кæндзæнæй. Уомæй уоддæр ку бацæуай, Еу уосæмæ бахъæртдзæнæ, Айкæ рæвæйнæй бæттуй, Нæ ин ибæл хъæртуй, Хуцауи хъиамæттæ йбæл кæнуй. – Дессаг, е ба цæмæн уотæ ‘й? – Е ба уомæн уотæ ‘й: Синхони карк имæ ку низзаидæ, Синхонæн æй нæ лæвардта, Æхецæн æй уорæдта. Æ мæрдти над унгæг æй, Изолти си рацо,

192


Дæ фæндагæн дин рахилæ кæндзæнæй. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Еу уосæмæ бахъæртдзæнæ, Сæдæ татхай астæу бадуй, Æ думæггæгтæбæл цъæх зæлдæ рауадæй. Лæкъæрдæ къæпе – æ къохи, Дууæ татхай бæркад ин си нæййес. – Дессаг, е ба цæмæн уотæ ‘й? – Е ба уомæн уотæ ‘й: Æ бийнонти нæ хаста, Синхонти нæ уарзта, Хæстæги нæ азта. Æ мæрдти над унгæг æй. Изолти си рацо, Дæ фæндагæн дин Рахилæ кæндзæнæй. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Еума уосæмæ бахъæртдзæнæ Дууæ татхай астæу бадуй, Сæдæ татхай берекет ин си ес. – Дессаг, е ба цæмæн уотæ ‘й? – Е ба уомæн уотæ ‘й: Уæлæбæл æ бийнонтæ хаста, Синхони уарзта, Хæстæги азта, – Æ мæрдти над урух æй, Хæстæг имæ бацо, Байфæрсæ, Устур бæстæмæ цæудзæнæ, Ке дин зæгъа – Дæ гъосалгъи ‘й бахæссæ, Райзæгъæ. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Еу уосæмæ бахъæртдзæнæ, Дууæ гъоги доцуй, Сæдæ гъоги берекет ин си ес. – Дессаг, е ба цæмæн уотæ ‘й? – Е ба уомæн уотæ ‘й.

193 13* Заказ №1424


Æмæ уæлæбæл æ бийнонтæ хаста, Синхони уарзта, Хæстæги азта, Æ мæрдти над урух æй. Хæстæг имæ бацо, Байфæрсæ. Ке дин зæгъа – Дæ гъоси алгъи ‘й бахæссæ, Райзæгъæ. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Еума уосæмæ бахъæртдзæнæ, Сæдæ гъоги доцуй, Дууæ гъогей берекет ин си нæййес. Дессаг, е ба цæмæн уотæ ‘й? – Е ба уомæн уотæ ‘й: Уæлæбæл æ бийнонтæ Нæ хаста, Синхони нæ уарзта, Æ мæрдти над унгæг æй. Фæндаг содзæг, хузесæг æй. Изолти си рацо, Дæ фæндагæн дин Рахилæ кæндзæнæй. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Еума уосæмæ бахъæртдзæнæ, Къумæли къустелæ – е ‘рагъи, Хæрдмæ ибæл имисуй, Урдугмæ ибæл кæлуй. – Дессаг, е ба цæмæн уотæ ‘й? – Е ба уомæн уотæ ‘й: Уæлæбæл, къумæл цæгъдгæй, Къумæлгор бацæугæй, Къумæл нæ лæвардта. Æ мæрдти над унгæг æй, Изолти си рацо, Дæ фæндагæн дин Рахилæ кæндзæнæй. Уомæй уоддæр ку бацæуай –

194


Авд надемæ бахъæртдзæнæ, Авд надей астæу Гадздза дæргъæмæй хуссуй, Æ хурфæй къæбистæ рæйунцæ. – Дессаг, е ба цæмæн уотæ ‘й? – Е ба уотæ уомæн ‘й: Ардиги æндæмæ Адæм сæ мадæ, сæ фиди коммæ Нæбал кæсдзæнæнцæ, Æнæгъолийæй дзордзæнæнцæ. Æ мæрдти над унгæг æй, Фæндаг содзæг, хузесæг æй. Изолти си рацо, Дæ фæндагæн дин Рахилæ кæндзæнæй. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Лæг æма уосæмæ бахъæртдзæнæ, Галдзар – сæ буни, Галдзар – сæ уæле, – Къилдун фæлдæхтæй хуссунцæ, Нæ сæбæл хæтдзæ кæнуй. – Дессаг, е ба уотæ цæмæн уотæ ‘й? – Е ба уомæн уотæ ‘й, Уæлæбæл кæрæдзей нæ уарзтонцæ, Мæрдти дæр кæрæдзей нæ уарзунцæ, Сæ мæрдти над унгæг æй, Фæндаг содзæг, хузесæг æнцæ, Изолти си рацо, Дæ фæндагæн дин Рахилæ кæндзæнæй. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Лæг æма уосæмæ бахъæртдзæнæ, Тæрхъосдзар – сæ буни, Тæрхъосдзар – сæ уæле, Дæлхъур-уæлхъурæй хуссунцæ. – Дессаг, е ба уотæ цæмæн æй? – Е ба уомæн уотæ ‘й: Уæлæбæл кæрæдзей берæ уарзтонцæ,

195


Мæрдти дæр кæрæдзей Берæ уарзунцæ. Сæ мæрдти над урух æй, Хæстæг сæмæ бацо, Басæфæрсæ. Ке дин зæгъонцæ, Дæ гъосалгъи ‘й бахæссæ, Райзæгъæ. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Тæрхони бадæг лæгтæмæ бахъæртдзæнæ, Фæруæ къелатæбæл бадунцæ, Фæруæ лæдзгутæ – сæ къохи. Цæрмин кæрцитæ – уæлæфтау, Цæрмин ходтæ – скъел хатт, Ниссæбæл систæ ‘нцæ, Ниссæбæл лискъæ ‘нцæ. – Дессаг, е ба уотæ цæмæн æй? – Е ба уомæн уотæ ‘й, Æма – растæн – хæран тæрхон, Хæранæн – раст тæрхон Етæ кодтонцæ. Сæ мæрдти над унгæг æй, Фæндаг содзæг, хузесæг æнцæ. Изолти сæ рацо, Дæ фæндагæн дин Рахилæ кæндзæнæнцæ. Уомæй уоддæр ку бацæуай, Тæрхони бадæг лæгтæмæ бахъæртдзæнæ. Сугъзæрийнæ къелатæбæл бадунцæ, Сугъзæрийнæ лæдзгутæ – сæ къохи, Лисхъин кæрцитæ – уæлæфтау, Салходтæ – скъелхатт. – Дессаг, е ба цæмæн уотæ ‘й? – Е ба уомæн уотæ ‘й: Уæлæбæл растæн – раст тæрхон, Хæрамæн – хæрам тæрхон. Сæ мæрдти над урух æй. Хæстæг сæмæ бацо,

196


Басæфæрсæ. Ке дин зæгъонцæ, Устур бæстæмæ цæудзæнæ, – Дæ гъосалгъи ‘й бахæссæ, – Райзæгъæ. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Æртæ надемæ бахъæртдзæнæ, Дæллаг над – фæндагсодзæг, Уæллаг над – хузесæг, Астæуккагбæл бацæудзæнæ, Байраг бæх – æзнæмагæ, Битдзеу бадæг – æстъæлфагæ, Фадхъæдæ ‘ма фæдæрхъез, Сибулдзæ ‘ма тасæуес. Анæй дæр ма фæттæрсæ, Дзенети бакæсæн туппурмæ Бахъæртдзæнæ. Битдзеутæ дæмæ пæрпæргæнгæ Рауайдзæнæнцæ. Нана æрцудæй зæгъдзæнæнцæ, Баба æрцудæй зæгъдзæнæнцæ. Дæ дзиппæй дууемæн фæткъу исласæ, Басиниуарæ, басæрæвдауæ, Етæ дин бамондзæнæнцæ дзенети дуар… Се ‘нккæтебæл дæр бацæуй, Дзенети бакæсæн туппурмæ бахъæртуй, Битдзеутæ имæ пæрпæргæнгæ рауадæнцæ, – Нана æрцудæй, – загътонцæ, – Баба æрцудæй,– загътонцæ. – Нана дæр уин æрцæудзæнæй, Баба дæр уин æрцæудзæнæй. Æ дзиппæй дууемæн фæткъу исласта. Басиниурста, басæрæвдудта, Басæфарста: – Дзенети дуар мин байгон кæнтæ. – Дзенети дуар мах гъуддаги нæй. Нæ астæу сугъзæрийнæ æстуггин Лæхъуæн бадуй.

197


Дзенети дуар Уой гъуддаг æй. Пæрпæргæнгæ битдзеутæ Æ разæй бацудæнцæ. Хæрхæргæнгæ ин дуар байгон кодтонцæ, Гургургæнгæ ин адæн исистадæнцæ. – Ци дæ, циуавæр дæ, – Зæгъгæ ‘й бафарстонцæ. – Ци дæн, циуавæр дæн! Арзимайхуæ Зимайхи фурт адтæн. Æхсæвæ райгурдтæн, Бонæ Сослани æфсади фæццудтæн. Гори федар басастон. Æнагъомæй еци ном ке ракодтон, Уой туххæй мин Ай уалæнгæ бунат рацудæй. – Уæлæмæ ‘й искæнтæ. Хæмици хæтдзæ æнбадинæ, Урузмæги хæтдзæ æнхуæринæ, Сослани хæтдзæ æнхæтинæ. Уæлæмæ ‘й искодтонцæ. Нур дзенети Барастури рахес фарсæй бадуй. Еци марди уоди бæстæ аци марди дæр уæд. Нийфинста Темирати Данел. Æ радзорæг бæрæг нæй. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 14–33, 7 п., 261–275 ф. Аци финст хъæбæр хæстæг æй В. Миллери текст «Бæхфæлдесун»-мæ («Осетинские этюды, Москва, 1881, 1 в.», 112 – 118 ф).

198


БÆХФÆЛДЕСУН – Хуцау! Табу дæуæн, Хуцау! Мард дæр, æгас дæр ду скодтай. Хуарз лæг адтæй, Хуарз лæг рамардæй, Æ марддзаг уорс адтæй, Е’нгæн рохс адтæй, Мæрдти Барастурæн лæхъуæн райгурдæй, Кантæ ‘й дæлмагурмæ енцег фæххастонцæ. Уомæн авдæнгин нæ лæудтæй, Дзедзегин дæр ин нæ лæудтæй. Ку сæнхæст æй, Канти бæхæргъаумæ ин Бæх агурдтонцæ. Æ агкаг бæх ин не ссердтонцæ. Уасгерий бæхæргъау Федарати федар коми хизтæнцæ, Зæнхфарк – сæ хуæруйнаг, Сау сауæдон – сæ ниуазуйнаг. Бæх æй фæййагурдтонцæ, Æ агкаг бæх æй не ссердтонцæ. Æфсоргъ æй æрластонцæ, Фæлмæнвад син разиндтæй. Уæларв Курдалæгонмæ ‘й фæлластонцæ. Сæлф зæгæлæй ибæл Болат цæфхæдтæ ниссагътонцæ. Æрæйластонцæ, бæхæн ин не сбæзтæй. Уасгерий бæхæргъау Хузæдзæгати хезунцæ. Галеу фæрсти фæлгæсгæ бацæуй, Рахес фæрсти фæстæмæ раздæхуй. Æ агкаг бæх æй не ссердта. Кæсунтæ, фæлгæсунтæ байдæдта. Æртæ æфсоргъи си фескъуддзаг æй,

199


Терк-Торки сакъадахи хезунцæ, Уайунтæ сæмæ байдайуй. Æрхи тæбæгъти син сайæн ракæнуй. Æхсæри къотæр – сæ бонасадæн, Мудгун кæрдæг – сæ хуæруйнаг, Æхсири цадæ – сæ цъухдон. Æ сайæн раззагмæ бадаруй, Æ раззæгутæй – цæвагæ. Фæстагмæ æй бадаруй, Æ фæстæгутæй – кæнагæ. Астæуккагæн ибилис – æ дæндаг. Хъæндзал – æ гъос, Дзиндзæ – е ‘рдо, Æргъеу – æ сæфтæг, Болат – æ уæраг. Сæдæ биди – æ барцæ, Сæдæ биди – æ думæг, Цæппозур – æ билæ. Мæгур лæг ибæл сибулдзи цъарæй æлвасæнтæ, Сосхъæди цъарæй е ‘донæ æрбакæнуй. Фæйбæл бадуй. Уайунтæ йбæл байдайуй. Ци бауайуй, Хуцау зонуй, Уæд еу лæг æма уосæмæ бахъæртуй, Уонæн галдзар – сæ буни, Галдзар – сæ сæрбæл. Райвазæ-байвазæ кæнунцæ, – Нецидæрмæ сæбæл хъæртунцæ. Къилдунвæлдæгъдæй хуссунцæ. Сæрфгæ мæ ракæнæ, Фæрсгæ мæ бакæнæ – Е ба цæмæн уотæ ‘й? Уæлæбæл дæр кæрæдзей нæ уарзтонцæ, Дæлæбæл дæр кæрæдзей нæ уарзунцæ, Фæндагсодзæг хузесæгæй. Ма сæмæ æригъосæ, Басæбæл евгъауæ. Уомæй уоддæр ку бацæуай –

200


Еу лæг æма уосæмæ бахъæртдзæнæ, Тæрхъосдзар – сæ буни, Тæрхъосдзар – сæ сæрбæл, Дæлхъур-уæлхъурæй хуссунцæ, Кæлгæ-уæлгæй сæбæл хъæртунцæ. Сæрфгæ мæ ракæнæ, Фæрсгæ мæ бакæнæ, – Е ба цæмæн уотæ ‘й? Е ба уомæн уотæ ‘й: Уæлæбæл – Хуцауи уарзон, Дæлæбæл – дзенети ахил. Басæмæ игъосæ, Дæ гъосаргъий бауадзæ, Æстур бæстæмæ цæудзæнæ, Æстур бæсти æй разæгъдзæнæ. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Еу уосæмæ бахъæртдзæнæ. Лæгурмæ – æ содзийнæ, Фæстæмæ е’ нгурстаунæ, Зæнхи скъудтæ – æ хуйуйнаг, Фидиуæндтæ кæнуй. Сæрфгæ мæ ракæнæ, Фæрсгæ мæ бакæнæ – Е ба уомæн уотæ ‘й? Уæлæбæл еске лæгæн Листæг худта, Æхе лæгæн Æставд худта. Хъиамæти бони æй федуй, Фæндагсодзæг хузесæг æй. Ма имæ æригъосæ, Ба ибæл евгъауæ. Уомæй уоддæр ку бацæуай, – Каурæбун гадздза сæйуй, Къæбистæ æ хурфæй рæйунцæ. Сæрфгæ мæ ракæнæ, Фæрсгæ мæ бакæнæ – Е ба цæмæн уотæ ‘й?

201


Фæстагонтæн Сæ зæрæндтæ – сæ игъосæг, Сæ лæхъуæнтæ – сæ зæгъæг, Фæндагсодзæг хузесæгæй. Ма сæмæ байгъосæ, Ба сæбæл евгъауæ. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Еу уосæмæ бахъæртдзæнæ, Сæдæ татхай гъæуай кæнуй, Еу татхай берекет ин си нæййес, Сæрфгæ мæ ракæнæ, Фæрсгæ мæ бакæнæ – Е ба цæмæн уотæ ‘й? Е ба уомæн уотæ ‘й: Седзæри нæ азта, Мæгури нæ уарзта, Æнæ берекетæй уомæн цæруй, Фæндагсодзæг хузесæг æй. Ма имæ байгъосæ, Ба ибæл евгъауæ. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Уосæ еу татхай сæргъи бадуй, Сæдæ татхай берекет ин æй ес. Сæрфгæ мæ ракæнæ, Фæрсгæ мæ бакæнæ – Е ба цæмæн уотæ ‘й? Е ба уомæн уотæ ‘й: Седзæри азта, Мæгури уарзта, Æхе хуарун нæ уарзта. Ба имæ игъосæ, Дæ гъосаргъий бауадзæ, Æстур бæстæмæ цæудзæнæ, Æстур бæсти ‘й разæгъдзæнæ. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Еу уосæмæ бахъæртдзæнæ. Сон лæуаргъ телуй, Таугæ дæр ин нæ кæнуй,

202


Æ къохтæ къуæллитæ кæнунцæ. Сæрфгæ мæ ракæнæ, Фæрсгæ мæ бакæнæ – Е ба цæмæн уотæ ‘й? Уæлæбæл æстонг бийнонтæн Æрмедауæ нæ кодта телгæ куройни. Фæндагсодзæг хузесæг æй, Ма имæ исдзорæ, Ба ибæл евгъауæ. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Еу уосæмæ бахъæртдзæнæ, Айкæ гъесин рæвæйнæй уæргъбаст кæнуй, Сæрфгæ мæ ракæнæ, Фæрсгæ мæ бакæнæ – Е ба цæмæн уотæ ‘й? Е ба уомæн уотæ ‘й: Уæлæбæл синхонти карк амæ задæй, Гъузæггади имæ цудæй, Фæндагсодзæг хузесæг æй, Ма имæ исдзорæ, ба ибæл евгъауæ. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Дууæ лæгемæ бахъæртдзæнæ, Дæлфæдтæй-уæлфæдтæмæ хуссунцæ, Сæдæ уаргъи æвзалу æвгæд – се’хсæн, Сæдæ кунци сæмæ хуарзарæзтæй думунцæ, Арахъау цæфсунцæ, Сæдæ уоси сæбæл дон калунцæ. Сæрфгæ мæ ракæнæ, Фæрсгæ мæ бакæнæ – Е ба цæмæн уотæ ‘й? Е ба уомæн уотæ ‘й: Уæлæбæл еске уоститæмæ Хицæ кодтонцæ, Æхцайæй сæ сайдтонцæ. Мæнг ‘ард сæбæл хуардтонцæ, Фæндагсодзæг хузесæгæй. Ма сæмæ исдзорæ, Ба сæбæл евгъауæ.

203


Уомæй уоддæр ку бацæуай – Еу лæгмæ бахъæртдзæнæ. Æвзестæ сире – æ бадæн, Æвзестæ фингæ – æ размæ. Æ хæдзарæ – хорæй идзаг, Æ тугуртæ – стъалутæй стард. Бодæ кæнуй хуæрзæсмаг. И лæг– æнхæст алцæмæйдæр. Сæрфгæ мæ ракæнæ, Фæрсгæ мæ бакæнæ – Е ба цæмæн уотæ ‘й? Е ба уомæн уотæ ‘й: Уæлæбæл тæрхони лæг адтæй, Растæн раст тæрхон кодта, Мæгурæн агъаз кодта. Нарти бæстæмæ – æ фæндаг. Ба имæ игъосæ, Дæ гъосаргъий бахæссæ, Æстур бæстæмæ цæудзæнæ, Æстур бæсти ‘й радзордзæнæ. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Еу лæгмæ бахъæртдзæнæ. Ехин фингæ – æ размæ, Ехин къела – æ бадæн, Ех – æ хуæруйнаг. Сæрфгæ мæ ракæнæ, Фæрсгæ мæ бакæнæ – Е ба цæмæн уотæ ‘й ? Е ба уомæн уотæ ‘й: Уæлæбæл тæрхони лæг адтæй, Рæстбæл некæд цудæй, Хъалтæн агъаз кодта, Мæгурти æфхуардта. Уомæ гæсгæ – æ тæрхон: Æносмæ ех – æ хуæруйнаг, Ех къела – æ бадæн, Фæндагсодзæг хузесæг æй, Ма имæ исдзорæ, ба ибæл евгъауæ.

204


Уомæй уоддæр бацæудзæнæ, Еума лæгмæ бахъæртдзæнæ. Лæууй, гал ин æ бецъотæ æууелуй. Сæрфгæ мæ ракæнæ, Фæрсгæ мæ бакæнæ – Е ба цæмæн уотæ ‘й? Е ба уомæн уотæ ‘й: Уæлæбæл, галæмбал уогæй, Æхе галæн хуæрун кодта, Еске галæн неци лæвардта. Уомæ гæсгæ æ тæрхон: Гал ин æууелуй æ бецъотæ, Фæндагсодзæг хузесæг æй, Ма имæ исдзорæ, Ба ибæл евгъауæ. Уомæй уоддæр бацæудзæнæ, Еу уоститæмæ бахъæртдзæнæ. Еугурæй дæр саудар лæуунцæ, Сæ разæй – куйтæ, Сæ фæсте – хæргутæ, Алли фидбилиз син кæнунцæ. Сæрфгæ мæ ракæнæ, Фæрсгæ мæ бакæнæ – Е ба цæмæн уотæ ‘й? Е ба уомæн уотæ ‘й: Ку рамардæнцæ сæ лæгтæ – Сæнагкаг æнцæ сæхуæдтæ, Саутæ сæ уæле æркодтонцæ Æма хæтунмæ февналдтонцæ, Сосæгкæй лæгтæ кодтонцæ. Нур ба син лæгтæ – Куйтæ æма хæргутæ, Фæндагсодзæг хузесæг æй. Ма сæмæ исдзорæ, ба сæбæл евгъауæ. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Еу уосæмæ бахъæртдзæнæ, Хъæбæр кæрдзини къæбæр – æ рази, Æндæр имæ неци ес.

205


Сæрфгæ мæ ракæнæ, Фæрсгæ мæ бакæнæ – Е ба цæмæн уотæ ‘й? Е ба уомæн уотæ ‘й: Иуазгутæ нæ уарзта, Лæгъуз-еу сæ хинста, Мæрдти надæй æй федуй, Фæндагсодзæг хузесæг æй. Ма имæ исдзорæ, ба ибæл евгъауæ. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Еу саугинмæ бахъæртдзæнæ, Е’гкой хæссуй стур хонх, Лæф-лæф гæнгæ фурвæлладæй. Сæрфгæ мæ ракæнæ, Фæрсгæ мæ бакæнæ – Е ба цæмæн уотæ ‘й? Е ба уомæн уотæ ‘й: Зæроба дæтгæй адæм не’фсаста, Фæндагсодзæг хузесæг æй. Ма имæ исдзорæ, Ба ибæл евгъауæ. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Еума уосæмæ бахъæртдзæнæ: Сæдæ гъоги доцуй, Еу гъоги берекет си нæййес. Сæрфгæ мæ ракæнæ, Фæрсгæ мæ бакæнæ – Е ба цæмæн уотæ ‘й? Е ба уомæн уотæ ‘й: Уæлæбæл æхе губун æфсаста, Хæстæги нæ хаста, Синхони нæ азта. Æ мæрдти надæй æй федуй, Фæндагсодзæг хузесæг æй. Ма имæ исдзорæ, Ба ибæл евгъауæ. Уомæй ку байевгъуйай – Еума уосæмæ бахъæртдзæнæ –

206


Дууæ гъоги доцуй, Сæдæ гъоги берекет ин си ес. Сæрфгæ мæ ракæнæ, Фæрсгæ мæ бакæнæ – Е ба цæмæн уотæ ‘й? Е ба уомæн уотæ ‘й: Уæлæбæл æхе губун нæ уарзта, Бийнонти æфсаста, Хæстæг хаста, Синхони азта, Уомæй ци дзурд фегъосай, – Стур бæстæмæ цæудзæнæ, – Дæ гъосаргъий бахæссæ, Стур бæсти æй разæгъæ. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Еума уосæмæ бахъæртдзæнæ. Уæрæми къустелæ æ рагъи даруй, Хæрдмæ ибæл имисуй, Урдугмæ е’фцæкъуати кæлуй. Сæрфгæ мæ ракæнæ, Фæрсгæ мæ бакæнæ – Е ба цæмæн уотæ ‘й? Е ба уомæн уотæ ‘й: Уæлæбæл, къумæл цæгъдгæй, Синхон къумæлгор бацæугæй, Уомæн къумæл нæ лæвардта. Изолти æй рацо, Фæндагсодзæг хузесæг æй. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Тæрхони бадæг адæммæ бахъæртдзæнæ, Фæурæ къелатæ – сæ бадæн, Фæурæ фингитæ – сæ размæ, Стур кæрцитæ – уæлæфтауæ, Бийнаг ходтæ – скъелхæттæ, Ниссæбæл систæ ‘нцæ, Ниссæбæл лискъæ ‘нцæ. Хуцау, дессаг! Е ба уотæ цæмæн æй?

207


Е ба уотæ уомæн æй: Уæлæбæл тæрхони адæм адтæнцæ, Растæн хæран тæрхон кодтонцæ, Хæранæн раст тæрхон кодтонцæ, Сæ мæрдти надæй æй федунцæ, Фæндагсодзæг хузесæг æй. Ма сæмæ æригъосæ. Идæрдти си рацо. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Еума адæммæ бахъæртдзæнæ, Æвзестæ лæдзгутæ – сæ къохти, Æвзестæ къелатæ – сæ бадæн, Æвзестæ фингитæ – сæ размæ, Стур кæрцитæ – уæлæфтауæ, Сæ ходтæ – скъелхæттæ, Хуцау, дессаг! Е ба уотæ цæмæн æй? Е ба уотæ уомæн æй: Уæлæбæл тæрхони бадæг адæм адтæнцæ, Растæн раст тæрхон кодтонцæ, Сæ мæрдти над урух æй. Уонæй ци фегъосай, – Стур бæстæмæ цæудзæнæ, – Дæ гъосаргъий бахæссæ, райзæгъæ, Баздæхæ, ба сæ фæрсæ. Баздæхуй, ба сæ фæрсуй. Дæллаг фæндаг, загътонцæ– фæндагсодзæг, Уæллаг фæндаг – хузесæг, Астæугкагбæл ниццæудзæнæ, Еу хедигъосмæ нихъхъæртдзæнæ, Мистити хедмæ нихъхъæртдзæнæ, Уоци хедбæл рæститæ рæсугъдæй цæунцæ, Мæнгæрдтæ, зулунтæ, дæлæмæ хаунцæ, Тикис æма куй хедбæл фæууиндзæнæ. Фæйнæг тикис лигъз кæндзæнæй, Дирзæг ба æй куй кæндзæнæй. Фатхъæдæ – ‘ма фæдæрхъез, Сибулдзæ – тасæн уес.

208


Байраг бæх – тæрсагæ, Битдзеу бадæг – стъæлфагæ. Уомæй дæр ма фæттæрсæ. Ниццæфтæ кæнæ дæ бæх, – фæууордæг уодзæнæ. Дзенетмæ бакæсæн туппурмæ бахъæртдзæнæ, Битдзеутæ дæмæ æхсири цадæй рауайдзæнæнцæ: – Нана æрцудæй, – зæгъдзæнæнцæ, – Баба æрцудæй, – зæгъдзæнæнцæ, – Баба дæр уин æрцæудзæнæй, – загъта, Нана дæр уин æрцæудзæнæй, – загъта, Æ дзиппæй дууемæн фæткъутæ исласуй, Ба син сæ иуаруй. – Над кæми æй, уой мин байамонетæ. – Над мах барæ нæ ‘й. Сугъзæрийнæ стуггин лæхъуæн рауайуй, Æ разæй фæрраст уй, Дзенети цъæх зæлдæбæл ин дуар бакæнуй, Дзенети дуар ин хæрхæргæнгæ бакæнуй, Гургургæнгæ и адæм исистунцæ, Уо, æгас цæуай иуазæг, Зæгъгæ, ин зæгъунцæ, – Кæми адтæ? Куд адтæ? – Арзимайхуæ –Зимайхи фурт адтæн, Ахсæвæ райгурдтæн, И бонæ Сослани æфсади фæццудтæн, Гори федар басастон, Æнагъомæй ном искодтон, Уой туххæн ба мин айуæнги фæндаг адтæй. – Уæлæмæ æй ракæнетæ, Сослани хæццæ æмхæтинæ куд уа, Урузмæги хæццæ æмбадинæ куд уа, Еци марди уоди бæстæ кæми æй, Аци марди уоди бæстæ дæр уоми уæд… Хамихъоти Тæкъой дзурдтæй æй ниффинста Собити Инал. Хонхи Дигорæ, 1898 анз.

209 14* Заказ №1424


БÆХФÆЛДЕСУН Цубургондæй Хуæрзрæвдзæ æма æнхæст лæгæй ни рахецæн дæ. Терк æма Турки æргъæутти фæййагурдтонцæ, Дуйней басгарстонцæ. Арвæн æ йалли кæрæнтти æрзилдæнцæ, Фал си дæу аккаг бæх не ссердтонцæ. Гъенур арви бор рагъбæл хезунцæ æртæ бæхи. Етæ æнцæ Уасгергий æртæ æфсурæги. Æрдузаги ахæсдзæнæ – Æ зæбæтæй дæ рæуегъдзæнæй. Кæронгкаги раласдзæнæ – Æстонг берæгъау дæмæ æ дæндæгутæй лæбордзæнæй. Астæугкаг фæндагбæл ледзæги фæууодзæнæй. Æма гъеууой хуарæй расайдзæнæ. Арви Курдалæгонмæ æй исхъæртун кæндзæнæ. Арви Курдалæгон дин æндон болатæй зæгæлтæ, Цæфхæттæ искæндзæнæй. Дæ бæхи сæфтæг-истæгбæл дин Цæфхæттæ ниссадздзæнæй. Сундакъæй дин æфтаугæ бахуйдзæнæй. Мæйи фурт дин Дæ бæхбæл е ‘донæ бафтаудзæнæй. Хори фурт дин Да бæхбæл сугъзæрийнæ саргъ исæвæрдзæнæй. Æма гъеуæд рæвдзæ дæ. Дæ бæхбæл рабаддзæнæ. Урдуги дин нæ кеудзæнæй, Хæрди дин нæ фæллайдзæнæй, Æндзæрти дæ уозгæ хæсдзæнæй. Бафтуйдзæнæ еу рауæнмæ.

210


Æртæ фæндагей нихмæ æрлæудзæнæ. Бунккагмæ ма бабæллæ. Æ уæрхæй дæ ма басайæд. Е æй тоггинти фæд. Сæрккагмæ дæр ма фæррæдуйæ. Е дæ тогесгутæмæ бахъæртун кæндзæнæй. Астæуккаг дæхецæн фæндагæн равзарæ. Миййаг си дæ бæх ку тæрса – Де ‘хсæй имæ равзеддзæнæ. Бахъæртдзæнæ, маргъ ке сæрти нæ тæхуй, Гъеуæхæн æрдойæй арæзт хедмæ. Дæ армитъæпæнæй куд фæххауа тæвингбæстæ, Дæ бæхи рагъæй ба – æркъехуартæ, Гъеуæхæн тæлхъхъитæ никкæндзæнæ дæ бæх. Арви талингæмæ дæ исесдзæнæй. Цæсти фæнникъулдмæ дæ Мæрдти дуармæ бахъæртун кæндзæнæй. Хорæфтуди дин мæрдти дуар уодзæнæй æхгæд. Æгъдау ди ма феронх уæд: Дæ бæхæй æрхездзæнæ, Дæ ходæ исесдзæнæ, Дæ Хуцаумæ исковдзæнæ, Хори цæстæ си ракордзæнæ. Хуæнхтæбæл дæмæ хори цъита æрцæудзæнæй. Уæйуг дин мæрдти æфсæн дуар бакæндзæнæй. Ма ин бакозбау кæнæ. Хори фурт дæмæ рацæудзæнæй. Мæрдти дессаг хабæрттæ дин фæккæндзæнæй. Къæсæрбæл ку бахезай – Гацца бастæй фæууиндзæнæ. Æ къæбистæ дæ бæхмæ æ хурфæй рæйдзæнæнцæ. Дес ибæл фæккæндзæнæ. Æма ибæл дес дæр куд нæ кæнай! Бафæрсдзæнæ: «А ба цæмæн уотæ æй?» Е ба уомæн уотæ æй, Æма еци куй æ карз гъосгъонадзауæй Гъæубæстæ исæфтмæ æртардта, Æма мæрдти бæстæбæл ба,

211


Мæрдти æгъдаумæ гæсгæ, е ‘хæс федуй. Уомæй уоддæр бацæудзæнæ Æма еу уосæ лæууй. Æ сæрбæттæн хæпси царæй, Æ хъурбæттæн хелаги царæй. Бафæрсдзæнæ: «А ба ци кодта?» Е ба уæлæбæл дуйнебæл, Мæрдти Барастури зонгæй, Мæрдти бонæн сайд кодта, Æма мæрдти бæстæбæл ба, Мæрдти æгъдаумæ гæсгæ, е æй æ хабар. Уомæй уоддæр ку бацæуай, Уæд фæдессаг лæгбæл исæмбæлдзæнæ. Еу лæг æ хъурмæ ехи ниссалдæй. Бафæрсдзæнæ: «А ба ци кодта?» Е ба уæлæбæл дуйнебæл Е ‘нгари хæдзарæмæ Æд – æхсæвæ, æд – æ бонæ гъузтæй Æма мæрдти бæстæбæл ба, Мæрдти æгъдаумæ гæсгæ, Е æй е стурдæр пайда. Уомæй уоддæр ку бацæуай, уæд фæууиндзæнæ: Еу уосæн æ реубæл зелунцæ Хуæдзелгæ куройни фидтæ. Инсунцæ. Инсад ба гурфæмæ нæ кæлуй. Бафæрсдзæнæ: «А ба цæмæн уотæ ‘й?» Е ба уомæн уотæ ‘й, æма еци уосæ Куронгæсæй адæни къæссатæй инсад фæддавта, Æма мæрдти бæстæбæл ба ин, Мæрдти æгъдаумæ гæсгæ, инсадæй хай нæййес. Уомæй уоддæр ку бацæуай, уæд исæмбæлдзæнæ: Еу лæг æнæбун тæскъи айнæги бунæй Айнæги сæрмæ дортæ хæссуй. Бафæрсдзæнæ: «А ба цæмæн уотæ ‘й?» Е ба уомæн уотæ ‘й, æма еци лæг Уæлæбæл дуйнебæл æ синхаги арæнæй сайдта, Еумæйаг зæнхæ ба сайд барæнæй барста, Мæнгæдтæй ба æ мæрдтæй ард хуардта,

212


Æма мæрдти бæстæбæл ба, мæрдти æгъдаумæ гæсгæ, Айнæги бунæй айнæги сæрмæ Æнæбун тæскъи хурæ хæссуй. Уомæй уоддæр ку бацæуай, Уæд бахъæртдзæнæ фордмæ: Æ астæу – хускъæ бæласæ, Халони айки хъозгæй – хæдзарæ. Содзийни буни цъасæ – æ къæразæ. Лæг бадуй. Бафæрсдзæнæ: «А ба ци кодта?» Е ба уæлæбæл дуйнебæл адтæй саузæрдæ лæг, Адæн нæ уарзта, адæнæй æхе римахста. Æ адзали бони уæнгæ Æ хæдзарæмæ иуазæг нæ бауагъта. Æфхуæрд æма мæстæлгъæдæй æ бийнонтæ дардта, Гъезæмарæй сæ мардта, æма мæрдти бæстæбæл ба, Мæрдти æгъдаумæ гæсгæ, Æ бунат æй римæхстæй. Уомæй уоддæр ку бацæуай, – Ехин мæсугмæ бахъæртдзæнæ, Ехин галауани бацæудзæнæ. Фæууиндзæнæ: сæ галеу уадæлттæ – Ехин сæрдасæнæй даст, Ехин тæрхæгбæл æртæ лæги бадунцæ. Сæ фингæ дæр, сæ лæдзгутæ дæр – ехæй. Бафæрсдзæнæ: «Атæ ба ци кодтонцæ?» Етæ ба уæлæбæл дуйнебæл Тæрхонæн адтæнцæ æвзурст лæгтæ, Æма разиндтæнцæ хæран тæрхонхæсгутæ, гæртанхуартæ. Æма мæрдти бæстæбæл ба, Мæрти æгъдаумæ гæсгæ, сæ бунат æй ехбæл. Уомæй уоддæр ку бацæуай – Бахъæртдзæнæ æвзестæ хæдзарæмæ. Æ къæрæзтæ – сугъзæрийнæй. Сугъзæрийнæ дуарбæл имæ бахездзæнæ. Æртæ уорсрехæ лæги Уорс бæзтæбæл сугъзæрийнæ тæрхæгбæл бадунцæ. Сæ лæдзгутæ – сугъзæрийнæй, Сæ сугъзæрийнæ фингæ

213


Алли хуæрдæ-ниуæзти дзæбæхæй æртастæй. Бафæрсдзæнæ: «А ба цæмæн уотæ ‘й?» Е ба уомæн уотæ ‘й, Æма аци æртæ лæги Адтæнцæ тæрхонæн æвзурст лæгтæ. Сæ хъаурæ цæйбæрцæ адтæй, Уойбæрцæ раст тæрхон хастонцæ, Æма мæрдти бæстæбæл ба Сæ бунат æй сугъзæрийнæй. Изолдæр цæуис, Гъенур дæ берæ нæбал гъæуй, – Бахъæрттæ дзæнæтмæ. Цъæх зæлдæбæл гъаздзæнæнцæ Алли кари сувæллæнттæ: Ка дæ хондзæнæй – æ мадæ, Ка дæ хондзæнæй – æ фидæ. Ка уодзæнæй бæгъæнсарæй, Ка уодзæнæй бæгъæмбадæй. Кæмæн – æ фадгутæ æ сæрбæл, Кæмæн – æ ронæ æ хъурбæл. Ма сæбæл баходæ. Дæ бæхæй æрхездзæнæ, Хъæпбæл, дзаумæутти рæвдзæй сæ барæвдауæ. Етæ дæ хæццæ бацæудзæнæнцæ дзæнæти дуармæ. Уонæн дзæнæти дуар уодзæнæй игон. Дæу уони хæццæ нæ уадздзæнæнцæ. Уалинмæ дæ размæ байгон уодзæнæй Авд сугъзæрийнæ дуари. Мæрдти Барастур дæмæ рацæудзæнæй. Мæрдти фудæнхæй дæмæ неци иссердзæнæй. Сугъзæрийнæ дуарбæл цъæх зæлдæмæ бахездзæнæ. Æ рахес фарсæй – дæ бунат. Гъенур ду махæй нæбал дæ. Ду бацудтæ æндæр дуйнемæ. Рохсаг уо. Дзиллитæ дæбæл ци цæстисуг никкалдтонцæ, Аци адæн дин ци рæсугъд зиани æгъдау равардтонцæ, – Дзæнæти рохсæн дин фæууæнтæ. Аци зæнхæ дин

214


Дæ мади гъæбеси хузæн уæд адгин. Аци бæх ба дин мæрдти бæстæмæ Уоддарæй фæууæд фæлдист. Рохсаг уо, рохсаг уо! Темирати Заурбеги дзурдтæй æй ниффинста Скъодтати Эльбрус, Дзæуæгигъæу, 1995 анз, æнсури мæйæ. Ж. «Ирæф», 1997 анз, №1.

Æркæсуйнаг: «Бæхфæлдесун» æй дуйней медæгæ тæккæ рагондæр æма дессагдæр æгъдæуттæй еу. Туйгъанти Мухарбег финста: «Аци ‘гъдау нæ дзиллæмæ байзадæй фиддæлти заманæй, киристон æма пусулмон дини разæй. Нæлгоймаг ку рамæлуй, уæд ин æ уæлмæрдмæ æрбаласунцæ байраг-бæх æд саргъ-ефтонгæй, уорс къохмæрзæн е ‘фцæги, уотемæй. Бæхфæлдесæг марди уæлгъос æрлæууй, æ галеумæ бæхи идонæ райсуй, æ рахесмæ ниуазæн – бæгæний къос. Фæййаргъауй… Аргъуд ку фæууй – бæгæний къос бæхи сæфтæгбæл ниццæвуй ‘ма ‘й листæг мортæ никкæнуй. Уосгин лæг ку рамæлидæ, уæд ма уой къохи æвардтонцæ æрæги уæнгæ дæр æ уоси дзигготи кæрæнттæ лухгондæй. Куд фæстæмæ, аци аргъуд берæ некебал зонуй нæ зæронд лæгтæй дæр.»

215


ДАДÆЙ Амонæг: Дадæй! Иннетæ: Дадæй! А. Дæдæдæй! И. Дадæй! А. Мæгур еунæг! И. Дадæй! А. Бабун уа! И. Дадæй! А. Мæ арти уазал! И. Дадæй! А. Мæ цар æфтуд! И. Дадæй! А. Куд цæрдзæнæн? И. Дадæй! А. Куд хæтдзæнæн? И. Дадæй! А. Сау гъæдтæбæл, И. Дадæй! А. Сау халонау, И. Дадæй! А. Фæххаудзæнæн! И. Дадæй! А. Дæдæдæй! И. Дадæй. А. Æ сабийтæ, И. Дадæй! А. Кæугæ-цодгæ, И. Дадæй! А. Байзадæнцæ! И. Дадæй! А. Еу бакæнæг,

216


И. Дадæй! А. Еу баходæг, И. Дадæй! А. Нæ сæмæ ес! И. Дадæй! А. Дæдæдæй! И. Дадæй! А. Æ цъæх дортæ, И. Дадæй! А. Фæсдуæрттæ, И. Дадæй! А. Къолтæ-молтæй, И. Дадæй! А. Игаунцæ! И. Дадæй! А. Дæдæдæй! И. Дадæй! А. Æ ходгæ хор, И. Дадæй! А. Къæсæррæбун, И. Дадæй! А. Тæдзунæгмæ, И. Дадæй! А. Кæугæ лæууй! И. Дадæй! А. Дæдæдæй! И. Дадæй! А. Ох, æна! И. Дадæй! А. Ох, æна! И. Дадæй! А. Куд цæрдзæнæ? И. Дадæй! А. И хъал уосæ, И. Дадæй! А. Ку рандæ уй! И. Дадæй! А. Урух тургъæ,

217


И. Дадæй! А. Къундæг авар, И. Дадæй! А. Æд сабийтæ, И. Дадæй! А. Сайтан сирдау! И. Дадæй! А. Уасдзæнæнцæ! И. Дадæй! А. Дæдæдæй! И. Дадæй! Феппайуйнаг: уостити мæрддзогойнæ фудгинæй дзæвгарæ идарддæр рахезунцæ æма æррæнгъитæ унцæ хестæргай. Колдуармæ ку бахъæртунцæ, уæд кæуагæ уосæ нигъгъарæнгæ кæнуй, иннетæ ба хæкъурццæгæй кæунцæ. Тургъи астæу æрлæуунцæ, фæккæунцæ, уæдта сæ еу «Дадæй» ниййамонуй æма сæ тæрнихтæ æма уæргутæ хуайгæ, хестæргай бацæунцæ мæрдуадзи уоститæмæ. Æ радзорæг бæрæг нæй. Гарданти Михали сæрмагонд архив. «Гарданти Михал.Уадзимистæ.» Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 222-224 ф.

218


ГЪАРÆНГÆ – Уой, мæнæ æвваст бонигон дæ хори хай Куд æрбаминæг æй! Куд сабур лæууис, куд нæ ниттони Дæ сау дзигкотæ, дæ фæлмæн ростæ. Цæй никкотæ, цæй, никкотæ. (Гъарæнгæгæнæг уосæ бахатуй æхе, ке лæг рамардæй, уомæ. И уосæ æ дзигкотæмæ фæллæборуй, Тонуй сæ бæндзуггай. Адæм никкæунцæ.) Гъарæнгæгæнæг уосæ: – Ци хъал адтæй, Ци идзулд адтæй дæ цард. Ци æнæсагъæс адтæ, Дæ согласæг, Дæ хуасгæрдæг, Дæ дессаг æмбал Дæу нур ку уадзуй. Хъæбæр мæгур уодзæнæ, Хъæбæр мæгур, мæ бони радæ. (Адæм никкæунцæ хъæбæрдæр.) Дæ цъæх сувæллæнттæн Нур фидæ дæр ду уодзæнæ, Дæ цъæх сувæллæнттæн Нур цитæ кæндзæнæ! Мудикъосгæ æнцойнæ цард Къолтæ-молтæй раййевдзæнæ. (Адæм никкæунцæ.) Уæй, дæдæй, уæй, дæдæй! Дæдæййаг ба мæнæ аци сувæлæнттæ ку æнцæ… Уо, мæ хортæ, дæдæййаг етæ æнцæ. Ци сабур лæууис, ци сабур, дæ уарзон сабийти кудтмæ

219


Куд нæ рабадис Сугидзаг кири ? Ци дæбæл æрцудæй, ци, зæгъай аци адæмæн. Дæ сабийти кудтмæ ку фæууадзисæ цифæнди гъуддаг дæр, Уæд нур ба ци кæнис? Уæй, дæдæй, уæу, дæ-дæ-дæй! Ци мæгур æй, ци мæгур, мæ хортæ, Кири ка хуссуй æноси хустæй. Уай, дæ-дæ-дæй! Амæй мæгурдæр ку неке ес нæ рохс дуйнебæл. Æ зæрддаг уосæ дæр, æ мæнкъæй сабийтæ дæр Ку нæ ‘нцæ, ку нæ ‘нцæ, мæ хортæ, амæй мæгурдæр. Уæй, дæдæй, дæ-дæдæй! Ду нæбал игъосдзæнæ дæ сувæллæнтти ходун, Ду нæбал уиндзæнæ сæумон хорискаст. Æзинæ ‘ма абони дæ гъæргæнгутæ Дæ гъæубæсти дæ хæстæгути дуæрттæ Ку бахуастонцæ. Ку бахуастонцæ дæуæн дæ номæй, Дæдæ-дæй, дæдæй! Æрмæст дæ дуар ба некебал æрбахуайдзæнæй Дæуæн дæ номæй. Уой, тæрегъæддаг уай. Рохс дуйнейæй Сау дуйнемæ Æ лæги ‘мбеси ка фæццæйраст æй. Дæдæдæй. Райдзурдта æма ниффинста Золойти Симæ, 1968 анз. Салæгати Зои æмбурдгондæй. ИАС, 2009, 1 т.

220


МАДИ ГЪАРÆНГÆ Æ ЕУНÆГ КИЗГÆБÆЛ О, мæ бон бакæла, Мæ еунæг кизгæ, Мæ хори тунæ, Мæ царди нивæ, Е ‘нгæртти уиндæй Ка нæ бафсастæй, Е ‘нгæртти ‘хсæнæй Ка фæгъгъудæй, Æ реуи дзаг Ка не суолæфтæй. Кæмæн ци кодтай, Кæд ке бафхуардтай! Зумæги дуармæ Цæмæн ниууагътай Дæ зæронд мади Игон дуарæй, Дæумæ æнгъæл кæсгæй, Дзиназгæ, кæугæй ?! Дæ дууæ сау цæсти, Дууæ стъалуйау, Ку нæбал зиндзæнцæ, Ку нæбал игъусдзæй Дæ фæлмæн хъури дзурд, Ци ма кæндзæнæн, Куд ма цæрдзæнæн?! Мæ фуни ку уидтон, Цума дæ фидæмæ Цидæр фæдзахстон, Гъе уæдæй нурмæ Мæ зæронд зæрдæ Ку нæбал еруй

221


Бунат æхецæн. Ци ин зæгъдзæнæн, Дæ еунæг æнсувæр Арви кæронæй Ку схъæрта, уæд? Уотæ мин ку зæгъдзæй: «Цæмæн æй рауагътай?» Фал дæ бауорамун Ку не ссæй мæ бон. Цæмæн ниууагътай Мæ мæгур хæдзарæ Сау къирæй цагъдæй ? Исдзорунгъон дæр Ку нæбал исдæ. Ци ма кæндзæнæн, Куд ма цæрдзæнæн, Æфснайунмæ ма Кæмæ ‘нгъæл кæсдзæн?! Сау пеллон арти мæ Цæмæн багæлстай, Ци ма кæндзæнæн, Куд ма цæрдзæнæн ?! Уо, мæ бон бакæла! Райдзурдта Мудойти Саринкъа Голдай кизгæ, 62-анздзуд. Нийфинста Бæзати Беллæ, 1967 анз, 20 декабрь, г. Дигора. Салæгати Зои æмбурдгондæй. ИАС, 2009, 2 т.



Turn static files into dynamic content formats.

Create a flipbook
Issuu converts static files into: digital portfolios, online yearbooks, online catalogs, digital photo albums and more. Sign up and create your flipbook.