Ирон æвзаг 8 къласæн

Page 1


Куыдзойты Анжелæ

ИРОН ÆВЗАГ 8 кълас

МЫХУЫРГОНД ЦÆУЫ РЕСПУБЛИКÆ ЦÆГАТ ИРЫСТОН-АЛАНИЙЫ АХУЫРАД ÆМÆ НАУКÆЙЫ МИНИСТРАДЫ БАРЛÆВÆРДÆЙ

«СЕМ» Дзæуджыхъæу 2010


ББК 81.2 К-97 Учебник подготовлен в рамках проекта «Теория и практика полилингвального К-97 образования на Кавказе» кафедры ЮНЕСКО Северо-Осетинского государственного педагогического института. Руководитель проекта - доктор филологических наук, профессор Т.Т. Камболов. Куыдзойты А. Ирон æвзаг: ахуыргæнæн чиныг 8 къласæн А. Куыдзойты – Дзæуджыхъæу: СЕМ, 2010 – 175 ф. Кудзоева А. Учебник осетинского языка для 8-го кл.

81.2 Осет-922

Условные обозначения: прочитай прослушай запись выполни письменно расскажи выполни домашнее задание

У че б н о е изд ан ие ОСЕТИНСКИЙ ЯЗЫК (как второй) 8 класс

Кудзоева Анжела Федоровна

Редактор Царакова А.Г. Художник Кубалов А.З. Художественный редактор Гаппоева Н.У. Компьютерная верстка Джусоева М.В. Санитарно-эпидемиологическое заключение № 2.4.7.1166-02 от 01.02.2003г. Сдано в набор 15.04.10. Подписано в печать 04.06.10. Формат бумаги 60х901/16. Бумага офсетная. гарнитура «Школьная». Печать офсетная. Тираж 12000 экз. Заказ № Издательство "СЭМ" 362027, г.Владикавказ, ул.Тамаева, 40. Тел: (8672) 54-07-70; 54-38-39. E-mail: shem_vl@mail.ru

© Куыдзойты А. Ирон æвзаг (8 кълас), 2010 © Кудзоева А. Ф. Осетинский (иронский) язык как второй (8 класс), 2010 © Издательство «СЕМ», 2010 Все права защищены

3


ХЪÆЛДЗÆГ БОНТÆ

1-аг ахуыр 1. Байхъусут, бакæсут æмæ бахъуыды кæнут. Бамбарын кæнут цавды бынат дзырдты.

аив – красивый, изящный; красиво, изящно æфсæнвæндаг – железная дорога æхсæрдзæн – водопад гагадыргъ – ягода денджызы был – берег моря зонгæ – знакомый разамонæг – руководитель рæвдаугæ – ласковый; ласково рæвдауын – ласкать сатæг – прохладный; прохладно суадон (суадæттæ) – родник

сусу-бусу – шепот сусу-бусу кæнын – шептать(ся) сыбар-сыбур – шелест сыбар-сыбур кæнын – шелестеть уæрæх – широкий уыгæрдæн – луг фæсарæнтæ – заграница фысым – хозяин (по отношению к гостю) хъæбыс – объятие хъæбыс(тæ) кæнын – обнимать(ся) цъыбар-цъыбур – щебет цъыбар-цъыбур кæнын – щебетать

2. Аивгъуыдта сæрд. Фесты каникултæ. Ехх, цæй диссаджы бонтæ уыдысты… Афтæ нæу?1

Мæдинæ: Сæрдæй хуыздæр ницы ис! Уæгъд рæстæг – бирæ, каникултæ – даргъ, хур – æрттивгæ, дымгæ – фæлмæн... Астемыр: Æмæ денджыз та? Æз бон-изæрмæ рæвдаугæ уылæнты мæхи надтон, тæвд змисыл хуыссыдтæн… Алан: Æз та лагерь мысын1, мæ ног æмбæлтты, нæ хъæлдзæг 1

Афтæ нæу? – Не так ли?

4


хъæзтытæ, диссаджы изæртæ. Хадизæт: О, о, магусатæ2! Æз та æнæхъæн æртæ мæйы нанайæн æххуыс кодтон хæдзары æмæ цæхæрадоны. Марат: Æз сахары дæр æвзæр нæ баулæфыдтæн. Иунæг хæдзармæ куыст дæр ма сæххæст кæн – уымæй хуыздæр цы ис?! 3. Кæй хъуыдыимæ разы стут сымах? Кæимæ не стут разы? Цæмæн?

Х у ы з æ г: Æз разы дæн..., уымæн æмæ...; æз... разы нæ дæн, уымæн æмæ.... Мæнмæ гæсгæ, ... 4. Радзурут, кæм арвыстой сæ сæрдыгон каникултæ Мæдинæ æмæ йе ’мбæлттæ? 5. Бакæсут æмæ равзарут хъæугæ нывтæ.

1. Хъæд… Бацу йæм – хъæбыстæ дын кæндзæнис, рæвдаудзæнис дæ. Рог æмæ сыгъдæг уæлдæфæй улæф дæ риуы дзаг. Суадоны сусæг сусубусу, бæлæсты сыфтæрты сыбарсыбур, мæргъты цъыбар-цъыбур хъæлдзæг кæнынц адæймаджы зæрдæ. Бæрзонд бæлæстæ дæм дзурынц: «Нæ аууоны дæ фæллад суадз». «Рацу ардæм, мæ разы абад», – дзуры уазал суадон. 2. Алы аз дæр мингай скъоладзаутæ сæ фæллад суадзынц нæ республикæйы лагерьты æмæ туристон базæты. «Къæхтысæр», «Дзинагъа», «Комы арт», «Цъæй» æмæ иннæ базæтæ хорз фысымтæ вæййынц æрыгон уазджытæн, рæдауæй сын лæвар кæнынц æрдзы рæсугъддзинæдтæ. Алы бон дæр сывæллæттæ сæ разамонджытимæ цæуынц экскурситы: нæзы æмæ бæрз хъæдтæм, бæрзонд хæхтæм, уазал 1 2

5

мысын – вспоминать магусатæ – лентяи


æхсæрдзæнтæм. Туристон базæты æмæ лагерьты сывæллæттæн фæзыны бирæ ног æмбæлттæ. 3. Сæрды нæ республикæйы автовокзалты, æфсæнвæндаджы вокзалы, аэропорты бирæ адæм вæййы. Чи тагъд кæны денджызы былмæ, чи та – æндæр сахартæм æмæ хъæутæм, йæ зонгæтæм æмæ йæ хæстæджытæм. Бирæ сывæллæттæ сæ ныййарджытимæ фæсарæнтæм дæр ацæуынц, фенынц æндæр бæстæтæ, базонгæ вæййынц æндæр культурæимæ, æгъдæуттимæ. 4. Сæрды мæйты нæ республикæйы сахартæ уæлдай рæсугъддæр вæййынц. Алыхуызон дидинджытæ аив кæнынц уынгтæ æмæ кæртытæ. Бæрзонд бæлæсты бын бонрæфты дæр сатæг у. Адæм тезгъо кæнынц паркты, доны былты. 5. Сæрды рæсугъддзинад æппæты ирддæрæй зыны Ирыстоны хъæуты. Райсомæй раджы сыгъдæг уæлдæфы айхъуысы уасæджы уаст. Уый салам дæтты ног бонæн, хурæн. Цъиуты хъæлдзæг цъыбар-цъыбур хъуысы бæлæстæй. Фæлмæн цъæх кæрдæг хоны уæрæх уыгæрдæнтæм. Бæрзонд цъæх арвæй æрттивы рæвдаугæ хур. Фæлмæн дымгæ хъазы дидинджытимæ, бæлæсты сыфтæртимæ.

6. Радзурут, кæм æмæ куыд æрвитынц сæ сæрдыгон бонтæ Ирыстоны сывæллæттæ.

6


2-аг ахуыр 1. Саразут хъуыдыйæдтæ.

зары сæ фæллад уадзынц цъыбар-цъыбур кæнынц уазæгыл цин кæны кæсы зайынц хъæбыстæ кæны сусу-бусу кæнынц тæхы вокзалмæ тагъд кæны

Цъиутæ Дымгæ Сыфтæртæ Гагадыргътæ Хур Æхсæрдзæн Сывæллæттæ Хæдтæхæг Фысым Турист

2. Саразут дзырдбæстытæ. (Помните: в осетинском языке определение всегда ставится перед определяемым словом: уазал æхсæрдзæн.)

Хъæлдзæг Цъæх Фæсарæйнаг Рæдау Фæлмæн Рæгъæд Уазал Рæвдаугæ Зæрдæрухс Стыр

цъиутæ дымгæ сыфтæртæ гагадыргътæ хур æхсæрдзæн сывæллæттæ хæдтæхæг фысым турист

3. Саразут дзырдтимæ хъуыдыйæдтæ

Цъиутæ дымгæ сыфтæртæ гагадыргътæ хур æхсæрдзæн сывæллæттæ хæдтæхæг фысым турист

(ба

дын

ц)

хæдтæхæджы быдыры хæдзары бæласы къалиуыл бæласыл хъæды хохы арвыл лагеры арвы

4. Сымах та кæм арвыстат уæ каникултæ? Бафæрсут уе ’мбæлтты:

1) Фæсарæнты уыдысты æви нæ? 7


2) Денджызы был баулæфыдысты æви нæ? 3) Спортивон кæнæ фæсивæдон лагеры уыдысты æви нæ? 4) Туристон базæйы сæ фæллад уагътой æви нæ? 5) Æндæр хъæуы / сахары сæ хæстæджытæм уазæгуаты уыдысты æви нæ? 6) Ног зонгæтæ сын фæзындис æви нæ? 7) Хæдзары сæ ныййарджытæн æххуыс кодтой æви нæ? 8) Поезды, хæдтæхæджы æви автобусы ацыдысты балцы? Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, … Мæн базонын фæнды, … Зæгъ-ма мын, …

Райдайут афтæ:

5. Бафæрсут уæ ахуыргæнæджы, сæрды йæ фæллад куыд уагъта, уымæй. 6. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут.

1) Сæрды бирæ сывæллæттæ сæ ныййарджытимæ … 2) Сæрды бирæ адæм … 3) Алы аз дæр бирæ скъоладзаутæ … 4) Нæ республикæйы сахартæ … 5) Сæрды рæсугъддзинад æппæты ирддæрæй … 6) Уæрæх уыгæрдæны фæлмæн дымгæ … 7) Суадоны сусæг сусу-бусу … 8) Уазал суадон бæласы бынæй …

3-аг ахуыр 1. Равзарут, куыд арæзт сты ацы дзырдтæ.

Х у ы з æг: æфсæнвæндаг – æфсæн + фæндаг. Æфсæнвæндаг, гагадыргътæ, фæсарæнтæ, разамонæг, ахуыргæнæг, ахуыргæнинаг, кæсæнцæстытæ, къухдарæн, хъуырбæттæн, сауцъиу, хæдтæхæг, фæлладуадзæн. 2. Ныффыссут хъуыдыйæдтæ 1-аг фæлтæрæны лæвæрд дзырдтимæ.

Х у ы з æ г: вокзалмæ.

Туристтæ тагъд кæнынц æфсæнвæндаджы

8


3. Саразут хъуыдыйæдтæ дзырд «поезд»-имæ лæвæрд формæты.

Поезды (кæм?), поездæн (цæмæн?), поездыл (цæуыл?), поездмæ (цæмæ? кæдæм?), поездимæ (цæимæ?), поездау (цæйау? куыд?). 4. Дзуапп раттут фæрстытæн æмæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ.

1) Мæдинæ дидинджытæ тоны (кæм? – уыгæрдæн). 2) Аслан тагъд кæны (кæдæм? – скъола). 3) Мурат рацыдис (кæцæй? – кинотеатр). 4) Зæринæ æххуыс кæны (кæмæн? – нана). 5) Æз фембæлдтæн (кæимæ? – фæсарæйнаг уазæг). 6) Сослан цин кæны (цæуыл? – каникултæ). 7) Фест райсомæй (куыд? – лæг). 5. Саразут дзырдбæстытæ лæвæрд дзырдтимæ.

Х у ы з æ г: Тæхын (цæйау?) хæдтæхæгау, цъиуау, гæлæбуйау. Хъазын (цæимæ?), тæхын (цæйау?), дæттын (цæмæн?), зарын (цæуыл?), кæсын (цæмæ?), уыдтæн (кæм?). Парк, дидинæг, фæз, уыгæрдæн, дымгæ, гагадыргътæ, суадон, хæдтæхæг, гæлæбу.

цъиу,

сыфтæр,

6. а) Ныффыссут иронау.

Ласковые лучи солнца, проявилось ярче всего, новые знакомые, особенно много людей, железнодорожный техникум, щедрый хозяин; классный руководитель, самый большой водопад, ласково обнимать. æ) Атасындзæг кæнут (просклоняйте) номдартæ «хур», «разамонæг». б) Аифтындзæг кæнут мивдисæг «рæвдауын» ивгъуыд æмæ суинаг афонты.

4-æм ахуыр 1. Байхъусут æмæ бакæсут.

9


Хур æмæ Мæй Иу мæйрухс æхсæв та арвыл Стъалытæн æппæлыд Мæй: – Дуне иууылдæр æз тавын, Арвыл иу мæ хуызæн1 нæй! Боброн2 дæр мæ цæстмæ3 хъазы, Марс мæнæй фæкуры тын. Хур йæхæдæг циу4 мæ разы! Зæххы дæр æз хъарм кæнын… Æз нæ дæн – зæххыл цы уаид? Рох, æдзард5 къæдзæхтæ, дур… Чи зоны ма, цас дзырдтаид? Фæлæ арвыл ракаст Хур.

Багаты Лади

В осетинском языке непереходные глаголы в 3-м лице единственного числа в прошедшем и будущем времени и переходные глаголы в будущем времени употребляются в 3-х формах: с личными окончаниями -ис; -и и без окончания (чаще всего в разговорной речи): æппæлыдис, æппæлыди, æппæлыд, æппæлдзæнис, æппæлдзæни, æппæлдзæн; дзурдзæнис, дзурдзæни, дзурдзæн. 2. Ссарут тексты æмæ бакæсут хъуыдыйæдтæ ахæм мидисимæ:

Если бы не я, – что было бы на земле? Весь мир согреваю я. Что само Солнце передо мной! Кто знает, сколько бы (он) еще говорил? 3. Зæгъут, Мæй йæхи æппæтæй хуыздæр цæмæн хоны? 4. Рафыссут æмдзæвгæйæ дзырдтæ хауæнты формæты.

Х у ы з æ г: Цы? Боброн, Хур, Мæй, тын, … Кæмæй? _______________ Кæй? (цы?) ____________ Цæуыл? _______________

Кæмæн? (цæмæн?) ____________ Цæмæ? _______________________

мæ хуызæн – подобный мне, как я Боброн = Бонвæрнон – Венера 3 мæ цæстмæ – для меня, из-за меня 4 циу = цы у 5 æдзард – безжизненный 1 2

10


5. Ссарут антонимтæ æмæ сæ ныффыссут.

1) Уæрæх, мæйрухс, зындгонд, мæйдар, æнæзонгæ, аив, фыдынд, уазал, хъæлдзæг, тæвд, нарæг, æнкъард. 2) Исын, рæвдауын, хыл кæнын, дæттын, кæуын, цин кæнын, æнкъард кæнын, сæхгæнын, худын, байгом кæнын. 6. Æмдзæвгæмæ гæсгæ саразут æмæ ныффыссут Мæй æмæ стъалыты диалог. Райдайæн ис афтæ:

Стъалытæ: Æгас цу, Мæй! Мæй: Æгас цæут, мæ чысыл æмбæлттæ! Цæй, хорз уæ рухс кæнын мæ диссаджы тынтæй? Стъалытæ: Ды нæ рухс кæныс? Мæй: Æз, уæдæ чи!

5-æм ахуыр 1. Баиу кæнут хъуыдыйæдты хæйттæ.

1) Иу мæйрухс æхсæв Мæй

мæ разы ницы у.

2) Æз куы нæ уаин,

фæкуры тын.

3) Чи зоны, цас ма дзырдтаид,

уæд зæххыл цы уаид?

4) Арвыл иу

фæлæ уæдмæ Хур ракастис.

5) Марс мæнæй

стъалытæн æппæлыдис.

6) Хур йæхæдæг

мæн хуызæн нæй.

Вспомните образование причастий в осетинском языке. Причастия прошедшего времени (ивгъуыд афоны миногмитæ) образуются от глаголов при помощи суффиксов -д, -т, -ст, -ыд, -ад: нымайын – нымад (считать – посчитанный), фыссын – фыст (писать – написанный), æмбæрзын – æмбæрзт (накрывать – накрытый), æхсын – æхсад (стирать – постиранный), рæвдауын – рæвдыд (ласкать – обласканный). При этом часто изменяется корневая гласная: мæрзын – марзт, æвзарын – æвзæрст и т.д. 2. Суффиксты фæрцы саразут мивдисджытæй миногмитæ.

-д: курын (у – уы), уадзын (дз – гъ), амонын (о – ы); -т: аразын (а – æ), хæссын (æ – а), æвдисын (и – ы), ахсын; 11


-ст: æппарын (а – æ), æвзарын (а – æ), æмбарын (а – æ), бæттын (æ – а). 3. Саразут дзырдбæстытæ, ныффыссут семæ хъуыдыйæдтæ.

Номдартæ: уацмыстæ, кæрдæг, темæ, бæлас, цъиу, сывæллон, къонверт, кæрт. Миногмитæ: карст, амынд, сагъд, æвзæрст, ныхæст, марзт, ахст, тарст. Деепричастия (фæрссагмитæ) в осетинском языке образуются от глаголов при помощи суффиксов -гæ, -гæйæ: дзурын – дзургæ, дзургæйæ. Деепричастия обозначают признак действия и в предложении предшествуют глаголу: худгæйæ дзурын – говорить смеясь; бадгæйæ кæсын – читать сидя; кафгæ бацæуын – подойти танцуя. Слова с суффиксом -гæ могут быть и причастиями, если связаны с существительными: æмбаргæ скъоладзау – понятливый ученик. 4. Бакæсут, къæлæтты æвæрд мивдисджытæй фæрссагмитæ аразгæйæ.

Батрадз: Салам, Уырызмæг! Уырызмæг: О, Батрадз! Салам! Батрадз: Цæй, радзур, кæм уыдтæ сæрды, куыд арвыстай каникултæ? Уырызмæг: Тынг хорз: (хъазын, худын), парчы (тезгъо кæнын), чингуытæ (кæсын), телевизормæ (кæсын), цæугæдоны (хи найын)... Батрадз: Æз та Мæскуыйы уыдтæн, мæ хистæр æфсымæрмæ. Уырызмæг: Æртæ мæйы дæргъы? Æмæ æнкъард нæ кодтай? Батрадз: Фыццаг бонты æнкъард кодтон. Поезды (бадын), хъуыды кодтон: «Куыд уыдзынæн æнæзонгæ сахары?» Фæлæ, Мæскуы (фенын), бахъæлдзæг дæн. Стыр, рæсугъд сахары уæрæх уынгты, диссаджы паркты (тезгъо кæнын), нал æнкъард кодтон. Уырызмæг: Зæгъ-ма, дæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыдис1 Мæскуыйы? Батрадз: Цы нæ, фæлæ чи: мæ ног æмбæлттæ. Уыдонимæ уыдтæн Сырх фæзы, Кремлы, Стыр театры, цирчы… Мæскуыйы (тезгъо кæнын), мысыдтæн сымах дæр. Уырызмæг: Дæ къам нæ систай Мæскуыйы? дæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыдис? – что тебе больше всего понравилось? 1

12


Батрадз: Бирæ къамтæ: театры спектакльмæ (кæсын), метройы (цæуын), ме ’мбæлттимæ (хъазын), музыкæмæ (хъусын), цирчы маймулитыл (худын) … Уырызмæг: Æрбахæсс-ма дæ къамтæ скъоламæ, мах дæр сæ фенæм. Батрадз: Æнæмæнг. 5. Радзурут, дыууæ ’мбалы сæ каникултæ куыд арвыстой, уый тыххæй.

6-æм ахуыр 1. а) Байхъусут, бакæсут æмæ бахъуыды кæнут дзырдтæ.

æнад – безвкусный, невкусный æрвад – сородич, однофамилец дзæбидыр – тур къæдзæхы цъупп – вершина скалы тæрсгæ-ризгæ – трясясь от страха уæздан – благородный уый бæсты – вместо этого

фарсмæ – рядом, около фæсал – сухая трава хæлæг кæнын – завидовать хизын – пасти, пастись хинымæр – про себя хуыздæр кæсы – кажется лучше

æ) Байхъусут аргъаумæ.

Бæрзонд къæдзæхы цъуппыл зæронд дзæбидыр лæууыдис. Бынæй, сау хъæды, хызтис саг. Саг дзæбидыры федта æмæ йæм уæлæмæ дзуры: – Рацу ардæм! Дзæбидыр – гæпп! гæпп! – æмæ саджы фарсмæ фестадис1. – Дæ бон хорз, хъæлдзæг саг! – Хорз цæр, мæ хæххон æрвад! Æвæццæгæн, дзæбидыр, хæлæг кæныс мæ цардмæ! – загъта саг. – Акæс-ма, æз дæу хуызæн хъæбæр къæдзæхыл нæ хуыссын, мæ быны – фæлмæн сыфтæртæ. Ды хæрыс æнад хæххон фæсал, æз та – адджын кæрдæг æмæ бæлæсты сыфтæртæ! Æз хъазын цъæх быдыры, ды та уазал цъититыл иунæгæй цæрыс! Æвиппайды кæцæйдæр райхъуыстис куыйты рæйын2. Саг тæрсгæ-ризгæ хъæдмæ агæпп кодта, йæ мæгуыр хæххон æрвадæн хæрзбон дæр нал загъта. 1 2

13

фестадис – оказался, очутился куыйты рæйын – лай собак


Зæронд дзæбидыр та къæдзæхы сæрмæ ссыдис æмæ йæхинымæр загъта: «Тæрсгæ-ризгæйæ цæрыны бæсты мæнмæ мæ мæгуыр хæххон цард хуыздæр кæсы!» б) Аргъауæн сæргонд равзарут:

1) Дзæбидыр æмæ саг 2) Дыууæ æрвады 3) Алкæмæн – йæхи цард 4) Сæрибар æви хъæздыг цард? 2. Бакæсут аргъау. Адих кæнут текст хицæн хæйттыл. 3. Тексты алы хайы мидис дæр зæгъут иу хъуыдыйадæй. Ныффыссут хъуыдыйæдтæ æмæ саразут тексты пълан. 4. Радзурут аргъауы мидис. Пайда кæнут ног дзырдтæй.

Говоря о сходстве предметов или людей, в осетинском языке употребляют послелог хуызæн с именем в родительном падеже: дæу хуызæн – похожий на тебя (как ты), арсы хуызæн – похожий на медведя (как медведь) . Послелог фарсмæ соответствует русским предлогам около, возле и употребляется с именем в родительном падеже: саджы фарсмæ – возле оленя, около оленя.

ЦЫ ЗОНУТ ИРЫСТОНЫ ЗАЙÆГОЙТЫ ТЫХХÆЙ?

7-æм ахуыр 1. Бакæсут æмæ бахъуыды кæнут. Зæгъут, кæцы дзырдтæ уын зонгæ сты?

æхсынцъы – алыча гæды бæлас – осина дзедыр – ежевика кæрз – ясень къутæр – куст, кустарник мæнæргъы – малина сусхъæд – липа тæгæр – клен

тæрс – бук; чинара тулдз – дуб фатхъæд – граб хæмпæлгæрдæг – сорняк хæрис – ива хъалгъæн – крыжовник хъæлæрдзы – смородина чъерами – абрикос

2. Бакæсут æмæ дзуапп раттут фæрстытæн.

Мæдинæ: Нæ республикæйы ис зайæгойты дыууæ мин хуызы. Быдырты, уыгæрдæнты зайынц цыппарсæдæ цыппор аст хуызы, 14


хъæды – дыууæсæдæ нæуæдз хуызы, къæдзæхтыл та – зайæгойты æртæсæдæ æртын æхсæз хуызы. Алыхуызон къутæртæ нæм ис æртæсæдæ аст хуызы. Хæмпæлгæрдæгæн дæр ма1 дыууæсæдæ æртын хуызы ис! Сæдæ æртæ зайæгойы та нымад сты реликттыл, ома тынг рагон хуызтыл. Помните: в сочетании с числительными существительные имеют только форму единственного числа: дыууæ лæппуйы (а не дыууæ лæппутæ), сæдæ азы, дыууæ мин хуызы.

1) Цæуыл дзуры Мæдинæ? 2) Цавæр факттæ æрхаста Мæдинæ?

Х у ы з æ г: Мæдинæ загъта, Ирыстоны дыууæ мин хуызы зайæгойы кæй ис. Марат: Ирыстоны территорийы дыууын дыууæ проценты ахсынц (занимают) хъæдтæ. Уым зайынц алыхуызон бæлæстæ, фæлæ æппæты арæхдæр æмбæлынц тæрс, фатхъæд, кæрз, тæгæр, сусхъæд. Цæугæдæтты былтыл сæхи хуыздæр æнкъарынц тулдз, гæды бæлас, хæрис, хъæддаг кæрдо. 3) Цавæр бæлæсты кой кæны Марат? 4) Иуæй-иу бæлæстæ цæугæдæтты былтыл цæмæн зайынц? 5) Уæ хæдзæртты раз цавæр бæлæстæ зайынц?

Хадизæт: О, уыдон рæсугъд бæлæстæ сты, фæлæ … æнад! Уый æмæ дын2 фæткъуы, кæрдо, бал, чылауи, æхсынцъы, æнгуз, тута, 1

дæр ма – здесь: даже уый æмæ дын – то ли дело

2

15


чъерами! Ацы бæлæстæ баба раджы ныссагъта йæ дыргъдоны, æмæ сæ æз алы аз дæр абæрæг кæнын1. 6) Ранымайут дыргъбæлæстæ. 7) Кæм зайынц дыргъбæлæстæ? 8) Цавæр дыргътæ нæ зайынц Ирыстоны?

Аслан: Хъæдтæ, бæлæстæ… Æмæ гагадыргътæ зайæгойтæ не сты? Уыдон сæрды фидауц (украшение) куы сты! Акæсут-ма, уыгæрдæнты æрттивынц сырх æрыскъæф, хæрзад саунæмыг, хъæды рæгъæд кæнынц дзедыр, мæнæргъы, нанайы дыргъдоны та – сау æмæ сырх хъæлæрдзы, кæрдæгхуыз хъалгъæн… 9) Æрыскъæф сырх у. Иннæ гагадыргътæ та цыхуызæн сты? 10) Цавæр гагадыргътæ уарзут сымах? Бафæрсут кæрæдзийы. 11) Цавæр зайæгойты кой нæ кæнынц цыппар æмбалы? 3. Сæвæрут мивдисджытæ ивгъуыд афоны.

Х у ы з æ г: Хæдзары фарсмæ æрзадысты кæрз æмæ фатхъæд. Хæдзары фарсмæ (æрзайын) кæрз æмæ фатхъæд. Дыргъдоны (рæгъæд кæнын) сырх фæткъуытæ æмæ бур кæрдотæ. Дада (ныссадзын) æнгуз бæлас. Алан (дзурын) зайæгойты тыххæй. Хадизæт бирæ (уарзын) гагадыргътæ. 4. Сæвæрут мивдисджытæ суинаг афоны.

Х у ы з æ г: Фæззæджы срæгъæд уыдзысты æппæт дыргътæ дæр. 1) Фæззæджы (срæгъæд уæвын) æппæт дыргътæ дæр. 2) Нана йæ кæрты (ныссадзын) алыхуызон дидинджытæ. 3) Быдыры (æрзайын) хъæздыг тыллæг. 4) Æз дæр (бауарзын) дыргъдоны кусын. 5) Фатимæ (æртонын) хъалгъæн æмæ сау хъæлæрдзы. 6) Мæ мад (сфыцын) хæрзад вареннæ. 5. Цавæр дзырдтимæ баст сты 2-аг фæлтæрæны нымæцонтæ 103, 2000, 308, 448? Рафыссут дзырдбæстытæ ацы нымæцонтимæ. 6. Радзурут Ирыстоны зайæгойты тыххæй.

1

абæрæг кæнын – проведываю

16


8-æм ахуыр 1. Баххæст кæнут рæнхъытæ.

Хъæддаг бæлæстæ сты: тулдз, … Дыргъбæлæстæ сты: фæткъуы, … Гагадыргътæ сты: саунæмыг, … 2. 7-æм ахуыры 4-æм фæлтæрæны хъуыдыйæдтæй саразут æппæрццæг (отрицательные) хъуыдыйæдтæ. Обратите внимание на место отрицательной частицы. 3. Дзырдбыд. Фæрсмæ (по горизонтали): 1. Сывæллæттæ йæ арæх феууилынц. 2.Æппæты стырдæр гагадыргъ. 3. Чысыл гагадыргътæ, зайынц стыр бæласыл. 4. Ничи уарзы ацы зайæгой. 6. «Къæбæлдзыг» бæлас. 8. Уыгæрдæны гагадыргъ.

Бынмæ (по вертикали): 1. Адджын, фæлмæн бур дыргъ. 3. Бæлас, тынг арæх æмбæлы Ирыстоны. 4. Бæлас, тынг уарзы дон. 5. Гагадыргъ, вæййы сау кæнæ сырх. 7. Бирæ бæлæстæ иумæ.

4 . Ссарут 7-æм ахуыры 2-аг фæлтæрæны тексты хъæрон (восклицательные) хъуыдыйæдтæ æмæ сæ бакæсут. Цы æвдисынц ацы хъуыдыйæдтæ? 5. Дзырдтæй саразут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут.

Х у ы з æ г: Хъæды зайы бæрзонд фатхъæд. Уыгæрдæны Быдыры Цæхæрадоны Дыргъдоны Паркæй Хъæды

17

зайы хъуысы хизынцсагъд ис рæгъæд кæнынц æрттивынц

...................... ...................... ...................... ...................... ...................... ......................

...................... ...................... ...................... ...................... ...................... ......................


9-æм ахуыр 1. а) Байхъусут аргъаумæ.

Уызыны . . . , хæдзармæ йæ бахастой æмæ йæм дзæбæх зылдысты: хæринаг, дон ын лæвæрдтой. Уæддæр уызын . . . , алы бон дзырдта: – Уæ мæ хæдзар, мæ хæдзар! Уæд иу бон загътой: – Ауадзæм уызыны, алы бон йæ хæдзарыл . . . æмæ кæуы. Ауагътой йæ æмæ йæ фæдыл ацыдысты, йæ хæдзар ын . . . , зæгъгæ. Уызын араст ис1 æмæ къутæры . . . бабырыдис, йæхи ауагъта æмæ загъта: – Æй, хи хæдзар, цы дзæбæх дæ! Дæуæй . . . ницы ис! æ) Хъусут аргъаумæ æмæ йæ кæсут. Зæгъут, цавæр дзырдтæ цухгонд æрцыдысты? б) Равзарут аргъауæн сæргонд.

1) Æнæзонд уызын. 2) Хи хæдзар. 3) Уызыны хæдзар.

4) Уый æмæ дын хи хæдзар! 5) Уызын дæр ма йæ хæдзар уарзы.

2. Куыд æмбарут фразæ «æмæ йæм дзæбæх зылдысты»? Баивут дзырд «дзæбæх» синонимæй, антонимæй. 3. Иу хатт-ма байхъусут текстмæ æмæ дзуапп раттут фæрстытæн.

1) Цæуыл тыхстис уызын? 2) Кæдæм араст ис уызын?

3) Цы загъта уызын хъæды? 4) Цæуыл цин кодта уызын?

4. Бакæсут текст. Стъæлфыты бæсты æвæрут хъæугæ дзырдтæ.

Фенæм, æрцахстой, æнкъард кæны, бын, æнкъард кодта, хуыздæр. 5. а) Цæмæн ауагътой уызыны? Фарстæн дзуапп ссарут тексты æмæ йæ бакæсут. æ) Саразут Уызын æмæ сывæллæтты диалог. Райдайæн ис афтæ:

Сывæллæттæ: Уызын, цæуыл æнкъард кæныс? Махимæ дын æвзæр у? 1

араст ис – отправился

18


Уызын: Нæ, сымахимæ мын æвзæр нæу. Хорз мæм зилут… Сывæллæттæ: Дæ хæринаг дæ зæрдæмæ нæ цæуы? Уызын: … . 6. Рафыссут аргъауæй æнæзонгæ дзырдтæ. Сбæрæг кæнут дзырдты нысаниуджытæ æмæ семæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнут. 7. Радзурут аргъау уæхи ныхæстæй.

ÆНАХУЫР БАЛЦ

10-æм ахуыр 1. Бакæсут æмæ бахъуыды кæнут. Зонгæ дзырдтимæ саразут дзырдбæстытæ.

агъуыст – здание æвиппайды – внезапно, неожиданно æнахуыр – странный, необыкновенный æхситт кæнын – свистеть балц – путешествие бæлццон – путешественник бæлæгъ – лодка

къахвæндаг – тропинка мæсыг – башня нарæг – узкий нау – корабль фистæгæй – пешком хæрæг – осел хъæрæй – громко

2. Бакæсут текст. Запишите 1-2 предложениями содержание каждого абзаца.

1. Алан бады къласы æмæ фæйнæгмæ кæсы. Фæйнæгыл ауыгъд ис Ирыстоны картæ. Географийы ахуыргæнæг лæууы картæйы фарсмæ æмæ ног темæ амоны. Алан тынг лæмбынæг кæсы картæмæ æмæ хъуыды кæны: «Ехх, ныр къласы бадыны бæсты искæдæм балцы ацу!» («Эх, вместо того чтобы сидеть в классе, попутешествовать бы где-нибудь!») 2. Æвиппайды лæппу уынджы фестадис. Кæцæйдæр æрбайхъуыстис трамвайы уынæр.1 Алан схызтис вагонмæ, кондуктормæ æхца радта, йæ билет райста æмæ бадæныл æрбадтис. 3. Æфсæнвæндаджы вокзалы раз Алан трамвайæ рахызтис. Бацыдис вокзалы агъуыстмæ. Æрлæууыдис кассæйы раз, билет балхæдта æмæ перронмæ рацыдис. Сбадтис электричкæйы æмæ рудзынгæй кæсы. 1

19

уынæр – шум


Хæдзæрттæ, бæлæстæ, быдыртæ фæстæмæ згъорынц. Цасдæр рæстæджы фæстæ электричкæ æрлæууыдис, æмæ лæппу вагонæй рагæпп кодта. Ракæс-бакæс кæны йæ алыварс. Уæртæ цавæрдæр цæугæдон. Дардæй зынынц кæсагахсджыты бæлæгътæ. «Бæлæгътæ – чысыл доны наутæ», – бахудтис йæхинымæр Алан æмæ араст ис автобусты станцæмæ. 4. Чысыл автобус згъоры хæххон нарæг фæндагыл. Бæлццон рудзынгæй кæсы æмæ дис кæны æрдзы рæсугъддзинадыл. Бæрзонд хæхтæ, урс цъититæ, заргæ æхсæрдзæнтæ салам дæттынц лæппуйæн. 5. Бæрзонд къæдзæхы цъуппыл лæууы рагон мæсыг. Уырдæм автобус нæ цæуы, фистæгæй цæуын та зын у… Мæнæ бæласы бын цъæх кæрдæгыл хизы диссаджы «транспорт»! Алан хæрæгыл абадтис æмæ араст ис уæлæмæ мæсыгмæ. Æвиппайды хæрæг размæ азгъордта. «Гъей, æппарыс мæ!» – фæхъæр кодта Алан æмæ … фехъал ис. Сывæллæттæ хъæрæй худынц. Ахуыргæнæг дæр йæ мидбылты худы. 3. а) Дзуапп раттут фæрстытæн.

1) Чи у Алан? 2) Фыццагдæр1 цавæр транспортæй спайда кодта Алан? 3) Кæм рахызтис Алан трамвайæ? 4) Цы федта Алан цæугæдоны æмæ цæуыл худтис? 5) Цæуыл ацыдис бæлццон хохмæ? 6) Цæмæй фæтарстис Алан? 7) Цæмæн худынц Аланы æмкъласонтæ? 8) Цæмæн хуыйны текст «Æнахуыр балц»? æ) Текстæй рафыссут хъуыдыйæдтæ ног дзырдтимæ.

Пассивная (страдательная) форма глагола в осетинском языке образуется с помощью суффиксов -д, -т, -ст, -ыд, -ад и вспомогательных глаголов цæуын (для несовершенного вида) и уæвын, æрцæуын (для совершенного вида). Хæдзар арæзт у (дом построен), арæзт уыдис (был построен), арæзт уыдзæнис (будет построен). Хæдзар арæзт цæуы (дом строится), арæзт цыдис (строился), арæзт цæудзæнис (будет строиться). Хæдзар арæзт æрцыдис (дом построен), арæзт æрцæудзæнис (будет построен). 4. а) Лæвæрд суффиксты фæрцы мивдисджытæй саразут миногмитæ:

– т: худын, кæсын, бадын, фыссын; 1

фыццагдæр – сперва

20


– д: зарын, хæрын, цæвын, давын; – ст: барын, æвзарын, кæрдын, бæттын. æ) Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ 10-æм ахуыры 1-аг фæлтæрæны текстмæ гæсгæ.

Нывы æвдыст цæуы /цæуынц … Нывы æвдыст у/ сты … Ам нывгонд у /сты … Ацы нывы æвдыст æрцыдис /æрцыдысты … 5. Ныффыссут мивдисджытæ пассивон формæйы.

Х у ы з æ г: Бæлццон билет балхæдта. Билет æлхæд æрцыдис. Билет æлхæд у. 1) Мæдинæ чиныг бакастис. – 2) Дзерассæ уат бафснайдта. – 3) Феликс фыстæг ныффыста. – 4) Зелим картоф æркъахта. – 5) Баба фæткъуытæ æртыдта. – 6) Фатимæ хæдон ныхсадта. – 6. а) Тексты æртыккаг абзацæй рафыссут мивдисджытæ, сæвæрут сæ нырыккон æмæ суинаг афонты.

Х у ы з æ г: Рахызтис – рахизы – рахиздзæнис. æ) Атасындзæг кæнут номдартæ «кæсагахсæг», «кæсагахсджытæ».

11-æм ахуыр 1. Баххæст кæнут рæнхъытæ.

1) Алан бацыдис (кæдæм?) вокзалмæ, къласмæ, …, … . 2) Алан рацыдис (кæцæй?) вокзалæй, къласæй, …, … . 3) Алан сбадтис (цæуыл?) бандоныл, хæрæгыл, …, … . 2. Зæгъут, цавæр транспортон фæрæзтæ1 æмбæлынц Аланы «балцы»? Ноджыдæр ма цæуыл ацæуæн ис2 балцы? Ныффыссут транспорты хуызтæ.

Зæххон: поезд, … Доны: нау, … Уæлдæфон: хæдтæхæг, … 1 2

21

транспортон фæрæзтæ – транспортные средства ацæуæн ис – можно отправиться


3. Текстæй рафыссут дзырдбæстытæ транспорты тыххæй, æрхъуыды кæнут семæ хъуыдыйæдтæ.

Х у ы з æ г: Трамвайы уынæр. Мах дардæй фехъуыстам трамвайы уынæр. 4. а) Цы федта Алан йæ балцы? Тексты ссарут дзуæппытæ ацы фарстæн æмæ сæ бакæсут. æ) Текстмæ гæсгæ саразут Аланы монолог æмæ йæ радзурут. Райдайæн ис афтæ:

Æз ахуыр кæнын æстæм къласы. Мæ ном хуыйны Алан. Абон нæм уыдис географийы урок. Æз лæмбынæг хъуыстон ахуыргæнæгмæ, кастæн нæ бæстæйы картæмæ. Æвиппайды нæ кълас цыдæр фæцис, æмæ уынджы фестадтæн (оказался)… 5. Ныффыссут темæ «Балц»-имæ баст хъуыдыйæдтæ, фæсæвæрдтæй: фарсмæ, раз, алыварс, бын.

пайда

кæнут

Х у ы з æ г: Бæлццæттæ æрæмбырд сты æфсæнвæндаджы вокзалы раз. 6. Текстмæ гæсгæ радзурут Аланы æнахуыр балцы тыххæй.

12-æм ахуыр Контролон ахуыр

22


АЦÆРГÆ АДÆЙМАДЖЫ БОН

13-æм ахуыр 1. Фыццæгæм октябры æппæт дуне дæр бæрæг кæны Ацæргæ адæймаджы бон. Ахæм уынаффæ рахаста Иугонд Нациты Организаци мин фарастсæдæ нæуæдзæм азы.

Сымахмæ гæсгæ1: 1) Кæй схонæн ис æрыгон адæймаг? ацæргæ адæймаг та? 2) Æстæм къласы ахуыргæнинæгтæ сывæллæттæ сты æви нæ? 3) Цæмæй хицæн кæнынц ацæргæ адæймаг æмæ æрыгон адæймаг? 2. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ.

1) Ацæргæ адæймаджы бон бæрæг кæнынц (кæм?) _______________ 2) Ахæм уынаффæ рахаста (чи?) _________________________________ 3) Ахæм уынаффæ рахастой (кæд?) ______________________________ 4) Ацæргæ адæймаджы бон бæрæг кæнæм (кæд?) ________________ 5) Алы аз дæр 1-æм октябры бæрæг кæнæм (цы?) _________________ 6) Иугонд Нациты Организаци (цы ми бакодта?) _________________ 3. а) Бакæсут æмæ зæгъут, кæимæ разы стут, постхæссæгимæ æви гæдыимæ? Цæмæн?

Постхæссæг Бибо цин кæны: Æз цæрын ныр райдайдзынæн – пенсийы цæуын! Гæды Гино худы: Арфæ дын кæнын (поздравляю тебя), фæлæ цæуыл цин кæныс? Бибо: Алы бон уæззау газеттæ æмæ журналтæ нал (больше не) хæсдзынæн! Гино: О, дæ бынаты æндæр постхæссæг уыдзæнис… 1

23

сымахмæ гæсгæ – по-вашему


Бибо: Æз та мæ фæллад уадздзынæн! Гино: О, уадздзынæ, уадздзынæ… уымæн æмæ дын куыст нæ уыдзæнис! Бибо: Куыстытæ – бирæ: хæдзары, цæхæрадоны. Гино: Иунæгæй хæдзары бад… Бибо: Иунæгæй? Нæ, мæнæн бирæ æмбæлттæ ис. Уазæгуаты цæудзынæн уыдонмæ, уыдон та – мæнмæ. Гино: Ха-ха! Иу хæдзарæй – иннæмæ! Бибо: Цæудзыстæм хъæдмæ, доны былмæ, чингуытæ кæсдзыстæм, хъусдзыстæм музыкæмæ… Гино: Де ’нæниздзинад та … Бибо: … тынг хорз у! Алы бон дæр кусын, тезгъо кæнын. Мæнмæ ныр велосипед дæр ис! О, иу куыст мæ ферох ис! Гино: Цавæр куыст? Бибо: Дæу æмæ де ’мбæлтты хъомыл кæнын2!

æ) Дзуапп раттут фæрстытæн.

1) Чи сты Бибо æмæ Гино? 2) Цавæр миниуджытæ ис Гиномæ? Лæвæрд диалоджы йæ миниуджытæ зынынц æви нæ? 3) Цавæр миниуджытæ ис Бибомæ? 4) Цæуыл цин кæны постхæссæг? 5) Сымахмæ гæсгæ, пенсиисæджы цард хъæлдзæг æмæ æнцон у? Цæмæн уæм афтæ кæсы? б) Радзурут диалоджы мидис Бибо кæнæ Гинойы номæй. Райдайæн ис афтæ:

Мæн иууылдæр зонынц. Æз дæн Бибо, цæрын æппæты расугъддæр хъæуы. Бирæ азты дæргъы куыстон постхæссæгæй... Кæнæ:

Æз дæн дунейы æппæты зондджындæр гæды Гино. Æз мæ хуыздæр æмбæлттимæ цæрын хъæуы. Абон фембæлдтæн нæ постхæссæг Бибойыл... 2

хъомыл кæнын – воспитывать

24


4. Постхæссæг Бибойы æххуысæй радзурут ацæргæ адæймаджы царды тыххæй. Сымахмæ гæсгæ, цавæр проблемæтæ ис пенсиисæджы царды?

14-æм ахуыр 1. Бакæсут æмæ бахъуыды кæнут. Бамбарын кæнут цавды бынат дзырдты æмæ дзырдбæстыты.

æмбис – половина зæрондæй-зæронддæр кæнын – стареть, становиться все более старым зонгæ уæвын – быть знакомым иунæг – одинокий, единственный ноггуырд – новорожденный ома – то есть пенсиисæг – пенсионер пенси исын – получать пенсию пенсийы цæуын – выходить на пенсию проблемæ алыг кæнын – решить проблему саразын хъæуы – надо сделать сæрмагонд – специальный тыхсын – страдать, переживать уавæр – положение хъаст кæнын – жаловаться 2. а) Дзуапп раттут фæрстытæн.

1) Цы зонут Ацæргæ адæймаджы боны тыххæй? 2) Уæ бинонты æхсæн ацæргæ адæймаг ис? Чи у? 3) Сымахмæ гæсгæ, уый амондджын у æви нæ? 4) Цæмæй йæ цард хуыздæр уа, уый тыххæй цы бакæнын хъæуы? æ) Бакæсут текст. Нысангонд дзырдтæ ратæлмац кæнут уырыссаг æвзагмæ.

I. Фыццæгæм октябры æппæт дуне дæр бæрæг кæны Ацæргæ адæймаджы бон. Ахæм уынаффæ рахаста Иугонд Нациты Организаци мин фарастсæдæ нæуæдзæм азы. II. Статистикæмæ гæсгæ, дыууынæм æнусы дыккаг æмбисы адæм цæрын райдыдтой дыууын азы фылдæр. Æхсай азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм адæймæгтæ дыууæ мин фæндзæм азы Зæххыл уыдис иу миллиардæй фылдæр. Дыууæ мин фæндзайæм азмæ ацæргæ адæмы нымæц уыдзæнис дыууæ миллиарды. Рацæудзæнис ма (еще) æртын азы, æмæ Зæххыл алы æртыккаг адæймагыл дæр 25


цæудзæнис æхсай азæй фылдæр. Уæрæсейы фæфылдæр уыдзæнис пенсиисджыты нымæц, æмæ дыууæ мин æхсæрдæсæм азмæ пенси исдзæнис алы цыппæрæймаг адæймаг дæр. III. Ныртæккæ демографион уавæр хорз нæу: адæм зæрондæйзæронддæр кæнынц, ома алы аз дæр ноггуырд сывæллæтты нымæц къаддæр кæны. Уымæ гæсгæ ацæргæ адæмæн саразын хъæуы хорз уавæртæ цæрынæн æмæ кусынæн. Ацы фæрстытæ алыг кæныны тыххæй Иугонд Нациты Организаци дыууæ мин дыккæгæм азы Мадриды сарæзта сæрмагонд конференци. Уым дзырдтой мæгуырдзинады, кусæн бынæтты æмæ æндæр социалон проблемæтыл. Ацæргæ адæмы проблемæтæ лыг кæныны тыххæй конд æрцыдис æппæтдунеон пълан. IV. Уæрæсейы мин фарастсæдæ нæуæдз фыццæгæм азы июны рацыдис Указ Ацæргæ адæймаджы боны тыххæй. «Æз ныр цæрын райдыдтон – пенсийы цæуын!» – загъта зындгонд мультфильмы персонаж постхæссæг Печкин. Фæлæ Печкины оптимизм нæй æппæт пенсиисджытæм. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, Уæрæсейы пенсиисджыты дыууын проценты тыхсынц депрессийæ. Уый стыр нымæц у. Абарæм: Швецийы пенсиисджытæй депрессиимæ «зонгæ сты» иу процентæй къаддæр, Данийы – пенсиисджыты иу процент, Америкæйы Иугонд Штатты – дыууæ процентæй фылдæр. Мах бæстæйы ацæргæ адæмы уавæр уæззаудæр у: нæуæдз æхсæз проценты сæхи иунæг хонынц, æстай аст проценты сты рынчын, æхсай цыппар проценты та сæ бинонтæй хъаст кæнынц. V. Ацæргæ адæймаджы бон æрмæст фыццæгæм октябры бæрæг кæнæм. Фæлæ хистæрты проблемæтæ рох кæнын нæ хъæуы, хистæртæн æххуыс кæнын хъæуы алы бон дæр. б) Куыд æмбарут фразæ: «Нæ бæстæйы пенсиисджытæй бирæты уавæр у уæззау, уыдон сæхи иунæг хонынц, хъаст кæнынц сæ бинонтæй»? в) Ссарут æмæ бакæсут хъуыдыйæдтæ дзырдбæстытимæ: «страдают от депрессии», «уменьшается количество новорожденных детей», «будет старше шестидесяти лет», «стали жить на двадцать лет дольше», «надо создать хорошие условия». 3. Фæрстытæн тексты ссарут дзуæппытæ æмæ сæ бакæсут.

Цæмæй тыхсынц Уæрæсейы пенсиисджытæ? Цæмæн? Кæд æххуыс кæнын хъæуы хистæртæн? 4. Бакæсут тексты æртыккаг абзац æмæ дзуапп раттут фæрстытæн.

1) Цы зæгъæн ис нырыккон демографион уавæры тыххæй? 2) Цавæр фæрстытæ лыг кодта Мадриды конференци? 3) Кæй нымæц къаддæр кæны алы аз дæр? 26


5. Бакæсут тексты дыккаг абзац. Ссарут æмæ бакæсут хъуыдыйад æртæ нымæцонимæ. Цавæр хатдзæг скодта статистикæ? Цы уыдзæнис Уæрæсейы 2050 азы? 6. Текстмæ гæсгæ саразут дзырдбæстытæ.

Цæрын райдыдтой (цас?); (кæй?) нымæц; Указ (цæй тыххæй?); (цавæр?) адæмы нымæц; (цæй?) персонаж; (цавæр?) бæстæйы; оптимизм нæй (кæмæ?); бæрæг кæнæм (цы?); бæрæг кæнæм (кæд?); уынаффæ рахастой (кæд?); (кæй?) уынаффæмæ гæсгæ; (кæй?) хъуыдымæ гæсгæ. 7. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ.

1) 60 азæй фылдæр .. . , ахæм адæймæгтæ 2005 азы … 2) Рацæудзæнис ма … , æмæ Зæххыл … 3) Адæм … кæнынц, ома … 4) Арæзт æрцыдис … лыг кæныны тыххæй. 5) Фæлæ Печкины оптимизм … 6) Специалисты хъуыдымæ гæсгæ, … 7) Мах бæстæйы ацæргæ адæмы … 8) 64 % та … 8. Бацæттæ кæнут хъусынгæнинаг нæ республикæйы ацæргæ адæмы уавæры тыххæй.

15-æм ахуыр 1. а) Ссарут 14-æм ахуыры 2-аг фæлтæрæны тексты хъуыдыйæдтæ рæнхъон нымæцонтимæ (с порядковыми числительными). Куыд арæзт сты рæнхъон нымæцонтæ? æ) Рафыссут текстæй рæнхъон нымæцонтæ. Саразут сæ бæрцон æмæ дихон нымæцонтæ.

Х у ы з æ г: Фыццаг – иу, иугай. 2. а) Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут нымæцонты хуызтæ сæ арæзтмæ гæсгæ.

Хуымæтæг нымæцонтæ: иу, дыууæ, дæс, сæдæ, ... Вазыгджын нымæцонтæ: иуæндæс, дыууадæс, æртындæс, … Амад нымæцонтæ: дыууын иу, дыууын дыууæ, æртын аст, … 27


æ) Рафыссут текстæй нымæцонтæ.

хуымæтæг нымæцонтæ, вазыгджын нымæцонтæ, амад

3. Ссарут тексты æмæ бакæсут хъуыдыйæдтæ нымæцонтимæ: 96, 2005, 20.

1,

30,

4. Рафыссут текстæй бабæтгæвазыгджын (сложносочиненные) хъуыдыйæдтæ. Рахицæн кæнут вазыгджын хъуыдыйæдты хæйттæ.

Х у ы з æ г: Рацæудзæнис ма æртын азы, æмæ Зæххыл алы æртыккаг адæймагыл дæр цæудзæнис æхсай азæй фылдæр. Рацæудзæнис æртын азы. Зæххыл алы æртыккаг адæймагыл дæр цæудзæнис æхсай азæй фылдæр. 5. Саразут диалог 14-æм ахуыры 2-аг фæлтæрæны текстмæ гæсгæ æмæ йæ радзурут. Райдайæн ис афтæ:

– Ацæргæ адæймаджы бон кæд бæрæг кæнæм, уый зоныс? – О, фыццæгæм октябры. Уый «зæронд» бæрæгбон нæу. Бæрæг кæнын æй райдыдтой 1990 азæй фæстæмæ. – Ацы бæрæгбон æрмæст мах бæстæйы бæрæг кæнынц? – Нæ, ... 6. Радзурут тексты мидис пъланмæ гæсгæ.

1) Иугонд Нациты Организацийы уынаффæ. 2) Фылдæр кæны ацæргæ адæмы бæрц. 3) Нырыккон демографион уавæр. 4) Пенсиисджыты уавæр нæ бæстæйы.

16-æм ахуыр 1. Нæхи куыд дарæм? Кæд пайда кæнæм ацы фразæтæй?

Хистæр Дæ бон хорз, лæппу / чызг! Кæй лæппу / чызг дæ? Дæ хорзæхæй, феххуыс-ма мын кæн. Дзæбæхæй байрæз!

Кæстæр Бузныг! Мæ мыггаг у…, мæ ном хуыйны Табуафси, цы кæнын хъæуы? Бузныг! ( Стыр бузныг!)

28


Кæстæр Дæ бон / райсом / изæр хорз! Бахатыр кæн, … Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ … Дæ хорзæхæй, зæгъ-ма мын, …

Хистæр Хорз бонтæ дыл кæнæд! Табуафси, …

2. Цавæр уавæрты æмбæлынц лæвæрд фразæтæ? Чи æмæ кæм дзуры? Спайда кæнут ацы фразæтæй цыбыр диалогты.

1) Дæ хорзæхæй, мæнæ ам æрбад! 2) Табуафси, мидæмæ рахиз! 3) Бахатыр кæн, … цæй аргъ у? (сколько стоит?) 4) Кæд гæнæн ис (если можно), уæд-ма мын … равдис. 5) Кæд дын зын нæу (если вам не трудно), уæд … 6) Бафæрсын æмбæлы? (можно спросить?) 7) Салам! Куыд дæ? 8) О, кæдæй-уæдæй ма! (наконец-то, в кои-то века) 9) Цы хабæрттæ дæм ис? 10) Хъус-ма, … нæ зоныс? 11) Цæй, феххуыс мын кæн! 12) Цæй, дзæбæх у! (будь здоров, пока) 3. Саразут хистæр æмæ кæстæры æхсæн диалогтæ.

а) Хистæр зонгæ кæны кæстæримæ. æ) Кæстæр зонгæ кæны хистæримæ. б) Дуканийы. в) Автобусы. Цавæр фразæтæй пайда кæнут? Куыд хицæн кæнынц уыцы фразæтæ алыхуызон ситуациты? 4. Æрхъуыды кæнут æмæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ хайыг (частица) «ома»имæ. 29


Х у ы з æ г: Адæм зæрондæй-зæронддæр кæнынц, ома ноггуырд сывæллæтты нымæц къаддæр кæны. «Æз цæрын ныр райдыдтон, ома пенсийы цæуын!» 5. Рафыссут мивдисджытæ 14-æм ахуыры 1-аг фæлтæрæны тексты 4-æм абзацæй, сæвæрут сæ алы афонты. Аифтындзæг кæнут мивдисæг «цæрын» алы афоны дæр.

ХÆХХОН СТЪАЛЫ

17-æм ахуыр 1. Бакæсут æмæ бахъуыды кæнут. Зонгæ дзырдтимæ саразут дзырдбæстытæ.

бахæлар уæвын – подружиться бæллын – мечтать, стремиться дæсны – искусный мæт – забота нæма – еще не нывкæнынад – рисование, живопись нырма – пока раз – возле, около, перед фæндын – хотеть фæндыди суæвын – хотел стать (кем-то) хардз кæнын – тратить хъуамæ рауайа – должно получиться Сочетание хъуамæ + глагол в условном наклонении обозначает долженствование: дæуæй афицер хъуамæ рауайа – из тебя должен получиться офицер. 2. Цы зонут Хетæгкаты Къостайы тыххæй? Равзарут раст дзуапп.

1) Хетæгкаты Къоста уыдис (нывгæнæг, скульптор, инæлар, поэт). 2) Зындгонд у Къостайы («Ирон фыййау», «Ирон аргъæуттæ», «Ирон фæндыр»). 3) Къоста райгуырдис (æстдæсæм, нудæсæм, дыууынæм) æнусы. 4) Йæ фыд Леуан уыдис (фыссæг, хæстон, зæхкусæг) . 5) Къоста ахуыр кодта (Стъараполы æмæ Мæскуыйы, Стъараполы æмæ Бетъырбухы, æрмæст Стъараполы). 30


3. Вазыгджын хъуыдыйæдтæй саразут хуымæтæг хъуыдыйæдтæ.

Х у ы з æ г: Стъараполы гимназы ахуыргæнинаг Хетæгкаты Къостайы уырнгæ дæр нæ кодта, гимназы хуыздæр нывгæнæг кæй у, уый. – Хетæгкаты Къоста уыдис Стъараполы гимназы ахуыргæнинаг. Хетæгкаты Къоста уыдис гимназы хуыздæр нывгæнæг. Ацы хъуыддаг Къостайы уырнгæ дæр нæ кодта. Къоста не ’мбæрста, нывкæнынады ахуыргæнæг Смирнов йемæ фылдæр цæмæн куыста, уый. Фæлæ Къостайы нывтæ Мæскуыйы æрыгон нывгæнджыты равдысты куы сæвæрдтой, уæд йæхиуыл баууæндыдис. От многих простых глаголов образуются сложные (вазыгджын) формы путем прибавления суффикса -гæ и вспомогательного глагола кæнын: цæуын – цæугæ кæнын, фыссын – фысгæ кæнын, бадын – бадгæ кæнын. Сложные формы выражают те же самые действия, процессы, что и простые глаголы, от которых они образуются, но употребляются, когда говорящий хочет подчеркнуть именно данное действие. Например: æз кусгæ кæнын – я работаю (именно работаю, а не занимаюсь чем-либо другим). В сложных формах приставка присоединяется к вспомогательному глаголу кæнын: бадгæ скæн – садись, хæргæ бакæн – покушай. 4. Мивдисджытæй саразут вазыгджын формæтæ.

Не ’мбæрста, куыста, баууæндыдис, бæллыдис, ныффысдзынæн, базгъорын, худыс, кæсæм, уынын, зыдтай. 5. Саразут раст формæтæ, спайда кæнут хъæугæ номивджытæй.

Æз мæхиуыл æууæндын. (Я верю в себя.) Ды _________________ . Уый ________________ . Мах ________________ . Сымах _____________ . Уыдон ________________ . 6. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ.

1) Къостайы нæ уырныдта, …, уый. 2) Къоста не ’мбæрста, …., уый. 31


3) Фæстæдæр Къостайы бауырныдта, …, уый. 4) Къоста бамбæрста, …, уый. 7. Саразут вазыгджын хъуыдыйæдтæ бæттæг «кæй»-имæ.

Фатимæ: Æз зонын: Къоста уыдис тынг хорз нывгæнæг. Фатимæ зоны, …, уый. Руслан: Æз федтон: Къостайы музейы сарæзтой ног равдыст. Руслан федта, … , уый. Ленæ: Мæн уырны: сымах зонут Къостайы æмдзæвгæтæ. Ленæйы уырны, … , уый.

18-æм ахуыр 1. Бакæсут скъуыддзаг Дзадтиаты Тотырбеджы роман «Хæххон стъалы»-йæ. Сæххæст кæнут хæслæвæрдтæ. а) Бакæсут фыццаг абзац.

Стъараполы гимназы ахуыргæнинаг Хетæгкаты Къостайы уырнгæ дæр нæ кодта, гимназы хуыздæр нывгæнæг кæй у, уый. Не ’мбæрста, нывкæнынады ахуыргæнæг Смирнов йемæ фылдæр цæмæн куыста, уый. Фæлæ Къостайы нывтæ Мæскуыйы æрыгон нывгæнджыты равдысты куы сæвæрдтой, уæд йæхиуыл баууæндыдис. Фылдæр куыста йæ нывтыл, бахæлар ис Смирновимæ. 1) Цы нæ уырныдта Къостайы? 2) Кæимæ бахæлар ис Къоста гимназы? æ) Бакæсут дыккаг абзац.

Къостайы фæндыдис нывгæнæг суæвын, уый уыдис йæ сæйрагдæр мæт. Леуан арæх дзырдта йæ фыртæн: «Дæуæй хъуамæ афицер рауайа». Фæлæ Къоста уымæ нæ бæллыдис. Нывтæ кæнын, цард æвдисын бирæ хуыздæр у. «Дæсны нывгæнæджы раз афицер ницы у», – хъуыды кодта Къоста. 1) Цæмæ бæллыдис Къоста? 2) Цавæр фæндон уыдис Леуанмæ? 3) Ссарут æмæ бакæсут Леуаны ныхæстæ Къостайы фидæны тыххæй. 32


б) Бакæсут текст кæронмæ.

Дзæнгæрæг ныццагъта. Йе ’мбæлттæ худгæйæ, хъазгæйæ ацыдысты сæ бынæттæм. Къоста бацыдис нывгæнæн къласмæ. Къултæй йæм кастысты зонгæ нывтæ. Фыццаг къласæй фæндзæммæ бирæ нывтæ скодта Къоста. Бирæ рæстæг бахардз кодта ныв кæныныл, æмæ йæ куыст дзæгъæлы нæ уыдис. Леуан æй арæх бафæрсы: «Цы уыдзынæ, лæппу, цы?» Фæлæ Къоста нæма радта дзуапп: «Нывгæнæг». Нæ, нырма раджы у. Ахуыргæнджытæ йæ нымайынц хуыздæр нывгæнæгыл. Иууылдæр æппæлынц Къостайы нывтæй æмæ æмдзæвгæтæй. Гимназы бæрæгизæрты Къостайæ хуыздæр ничи бакæсы Пушкины, Лермонтовы, Некрасовы, Гетейы æмдзæвгæтæ. Бакæсы йæхи æмдзæвгæтæ дæр. 1) Цавæр къласмæ бацыдис Къоста? 2) Цы федта къласы къултыл? 3) Ссарут æмæ бакæсут хъуыдыйæдтæ поэзийы тыххæй. 2. Ссарут тексты æмæ бакæсут хъуыдыйæдтæ ахæм мидисимæ.

1) Учителя считали его лучшим художником в гимназии. 2) Много времени потратил он на рисование, и его труд не пропал даром. 3) Но Коста еще не ответил: «Художником». Нет, пока еще рано. 4) Однако Коста не к этому стремился. 5) Его друзья, смеясь и шутя, разошлись по своим местам. 3. а) Тексты ссарут æмæ рафыссут хъуыдыйæдтæ фæрссагмитимæ (с деепричастиями), мивдисæджы вазыгджын формæимæ. Равзарут фæрссагмиты арæзт. æ) Ныффыссут хуымæтæг мивдисджыты вазыгджын формæтæ.

Х у ы з æ г: Æмбæрста – æмбаргæ кодта; сæвæрдтой – æвæргæ скодтой. Куыста, баууæндыдис, фæндыдис, дзырдта, ацыдысты, кастысты, бафæрсы, нымайынц, бакæсы. 4. Текстмæ гæсгæ радзурут Къостайы æрыгон бонты тыххæй.

33


19-æм ахуыр 1. Бакæсут 18-æм ахуыры 1-аг фæлтæрæны тексты дыккаг æмæ æртыккаг абзацтæ 1-аг цæсгомæй. Зæгъут, цавæр дзырдтæ баивтат æндæртæй?

Х у ы з æ г: Мæн фæндыдис нывгæнæг суæвын, уый уыдис мæ сæйраг мæт. 2. Кæд æмæ цæмæн баууæндыдис йæхиуыл Къоста? Ссарут тексты дзуапп æмæ йæ бакæсут.

Сложноподчиненное предложение с придаточным времени (афоны уæлæмхæст хаимæ) Вопросы кæд? (когда?); кæдмæ? (до каких пор?) кæдæй? (с каких пор?)

Союзы и союзные слова

Соотносительные слова

куы (когда); цалынмæ (пока); куыддæр (как только)

уæд (тогда); уалынмæ, уæдмæ (до тех пор); афтæ (так)

Придаточное времени обычно стоит перед главной частью. 3. Ссарут хъуыдыйæдты дыккаг хæйттæ æмæ сæ ныффыссут.

1) Фæззæг куы ралæууыдис, 2) Фæззæг куыддæр ралæууыдис, 3) Цалынмæ зымæг нæма ралæууыдис, 4) Къоста куыддæр къласмæ бацыдис, 5) Къоста гимназы куы ахуыр кодта, 6) Лæуан Къостайы куы бафарста, 7) Гимназы-иу бæрæгизæртæ куы уыдис, афтæ цъиутæ хъарм бæстæтæм тæхын райдыдтой. уæдмæ тыллæг бафснайын хъæуы. уæд бонтæ фæцыбырдæр сты. уæд бахæлар ис ахуыргæнæг Смирновимæ. афтæ къултыл нывтæ ауыдта. уæд-иу Къостайæ хуыздæр æмдзæвгæтæ ничи кастис. уæд ын лæппу дзуапп нæ радта.

34


4. Бакæсут æмдзæвгæ.

Куы… Хурæй куы бафсæдынц хæхтæ, Ног дарæс тархъæд куы скæны, – Заргæ уæд фæкæнынц мæргътæ! Хъулон куы адарынц1 рæгътæ Гауызау дардыл æрттивгæ, – Заргæ уæд фæкæнынц мæргътæ! Гъæйттæй куы ивылынц2 дæттæ Зæйтæй куы суæгъд вæййынц3 кæмттæ, – Заргæ уæд фæкæнынц мæргътæ! О, фæлæ арвы гæрæхтæй Зæхх дæр сыфтæрау куы сризы4, – Бамбæхсынц ахстæтты мæргътæ! Баситы Мысост 5. Ныффыссут фæрстытæн дзуæппытæ.

Заргæ кæд фæкæнынц мæргътæ? – Хурæй куы бафсæдынц хæхтæ, уæд.

_________________________, уæд _________________________, уæд. _________________________, уæд. Мæргътæ кæд бамбæхсынц ахстæтты? _________________________, уæд. 6. Сахуыр кæнут æмдзæвгæ «Куы...» зæрдывæрдæй.

СЫГЪЗÆРИН ФÆЗЗÆГ

20-æм ахуыр 1. а) Байхъусут æмæ бакæсут.

хъулон куы адарынц – когда запестреют гъæйттæй куы ивылынц – когда вовсю разливаются 3 зæйтæй куы суæгъд вæййынц – когда освобождаются от лавин 4 сыфтæрау куы сризы – когда задрожит как лист 1 2

35


Æрæгвæззæг Ирыстоны (цыбыргондæй) Æрæгвæззæг хъарм боны хур арвы кæрон хæхтæм йæ мидбылты худтис, урс къæдзæх хæхтæ æвзистау æрттывтой. Хæхты сæртæ зымæг урс худтæй атыхта. Хурыскæсæны дымгæ улæфыдис, æмæ сыфтæртæ заргæ йæ разæй згъордтой. Хохы сырдтæ гæппытæ кодтой. «Ехх, – загътой иууылдæр, – ахæм сæрибар дуг куы уаид!» Фæлæ иу рæстæг бирæ нæ хæссы; æрæгвæззæг фæцис, сау мигъ æрæхгæдта хæхтæ, кæмттæ; бæстæ баталынг ис… æ) Дзуапп раттут фæрстытæн.

Гæдиаты Секъа

1) Цавæр у тексты темæ? 2) Цæмæй хицæн кæнынц рагвæззæг æмæ æрæгвæззæг? 3) Кæмæ худтис хур йæ мидбылты? 4) Кæд худтис хур йæ мидбылты? 5) Цæмæй бамбæрзта зымæг хæхты сæртæ? б) Тексты ссарут æмæ бакæсут дзырдбæстытæ ахæм нысаниуджытимæ: белые скалистые горы; с песней бежали перед ним; белыми шапками; черная туча. в) Раттут фарст тексты алы хъуыдыйадмæ дæр. г) Рафыссут текстæй дзырдбæстытæ ацы дзырдтимæ.

æвзист – серебро æрæгвæззæг – поздняя осень мигъ – туча кæмттæ – ущелья æрæхгæнын – закрыть баталынг ис – потемнело, стемнело батухын – закутать, укутать згъорын – бежать гæппытæ кæнын – прыгать иу рæстæг бирæ нæ хæссы – одна пора долго не длится 2. Ныффыссут фæззæгимæ баст дзырдтæ. Саразут фæззæджы фæлгонц.

Номдартæ: фæззæг, мигътæ, … Миногонтæ: сыгъзæрин, тар, … Мивдисджытæ: ралæууыдис, æрæхгæдтой, … 36


3. Равзарут дзырдты грамматикон формæтæ.

Х у ы з æ г: Боны – номдар (бон), иууон нымæц, гуырынон хауæн. Загътой – мивдисæг (зæгъын), ивгъуыд афон, æргомон здæхæн, æххæст хуыз (совершенный вид), 3-аг цæсгом, бирæон нымæц. Боны, хæхтæм, æвзистау, худтæй, хурыскæсæны, сыфтæртæ,сырдтæ, рæстæг; загътой, атыхта, фæцис, баталынг ис. 4. Ныффыссут цыбыр радзырд «Фæззæг нæ сахары / нæ хъæуы» (10 – 12 хъуыдыйады).

21-аг ахуыр 1. Рафыссут 20-æм ахуыры 1-аг фæлтæрæны текстæй хуымæтæг мивдисджытæ. Саразут сæ: 1) вазыгджын формæтæ, 2) фæрссагмитæ. Ныффыссут семæ хъуыдыйæдтæ.

Х у ы з æ г: Худын – худгæ кæнын, худгæ, худгæйæ. Фатимæ худгæ нæ кæны. Фатимæ худгæ бацыдис къласмæ. Фатимæ худгæйæ кæсы сценæмæ. В осетинском языке причастия образуются также при помощи суффиксов -аг, -æг, -инаг. Глагол

Суффикс

Причастие

Пример

Значение

-æг

дзурæг

дзурæг адæймаг – говорящий человек

выполняющий какое-либо действие в настоящее время

-аг

дзураг

дзураг адæймаг – говорливый человек

имеющий постоянное свойство, склонный к выполнению какого-либо действия

Дзурын

-инаг

37

дзуринаг

дзуринаг хабар – событие, о котором должно быть рассказано

то, что подлежит какому-либо действию


2. Саразут мивдисджытæй миногмитæ æмæ фæрссагмитæ.

Х у ы з æ г: Бадын – бадæг, бадаг, бадгæйæ. Худын, хæрын, згъорын, фæрсын, тæхын, зонын, хауын, уарын, мæрзын. 3. Куыд æмбарут æмбисæндтæ? Цавæр уырыссаг æмбисæндтæ зонут ахæм мидисимæ?

Кафаг лæппу хæдзар нæ дары. Уасаг гæды мыст нæ ахсы. Хæцаг (бодливый) галæн йæ сыкъа сæтты. 4. Саразут дзырдбæстытæ дыууæ къорды дзырдтæй.

1) Кæуаг, фыссинаг, бакæсинаг, хъазаг, хъазгæйæ, бадгæйæ, кæугæйæ, кафаг. 2) Лæппу, куыст, сывæллон, чиныг, дзурын, гæды, фыссын, баззайын. 5. Рафыссут хъуыдыйæдтæ, стъæлфыты бæсты суффикстæ -гæ, -аг кæнæ -æг æвæргæйæ.

Ноябрь. Æрæгвæззæг. Тар мигътæ ленк кæнынц ныллæг арвыл. Абон уар… нæ кæны. Хатгай ракæсы хур, фæлæ тав… нæ кæны. Уазал дымгæ ратоны бæлæсты зырзыргæн… сыфтæртæ, йæ разæй сæ ахæссы. Дымгæ тынг кус… у: тилы бæлæсты къалиутæ, мæрзы уынгтæ, уазал кæны уынгты цæу… адæмы. Арвыл æрæмбырд сты кæу… мигътæ, сæ уæззау цæссыгтæ хауынц зæхмæ. Кæу… кæны фæззæг дæр – тагъд йæ рæстæг фæуыдзæнис, бæстæ бамбæрздзæнис æрттив… мит.

22-аг ахуыр 1. Байхъусут æмæ бакæсут.

– Æгас цу, Фæззæг! Чи дыл сæвæрдта ахæм рæсугъд ном? Фæззæг йæ мидбылты бахудтис, æмæ уæззау мигътæ аленк кодтой арвы кæронмæ. – Байхъус-ма лæмбынæг: Фæз-з-зæг… Мыдыбындзытæ тæхынц 38


адджын мыдимæ, сыфтæрты æхсæнæй æрттивынц рæгъæд дыргътæ. Райсомæй хæхтæй ратæхы уазал дымгæ, йæ разæй рахæссы тар мигътæ, æхситт кæны: фæз-ззæг… Мæ номы фыццаг уæнг æрттивы алыхуызон ахорæнтæй: бур, сырх, цъæх. Дзаг у хуры хъармæй. Дыккаг уæнг та у уазал, кæуаг, тæргайгæнаг1… Фæззæг йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта2, æрбаппæрста мыл хуылыдз бур сыфтæртæ, æркалдта мыл къæвдайы уазал æртæхтæ. – Ма тæрс, æз хæларзæрдæ3, фæлмæн дæн, – хъусын Фæззæджы хин хъæлæс. – Æз мæ хоты хуызæн нæ дæн. Мæ хистæр хо, Сæрд, адæмы йæ тæвдæй судзы. Мæ кæстæр хо, Зымæг, бæстæ ныссæлын кæны. Уæддæр сæ уарзут! Фæтæргай ис Фæззæг. Амбæхстис мигъты фæстæ. Уары къæвда. Фæззæджы уазал цæссыгтæ зæхмæ хауынц. 2. Дзуапп раттут фæрстытæн.

Цы æрцыдис, Фæззæг йæ мидбылты куы бахудтис, уæд? Цы æрцыдис, Фæззæг куы смæсты ис, уæд? Цавæр у Фæззæг? Ссарут тексты дзуапп æмæ йæ бакæсут. 3. а) Стъæлфыты бæсты ныффыссут хъæугæ дзырдтæ.

Фæззæг (цы ми бакодта?) йæ мидбылты … , йе ’рфгуытæ … , æрбаппæрста … , æрбакалдта … , амбæхстис … , фæтæргай …. æ) Рафыссут текстæй миногонтæ, фæбæрæг кæнут суффикстæ. 4. Ссарут дзырдтæн антонимтæ.

1) Рæсугъд, адджын, алыхуызон, рæгъæд, хуылыдз, тар. 2) Бахудтис, йæхи амбæхста, райста, мæсты кæны. 5. Рафыссут текстæй дзырдбæстытæ цыбыр номивджытимæ. Бацамонут номивджыты æххæст формæтæ. тæргайгæнаг – обидчивый йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта – нахмурила брови 3 хæларзæрдæ – доброжелательный 1 2

39


Х у ы з æ г: Сæвæрдта дыл (дæуыл). 6. Баххæст кæнут репликæтæ текстмæ гæсгæ æмæ саразут диалог.

– Æгас цу, Фæззæг! Чи дыл сæвæрдта ахæм рæсугъд ном? – Байхъус-ма лæмбынæг: Фæз-з-зæг… Ахæм ном мыл сæвæрдтой … – Цы нысан кæнынц дæ номы дыууæ уæнджы? – Мæ фыццаг уæнг … – Дыккаг уæнг та … – Уый у … – Фæззæг, цæмæн мыл калыс уазал æртæхтæ? – Уымæн æмæ … – Чи сты дæ хотæ, Фæззæг? – Мæ хистæр хо … – ... – ...

23-аг ахуыр 1. Раст у æви нæу?

Х у ы з æ г: Нæ, æрæгвæззæг сентябры нæ райдайы. □ Æрæгвæззæг райдайы сентябры æмæ фæвæййы ноябры. □ Фæззæджы цъиутæ хъарм бæстæтæй æртæхынц. □ Фæззæджы фæстæ ралæууы зымæг. □ Ноябрь у фæззæджы фæстаг мæй. □ Фæззæг тæргайгæнаг у: куы хур фæкæсы, куы къæвда фæуары. □ Фæззæджы фæвæййы ахуыры аз. □ Фæззæг хъæздыг у дыргътæй æмæ халсартæй. □ Фæззæджы бон даргъдæр вæййы, æхсæв та – цыбырдæр. □ Фæззæджы бæлæсты сыфтæртæ сбур вæййынц æмæ æрызгъæлынц1. 2. Саразут хъуыдыйæдтæ дзырдты къордтæй.

1) Æрæгвæззæг, йæ, мидбылтæ, худын, хæхтæ, æмæ, быдыртæ. 2) Адæм, сæ, тыллæг, бафснайын, æмæ, сæ, фæллад уадзын. 3) Бæлæстæ, сыфтæртæ, бур кæнын, æмæ, азгъæлын. 4) Гæды, хуыссын, пец, фарсмæ, æмæ, мысын, сæрд, хъарм, бонтæ. 1

æрызгъæлынц – опадают

40


3. Аифтындзæг кæнут мивдисджытæ (проспрягайте глаголы).

Х у ы з æ г: Нырыккон афон: тухын, тухыс, тухы; тухæм, тухут, тухынц. Ивгъуыд афон: тыхтон, тыхтай, тыхта; тыхтам, тыхтат, тыхтой. Суинаг афон: тухдзынæн, тухдзынæ, тухдзæнис; тухдзыстæм, тухдзыстут, тухдзысты. Згъорын, гæппытæ кæнын, кæсын, хъусын, тæхын. 4. Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут мивдисæджы разæфтуантæ. Зæгъут, куыд ивынц мивдисджыты нысаниуджытæ? Цы æвдисынц мивдисджыты разæфтуантæ? Зæгъут иронау.

1) Кошка прыгнула на стол. 2) Кошка спрыгнула со стола. 3) Кошка отпрыгнула в сторону. 4) Кошка вскочила со своего места. 5) Кошка запрыгнула в корзину. 6) Кошка выпрыгнула из окна. 7) Кошка запрыгнула в окно. 8) Кошка залезла на диван. 5. Рафыссут 22-аг ахуыры 6-æм фæлтæрæнæй мивдисджытæ разæфтуантимæ, сæвæрут сæ райдайæн формæйы: сæвæрдта – сæвæрын, æвæрын.

24-æм ахуыр Контролон ахуыр

41


КАВКАЗ – НÆ ИУМÆЙАГ ХÆДЗАР

«Æвзæгты хох»

25-æм ахуыр 1. Байхъусут. Сæвæрут цавды нысæнттæ. Дзырдтæ раст дзурут.

абхазаг авайраг адыгейаг азербайджайнаг аллон араббаг æссон гуырдзиаг даргинаг

кæсгон лезгинаг ногъайаг персайнаг сомихаг уырыссаг хъæрæсейаг хъуымыхъхъаг цæцæйнаг

Цавæр республикæты (бæстæты) цæрынц ацы æвзæгтыл дзурæг адæм? Кæм фехъусæн ис ацы æвзæгты фылдæр хай? Кæцы æвзæгтыл нæ дзурынц Кавказы? 2. Рафыссут дзырдтæ. Фæбæрæг кæнут дзырдты уидæгтæ æмæ суффикстæ. Цы бафиппайдтат?1

Азербайджайнаг, хъæрæсейаг, балхъайраг (æссон), цæцæйнаг, адыгейаг, авайраг, табасарайнаг, хуссайраг, скæсæйнаг, индоевропæйаг. Фæхицæн кæнут дзырдтæ дыууæ къордыл: 1) «й» уидаджы мидæг «р» кæнæ «н»йы размæ; 2) «й» уидаг æмæ суффиксы ’хсæн (дыууæ хъæлæсоны ’хсæн).

1

Цы бафиппайдтат? – Что вы заметили? 42


Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут Чтобы сказать, на каком языке мы говорим, к названию языка надо прибавить элемент -ау: я говорю по-русски – æз уырыссагау дзурын. 3. Æркæсут Цæгат Кавказы картæмæ æмæ ранымайут, кæм æмæ цавæр æвзæгтыл дзурынц Кавказы адæмтæ?

Х у ы з æ г: Цæгат Ирыстон-Аланийы цæрæг адæмтæ дзурынц иронау, уырыссагау, сомихагау, гуырдзиагау, кæсгонау… Дагестаны… Кæсæг-Балхъары … Цæцæны … Мæхъхъæлы… Гуырдзыйы … Сомихы … Азербайджаны … Стъараполы крайы… Краснодары крайы … 4. Сымах та цавæр æвзæгтыл дзурут? Уе ’мбæлттæ та? Зæгъут, цæмæн хонынц Кавказ «æвзæгты хох»? Цавæр кавказаг республикæйы ис æппæты фылдæр æвзæгтæ? Цавæр æвзæгтыл дзурынц уым? 5. Бакæсут текст. Зæгъут, цы базыдтат ногæй?

Кавказы цæрæг адæмты æвзæгтæ кæрæдзийæ тынг хицæн кæнынц. Ам ис цыппар къорды (æвзæгты бинонты) минæвæрттæ1: индоевропæйаг, тюркаг, цæгат-кавказаг æмæ картвелаг æвзæгтæ. Индоевропæйаг æвзæгтыл дзурынц аллонтæ, уырыссæгтæ, сомихæгтæ, курдæгтæ, татæгтæ. Тюркаг бинонтæм хауынц2 хъæрæсейæгты, æссонты (балхъайрæгты), хъуымыхъхъæгты, ногъайæгты, азербайджайнæгты æвзæгтæ. Картвелаг æвзæгтæ сты гуырдзиаг, мегрелаг æмæ сванаг. Цæгаткавказаг æвзæгты нымæц та хæццæ кæны3 цыппормæ.

минæвæрттæ – здесь: представители хауынц – здесь: относятся 3 хæццæ кæны – здесь: достигает 1 2

43


6. Сбæрæг кæнут Кавказы картæйыл: 1) индоевропæйаг, 2) цæгат-кавказаг, 3) тюркаг, 4) карвелаг æвзæгты бынæттæ. Радзурут 5-æм фæлтæрæны текст.

44


26-æм ахуыр 1. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ лæвæрд дзырдтæй æмæ сæ ныффыссут: фæскавказаг (закавказский), хох, минæвæрттæ, хауынц, нымад сты (считаются).

1) Кавказы æмбæлынц æвзæгты æртæ стыр къорды …. . 2) Аллонты æмæ сомихæгты æвзæгтæ … индоевропæйаг æвзæгтыл. 3) Тюркаг æвзæгтæм … азербайджайнаг, ногъайаг, хъæрæсейаг. 4) Рагæй фæстæмæ Кавказ хонынц «æвзæгты …». 5) Гуырдзыстон, Сомих, Азербайджан, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон сты …. бæстæтæ. 2. Æвзæгтæ æмæ диссæгтæ!

1) Абхазаг æвзаджы ис дыууæ хъæлæсон æмæ æстай дыууæ æмхъæлæсон мыры. Ирон æвзаджы та? Уырыссаг æвзаджы та? Англисаг (немыцаг, францаг) æвзаджы та?

2) Табасарайнаг æвзаджы ис цыппор аст хауæны. Ирон æвзаджы та? Уырыссаг æвзаджы та? Англисаг (немыцаг, францаг) æвзаджы та?

45


3. Ныффыссут хъæугæ ирон дзырдтæ. Спайда кæнут дзырдуатæй.

4. Цалгай (по сколько) æмхуызон дзырды ссардтат ацы æвзæгты?

Х у ы з æ г: Нывтæм гæсгæ, сомихаг æмæ ирон æвзæгты ссардтам фæйнæ фондз æмхуызон дзырды. Значение «по столько» в осетинском языке выражается разделительными числительными или конструкцией «фæйнæ + числительное». При этом существительное, связанное с числительным, имеет форму родительного падежа единственного числа: фæйнæ дыууæ фæткъуыйы – по два яблока; но: дыгай дзырдтæ – по два слова. Если в конструкции нет существительного, то употребляются разделительные числительные во множественном числе: мах æртыгæйттæй сбадтыстæм – мы сели по трое. 5. Равзарут хъæугæ конструкцитæ æмæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ.

Мах ахуыр кæнæм (… 2) фæсарæйнаг æвзаджы. Сымах (3) цæмæн бадут? Фæйнæгæй рафыссут (2) дзырдбасты. Мæнæн æмæ Аланæйæн (… 5) тетрады ратт! Алик йæ дзыппыты нывæрдта (6) æнгузы. 46


6. Ратæлмац кæнут диалог ирон æвзагмæ.

– Добрый день! – Здравствуйте. – Дайте нам, пожалуйста, по три карандаша и по две ручки. – По три ручки? – Нет, по две ручки. – Пожалуйста. – Спасибо. И еще, пожалуйста, по одной тетради. – Какие тетради вам нужны: по двенадцать листов или по двадцать четыре листа? – По двенадцать. – Пожалуйста. – Большое спасибо! 7. Бацæттæ кæнут цыбыр хъусынгæнинæгтæ Кавказы адæмты æвзæгты тыххæй. Пайда кæнут 25-æм æмæ 26-æм ахуырты æрмæгæй.

27-æм ахуыр 1. Саразут æмæ ныффыссут дзырдбæстытæ.

Фæйнæ 3 (кг), 5 (скъоладзау), 12 (чиныг), 7 (æвзаг), 2 (карк), 1 (гæды). Кæсын (азербайджайнаг, аллон, уырыссаг, сомихаг, цæцæйнаг).

47


2. а) Байхъусут дзырдтæм, бамбарын кæнут цавды бынат. Кæцы дзырдтæ уын зонгæ сты? Бахъуыды кæнут ног дзырдты нысаниуджытæ.

адæмыхатт – народность æмбис – половина бындур – основа знæм – племя ныхасыздæхт – говор фæзынд – появление, явление фыссынад – письменность

бынæттон – местный, коренной ныртæккæйы – современный пысылмон – мусульманский; мусульманин чырыстон – христианский; христианин баст уæвын – быть связанным дис кæнын – удивляться сæудæджер кæнын – торговать

æ) Байхъусут текстмæ æмæ зæгъут, чи дис кодта Кавказы æвзæгты нымæцыл. 3. Байхъусут текстмæ æмæ дзуапп раттут фæрстытæн.

Цал æвзагыл дзурынц Дагестаны адæмтæ? Цалмæ хæццæ кæны Кавказы цæрæг адæмты æвзæгты нымæц? Кæд фæзындис Кавказы пысылмон дин? 4. Байхъусут текстмæ. Цавæр нымæцонтæ фехъуыстат тексты? Ныффыссут сæ. 5. Сраст кæнут тексты пълан æмæ йæ ныффыссут.

1) Фыссынад фæзынд Кавказы цæрæг адæмтæм. 2) Араббаг æвзаг Дагестаны. 3) Æвзæгты цыппар къорды Кавказы. 4) Рагон бæлццæттæ æмæ географтæ Кавказы цæрæг адæмты æвзæгты тыххæй. 6. Тексты пъланы алы пункты тыххæй дæр радзурут иу-дыууæ хъуыдыйадæй. 7. Рафыссут хъуыдыйæдтæ, къæлæтты дзырдтæ раст формæйы æвæргæйæ.

1) Бердзенæгтæ сæудæджер кодтой бынæттон (кæимæ? – адæмтæ). 2) Ам æрæмбырд вæййынц уæйгæнджытæ бирæ алыхуызон (кæмæй? – адæмтæ). 3) Кавказы цæрæг адæмты æвзæгтæ иууылдæр кавказаг (цæуыл?– æвзæгтæ) нымад не сты. 4) Кавказы цæрæг адæмты æвзæгты нымæц хæццæ кæны (цасмæ? – фæндзай). 5) Фыссынады фæзынд баст у чырыстон (цæимæ?– дин). 6) Хъуымыхъхъаг æмæ ногъайаг æвзæгтæ хауынц тюркаг (цæмæ? – æвзæгтæ). 48


28-æм ахуыр

1. Бакæсут. Сбæрæг кæнут тексты темæ. Æрхъуыды кæнут текстæн сæргонд.

Нæ эрæйы размæ æвдæм-æхсæзæм æнусты Сау денджызы былыл, ныртæккæйы Сухумы бынаты, уыдис бердзенаг колони Диоскури. Йæ цæрджытæ сæудæджер кодтой бынæттон адæмтимæ. Уый тыххæй рагон бердзенаг географ Страбон фыста: «Ам æрæмбырд вæййынц уæйгæнджытæ æвдай алыхуызон адæмтæй. Сæ фылдæр сты сæрмæтаг знæмтæ1, цæрынц Кавказы хæхты». Астæуккаг æнусты Кавказы æвзæгты нымæцыл дис кодтой араббаг æмæ персайнаг бæлццæттæ æмæ географтæ дæр. Дæсæм æнусы Масуди фыста: «Ацы хæхты цæрынц æвдай дыууæ адæмыхатты, алкæмæн дæр ис йæхи паддзах, йæхи æвзаг… Æрмæст Аллах банымайдзæнис Кавказы цæрæг адæмты. Кавказы хох – æвзæгты хох». Æцæгæй цал æмæ цавæр адæмтæ цардысты Кавказы нæ эрæйы размæ, уый зын зæгъæн у. Фæлæ ныртæккæ ам фехъусæн ис фæндзай æвзагæй фылдæр. Уыцы æвзæгтæй бирæтæ дих кæнынц диалекттыл æмæ ныхасыздæхтытыл. Зæгъæм, авайраг æвзаджы ис диалектты æртæ къорды: цæгатаг, астæуккаг æмæ хуссайраг. Ацы диалекттыл дзурæг авайрæгтæ кæрæдзи не ’мбарынц. Кавказы цæрæг адæмты æвзæгтæ хауынц алыхуызон æвзæгты бинонтæм: индоевропæйаг (аллон, уырыссаг, курдаг, татаг, сомихаг); тюркаг (азербайджайнаг, хъуымыхъхъаг, хъæрæсейаг-балхъайраг, ногъайаг); цæгат-кавказаг (абхазаг, адыгейаг, кæсгон, цæцæйнаг, мæхъхъæлон, авайраг, лакаг, даргинаг, лезгинаг æмæ æндæртæ); картвелаг (гуырдзиаг, мегрелаг, сванаг). Цæгат-кавказаг æвзæгты нымæц (æнæ диалекттæй æмæ ныхасыздæхтытæй) хæццæ кæны цыппормæ. Æппæты фылдæр æвзæгтæ æмбæлынц Дагестаны – æртынмæ хæстæг. Дагестайнæгтæ хатгай фæзонынц дыууæ кæнæ фылдæр æвзаджы. Алыхуызон адæмыхæттыты минæвæрттæ кæрæдзимæ арæх фæдзурынц авайрагау кæнæ хъуымыхъхъагау. Фæлæ цæгаткавказаг æвзæгты ’хсæн ис, æрмæст сæдæгай адæймæгтæ кæуыл дзурынц, ахæмтæ дæр. Зæгъæм, хиналугаг æмæ арчинаг æвзæгтыл дзурынц фæйнæ иу хъæуы, удинаг æвзагыл – дыууæ хъæуы, бацбийаг æвзагыл – иу хъæуы æрдæг. Нæ эрæйы цыппæрæм-фæндзæм æнусты Кавказы рапарахат ис чырыстон дин. Уыимæ баст у фыссынады фæзынд иуæй-иу адæмтæм. Зæгъæм, уыцы рæстæджы фæзындысты тæлмацгонд 1

знæмтæ – племена

49


æмæ оригиналон тексттæ гуырдзиаг, аллон æмæ сомихаг æвзæгтыл. Дагестаны бирæ рæстæджы дæргъы официалон æвзагыл нымад уыдис араббаг (æрбацыдис ардæм пысылмон динимæ нæ эрæйы æстæм – иуæндæсæм æнусты). Араббагау фыст уыдысты æрмæст дины чингуытæ нæ, фæлæ ма трактаттæ математикæ æмæ астрономийæ, поэтикон æмæ прозаикон уацмыстæ. Иуæй-иу кавказаг адæмтæм национ фыссынад фæзындис æрмæст дыууынæм æнусы фыццаг æмбисы. Ныртæккæ бирæ национ æвзæгтыл: цæцæйнаг, авайраг, лакаг, даргинаг, лезгинаг, табасарайнаг, гуырдзиаг, абхазаг, абазинаг, адыгейаг, кæсгон æмæ æндæртыл – мыхуыргонд цæуы хъæздыг æмæ цымыдисаг литературæ. 2. Рафыссут адæмты æмæ æвзæгты нæмттæ æмæ сæ ратæлмац кæнут. 3. Зæгъут иронау.

1) На северо-кавказских языках говорят абхазцы, абазинцы, адыгейцы, кабардинцы, аварцы и другие. 2) Общая численность говорящих на северо-кавказских языках достигает двух миллионов человек. 3) Дагестанцы часто владеют двумя и более языками. 4. Ссарут тексты æмæ бакæсут хъуыдыйæдтæ ацы дзырдтимæ:

а) бынæттон, ныртæккæйы, чырыстон, пысылмон, араббаг, персайнаг; æ) знæмтæ, адæмыхæттытæ, ныхасыздæхтытæ, фыссынад, бындур, æмбис; б) сæудæджер кæнын, фехъусæн ис, хауын, хæццæ кæнын, нымад уæвын. 5. Радзурут тексты мидис пъланмæ гæсгæ.

50


29-æм ахуыр 1. Бакæсут тексты дыууæ фæстаг абзацы. Ссарут æмæ рафыссут хъуыдыйæдтæ мивдисæджы пассивон здæхтимæ. Бамбарын кæнут пассивон здæхты арæзт. 2. Сраст кæнут рæдыдтытæ æмæ рафыссут хъуыдыйæдтæ.

Нæ эрæйы фæстæ Кавказы цæрынц бирæ алыхуызон знæмтæ. «Сæ фылдæр сты сæрмæтаг знæмтæ», – фысдзæнис Страбон. Кавказы адæмты нымæцыл диз кодой арабаг æмæ персанаг бæлцæттæ æмæ географтæ. Ныр тæккæ Кавказы фехъуысæнис фæндзай æвзагæй фырдæр. 3. Цыбыр хъуыдыйæдтæй саразут даргъ хъуыдыйæдтæ, фæйнæ иу дзырды сæм æфтаугæйæ (добавляя по одному слову).

Х у ы з æ г: Адæмтæ цæрынц. Кавказы адæмтæ цæрынц. Кавказы цæрынц алыхуызон адæмтæ. Кавказы цæрынц бирæ алыхуызон адæмтæ. Кавказы рагæй цæрынц бирæ алыхуызон адæмтæ. Кавказы рагæй цæрынц тынг бирæ алыхуызон адæмтæ. Адæмтæ дзурынц. Æвзæгтæ хауынц. Фыссынад фæзындис. 4. а) Ссарут тексты æмæ бакæсут хъуыдыйад ахæм мидисимæ: «На арабском языке были написаны не только книги религиозного содержания, но и трактаты по математике и астрономии, поэтические и прозаические произведения». æ) Рафыссут хъуыдыйад. Цавæр дзырдтæ нысан кæнынц «не только, но и»? б) Зæгъут иронау:

Мы говорим не только по-русски, но и по-осетински. Моя одноклассница Марина пишет не только стихи, но и рассказы. Мимо нашей школы идет не только трамвай, но и автобус. 5. Хуымæтæг хъуыдыйæдтæй саразут вазыгджын хъуыдыйæдтæ хуызæгмæ гæсгæ. (Обратите внимание на место отрицательной частицы – перед союзом «фæлæ»).

Х у ы з æ г: Аллон, сомихаг æмæ уырыссаг æвзæгтæ хауынц индоевропæйаг æвзæгты бинонтæм. – Æрмæст аллон нæ, фæлæ сомихаг æмæ уырыссаг æвзæгтæ дæр хауынц индоевропæйаг æвзæгты бинонтæм. 51


Бынæттон знæмтæ сæудæджер кодтой кæрæдзиимæ æмæ бердзенæгтимæ. Бирæ табасарайнæгтæ дзурынц сæхи æвзагыл дæр æмæ авайраг æвзагыл дæр. Сомихæгтæм, аллонтæм æмæ гуырдзиæгтæм фыссынад уыдис нæ эрæйы фыццаг æнусты. Кавказы цæрæг адæмтæм фыссынады фæзынд баст у чырыстон æмæ пысылмон динтимæ. Аллон, гуырдзиаг æмæ сомихаг æвзæгтыл фæзындысты тæлмацгонд æмæ оригиналон тексттæ.

Рагон сомихаг фыст

Рагон аллон фыст

Рагон гуырдзиаг фыст

6. Текстæй рафыссут фæйнæ дæс мивдисæджы. Сбæрæг кæнут мивдисджыты афон æмæ цæсгом.

Х у ы з æ г: Уыдис – ивгъ.аф., 3 цæсг.; сæудæджер кодтой – ивгъ. аф., 3 цæсг.

30-æм ахуыр 1. Ивгъуыд афоны мивдисджытæ ныффыссут нырыккон æмæ суинаг афонты формæты.

Х у ы з æ г: Уыдис – у, уыдзæнис; сæудæджер кодтой – сæудæджер кæнынц, сæудæджер кæндзысты. Фембæлдысты, дис кодта, цардысты, æрбабырстой, ахызтысты, нысан кодта, дзырдтой, æрбацыдыстæм, хæццæ кодта, æмбæлдыстут, банымадтай, дих кодтой, дзырдтат, баст уыдис. 52


Вспомогательный глагол вæййын (бывать, становиться) придает сложному глаголу значение многократно происходящего действия: æрæмбырд сты – собрались, æрæмбырд вæййынц – собираются (обычно). В простых глаголах это значение появляется, если приставка присоединяется к глаголу в форме настоящего времени: дзурынц – говорят, фæдзурынц – обычно говорят, худыс – смеешься, фæхудыс – обычно смеешься. 2. Зæгъут иронау.

Дагестанцы (обычно) знают два или три языка. Представители разных дагестанских народов (обычно) говорят друг с другом (кæрæдзиимæ) по-аварски или по-кумыкски. На некоторых кавказских языках (обычно) говорят в одном или в двух селах. 3. Иронау кæрæдзийы бафæрсут.

Что вы обычно – делаете после уроков? – читаете в свободное время? Как вы обычно – проводите свободное время? – выполняете домашние задания? – помогаете родителям? Где вы обычно – собираетесь с друзьями? – играете в спортивные игры? 4. а) Байхъусут æмæ зæгъут, цæуылнæ фæнды Артуры скъоламæ цæуын? æ) Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ:

Артуры нæ фæнды …. Артуры фæнды … Лæппуйы нæ фæндыдис … Лæппуйы фæндыдис …

53


5. Байхъусут æмæ зæгъут, цы ми бакодта Мурат? Лæппу раст у æви нæу? Цæмæй бæрæг у (из чего это видно)?

6. Ныффыссут Артур æмæ нанайы диалог. Радзурут æй.

«АДÆМТЫ ХОХ»

31-аг ахуыр 1. а) Бакæсут æмдзæвгæйæ скъуыддзаг (отрывок). Цавæр æвзагæй тæлмацгонд у? Цы хуыйны æмдзæвгæ? Чи у йæ автор?

Кавказ ис / мæ быны.// Бæрзонд хохæн æз/ Фæлгæсын1 фæйнæрдæм /йæ митæмбæрзт тигъæй2.// Мæ бæрзæндæн3 /сабыр/ йæ базыртæ уигъы4/ Æддагон бæрзæндæй/ ыстæхæг5 цæргæс.// æ) Куыд ратæлмац кодта поэт Плиты Грис уырыссаг дзырдтæ «парит, «отдаленный», «неподвижно»? фæлгæсын – обозреваю митæмбæрзт тигъæй – с заснеженного утеса мæ бæрзæндæн – наравне со мной, на моем уровне 4 йæ базыртæ уигъы – машет крыльями 5 ыстæхæг = стæхæг (в поэтическом произведении допускается написание «ы» перед «с») – взлетевший, воспаривший 1 2 3

54


б) Цавæр дзырд æмбæлы тексты æртæ хатты (алыхуызон формæты)? Сбæрæг кæнут ацы дзырды нысаниуджытæ. 2. Бирæстъæлфыты бæсты сæвæрут дзырдтæ «кæсын» кæнæ «фæлгæсын» (кæсын – нейтралон дзырд, фæлгæсын – бæрзонд стилы дзырд). Ссарут сын уырыссаг эквиваленттæ.

Бæрзонд къæдзæхыл лæууы сæрыстыр дзæбидыр æмæ … йæ алыварс. Марат телевизормæ … уарзы. Æз абон ног чиныг … райдыдтон. Ахуыргæнæг сывæллæттæм … æмæ йæ мидбылты худы. Æрттивгæ хур арвæй … митæмбæрзт хæхтæм. 3. Æмдзæвгæйы ссарут æртæ миногмийы (причастия). Цавæр мивдисджытæй арæзт сты? Цавæр суффиксты æххуысæй? Равзарут миногмитæ сæ арæзтмæ гæсгæ (по составу). 4. Рафыссут æмдзæвгæйæ дзырдбæстытæ ахæм дзырдтимæ: бæрзонд, сабыр. Кæд вæййынц ацы дзырдтæ: 1) миногонтæ, 2) фæрсдзырдтæ (наречия)? 5. Саразут дзырдбæстытæ.

(цавæр?) Ныллæг ( куыд?)

дард

(цавæр?) (куыд?)

6. Дзырдуаты фæрцы сбæрæг кæнут дзырдты нысаниуджытæ. Ныффыссут дзырдбæстытæ нысангонд дзырдтимæ.

амонд аивад аргъ кæнын æвæрд сты æвзист барæг голлаг дамбаца диссаджы згъæрхæдон 55

зынаргъ зæрингуырд къухдарæн ласын марæг нывæфтыд ракæлын сæрмагонд скъуырын скъуынын

тигъ топп уарт хæцæнгарз хъама хъусцæг цæрæг цымыдисаг цонгдарæн хæцæнгарз


7. Сахуыр кæнут скъуыддзаг 31-аг ахуыры 1-аг фæлтæрæны æмдзæвгæйæ. Уæхи бацæттæ кæнут дзырдуатон диктантмæ (31-аг ахуыры 6-æм фæлтæрæны дзырдтæ).

32-аг ахуыр 1. Ныффыссут дзырдуатон диктант. 2. Бавæрут хъæугæ фæсæвæрдтæ (послелоги): фарсмæ, раз, хуызæн, мидæг.

Чысыл Зæринæ стъолы … бады æмæ гæдыйы ныв кæны. Гæды у Матроскины… Гæдыйы … Зæринæ сныв кодта рæсугъд тæбæгъ. Тæбæгъы … ис æхсыр. 3. а) Бакæсут текст. Стъæлфыты бæсты æвæрут хъæугæ дзырдтæ: цымыдисаг, аивадæй, къах, диссаджы, тигъыл, дамбацатæ, сæрмагонд, хæцæнгæрзтæ, цонгдарæнтæй, цæрджытæ, амонд.

Дагестайнæгтæм ис иу … аргъау. Барæг голладжы мидæг дунейы адæмтæн æвзæгтæ ласта. Тынг бирæ алыхуызон æвзæгтæ уыдис уыцы голладжы. Цæуы барæг хохаг фæндæгтыл, бафæлладис йæ бæх æмæ йæ… скъуырдта. Голлаг къæдзæхы цыргъ … фæхæцыдис æмæ аскъуыдис. Ракалдысты голлагæй æвзæгтæ, сæмхæццæ сты. Уæдæй фæстæмæ Дагестаны адæм дзурын райдыдтой бирæ алыхуызон æвзæгтыл. Фæлæ æрмæст æвзæгты нымæцæй зындгонд нæу ацы хæххон республикæ. Æппæт дуне дæр зоны хъæу Кубачи. Дыууæ мин азæй фылдæр цæрынц ам … дæснытæ. Сæ хъæуы рагон ном – Урбуг, йæ … та сæхи хуыдтой «урбуган», ома адæмы марджытæ. Цы нысан кæны ацы æнахуыр ном? Хъæуы цæрджытæ арæзтой …: хъаматæ, …, топпытæ æмæ æндæр хæцæнгæрзтæ, згъæрхæдæттæ æмæ уартытæ. «Кубачи» та у туркаг дзырд, нысан кæны «хæцæнгарз аразджытæ». Дагестайнаг дæсныты хæцæнгæрзтæн стыр аргъ кодтой æппæт дунейы дæр. Ныртæккæ ацы хъæу зындгонд у æндæр … – нывæфтыд хæдзары дзаумæттæй, сыгъзæрин æмæ, арæхдæр, æвзист къухдарæнтæй, …, хъусцæджытæй æмæ æндæртæй. Ам алы хæдзары дæр ис 56


… уат – æцæг музей. Ацы уаты æвæрд сты бинонты хуыздæр куыстытæ: тæбæгътæ, агуывзæтæ æмæ æндæртæ. Тынг рæсугъд сты сылгоймаджы алыхуызон цонгдарæнтæ. Къухдарæнтæ ам арæхдæр аразынц сырх дуртимæ, цæмæй сæ хицауæн … хæссой, уый тыххæй. Зæрингуырдтæ сты хъæуы цæрджытæ иууылдæр: сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ, хистæртæ æмæ сывæллæттæ. Хæххон дæсныты конд дзауматæ зонынц æмæ уарзынц æппæт дунейы дæр. æ) Равзарут текстæн сæргонд æмæ йæ бамбарын кæнут.

1) Кубачи 2) Зындгонд хъæу Кубачи 3) Дагестаны хæзна 4) Зæрингуырдты бæстæ б) Тексты мидисмæ гæсгæ ныффыссут фæйнæ фондз фарсты. Уæ фæрстыты фæрцы сбæрæг кæнут, текст чи куыд бамбæрста, уый. 4. Æркæсут нывмæ. Тексты ссарут нывы æрфыст (описание) æмæ йæ бакæсут. Цавæр адæмтæ цæрынц Дагестаны? 5. Ацы дзауматæ сарæзтой Кубачийы зæрингуырдтæ. Нывты бын ныффыссут дзаумæтты нæмттæ.

6. Радзурут дагестайнаг дæсныты тыххæй 32-аг ахуыры 3-аг фæлтæрæны текстмæ гæсгæ.

57


33-аг ахуыр 1. Ссарут 32-аг ахуыры 3-аг фæлтæрæны тексты иууон нымæцы номдартæ. Сæвæрут сæ бирæон нымæцы.

Х у ы з æ г: аргъау – аргъæуттæ, бæх – бæхтæ. Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут Множественное число имен существительных образуется при помощи суффикса -т. При этом: 1) после корня, оканчивающегося на р, л, м, н, й, у, суффикс чаще всего удваивается, а гласные а и о в корне переходят в æ: аргъау – аргъæуттæ, ком – кæмттæ, уазал – уазæлттæ. Обычно в форме множественного числа н перед суффиксом выпадает: хæдон – хæдæттæ; 2) между корнем, оканчивающимся на группу согласных, и суффиксом появляется ы: топп – топпытæ, уарт – уартытæ; 3) в корне, оканчивающемся на -æг, в форме множественного числа обычно выпадает æ; г переходит в дж, а перед суффиксом появляется ы: цæрæг – цæрджытæ, барæг – барджытæ. 2 Ссарут 32-аг ахуыры 3-аг фæлтæрæны тексты бирæон нымæцы номдартæ. Сæвæрут сæ иууон нымæцы.

Х у ы з æ г: æвзæгтæ – æвзаг, фæндæгтæ – фæндаг. 3. Бакæсут дзырдтæ. Цавæр темæтæм хауынц ацы дзырдтæ? Саразут хъуыдыйæдтæ: 1) мивдисджытимæ; 2) номдартимæ; 3) миногонтимæ æмæ фæрсдзырдтимæ.

ныууадзын – оставить баззайын – остаться лæбурын – рваться (к чему-либо) раздæхын – вернуться нывгæнæг – художник сфæлдыстад – творчество зырнæг, хърихъупп – журавль

баиу уæвын – объединиться хъахъхъæнын – охранять, защищать цыртдзæвæн – памятник курдиат – талант сгуыхт – заслуженный драмон – драматический зæрдиагæй – заинтересованно, сердечно

4. Дзуапп раттут фæрстытæн æмæ саразут диалог.

– Зæгъ-ма, Кавказы хуыздæр хæцæнгæрзтæ кæм арæзтой? – ... 58


– Æмæ уый кæд уыдис? – ... – Уыцы хъæуы цæрджытæ сæхи куыд хуыдтой? – ... – Æцæг? Цæмæн? – ... – Æмæ сæ хъæуы нырыккон ном та цы нысан кæны? – ... – Ныр дæр уыцы хъæуы хæцæнгæрзтæ аразынц? – ... –Уæдæ цæмæй зындгонд сты æппæт дунейыл? – ... – Цавæр згъæримæ (с металлом) кусынц ацы зæрингуырдтæ? – ... – Искуы уыдтæ ацы хъæуы? – ... 5. Саразут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут.

Ам цæрынц Бæх бафæлладис æмæ Голлаг аскъуыдис, æвзæгтæ Ацы хъæуы адæм Æвзист къухдарæнты Ам алы сывæллон дæр

арæхдæр æвæрынц сырх дуртæ. æцæг зæрингуырд у. диссаджы дæснытæ. ракалдысты æмæ сæмхæццæ сты. йæ къах скъуырдта. аразынц æвзист дзауматæ.

6. Ныффыссут дзырдбæстытæ растфыссынад (правописание).

Его творчество; мои стихи; Твой одноклассник; наш брат; Не понимаем; не двигается.

иронау.

Бамбарын

кæнут

дзырдты

…æ + æ… = …е + ’… …æ + с… = …е + с.. …æ + з…= …е + з…

34-æм ахуыр 1. а) Бакæсут тексттæ, мивдисджытæ ивгъуыд афоны формæйы æвæргæйæ.

Х у ы з æ г: ныууадзын – ныууагъта. I. Æппæт кавказаг адæмты царды æмæ культурæйы дæр арф фæд (ныууадзын) Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Ацы темæ сæйраг у Кæсæг-Балхъары сгуыхт нывгæнæг Хамзат Крымшамхаловы 59


сфæлдыстады. Йæ хуыздæр куыстытæй иу у хохаг лæджы – Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнæджы – цыртдзæвæн. Скульптурæ æвæрд ис Баксаны комы, хъæу Гунделены фарсмæ. Ам (цæуын) тугкалæн хæстытæ1, немыцаг фашисттæ (лæбурын) Эльбрусмæ. Бирæ хæстонтæ æнусмæ (баззайын) ам. Уыдоны ном хъахъхъæны бæрзонд цыртдзæвæн: кавказаг лæг худ æмæ нымæты2. 1) Кæцы ран æвæрд ис нывгæнæджы хуыздæр куыстытæй иу? 2) Цы æвдисы ацы цыртдзæвæн? 3) Цавæр у цыртдзæвæны æддаг бакаст? 4) Цавæр цыртдзæвæнтæ федтат Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъайтартæн? II. Цæгат Ирыстоны, Дзуарыхъæуы, лæууы æндæр цыртдзæвæн – «Авд зырнæджы». Авд стыр цъиуы кæрæдзийы фæдыл тæхынц арвмæ. Гæздæнты хæдзарæй хæстмæ (ацæуын) авд æфсымæры: Мæхæмæт, Дзæрæхмæт, Хадзысмел, Махарбег, Созырыхъо, Шамил æмæ Хасанбег. Нал (раздæхын) фæстæмæ… Ацы цыртдзæвæны баиу сты æртæ курдиатджын уацмысы: Расул Гамзатовы æмдзæвгæ, Ян Френкелы музыкæ æмæ Санахъоты Сергейы скульптурæ. æ) Рафыссут мивдисджытæ райдайæн формæйы (в начальной форме), сæвæрут сæ ивгъуыд æмæ суинаг афонты формæты.

Х у ы з æ г: лæууын – лæууыдис – лæудзæнис. б) Алы хъуыдыйадмæ дæр фарст раттут. Спайда кæнут фарстон дзырдтæй: кæм? цавæр? (1-аг хъуыдыйады); куыд? кæдæм? (2-аг); цал? кæцæй? (3-аг); цы ми бакодтой? (4-æм); цы? кæй? (5-æм). Кæрæдзийы фæрстытæн дзуапп раттут.

III. Мин фарастсæдæ фæндзай фæндзæм азы Орджоникидземæ (Дзæуджыхъæумæ) (æрцæуын) англисаг делегаци. Уазджыты (ахонын) ирон драмон театрмæ. «Лондонæй тынг дард (кæсын) Шекспиры «Отелло»-мæ æмæ иу дзырд дæр не ’мбæрстон, – 1 2

тугкалæн хæстытæ – кровопролитные бои нымæты – в бурке

60


(фыссын) уазджытæй иу. – Фæлæ сценæйæ мæ цæст нæ (исын), тынг зæрдиагæй (кæсын) ме ’мбæлттæ дæр. Тынг хорз (хъазын) артисттæ! Спектаклы фæстæ сын загътам: «Ахæм спектакль Шекспиры райгуырæн бæстæйæн дæр кад скæнид!» в) Куыд кастысты англисæгтæ спектакльмæ? Цæмæн? г) Бамбарын кæнут растфыссынад: не ’мбæрстон, ме ’мбæлттæ, не ссыдис. гъ) Аифтындзæг кæнут (проспрягайте) мивдисæг.

Æз ... Ды ... Уый кад скæнид

Мах ... Сымах ... Уыдон ...

2. Цы нысан кæнынц фразæтæ «арф фæд ныууагъта», «мæ цæст нæ истон»? Ссарут сын уырыссаг эквиваленттæ. Спайда сæ кæнут ног хъуыдыйæдты. 3. Бакæсут кæсгон адæмон зарæджы текст уырыссаг тæлмацы. Бафæлварут зарæджы рæнхъыты сæйраг мидис ирон æвзагмæ ратæлмац кæнын (попробуйте перевести основное содержание строк песни на осетинский язык).

61

Сто истин

Сæдæ раст хъуыдыйы

Истин столько, что не счесть. Если ум и голос есть, Подпевай, а если нету, Сядь и слушай песню эту.

___________________________ ___________________________ ___________________________ ___________________________

Даже бурная река Началась от ручейка. Сад из зернышка расцвел. Вышел из яйца орел.

___________________________ ___________________________ ___________________________ ___________________________

Разве есть такая сила, Чтоб сплоченных победила? А того, кто одинок, Бьет и человек, и бог.

___________________________ ___________________________ ___________________________ ___________________________


35-æм ахуыр 1. Хъуыдыйæдтæ баххæст кæнут лæвæрд дзырдтæй æмæ сæ ныффыссут:

I. Æппæты къаддæр, æппæты бæрзонддæр, æппын фылдæр, æппæты зындгонддæр, рæсугъддæртæй иу. Альпинисттæ схызтысты Кавказы ____________________ хохмæ. Мæн æнæмæнг (обязательно) зонын хъæуы ____________дыууæ æвзаджы. Кавказы сахарты __________________________ у Дзæуджыхъæу. Ацы фæлтæрæныл бахардз кодтам _____________ дæс минуты. Расул Гамзатов у ____________________________ кавказаг поэт.

II. Курдиатджын, диссаджы, рагон, дард. Ансамбль «Алан» равдыста ________________ рæсугъд кæфтытæ. Ацы коллективы архайынц бирæ ___________________ артисттæ. Уыдон ___________ бæстæтæй сласынц алыхуызон хæрзиуджытæ (награды). Ансамбль «Лезгинкæ» равдыста дагестайнаг адæмты__________ кæфтытæ.

III. Дæргъы (в течение), архайдзысты, снысан кодта, рамбула, æнхъæлмæ кæсы. Спортивон ерысты __________________ дыууадæс командæйы. Ерыстæ цæудзысты дыууæ къуырийы _____________________ . Марат тынг _______________________ ерыстæм. Мараты уарзон командæ хъуамæ ______________ ацы ерысты. 2. Байхъусут текстмæ æмæ зæгъут, чи у сæйраг архайæг. 3. а) Байхъусут текстмæ æмæ зæгъут, цавæр фæлгонцтæ сарæзта артист индиаг кафты. æ) Цавæр адæмты, бæстæты, республикæты нæмттæ æмбæлынц тексты? Ныффыссут сæ. 4. Цавæр нымæцонтæ фехъуыстат хъуыдыйæдты æмбæлынц?

тексты?

Ныффыссут

сæ.

Цавæр

5. Радзурут тексты мидис пъланмæ гæсгæ:

1. Кафт кавказаг адæмты царды. 2. Махмуд Эсамбаев – дунеон хореографийы стъалы. 3. «Сыгъзæрин хуыцау». 4. «Хуыздæр мексикæйаг кафæг». 5. Кавказæгты фембæлд Аргентинæйы. 62


36-æм ахуыр 1. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ.

Фæлæ æппæты … у цæцæйнаг кафæг … … . Уый у дунеон хореографийы …стъалытæй иу. Кæддæр Расул Гамзатовы … : «Цæмæй хицæн кæнынц … æмдзæвгæтæ?» «Сыгъзæрин хуыцау» у индиаг кæфтыты … иу. Индиаг дипломат куы … артисты кафт, уæд æй …: «Цал азы … … ?» 2. Атасындзæг кæнут номивджытæ. Номон

æз

ды

Гуырынон

мæн

мæ

Дæттынон

мæнæн

мын

Иртæстон

мæнæй

мæ

Арæзтон

мæнмæ

мæм

Æддагбынатон

мæныл

мыл

мæнимæ

мемæ

мæнау

Цæдисон Хуызæнон Номон

мах мах

нæ

Дæттынон

махæн

нын

Иртæстон

махæй

нæ

Арæзтон

махмæ

нæм

Æддагбынатон

махыл

ныл

махимæ

немæ

махау

Хуызæнон

йæ/æй

– сымах

Гуырынон

Цæдисон

уый

– уыдон сæ

3. а) Къæлæтты фыст æххæст номивджытæй саразут цыбыр номивджытæ æмæ бакæсут скъуыддзаг.

… Аргентинæйы уазæгуаты портье бадзырдта Махмудмæ: «Цæцæйнæгтæ (дæумæ) æнхъæлмæ кæсынц. Цы (уыдонæн) зæгъон?» «Ныртæккæ фæцæуын», – дзуапп радта артист. Æцæгæй, уынджы лæууыдысты цалдæр кавказаг лæджы. «Сымах 63


цæцæйнæгтæ стут?» – цæцæйнагау (уыдонмæ) сдзырдта Эсамбаев. «Махмуд, не ’фсымæр, мах цæцæйнагау не ’мбарæм. Мах цыппарæй ирæттæ стæм, мæнæ ацы æхсæз адæймаджы – азербайджайнæгтæ, ацы дыууæ та – кæсгæттæ». Æртæ сахаты ныхас кодта (уыдонимæ) Махмуд. Дзырдта (уыдонæн) Азербайджан, Ирыстон, КæсæгБалхъар æмæ æппæт Кавказы уавæры æмæ культурæйы тыххæй. «Бахатыр кæн, Махмуд. Ды дæ (мах) адæмты хуыздæр фырттæй иу, нæ Райгуырæн бæстæйы хай, ды махæн стыр цин хæссыс», – загътой аргентинæйаг кавказæгтæ. æ) Рафыссут æнæзонгæ дзырдтæ æмæ сæ ратæлмац кæнут дзырдуаты æххуысæй. 4. Ссарут тексты æмæ бакæсут, М. Эсамбаевæн – адæймагæн æмæ артистæн – характеристикæ цы хъуыдыйæдты лæвæрд цæуы, уыдон. 5. Саразут диалог текстмæ гæсгæ æмæ йæ ныффыссут.

– О, дæумæ æнхъæлмæ кæсæм. – Нæ, мах цæцæйнагау не ’мбарæм. – Махмуд, не ’фсымæр, мах цыппарæй … – Рагæй нæ федтам нæ райгуырæн бæстæ, Кавказ, … – Бузныг, не ’фсымæр! Ды дæ нæ адæмы хуыздæр фырттæй иу, …

37-æм ахуыр 1. Саразут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут.

Махмуд Эсамбаев Мексикæйы куы уыдис, Индиаг дипломат артисты кафт куы федта, Махмуд кавказæгты куы федта, Номдзыд кафæг конкурсы куы архайдта, Расул Гамзатовы куы бафарстой, уæд ын радтой дыууæ майданы. уæд тынг бадис кодта. уæд поэт загъта. уæд сæм цæцæйнагау сдзырдта. уæд ын балæвар кодтой æвзист сомбреро. 2. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ.

1) Барæг хæххон фæндæгтыл бирæ куы фæцыдис, уæд … 64


2) Голлаг къæдзæхы тигъыл куы фæхæцыдис, уæд … 3) Бæх йæ къах куы скъуырдта, уæд … 4) Голлаг куы аскъуыдис, уæд … 5) Æвзæгтæ куы ракалдысты, уæд ...

3. Бакæсут аргъау, хъæугæ номивджытæй пайда кæнгæйæ.

Бирæгъ æмæ зæронд лæг (табасарайнаг аргъау)

Бирæгъ æнкъардæй фæцæуы. Зæронд лæг (ууыл, йыл, ыл) амбæлдис. – Кæдæм цæуыс, бирæгъ? – Цæуын амонд агурынмæ, æндæр бæстæмæ. Ацы бæстæйы (æз, мæн, мæ) ничи уарзы: цуанæттæ (мæн, мæ) топпæй æхсынц, фыййæуттæ (мæныл, мыл) (сæхи, уыдон, сæ) куыйты ардауынц1… – Æмæ (дæхи, дæу, дæ) дæндæгтæ ам ныууагътай æви (уыдон, сæ) демæ хæссыс? – Ау, (мæн, мæ) дæндæгтæ куыд ныууадзон! – Уæдæ æндæр бæстæйы дæр амонд не ссардзынæ, бирæгъ! 4. Куыд æмбарут аргъауы фæстаг дыууæ хъуыдыйады? Æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ дзырдтæ «ау», «уæдæ»-имæ. 5. Сбæрæг кæнут аргъауы тексты номивджыты хауæнтæ. 6. Аргъаумæ гæсгæ саразут фондз хъуыдыйады бæттæг «куы»-имæ.

Х у ы з æ г: Зæронд лæг бирæгъыл куы амбæлдис, уæд æй бафарста. 7. Æрхъуыды кæнут аргъауæн æндæр кæрон æмæ йæ радзурут. 1

65

ардауынц – здесь: натравливают


38-æм ахуыр Контролон ахуыр

УАРЫ УРС-УРСИД МИТ…

39-æм ахуыр 1. Байхъусут æмдзæвгæмæ. Паузæтæ фæбæрæг кæнут вертикалон хаххæй (/).

Тæрхъус

Тар хъæды цæры тæрхъус, Зымæджы бынтон ысурс1? Хъуамæ миты хуызæн уа Æмæ макæмæ зына. Фæлæ зæхх нырма у сау. Мит куыннæ рауарыд? Ау? Тæрхъус сагъæссаг фæци2, – Ныр куыд амбæхса йæхи? Цас ын ис ызнæгтæ3, цас! – Уари, рувас, бирæгъ, арс... Цуанонæй дæр нæу æдас4. Чи рахæца ныр йæ фарс5? ысурс (сурс ис) – побелел сагъæссаг фæци – переживает 3 ызнæгтæ – знæгтæ 4 нæу æдас – не находится в безопасности; опасается 5 чи рахæца ныр йæ фарс? – кто ему теперь поможет (встанет на его сторону)? 1 2

66


Ма бад, зымæг, гъей, æнцад! Фурды арфæй раскъæф уад1! Уадз æмæ æхситт кæна, Арвæй зæхмæ мит кæла. Тæрхъус сулæфдзæни уæд, Нал кæндзæни сагъæс, мæт. Ситохаты Саламджери

2. Бакæсут æмдзæвгæ æмæ дзуапп раттут фæрстытæн.

1. Æмдзæвгæйы архайд кæд цæуы? 2. Æмдзæвгæйы архайд кæм цæуы? 3. Чи у æмдзæвгæйы архайæг? Цавæр у? 3. Бакæсут æмдзæвгæ дикторы фæстæ. 4. Сæвæрут цавды нысæнттæ æмдзæвгæйы тексты. (Помните! В осетинском языке не каждое слово имеет самостоятельное ударение.) 5. Рафыссут æмдзæвгæйæ фарстон хъуыдыйæдтæ. Фæбæрæг кæнут фарстон дзырдтæ. Саразут хъуыдыйæдты интонацион схемæтæ.

Х у ы з æ г: Мит куыннæ рауарыд? Ау? 6. а) Ссарут æмдзæвгæйы æмæ бакæсут хъæрон (восклицательные) хъуыдыйæдтæ. Цавæр æнкъарæнтæ æвдисынц? (дис, хъыг, маст, цин, бардзырд2, курдиат3). æ) Æмдзæвгæйы таурæгъон хъуыдыйæдтæй саразут разæнгардгæнæн (повелительные) хъуыдыйæдтæ.

Х у ы з æ г: Тар хъæды цæры тæрхъус. – Тар хъæды цæрæд тæрхъус. 7. Кæрæдзимæ фæрстытæ раттут. Дзуапп дæттут иугай дзырдтæй.

Х у ы з æ г: Кæм цæры тæрхъус? – Хъæды. Цы ми бакодта тæрхъус зымæджы? фурды арфæй раскъæф уад – из глубины океана выхвати (принеси) вьюгу. бардзырд – приказание, побуждение к действию 3 курдиат – просьба 1 2

67


Тæрхъус хъуамæ цавæр уа? Цавæр у нырма зæхх? Мит рауарыдис? Кæмæй нæу æдас тæрхъус? Уад хъуамæ цы ми кæна? Мит хъуамæ кæцæй кæла? Цы ми бакæндзæнис уæд тæрхъус?

8. Бакæсут æмдзæвгæйæ аст рæнхъы хъæрон интонациимæ (с восклицательной интонацией). Цавæр дзырдтыл æвæрут сæрмагонд цавд (особое ударение)?

Х у ы з æ г: Тар хъæды цæры тæрхъус! 9. Баивут бæрæггонд дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ лæвæрд синонимтæй: феххуыс кæна, тымыгъ, рахæсс, æрсабыр уыдзæнис, тæрсы, астæуæй, хæлæрттæ не сты.

1) Ныр чи рахæца тæрхъусы фарс? 2) Уæд тæрхъус сулæфдзæнис. 3) Тæрхъус цуанонæй дæр æдас нæу. 4) Уари æмæ бирæгъ тæрхъусы фарс нæ хæцынц. 5) Зымæг, фурды арфæй раскъæф уад! 10. Ныффыссут цыбыр радзырд (10 хъуыдыйады) æмдзæвгæмæ гæсгæ. Райдайут афтæ:

Тар хъæды цæры иу тæрхъус. Тæрхъусы кæрц зымæджы сурс ис, у миты хуызæн… 68


40-æм ахуыр 1. Баххæст кæнут ассоциативон рæнхъытæ.

2. Баххæст кæнут рæнхъытæ.

Зымæг у: уазал, урс, … Зымæджы мах: дзоныгътыл фæбырæм, ..., ... 3. Саразут æмæ бакæсут хъуыдыйæдтæ.

Зымæджы

69

мит

бамбæхсынц

фæуары.

бон

бырынц

даргъ у.

æхсæв

сæхи бамбæрзынц

сæ «хæдзæртты».

сырдтæ

атæхынц

дзоныгътыл.

бирæ цъиутæ

хорз зынынц

митæй.

сывæллæттæ

цыбыр у.

бæлæстæ

хъарм бæстæтæм.

сырдты фæдтæ

ногуард митыл.


4. Æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут.

Зымæджы

сывæллæттæ

.......................

.......................

хæхтæ

.......................

.......................

быдыртæ

.......................

.......................

дидинджытæ

.......................

.......................

уæлдæф

.......................

.......................

арс

.......................

.......................

тæрхъус

.......................

.......................

Побуждение к действию для 3-го лица в осетинском языке выражается двумя способами: 1) глаголом в повелительном наклонении: мит уарæд – пусть идет снег, тæрхъус сулæфæд – пусть заяц вздохнет (с облегчением); 2) конструкцией «уадз æмæ + глагол в условном наклонении»: уадз æмæ мит уара, уадз æмæ тæрхъус сулæфа. Во втором случае выражается не столько побуждение к действию, сколько пожелание, разрешение на совершение действия. 5. Бакæсут. Таурæгъон хъуыдыйæдтæй саразут разæнгардгæнæн (повелительные) хъуыдыйæдтæ.

Х у ы з æ г: Ацы аз тынг бирæ мит æруарыдис. – Тынг бирæ мит æруарæд. Уадз æмæ тынг бирæ мит æруара. Ацы аз тынг бирæ мит æруарыдис. Уынгтæ, быдыртæ, хъæдтæ, хæхтæ урс-урсид адардтой (побелели). Сывæллæттæ цин кæнынц митыл. Бырынц дзоныгътыл, къахдзоныгътыл. Аразынц митын лæгтæ, хъазынц миты къуыбæрттæй. Хистæртæ та хъуыр-хъуыр кæнынц (ворчат): уыдон хъæуы мит мæрзын, къахвæндæгтæ кæнын. 70


6. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ.

Сывæллæттæ митыл цин кæнынц, уымæн æмæ … Уыдон хъæлдзæгæй … Мит уазал у, фæлæ … Зымæгон бон цыбыр у, æмæ … Райсомæй ногуард митыл фæзынынц … Ас адæм митæй тыхсынц, уымæн æмæ … Уыдон алы бон дæр …

41-аг ахуыр 1. Баххæст кæнут диалог лæвæрд репликæтæй æмæ йæ бакæсут.

– Зымæг, тагъддæр рацу! – Чи мæм æнхъæлмæ кæсы? – Мах, сывæллæттæ. – Цы уæ хъæуы? – Мах æнхъæлмæ кæсæм урс-урсид фæлмæн митмæ! – Уазалæй нæ тæрсут? – – Цæуылнæ? – – Цæмæн уæ хъæуы мит? – – Радзурут-ма, куыд хъаздзыстут? – – Æмæ не суазал уыдзыстут? – Репликæтæ спайда кæнынæн. 1) Уадз æмæ мит бамбæрза нæ хæхтæ æмæ быдыртæ, уадз æмæ зайæгойтæ фынæй кæной уалдзæгмæ. 2) Хъарм дарæс скæндзыстæм: худтæ, цырыхъхъытæ, кæрцытæ, хъуырбæттæнтæ, æрмкъухтæ. 3) Нæ, тагъддæр æруарæд мит! Уадз æмæ уад æхситт кæна, мах нæ тæрсæм! 4) Уымæн æмæ хъæлдзæгæй хъаздзыстæм урс-урсид фæлмæн митыл. 71


5) Мах хъаздзыстæм миты къуыбæрттæй, бырдзыстæм дзоныгътыл æмæ къахдзоныгътыл. 6) Мах дæ уазалæй тыхджындæр стæм! 7) Кæрты сараздзыстæм митын лæг. 8) Куыд цæмæй? Стыр миты къуыбæрттæй. Йæ фындз – уырыдзыйæ, йæ цæстытæ – æвзалытæ, йæ къухы – уисой. 9) Уисой æнæмæнг1 хъæуы! Æхсæвы митын лæг рацæудзæнис æмæ кæрты мит мæрздзæнис, къахвæндæгтæ кæндзæнис. 2. Бакæсут дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ. Цавæр темæимæ баст сты?

иу ахæмы – однажды иу афон – однажды, в одно время мæнæрдæм – в мою сторону дзæмбытæ – лапы баизæр ис – настал вечер мæнæн нæ авæрдзæнис – не даст, не поделится со мной

адзæгъæл дæн – (я) заблудился ратоны – срывает адыввытт кæны – отшвыривает сыстонг дæн – (я) проголодался ныббогъ кодта – (он) заревел

3. Байхъусут текстмæ æмæ зæгъут, цавæр бæрæггæнæнтæ2 æмбæлынц дзырдтимæ «кæрдо», «арс», «бæлас ». 4. Байхъусут текстмæ æмæ баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ.

1. Иу ахæмы ___________ ацыдтæн. 2. Иу _________ бæласмæ сбырыдтæн, улæфæн бынат дзы сарæзтон æмæ _______________ дæн. 3. Арс ныббогъ кодта, йæхи бæласæй _____________ . 5. Равзарут текстæн сæргонд.

Хиппæлой (хвастливый) цуанон Арс æмæ цуанон Арс куыд амардтон Æцæг хабар Диссаджы хабар 6. Сраст кæнут тексты пълан.

1) Бæласыл бафынæй дæн. 2) Иу бон цуаны ацыдтæн. 3) Арс бæласмæ схызтис. 4) Хъæды фæдзæгъæл дæн. 1 2

æнæмæнг – обязательно бæрæггæнæтæ – определения

72


5) Арс мæнæй фæтарстис. 7. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ.

1) Тæрхъусыл нæ, фæлæ … 2) Афтæмæй мыл хъæды … 3) Хæдзармæ фæндаг нал зыдтон æмæ … 4) Иу афон … 5) Арсы хæрынмæ æз дæр … 6) Æз афтæ фенхъæлдтон, æмæ … 7) Арс ныббогъ кодта æмæ … 8. Сахуыр кæнут 41-аг ахуыры 1-аг фæлтæрæны диалог æмæ йæ радзурут.

42-аг ахуыр 1. а) Бакæсут. Бацамонут хъуыдыйæдты сæйраг уæнгтæ (главные члены предложения).

Ахуыргæнæг: Лæппу, цæмæн байрæджы кодтай? Скъоладзау: Директоры кабинеты уыдтæн. Ахуыргæнæг: Цы ми кодтай уым? Скъоладзау: Директорæн интервью лæвæрдтон. Ахуыргæнæг: Цавæр интервью? Цæй тыххæй? Скъоладзау: Рудзынг кæй асастон, уый тыххæй. æ) Цы бафиппайдтат (что вы заметили) ацы хъуыдыйæдты арæзты? б) Диалогæй рафыссут зæгъинæгтæ (сказуемые). Сбæрæг кæнут мивдисджыты формæтæ: здæхæн (наклонение), цæсгом, нымæц, афон.

Х у ы з æ г: байрæджы кодтай – æргомон здæхæн, 2-аг цæсгом, иууон нымæц, ивгъуыд афон. в) Сæвæрут хъуыдыйæдты цæсгомон номивджытæ (личные местоимения) æмæ бакæсут диалог. Зæгъут, ацы тексты цæсгомон номивджытæ хъæуынц æви нæ? 73


В осетинском языке подлежащие, выраженные личными местоимениями 1 и 2 лица, чаще всего опускаются. Они бывают излишними, так как личные окончания глаголов указывают на определенное лицо. Подлежащие-местоимения необходимы в предложении в том случае, еcли говорящий хочет обратить на них особое внимание: Ныр та ды рацу фæйнæгмæ. – А теперь ты выходи к доске. В остальных случаях употребляются односоставные определенно-личные (иувæрсыг бæлвырдцæсгомон) предложения: Рацу фæйнæгмæ .– Иди к доске.

2. Зæгъут иронау хъуыдыйæдтæ.

æмæ

ныффыссут

бæлвырдцæсгомон

иувæрсыг

Скоро начнутся зимние каникулы. Я очень люблю и зиму, и каникулы. Во время каникул я отдохну, прочитаю новые интересные книги, посмотрю по телевизору мои любимые передачи. Вместе с друзьями мы будем кататься на коньках, на санках. Будем гулять по зимнему парку, будем играть в снежки. А во дворе нашего дома будет стоять снеговик. На голову ему наденем старое ведро, нос у него будет из морковки, а в руки дадим ему метлу. Мы очень весело проведем каникулы. 3. Бафæрсут кæрæдзи, каникулты цы ми кæндзыстут, уымæй. Уæ фæрстыты æмæ дзуæппыты пайда кæнут иувæрсыг бæлвырдцæсгомон хъуыдыйæдтæй.

4. Баххæст кæнут фарстон хъуыдыйæдтæ.

Æз каникулты мæ рæстæг хорз арвыстон. Ды каникулты дæ рæстæг хорз арвыстай? Уый каникулты _____ рæстæг хорз _________? Мах каникулты _____ рæстæг хорз _________? Сымах каникулты _____ рæстæг хорз _________? Уыдон каникулты _____ рæстæг хорз _________? 5. Баххæст кæнут таурæгъон (повествовательные) хъуыдыйæдтæ.

Фарон дæ зымæгон каникултæ кæм арвыстай? Фарон æз мæ зымæгон каникултæ хохы арвыстон. Фарон ды __ зымæгон каникултæ _________. Фарон уый __ зымæгон каникултæ _________. 74


Фарон мах __зымæгон каникултæ _________. Фарон сымах__ зымæгон каникултæ _________. Фарон уыдон __ зымæгон каникултæ _________. 6. Хъуыдыйæдтæ кæрæдзийы фæдыл раст равæрут æмæ саразут текст. Ныффыссут текст.

1) Фаризæты хистæр хо ахуыр кæны англисаг æвзаг. 2) Фаризæт, мæ къона, англисагау гæды цы хуыйны? 3) Фаризæт дæр базыдта цалдæр англисаг дзырды. 4) Нана фæрсы гыццыл чызджы. 5) Гæды англисагау хуыйны «кэт». 6) Гæдыйы лæппын та хуыйны «кити». 7) Гæдыйы лæппын та? 8) Пыл та? 9) Куыдз та? 10) Омæ (но), нана, пыл тынг стыр у, ахæм … стыр дзырдтæ нæма зонын! 11) «Дог».

43-аг ахуыр 1. Саразут æххæст хъуыдыйæдтæ 42-аг ахуыры 6-æм фæлтæрæны текстæй æмæ бакæсут диалог.

Х у ы з æ г: Гæды англисагау хуыйны «кэт». 2. Фаризæты репликæтæй саразут монолог æмæ йæ радзурут. Райдайæн ис афтæ:

Мæ ном хуыйны Фаризæт. Мæныл цæуы æхсæз азы. Æз скъоламæ нæма цæуын. Мæ хистæр хо Мæдинæ ахуыр кæны æстæм къласы. Уый бирæ уарзы англисаг æвзаг. Æз дæр тынг бирæ англисаг дзырдтæ зонын: …. 3. Æркæсут нывмæ. Радзурут нывы мидисы тыххæй. Пайда кæнут бæлвырдцæсгомон хъуыдыйæдтæй. Райдайут афтæ: 75


Ралæууыдис зымæг. Йемæ æрхаста …

4. Ратæлмац кæнут уырыссаг æвзагмæ. Кæцы хъуыдыйæдтæн нæй зæгъæн уырыссагау иувæрсыг конструкцитæй (какие предложения нельзя передать на русский язык односоставными конструкциями)? Цæуылнæ?

1) Ахæм стыр дзырдтæ нæма зонын. 2) Æхсæвы хъæды баззадтæн. 3) Бæласмæ сбырыдтæн æмæ бафынæй дæн. 4) Махимæ дзоныгъыл бырынмæ цæуыс? 5) Фæззыгон каникултæ кæм арвитдзынæ? 6) Тынг хорз радзырд бакастысты. 7) Райсом уæхимæ уыдзынæ? 5. Сæвæрут мивдисджытæ 2-аг æмæ 3-аг цæсгæмтты æмæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ.

1. Ног азмæ мæхи цæттæ кæнын. Ног азмæ нæхи цæттæ кæнæм. 2. 3. 6. Сæвæрут мивдисæг бæллиццаг здæхæны (в желательном наклонении) 2-аг æмæ 3-аг цæсгæмтты æмæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ.

1. Ног азмæ мæхи цæттæ кæнин. Ног азмæ нæхи цæттæ кæниккам. 2. 3. 76


7. Сæвæрут мивдисæг 3-аг цæсгомы фæдзæхстон здæхæны (в повелительном наклонении) æмæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ.

Иууон нымæц Бирæон нымæц 2. Ног азмæ дæхи цæттæ кæн. 2. Ног азмæ уæхи цæттæ кæнут. 3. ... 3. ... 8. Ныффыссут цыбыр радзырд (10 хъуыдыйады), Ног азмæ уæхи куыд цæттæ кæнут, уый тыххæй.

Спайда кæнут дзырдтæй: 1) уарзын, æлхæнын, лæвар кæнын, фыцын, сæвæрын, саразын, цин кæнын, æрттивын, æмбæлын, фæндараст кæнын; 2) зæрдиагæй, хъæлдзæгæй, иумæ, райсомæй, изæрæй, æхсæвы, талынг, рухс, æрттивгæ.

44-æм ахуыр 1. Нæ бæстæйы сывæллæтты уарзондæр бæрæгбон у Ног аз. Алы хъæуы, алы сахары дæр ацы бон хъуысы бæрæгбоны зарæг. Зарынц æй заз бæласы раз сывæллæтты рæвдауæндæтты, скъолаты, хæдзæртты. Цавæр зарæг у? Азарут-ма йæ.

77


2. а) Ныр та бакæсут зарæджы текст иронау æмæ уырыссагау.

Æрзади хъæды заз бæлас

В лесу родилась елочка

Æрзади хъæды заз бæлас, Æрзади, хъæды рæзт. Сæрдæй, зымæгæй цъæх пæлæз Йæ уæлæ уыд æмбæрзт.

В лесу родилась елочка, В лесу она росла. Зимой и летом стройная, Зеленая была.

Тымыгъ ын кодта зарджытæ: «Лолотæ кæн, фынæй!» Ныууæрста-иу æй миты бын, – Нæ басийа цæмæй.

Метель ей пела песенку: «Спи, елочка, бай-бай!» Мороз снежком укутывал: «Смотри, не замерзай».

Тæппуд тæкку1-иу хъазыди Йæ быны, цинæй рад. Куы та-иу бирæгъ, цъæх бирæгъ Йæ рæзты сиргæ ’руад.

Трусишка зайка серенький Под елочкой скакал. Сердитый волк, голодный волк Рысцою пробегал.

(Дзасохты Музаферы тæлмац)

æ) Ирон тексты ссарут æмæ бакæсут фразæтæ: «Спи, елочка, бай-бай!», «Смотри, не замерзай». б) Ратæлмац кæнут уырыссаг æвзагмæ: «Сæрдæй, зымæгæй цъæх пæлæз йæ уæлæ уыд æмбæрзт», «Куы та-иу бирæгъ, цъæх бирæгъ йæ рæзты сиргæ ’руад». Спайда кæнут дзырдуæттæй. 3. Дзуапп раттут фæрстытæн.

Цы уыдис зазы уæлæ æмбæрзт? Цавæр зарджытæ кодта заз бæласæн тымыгъ? Тымыгъ цæмæн æмбæрзта заз бæлас? Чи хъазыдис зазы бын? Уый стыр уыдис æви чысыл? Цæмæй бæрæг у? 4. Бакæсут текст. Цы базыдтат ногæй ацы текстæй?

Александр Фадеев бирæ азты дæргъы уыдис нæ бæстæйы Фысджыты цæдисы сæрдар (председатель Союза писателей). Цыппорæм азты кæрон Фадеевы кабинетмæ æрбацыдис иу зæронд ус. Йæ иу къухы – лæдзæг, иннæ къухы та – зæронд хызын. – Ардæм мæ æрбацæуын кодта2 мæ зын цард. Базæронд дæн. Иунæгæй цæрын, ничи мын æххуыс кæны. Дæуыл мæ зæрдæ 1 2

тæкку – зайчишка æрбацæуын кодта – заставила прийти

78


дарын (надеюсь на тебя) æмæ уый тыххæй æрбацыдтæн, – загъта зæронд ус. – Æмдзæвгæтæ фыссыс? – бафарста йæ Фадеев. – О, фыстон. Ныр дæр ма цыдæртæ афыссын. – Де ’мдзæвгæтæй мын исты бакæсдзынæ? – Бакæсдзынæн. «Æрзади хъæды заз бæлас, Æрзади, хъæды рæзт. Сæрдæй, зымæгæй цъæх пæлæз Йæ уæлæ уыд æмбæрзт…» – Ау, ацы æмдзæвгæ ды ныффыстай?! – О, æз æй ныффыстон… Фадеев бахæс кодта1 йæ секретарæн, цæмæй зæронд ус ныффысса дыууæ курдиаты2: иу – баххуыс кæныны тыххæй, иннæ та – Фысджыты цæдисмæ райсыны тыххæй. Фæндзай азы дæргъы «Заз бæлас» нымад уыдис адæмон зарæгыл. Уыцы зæронд ус уыдис Раисæ Кудашева (1878 – 1964). Æмдзæвгæтæ фыссын куы райдыдта, уæд ыл цыдис æстдæс азы. Йæ фыццаг чиныг мыхуыры рацыдис 1957 азы. Уæд поэтессæйыл цыдис æвдай фараст азы. 5. а) Дзуапп раттут фæрстытæн.

Цал азы фæцардис «Заз бæлас»-ы автор? Кæд райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын? Цæуыл дис кодта А.Фадеев? æ) Текстмæ гæсгæ саразут диалог. Уæ зæрдыл дарут, Р. Кудашева А.Фадеевæй хистæр кæй уыдис, уый. 6. Сахуыр кæнут æмдзæвгæ «Заз бæлас» зæрдывæрдæй.

1 2

79

бахæс кодта – поручил дыууæ курдиаты – два заявления


45-æм ахуыр 1. Ссарут дæс хицæндзинады.

2

. æви нæу?

Нывгæнæг Дзиуаты Земфирæ

Раст у

Х у ы з æ г: Мах бæстæйы Ног азы символ нæзы бæлас нæу, фæлæ заз бæлас. 1) Мах бæстæйы Ног азы символ у нæзы бæлас. 2) Зымæг райдайы декабры æмæ фæвæййы февралы кæрон. 3) Ирыстоны мит кæддæриддæр æруары январы æмæ атайы мартъийы. 4) Тæрхъус зымæджы йæ урс кæрц скæны. 5) Уызын зымæджы мыстытæ фæахсы. 6) Арс бафынæй вæййы ноябры æмæ Ног азы бæрæгбоны райхъал вæййы. 7) Нæ бæстæйы Ног аз кæддæриддæр бæрæг кодтой 31 декабры. 8) Ног аз райдайы 13-æм январы. 9) Рувас зымæджы æртæ мæйы фæфынæй кæны йæ лæгæты. 10) Мит раздæр хæхты æруары, стæй та – быдыры. 11)Уæлдæф хохы уазалдæр у, быдыры та – хъармдæр. 80


3. Баххæст кæнут кроссворд.

81


4. Афтид чырæгты ныффыссут дамгъæтæ æмæ саразут дзырдтæ.

Н О

А Г

З

5. Пъланмæ гæсгæ ныффыссут фыстæг Митын Дадамæ.

1) Салам раттын. 2) Уæхи тыххæй информаци. 3) Уæ курдиат. 4) Кæронбæттæн. Дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ спайда кæнынæн: æнхъæлмæ кæсын, дæ хорзæхæй, мæн фæнды, æхсызгон мын уыдзæнис, Ног азы лæвар, заз бæласы бын, стыр бузныг æ. æнд. ÆРДЗЫ ДИССÆГТÆ

46-æм ахуыр 1. а) Байхъусут. Бакæсут æмдзæвгæ.

Сырдты скъола

Арс, тæрхъус æмæ зыгъарæг1, Рувас, маймули, уызын – Иумæ сахуыр кодтам зарæг, Базонæм ныр та фыссын. Бæласы зæрин2 сыфтæртыл Хъавгæ3 дамгъæтæ фыссæм. Сырдты скъолайы къæсæрыл Æрдзы абетæ кæсæм.

Чеджемты Геор

æ) Рафыссут æмдзæвгæ, сæвæрут цавды нысæнттæ. Бамбарын кæнут бирæон нымæцы формæйы арæзт. зыгъарæг – барсук зæрин = сыгъзæрин 3 хъавгæ – осторожно 1 2

82


Х у ы з æ г: арс – æрсытæ б) Ссарут æмдзæвгæйы номдартæ. Сæвæрут сæ бирæон нымæцы. 2. Дзурут дикторы фæстæ.

Æгънæг, сыгъзæрин, сыгъдæг. Загъта, загътон, загътай. Уызын, уылæн, уыг. Фыссын, хæссын, лæууын. 3. Дзуапп раттут фæрстытæн.

Чи ахуыр кодта сырдты скъолайы? Цы ми кæнынц сырдтæ скъолайы? Цæуыл фыссынц сырдтæ? Кæм кæсынц сырдтæ абетæ? Цавæр абетæ кæсынц сырдтæ? В сложном предложении придаточная изъяснительная часть (æмбарынгæнæн уæлæмхæст хай) присоединяется к главной части при помощи союза кæй и располагается, чаще всего, внутри главной части перед соотносительным словом уый (в значении «что»): Мах зонæм, тæрхъус тæппуд кæй у, уый – Мы знаем (то), что заяц труслив. 4. а) Бакæсут аргъау, цухгонд дзырдтæ æвæргæйæ: цавæр, сырдæй, фæтарстысты, раздæхтис, был, йæхицæн.

Тæрхъус хъуыды кодта: – Ай ... цард у? Нал фæразын1: маргъæй тæрс, ... тæрс, адæймагæй тæрс! Сыфтæрты сыбар-сыбурæй мæ уд сцæйхауы2. Араст ис йæхи доны æппарынмæ. Доны ... бадтысты хæфсытæ. Уыдон тæрхъусæй ... æмæ доны багæппытæ кодтой. Тæрхъус бамбæрста, хæфсытæ уымæй кæй фæтарстысты, уый æмæ ... загъта: – Фæлæуу-ма! Цæмæн марын мæхи? Федтон, зæххыл мæнæй тæппуддæртæ дæр бирæ кæй ис, уый! Æмæ ... фæстæмæ. æ) Цавæр хатдзæг3 скодта тæрхъус? нал фæразын – больше не могу мæ уд сцæйхауди – едва не умираю, душа уходит в пятки 3 хатдзæг – вывод 1 2

83


5. Ссарут тексты æмæ рафыссут вазыгджын хъуыдыйæдтæ æмбарынгæнæн уæлæмхæст хаимæ (с придаточной изъяснительной). Фæбæрæг кæнут бæттæгтæ æмæ æмбарынгæнæн дзырдтæ. Уæлæмхæст хæйттæм фæрстытæ раттут. 6. Аргъауæн сæргонд æрхъуыды кæнут æмæ йæ радзурут.

47-æм ахуыр 1. Бакæсут Русланы фыстæг. Ссарут æмæ фæбæрæг кæнут лæппуйы рæдыдтытæ. вæр ног хабæрттæ æ! Куыд цæрыс? Ца рин Ма з, хор бон æ «Д й дæм ис? цæрæгойты тыххæ хæдзармæ куыст: й то рад æр н ыд хæ алц ма й Абон рæгойты тыххæ . Уый æнцон у. Æз цæ радзырд ныффыссын ? Кæс-ма: æмæ зонын. Нæ дæ уырны г цæрынц Цæгаты 1 бидыр æмæ зыгъарæ – саг, сæгуыт , дзæ ; уазалæй нæ тæрсынц , жираф, зебрæ; тæ сты пыл, маймули гой рæ цæ раг сай хус – ырынц сæ лæгæтты баб ы дж мæ æмæ уызын зы – арс, рувас, бирæгъ дзæгмæ; уал нынц логи) æмæ фынæй кæ рон цæрæгойтæ; (залезают в свои бер дза хæ ы ст дз, фыс, хъуг æхынц хъарм – тæрхъус, гæды, куы ат дæр пæт мæргътæ – фæззæджы æп мад бæстæтæм; уыдон мæргътыл ны 2 никæдæм атæхынц, – карк, бабыз, гогыз не сты...»

2. «Æз цæрæгойты тыххæй алцыдæр зонын», – загъта Руслан. Уый æцæг у? Цы нæ зоны Руслан?

Х у ы з æ г: Руслан нæ зоны, сæгуыт, дзæбидыр æмæ зыгъарæг Цæгаты кæй нæ цæрынц, уый. 3. Зæгъут, цы зоны Руслан цæрæгойты тыххæй?

Х у ы з æ г: Руслан зоны, пыл, маймули, жираф æмæ зебрæ хуссайраг цæрæгойтæ кæй сты, уый. 4. Баххæст кæнут рæнхъытæ.

Хъæддаг сырдтæ: ____________________________ 1 2

сæгуыт – косуля гогыз – индюк

84


Хæдзарон цæрæгойтæ: _______________________ Мæргътæ: ___________________________________ 5. Сæвæрут дзырдтæ хъæугæ формæйы æмæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ.

1) Тæрхъус загъта: «Æз нал фæразын ахæм (цард). Мæ уд сцæйхауы сыфтæрты (сыбар-сыбур)». 2) Хæфсытæ фæтарстысты (тæрхъус). 3) Тæрхъус тæрсы (сырд, маргъ, адæймаг). 6. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ цухгонд хæйттæй æмæ сæ ныффыссут.

Тæрхъус федта, ..., уый.

уымæй тæппуддæртæ бирæ кæй ис

Тæрхъус зоны, ... уый.

хæфсытæ донмæ кæй багæппытæ кодтой фæззæджы зæрватыччытæ хъарм

Мæн уырны, ... уый.

бæстæтæм кæй атахтысты тæрхъус хъæлдзæгæй кæй раздæхтис

Æз федтон, ..., уый. Руслан раст загъта, ..., уый.

карк дæр маргъ кæй у

Лæппу ферох кодта, ..., уый.

пыл хуссары кæй цæры

7. Сраст кæнут Русланы рæдыдтытæ æмæ рафыссут фыстæг.

48-æм ахуыр 1. Дыууæ къорды дзырдтæй саразут дзырдбæстытæ æмæ сæ ныффыссут.

Х у ы з æ г: Хин рувас. 1. Арс, рувас, бирæгъ, уызын, тæрхъус, æхсæрæг1, уæртджын хæфс2, дзæбидыр, саг, пыл, маймули. 2. Хин, цъæх, тæппуд, зылынкъах3, уæздан, судзинджын4, даргъкъæдзил, индиаг, зæронд, сыкъаджын, худæджы. 2. Цы дзырдбæстытæ хъуыдыйæдтæ.

сарæзтат,

уыдонимæ

ныффыссут

Х у ы з æ г: Алчи дæр зоны, рувас хин кæй у, уый. æхсæрæг – белка уæртджын хæфс – черепаха 3 зылынкъах – кривоногий; косолапый 4 судзинджын – с иголками, колючий 1 2

85

вазыгджын


3. Цæсгомон номивджытæ (личные местоимения) сæвæрут цыбыр формæйы æмæ бакæсут текст.

Бирæгъ æппæлы (уый) мыггагæй: – Мах кæмдæриддæр1 зонынц æмæ (махæй) тæрсгæ кæнынц: хъæды дæр æмæ хъæуы дæр. Æхсæрæг бæласы къалиуыл бады æмæ (уымæ) дзуры: – Зонгæ (сымах) кæнынц, уый æцæг у. Фæлæ (сымахæй), раст зæгъгæйæ, æппæлгæ ничи кæны.

4. а) Ссарут 3-аг фæлтæрæны тексты мивдисджытæ вазыгджын формæйы. Сæвæрут сæ райдайæн формæйы.

Х у ы з æ г: зонгæ кæнын – зонын. æ) Рафыссут текстæй хуымæтæг мивдисджытæ. Сæвæрут сæ вазыгджын формæйы.

Х у ы з æ г: Æппæлы – æппæлгæ кæны. б) Радзурут текст.

Значение русской конструкции «пусть не + глагол» (например: пусть не говорит) в осетинском языке выражается конструкцией отрицательная частица «ма» + глагол в повелительном наклонении (ма дзурæд). 5. а) Ныффыссут хуымæтæг мивдисджыты вазыгджын формæтæ.

Зоны, лæууы, бады, худы, дзуры, фыссы, кæсы, цæры. æ) вазыгджын формæ ныффыссут æппæрццæг хайыгтæ (отрицательные частицы) «нæ», «ма»-имæ.

Х у ы з æ г: æппæлы – æппæлгæ кæны. Æппæлгæ нæ кæны (не хвалит), æппæлгæ ма кæнæд (пусть не хвалит). 1

кæмдæриддæр – везде

86


49-æм ахуыр 1. Хъуыдыйæдтæ кæрæдзи фæдыл раст равæрут æмæ саразут текст. Дзырдуаты фæрцы ратæлмац кæнут æнæзонгæ дзырдтæ.

1) Фæлæ куы æрбабон вæййы, уæд тæрсгæ-ризгæ фæйнæрдæм алидзынц. 2) Тæрхъустæ алы æхсæв дæр æрæмбырд вæййынц къутæрты бын. 3) Рахæссынц бирæгъæн тæрхон: марын æй хъæуы! 4) Кæрæдзийæн фæхъаст кæнынц: бирæгъ сæ цæрын нæ уадзы, иугай сæ ахсы. 2. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ.

Тæрхъустæ æрæмбырд вæййынц (кæд?)... Тæрхъустæ æрæмбырд вæййынц (кæм?)... Тæрхъустæ фæйнæрдæм (куыд?) алидзынц. Тæрхъустæ алидзынц (кæдæм?)... Тæрхъустæ алидзынц (кæд?)... 3. Зæгъут иронау.

Зайцы не собираются каждую ночь; зайцы пусть не собираются каждую ночь. Зайцы не разбегаются в разные стороны; пусть зайцы не разбегаются в разные стороны. Зайцы не убивают волка; пусть зайцы не убивают волка. 4. Найдите в тексте глаголы, выражающие длительное, обычно повторяющееся действие. Рафыссут сæ. Фæбæрæг кæнут мивдисджыты разæфтуантæ. Æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ ацы мивдисджытимæ. 5. Аифтындзæг кæнут (проспрягайте) мивдисджытæ бæллиццаг æмæ бадзырдон здæхæнты (в желательном и условном наклонениях).

87


Бæллиццаг здæхæн

Нырыккон афон 1. æз тæрсин, мах тæрсиккам 2. ды ... сымах ... 3. уый ... уыдон ...

Ивгъуыд афон

1. æз тарстаин, мах тарстаиккам 2. ды ... сымах ... 3. уый ... уыдон ...

Бадзырдон здæхæн

1. æз тæрсон, 2. ды ... 3. уый ...

мах тæрсæм сымах ... уыдон ...

50-æм ахуыр 1. а) Бакæсут æмæ бахъуыды кæнут.

ахуыссыдис – погас, потух смæсты ис – разозлился, рассердился арвыстам – (мы) послали нал – больше не къæсæр – порог цумайы лæппу – мальчик на побегушках æ) Бакæсут текст.

Иу изæр сырдтæ иумæ бадтысты. Сæ цырагъ ахуыссыдис, æмæ рувас загъта: – Уæртджын хæфс кæстæр у æмæ цырагъмæ ацæуæд. Иууылдæр сразы сты. Уæртджын хæфс ацыдис цырагъмæ. Дыууæ сахаты фæстæ сырдтæ смæсты сты: – Ныр кæд æрбацæудзæнис? – Цæмæн æй арвыстам? – Фæрæдыдыстæм... Уæд уæртджын хæфс къæсæрæй дзуры: – Бирæ куы дзурат, уæд æз æппындæр нал ацæудзынæн! Æз уын цумайы лæппу нæ дæн! б) Дзуапп раттут фæрстытæн. 88


Кæдæм арвыстой уæртджын хæфсы? Сырдтæ уæртджын хæфсы цæмæн арвыстой? Цæмæн смæсты сты сырдтæ? Цы загътой сырдтæ? Кæдæм ахæццæ ис (добрался) уæртджын хæфс? Цавæр дзуапп радта сырдтæн уæртджын хæфс? 2. Ссарут 1-аг фæлтæрæны тексты иувæрсыг бæлвырдцæсгомон (односоставные определенно-личные) хъуыдыйæдтæ æмæ сæ рафыссут. 3. Рафыссут 1-аг фæлтæрæны текстæй вазыгджын хъуыдыйæдтæ. Фæбæрæг кæнут бæттæгтæ (союзы). Домгæвазыгджын хъуыдыйады ссарут сæйраг æмæ уæлæмхæст хæйттæ. От какого слова в главной части задаем вопрос к придаточной?

В сложноподчиненном предложении придаточная условная часть (бадзырдон уæлæмхæст хай) отвечает на вопрос кæд? (когда? при каком условии?), присоединяется к главной при помощи союзов куы, кæд; выражает или реально возможное действие, или желательное, предполагаемое действие. При выражении реально возможного действия глагол в придаточной части имеет форму условного наклонения, а в главной – форму будущего времени изъявительного наклонения: Кæд мит æруара, уæд дзоныгъыл бырдзыстæм. – Если выпадет снег, то будем кататься на санках. При выражении желательного действия глаголы в обеих частях предложения имеют форму желательного наклонения: Мит куы æруарид, уæд дзоныгъыл быриккам. – Если бы выпал снег, то мы катались бы на санках. 4. Ссарут вазыгджын хъуыдыйæдтæ бадзырдон уæлæмхæст хаимæ.

Хур ракастис, æмæ мит атадис. Хур куы ракастис, уæд мит атадис. Кæд хур ракæса, уæд мит атайдзæнис. Мит куы æруарыдис, уæд бæстæ урс-урсид дарæс скодта. Уалдзæг куы ралæууа, уæд æрдз райхъал уыдзæнис. 5. Саразут вазыгджын хъуыдыйæдтæ бадзырдон уæлæмхæст хаимæ (выражающие реально возможное действие).

1) Уæртджын хæфс цырагъмæ куы (ацæуын), уæд тагъд нæ (раздæхын). 2) Сырдты цырагъ куы (ахуыссын), уæд уæртджын хæфсы (арвитын). 3) Бирæ рæстæг куы (рацæуын), уæд сырдтæ (смæсты уæвын). 89


4) Бирæ куы (дзурын) сырдтæ, уæд уæртджын хæфс æппындæр нал (ацæуын). 5) Кæд мит (æруарын), уæд сывæллæттæ къахдзоныгътыл (бырын). 6) Кæд тынг уазал нæ (уæвын), уæд мах миты къуыбæрттæй (хъазын).

51-аг ахуыр 1. Саразут вазыгджын хъуыдыйæдтæ (выражающие желательное действие).

бадзырдон

уæлæмхæст

хаимæ

1) Мит куы (уарын), уæд тынг уазал нæ (уæвын). 2) Сырдтæ дзурын куы (зонын), уæд бирæ диссæгтæ (радзурын). 3) Тæрхъус тæрсаг куы нæ (уæвын), уæд æй адæм тæппуд нæ (хонын). 4) Аслан рынчын куы нæ (уæвын), уæд кæрты йе ’мбæлттимæ (хъазын). 5) Уæртджын хæфс цырагъмæ куы (ацæуын), уæд фæстæмæ тагъд нæ (фæзынын). 2. Раттут фæрстытæ 50-æм ахуыры 1-аг фæлтæрæны хъуыдыйæдтæм. Ныффыссут фæрстытæ æмæ дзуæппытæ.

Х у ы з æ г: Уæртджын хæфс тагъд кæд не ’рбаздæхдзæнис? – Цырагъмæ куы ацæуа, уæд. 3. Раттут фæрстытæ 50-æм ахуыры 1-аг фæлтæрæны хъуыдыйæдтæм. Ныффыссут фæрстытæ æмæ дзуæппытæ.

Х у ы з æ г: Кæд нæ уаид тынг уазал? – Мит куы уарид, уæд. 4. Зæгъут, цæмæй хицæн кæнынц (чем отличаются) хъуыдыйæдтæ? Сбæрæг кæнут зæгъинæгты формæтæ (определите формы сказуемых).

1) Тæрхъустæ æрæмбырд сты къутæрты бын. – Тæрхъустæ æрæмбырд вæййынц къутæрты бын. 2) Куы æрбабон ис, уæд тæрхъустæ алырдæм алыгъдысты. – Куы æрбабон вæййы, уæд тæрхъустæ алырдæм алидзынц. 3) Хæфсытæ тæрхъусы куы федтой, уæд фæтарстысты æмæ доны багæппытæ кодтой. – Хæфсытæ тæрхъусы куы фенынц, уæд фæтæрсынц æмæ доны багæппытæ кæнынц. 4) Бирæгъ æппæлы йæ мыггагæй. – Бирæгъ феппæлы йæ мыггагæй. 5) Сырдтæ иумæ бадынц. – Сырдтæ иумæ фæбадынц. 90


5. Саразут 4-æм фæлтæрæны хъуыдыйæдтæй æппæрццæг (отрицательные) хъуыдыйæдтæ. Спайда кæнут дзырдбæстытæй: мæнмæ гæсгæ, раст зæгъгæйæ.

Х у ы з æ г: Раст зæгъгæйæ, сырдтæ иумæ нæ фæбадынц. Мæнмæ гæсгæ, сырдтæ иумæ нæ фæбадынц. 6. Бакæсут текст. Цы нысан кæнынц бæрæггонд дзырдтæ? Пайда кæнут дзырдуатæй. Зæгъут, уызын дзыхъхъæй куы сбырид, уæд æй асин хъæуид? Цæмæн хуыйны текст «Уызыны зонд»? Радзурут текст.

Уызыны зонд Иубон уызын хъæды фæцæйцыдис. Æваст иу арф дзыхъхъы ныххаудис. Бады æмæ хъуыды кæны: – Ныртæккæ нæхимæ ацæудзынæн, асин æрбахæсдзынæн æмæ ардыгæй сбырдзынæн.

52-аг ахуыр 1. Бакæсут Тæрхъус æмæ Уызыны диалог.

Тæрхъус: Дæ бон хорз, мæ судзинджын хæлар! Уызын: Æгас цу, хъусой (ушастый)! Тæрхъус: Цы ми кæныс ацы арф дзыхъхъы? Уызын: Гъм.. гъм.. Бадын! Тæрхъус: Куыд? Бадгæ кæныс? Æмæ дын уазал нæу? Уызын: Цæй æдылы дæ, хъусой! Дзыхъхъы хаугæ ныккодтон. Тæрхъус: Цы? Хаугæ ныккодтай? Куыдæй? Уызын: Хъæды фæцæйцыдтæн, мæ къæхты бынмæ нæ кастæн æмæ ныххаудтæн. Тæрхъус: Æй-æй-æй! Æз дæр знон ацы дзыхъхъы фæцæйхаудтæн, фæлæ мæ даргъ къæхты фæрцы аирвæзтæн (спасся). Цæй, ныр цы кæнæм? Уызын: Нæ зонын. Дзыхъхъæй уæлæмæ фæцæйбырын, фæлæ та фæстæмæ æрхауын. Мæ уд сцæйхауы… Тæрхъус: Ма тæрс, судзинджын. Ныртæккæ æз нæхимæ азгъордзынæн, асин æрбахæсдзынæн, æмæ уæлæмæ сбырдзынæ. Уызын: Бузныг, хъусой. Æнхъæлмæ дæм кæсын. 91


Элемент -цæй- между приставкой и корнем придает глаголу значение: 1) начатого, но не завершенного действия: фæцæйцыдис – проходил, бацæйцыдис – заходил (но неизвестно, зашел или нет), 2) несостоявшегося действия: фæцæйхаудис – едва не упал; фæцæйхаста – проносил, уносил, едва не унес. 2. Тæрхъус æмæ Уызыны диалоджы ссарут: 1) мивдисджытæ вазыгджын формæйы; 2) æнæххæст архайд æвдисæг мивдисджытæ (разæфтуан+цæй+уидаг); 3) нырыккон афоны мивдисджытæ разæфтуантимæ. Цы æвдисынц ацы мивдисджытæ? Æрхъуыды кæнут семæ ног хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут. 3. Саразут Уызыны монолог пъланмæ гæсгæ.

Æз хъæды фæцæйцыдтæн. Æвиппайды дзыхъхъы ныххаудтæн. Дзыхъхъæй сбырынмæ хъавыдтæн. Тæрхъус дзыхъхъы рæзты фæцæйцыдис. Тæрхъус мын феххуыс кодта. 4. Зæгъут иронау.

Заяц отправился к реке (но не дошел). Еж проходил по тропинке. Заяц едва не упал в глубокую яму. Волк хвалился своим родом. Волк часто хвалится своим родом. Белка (обычно, часто) говорит волку. Звери (обычно, часто) собираются вместе. 5. Равзарут хъæугæ мивдисæг.

1) Страус тæхгæ нæ кæны, фæлæ (згъоры, згъоргæ кæны). 2) Уæртджын хæфс знон цырагъ агурынмæ (ацæудзæнис, фæцæйцыдис). 3) Алы изæр дæр тæрхъустæ иумæ (æрæмбырд сты, æрæмбырд вæййынц). 4) Сырдтæ скъолайы къæсæрыл бадынц æмæ абетæ (кæсынц, фæкæсынц). 5) Уызын æваст йæ къах скъуырдта æмæ арф дзыхъхъы (хауы, фæцæйхаудис). 6) Хæфсытæ тæрхъусы ауыдтой æмæ (фæтæрсынц, фæтарстысты). 6. Ныффыссут цыбыр радзырд тæрхъусы тыххæй: æддаг бакаст, цæрæн бынат, миниуджытæ (свойства, привычки). 92


53-аг ахуыр 1. а) Базонгæ ут ног дзырдтимæ.

курæг – проситель; просящий къæбиц – кладовая къуымбил – шерсть лæппын – детеныш мигъ – туча

тæрс – чинара; орешек чинары хор – зерно хуыссæн – постель усгур мыст – мышь-жених чыргъæд – корзина

сæрæн – шустрый ус курын – жениться сфæнд кæнын – захотеть, решить рахъомыл уæвын – подрасти, повзрослеть хъуыддаджы фæдыл – по делу æ) Ацы дзырдтæ æмбæлынц ног тексты. Базонут-ма, цæй тыххæй цæуы ныхас тексты? Цы ми кæны тексты сæйраг архайæг? Цавæр у? Кæцы жанрмæ хауы текст? 2. Бакæсут фыццаг абзац æмæ радзурут сæйраг архайæджы тыххæй: йæ миниуджытæ, йе ’ддаг бакаст1.

Цардис æмæ уыдис иу мыст: рихитæ, чысыл хъустæ, сау цæстытæ, цыбыр къæхтæ æмæ лыстæг даргъ къæдзил. Зæронд нанайы чыргъæдæй адавта къуымбилтæ æмæ йæхицæн фæлмæн хуыссæн скодта. Йæ хæдзары уыдис къæбицтæ дæр, æмæ-иу сæ байдзаг кодта давæггаг хорæй, стæй æхсæртæ æмæ тæрсытæй. 3. Бакæсут текст кæронмæ æмæ зæгъут, цавæр чындз (невестка) хъуыдис мысты.

Мыстæн уыдис лæппын, диссаджы сæрæн æмæ куыстуарзаг лæппын. Уый куы рахъомыл ис, уæд мыст сфæнд кодта йæ лæппынæн ус ракурын. Мысты фæндыдис йæ лæппуйæн æппæты хуыздæр, тыхджындæр, хъæздыгдæр хæдзарæй ус ракурын. Æмæ сфæнд кодта хуры чызгмæ курæг ацæуын2. Схæццæ ис хурмæ. – Дæ бон хорз, хурзæрин! – Æгас цу, мыст! – Хъуыддаджы фæдыл дæм æрбацыдтæн, хур! 1 2

93

æддаг бакаст – внешность, внешний вид курæг ацæуын – здесь: посвататься


– Дæ хъуыддаг мын бамбарын кæн, хорз мыст. – Мæнæн ис лæппын, рæсугъд, хъæбатыр. Ныр усгур у. Æз мæ фыртæн агурын тыхджын лæджы чызг. Ды дæ æппæтæй тыхджындæр. Ратт мæ фыртæн дæ чызджы. – О, æз тыхджын дæн, фæлæ ис мæнæй тыхджындæртæ дæр… – Ау? Чи у дæуæй тыхджындæр? – Мигъ. – Уый та куыд? – Мигъ бамбæрзы арв, зæхх, æмæ уæд мæнæн мæ бон нал вæййы зæхмæ кæсын…

4. Ссарут тексты хъуыдыйæдтæ ног дзырдтимæ æмæ сæ бакæсут. 5 Дзуапп раттут фæрстытæн.

1) Цавæр лæппын уыдис мыстæн? 2) Цы сфæнд кодта мыст? 3) Цæмæн агуырдта мыст æппæты тыхджындæр лæджы? 4) Кæй хоны мыст æппæты тыхджындæр? Цæмæн? 5) Чи разындис1 хурæй тыхджындæр? Цæмæн? 6) Сымахмæ гæсгæ, чи у мигъæй тыхджындæр? 6. Аргъауы алы абзацæн дæр æрхъуыды кæнут сæргонд. Ныффыссут сæргæндтæ. 7. Сахуыр кæнут мыст æмæ хуры диалог.

1

разындис – здесь: оказался

94


54-æм ахуыр 1. Аргъауы тексты ссарут æмæ рафыссут хъуыдыйæдтæ миногонтимæ уæлахизон бæрцы1. 2. Аргъауы ссарут æмæ рафыссут хъуыдыйад хайыг «-иу»-имæ. Цы æвдисы ацы хайыг? Æрхæссут æндæр дæнцæгтæ æмæ сæ ныффыссут. 3. Бакæсут æмæ зæгъут, цæмæй хицæн кæнынц хъуыдыйæдтæ? Æрхæссут æндæр дæнцæгтæ.

Мигъ бамбæрзы арв, зæхх, æмæ уæд мæнæн мæ бон нал вæййы зæхмæ кæсын. Мигъ бамбæрзта арв, зæхх, æмæ мæнæн мæ бон нал у зæхмæ кæсын. 4. Рафыссут аргъауы текстæй дыккаг æмæ æртыккаг хъуыдыйæдтæ. (Поменяйте формы глаголов так, чтобы они выражали часто повторяющееся, обычно происходящее действие). Ныффыссут хъуыдыйæдтæ. 5. «Мысты лæппын у рæсугъд æмæ хъæбатыр». Ацы хъуыдыимæ разы стут æви нæ? Цæмæн? Сымахмæ гæсгæ, мыст ссардта æппæты тыхджындæры? Æрхъуыды кæнут аргъауæн кæрон. 6. Радзурут аргъау мысты номæй. Райдайут афтæ:

Æз дæн мыст. Мæнæн ис рихитæ, чысыл хъустæ…

55-æм ахуыр Контролон ахуыр

1

95

уæлахизон бæрцы – в превосходной степени


СПОРТ ÆМÆ РÆСУГЪДДЗИНАД

56-æм ахуыр 1. Байхъусут æмæ бакæсут.

хъазын – хъазт фыссын – фыст ивын – раивта хæссын – ныххæссын

аст – æстдæс араббагау – араббæгтæ персайнагау – персайнæгтæ

2. Байхъусут. Паузæтæ фæбæрæг кæнут вертикалон хаххæй (/). Сæвæрут цавды нысæнттæ. Раст бакæсут.

Рагон скульптортæ æмæ нывгæнджытæ, сæ уацмыстæ аразгæйæ, се ’ргом здæхтой спортсменты гуыры кондмæ. 3. а) Бакæсут. Бæрæггонд дзырдтæ ратæлмац кæнут уырыссаг æвзагмæ.

Археологтæ Норвегийы ссардтой, дыууæ мин азы æмæ æрдæг кæуыл цæуы, ахæм къахдзоныгъ. Уый нымад уыдис æппæты рагондæр «спортивон дзаумайыл». Фæлæ фæстæдæр Уæрæсейы, Псковмæ хæстæг, ссардтой ноджы рагондæр къахдзоныгъ – йæ кар у цыппар мин азмæ хæстæг. Рагон къахдзоныгътæ хуындысты «митдзæуæнтæ». Уыдоныл быргæ нæ кодтой, фæлæ цæугæ. Се ’ддаг бакаст уыдис теннисы ракеткæйы хуызæн, æрмæст æнæ хъæдæй. Фæстæдæр фæзындысты даргъ æмæ нарæг къахдзоныгътæ. Нырыккон къахдзоныгътæ сты цыппар хуызы: згъорынæн, гæпп кæнынæн, слаломæн æмæ туристон. Ноджы фылдæр сты доны къахдзоныгътæ. æ) Куыд æмбарут дзырд «митдзæуæнтæ»? Цавæр уырыссаг эквивалент ис ацы дзырдæн? 96


б) Ссарут æмæ бакæсут хъуыдыйад мивдисæгимæ вазыгджын формæйы (с глаголом в сложной форме). 4. Дзуапп раттут фæрстытæн.

Цал азы цæуы æппæты рагондæр къахдзоныгъыл? Кæм ссардтой уыцы къахдзоныгъ? Рагон къахдзоныгътæ цæмæн хуыйнынц «митдзæуæнтæ»? Цал хуызы сты нырыккон къахдзоныгътæ? Цавæр къахдзоныгътæ зонут (федтат) сымах? 5. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ.

Археологтæ ссардтой, ... , ахæм къахдзоныгъ. Уый нымад уыдис ... «Митдзæуæнтыл» быргæ нæ кодтой, ... Æппæты рагондæр къахдзоныгъы кар ... Даргъ æмæ ... къахдзоныгътæ ... фæзындысты.

6. Саразут æмæ ныффыссут дзырдбæстытæ.

Псковмæ

хæстæг

æнæ

нымад уыдис

97

ракеткæйы

хъæдæй

хуызæн

згъорынæн

къахдзоныгътæ

æппæты рагондæр къахдзоныгъыл


57-æм ахуыр 1. Дзуапп раттут фæрстытæн æмæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ.

Археологтæ Норвегийы ссардтой (цы?) ... Археологтæ Норвегийы ссардтой ... (цавæр?), ахæм къахдзоныгъ. Археологтæ (кæм?)… ссардтой (цы?)… Археологтæ Норвегийы (цы ми бакодтой?)…, дыууæ мин азы æмæ æрдæг кæуыл цæуы, (цавæр? цы?)… … Придаточная определительная часть (бæрæггæнæн уæлæмхæст хай) поясняет, раскрывает значение соотносительного слова в главной части, выраженного местоимениями ахæм (такой), уыцы (тот), уый (тот). Придаточная определительная отвечает на вопросы цавæр? (какой?), кæцы? (который?), кæй? (чей?). С главной частью придаточная определительная связана союзами кæй, куы, æмæ и союзными словами чи, цы (в разных падежах): Олимпаг хъæзтытæ кæм цæудзысты, уыцы сахар нырма бæрæг нæу. – Город, в котором будут проходить Олимпийские игры, еще не определен. Ахæм бæстæ нæй, Олимпаг хъæзтыты тыххæй кæм нæ фехъуыстой. – Нет такой страны, где бы не слышали об Олимпийских играх. 2. а) Ссарут хъуыдыйæдтæ бæрæггæнæн уæлæмхæст хæйттимæ.

Раджыма-раджы1 иу хъæды цардис зæронд уыг2. Уый ахæм зондджын уыдис, æмæ йæм сырдтæ иууылдæр уынаффæмæ3 цыдысты. Суанг ма-иу æм хин рувас дæр æрбауадис. Æмæ рувас цы? Æппæт сырдтæ дæр кæмæй тарстысты, уыцы арс дæр уыгмæ цыдис фæрсынмæ. Уыгæн уыдис, талынджы æрттивгæ чи кодта, ахæм стыр цæстытæ. Йæ пакъуы4 ахæм фæлмæн уыдис, æмæ йæм æппæт мæргътæ дæр хæлæг кодтой5. æ) Цæмæй баст сты домгæвазыгджын хъуыдыйæдты хæйттæ? Фæбæрæг кæнут бæттæгтæ æмæ æмбарынгæнинаг дзырдтæ (соотносительные слова). 3. Саразут вазыгджын хъуыдыйæдтæ. раджыма-раджы – давным-давно уыг – сова 3 уынаффæмæ – за советом 4 пакъуы – пух 5 хæлæг кодтой – завидовали 1 2

98


Х у ы з æ г: Спортимæ хæлар чи у, уыцы адæймаг æнæниз уыдзæнис. а) чи – уыцы (кто – тот)

Спортимæ хæлар у. Адæймаг æнæниз уыдзæнис. Шахмæттæй хъазы. Лæппу хорз зоны математикæ. Ерыстæ рамбылдта1. Спортсменæн радтой сыгъзæрин майдан. Ацы хъазт рамбула. Командæ суыдзæнис бæстæйы чемпион. æ) чи – ахæм (кто – такой)

Андиаты Сосланы нæ зоны. Адæймаг Ирыстоны нæй. Чемпионат рамбулдзæнис. Командæ нæм ис. Спорт нæ уарзы. Ахуыргæнинаг нæ къласы нæй. б) кæй – уыцы (кого – тот)

Ерыстæм цæттæ кодтой. Спортсмен фæрынчын ис. Мах тынгдæр уарзæм. Командæ чемпион ссис. Журналисттæ кой кодтой. Боксер фæуæлахиз ис. Газеты ... тыххæй фыстой. Футболист хъазæн фæзмæ нæ рацыдис. уæлахиз – победа уæлахиз кæнын – побеждать фæуæлахиз уæвын – победить кой кæнын – упоминать, говорить (о ком-то, о чем-то). 4. Ссарут æмæ хæххытæй равдисут спорты хуызты нæмттæ: баскетбол, волейбол, футбол, шахмæттæ, бокс, згъорын, гимнастикæ, каратэ, ушу, ленк кæнын, теннис, хоккей. Цы дамгъæтæ баззадис, уыдонæй дзырд саразут.

1

99

рамбылдта – выиграл


58-æм ахуыр 1. Бакæсут. Фæбæрæг кæнут æнæзонгæ дзырдтæ, ратæлмац сæ кæнут дзырдуаты æххуысæй.

Ерыстæ, кафт, каникултæ, физикон культурæ, фæхæрд уæвын, тетрад, музыкæйы зæлтæ, рамбулын, партæ, нывгæнæг, скъола, уæлдæр ахуырад, фæуæлахиз уæвын, чемпионат, училище, студент, балеринæ, зарæггæнæг, хъазæн фæз, конспект кæнын, симфони, хъазт, ленк кæнын, палитрæ, ахорæнтæ, зæрдывæрдæй дзурын, скрипкæйыл цæгъдын, уæлахиздзау, пурти, партитурæ, бæрæггæнæн, дзæнгæрæг, оркестр, гуыры конд, фæлварæн. Рафыссут дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ темæтæм гæсгæ: 1) спорт; 2) аивад; 3) ахуырад. 2. Баххæст кæнут цыбыр диалогтæ æмæ сæ ныффыссут.

I. – Ацæмæз, спорт уарзыс? – О, æз __________ фæхъазын, къуыри дыууæ хатты бассейны ____________, нæ ________ командæ арæх фæархайы _________. II. – Зæринæ, знон телевизормæ кастæ? – Нæ, æз гимнастикæмæ цæуын, знон тренировкæйы ____________, райсом нæм _________ уыдзæнис. III. – Батрадз, ерыстæ фесты? – О, мæ уарзон командæ фыццаг хъазты ______________, стæй дыууæ хъазты ___________, фæстаг хъазты дæр _________ æмæ ссис ерысты _________ . 3. Сæвæрут мивдисджытæ хъæугæ формæйы.

1) Нæ командæ фæхæрд ис. – Нæ командæтæ ... 2) Ерыстæ рамбылдта хуыздæр спортсмен. – Ерыстæ рамбылдтой ... 3) Уæрæсейаг боксер фæуæлахиз ис. – Уæрæсейаг боксертæ ... 4) Волейболæй ерыстæ рамбылдта нæ къласы командæ. – Волейболæй ерыстæ ... не скъолайы командæтæ. 5) Уый у æппæты рагондæр «спортивон дзаума». – Уыдон ... æппæты рагондæр «спортивон дзауматæ». 100


4. Рафыссут, хъæугæ дзырдтæ æвæргæйæ: пайда у, кæнгæйæ, æмæ, змæлд кæны, гуыры конды, бæрзонд, къæхтæ, даргъ, фæтæн, нарæг.

Ленк кæнын тынг ... адæймаджы гуыры кондæн ... æнæниздзинадæн. Ленк ... , буар вæййы доны мидæг, горизонталон уавæры, æмæ спецификон ... ... , архайынц буары æппæт хæцъæфтæ1 дæр. Уымæ гæсгæ сраст вæййынц ... иуæй-иу аиппытæ2: нарæг риуы гуыдыр, зылын ... , гуыбыр фæсонтæ. Спортсментæ-ленкгæнджытæ арæхдæр вæййынц ... , бæрæг дарынц3 сæ ... къæхтæй, ... уæхсчытæ æмæ риуæй, .... астæуæй. 5. Ныффыссут дзырдтæн дыгай бæрæггæнæнтæ.

Х у ы з æ г: Буар – æнæниз буар, рæсугъд буар. Буар, гуыры конд, къæхтæ, уæхсчытæ, риу, астæу. 6. Радзурут ленк кæныны пайдадзинады4 тыххæй.

59-æм ахуыр 1. Фæбæрæг кæнут раст хъуыды.

† Шахмæттæ фæзындысты Европæйы. † Шахмæтты «райгуырæн бæстæ» у Америкæ. † Дзырд «шахмат» нысан кæны «паддзах амардис». † Шахмæттæй фыццаг дунеон чемпион уыдис Вильгельм Стейниц. † Шахмæтты ахуыргæнæн чиныг фыццаг хатт фæзындис Францы. † Хосе-Рауль Капабланкæ дунеон чемпион нæ уыдис. † Михаил Таль амбылдта Х.-Р. Капабланкæйы, цыппæрдæс азы йыл куы цыдис, уæд. † Анатолий Карповы фæстæ «шахмæтты къарол» ссис Гарри Каспаров. 2. Байхъусут. Дзуапп раттут фæрстытæн.

Кæм æмæ кæд фæзындысты шахмæттæ? Кæд арæзт æрцыдис фыццаг дунеон чемпионат шахмæттæй? Чи уыдис дыккаг дунеон чемпион? хæцъæфтæ – мышцы аиппытæ – недостатки 3 бæрæг дарынц – выделяются, отличаются 4 пайдадзинад=пайда – польза 1 2

101


3. Байхъусут. Цухгонд дзырдтæ уæ тетрæдты ныффыссут.

Шахмæттæй хъазт тынг ... у, фæзындис Индийы фæндзæмæхсæзæм æнусты. Фæлæ ацы хъазтæн иу «фыдыбæстæ» нæй. Хъазты ... ном – «чатурангæ» – персайнæгтæ баивтой æндæр дзырдæй – «шахмат», ома «паддзах амардис». Фыццаг трактат шахмæтты тыххæй ныффыстой ... фарæстæм æнусы. ... æнусы Франц балæвар кодта дунейæн шахмæтты фыццаг ахуыргæнæн чиныг. Ныффыста йæ францаг композитор Андре Филидор, чиныг хуыйны «Шахмæттæй хъазты анализ». Ацы чиныг дунейы алыхуызон æвзæгтыл мыхуыры рацыдис сæдæ æхсай хатты. Иннæ адæмтæ дæр раджы базыдтой шахмæттæ. Зæгъæм, славянаг фольклоры ацы хъазты кой фæзындис ... æнусы. Мин астсæдæ æстай æхсæзæм азы арæзт æрцыдис фыццаг дунеон чемпионат шахмæттæй. Рамбылдта йæ ... шахматист Вильгельм Стейниц. Мин астсæдæ нæуæдз цыппæрæм азы йæ раивта ... спортсмен Эммануил Ласкер. Фæстæдæр дунеон чемпионтæ уыдысты ... Хосе-Рауль Капабланкæ, ... Александр Алехин æмæ æндæртæ. Шахмæтты Æппæтдунеон федерацийы эмблемæйыл фыст ис ахæм девиз: «Мах стæм иу ... ». Нæ бæстæйы спортсментæ бирæ хæттыты æркодтой сæ сæрыл шахматон къаролы сыгъзæрин ...: чемпионтæ уыдысты Михаил Ботвинник (цыппæрдæс азы йыл куы цыдис, уæд амбылдта Капабланкæйы), Василий Смыслов, Михаил Таль, Тигран Петросян, Борис Спасский, Анатолий Карпов, Гарри Каспаров... Уæрæсейаг сылгоймæгты æхсæн ацы титул ... Людмилæ Руденко, Елизаветæ Быкова, Александрæ Костенюк æмæ Ольгæ Рубцова. 4. Ссарут æмæ бакæсут хъуыдыйæдтæ дзырдтимæ: чатурангæ, чехаг, эмблемæ, фæзындис, мыхуыры рацыдис, рамбылдтой. 5. Цавæр дзырдтимæ баст сты нымæцтæ: 14, 1894, 160, 18? Ссарут дзуæппытæ тексты æмæ сæ бакæсут. 6. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ.

Мин астсæдæ æстай æхсæзæм азы арæзт чи æрцыдис, уыцы дунеон чемпионат ... Ацы хъазтæн фыццаг цы ном уыдис, уый ... 102


Араббæгтæ шахмæтты тыххæй цы трактат ныффыстой, уый ... Шахмæтты Æппæтдунеон федерацийæн цы эмблемæ ис, ууыл ... 7. Бацæттæ кæнут цыбыр радзырд (10 хъуыдыйады) шахмæтты тыххæй.

60-æм ахуыр 1. Рафыссут 59-æм ахуыры 3-аг фæлтæрæны текстæй адæмыхæттыты нæмттæ (наименования национальностей). Дзырдты фæбæрæг кæнут суффикстæ. 2. а) Аивут мивдисджыты формæтæ.

Х у ы з æ г: девиз ныффыстой – девиз фыст æрцыдис. Хъазты ном баивтой; фыццаг трактат ныффыстой; чиныг мыхуыры рацыдис; дунеон чемпионат сарæзтой; сыгъзæрин худ æркодтой; чемпионы титул рамбылдтой. æ) Аифтындзæг кæнут мивдисæг «рамбулын» æргомон, бæллиццаг, бадзырдон æмæ фæдзæхстон здæхæнты. 3. Ныффыссут хъуыдыйæдтæ номивæг «уый»-ы цыбыр формæимæ.

Х у ы з æ г: Ныффыста йæ францаг композитор. Францаг композитор æй ныффыста. 1) Михаил Ботвинник ... амбылдта. Амбылдта ... Михаил Ботвинник. 2) Персайнæгтæ ... баивтой. Уыдон ... баивтой. 3) Франц ... балæвар кодта дунейæн. Ацы бæстæ ... балæвар кодта дунейæн. 4) Славянаг фольклоры ... кой фæзындис æстæм æнусы. Славянаг фольклор ... базыдта æстæм æнусы. 5) Сæ сæртыл ... æркодтой бирæ уæрæсейаг спортсментæ. Бирæ уæрæсейаг спортсментæ ... сæ сæртыл æркодтой. 4. Саразут дзырдтæй хъуыдыйæдтæ.

Ацы, фыццаг, Индийы, хъазт, фæзындис, хатт. Йæ, ном, хуындис , рагон, «чатурангæ». Фæстæдæр, æрцыдис, ном, ацы, ивд, дзырдæй, персайнаг. Хъазты, кæны, нысан, ном, «паддзах амардис». 103


5. Зæгъут иронау.

Первый трактат о шахматах был написан в девятом веке. Он написан на арабском языке. А автором первого шахматного учебника стал французский композитор. Его книга вышла из печати в восемнадцатом веке. Она называлась «Анализ шахматной игры». Учебник печатался сто шестьдесят раз на разных языках. 6. Саразут мивдисджытæй миногмитæ æмæ фæрссагмитæ.

Х у ы з æ г: фæзынын – фæзынæг, фæзынинаг; фæзынгæйæ. Баивын, рацæуын, хъазын, æркæнын, амбулын, ныффыссын. 7. Ныффыссут къулы газетмæ цыбыр уац иу зындгонд шахматисты тыххæй (кæнæ шахмæтты тыххæй).

61-аг ахуыр 1. Бакæсут чысыл радзырдтæ. Равзарут сын кæрæттæ.

I. Фаризæт тынг цæрдæг (подвижный) сывæллон у. Ацы аз скъоламæ бацыдис, фыццаг къласмæ. Ахуыргæнæг ын загъта: – Хъусыс, Фаризæт! Дæ зæрдыл дар: не скъолайы фыдуаг кæнæн1 нæй, гæппытæ кæнæн нæй. Хъæрæй дзурæн, хъæрæй худæн нæй... –? II. Æхсар скъолайæ æнкъардæй æрбацыдис. Хæргæ дæр нæ бакодта, дзургæ дæр никæмæ скодта. Йæ фыд æй фæрсы: – Цы кæныс, лæппу? Дзургæ дæр куы никæмæ кæныс... –? III. Алгебрæйы ахуыргæнæг къласмæ бацыдис. Фæрсы скъоладзауы: – Ацæмæз, знон скъолайы цæуылнæ уыдтæ? –? Радзырдты кæрæттæ: – Æз, «дыууæтæ» чи исы, уыцы лæппуйы фыдмæ нæ дзурын... – Æмæ уæм æндæр скъола нæй? 1

фыдуаг кæнæн нæй – нельзя шалить, нельзя баловаться

104


– Æмæ дæхæдæг куы загътай: «Йæ хæдзармæ куыст чи нæ сæххæст кæна, уый скъоламæ ма ’рбацæуæд!»... Цавæр жанрмæ ахæссæн ис (можно отнести) ацы тексттæ? Цæмæн? 2. Баххæст кæнут дзуæппытæ.

1) Фаризæты зæрдæмæ скъола фæцыдис? – Нæ, Фаризæты зæрдæмæ скъола нæ фæцыдис, уымæн æмæ ... 2) Æхсар скъолайæ æнкъардæй цæмæн æрбацыдис? – Æхсар скъолайæ æнкъардæй æрбацыдис, уымæн æмæ ... 3) Ацæмæз знон скъолайы цæуылнæ уыдис? – Ацæмæз знон скъолайы нæ уыдис, уымæн æмæ ... 4) Цы ми кæнæн нæй скъолайы? – Скъолайы нæй ... 3. Ссарут текстты æмæ рафыссут мивдисджытæ вазыгджын формæйы. Ныффыссут мивдисджыты хуымæтæг формæтæ. 4. Ныффыссут мивдисджыты вазыгджын формæтæ.

Х у ы з æ г: бацыдис – цæугæ бакодта. Хъусыс, дзурын, худын, æрбацыдис, фæрсы, загътай. 5. Æрхъуыды кæнут æмæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ дзырдбæстытимæ.

Æндæр скъола, хæдзармæ куыст, фыдуаг кæнæн нæй, цæуылнæ уыдтæ, æнкъардæй æрбацыдис. 6. Бæрæггонд дзырдтæ баивут антонимтæй.

Фаризæт тынг цæрдæг сывæллон у. Æхсар скъолайæ æнкъардæй æрбацыдис. Ацæмæз скъолайæ раджы æрбаздæхтис. Æз скъолайæ дард цæрын. 7. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ, разæфтуантæ æфтаугæйæ.

мивдисæг

«цæуын»-мæ

хъæугæ

Æхсар скъоламæ ... Æхсар скъолайы рæзты арæх ... Æхсар скъоламæ хæстæг ... Æхсар уæлæмæ скъоламæ... Æхсар дæлæмæ скъоламæ ... 8. Сахуыр кæнут 61-аг ахуыры 1-аг фæлтæрæны цыбыр радзырдтæ. 105


62-аг ахуыр 1. Бакæсут æмæ бахъуыды кæнут.

æргом здахын – обращать внимание уæлдай æргом здахын – обращать особое внимание уарзæгой уд – любящая душа миниуæг – свойство, качество 2. Фæбæрæг кæнут дзырдты уидæгтæ.

Тынгдæр, æвдисæн, ныффидар ис, уарзæгой, аразгæйæ. 3. Базонут, цавæр ныхасы хæйттæ сты лæвæрд дзырдтæ. Ныффыссут сæ хицæн къордтæй.

Æнгом, тынгдæр, сконд, æвдисæн, дыргъ, къаддæр, ныффидар ис, сакъадах, фыдракæнд, уарзæгой, фæз, хæзна, аразгæйæ, фæлгонц. 4. Сбæрæг кæнут бæрæггонд дзырдты нысаниуджытæ.

Спортсментæн вæййы рæсугъд, пропорционалон гуыры конд. Æз кæсын чиныг рагон Мысыры фараонты пирамидæты тыххæй. Мæ уаты дæргъ у фондз метры, йæ уæрх та – æртæ метры. Афтæмæй, мæ уаты уæрх йæ дæргъæй къаддæр у. Крит у сакъадах, Ямал та – æрдæгсакъадах. Микеланджелойы скульптурæ «Давид» нымад у Италийы национ хæзнайыл. Зындгонд артист сценæйы сарæзта бирæ алыхуызон фæлгонцтæ. Нана Мараты алы бон дæр райсомæй ахоны рæвдауæндонмæ. Аивадон хæзнатæ халын стыр фыдракæнд у. 5. Бакæсут хъуыдыйæдтæ, хъæугæ дзырдтæ æвæргæйæ.

Адæймаджы физикон рæсугъддзинад ... баст у йæ гуыры кондимæ. (Æнгом, рагæй, хорз) Сылгоймаджы рæсугъддзинады идеалыл ... номдзыд Афродитæйы скульптурæ. (Баст у, арæзт у, нымад у) Ацы скульптурæ ссардтой ... Милосы. (Сахар, сакъадах, æрдæгсакъадах) Давиды скульптурæйæн – национ ... – сарæзтой хицæн зал Флоренцийы Аивæдты академийы. (Фæлгонцæн, нывгæнæгæн, хæзнайæн) Къухы дæргъ у къахы дæргъæй ... (Фылдæр, даргъдæр, къаддæр) Астæуккаг æнусты стыр ... нымад уыдис адæймаджы ныв кæнын. (Уацмысыл, фæлгонцыл, фыдракæндыл) 106


6. Ссарут уæлдай дзырдтæ.

1) Стырдæр, даргъдæр, уæрæх, хуыздæр, цыбырдæр, къаддæр. 2) Къух, къах, рæсугъддзинад, сæр, буар, æнгуылдз. 3) Астæуккаг, рæсугъд, рагон, миниуæг, идеалон, стыр. 4) Фæндзæм, дыккаг, астсæдæ æвдай æртыккаг, нудæс, дыууынæм, цыппæрдæсæм. 7. Бакæсут. Ссарут интернационалон дзырдбæстыты мидæг (в словосочетаниях).

дзырдтæ,

рафыссут

сæ

Адæймаджы рæсугъддзинад æнгом баст у пропорционалон гуыры кондимæ. Уыцы бастдзинад адæм тынг раджы бафиппайдтой. Адæймаджы скондмæ уæлдай æргом здæхтой нывгæнджытæ æмæ скульптортæ. Зæгъæм, рагон Мысыры ныффидар ис адæймаджы рæсугъд гуыры конды ахæм канон: галиу къухы астæуккаг æнгуылдзы дæргъ у æппæт буары дæргъæй нудæс хатты къаддæр, къухы дæргъæй – фондз хатты къаддæр, къахы дæргъæй – фараст хатты къаддæр. 8. Рафыссут 6-æм фæлтæрæнæй номдартæ иууон нымæцы, сæвæрут сæ бирæон нымæцы. 9. Радзурут спортсменты æддаг бакасты тыххæй.

63-аг ахуыр 1. Рафыссут. Сæвæрут цавды нысæнттæ. Паузæтæ фæбæрæг кæнут вертикалон хаххæй. Бацамонут бæрц æвдисæг (обозначающие меру, количество) дзырдбæстытæ.

Зæгъæм, рагон Мысыры ныффидар ис адæймаджы рæсугъд гуыры конды ахæм канон: галиу къухы астæуккаг æнгуылдзы дæргъ у æппæт буары дæргъæй нудæс хатты къаддæр, къухы дæргъæй – фондз хатты къаддæр, къахы дæргъæй – фараст хатты къаддæр. 2. Бакæсут текст. Равзарут ын сæргонд:

1. Рæсугъддзинад æмæ спорт. 2. Спортсментæ æмæ антикон хуыцæутты фæлгонцтæ. 3. Рæсугъддзинады идеалтæ. 107


Адæймаджы физикон рæсугъддзинад æнгом баст у пропорционалон гуыры кондимæ. Уыцы бастдзинад адæм тынг раджы бамбæрстой. Адæймаджы скондмæ уæлдай æргом здæхтой нывгæнджытæ æмæ скульптортæ. Зæгъæм, рагон Мысыры ныффидар ис адæймаджы рæсугъд гуыры конды ахæм канон: галиу къухы астæуккаг æнгуылдзы дæргъ у æппæт буары дæргъæй нудæс хатты къаддæр, йæ къухы дæргъæй – фондз хатты къаддæр, къахы дæргъæй – фараст хатты къаддæр. Номдзыд бердзенаг скульптор Поликлет ас адæймаджы1 рæсугъд гуыры кондыл нымадта ахæм: сæры дæргъ у æппæт буары дæргъæй аст хатты къаддæр. Адæймаджы физикон рæсугъддзинады идеал ныффидар ис рагон бердзенæгтæм нæ эрæйы размæ фæндзæм – цыппæрæм æнусты. Абон дæр æппæт дуне дис кæны Мироны, Поликлеты, Фидийы, Праксителы, Лисиппы скульптурæтыл. Сылгоймаджы рæсугъддзинады идеалыл нымад у бердзенаг скульптор Александры (нæ эрæйы размæ дыккæгæм æнус) номдзыд «Афродитæ». Ацы скульптурæ ссардтой мин астсæдæ дыууынæм азы сакъадах Милосы, уымæ гæсгæ йæ хонынц «Милосаг Венерæ». Астæуккаг æнусты стыр фыдракæндыл нымад уыдис адæймаджы ныв кæнын, йæ рæсугъддзинад æвдисын, уымæ гæсгæ аивад æппындæр йе ’ргом не здæхта адæймагмæ. Фæлæ Ренессансы «титантæ» æппæтæй бæрзонддæр æвæрдтой физикон рæсугъддзинады, арф зонды æмæ уарзæгой уды иудзинад. Ацы æртæ миниуæджы нымадтой идеалон гармонийыл Рафаэль Санти, Леонардо да Винчи, Микеланджело æмæ иннæтæ. Абон дæр сылгоймаджы рæсугъддзинады идеалыл нымад сты «Сикстинаг Мадоннæ» (Рафаэль), «Джокондæ», «Мадоннæ дидинæгимæ», «Мадоннæ Литтæ» (да Винчи). Æртæ азы куыста «Давид»-ыл гениалон Микеланджело, æмæ дуры хуылфæй дунемæ «рахуыдта» диссаджы рæсугъд æрыгон лæппуйы – Голиафыл чи фæуæлахиз ис, уыцы Давиды. Цыппарсæдæ азы дæргъы ацы скульптурæ лæууыдис Флоренцийы иу фæзы. Мин астсæдæ æвдай æртыккаг азы Аивæдты академийы Давидæн – национ хæзнайæн – сарæзтой хицæн зал æмæ йæ уым сæвæрдтой. 1

ас адæймаджы – взрослого человека

108


Рагон скульптортæ æмæ нывгæнджытæ, сæ уацмыстæ аразгæйæ, се ’ргом здæхтой спортсментæм. Антикон хуыцæутты фæлгонцтæ аразгæйæ, модельтæн æвзæрстой спортсменты. Сæ рæсугъддзинад баззадис дунейы стырдæр хæзнаты – рагон нывты æмæ скульптурæты. 3. Адих кæнут текст хицæн хæйттыл (поделите текст на отдельные части). Алы хайæн дæр æрхъуыды кæнут сæргонд. 4. Ссарут тексты æмæ бакæсут хъуыдыйæдтæ ахæм мидисимæ.

1) Их физическая красота запечатлена в мировых сокровищах – древних картинах и скульптурах. 2) Идеал физической красоты человека выработали древние греки в пятом – четвертом веках до нашей эры. 3) В этих трех составляющих (качествах) видели идеальную гармонию Рафаэль Санти, Леонардо да Винчи, Микеланджело и другие. 4) В течение четырехсот лет эта скульптура простояла на одной из площадей Флоренции. 5) Создавая свои произведения, скульпторы и художники обращались к спортсменам. 5. Сраст кæнут тексты пълан.

1. Идеалон гармони æмæ физикон рæсугъддзинад. 2. Спортсментæ – «антикон хуыцæуттæ». 3. Скульптурæтæ – дунейы иумæйаг хæзнатæ. 4. Рæсугъддзинады канонтæ рагон дунейы. 6. Пъланмæ гæсгæ ныффыссут тексты сæйраг мидис æмæ йæ радзурут.

109


64-æм ахуыр 1. Хъуыдыйæдтæ кæрæдзийы фæдыл раст сæвæрут (текстмæ гæсгæ).

1) Мин астсæдæ æвдай æртыккаг азы Аивæдты академийы Давидæн – национ хæзнайæн – сарæзтой хицæн зал æмæ йæ уым сæвæрдтой. 2) Сæ рæсугъддзинад баззадис дунейы стырдæр хæзнаты – рагон нывты æмæ скульптурæты. 3) Æртæ азы куыста «Давид»-ыл гениалон Микеланджело, æмæ дуры хуылфæй дунемæ «рахуыдта» диссаджы рæсугъд æрыгон лæппуйы – Голиафыл чи фæуæлахиз ис, уыцы Давиды. 4) Абон дæр сылгоймаджы рæсугъддзинады идеалыл нымад сты «Сикстинаг Мадоннæ» (Рафаэль), «Джокондæ», «Мадоннæ дидинæгимæ», «Мадоннæ Литтæ» (да Винчи). 5) Рагон скульптортæ æмæ нывгæнджытæ, сæ уацмыстæ аразгæйæ, се ’ргом здæхтой спортсментæм. 6) Цыппарсæдæ азы дæргъы ацы скульптурæ лæууыдис Флоренцийы иу фæзы. 7) Антикон хуыцæутты фæлгонцтæ аразгæйæ, модельтæн æвзæрстой спортсменты. 2. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ.

1) «Афродитæ»-йы ма хонынц «Милосаг Венерæ», уымæн æмæ ... 2) Рæсугъд гуыры конд кæмæн ис, уыцы адæймагæн йæ ... 3) Скульптортæ æмæ нывгæнджытæ се ’ргом ... 4) Æртæ азы фæкуыста гениалон Микеланджело ... 5) Астæуккаг æнусты аивад ... 3. Равзарут раст варианттæ æмæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ.

1) Идеалон гармони...

рæсугъддзинадимæ баст нæу. ис физикон рæсугъддзинад, зонд æмæ уды иудзинады. ис æрмæст физикон рæсугъддзинады.

110


2) Астæуккаг æнусты аивад ...

йе æргом аздæхта адæймаджы физикон рæсугъддзинадмæ. æвдыста адæймаджы рæсугъд фæлгонц. баст уыдис динимæ (с религией).

3) Микеланджело йæ диссаджы скульптурæ «Давид»-ыл ...

сарæзта дурæй. фæкуыста æртæ азы. сæвæрдта Флоренцийы Аивæдты академийы.

4. Дзуапп раттут фæрстытæн.

1) Чи у номдзыд «Афродитæ»-йы автор? 2) Кæд арæзт æрцыдис ацы скульптурæ? 3) Цæмæн æй хонынц «Милосаг Венерæ»? 4) Кæд æмæ кæм ссардтой ацы скульптурæ? 5) Кæм лæууыдис раздæр «Давид»? 6) «Давид»-ы хицæн залы кæд сæвæрдтой? 7) Кæм фенæн ис ныртæккæ ацы скульптурæ? 5. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ æмæ бакæсут диалог.

Ритæ: Мæнмæ гæсгæ, адæймаджы рæсугъддзинад спортимæ баст нæу. Алан: Раст нæ дæ. Зæгъ-ма, антикон скульптурæтæ дæ зæрдæмæ цæуынц? Ритæ: О, тынг! Уыдон диссаджы ... Алан: Æмæ уыдон кæмæ гæсгæ арæзтой, уый ... Ритæ: Модельтæ сын уыдис? Нæ зонын. Алан: Уыдон уыдысты .... , уымæн æмæ ... Хуыцæуттæн дæр хъуамæ уыдаид тынг ... Ритæ: Уæдæ Поликлет, Пракситель, Лисипп æмæ иннæтæ, сæ уацмыстæ аразгæйæ, ... Алан: Æнæмæнг (непременно). Бакæс-ма «Милосаг Венерæ»мæ. Уый абон дæр нымад у ... Ритæ: Æмæ, æцæгæй, тынг рæсугъд у. Алан: Физикон рæсугъддзинад æнгом баст у ... «Венерæ»-йы гуыры конд та тынг ..., уымæ гæсгæ йыл абон дæр дис кæнæм. 6. Диалогæй саразут монолог æмæ йæ радзурут Ритæ кæнæ Аланы номæй.

111


65-æм ахуыр Контролон ахуыр

ТÆДЗЫНДЖЫТÆ ТÆДЗЫНЦ ...

66-æм ахуыр 1. Бакæсут дзырдтæ. Сæвæрут цавды нысæнттæ. Куыд баст у цавды бынат лæмæгъ (æ, ы) кæнæ тыхджын хъæлæсонтимæ?

Уалдзæг, цъити, цæгат, кæрдæг, мигътæ, къæвда, малусæг, уыгæрдæн, дидинæг, дарæс, бæлас. 2. Бакæсут дзырдбæстытæ. Рафыссут сæ. Сæвæрут цавды нысæнттæ.

Рæсугъд уалдзæг, урссæр цъити, уазал Цæгат, цъæх кæрдæг, сау мигътæ, хъарм къæвда, чысыл малусаг, сырх дидинæг, уæрæх уыгæрдæн, рог дымгæ, ног дарæс, хæрис бæлас. 3. Рафыссут. Сæвæрут цавды нысæнттæ. Фæбæрæг кæнут паузæтæ.

Уалдзæг нæм худгæйæ æрхæццæ ис. Хæрис бæласы къалиуыл æрттивынц æвзистхуыз фæрдгуытæ.

112


Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут В осетинском языке не каждое слово имеет самостоятельное ударение. Под одним ударением оказываются такие группы слов: 1) определение + определяемое слово: зáз бæлас, тáгъд дзурын; 2) знаменательное слово + послелог: къáхы бын, дæ фǽстæ; 3) предлог + знаменательное слово: æнǽ дæуæй, æд чúныг; 4) части сложного глагола в неопределенной форме: áхуыр кæнын, цúн кæнын; 5) частицы со словами, к которым они относятся: рáуай-ма, нæ зóнын; 6) краткие местоимения со словами, к которым они относятся: мæ хǽдзар, хóнын дæ, уáрзæм æй. Постановка ударения в акцентуальных группах (т.е. группах слов, находящихся под одним ударением) подчинена тем же правилам, что и в отдельных словах. 4. Дзурут дикторимæ.

мигътыл – мигъ их – фæдих коммæ – донмæ мит – æхситт

уад – рад уæлæ – уырдæм æрцыд – æруарыд

5. Хъусут æмæ хинымæры1 кæсут. Зæгъут, цавæр дзырдтæ баивта диктор?

Тагъд-тагъд иумæ адзурæм Мигътыл бафтыд ноджы мигъ, Их мæ къахы бын фæдих! Коммæ донмæ уайы дон, Хуры тынтæй равзæрд бон! Цъититыл æруарыд мит, Дымгæ нал кæны æхситт! Афардæг цæгатмæ уад, Уалдзæгæн æрцыд йæ рад!.. Уæлæ разынди нæ хъæу, Уырдæм хонын æз ныр дæу! Зивæг ма кæн! Иумæ цом! Дуар нæм уазæгæн у гом!..

Баситы Мысост

6. Бакæсут æмдзæвгæ æмæ дзуапп раттут фæрстытæн. 1

113

хинымæры – про себя


1) Афæдзы кæцы афон æвдыст цæуы æмдзæвгæйы? Цæмæй бæрæг у? 2) Цæмæн фæдих ис къахы бын их? 3) Цæмæй равзæрдис бон? 4) Цы ми бакодта уад? Цæмæн? 5) Кæдæм нæ хоны æмдзæвгæйы автор? 7. Æмдзæвгæмæ гæсгæ саразут дзырдбæстытæ. Фæбæрæг кæнут номдарты хауæн.

Бафтыдис (цæуыл?); уайы (кæдæм?); равзæрдис (цæмæй?); æруарыдис (цæуыл?); афардæг ис (кæдæм?); (цæй?) рад; гом у (кæмæн?). Х у ы з æ г: Бафтыдис (цæуыл?) мигътыл (æддагбынатон хауæн). 8. Ратæлмац кæнут дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ.

Бафтыдис, фæдих ис, уайын, хуры тынтæй равзæрдис, зивæг кæнын, зивæг ма кæн, афардæг ис, йæ рад æрцыдис. 9. Сахуыр кæнут æмдзæвгæ.

67-æм ахуыр 1. Рафыссут 66-æм ахуыры 5-æм фæлтæрæны æмдзæвгæйæ бæрæггонд дзырдтæ. Ныффыссут сæ æххæст формæйы.

Х у ы з æ г: бафтыд – бафтыдис. 2. Ныффыссут мивдисджытæ 3-аг цæсгомы иууон нымæцы.

Х у ы з æ г: уарыдис, уарыди, уарыд. Ныйих ис, афынæй ис, кастис, зылдис, алæууыдис, араст ис, зарыдис, æрбатахтис, базмæлыдис, райхъал ис, райгуырдис, бахудтис. 3. Баххæст кæнут рæнхъытæ æмæ ныффыссут дзырдбæстытæ.

Бафтыдис (цæуыл?) мигътыл, ... Асастис (кæм?) мæ къахы бын, ... 114


Уайы (кæдæм?) коммæ, ... Равзæрдис (цæмæй?) тынтæй, ... Разындис (цы?) нæ хъæу, ... 4. Раттут фæрстытæ номдартæм.

Уайы донмæ, æруарыдис цъититыл, ацыдис цæгатмæ, дуар гом у, цин кæнæм уалдзæгыл, æнхъæлмæ кæсæм уалдзæгмæ, зарæм цъиутимæ. уæле – наверху, сверху дæле – внизу, снизу фале – с той стороны, по ту сторону мæнæ – вот (здесь, рядом с говорящим) 5. «Уæлæ разынди нæ хъæу...». Кæцы ран ис нæ хъæу: уæле, дæле æви фале?

Зæгъут иронау: Вот (здесь) показалось наше село. В стороне показалось наше село. Наверху показалось наше село. Внизу показалось наше село. Есенаты Æхсары ныв 6. Хъуыдыйæдтæ баххæст кæнут лæвæрд дзырдтæй: мæнæ, уæле, дæле, фале.

Хур ... кæсы æмæ цин кæны фыццаг уалдзыгон дидинджытыл. Хуры хъарм тынтæм ... ам райхъал ис малусæг. ..., хæдзæртты сæртыл, мит нæма атадис, фæлæ ... мит нал ис. Доны ..., къуыбырыл, фæзындысты фыццаг дидинджытæ. 7. а) Рафыссут 66-æм ахуыры 5-æм фæлтæрæны æмдзæвгæ. Сæвæрут цавды нысæнттæ. æ) Рафыссут æмдзæвгæйæ ивгъуыд афоны мивдисджытæ. Сæвæрут сæ суинаг афоны.

Х у ы з æ г: бафтыдис – бафтдзæнис.

115


68-æм ахуыр 1. а) Бæрæггонд дзырдтæ баивут номивджытæй.

Х у ы з æ г: Мигътыл бафтыдис ноджы мигъ. – Уыдоныл бафтыдис ноджы мигъ. Их мæ къахы бын фæдих ис. Коммæ донмæ уайы дон. Хуры тынтæй равзæрдис бон. Цъититыл мит æруарыдис. Уад цæгатмæ афардæг ис. Уалдзæгæн йæ рад æрцыдис. æ) Рафыссут дзырдбæстытæ номивджытимæ. Сæвæрут номивджытæ цыбыр формæйы.

Х у ы з æ г: уыдоныл бафтыдис – бафтыдис сыл. 2. Саразут дзырдбæстытæ.

хоны (кæй?)

дæу (дæ)

мæнæн (мын)

уыдонимæ (семæ)

ацæудзæнис (кæимæ?)

раарфæ кодта (кæмæн?)

сымахыл (уыл)

федта (кæуыл?)

уымæй (дзы)

фехъуыста (кæмæй?)

ратдзæнис (кæмæ?) мæнмæ (мæм) 116


Помните: краткое местоимение, связанное с глаголом, не может стоять в начале словосочетания (предложения): федта мæ – увидел меня; но: мæ чиныг – моя книга. 3. Зæгъут æмæ ныффыссут иронау.

Солнце оттуда привело весну. Весна туда зовет нас. Сюда слышно пение птиц. Здесь слышится пение птиц. Отсюда течет родник. ам – здесь ардæм – сюда ардыгæй – отсюда уым – там уырдæм – туда уырдыгæй – оттуда 4. Бæрæггонд дзырдтæ баивут фæрсдзырдтæй «ам» кæнæ «уым» хъæугæ формæйы.

Х у ы з æ г: Ардæм донмæ уайы дон. Уырдæм донмæ уайы дон. Коммæ донмæ уайы дон. Уад цæгатмæ афардæг ис. Хæдзары сæрæй тæдзынц тæдзынджытæ. Уыгæрдæнмæ хур кæсы. Цъититæй дымы рог дымгæ. Кæрдæджы астæу рæзы бур дидинæг. 5. Бакæсут. Бæрæггонд дзырдтæ ратæлмац кæнут уырыссаг æвзагмæ. Радзурут текст.

Уалдзæг нæм худгæйæ æрхæццæ ис. Хæрис бæласы къалиуыл æрттивынц æвзистхуыз фæрдгуытæ, кæрдæг фезмæлыдис, уыгæрдæнтæ цъæх адардтой. Хæххон дæттæ змæстæй цæуынц. Малусæг фæндаджы былтæ сфæлыста. Арв цыма йæхи копрадздоны стылдта, уыйау хуры сыгъзæрин тынтæм фæлмæн æрттывд кæны. Хъуппеты Мысост

117


69-æм ахуыр 1. Фæрстытæн дзуапп раттут 68-æм ахуыры 5-æм фæлтæрæны текстмæ гæсгæ.

1) Куыдæй нæм æрхæццæ ис уалдзæг? 2) Кæмæ æрхæццæ ис уалдзæг? 3) Кæм æрттивынц æвзистхуыз фæрдгуытæ? 4) Цы ми кæнынц уыгæрдæнтæ? 5) Куыдæй цæуынц хæххон дæттæ? 6) Цы ми бакодта малусæг? 7) Куыд æрттивы арв? 2. Рафыссут 68-æм ахуыры 5-æм фæлтæрæнæй: 1) номдартæ семæ баст дзырдтимæ; 2) мивдисджытæ семæ баст дзырдтимæ. Раттут фæрстытæ номдартæй æмæ мивдисджытæй.

Х у ы з æ г: æрхæццæ ис.

хæрис (цавæр?) бæласы; худгæйæ (куыдæй?)

3. Рафыссут 68-æм ахуыры 5-æм фæлтæрæнæй вазыгджын хъуыдыйæдтæ. Цавæр вазыгджын хъуыдыйæдтæ сты? Цæмæй баст сты вазыгджын хъуыдыйæдты хæйттæ? 4. а) Хуымæтæг хъуыдыйæдтæй саразут вазыгджын хъуыдыйæдтæ бæттæгтимæ: æмæ, фæлæ, кæд (уæддæр), кæй (уый тыххæй), куы (уæд).

Уалдзæг нæм æрхæццæ ис. Хæххон дæттæ змæстæй цæуынц. æ) Как изменяется значение предложения в зависимости от союза?

Сложноподчиненные предложения с придаточной сравнительной частью (домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ абарсты уæлæмхæст хаимæ) Вопросы

Союзы и союзные слова

Cоотносительные Примеры слова в главной части

Цæйау? (как что?)

Цыма (как будто)

Уыйау (так)

Цыма сæрдыгон бон у, уыйау хур ирдæй кæсы. (Солнце (так) ярко светит, как будто летний день.) 118


Цæй хуызæн? (подобно чему?)

Куыд (как)

Уый хуызæн (подобно тому)

Цыма сæрдыгон бон у, уый хуызæн хур ирдæй кæсы. (Солнце (так) ярко светит, как будто летний день.)

Афтæ (так)

Хур афтæ ирдæй кæсы, цыма сæрдыгон бон у. (Солнце (так) ярко светит, как будто летний день.)

5. Ссарут вазыгджын хъуыдыйæдтæ абарсты уæлæмхæст хаимæ. Фæбæрæг кæнут бæттæгтæ.

Знон нæ хъæумæ сауцъиутæ æртахтысты. Цъиутæ афтæ бирæ уыдысты, æмæ сæ хъæрæй нæ гæды кæдæмдæр алыгъдис. Иу сауцъиу нæ бæласы сæрыл абадтис, ахстон ауыдта æмæ мидæмæ батахтис. Цалдæр минуты æддæмæ нал разындис, цыма йæ ног хæдзар æфснайгæ кодта, уыйау. Стæй рапæррæст кодта (выпорхнул), абадтис та бæласы къалиуыл æмæ афтæ хъæлдзæгæй ныззарыдис, цыма уалдзæгыл æмæ йæ ног хæдзарыл цин кодта. 6. Саразут вазыгджын ныффыссут.

Уалдзæг нæм æрцыдис.

хъуыдыйæдтæ

бæттæг

«цыма»-имæ

æмæ

сæ

Дæттæ змæстæй уайынц. Малусæг фæндаджы былтæ сфæлыста. Хур хъæлдзæгæй кæсы дунемæ. Уыгæрдæн цъæх дары. Хæрис бæласыл æрттивынц æвзистхуыз фæрдгуытæ.

70-æм ахуыр 1. Саразут хъуыдыйæдтæ æмæ радзурут мартъийы боныхъæды тыххæй.

Мартъи цыма тæргайгæнаг чызг у, Дымгæ цыма фыдуаг лæппу у, Бæлæстæ цыма дымгæйы сурынц, Зымæг цыма фæстæмæ раздæхтис, Хур цыма истæмæй тæрсы,

119

уыйау митæй зæхх бамбæрзта. уыйау сæ къалиутæ тилынц. уыйау боныхъæд раив-баив кæны. уыйау мигъты æхсæн йæхи амбæхсы. уыйау æхситт кæны.


2. Бакæсут æмæ сбæрæг кæнут бæрæггонд дзырдты нысаниуджытæ.

1) Хур малусæгмæ комкоммæ кæсы. Хур мигъты астæуæй зулмæ ракастис. 2) Паддзахы фырт хæфсы йæ дзыппы нывæрдта æмæ йæ сæхимæ ахаста. Æхсæвы хæфс дзыппæй сбырыдис æмæ рæсугъд чызг фестадис. 3) Хæдзары сæрыл мит нал ис? – Нæ, уæлхæдзар мит атадис. 4) Уый дымгæ æхситт кæны? – О, дымгæ къуыззиттæй зары. 5) Зымæг цы фæцис? – Уалдзæг æй асырдта, æмæ дард цæгатмæ алыгъдис. 3. Бакæсут æмдзæвгæ. Мартъи кæй тыхсы, уый цæмæй бæрæг у?

Мартъимæ

Мартъи! Цæуыл тыхсыс, мартъи? Æви дæ зæрдæйы маст и1? Иу сахат разыныс хурмæ, Гъе стæй та ракæсыс зулмæ… Сау мигъ æппæтæй дæр фестыс, Митдонæй бæлæстæ фехсыс, Уæлхæдзар бамбæрзыс митæй! Дымгæ фæзары къуыззиттæй! Стæй та уæд ферттивыс хурмæ… О, фæлæ мауал кæс зулмæ! Мигъты нæ хъæуæй фæсур! Уадз æмæ хур кæса, хур! Баситы Мысост 4. Найдите в стихотворении глаголы, обозначающие многократное действие. Фæбæрæг кæнут разæфтуантæ. Ныффыссут мивдисджытæ райдайæн формæйы (æнæ разæфтуантæй).

Х у ы з æ г: разыныс – зынын. 5. Æмдзæвгæйæ рафыссут разæнгардгæнæн (побудительные) хъуыдыйæдтæ. Бахахх кæнут зæгъинæгты бын. Чем выражены сказуемые в этих предложениях? 6. Преобразуйте последние повествовательные, поставив изъявительного наклонения.

три предложения стихотворения в глагол в форме будущего времени

7. Выпишите из стихотворения предложения, в которых говорится о марте. Преобразуйте их, поставив глагол в форме 3-го лица единственного числа. 1

и = ис 120


71-аг ахуыр 1. а) Хъуыдыйæдтæй саразут цыбыр диалогтæ æмæ сæ бакæсут.

I 1) Малхаз æм доны былæй дзуры: 2) Ленк кæнын нæ зонын! Ленк кæнын нæ зонын! 3) Чидæр доны ныххаудис æмæ йæ хъæлæсы дзаг хъæр кæны: 4) Ныр цæуыл хъæр кæныс? Æз дæр нæ зонын ленк кæнын, фæлæ мæ дзыхыл хæцын… II 1) Уый хорз нæу! Арæхдæр цу сыгъдæг уæлдæфмæ. 2) Æхсæв дæр хъуамæ цæуон сыгъдæг уæлдæфмæ? 3) Дохтыр, мæ сæр арæх фæриссы… 4) Постхæссæг дæн… 5) Æмæ бонæй цы куыст кæныс? æ) Ссарут æмæ бакæсут хъуыдыйæдтæ фразеологизмтимæ «кричать во весь голос», «держать язык за зубами». 2. Зæгъут æмæ ныффыссут иронау.

Я кричу во весь голос. Ты кричишь во весь голос. Он кричит во весь голос. Мы кричим во весь голос. Вы кричите во весь голос. Они кричат во весь голос.

Я держу язык за зубами. Ты держишь язык за зубами. Он держит язык за зубами. Мы держим язык за зубами. Вы держите язык за зубами. Они держат язык за зубами.

3. Ссарут æппæрццæг (отрицательные) хъуыдыйæдтæ 1-аг фæлтæрæны диалогты. Преобразуйте их в утвердительные предложения. 4. Преобразуйте утвердительные предложения в отрицательные. Спайда кæнут хайыгтæй «нæ», «нæма» («еще не»), «нал» («больше не») «ма», «мауал» («больше не» с глаголом в повелительном и условном наклонении).

Х у ы з æ г: Мартъи тыхсы. Мартъи нæ тыхсы. Мартъи нæма тыхсы. Мартъи нал тыхсы. Мартъи, ма тыхс. Мартъи мауал тыхсæд. 121


Иу сахат разындис хурмæ. Сау мигъ фестадис æппæтæй дæр. Къæвда бæлæсты къалиутæ æхсы. Дымгæ къуыззиттæй зары. Мартъи нæ хъæуæй мигътæ фæсырдта. 5. Рафыссут мивдисджытæ 1-аг фæлтæрæны диалогтæй. Сбæрæг кæнут мивдисджыты цæсгом, нымæц, афон, здæхæн. Сахуыр кæнут диалогтæ.

Х у ы з æ г: (æз) зонын – 1-аг цæсгом, иууон нымæц, нырыккон афон, æргомон здæхæн.

72-аг ахуыр 1. Бакæсут хъуыдыйæдтæ, хъæугæ дзырдтæ æвæргæйæ.

Уызын бафынæй ис бæласы (сæр, астæу, тыххæй, бын, уæле) æмæ федта диссаджы фын. Фыны (во сне) уызыныл (æрхаудис, уарыдис, зындис, тахтис) урс-урсид фæлмæн мит. Афтæ уазал уыдис, цыма (раджы, æрæджиау, ногæй, фæстагмæ) зымæг ралæууыдис. 2. Бакæсут æмдзæвгæ. Сбæрæг кæнут бæрæггонд дзырдты нысаниуджытæ контекстмæ гæсгæ.

Уызыны фын

Уызын дын1 афынæй бæласы бын, Æмæ куы фенид ахæм фыд фын: Цыма йыл ныууарыд мит, Цыма кодта уад æхситт!.. Цыма дон бынтон ныйих, Бирæгъ æм цыма ныджджих, Уазал мæй йæм цыма каст… Гъе стæй фехъал ис æваст! Ауыдта: цъæх уалдзæг зылд… Дардмæ ног дарæсы зынд! Къæхтыл алæууыд æваст Æмæ цингæнгæ фæраст Комы нарæгмæ…

Баситы Мысост

Частица «дын» употребляется в разговорной речи для привлечения внимания собеседника к теме разговора. Во фразе с частицей «дын» глагол, чаще всего в форме желательного наклонения, имеет при себе и частицу «куы»: Æмæ дын уызын ахæм фын куы фенид. – И вот увидел ежик такой сон. 1

122


3. Кæцы хъуыдыйæдты æвдыст цæуы уызыны «фыд фын»? Бакæсут сæ. 4. Дзуапп раттут фæрстытæн.

1) Цы ми бакодта уызын? 2) Цавæр фын федта уызын? 3) Кæуыл ныууарыдис мит? 4) Цы ми кодта уад? 5) Куыд ныйих ис дон? 6) Цы ми кодта бирæгъ? 7) Цавæр мæй кастис уызынмæ? 8) Уызын куы фехъал ис, уæд цы ауыдта? 9) Кæдæм фæраст ис уызын? 5. Æмдзæвгæйæ рафыссут дзырдбæстытæ æртыккаг цæсгомы мивдисджытимæ. Ныффыссут мивдисджытæ цæсгомон кæрæттимæ.

Х у ы з æ г: афынæй бæласы бын – афынæй ис бæласы бын. 6. Объясните правописание слов: ныууарыдис, ныджджих ис, ныззарыдис, ныккастис. 7. Æмдзæвгæйæ рафыссут мивдисджытæ разæфтуантимæ: 1) ны-; 2) а-; 3) фæ-. Сбæрæг кæнут ацы разæфтуанты нысаниуджытæ.

1) Эта приставка во многих глаголах обозначает действие, процесс, происходящий быстро, поверхностно. 2) Эта приставка придает глаголам значение основательности, полноты действия. 3) Эта приставка в некоторых глаголах придает действию значение внезапности, быстроты; в других – значение длительного, многократного действия. 8. Ныффыссут мивдисджытæ разæфтуантимæ: а-, ны-, фæ-. Æрхъуыды кæнут семæ хъуыдыйæдтæ. Куыд ивынц мивдисджыты нысаниуджытæ?

Х у ы з æ г: Нана Æхсары хызыны фæткъуы нывæрдта. Нана Æхсарæн арæх авæры фæткъуытæ. Нана фæткъуытæ Æхсары хызыны февæры. Æвæрын, фыссын, лæууын, æхгæнын, улæфын, цæуын, кæсын. 123


73-аг ахуыр 1. Бакæсут текст. Цавæр æндæр дзырдтæ «мысын»1, «арв», «худын», «дуне»?

арæзт æрцыдысты

дзырдтæй

Уалдзæг Нæ, уый æрымысгæ нæу. Нæу уæларвон, фæлæ куы фæзына, уæд кæудзынæ фыр цинæй, тайдзынæ йæ хъармæй… Знон та къуылдымтыл2 æрхызтис нæ хъæумæ. Цъæх кæрдæг – йæ къаба, рухс дидинæг – йæ бахудт, йæ ныхас – æхсæрдзæн, булæмæргъ, булæмæргъ… Дундуне базмæлыдис йæ фарнæй3. Райхъал ис дун-дуне йæ зæлдаг4 дзыккутæй, йæ цъæх цæсты хаутæй анæрыдис5 дун-дуне. О, уый æрымысгæ нæу. Нæу уæларвон. Хуымæтæг чызг у. Зарджыты кæй зарынц, таурæгъты кæй дзурынц, уыцы чызг. Зымæг æмæ сæрдæй чи райгуырдис, уыцы хъæлдзæг чызг. Йæ ном – Уалдзæг.

Æгъуызарты Таймураз 2. Текстæй рафыссут мивдисджытæ: 1) нырыккон афоны; 2) ивгъуыд афоны; 3) суинаг афоны. Куыд арæзт сты ацы мивдисджытæ? 3. Ссарут æмæ бакæсут уалдзæджы портрет æвдисæг хъуыдыйæдтæ. Цæимæ бары фыссæг уалдзæджы дарæс, йæ бахудт, йæ ныхас? 4. Фæбæрæг кæнут раст тæлмац.

Райхъал ис дун-дуне йæ зæлдаг дзыккутæй, йæ цъæх цæсты хаутæй анæрыдис дун-дуне.

1) Разбудили весь мир ее шелковые волосы, заставили прогреметь весь мир ее зеленые ресницы. 2) Проснулся весь мир от ее шелковых волос, от ее зеленых ресниц прогремел весь мир. 3) Из-за ее шелковых волос прогремел весь мир, из-за ее зеленых ресниц прогремел весь мир.

мысын – вспоминать къуылдымтыл – по холмам 3 фарн – благодать 4 зæлдаг – шелк; шелковый 5 анæрыдис – прогремел 1 2

124


5. Текстæй рафыссут вазыгджын хъуыдыйæдтæ. Цавæр вазыгджын хъуыдыйæдтæ сты? Домгæвазыгджын хъуыдыйæдты фæбæрæг кæнут сæйраг æмæ уæлæмхæст хæйттæ. Æмбарынгæнинаг дзырдтæй (от соотносительных слов) уæлæмхæст хæйттæм фæрстытæ раттут. Бахахх кæнут бæттæгты бын. 6. Цавæр у уалдзæг? Текстæй рафыссут уалдзæджы фæлгонц æвдисæг миногонтæ. 7.Сахуыр кæнут текст «Уалдзæг» æмæ йæ радзурут.

74-æм ахуыр 1. Подберите рифмы и прочитайте стихотворение.

Сауцъиу Нæ сауцъиу, нæ уарзон, Æгас нæм æрцу! Æрбатæх, дæ ... Хæдзарау ... Æскодтам* хæларæй Мах ахстон дæуæн, Æмæ дзы ... Дæ зарджытæ ...

Баситы Мысост

Дзырдтæ рифмæтæн: хæдзар, ахстон, зæллангæй, хъæлдзæгæй, рæвдз у, цæттæ у, кæн, бад. 2. Æмдзæвгæмæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ баххæст кæнут æмæ сæ ныффыссут.

Мах бирæ ... сауцъиуы. Сарæзтам ын ... . Уый ныр ... у. Сауцъиу æртахтис æмæ йæ ... зарджытæ ... . 3. Найдите в стихотворении слова, отвечающие на вопрос «как?» Выпишите их в словосочетаниях. С какой частью речи связаны эти слова? 4. Воспроизведите диалог, восстанавливая пропущенные фрагменты реплик.

Адæймаг: Дысон-бонмæ тæдзынджытæ тæдзынц. Кæуы Зымæг, йæ цæссыгтæ калы. Цы кæныс, Зымæг? Цавæр маст ис дæ зæрдæйы? 125


Зымæг: Стыр маст, стыр хъыг. Уалдзæг мæ хъыгдары. Уалдзæг: Ха-ха-ха! Райс дæ зæронд кæрц æмæ ... ардыгæй! Зымæг: Кæсыс? Уалдзæг мæ ардыгæй ... Цæмæн? Цы йын кодтон? Уалдзæг: Цы кодтай? Ды ... ныйих кодтай, зæхх ... бамбæрзтай. Дæуæй бамбæхстысты мæ хæлæрттæ: ... æмæ зайæгойтæ. Дæуæй тæрсы мæ чысыл хæлар – малусæг! Зымæг: Æмæ æвзæрæй цы бакодтон? Æз сæ мæ ... митæй бамбæрзтон, цæмæй ма ныссæлой1, уый тыххæй. Ды та мæм ... кæныс! Уалдзæг: Ацу, Зымæг! Дæуæн ... зæрдæ ис. Дæ хуыздæр лæвæрттæ – мит, дымгæ, их! Мах нал хъæуынц дæ лæвæрттæ. Ацу! Зымæг: Æмæ ды та цавæр лæвæрттæ æрхастай? Уалдзæг: Мæнмæ ... лæвæрттæ ис: дун-дунейæн – хур æмæ рухс, быдыртæн – кæрдæг æмæ дидинджытæ, бæлæстæн – цъæх сыфтæр, сауцъиуæн – ахстон. Дæуæн та, Зымæг, – фæндараст! Дзырдтæ спайда кæнынæн: ацу, æндæр, суры, митæй, дон, сырдтæ, мæсты, фæлмæн, уазал. 5. Бакæсут диалог рольтæм гæсгæ. 6. Преобразуйте диалог, употребив другие формы реагирования весны. Используйте фразы:

Дæ хорзæхæй, ... Мæн нæ фæнды ... (нæ мæ фæнды) Бахатыр кæн, фæлæ ... Мæнмæ гæсгæ, ... Нæ, раст мæ нæ бамбæрстай ... 7. Диалогмæ гæсгæ саразут Уалдзæджы монолог æмæ йæ радзурут. Райдайæн ис афтæ:

Æз дæн цъæх Уалдзæг. Ралæууыдис мæ рад, æртахтæн уæм дард, хъарм бæстæй. Æрæййæфтон ам Зымæджы æмæ йæм мæсты кæнын. Зымæг ныйих кодта цæугæдæттæ, уазал митæй бамбæрзта зæхх… 1

цæмæй ма ныссæлой – чтобы не замерзли

126


75-æм ахуыр Контролон ахуыр

ХÆСТОН РАЗАМОНДЖЫТÆ

76-æм ахуыр

Ф.А. Рубо. Бородинойы тох

1. Байхъусут æмæ бакæсут. Бамбарын кæнут бæрæггонд мыртæ æмæ мырты къордты растдзурынад. Зæгъут, цавæр ныхасы хæйттæм хауынц ацы дзырдтæ.

уарзын – уарзта цыргъзонд – зондджын æвиппайды – ныббар мын салам – суазал дæн мæсты кæнын – мæстджын уæддæр – дарддæр 2. Байхъусут. Сæвæрут цавды нысæнттæ æмæ бакæсут.

Тынг уарзта; цыргъзонд салдат; уыцы салдат; цалдæр боны фæстæ; нæ йæ базыдтай; цы гæнæн ма уыдис? цæмæй хицæн кæны? 127


3. Бакæсут æмæ ратæлмац кæнут дзырдбæстытæ.

а) цыргъ – острый, зонд – ум; цыргъзонд адæймаг – ? æ) мæсты кæнын – злиться, сердиться; мæстджын адæймаг – ? б) уазал – холод; мæнæн уазал у – ?, тынг суазал дæн – ? в) нымайын – считать; тагъд-тагъд анымайдзынæн – ? г) фыд – отец; рагон фыдæлтæ – ? 4. Мивдисджытæм суффикстæ бафтаут æмæ сæ ныффыссут ивгъуыд афоны 3-аг цæсгомы иууон нымæцы.

Х у ы з æ г: а- + фæрсын = афарста. а-: æмбæлын, нымайын, цæуын, сайын, кусын, бадын; фæ- : хъæр кæнын, лæууын, кæсын, уæлахиз уæвын, хъуыды кæнын, æнхъæлмæ кæсын; ба- : зонын, цæуын, худын, фæрсын, кæсын; с- : кæнын, кæсын, уазал уæвын, стын, æххæст кæнын. 5. Саразут дзырдбæстытæ æмæ сæ ныффыссут.

Х у ы з æ г: Дис кæны (кæуыл? цæуыл?) цыргъзонд дзуаппыл, цыргъзонд дзуæппытыл, салдатыл, мæныл, ууыл, сымахыл. Æвиппайды афарста (кæй? – салдат, æз, ды, уыдон, скъоладзау, афицер). Ногæй та амбæлдис (кæуыл? – уыцы салдат, афицер, йæ зонгæ, æз, уый, мах). Ацыдис (куыдæй? – æнкъард, хъæлдзæг, мæстджын, худгæ, кæугæ). Кæсы (кæмæ? цæмæ? – салдат, арв, æз, уынг, бæлæстæ, уыдон). Фæнды (кæй? – æз, ды, командир, салдат, ахуыргæнæг, лæппу). 6. Рафыссут, цыбыр номивджытæ хъæугæ формæйы æвæргæйæ.

1) Цалдæр боны фæстæ та Суворов амбæлдис уыцы салдатыл æмæ (уый) æвиппайды афарста. 2) Ацыдис Суворов мæстджынæй, хъуыды кæны: «Фæлæуу! Æз (дæуыл) уæддæр фæуæлахиз уыдзынæн!» 3) (Мæн) командиры фæнды мæн сержант скæнын, фæлæ (уый) бон нæу. 4) Кæс-ма, куыд (мæн) асайдта уыцы салдат!

128


77-æм ахуыр 1. Ссарут вазыгджын хъуыдыйæдты хæйттæ. Ныффыссут хъуыдыйæдтæ.

1) Суворов æнхъæлмæ кæсы, 2) Кæд ахæм хин дæ, 3) Дæу куы бафæнда, 4) Зæгъ-ма мын,

а) уæд мæ фарстæн дзуапп ратт. æ) уæд мæ сержант скæндзынæ. б) салдат та æнцад лæууы æмæ стъалытæ нымайы. в) цæмæй хицæн кæны фельдмар- шал дæ ротæйы командирæй?

2. Бахъуыды кæнут фразæтæ.

Уый дын æцæг салдат! – Вот это настоящий солдат! Уый дын цыргъзонд дзуапп! – Вот это остроумный ответ! Уымæн уæвæн нæй! – Этого не может быть! Гæнæн нæй! – Делать нечего! Цы гæнæн ма мын уыдис? – Что мне оставалось делать? Частица ма имеет несколько значений: 1) в качестве отрицательной частицы ма располагается непосредственно перед глаголом в повелительном наклонении: ма ацу – не уходи; ма худ – не смейся; 2) выражает побуждение к действию и смягчает повеление, просьбу, находясь после глагола в повелительном наклонении (или после первого слова в глагольной группе): зæгъ-ма – скажи-ка; цу-ма – иди-ка; базон-ма – узнай-ка; ардæм-ма рацу – иди-ка сюда; 3) выражает повторяемость действия, а также продолжение действия, процесса: Цы ма кусыс? – Что ты еще делаешь? Фысгæ ма кæнын. – Я еще пишу. 3. Зæгъут иронау.

1) Что мне остается делать? – Цы гæнæн ма мын ис? Что тебе остается делать? Что ему остается делать? Что нам остается делать? Что вам остается делать? Что им остается делать?

129


2) Что мне оставалось делать? – Цы гæнæн ма мын уыдис? Что тебе оставалось делать? Что ему оставалось делать? Что нам оставалось делать? Что вам оставалось делать? Что им оставалось делать? 4. Определите значение частицы «ма» в следующих предложениях.

1) О цæргæс! Ма мæм кæс! О тæрхъус! Ма мæм хъус! (Х.Къ.) 2) Рауай-ма, рауай, нæ фыййау, нæ фæстæ! Иумæ нæ рамбырд кæн, арфæйы дзырд1! (Х.Къ.) 3) Тагъддæр рацу. Мах ма дæумæ æнхъæлмæ кæсæм! 4) Æз дæр ма дын аххуыс кæндзынæн. 5) Æвдæм уатмæ ма бацу, – загъта зæронд ус. 6) Уатмæ-ма бацу, – загъта зæронд ус. 5. а) Бакæсут текст. Æрхъуыды йын кæнут сæргонд.

А. В. Суворов тынг уарзта цыргъзонд æмæ хъæбатыр салдæтты. Иу хатт æвиппайды афарста салдаты: – Зæххæй Мæймæ цас ис? – Суворовы дыууæ цыды2! – фæхъæр кодта салдат. Уый дын дзуапп! Уый дын салдат! Цалдæр боны фæстæ та фельдмаршал амбæлдис уыцы салдатыл æмæ йæ бафарста: – Цал стъалыйы ис арвыл? А. В. Суворов – Ныртæккæ сæ анымайдзынæн, – дзуапп Н.И.Уткины ныв радта салдат æмæ арвмæ скастис. Æнхъæлмæ кæсы Суворов, суазал ис, салдат та æнцад лæууы æмæ арвмæ кæсы. Ацыдис Суворов мæстджынæй, хъуыды кæны: «Фæлæуу! Æз дыл уæддæр фæуæлахиз уыдзынæн!» Æртыккаг хатт та амбæлдис уыцы салдатыл. – Зæгъ-ма, мæ фыды мады ном цы хуындис? – Виктория3, дæ бæрзонддзинад4! – Нæ, нæ йæ базыдтай! Виктория нæ хуындис! – Виктория хуындис æнæмæнг, – загъта салдат. – Уымæн уæвæн арфæйы дзырд – благословенное слово дыууæ цыды – здесь: два перехода Виктория – лат. уæлахиз 4 дæ бæрзонддзинад – здесь: ваше превосходительство 1 2 3

130


нæй, æмæ нæ фельдмаршалы фыдæлтæм Виктория ма уыдаид. Дис кæны Суворов салдаты цыргъзонд дзуæппытыл. – Кæд ахæм хин дæ, уæд-ма мын зæгъ, цæмæй хицæн кæны фельдмаршал дæ ротæйы командирæй? – Мæ командиры фæнды мæн сержант скæнын, фæлæ йæ бон нæу. Дæу та куы бафæнда, мæ фельдмаршал, уæд… Цы гæнæн ма уыдис Суворовæн? Сæххæст кодта салдаты фæндон æмæ загъта: – Уæ Хуыцау! Куыд мæ асайдта?! Уый дын салдат! Æцæг салдат! Уæрæсейаг! æ) Дзуапп раттут фæрстытæн.

(С. П. Алексеевмæ гæсгæ)

Цавæр салдæтты уарзта Суворов? Цал фарсты радта Суворов салдатмæ? Цавæр дзуапп радта салдат Суворовы æртыккаг фарстæн? Салдаты цавæр фæндон сæххæст кодта Суворов? Цы хъуыды кодта Суворов салдаты тыххæй? Ссарут æмæ бакæсут уыцы хъуыдыйæдтæ. 6. Текстмæ гæсгæ радзурут Суворов æмæ салдаты фембæлды тыххæй.

78-æм ахуыр 1. Куыд æмбарут хъуыдыйад: «Уымæн уæвæн нæй, æмæ нæ фельдмаршалы фыдæлтæм Виктория ма уыдаид»? Цæмæн загъта салдат афтæ? Цы зонут Суворовы тыххæй? 2. Рафыссут 77-æм ахуыры 5-æм фæлтæрæны текстæй мивдисджытæ разæфтуантимæ. Фæбæрæг кæнут разæфтуантæ. Ныффыссут мивдисджытæ суинаг афоны.

Х у ы з æ г: афарста – афæрсдзæнис. 3. Рафыссут 77-æм ахуыры 5-æм фæлтæрæны текстæй хъуыдыйæдтæ хайыг «ма»-имæ. Ратæлмац сæ кæнут уырыссаг æвзагмæ. Сбæрæг кæнут хайыг «ма»-йы нысаниуджытæ. 4. Саразут диалог 77-æм ахуыры 5-æм фæлтæрæны текстмæ гæсгæ æмæ йæ ныффыссут. Спайда кæнут репликæтæй:

1) Салдат, рауай-ма ардæм! 2) Уый дын дзуапп! Уый дын æцæг салдат! 131


3) Ноджыдæр ма иу фарст. 4) Цæй, хорз. Ацы хатт мæ амбылдтай. 5) Цы гæнæн ма мын ис? Дæ фæндон дын сæххæст кæндзынæн. 6) Стыр бузныг, дæ бæрзонддзинад! 5. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ текстмæ гæсгæ æмæ сæ ныффыссут.

1) Зæххæй Мæймæ ... 2) Мæ фыды мады ... 3) Арвыл цал ... 4) Цæмæй хицæн кæны ... 5) Мæ командиры фæнды .. 6) Дæу куы бафæнда, ... 7) Фæлæуу! Æз дыл ...

79-æм ахуыр 1. Хъуыдыйæдтæ равæрут афтæ.

кæрæдзийы фæдыл, тексты куыд æмбæлынц,

1) Дис кæны Суворов салдаты цыргъзонд дзуæппытыл. 2) Æнхъæлмæ кæсы Суворов, суазал ис, салдат та æнцад лæууы æмæ арвмæ кæсы. 3) Æртыккаг хатт та амбæлдис уыцы салдатыл. 4) – Уæ Хуыцау! Куыд мæ асайдта?! 5) – Виктория хуындис æнæмæнг, – загъта салдат. 6) – Цал стъалыйы ис арвыл? 7) – Суворовы дыууæ цыды! – фæхъæр кодта салдат. 2. Зæгъут иронау.

Если ты такой хитрый, то скажи-ка мне. Скажи-ка мне, чем отличается фельдмаршал от твоего ротного командира? Мой командир хочет сделать меня сержантом. Мой командир не может сделать меня сержантом. Если вы захотите, то сделаете меня сержантом. 3. Ныффыссут тексты пълан фæрстыты хуызы (в виде вопросов). 4. Радзурут текст пъланмæ гæсгæ.

132


5. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Ссарут æмæ фæбæрæг кæнут номивджытæ. Ратæлмац кæнут хъуыдыйæдтæ уырыссаг æвзагмæ.

Фельдмаршал æрбахæссын кодта уазал дон æмæ йæ йæхиуыл калы. Кæсы йæм Прошкæ æмæ дис кæны. – Цæй, цæмæ лæууыс? – фæхъæр кодта Суворов. – Æркал дæхиуыл дон! Цы гæнæн ма уыдис Прошкæйæн? Калы йæхиуыл дон, зыр-зыр кæны уазалæй. 6. Вспомните склонение определенно-личных местоимений и дополните таблицу.

7. Хиуыл дон калын – лить на себя воду, обливаться водой.

1) Æз мæхиуыл дон калын. Ды ... Уый ... Мах ... Сымах ... Уыдон ... 2) Ды дæхиуыл дон æркал! Уый ... Сымах ... Уыдон ... 133


80-æм ахуыр 1. а) Бакæсут. Базонут бæрæггонд дзырдты нысаниуджытæ констекстмæ гæсгæ.

Салдат Прошкæ Суворовы денщик куы ссис, уæд цин кодта: «Ныр хорз цæрдзынæн! Нал мæ хъæудзæнис раджы стын, хæстон хъуыддæгтæ ахуыр кæнын. Уый дын цард!» Райсомæй цыппар сахатыл чидæр рахæцыдис салдаты къахыл. Байгом кодта Прошкæ йæ цæстытæ, кæсы – Суворов лæууы йæ разы. – Фæгæпп кæн, лæппу, – загъта Суворов. – Уырыссаг бæгъатыр бирæ нæ фæфынæй кæны. Фельдмаршал æрбахæссын кодта уазал дон æмæ йæ йæхиуыл калы. Кæсы йæм Прошкæ æмæ дис кæны. – Цæй, цы лæууыс? – фæхъæр кодта Суворов. – Æркал дæхиуыл дон! Цы гæнæн ма уыдис Прошкæйæн? Калы йæхиуыл дон, зыр-зыр кæны уазалæй. Ацыдысты фельдмаршал æмæ салдат быдырмæ. Суворов размæ азгъордта: – Баййаф мæ! Згъоры Прошкæ фельдмаршалы фæдыл. Бафæлладис, тыххæй ма улæфы. Суворов цыма йæ бынатæй дæр нæ фезмæлыдис, уыйау лæууы æмæ худы. Æмæ райдыдтой Прошкæйы хъизæмæрттæ. Уæд Суворов ацæуы æфсад бæрæг кæнынмæ, æмæ Прошкæ бон-изæрмæ саргъæй нæ рахизы. Уæд та æхсæвыгон хъахъхъæнджытæм араст вæййы фельдмаршал, æмæ та Прошкæйæн – æгъуыссæг æхсæв. Уæд та Суворов сфæнд кодта Прошкæимæ иумæ туркаг æвзаг ахуыр кæнын. – Цæмæн мæ хъæуы туркаг æвзаг?! – кæуæгау дзуры Прошкæ. – Куыд цæмæн? – смæсты ис Суворов. – Туркæгтæ сæхи хæстмæ цæттæ кæнынц! Цы гæнæн ис Прошкæйæн? Бады, ахуыр кæны туркаг æвзаг, йæ хид кæлы…

(С. П. Алексеевмæ гæсгæ)

æ) Сбæрæг кæнут тексты темæ. б) Æрхъуыды кæнут текстæн сæргонд. в) Ссарут тексты æмæ бакæсут хъуыдыйæдтæ ахæм мидисимæ. 134


В четыре часа утра кто-то потянул солдата за ногу. Фельдмаршал заставил принести холодную воду и стал обливаться. Обливается водой, дрожит от холода. Устал, еле дышит. И начались Прошкины мучения. И Прошка с утра до вечера не слезает с седла. И опять для Прошки – бессонная ночь. 2. Текстмæ гæсгæ ратæлмац кæнут дзырдтæ ирон æвзагмæ.

Вставать, вскакивать (быстро вставать), заставить принести, дрожать, едва (еле), сдвинуться (с места), мучение, седло, бессонный, решить (задумать). 3. Дзуапп раттут фæрстытæн.

1)Чи уыдис Прошкæ æмæ цæуыл цин кодта? 2) Чи райхъал кодта Прошкæйы æмæ цæмæн? 3) Цы ми кодта райсомæй Суворов? 4) Цавæр «хъизæмæрттæ» федта йæ ног куысты Прошкæ? 5) Цæмæн ахуыр кодта Прошкæ туркаг æвзаг? 6) Ацы текстмæ гæсгæ цы зæгъæн ис Прошкæйы тыххæй? Суворовы тыххæй та? 4. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут.

Райсомæй раджы чидæр ... Прошкæ йæ цæстытæ ... Уырыссаг бæгъатыр бирæ ... Суворов æрбахæссын кодта ... Уæд Суворов ацæуы ... Уæд та сфæнд кодта ...

81-аг ахуыр 1. Найдите в тексте (1-ое упражнение, 80 урок) отрицательные предложения. Преобразуйте их в утвердительные.

Х у ы з æ г: Нал мæ хъæудзæнис раджы стын. – Раджы стын мæ хъæудзæнис. 2. Дзуапп раттут фæрстытæн. 135


Х у ы з æ г: Прошкæ цин кодта, Суворовы денщик кæй ссис, ууыл. Цæуыл цин кодта Прошкæ? (кæй –ууыл) Цæмæй бафæлладис Прошкæ? (кæй – уымæй) Куыд лæууыдис æмæ худтис Суворов? (цыма – уыйау) Цæмæн арвиты Прошкæ æгъуыссæг æхсæвтæ? (уымæн æмæ) Цæмæн хъуыдис Прошкæйы туркаг æвзаг ахуыр кæнын? (уымæн æмæ)

3. Ссарут тексты Прошкæйы «хъизæмæрттæ» æвдисæг хъуыдыйæдтæ æмæ сæ бакæсут. 4. Саразут хъуыдыйæдтæ.

1) Салдат тынг цин кодта, ... уæд. 2) Прошкæ тынг дис кодта, ..., ууыл. 3) Суворов цыма згъоргæ дæр нæ кодта, 4) Суворов æфсад бæрæг кæнынмæ куы ацæуы, 5) Туркаг æвзаг ахуыр кæнын хъæуы, 6) Прошкæ йæ цæстытæ байгом кодта, кæсы, а) уымæн æмæ туркæгтæ сæхи хæстмæ цæттæ кæнынц. æ) фельдмаршалы денщик куы ссис, б) уæд Прошкæ æнæхъæн бон саргъы арвиты. в) Суворов йæхиуыл уазал дон кæй калдта, г) æмæ йæ разы лæууы фельдмаршал. гъ) уыйау æнцад лæууы æмæ худы. 5. Лæвæрд дзуæппытæн æрхъуыды кæнут æмæ ныффыссут фæрстытæ.

1) Уымæн æмæ йæ раджы стын нæ фæндыдис. 2) Райсомæй цыппар сахатыл. 3) Уымæн æмæ уырыссаг бæгъатыр бирæ нæ фæфынæй кæны. 4) Уымæн æмæ йын уазал уыдис. 5) Суворов хъахъхъæнджытæм куы ацæуы, уæд. 6) Прошкæимæ иумæ. 7) Уымæн æмæ йæ нæ фæндыдис туркаг æвзаг ахуыр кæнын. 6. Как меняется настроение Прошки на протяжении рассказа? Найдите и выпишите глаголы, выражающие смену настроения героя. 7. Тексты мидис радзурут Прошкæйы номæй. Райдайæн ис афтæ:

136


Мæ ном хуыйны Прошкæ. Раздæр æз уыдтæн хуымæтæг салдат, ныр та фельдмаршал Суворовы денщик! Ууыл æз тынг цин кодтон! Афтæ мæм кастис, цыма ныр мæ цард тынг рог æмæ хорз уыдзæнис! Фæлæ фæрæдыдтæн…

82-аг ахуыр 1. Цы зонут Фыдыбæстæйы хæсты тыххæй? Фæбæрæг кæнут раст дзуæппытæ.

1. Фыдыбæстæйы хæст райдыдта: а) 1939 азы; æ) 1812 азы; б) 1941 азы. 2. Уæд Уæрæсемæ æрбабырстой: а) немыцаг фашисттæ; æ) францæгтæ; б) туркæгтæ. 3. Уырыссаг æфсады хæстон разамонæг уыдис: а) Суворов; æ) Кутузов; б) Багратион. 4. Кутузов фельдмаршал ссис: а) Бородинойы хæсты фæстæ; æ) Мæскуыйы хæсты фæстæ; б) фидар Измаил райсыны фæстæ. 5. Наполеоны æфсæдтæ Мæскуыйы: а) уыдысты; æ) нæ уыдысты; б) баззадысты. 2. Ратæлмац кæнут уырыссаг æвзагмæ.

Балц – путешествие, поход; хæстон балц – ? Цæф – рана; æртæ хатты фæцæф ис – ? Нæ мæ ’вдæлы – мне некогда; фæллад уадзынмæ йæ не ’вдæлы – ? Фæстæмæ цæуын – идти назад, отступать; æфсад фæстæмæ цæуы – ? Ауæрдын – беречь, ауæрдын хъæуы – надо беречь; нæ тыхтыл ауæрдын хъæуы – ? 137


Хонын – звать, вести; ахон нæ хæстмæ – ? Уромын – останавливать; знаджы бауромын хъæуы – ? Бардзырд – приказ, распоряжение; инæлары бардзырд – ? 3. Бакæсут дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ. Сбæрæг кæнут, цы тексты æмбæлынц, уый темæ.

Мин астсæдæ дыууадæсæм аз; хæстон балцытæ; фидар Измаил; хæстон разамонæг; францæгты дæрæн кæнын; лæмæгъ æфсад; иунæг цæст; хæстон хиндзинад. 4. Байхъусут текстмæ. Чи у йæ сæйраг архайæг? Цал азы йыл цæуы? 5. Байхъусут текстмæ. Равæрут хъуыдыйæдтæ кæрæдзийы фæдыл, тексты куыд æмбæлынц, афтæ.

1) Æрбахæццæ ис Кутузов æфсадмæ. 2) Мæсты кæнынц салдæттæ. 3) Æртæ хатты фæцæф ис Кутузов, нал ын ис рахиз цæст. 4) Цæуы зæронд хæстон, хъуыды кæны. 5) Кутузов сæм йæ иунæг цæстæй кæсы. 6) Нымæц дæр нæй йæ хæстон балцытæн. 6. Бацæттæ кæнут цыбыр радзырд номдзыд уырыссаг фельдмаршал М.И.Кутузовы тыххæй.

Фельдмаршал М. И. Кутузов М. Волковы ныв

83-аг ахуыр 1. Дзуапп раттут фæрстытæн.

Цал азы цыдис Кутузовыл мин астсæдæ дыууадæсæм азы? Цавæр хæст райдыдта мин астсæдæ дыууадæсæм азы? Кæимæ хæцыдис уырыссаг æфсад? Чи уыдис уырыссаг æфсады хæстон разамонæг? Кутузов хъуыды кодта: «Ауæрдын хъæуы нæ тыхтыл». Цæмæн? Цæуыл цин кодтой салдæттæ? Цы фæндыдис салдæтты? Цы загътой салдæттæ, Кутузовы фыццаг бардзырд фехъусгæйæ? 138


2. Сраст кæнут тексты пълан.

1) 2) 3) 4) 5) 6) 7)

Зæронд хæстоны балцытæ. Кутузовы фембæлд салдæттимæ. Фыццаг бардзырд. Кутузов – æфсады ног разамонæг. Кутузовы сагъæстæ (раздумья). «Хæстон хиндзинад». Салдæтты маст.

3. Пъланмæ гæсгæ цыбыртæй (коротко) радзурут тексты мидис. 4. Ссарут раст тæлмац.

Уырыссаг салдат афтæ ахуыр нæу.

Ауæрдын хъæуы нæ тыхтыл.

Российский солдат не привык к этому.

Можно сберечь свои силы.

Русский солдат не привык к этому.

Беречь надо наши силы.

Русский солдат приучен к этому.

Мы должны беречь наши силы.

Уый дæр æмбарын хъæуы.

Это тоже можно понять.

Это тоже надо понимать.

Его можно понять.

5. Рафыссут, хъæугæ дзырдтæ æвæргæйæ.

Хæстон, лæмæгъ, фæстæмæ, афтæ, уæззау, хъæуы, бафæлладысты, æнхъæлмæ, ног, бауромын, знагимæ, æцæг.

ис,

Цæуы зæронд ..., хъуыды кæны: «...у нæ уавæр. Æфсад ... цæуы æмæ цæуы. Уырыссаг салдат ... ахуыр нæу. Уый цæргæс у! Фæлæ нырма ... у не ’фсад. Ауæрдын ... нæ тыхтыл. Фæлæ салдæттæ ... фæстæмæ цæуынæй, уый дæр æмбарын хъæуы». Æрбахæццæ ... Кутузов æфсадмæ. – Ура! – хъæр кæнынц салдæттæ. – Ахон нæ тохмæ. Цæмæ ... кæсæм? – Раст зæгъут, раст, – дзуры Кутузов. – Знаджы ... хъæуы. Цин кæнынц салдæттæ: мæнæ æрхæццæ ис ... хæстон инæлар. Уый нæ ахондзæнис ... тохмæ. Æнхъæлмæ кæсынц ... бардзырдмæ. (С. П. Алексеевмæ гæсгæ)

139


84-æм ахуыр 1. Ссарут дзырдтæн антонимтæ.

Зæронд, фæллад уадзын, уæззау, мæсты кæнын, лæмæгъ, фæрсын. 2. Бакæсут хъуыдыйæдтæ, дзырдтæ хъæугæ формæйы æвæргæйæ.

Нымæц дæр нæй зæронд хæстоны (цæмæн? – балцытæ). Базæронд ис инæлар, фæлæ йæ не ’вдæлы (цæмæ? – фæллад уадзын). Цин кæнынц салдæттæ: «Фæцæуы Кутузов (кæдæм? – францæгты дæрæн кæнын). Ауæрдын хъæуы (цæуыл? – нæ тыхтæ). Салдæттæ (кæй? – уый) фæрсынц. Кутузов (кæмæ? – уыдон) кæсы (цæмæй? – йæ иунæг цæст). 3. Хъуыдыйæдтæ кæрæдзийы фæстæ раст равæрут æмæ сæ бакæсут.

1) Фæлæ æфсад куы фесæфа, уæд фесæфдзысты Мæскуы дæр æмæ Уæрæсе дæр. 2) Сыстадис тулдз бандонæй фельдмаршал æмæ сабырæй загъта. 3) Мæскуы куы ныууадзæм, уæд Уæрæсе нæ фесæфдзæнис. Чи уыдис уыцы фельдмаршал? Кæм загъта ацы ныхæстæ? Цæмæн ныууагъта уырыссаг æфсад Мæскуы? 4. а) Абзацтæ кæрæдзи фæдыл раст равæрут æмæ бакæсут текст.

1) Уынаффæ хъуамæ рахæсса Кутузов – уый у хæстон разамонæг. Æрæджы ссис фельдмаршал, Бородинойы хæсты фæстæ. Нæ фæуæлахиз сты Бородинойы уырыссæгтæ. Фæлæ Наполеон дæр нæ фæуæлахиз ис: фыццаг хатт нæ фæуæлахиз ис! 2) Бады Кутузов, хъуыды кæны зæронд, урссæр фельдмаршал. Зоны, алырдыгæй Наполеонмæ æххуысмæ тагъд кæнынц ног æфсæдтæ. Знаг цæф у, фæлæ нырма тынг тыхджын у. 3) Æнцон у зæгъын – ныууадзæм Мæскуы. Фæлæ ацы дзырдтæ уырыссаг зæрдæ кардау лыг кæнынц. Хæстмæ цæттæ сты инæлартæ, тохмæ бырсынц салдæттæ. 140


А. Кившенко. Хæстон уынаффæ хъæу Филийы

4) Чысыл хъæу Фили Мæскуыйы фарсмæ. Хуымæтæг хæдзар. Хъæдын стъол, хъæдын бандæттæ. Ам æрæмбырд сты уырыссаг инæлартæ, уынаффæ кæнынц: цы ми кæнæм дарддæр? Мæскуы æнæ тохæй ныууадзæм æви схæцæм знагимæ? 5) Фæцæуы уырыссаг æфсад Мæскуыйæ. Æнкъард сты салдæттæ. Мæнæ Кутузов дæр. Салдæттæ йæ цыма нæ уынынц, афтæ дарынц сæхи. Фыццаг хатт ын нæ хъæр кæнынц «ура»… 6) Сыстадис тулдз бандонæй фельдмаршал æмæ сабырæй загъта: – Мæскуы куы ныууадзæм, уæд Уæрæсе нæ фесæфдзæнис. Фæлæ æфсад куы фесæфа, уæд фесæфдзысты Мæскуы дæр æмæ Уæрæсе дæр… æ) Алы абзацмæ дæр раттут фарст. Кæрæдзийы фæрстытæн дзуапп раттут. б) Рафыссут текстæй æнæзонгæ дзырдтæ; ратæлмац сæ кæнут дзырдуаты фæрцы. 5. Текстæн саразут пълан (таурæгъон хъуыдыйæдтæй). Пъланмæ гæсгæ радзурут тексты мидис.

85-æм ахуыр 1. Зæгъут, цæуыл уынаффæ кодтой уырыссаг инæлартæ? Цавæр фæндон сæм уыдис? Салдæтты та цы фæндыдис? Ссарут тексты дзуапп æмæ йæ бакæсут. 2. Фæбæрæг кæнут сæйраг хъуыды æвдисæг дзырдтæ кæнæ дзырдбæстытæ 84-æм ахуыры 4-æм фæлтæрæны тексты алы абзацы дæр. 141


3. Рафыссут текстæй миногонтæ. Миниуæгæвдисæг миногонтæ (качественные прилагательные) сæвæрут барæн æмæ уæлахизон бæрцы.

Х у ы з æ г: Зæронд – зæронддæр, æппæты зæронддæр. 4. Зæгъут иронау.

Везде в России знают имя великого военачальника Кутузова. Со всех сторон к французам спешили на помощь войска. Солдаты разбегались (бежали) в разные стороны. Со всех сторон слышатся крики «ура!». 5. Ссарут тексты æмæ бакæсут хъуыдыйæдтæ лæвæрд дзырдбæстытимæ.

Легко сказать; должен принять решение; впервые не одержал победу; со всех сторон спешат на помощь; впервые не кричат «ура». алы ран (дæр) – везде алырдæм – во все стороны, в разные стороны алырдыгæй – со всех сторон, с разных сторон 6. Текстмæ гæсгæ радзурут Кутузовы тыххæй.

Кутузов æрæджы ссис фельдмаршал. Кутузов æрæмбырд кодта инæларты. Кутузов хъуыды кæны. Кутузов уынаффæ рахаста.

86-æм ахуыр 1. Рафыссут 84-æм ахуыры 4-æм фæлтæрæны текстæй вазыгджын хъуыдыйæдтæ бæттæгтимæ. Фæбæрæг кæнут бæттæгтæ. Вазыгджын хъуыдыйæдты мидис зæгъут дыгай хуымæтæг хъуыдыйæдтæй.

Х у ы з æ г: Знаг цæф у, фæлæ нырма тынг тыхджын у. Знаг цæф у. Знаг нырма тынг тыхджын у. 2. Рафыссут 84-æм ахуыры 4-æм фæлтæрæны текстæй æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйæдтæ (бессоюзные сложные предложения). Фæбæрæг кæнут хъуыдыйæдты грамматикон бындуртæ (основы). Преобразуйте (где это возможно) бессоюзные сложные предложения в предложения с союзами. 142


Х у ы з æ г: Уынаффæ хъуамæ рахæсса Кутузов – уый у хæстон разамонæг. Уынаффæ хъуамæ рахæсса Кутузов, уымæн æмæ уый у хæстон разамонæг. 3. а) Куыд æмбарут хъуыдыйад: «Фæлæ ацы дзырдтæ уырыссаг зæрдæ кардау лыг кæнынц»? æ) Цавæр ирон æмæ уырыссаг фразеологизмтæ (кæнæ æнгом дзырдбæстытæ) ма зонут дзырд «зæрдæ»-имæ? Спайда кæнут дзырдуатæй. б) Зæгъут иронау.

1) Мне (тебе, ему, нам, вам, им) нравится этот фильм. 2) Мне (тебе, ему, нам, вам, им) не нравится этот фильм. 3) Мне (тебе, ему, нам, вам, им) больше не нравится этот фильм. 4) Мне (тебе, ему, нам, вам, им) понравился этот фильм. 5) Мне (тебе, ему, нам, вам, им) не понравился этот фильм. 6) Я (ты, он, мы, вы, они) вспомнил (вспомнили) этот фильм. 7) Я (ты, он, мы, вы, они) больше не вспомнил (вспомнили) этот фильм. 8) Я (ты, он, мы, вы, они) уже не помнил (не помнили) этот фильм. 4. Рафыссут текстæй дзырдбæстытæ «миногон + номдар». Сæвæрут цавды нысæнттæ, бакæсут дзырдбæстытæ. 5. Аифтындзæг кæнут (проспрягайте) мивдисджытæ «хъуыды кæнын», «цæуын» бадзырдон æмæ бæллиццаг здæхæнты.

Х у ы з æ г:

Бадзырдон здæхæн

. Æз дзурон Мах дзурæм 1 2. Ды дзурай Сымах дзурат 3. Уый дзура Уыдон дзурой

Бæллиццаг здæхæн

Нырыккон афон

Ивгъуыд афон

1. Æз дзурин Мах дзуриккам 1. Æз дзырдтаин Мах дзырдтаиккам 2. Ды дзурис Сымах дзуриккат 2. Ды дзырдтаис Сымах дзырдтаиккат 3. Уый дзурид Уыдон дзуриккой 3. Уый дзырдтаид Уыдон дзырдтаиккой

143


87-æм ахуыр Контролон ахуыр

ХЪÆБАТЫРТЫ КАДÆН

88-æм ахуыр 1. Байхъусут. Бакæсут. Бахъуыды кæнут тæлмацгонд дзырдтæ.

Кочысаты Мухарбег (1920 – 1944)

Мыййаг, хæсты быдыры искуы Куы фæуон мард... Æмæ куы аскъуына æмбисыл Мæ рæзгæ цард. Мыййаг, куы нал фæуон кæронмæ Мæ зарæг æз. Æмæ куы бамыр уа бынтондæр Мæ сонт хъæлæс... Мыййаг, куы фæсыкк уой мæ фæндтæ, Мæ рухс фæндаг... О, курын уæ, зынаргъ æмбæлттæ, Æз иу хъуыддаг.

Если на поле боя если оборвется на середине юная

если замрет если оборвутся прошу вас

Зæгъут-иу мын мæ зæронд мадæн, Куы фæуа хæст: Хæсты быдыры, зæгъ, фæмард дæн Цытимæ æз.

мол, погиб я со славой

Зæгъут-иу ноджыдæр Кавказæн Салам мæнæй. Æцæг хъæбулау дæ, зæгъ, уарзтон Зæрдæбынæй. 1942 аз

как истинный сын от всего сердца 144


2. Ссарут æмæ бакæсут æмдзæвгæйы рæнхъытæ ахæм мидисимæ:

1) Если оборвутся мои мечты, моя светлая дорога. 2) И если замрет мой юный голос. 3) Передайте моей старенькой маме, когда закончится война. 4) Еще передайте Кавказу привет от меня. 3. Ссарут фæрстытæн дзуæппытæ æмæ сæ бакæсут.

1) Кæм фæмард ис поэт? 2) Цы куры поэт йе 'мбæлттæй? 3) Куыд фæмард ис поэт? 4) Кæмæн æрвиты салам? 5) Цы зæгъы поэт Кавказæн? 6) Цавæр хæсты архайдта поэт? 7) Кæцы азты уыдис уыцы хæст? 8) Чи æрбабырста (напал) нæ бæстæмæ? 9) Чи фæуæлахиз ис уыцы хæсты? 10) Кæд бæрæг кæнæм Уæлахизы бон? 4. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ æмдзæвгæмæ гæсгæ æмæ сæ ныффыссут.

1) 2) 3) 4) 5) 6)

... хæсты быдыры искуы ... ... куы нал фæуон ... ... зынаргъ æмбæлттæ, ... ... куы фæуа хæст ... ... хъæбулау дæ, зæгъ, ... ... зæгъ, фæмард дæн ...

5. Æмдзæвгæмæ гæсгæ саразут æмæ ныффыссут дзырдбæстытæ.

Курын (кæмæй?) – Курын (цы?) – Зæгъут-иу (кæмæн?) – Зæгъут-иу (кæд?) – Фæмард дæн (кæм?) – Фæмард дæн (куыдæй?) – Зæгъут-иу (цы?) – Уарзтон (куыд?) – Уарзтон (кæйау?) – 6. Сахуыр кæнут æмдзæвгæ зæрдывæрдæй.

145


89-æм ахуыр 1. Подчеркните в стихотворении (1-ое упражнение, урок 88) слова, которые могут быть опущены без ущерба для смысла. Прочитайте предложения сначала полностью, а затем – опуская подчеркнутые слова. Сравните предложения и скажите, что изменилось. 2. Æмдзæвгæмæ гæсгæ саразут æмæ ныффыссут вазыгджын хъуыдыйæдтæ: «куы – уæд», «куы – уæд-иу». 3. а) Рафыссут æмдзæвгæйæ мивдисджытæ: а) æргомон здæхæны; æ) бадзырдон здæхæны; б) фæдзæхстон здæхæны. æ) Сбæрæг кæнут мивдисджыты цæсгом, нымæц, афон. б) Проспрягайте глаголы в изъявительном и условном наклонениях. 4. Аифтындзæг кæнут.

æргомон здæхæн бадзырдон зд.

бæллиццаг зд.

1. кусын, уарзын 2. 3. 1. 2. 3.

1. 2. 3. 1. 2. 3.

1. 2. 3. 1. 2. 3.

5. Рафыссут æмдзæвгæйæ дзырд+мивдисæг».

дзырдбæстытæ

фæдзæхстон зд. 2. 3. 2. 3.

«миногон+номдар»,

«фæрс-

6. Аифтындзæг кæнут мивдисæг.

æргомон здæхæн æргомон здæхæн бæллиццаг зд. нырыккон аф. ивгъуыд аф. нырыккон аф.

бæллиццаг зд. ивгъуыд аф.

1. курын 2. 3. 1. 2. 3.

1. куырдтаин 2. 3. 1. 2. 3.

1. куырдтон 2. 3. 1. 2. 3.

1. курин 2. 3. 1. 2. 3.

146


90-æм ахуыр 1. Бакæсут текст. Сбæрæг кæнут бæрæггонд дзырдты æмæ дзырдбæстыты нысаниуджытæ. Проверьте себя по словарю.

Цæгат Ирыстонæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ ацыдис сæдæ мин адæймаджы. Сæ фылдæр фæмард сты Райгуырæн бæстæйы сæраппонд. Тохы быдырæй нал раздæхтысты Гæздæнты авд æфсымæры, Хестанты æхсæз æфсымæры, Темыраты æхсæз æфсымæры. Дыууын бинонтæй ацыдысты хæстмæ фæндзгай æфсымæртæ, æмæ иууылдæр баззадысты хæсты быдыры. Фæндзай бинонтæй фылдæр райстой «сау гæххæттытæ» цыппæргай фыртты тыххæй… Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты алыхуызон ордентæ æмæ майдантæ лæвæрд æрцыдис æхсай мин ирыстойнæгтæн. Æвдай фондз адæймаджы систы Советон Цæдисы Хъæбатыртæ; иуæндæс – Кады ордены æххæст кавалертæ, фæндзай адæймаджы систы инæлартæ æмæ адмиралтæ. Цæгат Ирыстоны адæм нæ рох кæнынц сæ хъæбатыр æмзæххонты. 2005-æм азы, Уæлахизы 60 азы кадæн, Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдис Кады Мемориал. Ацы композицийы астæу ис стыр обау; обауы сæрыл – Ирыстоны бардуаг Уастырджийы скульптурæ, йæ бынмæ – Æнусон арт. Мемориалы сæйраг бацæуæны ис триумфалон аркæ, йæ дыууæ фарсы колоннæтыл – дыууæ уæлахиздзау салдаты нывтæ. Астæуккаг аллейæйы дыууæ ’рдыгæй цы дуртæ ис, уыдоныл фыст сты не ’мзæххонты – Советон Цæдисы Хъæбатыртæ æмæ Кады ордены кавалерты нæмттæ. Мемориалы галиуæрдыгæй – Мысæн къул, йæ бæрзæнд у æртæ метры, йæ дæргъ та – сæдæ æвдай метры. Къулыл æвдыст сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты сæйрагдæр тохты сценæтæ. 147


Сæйраг аллейæйы рахиз фарс цы скульптурон композици ис, уый æвдисы Ирыстоны историйы стыр цау – йæ баиу Уæрæсеимæ. Мемориалы ис, æппæт дунейы адæмты зæрдæтæ цы трагедийыл фæрыстысты, уый цыртдзæвæн дæр – Беслæны скъолайы трагедийы цыртдзæвæн. Мемориалы автортæ сты: Пагæты Хъазыбег – проекты сæргълæууæг, техникон зонынæдты доктор; Каракишиев Олег – архитектор; Кучиты Аслан – архитектор; Дзанæгаты Зауыр – нывгæнæг; Цæллагты Виктор – профессионалон нывгæнджыты иугонды сæргълæууæг. 2. Рафыссут текстæй ног дзырдтæ. Алы дзырдæн дæр сбæрæг кæнут: а) йæ райдайæн формæ, æ) цавæр ныхасы хай у. 3. Пронумеруйте новые слова так, чтобы расположить их по алфавиту. 4. Рафыссут текстæй ног дзырдбæстытæ, ратæлмац сæ кæнут уырыссаг æвзагмæ. 5. Адих кæнут текст хицæн хæйттыл. Саразут ын пълан. 6. Выберите аннотацию, отражающую содержание текста.

1) Тексты ныхас цæуы, Ирыстонæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ чи ацыдис, уыцы хъæбатырты тыххæй. Уыдонæй бирæтæ нал раздæхтысты сæ хæдзæрттæм, æнустæм баззадысты хæсты быдырты. 2) Тексты сæйраг мидис баст у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цыртдзæвæнтимæ. Нæ республикæйæ тынг бирæ адæм ацыдис æмæ фесæфтис уыцы тугкалæн хæсты. Нæ адæм нæ рох кæнынц сæ хъæбатырты, сæ кадæн аразынц ног æмæ ног цыртдзæвæнтæ. 3) Уæлахизы 60 азы кадæн Ирыстоны байгом ис нæ бæстæйы стырдæр мемориалтæй иу. Уый у Кады Мемориал. Тексты сæйраг хайы ныхас цæуы мемориалы композицийыл, йæ мидисыл.

148


91-аг ахуыр 1. Бакæсут 90-æм ахуыры 1-аг фæлтæрæны тексты сæйраг хай. Цал хайæ арæзт у Мемориалы композици? 2. Дзуапп раттут фæрстытæн.

1) Кæд арæзт æрцыдис Кады Мемориал? 2) Цавæр цауимæ баст у Мемориалы фæзынд1? 3) Цы ис йæ композицийы астæу? 4) Куыд арæзт у Мемориалы сæйраг бацæуæн? 5) Цы ис астæуккаг аллейæйы дыууæ фарс? 6) Цы æвдыст ис Мысæн къулыл? 7) Цавæр скульптурон композици ис аллейæйы рахиз фарс? 8) Сымах федтат ацы Мемориал æви нæ? 3. Тексты ссарут хъуыдыйæдтæ æххæстæй æмæ сæ бакæсут.

1) Фыдыбæстæйы Стыр хæсты алыхуызон ордентæ ... 2) Фæндзай бинонтæй фылдæр ... 3) Тохы быдырæй нал раздæхтысты ... 4) 2005-æм азы ... 5) Мемориалы сæйраг бацæуæны ... 6) Къулыл æвдыст сты ... 7) Сæйраг аллейæйы рахиз фарс ... 4. Рафыссут текстæй дзырдбæстытæ ног дзырдтимæ.

Х у ы з æ г: Фæмард сты Райгуырæн бæстæйы сæраппонд; тохы быдырæй нал раздæхтысты. 5. Рафыссут текстæй хъуыдыйæдтæ нымæцонтимæ 100000; 50; 75; 60000; 2; 170. Сбæрæг кæнут нымæцонты хуыз æмæ арæзт. 6. Радзурут Кады Мемориалы тыххæй.

1

149

фæзынд – появление


92-аг ахуыр 1. Бавæрут хъæугæ мивдисджытæ æмæ рафыссут хъуыдыйæдтæ.

1) Ацы скульптурон композици (кой кæны, дзуры, æвдисы) Ирыстоны историйы стыр цау. 2) Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты алыхуызон хæрзиуджытæ (лæвæрдтой, лæвæрд æрцыдис, райстой) æхсай мин ирыстойнаг хæстонæн. 3) Фæндзай бинонтæй фылдæр (радтой, ист æрцыдис, райстой) «сау гæххæттытæ» цыппæргай фыртты тыххæй. 4) Мысæн къулы нывтæ (æвдыст сты, дзурынц, æвдисынц) Фыдыбæстæйы Стыр хæсты сæйраг цаутæ. 5) Дыууæ уæлахиздзау салдаты (æвæрд сты, лæууынц, æвдыст сты) сæйраг бацæуæны колоннæтыл. 2. Дзырдты къордты ссарут антонимтæ.

1) Хъæбатыр, бæрзонд, даргъ, стыр, æмзæххон, сау, сæйраг, рахиз. 2) Фæсарæйнаг, галиу, уæлæмхасæн1, урс, чысыл, тæппуд, цыбыр, ныллæг. 3. Саразут æмæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ.

1. Фыдыбæстæ, райдайын, хæст, стыр, аз, мин, цыппор, фарастсæдæ, иу. 2. Æвдай фондз, ирыстойнæгтæ, суæвын, Хъæбатыр, Советон Цæдис. 3. Уæлахиз, бæрæгбон, бæрæг кæнын, фараст, май. 4. Цæгат Ирыстон, адæм, рох кæнын, нæ, хъæбатыр, сæ, æмзæххонтæ. 5. Уæлахиз, æхсай, аз, кад, арæзт æрцæуын, стыр, Мемориал. 4. Сраст кæнут рæдыдтытæ.

Бæрзон уобау, уæлахизцау салдат, не мзæхонтæ, проекты сæрлæууæг, тоххы быдыр, Фыдыбæстæйы сæрапонд, фæсдæмæ раздæхдысты. 5. Ныффыссут миногонтæ номдартимæ.

Х у ы з æ г: Хæст – Фыдыбæстæйы Стыр хæст. 1

уæлæмхасæн – дополнительный

150


Бæстæ, гæххæттытæ, ордентæ, кавалертæ, æмзæххонтæ, обау, арт, аркæ, салдат, аллейæ, сценæтæ, композици. 6. Саразут къулы газет не ’мзæххонты – Советон Цæдисы Хъæбатырты тыххæй.

93-аг ахуыр 1. Сбæрæг кæнут дзырдты формæты нысаниуджытæ.

бырсын – нападать æрбабырстой – æрбабырсдзысты –

зилын – поворачивать разылдтой – разилдзысты –

ахсын – занимать бацахстой – бацахсдзысты –

æхсын – стрелять фехстой – фехсдзысты –

нымудзын – доносить банымыгъта – банымудздзæнис –

хъуызын – красться бахъуызыдысты – бахъуыздзысты –

халын – взрывать; портить фехæлдтой – фехалдзысты – 2. Аифтындзæг кæнут мивдисджытæ ивгъуыд æмæ суинаг афоны. Фæбæрæг кæнут мивдисджыты кæрæттæ.

Æрбабырсын, бацахсын, разилын, фехсын, банымудзын, бахъуызын, фехалын. 3. а) Бахъуыды кæнут дзырдбæстытæ.

Сармадзанæй æхсын – стрелять из пушки Хид фехалын – взорвать мост Фат суадзын – выпустить стрелу Æрыгон мастисджытæ – юные мстители æ) Зæгъут иронау.

1) Партизаны взорвали мост. 2) Солдаты стреляют из пушки. (Ирт.х.) 151


3) Враги заняли одно село. 4) Фашисты напали на нашу Родину. (Ар.х.) 5) Дети организовали отряд юных мстителей. 6) Мальчики развернули пушку и выстрелили. 7) Кто-то предал партизан. (Гуыр.х) 8) Братья подкрались к пушке. (Ар.х.) 4. Бавæрут хъæугæ дзырдтæ æмæ рафыссут хъуыдыйæдтæ.

Мин (авдсæдæ, фарастсæдæ, астсæдæ) цыппор дыккаг азы немыцаг фашисттæ Ирыстонмæ (æрбацыдысты, æрбабырстой, федтой) æмæ (бацыдысты, æрлæууыдысты, бацахстой) хъæу Цыкола. Æрæфы районæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ (ацыдысты, уыдысты, æрвыст æрцыдысты) æртæ мин астсæдæ цыппор дыууæ хæстоны. Сæ фылдæр (ацыдысты, хæцыдысты, баззадысты) тохы быдырты, нал раздæхтысты сæ райгуырæн хъæутæм. 5. Ног дзырдтимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут.

94-æм ахуыр 1. Бакæсут текст, мивдисджытæ ивгъуыд афоны формæйы æвæргæйæ.

Мин фарастсæдæ цыппор дыккаг азы немыцаг фашисттæ (æрбабырсын) Ирыстонмæ, (бацахсын) хъæу Цыкола. Æрæфы районæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ (ацæуын) æртæ мин астсæдæ цыппор дыууæ адæймаджы, дыууæ мин дыууæсæдæ нæуæдз авдæй (баззайын) тохы быдырты. Гасанты бинонтæ (хъомыл кæнын) дыууæ лæппуйы. Ханафийыл (цæуын) æртындæс азы, Омарбийыл та – дыууадæс азы. Фæлæ уыцы азты Райгуырæн бæстæ æрмæст хистæртæ нæ (хъахъхъæнын), (тох кæнын) сывæллæттæ дæр. Ханафи (саразын) æрыгон мастисджыты къорд. Иу бон фашистты машинæ хидыл куы (фæцæйцæуын), уæд лæппутæ хид (фехалын), æмæ немыцæгтæ (фæмард уæвын). Иннæ хатт та дыууæ æфсымæры (бахъуызын) немыцаг сармадзанмæ, (разилын) йæ знæгты ’рдæм æмæ сæ (фехсын). (Фæмард уæвын) цалдæр гитлероны. Фæлæ 152


чидæр (банымудзын) æфсымæрты, æмæ немыцæгтæ (фехсын) дыууæ чысыл хъæбатыр лæппуйы. Уый (уæвын) мин фарастсæдæ цыппор дыккаг азы декабры кæрон. Мин фарастсæдæ æхсай фæндзæм азы Советон Цæдисы Сæйраг Советы Уынаффæмæ гæсгæ æфсымæртæн (лæвæрд æрцæуын) Фыдыбæстæйы хæсты ордентæ. Цыколайы æртыккаг скъола хæссы ацы æфсымæрты ном, йæ кæрты лæууы сæ цыртдзæвæн – дыууæ фаты (баиу уæвын) сырх стъалыйы раз. 2. Дзуапп раттут фæрстытæн.

1) Кæцы азы бацахстой Цыкола немыцаг фашисттæ? 2) Чи тох кодта фашистты ныхмæ? 3) Цалгай азтæ цыдис хъæбатыр æфсымæртыл? 4) Куыд тох кодтой æфсымæртæ фашисттимæ? 5) Цæмæн фæмард сты Ханафи æмæ Омарби? 6) Адæм ферох кодтой хъæбатыр æфсымæрты? Цæмæй бæрæг у? 3. Кæцы хъуыдыйæдты æмбæлынц нымæцонтæ 2297; 2; 12; 1965; 3? Бакæсут сæ. 4. Рафыссут текстæй вазыгджын хъуыдыйæдтæ. Сбæрæг кæнут вазыгджын хъуыдыйæдты хуыз, сæ хæйттæ æмæ грамматикон бындуртæ. 5. Тексты ссарут хъуыдыйæдтæ ног дзырдтимæ æмæ сæ бакæсут. 6. Радзурут Гасанты æфсымæрты хъæбатырдзинады тыххæй.

95-æм ахуыр 1. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ 94-æм ахуыры 1-аг фæлтæрæны текстмæ гæсгæ.

1) Ханафи æмæ Омарби уыдысты ... 2) Райгуырæн бæстæйы сæраппонд тох кодтой ... 3) Æфсымæртæ сарæзтой ... 4) Лæппутæ хид куы фехæлдтой, ... 5) Дыууæ æфсымæры разылдтой ... 6) Æфсымæрты чидæр ... 7) Гасанты æфсымæрты ном ... 2. Баивут номдартæ номивджытæй.

Х у ы з æ г: бинонтæ – чи? – уыдон. 153


Лæппуйы, Ханафийыл, азты, хистæртæ, мастисджытæн, хидыл, сармадзанмæ, знæгтæй, æфсымæртыл, стъалыйау. 3. Бæрæггонд дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ баивут цыбыр номивджытæй.

Х у ы з æ г: Ханафийыл цыдис æртындæс азы. – Æртындæс азы йыл цыдис. 1) Омарбийыл цыдис дыууадæс азы. 2) Райгуырæн бæстæ æрмæст хистæртæ нæ хъахъхъæдтой. 3) Лæппутæ хид фехæлдтой. 4) Дыууæ æфсымæры немыцаг сармадзанмæ бахъуызыдысты. 5) Сармадзан знæгтæм разылдтой æмæ сæ фехстой. 6) Фæлæ æфсымæрты чидæр банымыгъта. 7) Немыцæгтæ фехстой хъæбатыр лæппуты. 8) Цыколайы æртыккаг скъола хæссы æфсымæрты ном. 4. Бакæсут дзырдбæстытæ. Сæвæрут цавды нысæнттæ.

Хъазахъхъаг станицæ, мин фондзсæдæ адæймагæй фылдæр, цымыдисаг композици, æнкъард сылгоймаг, бæгънæг сывæллон, фыццаг къахдзæфтæ, нæ фидæн. 5. Бакæсут текст. Ратæлмац кæнут бæрæггонд дзырдтæ.

Станицæ Архонская у Цæгат Ирыстоны æхсæз хъазахъхъаг станицæйæ иу. Ардыгæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тохы быдыртæм ацыдис мин фондзсæдæ адæймагæй фылдæр. Уыдоны кадæн станицæйы астæу, парчы, æвæрд æрцыдис цыртдзæвæн. Йæ стелæйыл фыст сты, хæсты быдырты чи фæмард сты, уыцы æрхойнæгты нæмттæ. Цымыдисаг у цыртдзæвæны композици. Æнкъард хъазахъхъаг сылгоймаг хæцы лентæйæ баст гирляндæйыл. Сылгоймагæн æххуыс кæны, йæ къухтæ хæрдмæ ивазы бæгънæг сывæллон. Уый сыгъдæг уд у. Нæ зоны маст. Фыццаг къахдзæфтæ кæны царды. Уый у нæ фидæн. Цыртдзæвæн байгом кодтой мин фарастсæдæ æстай æвдæм азы фарæстæм майы. Йæ автор – скульптор Николай Нестеренко. 6. Ныффыссут тексты мидис цыбыр хъуыдыйæдтæй. Райдайут афтæ:

Архонская у хъазахъхъаг станицæ. Ардыгæй хæстмæ ацыдис мин фондзсæдæ адæймагæй фылдæр. 154


96-æм ахуыр 1. Байхъусут æмæ бакæсут.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты историйы сæйрагдæр цаутæй иу у Елхотты фарсмæ тох. Ам сырхæфсæддонтæ баурæдтой немыцаг фашистты, нæ сæ ауагътой дарддæр, Дзæуджыхъæу æмæ Грознамæ.

2. Базонут дзырдтæ æмæ дзырдбæстыты нысаниуджытæ (кæнæ сæ ратæлмац кæнут).

Сырхæфсæддонтæ (сырх, æфсад); фæфидардæр кодтой (фидар кæнын); зæрдæ бавæрдта; цæрæнбоны тыххæй; фистæг хæстон; ныгæд сты (ныгæнын). 3. Байхъусут текстмæ. Цавæр сæрмагонд нæмттæ (собственные имена) дзы æмбæлынц? Ныффыссут сæ. 4. Байхъусут текстмæ. Цавæр нымæцонтæ дзы æмбæлынц? Ныффыссут сæ. 5. Байхъусут текстмæ. Дзуапп раттут фæрстытæн.

1) Чи баурæдта немыцаг фашистты Елхотты фарсмæ? 2) Цæуыл мæсты кодта Гитлер? 3) Цæмæй зæрдæ бавæрдта Клейст фюрерæн? 4) Цавæр немыцаг тыхтæ архайдтой Елхотты фарсмæ тохы? 5) Кæд бацахстой фашисттæ ирон хъæу Елхотт? 6) Цал боны цыдис тугкалæн хæст? 7) Цавæр монумент арæзт æрцыдис стыр тохы бынаты? 8) Цавæр барельефтæ ис бетон къулыл? 9) Цы æвдисынц ацы барельефтæ? 6. Фæрстытæм гæсгæ цыбыртæй ныффыссут тексты мидис. 155


97-æм ахуыр 1. Текст хуыйны «Советон Цæдисы Хъæбатыр Петр Барбашов». Сæргондмæ гæсгæ базонут:

– тексты темæ; – цавæр дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ дзы æмбæлынц, уый; – тексты жанр; – сæйраг архайæг чи у, уый. 2. Базонгæ ут ног дзырдтимæ. Зæгъут, цæуыл цæудзæнис ныхас тексты.

Бабырын – подползти; баппарын – забросить; фæхъус ис – замолк; ныххаудис – упал; бамбæрзта (амбразурæ) – закрыл (амбразуру). 3. Бакæсут æмæ зæгъут, цавæр цыртдзæвæныл цæуы ныхас тексты.

Джызæлæй Дзæуджыхъæуы æхсæн, фæндаджы был, лæууы цыртдзæвæн. Æрыгон лæппу згъоры размæ, йæ къухы – гранатæ... 4. Бакæсут текст. Раттут ын æндæр сæргонд.

Советон Цæдисы Хъæбатыр Петр Барбашов Джызæлæй Дзæуджыхъæуы æхсæн, фæндаджы был, лæууы цыртдзæвæн. Æрыгон лæппу згъоры размæ, йæ къухы – гранатæ. ... Фашисттæ бырстой Дзæуджыхъæумæ, тугкалæн хæст цыдис Джызæлы фарсмæ. Йæ райгуырæн Сыбырæй дард хæцыдис знæгтимæ Петр Барбашов. … Немыцаг дзотæй æхстой æмæ æхстой сырхæфсæддонты, нал сæ уагътой размæ. Барбашов бабырыдис дзотмæ æмæ дыууæ гранатæйы баппæрста амбразурæйыл. Фæхъус ис пулемет, фæлæ та уайтагъд фæстæмæ æхсын райдыдта. Мæнæ фæмард сты Барбашовы дыууæ æмбалы. Уæд Петр сыстадис, ныхъхъæр кодта: «Размæ, æмбæлттæ!» æмæ азгъордта дзотмæ. Æхсынц æй знæгтæ, фæцæф ис йæ къах, стæй йæ къух дæр. Фæлæ йæ фæстаг тыхтæй бахæццæ ис дзотмæ, ныххаудис ыл, бамбæрзта йæ риуæй дзоты амбразурæ. Афтæ фæмард ис Петр Барбашов, Советон Цæдисы Хъæбатыр… Барбашовы ном хæссынц Дзæуджыхъæуы уынгтæй иу æмæ æртынæм астæуккаг скъола. 156


5. Дзуапп раттут фæрстытæн.

1) Кæм ис Петр Барбашовы цыртдзæвæн? Цæмæн? 2) Кæм райгуырдис Петр Барбашов? 3) Цавæр хъæбатырдзинад равдыста æрыгон лæппу? 4) Куыд кад кæнынц нæ республикæйы адæм Барбашовæн? 6. Ныффыссут текстæн цыбыр аннотаци. 7. Радзурут тексты мидис.

98-æм ахуыр 1. Саразут дзырдбæстытæ 97-æм ахуыры 4-æм фæлтæрæны текстмæ гæсгæ.

Згъоры (кæдæм?); бырстой (кæдæм?); хæцыдис (кæимæ?); æхстой (кæй?); нал уагътой (кæдæм?)

баппæрста (кæм?); бабырыдис (кæдæм?); бамбæрзта (цæмæй?); бамбæрзта (цы?).

2. Ссарут 97-æм ахуыры 4-æм фæлтæрæны тексты æмæ бакæсут хъуыдыйæдтæ дзырдбæстытимæ:

Кровопролитный бой, воевал с врагами, вот погибли, ранили в руку, из последних сил, так погиб. 3. Рафыссут текстæй хуымæтæг мивдисджытæ. Сбæрæг кæнут мивдисджыты хуыз, афон, здæхæн, цæсгом, нымæц.

Х у ы з æ г: бырстой (цы ми кодтой?) æнæххæст хуыз, ивгъуыд афон, æргомон здæхæн, 3-аг цæсгом, бирæон нымæц. 4. Рафыссут текстæй вазыгджын мивдисджытæ. Сбæрæг кæнут мивдисджыты хуыз, афон, здæхæн, цæсгом, нымæц.

Х у ы з æ г: ныхъхъæр кодта (цы ми бакодта?) – æххæст хуыз, ивгъуыд афон, æргомон здæхæн, 3-аг цæсгом, иууон нымæц. 5. Баивут бæрæггонд дзырдтæ номивджытæй.

Х у ы з æ г: Фæндаджы был лæууы цыртдзæвæн. – Уым лæууы цыртдзæвæн. 157


Фашисттæ бырстой Дзæуджыхъæумæ. Дзотæй æхстой сырхæфсæддонты. Дзотæй æхстой сырхæфсæддонты. Дыууæ гранатæйы баппæрста. Бахæццæ ис дзотмæ. Ныххаудис амбразурæйыл. Барбашовы ном хæссы Дзæуджыхъæуы æртынæм астæуккаг скъола. 6. Радзурут текст сæйраг хъайтары æмбалы номæй. 7. Текстмæ гæсгæ радзурут Советон Цæдисы Хъæбатыр Петр Барбашовы тыххæй. Райдайæн ис афтæ:

Петр Барбашов ирыстойнаг лæппу нæ уыдис. Уый райгуырдис Кавказæй дард, Сыбыры. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд ацыдис хæстмæ. Мин фарастсæдæ цыппор дыккаг азы Барбашов архайдта, Дзæуджыхъæумæ хæстæг цы тугкалæн хæст уыдис, уым…

99-æм – 102-аг ахуыртæ Рацыд æрмæг фæлхат кæнын 158


ДЗЫРДУАТ А абхазаг (абхазæгтæ) – абхазец, абхазка; абхазский авайраг (авайрæгтæ) – аварец, аварка; аварский агъуыст (агъуыстытæ) – здание адæмыхатт (адæмыхæттытæ) – народность адзæгъæл уæвын – заблудиться адыввыт кæнын – отшвырнуть адыгейаг (адыгейæгтæ) – адыгеец, адыгейка; адыгейский азербайджайнаг (азербайджайнæгтæ) – азербайджанец, азербайджанка; азербайджанский аив – красивый, изящный; красиво, изящно аивад (аивæдтæ) – искусство аййафын (аййæфта), баййафын (баййæфта) – догнать, настигнуть аллон – алан, аланка; аланский алыварс – вокруг алырдæм – во все стороны; по сторонам ам – здесь, тут амбæлын (амбæлдис) – 1. встретиться, повстречаться; 2. попасть (в

цель); 3. задеть, коснуться

амонд – счастье анæрын (анæрыдис) – прогреметь аппарын (аппæрста) – выбросить, сбросить араббаг (араббæгтæ) – араб, арабка; арабский араст уæвын – отправиться арвитын (арвыста) – послать, отправить аргъ кæнын – ценить, оценивать ардæм – сюда ардыгæй – отсюда асайын (асайдта) – обмануть асин – лестница ауæрдын (ауæрста) – беречь, приберегать афынæй уæвын – уснуть 159


ахизын (ахызтис) – перейти ахонын (ахуыдта) – отвести, увести ахуыссын (ахуыссыдис) – 1. погаснуть, потухнуть; 2. улечься Æ æваст – внезапно æвæрд – поставленный æвæрын (æвæрдта) – ставить æвзалы – уголь æвзист – серебро; серебряный æвиппайды – внезапно, неожиданно æгъуыссæг – бессонный æдзард – безжизненный æййафын (æййæфта) – 1. догонять, настигать; 2. испытывать æлхынцъ кæнын – 1. завязывать узлом; 2. хмурить(ся): æрфгуытæ

æлхынцъ кæнын – хмурить брови

æмбæлын (æмбæлдис) – 1. встречать(ся); 2. случаться; 3. надлежать;

4. причитаться,следовать; 5. попадать (в цель)

æмбæхсын (æмбæхста, æмбæхстис) – прятать, прятаться æмбис – половина æмзæххон – земляк æмхæццæ кæнын – смешивать æмхæццæ уæвын – быть смешанным, смешаться æнад – невкусный æнахуыр – странный, необыкновенный æнæмæнг – непременно, обязательно æппарын (æппæрста) – бросать, сбрасывать æппæлын (æппæлыдис) – хвалить; хицæй æппæлын – хвалиться,

хвастаться

æрæджы – недавно æрæгвæззæг – поздняя осень æрæхгæнын (æрæхгæдта) – закрыть æрбабон уæвын – рассвести æрбабырсын (æрбабырста) – напасть 160


æрвад (æрвадæлтæ) – брат æрвитын (æрвыста) – посылать, отправлять æрдæгсакъадах (æрдæгсакъадæхтæ) – полуостров æрсабыр уæвын – успокоиться æртæхын (æртахтис) – прилететь æрхæццæ кæнын – 1. прибывать; 2. наступать (например, о

празднике)

æрхæццæ уæвын – 1. прибыть; 2. наступить æрыскъæф – земляника æссон – балкарец, балкарка; балкарский (-ая, -ое) æууæндын (æууæндыдис) – верить (хиуыл æууæндын – верить в себя) æфсæнвæндаг – железная дорога æхсæрдзæн – водопад æхсæрæг – белка æхсынцъы – алыча Б баззайын (баззадис) – остаться базыр – крыло баизæр ис – настал вечер баиу – объединение баиу кæнын – объединить, соединить; сочетать; прибавить, сложить баиу уæвын – объединиться, соединиться, присоединиться; сойтись балц (балцытæ) – путешествие банымудзын (банымыгъта) – донести (на кого-л.) барæг (барджытæ) – всадник баст уæвын – быть связанным баталынг ис – потемнело, стемнело батухын (батыхта) – закутать, укутать бафсæдын (бафсæстис) – насытиться бафтауын (бафтыдта) – прибавить бафтын (бафтыдис) – прибавиться бахæлар уæвын – подружиться бацæуæн – вход 161


бæгъатыр – богатырь бæгънæг – голый, раздетый бæлæгъ – лодка бæлвырдцæсгомон – определенно-личное (о предложении) бæллиц – мечта бæллын (бæллыдис) – мечтать, сильно хотеть, желать, стремиться бæлццон (бæлццæттæ) – путешественник бæрæг кæнын – отмечать бæрæггонд – отмеченный бæрзæнд – высота бæсты – вместо (мæ бæсты – вместо меня) Боброн – Бонвæрнон (Венера) бон-изæрмæ – с утра до вечера бындур – основа бынæттон – местный, коренной бынтон – совсем, совершенно бырсын (бырста) – 1. нападать; 2. бороться; 3. вламываться, ломиться Г гагадыргъ – ягода галиуæрдыгæй – слева гæдыбæлас (гæдыбæлæстæ) – осина гæппытæ кæнын – прыгать гогыз – индюк голлаг (голджытæ) – мешок гуыр – туловище; гуыры конд – строение тела, фигура гуырдзиаг (гуырдзиæгтæ) – грузин(-ка); грузинский гуыры конд – фигура Д дамбаца – пистолет даргинаг (даргинæгтæ) – даргинец, даргинка; даргинский дæле – внизу, снизу дæргъ – длина 162


денджызы был – берег моря дис кæнын – удивляться диссаджы – удивительный, чудесный драмон – драматический дун-дуне – весь мир, вселенная дуне – мир, вселенная, свет дунеон – всемирный, мировой дыууæ ’рдыгæй – с двух сторон ДЗ дзæгъæлы – зря, напрасно дзæбидыр – тур дзæмбы – лапа дзедыр – ежевика дзыхъхъ (дзыхъхъытæ) – яма дзыхы дзаг – во весь рот, во все горло З зæлдаг – 1. шелк; 2. шелковый зæй – лавина зæрдæ дарын – надеяться зæрдиагæй – заинтересованно, сердечно зæрин – кæс: сыгъзæрин зæрингуырд – ювелир зæрондæй-зæронддæр кæнын – становиться все более старым згъалын (згъæлдта) – 1. сыпать, посыпать; 2. трясти; 3. чистить,

очищать (зерно)

згъæлын (згъæлдис) – 1. сыпаться, осыпаться; опадать 2. рушиться,

разрушаться

згъæрхæдон (згъæрхæдæттæ) – панцирь згъорын (згъордта) – бежать зилын (зылдта, зылдис) – 1. вертеть(ся), кружить(ся),

поворачивать(ся); 2. ухаживать

змæлын (змæлыдис) – двигать(ся); шевелить(ся) 163


змæст – мутный знæм – племя зонгæ кæнын – знакомить(ся) зонгæ – знакомый зонгæ уæвын – быть знакомым зыгъарæг – барсук зылынкъах – косолапый, кривоногий зын – тяжелый, тяжело зын зæгъæн у – трудно сказать зынаргъ – дорогой, ценный зындгонд – известный зынын (зындис) – виднеться зыр-зыр кæнын – дрожать зырнæг (зырнæг) – журавль И ивылын (ивылдис) – разливаться иу афон – в одно время иу ахæмы – однажды иу рæстæг бирæ нæ хæссы – одна пора долго не длится Иугонд Нациты Организаци – Организация Объединенных Наций иудзинад – единство иунæг – одинокий, единственный К кад – почет, слава кады орден – орден Почета кæрæдзийы – друг друга; кæрæдзийы фæдыл – друг за другом кæрз (кæрзытæ) – ясень кæрц (кæрцытæ) – шуба, тулуп кæсагахсæг (кæсагахсджытæ) – рыбак, рыболов кæуæгау – чуть не плача кæсгон (кæсгæттæ) – кабардинец, кабардинка; кабардинский ком (кæмттæ) – ущелье 164


копрадздон – синька курдиат (курдиæттæ) – 1. талант; 2. просьба; заявление курæг (курджытæ) – сватающийся (сват) курын (куырдта) – 1. просить; 2. сватать(ся) КЪ къаддæр – меньше къахвæндаг (къахвæндæгтæ) – тропинка къахдзæф – шаг къæбиц – кладовая къæдзæх – скала къæсæр – порог къутæр – куст, кустарник къухдарæн – кольцо къуылдым – горка къуымбил – шерсть Л ласын (ласта) – везти; нести (о реке) лæбурын (лæбурдта) – рваться (к чему-либо) лæппын – детеныш лезгинаг (лезгинæгтæ) – лезгин, лезгинка; лезгинский лыг кæнын – 1. резать; 2. решать (вопросы) М магуса – лентяй, лодырь малусæг (малусджытæ) – подснежник марæг (марджытæ) – убивающий; убийца марын (мардта) – убивать маст (мæстытæ) – 1. горечь, обида, неприятность; 2. горький; 3. желчь маст – горе мæнæ – вот (здесь, рядом) мæнæргъы – малина мæсты кæнын – злить(ся), сердить(ся) 165


мæ бæрзæндæн – наравне со мной, на моем уровне мæ хуызæн – подобный мне, как я; подобно мне мæ цæстмæ – для меня, из-за меня мæн æрдæм – в мою сторону мæсыг (мæсгуытæ) – башня мæт – забота мигъ – туча мингай – по тысяче, тысячами минæвар (минæвæрттæ) – представитель; сват миниуæг (миниуджытæ) – свойство, качество митæмбæрзт – заснеженный, покрытый снегом мысын (мысыдис) – вспоминать; Мысæн къул – Стена памяти Мысыр – Египет Н нарæг – узкий нау – корабль нæма – еще не нæрын (нæрыдис) – греметь ноггуырд – новорожденный ногъайаг (ногъайæгтæ) – ногаец, ногайка; ногайский ныббогъ кæнын – зареветь нывгæнæг (нывгæнджытæ) – художник нывæфтыд – узорчатый нывкæнынад – рисование, живопись нымад уæвын – считаться нымæт – бурка, войлок нырма – пока ныртæккæйы – современный нысан кæнын – обозначать, означать ныууадзын (ныууагъта) – оставить ныхасыздæхт (ныхасыздæхтытæ) – говор

166


О обау (обæуттæ) – курган, холм ома – то есть П парахат – обильный; просторный парахат кæнын – распространять парахатæй – обильно; просторно, широко пенси исын – получать пенсию пенсиисæг (пенсиисджытæ) – пенсионер пенсийы цæуын – выходить на пенсию персайнаг (персайнæгтæ) – перс, персиянка; персидский (-ая, -ое) постхæссæг (постхæсджытæ) – почтальон пысылмон (пысылмæттæ) – мусульманский; мусульманин Р равдыст (равдыстытæ) – выставка равзæрын (равзæрдис) – появиться (из чего-л.), произойти, возникнуть рагвæззæг – ранняя осень раз – возле, около, перед разæнгардгæнæн – повелительное (о предложении) разамонæг (разамонджытæ) – руководитель; хæстон разамонæг –

военачальник

раздæхын (раздæхтис) – вернуться райгуырæн бæстæ – Родина ракæс-бакæс кæнын – озираться, осматриваться, смотреть по

сторонам

ракæлын (ракалдис) – высыпаться ратонын (ратыдта) – сорвать; прорвать(ся) рахъомыл уæвын – подрасти, повзрослеть рæвдаугæ – ласковый; ласково рæвдауын (рæвдыдта) – ласкать рæдау – щедрый 167


рæдауæй – щедро ризын (рызтис) – дрожать рох кæнын – забывать С сагъæс – дума, печаль; забота, беспокойство сагъæс кæнын – думать; горевать, беспокоиться сагъæссаг фæуын – стать горемычным сайын (сайдта) – обманывать сакъадах (сакъадæхтæ) – остров саразын хъæуы – надо сделать саргъ (сæргътæ) – седло саунæмыг – черника сауцъиу – скворец сæвæрын (сæвæрдта) – поставить, положить; ном сæвæрын – дать имя сæгуыт – косуля сæраппонд – во имя сæргълæууæг (сæргълæуджытæ) – руководитель, начальник сæрдар – председатель сæрæн – шустрый сæрмагонд – специальный сæрмæтаг (сæрмæтæгтæ) – сармат, сарматка; сарматский сæудæджер кæнын – торговать сгуыхт – заслуженный сконд – строение скъуынын (скъуыдта) – рвать, разрывать скъуырын (скъуырдта) – столкнуть (ся); къах скъуырын – споткнуться смæсты уæвын – разозлиться, рассердиться сомихаг (сомихæгтæ) – армянин, армянка; армянский суадон (суадæттæ) – родник судзинджын – с иголками, колючий сурс уæвын – побелеть сусу-бусу – шепот 168


сусу-бусу кæнын – шептать(ся) сусхъæд – липа сфæлдыстад – творчество сфæлындын (сфæлыста) – украсить сфæнд кæнын – захотеть, решить сыбар-сыбур – шелест сыбар-сыбур кæнын – шелестеть сыстонг уæвын – проголодаться Т тæргай кæнын – обижаться тæргайгæнаг – обидчивый тæрс (тæрсытæ) – чинара; семечко чинары; бук тæгæр – клен тæрсгæ-ризгæ – трясясь от страха тигъ – утес топп (топпытæ) – винтовка, ружье тохы быдыр – поле боя тулдз (тулдзытæ) – дуб тымыгъ – буран, метель тыхсын (тыхстис) – страдать, переживать У уавæр – положение, состояние уад – вихрь, буря уазæгуат (уазæгуæттæ) – гостиница уарзæгой – любящий уарт (уартытæ) – щит уæздан – благородный уæлахиздзау – победитель уæле – наверху, сверху уæрæх – широкий уæртджын хæфс (уæртджын хæфсытæ) – черепаха уæрх – ширина 169


уд – душа ус курын – жениться усгур – жених уыг – сова уыгæрдæн – луг уый бæсты – вместо этого уым – там уынаффæ – совет; решение, постановление уынаффæ рахæссын – вынести решение уырдæм – туда уырдыгæй – оттуда уырыссаг (уырыссæгтæ) – русский Ф фале – в стороне, по ту сторону фарн – благодать фарсмæ – рядом, возле, около фатхъæд – граб фæзынд – появление, явление фæзынын (фæзындис) – появиться фæлгæсын – обозревать фæлгонц – образ фæмард уæвын – погибнуть фæндон – желание фæндыди суæвын – хотел стать (кем-то) фæразын (фæрæзта) – быть в силах, быть в состоянии, мочь фæрдгуытæ – бусы фæрдыг – бусинка фæсал – сухая трава фæсарæнтæ – заграница фæстæдæр – позже фæтæргай уæвын – обидеться фæфылдæр уæвын – увеличиться (о количестве) фезмæлын (фезмæлыдис) – сдвинуться; пошевелиться, шевельнуться 170


фехсын (фехста) – выстрелить; расстрелять фидауц – украшение фидæн – будущее фистæгæй – пешком фыдæлтæ – предки фыдракæнд – преступление фыдуаг кæнын – баловаться, шалить Фыдыбæстæйы Стыр хæст – Великая Отечественная война фынæй кæнын – спать фыссынад – письменность фысым – хозяин (по отношению к гостю) Х хардз кæнын – тратить хауын (хаудис) –1. падать; 2. относиться хæзна – сокровище хæлæг кæнын – завидовать хæларзæрдæ – добросердечный, великодушный, доброжелательный хæссын (хаста) – носить, нести хæццæ кæнын – 1. смешивать; 2. путать; 3. доходить, достигать хæлæг кæнын – завидовать хæмпæлгæрдæг (хæмпæлгæрдæджытæ) – сорняк хæрæг (хæрджытæ) – осел хæрис – ива хæцæнгарз (хæцæнгæрзтæ) – оружие хæццæ кæнын – достигать хизын (хызта; хызтис) – пасти; пастись хинымæры – про себя хонын (хуыдта) – 1. звать, называть, именовать; 2. приглашать; 3.

водить

хор – зерно хурзæрин – букв. золотое солнце хуыздæр кæсын – казаться лучше хуыссæн – постель 171


ХЪ хъавгæ – осторожно хъазахъхъаг (хъазахъхъæгтæ) – казак, казачка; казачий хъалгъæн – крыжовник хъама – кинжал хъаст кæнын – жаловаться хъахъхъæнын (хъахъхъæдта) – охранять, защищать хъæбæр – твердый хъæбул – дитя хъæбыс – объятие хъæбыс(тæ) кæнын – обнимать хъæлæрдзы – смородина хъæрæсейаг (хъæрæсейæгтæ) – карачаевец, карачаевка; карачаевский хъæрон – восклицательное (о предложении) хъизæмар (хъизæмæрттæ) – мучение, страдание хъизæмар кæнын – мучиться, страдать хъуамæ рауайа – должен получиться хъулон адарын – запестреть хъусой – ушастый, ушастик хъусцæг (хъусцæджытæ) – серьга хъуыддаджы фæдыл – по делу хъуыдымæ гæсгæ – по мнению хъуымыхъхъаг (хъуымыхъхъæгтæ) – кумык, кумычка; кумыцкий хъуыр-хъуыр кæнын – ворчать хъыг – скорбь, печаль, горе; неприятность хъыг кæнын – скорбеть; печалиться Ц цавæрдæр – какой-то цал – сколько цасдæр – несколько цау – событие, происшествие; явление цæрæг (цæрджытæ) – житель; живущий 172


цæрдæг – подвижный, шустрый цæцæйнаг (цæцæйнæгтæ) – чеченец, чеченка; чеченский цонгдарæн – браслет цумайы лæппу – мальчик на побегушках цыма – как будто, словно цымыдисаг – любопытный, удивительный, интересный цыргъзонд – остроумный цыртдзæвæн – памятник ЦЪ цъупп (цъуппытæ) – вершина цъыбар-цъыбур – щебет цъыбар-цъыбур кæнын – щебетать

Ч чыргъæд – корзина чырыстон (чырыстæттæ) – христианин, христианка; христианский

173


СÆРГÆНДТÆ ХЪÆЛДЗÆГ БОНТÆ 1-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 3 2-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 6 3-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 7 4-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 8 5-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 10 6-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 12 ЦЫ ЗОНУТ ИРЫСТОНЫ ЗАЙÆГОЙТЫ ТЫХХÆЙ? 7-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 13 8-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 16 9-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 17 ÆНАХУЫР БАЛЦ 10-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 18 11-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 20 12-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 21 АЦÆРГÆ АДÆЙМАДЖЫ БОН 13-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 14-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 15-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 16-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . .

22 24 26 27

ХÆХХОН СТЪАЛЫ 17-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 29 18-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 31 19-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 33 СЫГЪЗÆРИН ФÆЗЗÆГ 20-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 21-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 22-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 23-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 24-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . .

34 36 37 39 40

КАВКАЗ – НÆ ИУМÆЙАГ ХÆДЗАР 25-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 26-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 27-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 28-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . .

41 44 46 48 174


29-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 50 30-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 51 «АДÆМТЫ ХОХ» 31-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 32-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 33-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 34-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 35-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 36-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 37-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 38-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . .

53 55 57 58 61 62 63 65

УАРЫ УРС-УРСИД МИТ… 39-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 40-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 41-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 42-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 43-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 44-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 45-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . .

65 68 70 72 74 76 79

ÆРДЗЫ ДИССÆГТÆ 46-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 47-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 48-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 49-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 50-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 51-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 52-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 53-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 54-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 55-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . .

81 83 84 86 87 89 90 92 94 94

СПОРТ ÆМÆ РÆСУГЪДДЗИНАД 56-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 95 57-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 97 58-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 99 59-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 100 60-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 102 61-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 103 62-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 105 63-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 106 175


64-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 109 65-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 111 ТÆДЗЫНДЖЫТÆ ТÆДЗЫНЦ ... 67-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 68-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 69-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 70-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 71-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 72-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 73-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 74-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 75-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . .

113 115 117 118 120 121 123 124 126

ХÆСТОН РАЗАМОНДЖЫТÆ 76-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 77-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 78-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 79-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 80-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 81-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 82-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 83-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 84-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 85-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 86-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 87-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . .

126 128 130 131 133 134 136 137 139 140 141 143

ХЪÆБАТЫРТЫ КАДÆН 88-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 89-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 90-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 91-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 92-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 93-аг ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 94-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 95-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 96-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 97-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 98-æм ахуыр . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 99-æм – 102-аг ахуыртæ . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . .

143 145 146 148 149 150 151 152 154 155 156 157

ДЗЫРДУАТ . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . 158 176


«СЕМ» издательско-книготорговая компания Первый и единственный официальный представитель издательств «Просвещение», «Дрофа», «Вентана-Граф» – главных производителей учебной литературы. Обращайтесь по адресам: 362027, г.Владикавказ, ул.Тамаева, 40 Тел: (8672) 54-07-70; 54-38-39 e-mail: shem_vl@mail.ru

Блиев М. М., Бзаров Р. С. История осетии. Учебник для старших классов средней школы. М.: Вентана-Граф, 2005.

177

Газданова В.С. Традиционная культура осетин. Учебник для 8-9 классов средней школы. СЕМ, 2005.


«СЕМ» издательско-книготорговая компания Первый и единственный официальный представитель издательств «Просвещение», «Дрофа», «Вентана-Граф» – главных производителей учебной литературы. Предлагает оптовикам и образовательным учреждениям: - гибкую систему скидок; - крупный и мелкий опт со склада компании; - экспресс-доставку продукции по адресу заказчика; - внимательное отношение к каждому. Организует совместно с Министерством образования и науки РСО-А и Северо-Осетинским государственным пединститутом: - предметные семинары-диалоги для встречи учителей школ Осетии с авторами учебников, методистами, представителями федеральных издательств; - ярмарки-распродажи для учителей, школьников и родителей. Формирует систему делового сотрудничества авторов, издателей, учителей и методистов, специалистов Минобразования, родителей: - для освоения новых линий учебников, отвечающих требованиям государственных образовательных стандартов; - для успешной подготовки молодых учительских кадров в условиях вариативности образовательного процесса. «СЕМ» – это прочный сплав молодости и опыта; - это слово, означающее в индоевропейских языках "смысл", "значение", "идея"; - это имя великого осетинского мудреца, давно ставшее нарицательным. Мы любим книгу, верим в ее притягательную интеллектуальную мощь, строим выверенную систему включения новых учебников в образовательный процесс. ПРИГЛАШАЕМ К СОТРУДНИЧЕСТВУ! Обращайтесь по адресам: 362027, г.Владикавказ, ул.Тамаева, 40 Тел: (8672) 54-07-70; 54-38-39 e-mail: shem_vl@mail.ru 178


ББК 81.2 К-97

К-97

Куыдзойты А. Ирон æвзаг: ахуыргæнæн чиныг 8 къласæн А. Куыдзойты – Дзæуджыхъæу: СЕМ, 2010 – 175ф Кудзоева А. Учебник осетинского языка для 8-го кл. 81.2 Осет-922

У че б н о е изд ан ие

Кудзоева Анжела Федоровна ОСЕТИНСКИЙ ЯЗЫК (как второй) 8 класс

Редактор Царакова А.Г. Художник Кубалов А.З. Художественный редактор Гаппоева Н.У. Компьютерная верстка Джусоева М.В.

Санитарно-эпидемиологическое заключение № 2.4.7.1166-02 от 01.02.2003г. Сдано в набор 15.04.10. Подписано в печать 04.06.10. Формат бумаги 60х901/16 Бумага офсетная. гарнитура «Школьная». Печать офсетная. Тираж 12000 экз. Заказ № , Издательство "СЭМ"



Turn static files into dynamic content formats.

Create a flipbook
Issuu converts static files into: digital portfolios, online yearbooks, online catalogs, digital photo albums and more. Sign up and create your flipbook.