2
НАРТИ КАДÆНГИТÆ
НАРТИ РАНТÆСÆН Нартæй раздæр адтæй дуйнебæл уадмеритæ. Уадмеритæ адтæнцæ устур лæгтæ, хæдзарæ нæ кодтонцæ, дуарбæл нæ сæр ку фæггубур кæнæн, уæд нæ Хуцау æхецæн æнгъæлдзæнæй, зæгъгæ. Хуцау сæ уайтагъддæр фесафта. Уой фæсте рантæстæнцæ уæйгутæ – гурумухъ, тухуаст æма æнæконд адæн: кæбæл адтæй авд сæри, кæбæл – еу сæр æма еу цæстæ. Цардæнцæ хуæнхти, гъæдти æма лæгæтти. Нарт ку рантæстæнцæ, уæд уæйгути хæццæ тухтæнцæ æма син сæ муггаг фесафтонцæ. Нарт кæцæй рантæстæнцæ, уой Хуцауæй æндæр неке зонуй, фал тауæрæхъæй зæгъунцæ, денгизи бунæй рацудæнцæ нарти адæн, зæгъгæ. Нарт адтæнцæ æртæ муггаги: Бориатæ, Æхсæртæгкатæ æма Алæгатæ. Бориатæ адтæнцæ гъæздуг, мулкгин, фæрнуггин. Æхсæртæгкатæ адтæнцæ лæгæй хуарз. Алæгатæ адтæнцæ бæгъатæр муггаг. Бориати Борæфæрнугæн адтæй æстур дзæхæрадонæ, адтæй си фæткъу бæласæ æма ибæл задæй сугъзæрийнæ фæткъутæ. Æ фæткъутæ ин цидæр хуæрун байдæдта æхсæвигон, фал син багъæуаййи фæрæзнæ нæ ирдта. Æхецæн фурттæ н ‘адтæй, æма нарти Уæрхæги фурттæй, Æхсар æма Æхсæртæгæй, ракурдта, ба сæ гъæуай кæнтæ, зæгъгæ. Æхсар æма Æхсæртæг гъæуай кодтонцæ радугай. Еу æхсæвæ кæми адтæй, уоми Æхсæртæг, раст бонивайæни, æфсæнкъæбот мæргътæ æрбатæхгæ фæууидта, сæхуæдтæ ба цирагъи хузæн сугъдæнцæ. – Ци дессаг æй, – загъта Æхсæртæг, – атæ хумæтæги нæ уодзæнцæ, еуей æнæ фæццæф кæнгæ нæййес.
225 15* Заказ №1424
Мæргътæ бæласæбæл куд æрбадтæнцæ, уотæ сæмæ зустæй багъузтæй, хъæзин фатæй сæ фехста æма си еуей фæццæф кодта, æма (и маргъ) кизги цъæхахст никкодта æма æ тог кæлгæ фæттахтæй е ‘мбæлтти хæццæ. Хорискасти, сæ тоги фæдмæ син ку æркастæй, уæд къæсибадæг уоси бафарста: – Циуавæр æнцæ? Е ба ин загъта: – Етæ æнцæ Донбеттири кизгуттæ, уонæй ку фæццæф кодтай. Æхсар æма Æхсæртæг еумæ фæннæхстæр æнцæ денгизи билæмæ. – Цæй, – загъта Æхсæртæг, – кæд нæ еу исæфа, уæддæр не ‘ннæ уæлæбæл байзайдзæнæй. Æз цæун денгизи бунмæ, ду ба мæнмæ ами фæккæсæ. Мæнæ дин мæ циргъаг, кæд тоги хузæн изæр кæнун байдайа, уæд уой зонæ, æма мæмæ æнгъæл мабал кæсæ. Æхсæртæг денгизмæ ниллæуирдта, Æхсар ба уосонгæ скодта æма цауæн кæнун байдæдта денгизи билтæбæл. Æхсæртæг денгизи бунмæ ку ниххизтæй, уæд идардмæ еу æфсæн галауон фæууидта æма уомæ цæун байдæдта. Æ размæ дуйней адæн баййафта æма сæ фæрсуй, ци кæнтæ, зæгъгæ. – Донбеттирæн æ хестæр кизгæ сæйгæ кæнуй, æма уой фæрсæг адтан, – зæгъгæ. Æхсæртæг æхе медæмæ баласта, ку ‘й фæййининæ,зæгъгæ. Донбеттири кизгæ медуат хуссæни адтæй, æ цори ба е ‘ртæ хуæри бадтæнцæ æма ин æ цæф цонг бастонцæ. Æхсæртæг медæмæ ку бакастæй, уæд кизгæн æ зæрдæ багъар æй, ба ‘й зудта. Уæд загъта Донбеттирæн Æхсæртæг: – Дæ кизги дин æз фæццæф кодтон, нур ба ‘й дзæбæх дæр мæхуæдæг скæндзæнæн, æма мин æй киндзи радтæ. Донбеттир дæр загъта: – Арази. Кизгæ ку сдзæбæх æй, уæд æй Æхсæртæг рахудта денгизи билæмæ æма ‘й Æхсари уосонгæмæ бахудта. Æхуæдæг ба Æхсари агорунмæ рандæ ‘й. Æхсар æма Æхсæртæг адтæнцæ фазæнттæ, æма сæ Нарт сæхуæдтæ дæр туххæй æвзурстонцæ, ка си кæци æй. Æхсар æ уосонгæмæ ку æриздахтæй, уæд рæсугъд силгоймаги ку фæууидта, уæд фæддес кодта, циуавæр æй, зæгъгæ. Фал ибæл Æхсæртæги уосæ æхе æрбатухта, ци æрæгæмæ адтæ, æз ами æнæ дæу нæбал фæразун еунæгæй, зæгъгæ.
226
Уотемæй сæ æрбаййафта Æхсæртæг æма, ду ба, ме ‘нсувæр уогæй, мæ уосæмæ куд æвналис, зæгъгæ, и дууæ æнсувæри еци рауæн фæххилæ æнцæ, сæ кæрæдзей рамардтонцæ. Кæугæ-дзиназгæ байзадæй денгизи билæбæл Æхсæртæги уосæ еунæгæй. Уæдта ин гæнæн нæбал адтæй, æма фæстæмæ æ фидæмæ, Донбеттирмæ, рандæ ‘й. Уоми ба ин райгурдæй фазæнттæ – Урузмæг æма Хæмиц. Гъазунгъон ку фæцæнцæ, уæд дууæ биццеуи иннæ биццеути хæццæ фæххилæ уиуонцæ, æма Хæмиц къæсибадæг уоси биццеуи ранадта. Къæсибадæг уосæ сæмæ ралæбурдта æма сæ æлгъетуй: – Сумах кæд уойбæрцæбæл лæгтæ айтæ, уæд уæлæ Стур Нарти астæумæ сцотæ, кæцæй æрцудайтæ, уордæмæ, ами ба сумах неци гъуддаг ес! Урузмæг æма Хæмиц мæтъæлæй æрбацудæнцæ сæ мади размæ ‘ма ин загътонцæ: – Махæн ами фæллæууæн нæбал ес. Къæсибадæг уосæ нин уотæ зæгъуй, ами уæ фиди бæстæ нæ ‘й, нур ба нин зæгъæ, мах ке фурттæ ан. – Еунæ Хуцау (си) ма сарази уæд,– загъта сæ мадæ.– Æз уин æй зæгъуйнаг нæма адтæн, нур ба уин æй æнæ зæгъгæ нæййес. Хæмиц æма Урузмæг ку фæгъгъомбæл æнцæ, уæд сæ мади сæ хæццæ ракодтонцæ æма Стур Нарти астæумæ сцудæнцæ. Сæ мадæ хундтæй Ацира– рæсугъд, æма ин загътонцæ: – Мах дæ не ‘стур фидæн, Уæрхæгæн, хонæн киндзи. Уæдта загътонцæ Уæрхæгæн: – Махæн нæ мади æрхонæ, Ацира – рæсугъди. Е ба загъта: – Æз базæронд дæн. Æз ма лæгеуæг кæнун ку фæразинæ, уæд мин мæ тургъæбæл нарти уоститæ сæ донмæ цæуæн фæндæгтæ не скодтайуонцæ. Етæ ба ин загътонцæ: – Уой мах равзардзинан. Кæд ма дæ мезунцъаг финкæ кæнуй, уæд ма уосæн бæззис. Уой ку сбæрæг кодтонцæ Урузмæг æма Хæмиц, уæд æй бацæрун кодтонцæ сæ мадæ Ацира-рæсугъди хæццæ. «Нарты. Осетинский героический эпос. Книга 1. Изд-во «Наука», г. Москва, 1990». 84-86 ф.
227
БОЛАТ-ХÆМИЦ Болат-Хæмицæн ба адтæй дууæ уоси. Еу бон ин сæдæ гъунемæй нимæт кодтонцæ ‘ма ибæл алли зари сæр хастонцæ: «Аци нимæт уæхæн нивгун нимæт уодзæнæй ‘ма нин нæ сæрихецау Ауармæ цæудзæнæй; Ауари рæсугъд хъумæцтæй нин æ нæхæтбостæ идзагæй хæсдзæнæй; Ауари рæсугъд кизгæ ба нин æртиккагæн хондзæнæй». Хæмиц ба æхе исхуссæг кодта къелабæл ‘ма сæмæ фегъуста, уæдта син загъта: – Хуцау уин ма бакомæд! Мæ зæрди ка не ‘фтудæй, уой мин мæ зæрди æрифтудтайтæ! Болат-Хæмиц Ауарæй хъумæцтæ хæссун райдæдта, уæдта Ауари рæсугъд кизгæ уосæн ракурдта. Уоститæй ба не ‘руагæс кодта. Уа-нæуа æй исхонуй, уой ку базудтонцæ, уæдта цæхгун æртæ къерей ракодтонцæ, туппурмæ рауадæнцæ ‘ма искувтонцæ афæй сæйгæ ‘ма некæд рабадгæбæл, æ афæдзи бони ба æ мæлæт куд фæцайдæ, уобæл. И кизгæ надбæл фæссæйгæ ‘й, æ афæдзи бонмæ фæссадæй, ‘ма, нур мæлдзæнæн, зæгъгæ, уæдта загъта Хæмицæн: «Мæ хъиамæтæй дæбæл неци ес, фал мæ æртæ æхсæви багъæуай кæнæ!» Ауари кизгæ рамардæй. Хæмиц æй гъæуай кæнун байдæдта, е ‘стур кæрцæ искодта уæлæфтауæй, æ церхъ ба уой медæг баримахста. Дууæ æхсæви багъæуай кодта; æртиккаг æхсæвæ ба Руймон æрбалæстæй уобаййи дуари цъасæй ‘ма и мардмæ æ гъæлæс куд фæххæлеу кодта, уотæ ба ‘й æ церхъæй расæрфта. Руймон дууæ ‘мбеси рахаудтæй ‘ма фиццаг æрдæг лæсун райдæдта, ‘ма еу фæрдуг æрхаста. И дууæ лухи еумæ бакодта, уотемæй ма сæбæл æй æрсæрфта ‘ма ниццæфстæнцæ. Хæмиц фæллæуирдта ‘ма фæрдуг барæмугъта, ‘ма ‘й мардбæл сæрфун байдæдта, ‘ма мард æрабадтæй. Уæдта æ фиййаг лæдзæгбæл еу сæри хъаболæ бакодта, и кизги дзигготæй ба ин тæнтæ искодта ‘ма ибæл уотемæй цагъд искодта и уобаййи хурфи.
228
Уæд изæрæй уоститæ сабатизæри æрцудæнцæ ‘ма фæндури цагъд уобаййи хурфæй ку фегъустонцæ, уæдта фæстæмæ фæллигъдæнцæ. Адæм дессагмæ æрцудæнцæ ‘ма уордигæй Ауари кизгæбæл дуккаг алай никкодтонцæ. И дууæ уосей ба æнæдæндти думгутæбæл ниббастонцæ, се стæги хъазала ба син басугътонцæ. Болат-Хæмиц син уой æрдзурдта, уæдта загъта: «Уой цацæгæй зæгъун, уацæгæй æй мæ лæхъуæнæн раттетæ!» Кертибийти Кертибий дзурдтæй финст. Мæхческæ, сент., 1903 анз. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «Гарданти Михал. Уадзимистæ», Дзæуæгигъæу, Ир, 2007, 69-70 ф.
229
КЪАНТДЗИ ТАУÆРÆХЪ Нартбæл фуд анзтæ фуд бонау искодта. Уæд гъæздуг лæг Борæфæрнуг, зæгъгæ, афæй балци адтæй. И афæййи фæсте ку ‘рцудæй Борæфæрнуг, уæд и Нарт фагустæбæл нихъхъантæ ‘нцæ. Уæд Борæфæрнуг хæдзарæмæ бацудæй, нæ адæм басор æнцæ, зæгъгæ, æма еу комæй галæргъау æртæрун кодта. Иннæ коммæ рарвиста ‘ма къамбецæргъау æртæрун кодта. А æртиккаг коммæ рарвиста æма листфонс æртæрун кодта. Ку рамбурд æнцæ, уæд Сирдон загъта Нарти фæсевæдæн: – Мах æрдунтæй гъазианæ. Нарти фæсевæд рацудæнцæ гъазунмæ æма сæбæл уæд уæллæй æрцудæй еу биццеу, æма имæ февардтонцæ еу æхст. Фехста и биццеу. Æ фат нæ бахаудтæй æма ибæл ниххудтæнцæ Нарти фæсевæд. Е дæр син уæд загъта: – Æз уæхæн нисан нæ фехсун, фал уæ фæттæ нисанæн ниссадзетæ идарддæр æдтæгфæсте. Ниссæ фаста æ фатæй. – Нур ба уæ ходтæ æрсадзетæ! Æрсагътонцæ æма син сæ никъкъуæхтæ кодта. Уæдта бацудæй хæдзарæмæ еу биццеу æма загъта: – Æхсæртæгкатæй нин еу биццеу нæ фæттæ ‘ма нæ ходтæ никъкъуæхтæ кодта. Æма ин Сирдон загъта: – Æрба ‘й хонетæ! Фал и биццеуи æ бунатæй сæзмæлун дæр нæ бафæразтонцæ. – Цотæ æма ин зæгъетæ: «Ронгагор æрцудтæ æма рацо ронг ниуазунмæ!» Æма æрбацудæй уæд хæдзарæмæ, æма ин Сирдон загъта: – Æхсæртæгкатæ, хонгæ уæ киндæ уа, æма цæугæ нæ кæнтæ; ма уæ хундæ уа, æма уæд уæ сæрæй дуæрттæ кæнтæ. Æма уæд еци биццеу рацæфтæ кодта Нарти биццеути, æма, кæмæн æ цонги гъолæ фелвæстæй, кæмæн ба еугур дæр расастæй. Уæд имæ Борæфæрнуг уæллæй æрдзурдта:
230
– Кæд уотæ æрдунгин æма фатгин дæ, уæдта уæртæ денгизи билæбæл мæ авд лæхъуæни бадунцæ, айкæ нисанæн дарунцæ æма уони хæццæ бавзарæ дæхе! – А, Хуцау, мæн дæр уæхæн лæг искæнæ, æма, Борæфæрнуги авд лæхъуæни инайбаст искæнгæй, сæ хæдзарæмæ ци скæнон, уæдта Борæфæрнугæн, æ сæр æркæнгæй, бæхъæбæл æй æрцæвгæй, уомæн уадæ æ рехæ æма æ сæригъун бæндзуггай куд хæсса, уæхæн лæг дæр мæ Хуцау разиннун кæнæд! Фæццудæй æма авд лæхъуæнемæн райарфæ кодта, уæдта загъта: – Æз сумахмæ æрцудтæн, фегъустон, айкæ нисанæн ке даретæ денгизæн æ еу билæй иннæ билæмæ. Уæд имæ, сæ еу к’ адтæй, – еу фат февардта. Фехста æма фат донæн æ тæккæ астæу ниххаудтæй, æма ибæл ниххудтæнцæ. – Æз уотемæй нисан нæ фехсун, фал уартæ айки сæрбæл содзийнæ ниссадзетæ æма ‘й, лæг ка ‘й, е æхсæд æ сагъæдахъæй! Ниссагътонцæ содзийнæ æма бабæй еуемæй еу æхст ракурдта. Фæ ‘й æхста æма ‘й фатбуни æрбахаста. Уæдта син райарфæ кодта ‘ма загъта: – Мæн Хуцау уæхæн лæг разиннун кæнæд æма уæ æз, инайбаст искæнгæй, уæ уостити цормæ бæгънæгæй куд искæнон! Уæдта рацудæй æ мадæмæ æма ин загъта: – Уæллаг синхи биццеутæ галмуги цæкутæй цæрунцæ, мæнæн ба цæку некæд искодтай. – Æз ба дин цæку куд нæ ракæндзæнæн! Биццеу ба «цæку-цæку» кодта. Ра ин кодта цæкутæ æма ин сæ къоси ракодта. Уæд ин биццеу загъта: – А, уæууæй, е, мæ мадæ! Æнгъæлдæн мæ гъæдин къохæй исхастай?! Уæд ин сæ æ къохи ракодта æма имæ сæ бадардта. И биццеу ин цæкути хæццæ æ къох нилхъивта. – Мæн æнæ нилхъевун дин хуасæ нæййес, æви ци? – Æдта мин мæ фиди ка рамардта, уой зæгъæ, æнагæ. Е ба ин загъта: – Дæ фиди дин ка рамардта, уой, дæлæ сæумæ ниццо дони гъосмæ æма, фиццагидæр ка рацæуа, еци уоси къустелæ фатæй ниццæвæ æма дин æй зæгъдзæнæй. Сæумæ рагиау донигъосмæ ниццудæй æма еу уосæ рацудæй, æма ин æ къустелæ ниццафта фатæй, æма и уосæбæл къустели дон никкалдæй. – Кæд уотæ æрдунгин дæ, уæд дин Сау Сайнæги фурт Сау Албæг дæ фиди ку рамардта!.. Уæд имæ фездахтæй æма ин æ къустелæ ранихаста, æма ин загъта:
231
– Æз дæуæн дæ фæлуст куд искæнон, Сайнæги æлдарæн ба æ сæр куд ракъуæрон, уæхæн лæг мæ Хуцау искæнæд! Иссудæй æ мадæмæ бабæй æма ин загъта: – Мæ фидæй неци байзадæй цума? – Дæлæ æ бæхæн ма æ гъостæ зиннунцæ гозей бунæй. Ниймæ цудæй. Æ дууæ гъосемæй æй фелваста æма ‘й сапон-æвдулд ракодта. Ис æй хæццæ кодта æма æ мадæмæ дзоруй: – Саргъæй, гæрзтæй ба куд адтæй мæ фидæ? – Саргъ уæд, гæрзтæ уæд, алцидæр разиндзæнæй. Бæхбæл саргъ февардта, гæрзтæ æрбаста, рабадтæй, ни ‘й цæфтæ кодта. Еуæрдæмæ нигъгъазта, иннердæмæ багъазта æма исдзурдта æ мадæмæ: – Куд федаун? – Кудзи лæхæбæл сæумон æртæх куд федауа, уотæ! Ниццæфтæ кодта, ниггæрæхтæ кодта никкидæр и биццеу и бæхи æма бабæй сдзурдта æ мадæмæ: – Гъенур ба куд федаун? – Мæнæ уалдзæг сугъди кæрдæгбæл хор куд бафелауй, уотæ федауис. Цæун байдæдта æма, æ къустелæ кæмæн басаста, еци уосæмæ нихъхъæрттæй, æма ин æ фæлуст равардта, уæдта ‘й бафарста, Сайнæги фурт Сау Албæг кæми цæруй, уобæл, æма ин и уосæ загъта: – Нуртæккæ бæхтæ донмæ фæлласуй æма маймаиддæр æ уæлети ма бацо, æ бæхти дон ин ма ниллæкъун кæнæ, ра дæ мардзæнæй. Ниймæ цудæй æма фудæнæн æ уæллæй дони нистадæй, æма ‘й лæкъун кæнун байдæдта. Сау Албæги бæхтæ лæкъун дон ку рауидтонцæ, уæд ниххæлбиндзитæ кодтонцæ æма ин æ дууæ дæр фæййервазтæнцæ. Уæд ибæл Сайнæги æлдар фæгъгъæр кодта: – Гъей, Къантдз! Дæ фиди дæндæгутæбæл мæ церхъ багъзалдæй, æндæра дин дæ сæр æркъуæринæ! Къантдз ба ин загъта: – Хор уæмæ цирдæгæй искæсуй? Ацирдæгæй, зæгъгæ, Сайнæги æлдар æ сæрæй райамудта. Сайнæги æлдар æ сæр куд фæззилдта, уотæ ин æй Къантдз церхъæй ракъуæрдта æма донмæ ниххаудтæй. Æ базуг ин æрбавгарста, æ фæсабæрцæ ‘й æрбабаста и базуги æма сæ хæдзарæмæ иссудæй. Бадзурдта æ мадæмæ: – Нана, дæ ком исуадзæ, дæ саутæ исесæ, мæ фиди марæги рамардтон! – Нæй, нана дин дæ рун бахуæра! Ци хъазгæси базуг æрæвгарстай, ци хугæси базуг æй?
232
Къантдз ба ин загъта: – Мадта и сæумæ дон тог ку нæ ласа, и уадæ ба ин æ сæригъунтæ бæндзуггæйттæй ку нæ хæсса, уæд мæнгæ дзорун! Баæруагæс æй и мадæй, сæумæ ку фæууидта, æ фурт ци дзурдта, уони, уæд, æма загъта: – Дæ фиди дин иуонггъæуаггин нæ бакиндæ ‘й. Æ базуг ин фæххæссæ фæстæмæ. Къантдз фæххаста базуг фæстæмæ. Ку ‘й рауидтонцæ биццеуи Бориатæ, уæд загътонцæ: – Нæ саг фæрæтмæ æрцудæй! Маргитæ ‘й! Къантдз æ бæхæй æргæпп кодта. Арцæ зæнхи ниррæхуста æма ибæл æ бæх бабаста. Мæрдæвæрунбæл нихъхъæрттæй Къантдз. Адæм æй берæ адтæй. Зæрæндтæ загътонцæ фæсевæдæн: – Хæлæф ма кæнтæ! Уæлæ ин æ арцæ фезмæлун кæнун бафæразетæ! Иссудæнцæ лæхъуæнтæ, фал си еу дæр арцæ фезмæлун кæнун нæ бафæразта. Фал уæддæр фæсевæд нæ байгъустонцæ хестæртæмæ ‘ма тохун исамадтонцæ, тохун. Ци гæнæн ма адтæй Къантдзæн дæр: церхъæй нæ, арцæй нæ, фал сæ, и базуг к’ адтæй, уомæй ракъуæрæ-бакъуæрæ фæккодта æма сæ еугурæй дæр ниххафта. Уой фæсте ба ниййервазтæй Борæфæрнугетæмæ дæр æма дæ гъæуй ма, гъæуй! Ниссæ баста инайбаст æма сæ бæгънæгæй сæ уостити размæ истардта. Сæ ес, сæ бес дæр син исхаста. Фæссæбæл гириз кодта, уæдта сæ рамардта. Рамардта Борæфæрнугæн æхе дæр. Хамихъоти Тæкъой дзурдтæй Собити Инали финст. Хонхи Дигорæ, Нæуæггъæу, 1898. Ж. «Ирæф», №3, 2004. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. 345, I т., 133 п.
233
ДЕДЕНÆГИ КАДÆНГÆ Нарти æмбес хай Деденæги адтæй. Зæнæг ба ин н’ адтæй, æма Нарти Уацирохс ка хундтæй, уой æхецæн дуккаг уосæн æрхудта. Уацирохсæн æ конд, æ уиндæн н’ адтæй. Еу хатт кæми адтæй, уоми Уацирохс донмæ рацудæй, æма ин Сослани Хуцау æ размæ фæккодта. Нæрæмон лæг æй нæбал уагъта, фенбæлæн, зæгъгæ, æма ин Уацирохс кæми састайдæ. Кæнæгой адтæй æма Ацæти Таувези (Теруези) хæццæ хаттæй. На-нæуа æй ку нæбал уагъта Сослан, уæдта ин Уацирохс дæр загъта: – Ци мæмæ æрцудтæ, Ацæти Таувез мин ку нæ фестадтæ, уой фæууиндæ мин рауай! Сослан дæр ма ци исдзурдтайдæ æма мæстæйдзагæй раздахтæй. Уой фæсте ба и Нартæн Ахкемай устур синд адтæй, æма Деденæг дæр уордæмæ семунмæ æрцудæй. Сосланæн ба ма Уацирохси æфхуæрд æ зæрди адтæй æма Хæмици фурт Батразæн балæдæрун кодта æ зæрдиуаг. И дууæ исфæндæ кодтонцæ Деденæги бафхуæрунбæл æма синди æ фæйнæ фарсеми ниххуæстæнцæ. Нур Уацирохс æма Адæкезæ ба Нарти синдмæ билæй кастæнцæ. Сослан сæ цæмæннæ батергади кодтайдæ æма уони æрдæмæ се ‘рух ку рахатиуонцæ синди зилди хæццæ, уæдта дууæ бæдæйнаг лæги Деденæги истелиуонцæ, сæхуæдтæ ба исзариуонцæ: – Уæ Деденæг, кæнæг хусгæ! Изæрæй и синд рахæлеу æй æма Деденæг дæр сæхемæ исцудæй, æма ин Адæкезæ уотæ зæгъуй: – Дессаг, кæнæг хусгæ, зæгъгæ, уотæ цæмæн исзариуонцæ? Деденæг ба æмбаргæ лæг адтæй æма ин уотæ: – Æмбурди хъал лæхъуæнтæ кунæг еститæ нæ фæззарунцæ, ‘ма уонæмæ игъосæ, уæдта еститæ дзордзæнæнцæ. Кунæг уæхæн зартæ нæ фæккæнунцæ лæхъуæнтæ, уобæл бабæй мæ ци фæрсис? Уобæл и уостити зæрдæ банцадæй, фал Деденæг ба фæггурусхæ æй: цидæр æй, уæддæр Уацирохс еске хæццæ хæтуй. Нарти лæхæйдзаг сувæллæнттæ мæбæл зар хумæтæги нæ раскъардтонцæ, зæгъгæ, æма æй æ гъæдин мæсуги сæргкаги бакодта, æхуæдæгка Адæкези хæццæ бунгкаги цардæй. Уотемæй цæрун райдæдтонцæ. Уацирохс, æнæ бони рохс фæууингæ, æнæ
234
арви цъæхмæ искæсгæй, бадтæй æ уати æма имæ уордæмæ ба алли æхсæвæ дæр цудæй Ацæти Таувез. Уомæн ба гæдиæй базуртæ адтæй æма æрбатæхидæ мæсуги сæрти, къæразгæбæл бабадидæ, æ базуртæ уоми исесидæ. Уацирохс дæр æй базонидæ æма ин къæразгæ æрбайгон кæнидæ æма æхсæвæ-бонмæ уоми фæууиуонцæ. Сæумæрдæмæ ба Таувез æ базуртæ бабæдтидæ æма фæстæмæ рандæ уидæ. Уотемæй, ци рацардæнцæ, уæдта Уацирохс бауæззау æй. Нур, кой кæндзæнæн, зæгъгæ, уæдта загъта æ сæри хецау – Деденæгæн: – Ами цæрун нæбал фæразун: бони рохс нæ уинун, адæймаг нæ зонун, уотемæй ма аци цард æма рæсугъддзийнадæй æз ци кæнун? Нур ба мæ дзæбæх дарæс дæр мæ нæбал гъæуй, фал ма мæ дæхецæн нурмæ куд агкаг кодтай, уотæ кæд агкаг кæнис, уæд мин фурдзартæй лæмæгъ кæрцæ искæнæ æма мæ бунгкæгти цæрун уадзæ. Æз дæр мæхе нæбал æфснайдзæнæн æма мæмæ кæд некебал хицæ кæнидæ. Деденæгмæ æ дзубандитæ раст фæккастæнцæ æма ин, куд загъта, уотæ æ над æ барæ рауагъта. Уацирохс дæр æ бæнттæ нимайун райдæдта æма æ бони радæ ку æрхъæрттæй, уæдта Ацæти Таувезæн лилагъз искæнун кодта, мудадзæй æй хуарз байсарста, уæдта и сувæллони дзедзейæй бафсаста æма æй денгизи багæлста. И лилагъз дæр лæсун райдæдта. Уæд еци денгизбæл Хуцау балердзаутæ фæккодта. Æгас бон фæххаттæнцæ и балердзаутæ æма нецæбæл хуæст кодтонцæ. Бафæлладæнцæ и балердзаутæ æма денгизи билæбæл сæ хизтæ æма сæ бæлæгътæ куд рагæлстонцæ æма рæфтадбæл куд æрбадтæнцæ, уотæ ба сæбæл Сослан, Уорæзмæг, Хæмиц æма Деденæг исцудæнцæ. – Байрайайтæ æма уин берæ Хуцау радта! Ци æй, ци мæтъæл бадт кæнтæ, – зæгъгæ, сæмæ дзорунцæ Нарти дзæбæхтæ. Етæ ба син: – Ци агъази мæтъæл бадт æй! Æгас бон фæххаттан а денгизи æма еунæг кæсалгæ дæр нæ арми нæ бафтудæй, нур ба сехуар кæнунмæ бабадтан æма нæмæ рафестæг уотæ, – зæгъгæ, æма син сæ бæхти идæнттæбæл æрхуæстæнцæ. – Фарнæ уæмæ рафестæг уæд, фал уи корæн æма мах номбæл дæр уæ хизтæ еу гæлст бакæнтæ, кæдимайди ма ести ниййахæссиайтæ мах нивæй. Балердзаутæ дæр февналдтонцæ æма сæ хизтæ багæлстонцæ æма – неци. Сæ еуей хизи ба Хуцау, Уацирохс ци лилагъз багæлста, уой бафтудта. –Уæ нивæ амæй хуæздæр н’адтæй, – æма балердзаутæ ниххуæстæнцæ, æма и лилагъз сæ еуемæ дæр дарунцæ, се ‘ннемæ дæр, æма æй неке комуй. Уæдта Деденæг уотæ: – Ра æй хæссетæ мæнмæ, æз æй хæсдзæнæн! Уорæзмæгетæ дæр ибæл фæххудтæнцæ:
235
– Амæн ба, цидæр фæйна, уой корун е ‘гъдау æй! Æноси корагæ æй. Цидæр адтæй, и лилагъз Деденæгмæ бацудæй æма уотемæй ранæхстæр æнцæ. Надбæл ба сæмæ дзоруй: – Ци дессаг æй: уæртæ Сау хонхбæл цъетети рæбун нæзи гъæдæ содзгæ æрбацæуй! Етæ хонхæрдæмæ кæсуни ку фæцæнцæ, уæд Деденæг ба лилагъз фæззихъир кодта æма имæ уордæгæй ба биццеу ниххудтæй. Фæ ‘й æнгон кодта, Нартæ мин æй ма базононцæ, зæгъгæ, ‘ма сæхемæ уотемæй исцудæй. Цийнæгæнгæ исмедæг æй æ мæсуги æма Адæкезæн радзурдта и сувæллони хабар. Е дæр æхебæл фестæлтæ, цидæр бузгъуртæ æ хъæстæбæл истухта æма ракой æй: – Деденæги уосæ Адæкезæ зæруæрдæмæ бауæззау æй! Дугкаг бон ба Деденæг сувæллони Адæкези фарсмæ ниввардта, æхуæдæг ба синхæнттæмæ радзурдта: – Не ‘фсийнæ цидæр кæнуй æма имæ бакæсетæ! Синх æрæмбурдæнцæ æма кæрæдземæ хуæрзæнгорæгкæгти уадæнцæ, Деденæгæн лæхъуæн райгурдæй, зæгъгæ. Нарти дзæбæхтæ имæ арфæмæ цæмæннæ цудайуонцæ æма имæ уотемæй устур æмбурд иссæй. Æмбурди адæм ибæл сæвардтонцæ Ерæхсау. Адæкезæн дзедзе н’ адтæй æма ин хæссæг агорун райдæдтонцæ. Нартæ æй сæ кæрæдземæн нæ уодæнстæнцæ. Алкедæр уотæ фæндæ адтæй æма уой енцег куд адтайдæ, уотæ, фал æй кадæр фæххаста, уонæй ин æ дзедзе дарун неке бафæразта: Ерæхсау дзедзе ку исивазидæ, уæд ин æ зæрди ауиндзæнтæ тонунмæ багъавидæ æма æй фæстæмæ æрхæссидæ. Æрæгиау ба Уацирохс уотæ: – Æз ба ‘й мæхе дзедзебæл бафтауон, кæдимайди ма ин дзедзе æрифтауинæ, – æма æй æхемæ райста. Уацирохсмæ ба дзедзе куд н’ адтайдæ æма æй уайтагъддæр рацæпполæппо кодта. Уайтагъддæр Деденæги фурт Ерæхсау хæтунгъон фæцæй æма, æскъуæхт лæг æй, зæгъгæ, Нарти астæу æ кой рацудæй. Сослан ин æ хабæрттæ куд нæ игъустайдæ æма ин фæсаууонмæ хæлар разагъта. Ерæхсау дæр Сослани нæ зудта, фал ин фæсаууонмæ ба лимæнеуæг кодта. Кертибийти Кертибий дзурдтæй финст. Мæхческæ, 26 окт., 1903 анз. Гарданти Михали сæрмагонд архив. «Гарданти Михал. Уадзимистæ», Дзæуæгигъæу, Ир, 2007, 91– 94 ф.
236
НАРТИ СÆЛФ ХОДÆ Аци фурт Ацæмæз денгизи билæмæ сау робаси фæдбæл цауæни рандæй. И Нартæ ба уой æрцудмæ Гори федар басастонцæ æма ин æ ес– æ бес рахастонцæ, иуарунбæл ба нæ федудтонцæ. Сæ еу дæр, се ‘ннæ дæр уотæ загъта: – Æз Гори федармæ фиццагидæр бацудтæн æма гъæуама иуарæг дæр æз уон, хуæздæри хай дæр мæн уа! Уотемæй хъаугъатæ кодтонцæ æма нецæбæл федудтонцæ. Уалæнги Аци фурт Ацæмæз дæр ци фæххаттæй, Хуцау зонуй, е ‘фсæн гебунтæ æ уæрагисæртæмæ бафехсудæнцæ, уæдта сау робас рамардта æма уотемæй æ хæдзарæмæ æрбахъæрттæй. – И Нартæ Гори федар басастонцæ, æ ес-æ бес ин иуарунцæ, æз ба æнæхай фæдтæн, – зæгъгæ, куд нæ ниггузаввæ адтайдæ Аци фурт Ацæмæз. Нарти Уадзæфтауæ ба ин уосæн адтæй æма ин загъта: – Уобæл гузаввæ ма кæнæ, фал цо æма, и Нартæ Гори федарæй еу зæронд уосæ сæ хæццæ ракодтонцæ, нур ба æй бæгънæгæй хъамили рагæлстонцæ, æма уомæ бацо. А сау робаси думæг ба дæ ходи æскъели æрцæвæ æма ‘й зæболæй уадзæ, дæхуæдæг ба и уоси дарæсæй дæр, хуаллагæй дæр хуарз фæууинæ, уæдта Хуцау ке зæгъа, е уодзæнæй. Нарти адæм сæр æз дæн-бæл ‘ма сæр мæн-бæл ци фæхъхъаугъа кодтонцæ, Хуцау зонуй, уæдта сæ фæстаг ба, ци зæронд уосæ рахудтонцæ, уомæ æрцудæй. И уосæмæ еугаййæй цæун райдæдтонцæ Нарти дзæбæхтæ ‘ма æй фарстонцæ: – Гори федармæ раздæр бацæугæ ке фæййидтай? Е дæр, сæ еуемæн дæр, се ‘ннемæн дæр, нæ дæ фæйдтон, зæгъгæ, разæгъидæ. Уотемæй æгас Нарти дзæбæх адæмæй фæстаг некебæл байзадæй, уæддæр си е ба неке байамудта. Уæд Нартæ исгузаввæ ‘нцæ: – Мадта ма раздæр Гори федармæ ка бацудайдæ,– зæгъгæ. – Ацæмæз зæгъæн, æма е ба нæ хæццæ дæр ку н ‘адтæй. Æрæги-дурæги ба Ацæмæзи барвистонцæ и уосæмæ. Е дæр загъта: – Гъæй, уæ буни байзайа, кæд аци лæгæй раздæр Гори федармæ неке бацудæй, уæд!
237
Нартæ фæддес кодтонцæ, фал син гæнæн нæбал адтæй æма Аци фурти иуарæг искодтонцæ æма Сирдонæн загъта: – Къахтмæ ниххезæ æма си римæхсæнтæ искæнæ дæхецæн: иуарун ку райдайон, уæд хуарз хæзнайæй кедæр уинон, уони уордæмæ гæлдздзæнæн, æма сæ ду ба асхъод кæнæ! Сирдонæй байруагæс æй ‘ма и къахтмæ ниххизтæй. Аци фурт Ацæмæз дæр ибæл сикъит никкалун кодта. Иуарун райдæдта ‘ма сæ исхæйттæ кодта, æхецæн ба сæлф ходæ, суйнаг æма еу уафси зæронд райста æма Сирдони исуагътонцæ. Е дæр еу хай æ æрций фиййæй фæхъхъел кæнидæ, инней дæр – уотæ æма сæлф ходæ, суйнаг æма и уафси ку некæми иссердта, уæдта син загъта: – Уæ хæйттæй ирайгæ уотæ, куйти Нартæ! Ка адтæй, уони Аци фурт ниффардæг кодта! Сæлф ходæмæ уæхæн хъаурæ адтæй ‘ма æй ка никкæнидæ, уой тугъди кард нæ карста, топп æй нæ хизтæй æма æй æзнаги цæстæ нæ ахæста. Суйнагæй ба цидæр рабастайдæ, – пакъуй уæзæ дæр æй нæбал уидæ. И уафс ба цидæр донбæл, кенæ ба денгизбæл багæлстайдæ, – хед фестидæ. Уæхæн хæзнатæ адтæнцæ. Ци гæнæн ма син адтæй Нартæн æма и хæзнатæ Аци фурт Ацæмæзæн байзадæнцæ. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Мæхческæ, 3.10.1903. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «ПНТО, в. 2, 1927», 52-53 ф.
238
финст.
СОСЛАН ÆМА СÆРИ ХЪАБОЛÆ Нарти нæртон адæм, еу кæми адтæй, уоми рацудæнцæ хæтунмæ æмбурдæй: Орæзмæг, Хæмиц, Сослан, Уон, Сирдон æма Батраз. Ци фæццудæнцæ, ка ‘й зонуй, уæдта еу тæгæрсари æрбунат кодтонцæ. Сæгтæ æруæзтæй цæгъдунцæ. Сослан зæгъуй: – Цæй, Тари ком ма бабæрæг кæнæн. Коми бацудæнцæ еу сахат. Уоми адтæй мæрдзæстæ æрдозæ. Æрдози астæу ба – хъæзæ. Хъæзгæрон æрдози – хæрнæгътæ: адæймаги æма алихузон. Æврагъ сæбæл æрцудæй. Æхсæземæй сæри хъаболи бацудæнцæ. Ехæврагъ раевгъудæй. Сæрæй зæлдæмæ рахизтæнцæ. Сослан дзоруй: – Мæ хестæртæ, ами дессаг цидæртæ ку ес. Листæг сæмæ æркæсетæ. Сослан сæмæ фæффест кодта. Бæхти истгутæ хецæнæй æрцурхта. Лæги истгутæ дæр рахецæн кодта, куд адтæнцæ, уотæ сæ æрсагъта. Хуййи истгутæ дæр рахецæн кодта. Дууæ егарей истгутæ дæр рахецæн кодта. Æма дзоруй Сослан: – Æз Хуцауæй гъенур кордзæнæн, аци дессæгтæ сæ дзамани куд адтæнцæ, уобæл. Æма ймæ фæйнердиги дзорунцæ: – Еугурæй нæ нецæмæн гъæунцæ. Æма сæмæ уæддæр нæ байгъуста, – аци лæги дессаг æнæ фæууинун нæййес æма загъта: – А хуцаути мæхе Хуцау, аци адæймаг, æ дзамани куд адтæй, уотæ ци феста, цæститæ ба йбæл ци нæ уа! – æма æ буйнаг цъæфсæ фелваста, уомæй æй æртæ дауди æркодта. Ци адтæй, уомæй æндагъддæр фестадæй. Рабадтæй ‘ма нибберигътитæ кодта. Фæйнердигæй дес кæнунцæ, алæмæттæ. Дзоруй сæмæ: – Ци айтæ, циуавæр айтæ? Æма ймæ дзорунцæ: – Мах ба ан адæн. – Циуавæр адæни муггаг айтæ? – сæмæ дзоруй. – Мах ба ан Нарти адæн.
239
Æма сæмæ дзоруй: – Нарти зонгæ номдзуд адæн сумах айтæ? Етæ дæр зæгъунцæ: – Мах ан. – Мадта Орæзмæг дæр ами ‘й, Хæмиц дæр ами ‘й, Сослан дæр ами ‘й, Сирдон дæр ами ‘й, Уон дæр æма Батраз дæр? Дзорунцæ ймæ фæйнердигæй: – Цæмæй нæ зонис? Е дæр сæмæ дзоруй: – Нæ фидтæлтæй игъосгæ æрцудтæн: «Нарти адæн æнтæсдзæнæй, цæрдзæнæнцæ берæ рауæнти; æскъуæлхт адæн сæмæ уодзæнæй, етæ ба фæйнæ хуземæй æнтæсдзæнæнцæ.» Æма е ‘ндæргъцæ исистадæй. Дзоруй сæмæ: – Уæхе мин фæууинун кæнетæ. Сослан дзоруй: – Мах лæгтæ еудзæфон ан, ‘ма уомæн гæнæн нæбал ес. – Уæддæр мæмæ дæ къох æрхæссæ. Дæ бауæрбæл дин бамбæлон. Сослан имæ разæй банæхстæр æй, ‘ма ‘й æ коми тулфæй фæстæмæ рагæлдзидæ. Æма ймæ дзоруй: – Ци фæдтæ? – æ къох имæ даруй. Æма ймæ Сослан дзоруй: – Дæ ком мард æсмаг кæнуй, ‘ма дæмæ нæ бухсун. Дзоруй имæ: – Мадта мæмæ къилдун æрдигæй æрбацо. Æ къох имæ равардта фæстети, къилдун æрдигæй. Æма ин æ цонги гъолтæ, е ‘уæнгтæ ин рауидта. Æма ймæ дзоруй: – Де ‘уæнгти ку неци ес, ци листæг кæндтитæ дæ. Фал дæ фæлдесонд ба æндæр хузи ‘й. Сослани фæрсуй: – Уæ цард цæмæй æй? Цæмæй цæретæ? Æма ймæ дзоруй: – Нартихуари кæрдзин ‘ма сирди фидæй. Æма загъта: – Мадта уе ‘сæфт ку æрцудæй. Дзоруй сæмæ: – Мадта уæмæ зинг ес? – Ес нæмæ. Сослан ба ймæ дзоруй:
240
– Мадта сумах цард ба куд адтæй? – Мах цард ба адтæй зæнхи сойнæй, сирди фид æма æндæр уæхæнттæй. Махæн арт, зинг н’ адтæй, фал ин æ хабар ба игъустан: «Зинг æнтæсдзæнæй.» Сослан имæ дзоруй: – Зæнхи сойнæй кутемæй цардайтæ? Æ цонг фæффест кодта, ма ‘й зæнхи рауагъта е усхъи уалдæнгæ, ‘ма сикъит æ къохидзаг исиста ‘ма сæмæ дзоруй: – Гъенур уæ армитъæпæнтæ æрбадаретæ. Сослан æ къох бадардта, æма ин æ армитъæпæнтæ райдзаг кодта ‘ма ймæ дзоруй: – Гъенур уой бастæрай. Бай æстардта, ‘ма ин нард фидау æ зæрдæ ниццавта. Æма ймæ дзоруй: – Гъе нур дæу хуæрун нæбал гъæуй æстæмæй-астмæ, дон ма ку баниуазай, æндæр. Сослан дзоруй: – Ардæмæ кутемæй æрæфтудтæ, ами дессæгтæ ку ес? – Ами адтæй сæйгæ нæл, æ хабар цудæй, æма ймæ æрбацæуиуонцæ, ‘ма сæ бахуæридæ. Уомæ гæсгæ æз дæр æрбацудтæн, – мæ бæхбæл рабадтæн ‘ма мæ егарти хæццæ. Егæрттæ мæбæл æй раскъæрæн кодтонцæ хъæзæй. Æма мин мæ бæхи ратъæпп ласта, ‘ма æрхъан æй, ‘ма егæрттæ дæр фæйнердæмæ рагæлста. Еунæг цæф æй никкодтон изазнæй. Уæдта мин мæхе зæнгитæ дæр ракъуæрдта. Фæрсæй ма ин е ‘уæнгтæ басастон мæ къохæй. Гъеууотемæй ами æрдæрæн дæн. Е ба уин мæ хабар. Сослан имæ дзоруй: – Мадта лæг куд мариайтæ, сирд, уой нин байамонæ. Æма ймæ уæйуг дзоруй: – Уæртæ идæрдтæ бацæуай. Дор истиста, дзæбæх тугул дор, ‘ма ймæ дзоруй: – Кæми дæ? Фæййимæ дзурдта: – Мæнæ дæн. Кæцæй дзурдта, уордæмæ ‘й фехста. Дзоруй имæ: – Ци фæдтæ? Нæ дæбæл рауадæй? Æма ймæ дзоруй: – Нæ мæбæл рауадæй, мæхе фæттилеф кодтон. Дзоруй имæ: – Мадта мах еци тилефæн неци зудтан. Тилеф бабæй ци ‘й? Уæдта бабæй æд къуала бæласæ истудта ‘ма ‘й уомæй фехста.
241 16* Заказ №1424
Дзоруй имæ: – Ци фæдтæ, нур дæр нæма нимморæ дæ? Е дæр имæ дзоруй: – Мæ фалдзос дæр не ‘рцудæй, мæхе фæттилеф кодтон. Æма сæмæ дзоруй: – Мах тилефæн неци зудтан. Сумах сайтантæ цидæр айтæ, ‘ма мæ ниууагътæ, корун уи, ‘ма мæ уомæй фулдæр мабал мæстæй маретæ. Сослан имæ бацудæй буйнаг цъæфси хæццæ ‘ма искувта: – Кутемæй дæ иссердтон, еци хузи фестæ! Æма ‘й буйнагин цъæфсæй æртæ дауди æркодта, ‘ма, куд адтæй, уотæ хæрнæгътæ фестадæй. Æма йбæл баздахтæнцæ ‘ма йбæл туппур искодтонцæ, ни ‘й æмбарзтонцæ. Ранæхстæр æнцæ сæхемæ, сæ сирди мæрдтæй уæргътæ искодтонцæ, уотемæй æрцудæнцæ сæ хæдзæрттæмæ, ‘ма байзадæнцæ цæргæ-хуæргæ, алæмæттæ хастонцæ. Бетрозти Емæзай дзурдтæй æй ниффинста скъоладзау. Лезгори гъæу, 1940 анз. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. 88, 30 п., 275-276 ф. «Нартæ», Дзæуæгигъæу, 2005 анз, 89 – 92 ф.
242
НОКАРИ ФУРТ ÆХСÆ-БУДАЙ Нокари фурт Æхсæ-Будай цардæй Уæрппи сæри æма адтæй берæ хъабагъти хецау. Ци дзиллæ нæ басаста, уæхæн ин нæбал адтæй Нартæй фæстæмæ. Нокари фурт Æхсæ-Будай Нарти басæттун фæндæ искодта æма æ устур хъадирбæл ранæхстæр æй. Бæхæн хъадир дардта. Сослан уой ку фегъуста, уæд рæуæнттæй рандæй балци. Сослан рауон-циуон адтæй. Цидæр адтæй, æ фусун Уорæзмæгмæ æркодта. Æрæхсæвæ ‘й, æма Сослан æхецæн иуазæгдони уат кæнун дæр нæ бауагъта, хæдзарæй фæстæмæ. Æхсæ-Будай и Нартбæл æстæмæй-астмæ ниббадтæй. Æхсæвæ гал равгæрдидæ, бонæ – гал, уотемæй сæ сæ уодтæбæл искодта. Кизги кизги æгъдаубæл нæ уагъта, ностæ ности фæлхæнбæл нæ уагъта. Тухæ син кодта алцæмæй дæр, æма и Нарт сæ уодæн нæбал адтæнцæ. Æхсийнæ еци бони æраиста Уорæзмæги фурти – Айсанай. Гъæдин саг ин искодта, раледзгæ куд адтайдæ, уотæ. Нигки ба ма ин æхсийнæ æ еу фарси ходгæ хор, е ‘ннæ фарси ба цогæ мæйрохс искодта, æ уонти астæу ба сайнæг æстъалу æма æй уотемæй рарвиста Уæрппи бунмæ, æхецæн ба ин ниффæдзахста: – Æхсæ-Будаййи уосæ дæ ескæми ку фæйна, уæд дин цалинмæ хъæбæр балихстæ кæна, уæдмæ имæ ма баздæхæ. Айсана Уæрппи бунмæ бацудæй. Уоми ба Æхсæ-Будаййи уосæ Уорс хонхи билæбæл бадуй æма æлвесуй: конгъæдæ е ‘лхуйнæ, куронфид – æ уæдæртæ, рæвæйнæ ба – æ халæ, уотемæй е ‘лхуйнæ хонхи бунмæ хъæртуй. Айсана расурдта еу саг, фæйæхста, ба ин нисан кодта, цауæйнон куд фæууй, уотæ. Лæкъæф е ‘рагъи ракодта æма ранæхстæр æй. Уотæ ба ‘й и уосæ фæйдта æма имæ дзоруй: – Æлдар-Хуар-Æфсатий мæ мадирвадæ ‘й; никкидæр дин ракордзæнæн æма æрбаздæхæ! Уа-нæуа ку нæ здахтæй, уæдта ибæл Хуцауи багъардта æма Айсана дæр баздахтæй. И уосæ æй æ уæдæртæбæл исиста уæлбилæмæ. Уоми кæрæдзей зæрдиуаг ку иссердтонцæ, уæд Æхсæ-Будайбæл маруни фæндæ искодтонцæ. Уосæ загъта: – Мæлæт ин нецæмæй ес мæ сæри хецауæн, уæртæ и кири минкъий болат хъæмайæй ин æ тæрнихи уорс æстъæлфæ ку нæ рацæвай, уæд.
243
Айсана и кирæмæ хатиагау исдзурдта, кирæ байгон æй æма исиста и хъæма. Уæдта æй и уосæ æ уæдæртæбæл æруагъта зæнхæмæ. Æхсæ-Будай Нарти æ разæй куд ракодта æма æхсийни хæццæ еумæ куд бадтæй, уотæ нихъхъæрттæй Айсана дæр. Нур мæмæ хицæ кæндзæнæй, зæгъгæ, уой балæдæрдтæй æма Хуцауæн искувта, сæ астæу устур бурæу куд фестадайдæ, уобæл. Æхсæ-Будай Айсанай ку æруидта, уæд æй расурдта æма сæ астæу бурæу фестадæй. Æхсæ-Будай дæлгоммæ бахаудтæй бурæуи. Айсана дæр имæ фæццурд æй æма ин æ хъæмайæй æ тæрнихи уорс æстъæлфæ расæрфта. Уотемæй, Æхсæ-Будай уоми ниххæрнæгъ æй. Нарт æрбаздахтæнцæ. Айсана ба цæун райдæдта æма Уæрппи бæрзондмæ исцудæй. И уосæ фæгъгъæр кодта æ адæмбæл: – Æхсæ-Будай Нарти басаста æма æрбарвиста, цæрунмæ уордæмæ куд æрцæуайтæ, уотæ. Айсана и уоси æхецæн бийнонтæ искодта, адæми ба æракодта Нартмæ. Айсанайæн æ фиццаг фонсиконд дæр æма æ фæстаг фонсиконд дæр е адтæй. Кертибийти Кертибий дзурдтæй 27.09.1903. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «ПНТО, в. 2, 1927», 58-59 ф.
244
финст.
НАРТИ САУ РОБАСДЗАРИ ТАУÆРÆХЪ Урузмæг, Хæмиц æма Сослан цауæни цæун исфæндæ кодтонцæ ‘ма син зæгъуй Сатана: – Нæ хецаутæ, уæ аци бони цауæни цуд фæндараст нæ уодзæнæй. Етæ ба ин зæгъунцæ: – Нур дæумæ ку байгъосианæ! Уомæ нæ фæккастæнцæ ‘ма уæддæр ранæхстæр æнцæ цауæни. Мет нæуæг уард адтæй. Сæумæй фæсарæфтæмæ фæххаттæнцæ, фал гæндзæхгини фæд дæр не ссирдтонцæ. Фæсарæфтæ ку фæцæй, уæд еу сау робаси фæдбæл фæцæнцæ ‘ма зæгъунцæ: – Абæл рахæтæн уæддæр, не ‘фсийни рази ходуйнаг куд нæ фæууæн, уотæ, ‘ма ‘й Едили билтæбæл скъæрæн кæнæн, – зæгъгæ. Сау робас сæ разæй рагæпп кодта ‘ма ибæл се ‘ртæ дæр еци еу цагъд искодтонцæ, кæрæдзей нæ базудтонцæ, уотемæй. Сæ еу иннемæ дзоруй: – Ци фæцæй? Æз æй фехстон. Е ба имæ дзоруй: – Ду дæр æй фехстай? Сумах дæр æй фехстайтæ?! Дзорун ибæл байдæдтонцæ. Фæ ‘ймæ цæунцæ ‘ма Сослан дзоруй: – Гъенур бабæй сумах дауæ кæндзинайтæ, æгириддæр кæд нæ фехстайтæ, уæддæр. Етæ ба ин зæгъунцæ: – Гæр æма нæ фæттæ бæрæг нæ уодзæнæнцæ?! – Зæгъетæ æдта, кæмæ уи ци фат адтæй, уой. Мæнæн геппи уагъд фат адтæй. Хæмиц ба загъта: – Мæнæн æфсæйнаг фат адтæй. Урузмæг дæр загъта: – Æдта мæнæн ба къохæй конд фат адтæй. Сосланмæ дзурдтонцæ: – Ду бабæй дауæ кæндзæнæ ‘ма зæгъæ: ке геппи уагъд адтæй дæ фат? Е ба:
245
– Мæнæн нæ фиддæлти еумæйаг геппи уагъд адтæй. Урузмæг дæр загъта: – Мæнæн мæхе къохæй конд адтæй, м’ арти къембурæй ке фæххуастон, уæхæн. Хæмиц ба загъта: – Æз ба Сафай цори бадтæн ‘ма æфсæйнаги кæрæнттæ ке ‘ркъуæридæ, уони æримбурд кодтон, ‘ма уонæй фæттæ искодтон. Уотæ тухгин адæм адтæнцæ, ‘ма кæрæдзебæл не ‘ууæндтæнцæ. Цалинмæ робасмæ цудæнцæ, уалинмæ кæрæдзей фондз фарсти бакодтонцæ. – Гъе, сидæуæн нæбал ес, – зæгъгæ. Ис имæ цудæнцæ, растъигътонцæ ‘й, æркастæнцæ имæ ‘ма ин сæ еу æ бæрзæй басаста, иннæ ба æ суйнæ, иннæ – æ астæу. Уæддæр ма кæрæдзебæл дауæ кæнун байдæдтонцæ ‘ма ин æ суйнæ ка басаста, е зæгъуй: – Æз ин æ суйнæ басастон ‘ма цæун нæбал фæразта, æма æ цар мæнмæ цæуй. Уотемæй æртемæй кæрæдземæ фæдздзурдтонцæ: – Æз ин æ суйнæ ку басастон! Иннæ ба уотæ: – Æз ин æ бæрзæй ку басастон! Иннæ ба уотæ: – Æ астæу ин ку басастон! Уотемæй хъаугъа кæнун байдæдтонцæ. Æрбадтæнцæ ‘ма загътонцæ: – Ци кæнæн? Æнæ æхсæвæр ку изайæн. Хæмиц ‘ма Урузмæг кæрæдземæ бакастæнцæ ‘ма загътонцæ: – Нур си æхсæвæр искæнианæ, фал а фудбони лæг æй ‘ма нæ фæллæудзæнæй, ескæд нин бафедис кæндзæнæй. Загътонцæ Сосланæн. Сослан ба загъта: – Мадта æз ба сумахæй ку тарстæн. Исфезонæг æй кодтонцæ ‘ма ‘й бахуардтонцæ. Ранæхстæр æнцæ сæхемæ. Урузмæг загъта: – Уæ хестæр дæн, æма си, сумах фæрци, уомæй мæ кæрцæн æфцæкъуатæ ку скæнон, æма ‘й, сумах фæрци, ку бадарон, уæд сумахæн ци ходуйнаг уодзæнæй?! Хæмиц загъта: – Æз уой ку бадарон, мæ кæрцæн реутæ ку скæнон, уæд уи адæм арфæ кæндзæнæнцæ. Сослан загъта:
246
– Уæ кæстæр уогæй, æз уомæй ходæ ку скæнон æма гъасти ку балæууон, уæд сумахæй гъаст кæндзæнæнцæ Нарти фæсевæд? Нæ ибæл бафедудтонцæ, кæрæдземæн æй нæ бауодæнстæнцæ ‘ма уотемæй Сатанамæ иссудæнцæ. Сатана сæмæ рауадæй æма сæмæ дзоруй: – Ци кæнетæ, нæ хецаутæ? Уæ уонтæ бæрзондæй, уæ сæртæ ба губурæй, уотемæй ку ‘рбацудайтæ, кæрæдземæ дæр ку нæ кæсетæ. Цидæр æнхæл уæ астæу бацудæй! Сирдон имæ дзоруй: – Ци æнхæл бацудæй, ци?! Фæндаг содзæг, хузесæг, æзинæ син сæ над басугътай æма ма сæ уадзгæ кумæ ракодтай? – Æма дин мæнмæ игъустонцæ артæфтуд адæм! Сатана имæ дзоруй Сирдонмæ нигкидæр: – Нæ хецаути аразæг дæ æма анæн ести унафæ искæнæ, е ба кæрæдзей ма бахуæронцæ. Уæд син загъта: – Мæнæ син Нарти хуарз адæнмæ ратдзинан сæ гъуддаг тæрхонмæ. Æримбурд кодта Нарти хуарз адæмтæ. Ра сæмæ цудæнцæ ‘ма сæ фæрсунцæ: – Ци ‘й уæ гъуддаг? ‘Ма син етæ дæр æрдзурдтонцæ сæ гъуддаг: – Атæ, атæ ‘ма Сау робас рамардтан, фал ин æ царбæл нæ федауæн. Урузмæг загъта: – Мæ кæстæртæй фæккурдтон, æнгъæл дæр сæмæ кастæн æма мин æй не сагкаг кодтонцæ. Хæмиц загъта: – Æз мæ хестæрæй дæр фæккурдтон, мæ кæстæрæй дæр фæккурдтон, ра мин æй дæттетæ ‘ма си мæ кæрцæн реутæ скæндзæнæн, зæгъгæ, ‘ма мæ нецæмæ æрдардтонцæ. Сослан загъта: – Æз мæ дууæ хестæремæн берæ кæстæреуæг фæккодтон æма æнгъæл кастæн, кæд мин раттиуонцæ робасдзар, æма си мæхецæн ходæ искæнинæ, зæгъгæ, ‘ма ме ‘мбæлтти астæу раппæлинæ, фал мæ нецæмæ бадардтонцæ. Загътонцæ и адæм: – Маргæ уи æй ка ракодта? – Уобæл нæ кæрæдземæ цæмæй исдзорæн, уæхæн нæмæ нæбал ес. Не ‘хст фæййеу æй ‘ма ин нæ еу æ бæрзæй басаста, не ‘ннæ æ астæу, не ‘ннæ ба æ суйнæ, ‘ма уобæл уомæй нæ бафедудтан. Гъенур, уæ хуарзæнхæ, ‘ма нин ести унафæ искæнетæ. Æр сæмæ кастæнцæ æма загътонцæ:
247
– Нур æй уæ еуемæн раттæн, æма уе ‘ннетæ нæ бауодæнсдзæнæнцæ: æртæ ‘мбеси ‘й кæнæн æма цар исæфгæ кæнуй. Нур ба хуæздæр тауæрæхъ ка ‘ркæна, уомæн æй ратдзинан. Хестæргай куд ратауæрæхъ кæнайтæ, уотæ. Урузмæг дзорун байдæдта: – Æз цауæни рацудтæн, æмбес бони уæнгæ фæххаттæн ‘ма неци фæд фæууидтон, æмбес бони ба тæрхъоси фæд иссердтон. Æ фæсте цæун байдæдтон. Æма еу сахат фæццудтæн, уæдта мин рæубеси фæд кæнун байдæдта. А, Хуцау, ами тæрхъоси фæд ку кодта, нур ба рæубеси фæд кæнун ку байдæдта! Нæ ‘й ниууадздзæнæн уотемæй. Æма æ фæсте цæун байдæдтон. Ци фæццудтæн, уæдта мин саги фæд кæнун байдæдта. А, Хуцау, а ци дессаг æй, рæубеси фæд ку кодта, нур ба саги фæд кæнун ку райдæдта! Нæ ‘й ниууадздзæнæн уотемæй! Æма æ фæсте цæун байдæдтон. Ци рацудтæн, уæдта мин гъæуанзи фæд кæнун байдæдта. А, Хуцау, ци дессаг уодзæнæй а, зæгъгæ, саги фæд кодта, нур ба гъæуанзи фæд кæнун ку байдæдта. Нæ ‘й ниууадздзæнæн, зæгъгæ, ‘ма æ фæсте цæун байдæдтон. Цæун, æма еу сахат, уæдта адæймаги фæд кæнун байдæдта. А, Хуцау, æдта а ци дессаг æй! Гъæуанзи фæд ку кодта ‘ма нур ба адæймаги фæдмæ ку раздæхтæй! Нæ ‘й ниууадздзæнæн, зæгъгæ, ‘ма æ фæсте цæун байдæдтон. Кæсун имæ райдæдтон æма æ басмухъæй, кизги фæд ке адтæй, уой базудтон. Уотæ маст мæмæ бацудæй æма цидæриддæр уа, маргæ ‘й кæндзæнæн, зæгъгæ. ‘Ма мæ церхъ еци æргъувдæй хæссун байдæдтон. Бакæсæ ‘ма дин еу синдзи къотæри бадуй кизгæ, сугъзæрийнæ кизгæ. Церхъ имæ радардтон æма мæмæ церхъ радардмæ фæххудтæй, мæ къохæй æрхаудтæй, ‘ма имæ бацудтæн. Загътон ин: – Хуцау кæмæн нæййес, цæбæл мæ фæммæстæй мардтай? Нур ами бунат кæми æркæнæн, уæхæн дæр ку нæййес, æнæ æхсæвæр дæр уæд нур куд уодзинан? Кизгæ загъта: – Бунат æз иссердзæнæн, мæ хæццæ рацо. Рацудтæн ‘ма мæ еу кесенамæ ниххудта, æнæ дуар, уæхæнмæ, айдагъ æ сæри – къæразгæ. Кизгæ исхизтæй, къæразгæ фегон кодта ‘ма ниххизтæй. – Æз ба нур кæбæлти ниххезон, – зæгъгæ, – ‘ма мæмæ асийнæ æруагъта. Ниххизтæн æз дæр кесенамæ. Уоми ба дууæ сунтæги ‘ма мæ уоми æрбадун кодта. Æхсæвæ мæ хуарз фæххинста, уæдта мин урундухъи уат никкодта. Æхсæвæ ку сæмбес æй, уæд нæбал фæллæудтæн æма имæ бавналинæ. Кизгæ дæр мин уотæ: – Ци кæнис? Цæмæн уотæ кæнис? Ниммæ уадзæ!
248
Кæми ‘й уагътон! Ба бабæй имæ æвналдтон. Е дæр уæдта æ нивæрзæнæй буйнаг æхсæ фелваста ‘ма мæ рацафта, ‘ма мæ егар гацца фестун кодта. Ци рацудæй, уой Хуцау зонуй, уæдта сгъазтон ‘ма мæ бон ку ‘рхъæрттæй, уæд мæ æндæмæ рахаста, ‘ма цъилобибæл низзадтæн дууæ егари. Афæй раевгъудæй, уæдта бабæй мæ æхсæй рацæфтæ кодта ‘ма æфсæ фестадтæн. Æндæмæ мæ ракодта, ба мæ баста, сæумæ ба мæ æргъаумæ рауагъта: уоми дæр бабæй сгъазтон ‘ма низзадтæн байраг. Байраг дæр исбæх æй, егари къæбистæ дæр исустур æнцæ. Уæд уомæн адтæй лæг Ахъуз, ‘ма æстæмæй-астмæ хусгæ кодта, æстæмæй-астмæ ба хæтгæ кодта. Ку ‘рцудæй, уæд мæн дæр фæууидта, егæртти дæр фæууидта ‘ма ‘й уотæ бафарста: – Ци ‘нцæ атæ? Кæцæй æнцæ? Ахъуз к’ адтæй, е æркастæй ‘ма загъта æхе зæрдæй, айæ бæсти кæлæн, арви хийнæ ‘й æма цидæр бакодта, зæгъгæ, ‘ма æхсæ райста, уæдта дзоруй: – А, хуцаути Хуцау, æдта ‘й, фиццаг куд адтæй, уотæ фестун кæнæ! ‘Ма мæ рацафта. Фиццаг куд адтæн, уотæ фестадтæн. – Ци адтæй? – фæрсуй мæ. Кæронмæ ин æрдзурдтон, куд адтæй, уой. – Мадта цо, цалинмæ нæма систадæй, дæ саргъ сивæрæ ‘ма фæндаги раст фæууо. Е ба, ку æригъал уа, уæд ма дæ фуддæри ма бафтауа, – зæгъгæ. Фæстæмæ кæсгæ, размæ ледзгæ, уотемæй ардæмæ æрбахъæрттæн. Нур кæбæл бадун, мæхуæдæг ке низзадтæн, еци бæх – е ме ‘рфæн. Мæ дууæ егари – мæхуæдæг ке низзадтæн, еци дууæ егари. Е уин мæ тауæрæхъ. ...Адæм дæр дес кодтонцæ. Амæй æмбесонддæр мах некæд фегъустан. Нур ма амæй куд баистæ уодзæнæй робасдзар?! Загътонцæ: «Зæгъгæ, Хæмиц, ци фæууидтай, уой!» Е дæр загъта: – Еу бон ку адтæй, уæд рацудтæн цауæни. Еу саги фæд иссердтон ‘ма æ фæдбæл цæун. Саг бæласæн æ къобæлттæмæ сивналидæ ‘ма сæ хуæргæ цудæй. А ци дессаг æй, зæгъгæ, бæласæн æ ниллæг къалеутæ хуæрæ, фал æ къобæлттæмæ ка ‘вналуй, е циуавæр уодзæнæй, – ‘ма æ фæсте цæун. Сау гъæдæмæ бацудæй. Уой астæу еу æрдозæ адтæй, уой астæу устур тæгæр бæласæ. Уой буни æрбадтæй ‘ма æ сиутæ бæласæй бæрзонддæр адтæнцæ – гъе, уæхæн сирд! Гъузун имæ байдæдтон: гъузун бæласæй бæласæмæ, уотемæй имæ багъузтæн хæстæг. Нур æй æхсон, зæгъгæ, имæ куд бахъæрттæн, уотæ ба имæ, æ дæргъцæ удзеснæ, æ уæрхцæ ба улинкъæ, уæхæн лæг æрбацудæй. Саг фæхъхъан æй æма ‘й æрбавгарста. Æз дæр лæугæ байзадтæн, уомæ кæсгæй. Уæдта имæ æз дæр
249
æрбахъæрттæн. Кæсун имæ, е нур уомæн ци кæндзæнæй, зæгъгæ. Е дæр æхе фæббæгънæг кодта æма ‘й æ фæстаг къахæй райауигъта бæласæбæл. «А, Хуцау, а ци уодзæнæй?!» – дес кæнун. ‘Ма ин мæ еу фæккастæй ме ‘ннæ фæккастмæ æ цар еци сахат фæххецæн кодта. Стур райарт кодта æма арти фæрстæ фезонгутæй райдзаг кодта. Фезонгутæ ку сцæттæ ‘нцæ, æхсæрфæмбæлттæ ку скодта, уæд мæмæ дзоруй: – Рауай, зæронд лæг, мах ба ести бахуæрæн мæнæ Хуцауи лæварæй. Дес кодтон: – А, Хуцау, уингæ мæ ку нæ кæнуй, уæд мæ куд базудта?! Ци гæнæн ма адтæй ‘ма имæ бацудтæн. Нимæт мин мæ буни февардта, æхсæрфæмбæлттæ мин мæ къохи бакодта ‘ма мæ сæргъи æрлæудтæй. – Сбадæ, – зæгъгæ, имæ дзорун. – Раковæ, уæдта æз дæр сбаддзæнæн. Ракувтон ‘ма имæ æхсæрфæмбæлттæ равардтон: еу си райста, иннети ба мин мæ рази æривардта. Еци рацо-бацо гæнгæ, æхе рафсаста, дон мин æрбахаста, хуарз мæ фæууидта. Еци æнæ ‘рбадгæ февналдта, и саги мард æртæ ‘мбеси æрбакодта. Сагъæс кодтон: æртæ хаййи кæнуй æма ма ин, æвæдзи, æмбал еске ес. Мадта ма æртиккаг хай цæмæн кæнуй? Æртæ хаййи ракодта, уæдта дзоруй: – Райсæ, зæронд лæг, дæ хестаг. Никки мæмæ дзоруй, мæ хестаг ку райстон, уæд: – Е, нур ба дæ хай райсæ, – зæгъгæ. Е дæр æ хай рабаста, мæнæн дæр сæ рабаста ‘ма рацудтæн. Еу минкъий ку рацудтæн, уæд мæ зæрди æрбалæудтæй: «Æ ном ин ку нæ бафарстон. Нарти адæм мæ ку фæрсонцæ, дæ саги æртигкаг хай ци фæцæй, зæгъгæ, уæд ци зæгъдзæнæн?» Фæффæстæмæ дæн, е дæр мæ ралæдæрдтæй ‘ма мæмæ дзоруй: – Лæууæ, цæун дæмæ! – зæгъгæ. Æр мæ лæдæрдтæй ‘ма мæ фæрсуй: – Ци кæнис, ци ма дæ фæндуй? Æз дæр ин загътон: – Хуарз мин ракодтай, нур ба, Нарти адæм мæ ку фæрсонцæ, уæд син ци зæгъдзæнæн, дæ ном дин нæ бафарстон. Е загъта: – Æз Донбеттири фурт Созорухъ дæн. Бийнонтæ мин нæма адтæй ‘ма ин загътон: – Æй-гиди, дæ цæрдæгдзийнадæмæ дин æрхицæ кодтон ‘ма мин сумахæй бийнонтæ ку уайдæ! – зæгъгæ.
250
Е мæмæ дзоруй: – Æз уой туххæй дæу гъастæй нæ рауадздзæнæн: рацо нуртæккæ мæ хæццæ. Дони билæмæ мæ бахудта, дони билæбæл мæ ниссагъта ‘ма дзоруй: – Налмаз, кæми дæ? Мæнæ мин мæ уаргъ фæррæуæгдæр кæнæ, рацо. Кæсун, кæсун æма дин уотæ ба донæй хæфсæ сгæпп ласта. Хæфсæ гæппитæ-гæппитæ гæнгæ æрбацудæй ‘ма нæ размæ ниллæудтæй. – Е, мæ лæвар дин фæууæд хæфсæ, – зæгъуй мин. Сагъæси бацудтæн: – А, Хуцау, ай бабæй Нартмæ куд хонон, – зæгъгæ. Е дæр мин: – Сагъæс ибæл ма кæнæ, дæ цæуни кой кæнæ. Ку ‘рцæуай, уæд æй авари бакæнæ, рохс имæ куд нæ цæуа, уотæ; æхе бæрагæ æй уадзæ, кенæдта дæуæн уомæй бийнонтæ нæ уодзæнæй. Мæ уаргъ райстон ‘ма цæунтæ байдæдтон, е дæр мæ фæсте гæппитæ кæнун байдæдта. Сагъæс кæнун: ци кæнон? Рохсæй æй бахонон ‘ма е куд уодзæнæй. Мæхебæл æрталингæ кодтон, талинги мæ куд фæцайдæ, уотæ. Талинги ‘й авармæ бакодтон. Загътон: – Ай некæмæн иской кæндзæнæн, цалинмæ ин æ бæрæг базонон, уæдмæ. И æхсæвæ имæ бацудтæн, а ци уодзæнæй, зæгъгæ. Хæфсæ дорбæл бадтæй æн’ арт, æнæ рохс, æнæ ‘ндæрæй. Дуар ку рахгæдтон, уæд æ хæфси цар рагæлста ‘ма си кизгæ уæхæн рахизтæй, ‘ма авар æгæр дæр ма ниррохс æй. Мæ фур цийнæй ци кодтайнæ, уой нæбал зудтон, мæ зæрдæ ниррохс æй: – Хуцау, дæуæй боз! Нарти астæу ке нæ фæхходуйнаг дæн, мæнæ хæфсæ уосæн куд ракурдта, зæгъгæ. Хуцау æхуæдæг зонуй, ци нæбæл рацудæй, уæдта исунафæ кодтон: атемæй кæдмæ цæрдзинан, æ хæфси цар ин рандæ кæнон, уæдта ма ци кæндзæнæй. ‘Ма уотемæй æризайдзæнæй. Мæ зæрдæй уотæ куд дзурдтон, уотæ ба мæмæ дзоруй: – Ци кæнис, ци фæндæ кæнис?! Мæнæн уотемæй фæццæрæн нæййес, дæ къохи нæбал уодзæнæн, дæхе дæр фесафдзæнæ – ма кæнæ уæхæн унафæ! Зæгъун ин: – Мадта атемæй кæдмæ цæрдзинан? Куд уодзæнæй нæ гъуддаг? Мæ зæрди хæццæ тохун байдæдтон, – на, нæ ‘й ниууадздзæнæн, зæгъгæ. ‘Ма еу æхсæвæ ку адтæй, уæдта еу ку рафунæй æй, уæд хæфси цар артмæ багæлстон. И цар артбæл куддæр фембалдæй, уотæ нитътъæпп ласта, кизгæ дæр фæххаудтæй бæрзонд, нигъгъæр кодта æ гъæлæсидзаг: – Хуцау ди ма сбоз уæд! Мæн дæр æма дæхе дæр фенамонд кодтай! Фæггæп кодта ‘ма мин зæгъуй:
251
– Нуртæккæ мæ донмæ куд нихъхъæртун кæнай, уотæ! Дони билæмæ ку нихъхъæрттан, уæд мæмæ сдзурдта: – Ци кæнон нур? Æз лæхъуæнæй уæззау дæн ‘ма дин æй дæхебæл бафтауон. Цæугæ, раздæхæ, – зæгъгæ, – ‘ма фæстæмæ куддæр раздахтæн, уотæ е дæр фездахтæй, ‘ма мин ме ‘уонæбæл бату кодта. Ме ‘уонæ к’ адтæй, е бонæйбонмæ устурдæр кæнун байдæдта. Уæд мин Сатана загъта: – Нæ хецаути лæхъуæн, хъурмæ дæр ма кæнæ, хуасæ дæр æй нæ гъæуй, уадзæ ‘й, уæдта ‘й, ци афони гъæуа, уæд æй æз ракъæртт кæндзæнæн. Æ афонтæ ин нимайун байдæдта е, æз уони цæмæй зудтон! Уæдта мин загъта: – Нæ хецаути лæхъуæн, æ афонæ æй ‘ма нæ, денгизæн æ тæккæ арфдæр кæми ‘й, уордæмæ цæун гъæуй. Дзурдтон имæ æз: – Денгизи ба ‘й цæмæн къæртт кæнун гъæуй, уæд сори ба ци кæнуй? Е ба мин загъта: – Сорбæл æй ку ракъæртт кæнай, уæд бæласæ урдуг истгæ нæбал байзайдзæнæй, будури зæлдæ ами нæбал исуадздзæнæй, адæм басодздзæнæнцæ еугурæй дæр. Сæумæ мæ донмæ рахудта, болат хъæма æ хæццæ фæххаста Сатана. Загъта Æхсæртæгкатæн: – Рацотæ, уæ фæстаг бонтæмæ уин ка байагъаз кæна, уæхæн уодзæнæй; кæд Хуцау дæтта, уæд æй денгиз нимбæрздзæнæй ‘ма исард фæууодзæнæй; кæд нæ, уæдта, кæй уалæнгæ ‘й нимбæрза денгиз, уой уалæнгæ исард уодзæнæй. Нæ æй кард никкæрддзæнæй, нæ ба си фат бахездзæнæй. Денгизмæ ниццудæнцæ ‘ма ‘й фарстонцæ Сатанай: – Айæ нæл ку æй æма а ци ‘й? Сатана дæр син æрдзурдта, хæфсин уосæ мин ке адтæй, уой. Хæфси цари уæхæн бадтæй æма, уомæй ку райгурдайдæ, уæд ин æгæр адтайдæ. Нур ба ‘й кæд денгиз рамбæрза, уæд ин рамарæн нæ уодзæнæй, кæд æй нæ рамбæрза æгасæй, уæддæр исард уодзæнæй, кæй уалæнгæ ‘й рамбæрза, уой уалæнгæ ‘ма ‘й – нæ кард никкæрддзæнæй, нæ ба си фат бахездзæнæй. Фæххуæстæй æма ‘й денгизмæ ракъæртт кодта, денгизмæ рахаудтæй, денгиз аги хузæн сирадæй æма ‘й денгиз рамбарзта. Айдагъ æ сæрæй ма еу минкъий гæппæл райзадæй. Сатана син загъта: – Нуртæккæ ‘й хонетæ уæларв Сафамæ ‘ма ин æ сæри фарс æрхийæй раййеветæ. Хонун æй байдæдтон, уæларв Сафамæ ‘й схудтон æма ин загътон: – Гъе, атæ ‘ма атæ!
252
Е дæр мин уотæ: – Æндегæй æй зæгæлсард кæндзæнæн, фал медæгæй ба уæд куд? Хæмици фурт Батраз ба загъта: – Æндегæй дæу бæрагæ уæд, медæгæй ба æз мæхуæдæг зæгæлсард кæндзæнæн: ниххуфдзæнæн ‘ма уæд медæгæй зæгæлсард кæндзæнæй. Е уин ме ‘мбесонд, Батраз, гъе, уотемæй мæ фурт æй. Уомæй хуæздæр тауæрæхъ мæнмæ нæййес. Уобæл ба хъæбæрдæр дес никкодтонцæ. – Æдта мах ауæхæн дессаг ку некæд фегъустан, мах ба ‘й уосæй райгурун ку ‘нгъæл адтан, лæгæй лæг райгургæ ба ку некæд фегъустан. Загътонцæ: – Æллæх, æллæх, амæй æй некебал райсдзæнæй! – уотæ дессаг сæмæ фæккастæй. Сосланмæ бакастæнцæ: – Гъи, ци зæгъис, Сослан, ду ба? – Ци зæгъон, – зæгъгæ, загъта, – мæнбæл цæугæ дæр нецима ракодта, фал ци цæрун, уомæй ба мæ енцег æрвади хæццæ рацудтæн цауæни. Хæтун байдæдтан ‘ма бон-изæрмæ фæххаттан. Изæри уалæнгæ цъеуи фæд некæми фæууидтан. Сæстонг дæн хъæбæр, загътон: – Нур айсонгкæй æнæхуæргæ ку ан, куд ма рахъæртдзинан сæумæмæ? Мæ енцег æрвадæмæ бакастæн ‘ма загътон: – Нур ци кæнæн, æнæхуæргæ ку ан, мæ бæх нивгæрдон æма ходуйнаг фæууодзæнæн Нарти адæми æхсæн, дæу бæх нивгæрдæн, æма бабæй е ба бустæги ходуйнаг, уæд ци кæнæн? Уотæ куд дзурдтон, уотæ ба нæ рæзти раст еу тæрхъос гæппитæ гæнгæ æрцæуй. – Æ, Хуцау дин райарфæ кæна! Фæ ‘й æхстон, ра ‘й æстъигътон, арт бакодтон, ниййибæл цийнæ ан æма мæ енцег æрвадæмæ бадзурдтон: – Гъе, нур æй хуарз исфезонæг кæнæ. Фæййимæ ‘вналдта ‘ма ‘й гъуд кæнун байдæдта. Æз мæхе бауагътон ‘ма рафунæй дæн. Сцæттæ кодта фезонгутæ ‘ма сæ гобати расагъта. Гобати сæ куд расагъта, раст уотæ тæрхъос фестадæй, ухст айдагъæй райзадæй, тæрхъос дæр ниффардæг æй, мæ енцег æрвадæ дæр имæ кæсгæ байзадæй. Æригъал кæнун мæ нæбал æндиудта ‘ма еу афони ба мæхуæдæг æригъал дæн. Ку ‘ригъал дæн, уæд имæ дзорун: – Тагъд æрхæссæ фезонæг, мах ба ести бахуæрæн! Е мæмæ дзоруй: – Ку сцæттæ ‘й мæ фезонæг, уæд æй дæлæ гобати æрсагътон, дæлæ ухст дæр
253
ма уоми ‘й, еци сахат, тæрхъос, куд адтæй, уотæ фестадæй ‘ма никъкъуæрдта. Дзурд мæмæ гъигæ фæккастæй, стонг адтæн еуемæй, иннемæй ба имæ, а мæн сайунмæ куд æндеуй, зæгъгæ, хъæма фелвастон ‘ма ин æй æ тæккæ зæрди рацавтон. Рамардæй, уæдта еу сахат рацудæй ‘ма сагъæс кæнун байдæдтон: – Ци кæнон нур, ме схæссæг дæр ку рамардтон, æнæ æхсæвæр дæр ку байзадтæн, уæд ма æз Нарти гъæумæ куд иссæудзæнæн! Уотæ фæммæстгун дæн ‘ма мæ хъæма мæхемæ рахаттон, мæхе рамарон, зæгъгæ, куд ма иссæудзæнæн Нарти гъæумæ! Уæд мæ зæрди æрифтудæй: – Цæй, тæрхъос гобати кæми райгас æй, уоми лæхъуæн дæр райгас уодзæнæй ‘ма ‘й гобатмæ батулдтон. Лæхъуæн нибберигъта ‘ма рабадтæй. Дзоруй мæмæ: – А-гиди, минкъий ма мæ ку бауагътайсæ, мæрдти Барастури кизги дин уосæн исгъуддаг кодтон, мæ хæццæ дæр рацудайдæ, фал мæ æнхæст нæ бауагътай. Нæбал фæллæудтæн æма мæ хъæма фелвастон: – Тагъд æдта мæ хъæмайæй рамарæ, мæхуæдæг имæ куд бацæуон, уотæ. Е дæр мин хъæма тæккæ мæ зæрди рацавта. Мæрдтæмæ бацудтæн ‘ма æцæгдзийнадæй Барастури кизги уосæн куд рахудтон, уотæ ба мæ гобатмæ батулдта, ‘ма уоми дзурдæфтудæй мин байзадæй. Е æцæгдзийнадæй ке адтæй, уобæл мæнæ мæ енцег æрвади бафæрсетæ. Тæрхони адæм æркастæнцæ ‘ма загътонцæ: – Хуарз тауæрæхътæ æркодтайтæ, фал уæддæр мæрдтæй некема æриздахтæй ‘ма Сау робаси цар Сосланæн аккаг кæнæн. Е дæр, Сау робаси цар æхе бацæй, уой ку базудта, уæд загъта: – Е, уой мин дзæбæхæй ку равардтаййайтæ, Сау робаси фидхуартæ, уæд уин хуæздæр н’ адтæй! Нур ба уæддæр мæхе нæ бацæй! Етæ дæр ин загътонцæ: – Хуцау ди ма сбоз уæд! Уомæй ди ку тарстан ‘ма нæ нур ба уæддæр ку рагъæр кодтай. Мудойти Сабей дзурдтæй Дзагурти Губадий финст. Киристонгъæу, 26.03.1909. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. 87, 30 п., 90-106 ф. «Нартæ», Дзæуæгигъæу, 2005 анз, 283 – 292 ф.
254
СОСЛАН ГОРИ ФЕДАР КУД БАСАСТА Нарти Сослан исфæндæ кодта Гори федар басæттун æма Борæти Борæфæрнуги кизгæ Агундæ-рæсугъди æхецæн уосæн æрхонун. Гъæуама ин алли хæдзарæй дæр рацудайдæ æфсадмæ еу лæг. Ка нæ фæццудайдæ, е ба ин авд улинкъи биццеу уацайраг лæвардта. Нарти æхсæн адтæй еу мæгур еунæг лæг, Дзендзети фурт Дзимайхуæ. Дзимайхуæбæл адтæй Нартæн гъонгæси кезу дæр, – ку нæ фæццудайдæ, уæдта Нартæн фиста уацайраг. Батухстæй Еунæг: «Ци кæнон нур, кæцирдæмæ цæуон, Сосланæн æфсади, æви Нартæн гъонгæс? Сæ еуемæн мæ уæддæр уацайраг федун ку гъæуй æма мæ нæуæг игурд еунæг фурт уацайраг раттуниау дæр нæма ‘й». – Еци ‘хсæвæ ин райгурдæй лæхъуæн. И нæуæг игурд лæхъуæн ку ‘ркастæй æ фиди гузавæмæ, уæд æ цæнгтæй нибберигъта æма авдæни фæрстæ ратудта, æхуæдæг ба дзоруй æ фидæмæ: – Гузавæ ма кæнæ, Сослани хæццæ æз фæццæудзæнæн. – Дæ рунтæ дин ку рахуæринæ, ду мин ескумæ цæунгъон ку уайсæ, уæдта мæгур дæр нæ уинæ, – загъта Дзимайхуæ. Æрдзимайхуæ ба загъта, æнæ цæун мин нæ ес, зæгъгæ. Фестадæй æма æхе рарæвдзæ кодта æфсадмæ. Уотæ тухгин адтæй еци нæуæг игурдæй дæр, æма авдæни фæрстæ ку ратудта, уæд сæ еу Хъазбеги хонхбæл фæцæй, иннæ ба Менгитаубæл. Рацудæй Æрдзимайхуæ Сослани æфсадмæ æма имæ Сослан ку ‘ркастæй, уæд æй фæрсуй, кумæ рацудтæ, зæгъгæ. Биццеу ба ин загъта: «Дæуæн рацудтæн æфсадмæ!» – Ду бабæй тохунмæ куд фæццæудзæнæ, и хъумуз ма де ‘донгонтæбæл ку кæлуй. – Ескæми дин дæ бæхбæл фæххуæцдзæнæн. – Мæ бæх тæрсагæ ‘й, е ‘донæ дин ратондзæнæй. – Æз ба ин æ барцæмæ фæллæбордзæнæн. – Æ барцæ дин ку ратона, уæдта? – Уæдта ин æ гъостæмæ фæллæбордзæнæн. – Æ гъостæ дин ку ратононцæ, уæдта ма ин ци кæндзæнæ? – Уæдта ин æ къахмæ фæллæбордзæнæн. – Уой дæр дин ку ратона, уæдта?
255
– Æ думæг ин райахæсдзæнæн. – Уой дæр ма дин ку ратона, уæдта ци кæндзæнæ? – Уæдта кæд нæртон номдзуд Сослан æнæбарцæ, æнæгъостæ, æнæдумæг æма æнæкъах бæхбæл гæдзæ кæна, уæд æз дæр еци ходуйнагбæл ниггæдзæ кæндзæнæн. Ра ‘й уагъта Сослан æфсади хæццæ. Бахъæрттæнцæ Гори федармæ. Сослан æ бæх февардта Æрдзимайхуæмæ. Хъал бæх е ‘донæ ратудта. Биццеу имæ фæллæбурдта æма ин æ цуппар къахи æрбабаста. Бæласæ æртасун кодта æма бæхи бæласи сæрбæл исбаста, уæдта бæласæ рауагъта, æма бæх бæласи сæрмæ рандæ ‘й. Æфсад тухтæнцæ Гори федарбæл, æма син неци æнтæстæй. Биццеу æрцудæй Сослани размæ. Сослан æй фæрсуй, кæми ‘й мæ бæх, зæгъгæ. Æрдзимайхуæ дæр ин байамудта бæласи сæрмæ. Сослан балæдæрдтæй, хумæтæги биццеу ке нæ адтæй, уой. Уæд æй Сослан бафарста, ци кæнунмæ гъавис, зæгъгæ. Æрдзимайхуæ ба ин загъта: – Æз цæун федари сæрмæ æма ‘й мæ зæбæтæй ниррæуегъдзæнæн, æма райхæлдзæнæй, фал цæф кæндзæнæн, æма мæмæ аргъавд бадæ. Зæнхæмæ мæ ма ‘руадзæ, уотемæй мæ авд сауæдоней сæрти баесæ, уæдта – тæрсгæ ма кæнæ, дæу ци фæндуй, е уодзæнæй. Иссудæй федари сæрмæ æма ниррæуигъта федар æ зæбæтæй. Федар ниххæр-хæр ласта. Гори федар саст æрцудæй, фал Æрдзимайхуæ фæццæф æй. Сослан æй зæнхæмæ не ‘руагъта, уотемæй æй сауæдæнтти сæрти давун байдæдта. Сирдон фидбилиз кæми н’ адтæй рагæй æносмæ дæр, Сосланмæ ба фудæнхæ адтæй æ цæрæнбонти, зæронд лæги хузи рацæуидæ æ рæзти фиййаги хæццæ æма имæ сдзоридæ: – Сослан, уой мард ма кумæ хæссис, Уорæзмæг Агундæ-рæсугъди ку фæххæссуй, уæд? Сослан не ‘ригъуста еу æртæ хатти Сирдонмæ, еунæг æвдæймаг сауæдонæбæл ма ‘й хезун куд гъудæй, уотæ ба зæронд уоси хузæнæй бавдиста æхе Сирдон æма бабæй ин фиццæгти хузæн загъта. Сосланæй баруагæс æй зæронд уоси дзурд: «Силтæ ма уотæ кæми дзорунцæ, уоми æвæдзи æцæг æй». Тапкагонд ракодта æма биццеуи уобæл февардта, æхуæдæг ба бамедæг æй Гормæ. Уæхæн хабарæй си неци разиндтæй æма Сослан балæдæрдтæй, сайгæ ‘й ке бакодтонцæ, уой. Бæргæ ма фездахтæй биццеумæ, фал уой бацудмæ листæг къуæхтæгонд æрцудæй. Ци ма кодтайдæ Сослан? Фæстæмæ раздахтæй. Е ‘фсадæй берæ цагъд фæцæй æма сæ рарвиста фæстæмæ, æхуæдæг ба мæрдти астæу марди ‘фсон æхе никкодта. Борæфæрнуги унæут æй мард æнгъæл адтæй æма ин къибилайæй
256
æ дæндæгутæ ниццафта, азуймаг фæууо, зæгъгæ. Ку ссудæй хæдзарæмæ, уæд загъта Агундæн æма имæ е дæр рацудæй, æма ‘й фæууидта. Е дæр, фæстæмæ ку баздахтæй, уæд загъта æ фидæн. Борæфæрнуг не ‘ндиудта Сосланмæ æма ин Агундæ бауайдзæф кодта, Сосланæн æ мардæй дæр ма тæрсгæ кæнис, зæгъгæ. Е дæр æ сæрмæ нæбал æрхаста еци уайдзæф æма имæ рацудæй уинунмæ. Æнхæст имæ нæма æрхъæрттæй Борæфæрнуг, уотæ ба Сослан рагæпп ласта, – нæрæмон адтæй Сослан. Борæфæрнуг ралигъдæй æ разæй. Ба ‘й сурдта Сослан æма, Борæфæрнуг дуарбæл фæммедæг унмæ куд гъавта, уотæ ба ин æхсаргардæй æ сæргæхцæ рахаун кодта Сослан. Борæфæрнуги сæрбæл Курдалæгон æрхи бампъузта æма исдзæбæх æй. Расурдта Борæфæрнуг Сослани, е дæр æ разæй ралигъдæй. Æнæдон будурмæ ‘й расайдта Сослан æ фæдбæл. Борæфæрнугæн ба æ сæрбæл æрхи тæвдæ кодта, хормæ æнæ донæй нæ фæразта. Дзæвгарæ ‘й ку ‘рбасайдта Тимили будури, уæд имæ фездахтæй фæстæмæ Сослан. Борæфæрнуг ледзунбæл фæцæй, фал ледзун дæр кæми фæразта æнæ донæй? Зæнхæбæл ма рахафидæ æ сæр, фал ин берæ не ‘нхус кодта е дæр. Сослан æй баййафта æма ин æ сæр ратæхун кодта, æхуæдæг ба Агундæрæсугъди æрхудта æхецæн уосæн. Мудойти Сабей дзурдтæй Дзагурти Губадий финст. Киристонгъæу, 26.03.1909. ЦИГСÆИ-й архив, ф. 87, 30 п., 90-106 ф. «Нартæ», Дзæуæгигъæу, 2005 анз, 322 – 324 ф.
257 17* Заказ №1424
НАРТИ ХИЙНÆ СИРДОН Уорæзмæг, Хæмиц æма Сослан ранæхстæр æнцæ хæтунмæ. Сирдони ба фæххудтонцæ кæстæрæн. Сирдон, мæ бæх нæ фæразуй, зæгъгæ, исрæуонæ кодта надбæл. Сослан и къуари кæстæр адтæй æма ‘й æ фæсабæрцæ исæвардта. Сирдон ин æ зинггæнæнтæ радавта. Уæдта ‘й Хæмиц исæвардта æ фæсабæрцæ æма уой зинггæнæнтæ дæр радавта. Уорæзмæгæн дæр уотæ бакодта. Изæрæй еу тагрæбунмæ се ‘хсæвеуат æрхастонцæ. Сослан е ‘мбалти уосонгæ кæнунмæ фæууагъта, æхуæдæг ба, рахæтон, зæгъгæ, рандæй. Уотæ рæхги ба еу саг раирдта, фæ ’й æхста æма ‘й рамардта. Ба ’й кой кодтонцæ. Зинг никкæнæн, зæгъгæ, ‘ма сæ зинггæнæнтæ раагурдтонцæ ‘ма сæ нæбал иссердтонцæ. Сирдон ба бæласи сæрмæ исхизтæй сог кæнунмæ æма сæбæл гириз кодта: – Атæ ба цауæни рацудæнцæ! Уотæ рæхги ба еу хонхи рæбунæй хъуæцæ исцудæй ‘ма рохс ферттивта. Сослани рарвистонцæ уордæмæ зинггор. Е дæр бахъæрттæй уордæмæ æма дин уоми ба дууадæс уæйуги. Ба ‘й худтонцæ Сослани и уæйгутæ ‘ма ‘й, дæхе ратавæ, ра-гъар кæнæ, зæгъгæ, уæллæй сиребæл исбадун кодтонцæ æма ин æнæдон санс æ буни рауагътонцæ. Сослан ниццæфстæй къелабæл æма некæмибал зиндтæй. Хæмици имæ рарвистонцæ. Хæмиц дæр бацудæй и рохсмæ, бадзурдта ‘ма имæ уæйгутæ рацудæнцæ, ба ‘й худтонцæ, Сослани дæллæй æй исбадун кодтонцæ, ‘ма ‘й уоми къелабæл ниццæфсун кодтонцæ. Сослан дæр ин барæй неци загъта. Куд некæми зиннунцæ, зæгъгæ, ’ма сæмæ Уорæзмæг æхуæдæг рандæй. Бахъæрттæй сæмæ æма багъæр кодта, зинггор уæ ку æрбарвистон æма ци фæцайтæ, зæгъгæ. Уæйгутæ имæ рауадæнцæ; медæгмæ ‘й бахудтонцæ, е ‘мбæлтти дæллæй æй æрбадун кодтонцæ, æ буни ин æнæдон санс рауагътонцæ æма е дæр ниццæфстæй. Уой фæсте ба Сирдон низзинг кодта. Саги мардæй æхе исæфсаста, уæдта дууæ æхсæрфæмбали æ бецъотæбæл ниббаста æма уотемæй ранæхстæр æй е ‘мбалти агорунмæ. Басæмæ хъæрттæй, ба ’й худтонцæ и уæйгутæ. Исбадæ, зæгъгæ, имæ дзорунцæ.
258
Сирдон ба зæгъуй: – Сæхуæдтæ кæстæргай уæллæй ке сбадтæнцæ, е берæ нæма æй? Никки ба ма æз дæр уони рæнгъæбæл! Ме ‘лдартæ æнцæ атæ æма сæ рæнгъæбæл нæ фæббадун. Хускъæдони фунукбæл уой исбадун кодтонцæ. Санс ин æ буни рауадзиуонцæ æма фунуки рафардæг уидæ. Уæд дин Сирдон зелæн кæнун райдæдта æма и уæйгути Сосланмæ фæккодта. Сослани син феууæрдун кодта хуарз, уæдта сæ Хæмицбæл райардудта, уæдта Уорæзмæгбæл. Уотемæй сæ хуарз феууæрдун кодта. Уæдта и уæйгути сæ кæрæдзей медæг искодта, ба сæ авинста æма сæ кæрæдзей фæццагътонцæ. Етæ ку æрмардæнцæ, уæд Уорæзмæг, Хæмиц æма Сослан лихстæ кæнун райдæдтонцæ Сирдонæн: – Ести мадзалæй нæ фæййервæзун кæнæ аци ходуйнагæй. Сирдон дæр артмæ хæстæггомау исбадтæй, æхсæрфæмбæлттæ æ рехæбæл бор кодта æма сæ æ билæй бацъиридæ. Мæстæй имæ куд нæ мардайуонцæ етæ. Æма сæмæ Сирдон дзоруй: – Мадзал уин нæ зонун, фал Нарти устур хирхæмæ фæццæуон æма уин уомæй уе ‘мбæрцитæ и къела æрлух кæндзæнæн. Лихстæ кæнун ин райдæдтонцæ, сæ кæлмон æвзаг имæ исластонцæ: – Нартæмæ нин нæ ходуйнаг ма фæххæссæ, фал æндæр мадзалæй дæмæ ци мадзал ес, уомæй нæ – дæ хуарзæнхæ! Сирдон æрсастæй, устур агæ донæй байдзаг кодта, ис æй гъар кодта æма син гъар дон сæ буни рауадзидæ, уотемæй сæ исуæгъдæ кодта хъадамайæй. Æрсабур æнцæ, саги фидæй сæхе бафсастонцæ, уæдта Сирдонбæл фудфæндитæ кæнун райдæдтонцæ æма ин æ бæхи билæ æривгарстонцæ. Сирдон дæр уой цума нæ базудта, уотæ æхе сæ фæсте цæуæг ракодта æма син сæ бæхти думгутæ æривгарста. Ранæхстæр æнцæ æма ци рацудæнцæ, уæдта Сирдонмæ дзорунцæ: «Ци ‘й а, Сирдон, дæ бæх ходгæ ку цæуй?» Е ба син загъта: – Æ разæй ходдуйнæгтæ ке уинуй, уобæл ходуй. Сæ бæхтæмæ æркастæнцæ æма сæбæл думгутæ – нæбал! – Ци ин кæнæн не сæвди лæгæн: маргæ æй ракæнæн, ‘ма нæбæл Нартæ зар искæндзæнæнцæ; атемæй æй ниууадзæн, æма нæ цард нæ ниууадздзæнæй! Фæссагъæс кодтонцæ, уæдта еу тала æртасун кодтонцæ ‘ма Сирдони уобæл æ дууæ бецъоемæй исбастонцæ ’ма æй æ хæццæ райста. Сæхуæдтæ ба рандæнцæ.
259
Куд Хуцау хуæрзгæнæг, уотæ еу фиййау уорс дзоги хæццæ æскъоттæй заргæ æрбацудæй. Сирдон дæр гъæр кæнун байдæдта. – Нæ мæ гъæуй, Хуцау, æлдар! Не сарази уодзæнæн! Фиййау имæ æрбацудæй æма имæ дзоруй: – Ци дæ, ци муггаг дæ, цæбæл нæ арази кæнис? – Æма ци дæн! – загъта Сирдон. – Нартæ мæ сæхецæн æлдар кæнунцæ æма син æза нæ комун. Гъема, цалинмæ исарази уон, уæдмæ мæ нæ уæгъдæ кæнунцæ. – Мæн искæнæ, мадта, дæ бæсти, – загъта и фиййау. – Хуарз, – загъта ин Сирдон, – фал ку нæ бафæразай атæ бастæй?! Бафæраздзæнæн, зæгъгæ, æма Сирдони раихалдта, æхе ба уоми исбæттун кодта. Сирдон æрхизтæй æма ймæ исдзурдта: «Фæндуй мæ зæгъæ!» Фиййау дæр бæласæй «фæндуй мæ, фæндуй мæ» кодта. Сирдон ба уой хæтæл райста æма уорс дзоги фæсте Нарти гъæунгти æскъоттæй заргæ исцудæй. Нартæ ин дес кодтонцæ æ фонси кондбæл, Сирдон ба син дзурдта – Уорæзмæг, Хæмиц æма Сослани агъди фидти аргъæй сæ райстон, зæгъгæ. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Мæхческæ, 28.09.1903. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «ПНТО, в. 2, 1927», 61-64 ф.
260
финст.
НАРТИ УАЦАМОНГÆ Еу бон кæми адтæй, уоми Нарти адæм Уацамонгæбæл дзорун райдæдтонцæ. Хæмицæй фæстæмæ еугурæй дæр æрдзурдтонцæ, фал Уацамонгæ Сослани дзурдтæбæл еу минкъий исирадæй, иннети дзурдтæй ба сибиртт дæр некæбæл искодта. Уæд Хæмицмæ æрхъæрттæй дзурди барæ, фал син нæ арази кодта: – Мæ фурт Батрази æной уин неци зæгъдзæнæн, – зæгъгæ. Æма Батрази æрцудмæ æнгъæл кæсун райдæдтонцæ. Батраз ба еци бон хæтуни адтæй æма гъæумæ куд рараст æй, уотæ ибæл еу уæйуг рамбалдæй. Бат-раз æй фæрсуй: – Ци хуæздæр хабар ракæнай, кæд Нарти фалдзос ескæми адтæ, уæд? Уæйуг дæр ин загъта: – И Нартæмæ еу хабар ес: æримбурд æнцæ сæ Устур нихæси æма Уацамонгæбæл дзорунцæ, дæу фидæ Хæмиц ба син нæ комуй æнæ дæу дзорун, æма е скъелтæбæл фиййаукуййи бадт искодта, уотемæй дæмæ æнгъæл кæсуй. Батраз æ болат церхъæй уæйуги æркъуæхтæ кодта: – Ду ба фиййаукуййи хузæн ке фиди хонис, – зæгъгæ, æма ранæхстæр æй сæ хæдзарæмæ. Æрхъæрттæй æма имæ Æхсийнæ дзоруй: – Ци ‘й а, биццеу, кæми фесафтдæ? И Нарти адæм Уацамонгæбæл дзорунцæ, дæ фиди дин батухсун кодтонцæ æма имæ никкæсун гъæуй. Батраз дæр ин загъта: – Уæй, нана, уобæл тухсгæ ма кæнæ, хуæруйнаг мин ести февæрæ, уæдта Хуцау ци зæгъа, е уодзæнæй. Æхсийнæ низзелæнтæ кодта æма ин æмидзаг тумбул фингæ райаразта. Батраз æхе хуарз фæууидта, уой фæсте ба Нарти тумугъмæ рацудæй. Ку рацудæй, уæд Нарти адæм Хæмицмæ дзорунцæ: – Зæгъæ гъенур дæ зæгъуйнаг, – зæгъгæ. Батраз уой ку æригъуста, уæд син загъта: – Мæ фиди бæсти дзурди барæ мæнæн раттетæ, кæд аккаг æй, уæд. Ис ин арази æнцæ Нартæ, æма Уацамонги сæргъи æрлæудтæй. Ку æрлæудтæй, уæд имæ Хæмиц дзоруй:
261
– Биццеу, зæгъуйнаг зæгъæ, æнæзæгъуйнаг ма зæгъæ! Цæй зæгъуйнаг æма æнæзæгъуйнаг, зæгъгæ, загъта Батраз, и сæумон идаугутæй авд куд рамардтон, уой цацæг зæгъун, уацæг Уацамонгæ мæ фидæн æ уæраги сæртæмæ исирайæд. Уацамонгæ Хæмици уæраги сæртæмæ исирадæй. Хæмиц бабæй имæ дзоруй: – Биццеу, зæгъуйнаг зæгъæ, æнæзæгъуйнаг ма зæгъæ! – Мадта изæйрон изæдтæй дæр аст куд рамардтон, уой цацæг зæгъун, уацæг дæр Уацамонгæ мæ фидæн æ ронбастмæ исирайæд. Уацамонгæ Хæмици ронбастмæ исирадæй æма бабæй Хæмиц дзоруй: – Биццеу, зæгъуйнаг зæгъæ, æнæзæгъуйнаг ма зæгъæ! Батраз ба загъта: «Хуалердари фурт Борхуар Алийи дæр æз куд рамардтон, уой цацæг зæгъун, уацæг дæр Уацамонгæ мæ зæронд фидæн æ рехæмæ исирайæд æма си мæ фидæ æртæ ‘лвæси никкæнæд!» Уацамонгæ Хæмицæн æ рехи уæнгæ исирадæй æма си æртæ ‘лвæси никкодта. Уæди уалдæнги Хуалердар Уацамонги хурфи хъоппæгъи хузи бадтæй æма æ фурт Борхуар Алийи хабар куддæр райгъуста, уотæ уордиги ралæуирдта: «Уогæ ба Борхуар Алийи сумах рамардтайтæ», – зæгъгæ, æма мæнæуи æфсерæбæл фæххуæстæй, ис æй æмбурд кодта, ‘ма ма си минкъий куд райзадæй, уотæ ба имæ Уасгерги дзоруй: – Уæддæр ма си мæнæн къерехуар ниууадзæ! Фæсси уагъта, æхуæдæг ба хуари æфсерæмæ февналдта æма уой æфсерæ дæр исæмбурд кодта. Уасгерги бабæй имæ дзоруй, уæддæр ма си мæн бæхæн сайæнхуар ниууадзæ, зæгъгæ, æма ин ниууагъта уомæй дæр. Уæди уæнгæ мæнæуæн дæр æма хуарæн дæр се ‘фсертæ сæ едæгти уæнгæ хъæрттæнцæ, фал уоци бонæй фæстæмæ мæнæуæ ‘ма хуари æфсертæ, нур цæй æстæ ‘нцæ, уой æстæй зайун райдæдтонцæ. Нарти адæмæн æхцæуæн кæми адтайдæ, фал ма син ци гæнæн адтæй æма рахæлеу æнцæ. Батрази лæгигъæдтæ Нарти адæм уæд базудтонцæ. Гобети Бебпай дзурдтæй финст. Устур-Дигорæ, 1937. «ПНТО, в. 5, 1941», 157-158 ф.
262
ЕЛÆХСÆРДТОН ÆМА НЕГОР ÆЛДАР Елæхсæрдтон æма Негор æлдар дууæ адгин æнсувæри адтæнцæ. Уонæн ба адтæй еунæг хуæрæ, æ ном Агундæ. Е ба адтæй Асти уосæ. Астæмæ ба уæхæн уорс аласа адтæй, æма ибæл изæрæй ку рабадтайсæ, уæд арви къабæзти æртæ зилди кодта. Елæхсæрдтон хæтæг лæг адтæй ‘ма фæццудæй Астæмæ ‘ма ракурдта и бæхи балци кæнунмæ. Астæ ин загътонцæ: – Ду нин нæ бæхæн æ фид корис, фал дин маха æ сæр дæр ма ратдзинан, – ‘ма ин и аласа медæгдон æма медæгхуарæй хæссун райдæдтонцæ. Еу хатт кæми адтæй, уоми Негор æлдар Нарти нихæсмæ рацудæй ‘ма уоми æртæ лæхъуæни дзубандитæ кодтонцæ: – Цума и Асти уорс аласа радавун дæр еске бафæраздзæнæй?! И лæхъуæнтæй сæ еу уотæ загъта: – Не ‘нгъæл дæн! Еци гъуддаг неке арми бафтуйдзæнæй, Негор æлдари арми ку нæ бафтуйа, уæд. Иннæ ба уотæ: – Нарти кæркитæ ‘ма гогузтæ, хъæзтæ ‘ма бабузтæй æндæр æ арми ку неци бафтуидæ! Мадта и Асти уорс аласа е ку нæ радава, уæдта ци фæууодзæнæй! Негор æлдар еци дзурдтæ æ зæрдæмæ байста ‘ма исфæндæ кодта Нарти уорс аласа радавунбæл. Еу хатт кæми адтæй, уоми бацудæй æ хуæрæмæ ‘ма ин загъта: – Уæ уорс аласа мæ арми цæмæй бафтуйа, уой мин байамонæ, кенæ ба хуæриурст æма хуарæвдесæн куд бакæнæн, уотæ! Агундæ ба ин загъта: – Цæмæн уотæ зæгъис, нæ хецаутæ и бæхи Елæхсæрдтонæн медæгхуар æма хуасæй ку хæссунцæ, уæд?! Дæ хæлар æрвадæ уой ку базона, уæд дин ци зæгъдзæнæй? – Цидæр æй, уæддæр ин æнæ радавун нæййес, – разагъта Негор æлдар. На – нæуа дæр мадзал ку нæбал ирдта, уæдта загъта Негор æлдарæн Агундæ: – Нæ бæхæн фиццаги-фиццагдæр гæсæн ес еу сауæдон. Е ба æсмаг уотæ кæнуй, æма ин е смаг уорамун неке фæразуй, ‘ма уой ци мадзалæй бафæраздзæнæ ниуазун? Дуккагæй ба – тауæг фæткъу, æ тауæг æсмагæй
263
æ рæзти рацæуæн кæмæн нæ ес, уæхæн. Уæдта æфсæнцъух берæгъ æма æфсæнцъух хъæрццигъа. Уонæй ку баервæзай, уæдта Тула æма Тулабег – æ дуаргæстæ, ‘ма дæ етæ уæддæр мардзæнæнцæ. Уонæй дæр баервазтдæ, уæдта æ дуарбæл – къума, ‘ма ‘й ци мадзалæй байгон кæндзæнæ? Е дæр дин ку байгон уа, уæдта дуарæй и бæхмæ ес нарæг хед, ‘ма ибæл куддæр бамбæлай, уотæ уасæнги уаст никкæнуй ‘ма дин уæдта æнæ базонун æма рамарун нæ ес. Хуарз, е ба неци кæнуй, зæгъгæ, загъта Негор æлдар æма рандæй сæ хæдзарæмæ. Æхе цæттæ кæнун райдæдта ‘ма исаразта дууæ фурдзар кæрци, нæл фуси фæхсун, фаги къæсса, сойни æвгæд сæдæ дæгъæли ‘ма уотемæй ранæхстæр æй и Асти уорс аласа давунмæ. Цæун райдæдта ‘ма и бæхи сауæдонæмæ бахæстæг æй. Е смаг ин æ бæхи финдзи хъæлтæ ниццавта ‘ма ‘й фæстæмæ кæсгон хумæ ‘ндæргъцæ рахаста. Негор æлдар дæр æй æрцæфтæ кодта: – Куйтæ дæ бахуæрæд, ду мæ еци дзæхдонæй ниуазун ку нæ бауадзай, уæд! И бæх дæр багæпп кодта æма баевгъудæй сауæдонæбæл. Негор æлдар рахизтæй æ бæхæй, сауæдонæй баниуазта ‘ма загъта: – Ох, ох, ох! Аци донæй адгиндæр дон нæма баниуазтон! Фæндараст фæууо, мæнбæл ка банвæрстæй, – зæгъгæ, имæ исдзурдта и сауæдон. Цæуй Негор æлдар ‘ма бабæй æй æ бæх фæстæмæ райста. Е дæр æй никъкъæрццитæ кодта: – Куйтæ дæ исхуæрæд, ду мин еци адгин фæткъуйæй хуæрун ку нæ бауадзай, уæд! Бæх маргъау батахтæй бæласи цорти. Негор æлдар дæр фæффестæг æй ‘ма еу фæткъу рахуардта ‘ма: – Ох, ох, ох! Ци адгин рæзи муггаг æй, – исдзурдта. – Фæндараст фæууо, мæнбæл ка банвæрстæй, – зæгъгæ, имæ исдзурдта и бæласæ дæр. Цæуй, цæуй, уотæ ба имæ и æфсæнцъух берæгъ æма æфсæнцъух хъæрццигъа сæхе рауагътонцæ. Негор æлдар дæр нæл фуси фæхсун берæгъæн рагæлста, фаги къæсса хъæрццигъайæн райтудта. – Фæндараст фæууо! Астæ нин цъæмæлтæ дæр, кенæ ба къабеллаг дæр некæд равардтонцæ. Уонæй баевгъудæй ‘ма имæ бæхи дуаргæстæ Тула æма Тулабег сæхе рагæлстонцæ. Негор æлдар дæр син фæйнæ фурдзар кæрци равардта ‘ма ин над равардтонцæ. Дуармæ бахъæрттæй, и дæгъæлтæ æвзарун байдæдта ‘ма ‘й еу дæгъæлæй байгон кодта. Уæдта, и сойнæ тайун гæнгæ ‘ма уомæй и хед исæрдгæ, уотемæй и хед æрфæлмæн кодта, хъист дæр нæбал кодта, уотæ ‘й искодта ‘ма и бæх раласта.
264
И бæх æ къохи ку бафтудæй, уæд æрдæг изæр фæййаууон уидæ ‘ма бонивайæнмæ кизгæ ‘ма лæхъуæни хæццæ фездæхидæ. Уони ба рабæттидæ æ хуæрæ Агундæмæ. Цæйбæрцæ ибæл рацудæй, уæд Елæхсæрдтон æрцудæй ‘ма Асти бæхи давд фегъуста. Фæ ’й агурдта арви кæрæнтти ‘ма ‘й кæми иссердтайдæ, и бæх сæхемæ уогæй. Уæд е бафарста къæсибадæг уоси ‘ма ин е ба загъта: – Ахсæви дæлæ Нарти устур хедбæл бадæ, ‘ма дæ бæх дæ къохи бафтуйдзæнæй! Раизæр æй. Негор æлдар дæр балци ниффардæг æй. Æхсæвæ Елæхсæрдтон и хеди гъосмæ ниццудæй, уоми æхе баримахста æма гъæуай кæнун райдæдта. Бон ивайун куд райдæдта, уотæ ба Негор æлдар, кизгæ ‘ма лæхъуæн æ фæсабæрцæ, уотемæй и хедбæл æрбацæйцудæй. Хеди астæумæ ку æрбахъæрттæй, уæд æй и бæх фæстæмæ райста. – Куйтæ дæ бахуæрæд, кæд Нарти нæртон Елæхсæрдтон дæ рази нæ бадуй, уæд! И бæдæйнаг бæх æрбатахтæй. Елæхсæрдтон дæр æй фехста ‘ма Негор æлдар бæхæй рахаудтæй. Елæхсæрдтон исцудæй ‘ма е ‘рвади ку æрфæсмардта, уæдта никкудтæй: – Мæхе фид ку бахуардтон! Сæумæ фæффæдес кодта. И Нартæ æрæмбурд æнцæ. Æрхи табæт ин искодтонцæ ‘ма и марди цæнгтæн райаразун мадзал нæ ирдтонцæ, ци нæ син кодтонцæ, уæддæр фæйнердæмæ итигъдæй лæудтæнцæ. Уæд имæ Агундæ рацудæй гъарæнгæгæнгæ; кизгæй, лæхъуæнæй ке ‘рхаста, уонæй еу къуар сæхемæ баримахста, æндæра етæ дæр æ хæццæ, уотемæй. ‘Ма и мард æ рахес къох рараст кодта е ‘ндæргъцæ. Е ‘ннæ цонгæн ба ин мадзал нæ ирдтонцæ. Агундæбæл исгурусхæ ‘нцæ: – Амæ ма ести уодзæнæй, – ‘ма имæ Нартæ батхалдтонцæ. Е дæр фефсæрми æй ‘ма иннети дæр рахудта. Етæ ку рахъæрттæнцæ, уæдта и мард е ‘ннæ цонг дæр рауагъта ‘ма ‘й æрхи табæти байвардтонцæ. Елæхсæрдтон ба уони хæццæ цæргæ байзадæй. Кертибийти Кертибий дзурдтæй финст. Мæхческæ, 1.10.1903. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «ПНТО, в. 2, 1927», 72-75 ф. «Нартæ», Дзæуæгигъæу, 2005 анз, 204 – 206 ф.
265
НАРТИ НАСИРАН Нарти Насиран адтæй уосæ, лæги дарæсти. Дуйнебæл хæтун байдæдта æма уомæн æфсæддонæн ка нæ рацудæй, уæхæн нæййес. Авд сабати сæ авд æмбурди æркодта. Е ‘фсæдтæн сæ нимæдзæ ка ‘ссирдтайдæ, уомæ сæ барæ лæвардта. Кастæй алли сахат дæр æма си алли адæмæй дæр уидта е ‘фсади, фал си Ацæтæй неке адтæй. Бæрæг кæнунмæ сæмæ ссудæй, ба сæмæ гъæр кодта, еу зæронд уосæ имæ ракастæй: «Ци кæнæн, мæ хор, махæй раздæр дин ка фæццудайдæ æфсæдти, фал Ацæтæй еу змæлæг нæбал ес. Еу сувæллон сæмæ сæнтæстæй, е дæр гъазунгъон фæцæй, бæхбæл рабадтæй æма кумæдæр рандæ ‘й». Рацудæй Нарти Насиран. Кæсуй: еу бæхбæл еу лæхъуæн гъазуй, – еуæрдæмæ кæсгон хуми дæргъцæ рагъазуй, иннердæмæ дæр уотæ. Фæстаг хатт Нарти Насиранмæ æхе ниййаразуй æма ин «бонхуарз» зæгъуй. – Кæмæй дæ? – Æз дæн Ацæтæй, æрæгиау ка рантæстæй, еци Ацæмæз. – Мæ адæмтæ дæу ку хезунцæ, – зæгъуй Насиран. Æ хæццæ рацæуй Ацæмæз, е ‘фсæдтæ ин банимайуй: финддæс мини, сæ уæлдай ба – æртæ сæди. Цæунцæ нур денгизи билæбæл цæрæг Гуцмаз-æлдармæ. Дон сæ ласуй радугай. Ацæмæз æхе сæ дæллаг фæрсти фæккæнуй æма сæ ахæста радугай. Денгизи уордæг сæ æртумугъ кодта. Загъта син: «Нур бал ами лæууетæ, æз ба, мæ бон ка уа, уой бакæндзæнæн!» Бацæуй бæхæргъæуттæмæ, ра сæ тæруй. Гуцмаз-æлдармæ фæдес фæккæнунцæ. Ра ‘й æййафуй, бон-изæрмæ фæттухтæнцæ, уæдта ин зæгъуй Гуцмазæлдар: «Сæумæмæ, кæд лæг дæ, уæд мæмæ фæккæсæ, сæумæ бабæй тохдзинан». Гуцмаз-æлдарæн адтæй уохæн силгоймаг, æма ин æ цæфтæ сдзæбæх кæнидæ. Сæумæ бабæй тохунцæ бон-изæрмæ. Изæри зæгъуй Гуцмаз-æлдар: – Сæумæмæ мæмæ фæккæсæ. Рандæ уй. Æ бæх зæгъуй Ацæмæзæн: «Йарæбий, ци ‘нæзунд дæ! Амæн æ уосæ уохæн хуарз уосæ ‘й, æма ‘й æхсæвæ е цæфтæй сдзæбæх кæнуй, дæу ба исон рамардзæнæй, еу амал ку нæ бакæнай, уæд. Дæхе марди хузæн
266
ниййаразæ, тургъæмæ дæ е бæхи думæгбæл бастæй фæлласдзæнæй. Уоми дæбæл адæм æмбурдтæ кæндзæнæнцæ æма зæгъдзæнæнцæ: «Гъе уæууæй, Гуцмаз-æлдар, æртæ бони фæттухтдæ аци сувæллони хæццæ?!» Дзатмабæл дæ æрæвæрдзæнæй. Æхсæвæ ниххусдзæнæй Гуцмаз-æлдар. Цалдæнмæ цæхæртæ хаун байдайа æ гъæлæсæй, уалдæнмæ ма фестæ, уæдта имæ бацо ‘ма ‘й рамарæ!» Бæх куд загъта, уотæ æрцудæй гъуддаг. Æхсæвæ еу афони Ацæмæз, «фестон» – загъта æма фезмалдæй, мед аварæмæ ‘й балæдæрдтæй Гуцмаз-æлдар, рацудæй æма бабæй марди хузæн ниййаразта æхе Ацæмæз. Фæллæудтæй Гуцмаз-æлдар æ сæргъи, уæдта бабæй медæмæ бацудæй, æ хур-хур сервазтæй. Уæдта æхседæрфтæ хаун байдæдта æ гъæлæсæй. Фестадæй Ацæмæз æма ‘й рамардта. Уосæ к’ адтæй, е уой бацæй. Уосæн загъта: «Ис мæ дзæбæх кæнæ!» Е дæр æй дзæбæх кодта. Фæстæмæ раздахтæй. Насирани ‘фсæдтæ денгизи баиста. Уой фæсте Насиран æ дарæстæ рагæлста æма загъта: «Æз абони уæнгæ лæги хузæнæй фæццардтæн, лæги цæстæй мæмæ кастæнцæ, нур ба мæхе дæуæн аккаг кæнун, Ацæти Ацæмæз.» Уотемæй, Ацæмæз дууæ уосей хæццæ цæрун байдæдта. Æфсæдтæ фæххæлеу æнцæ. Нæртон адæми астæу Ацæтæ сæ райдайæнæй сæ байдауæнмæ тухгиндæр ссæнцæ. Нийфинста Туйгъанти Мухарбег. Æ радзорæг бæрæг нæ ‘й. ЦИГСÆИ-й архив, ф. 13, 6 п. «Нартæ», Дзæуæгигъæу, 2005 анз, 417 – 418 ф.
267
ЗÆРОНД УÆРХÆГ Нартæмæ адтæй зæронд Уæрхæг. Нарти æмбес хай мулкæй дæр æма адæмæй дæр адтæнцæ Уæрхæги. Уосæ ба нæ курдта Уæрхæг. Æ адæн к’ адтæй, етæ ибæл авд сабати авд æмбурди æрцæнцæ æма ин загътонцæ: – Уосæ ракорæ, Уæрхæг, кенæ ба де ‘нхузон хъалмæ рандæ уодзинан! Уæрхæг фæттарстæй, æма æхе уосæ корунбæл исефтигъта. Дууадæс байагурдта фæндурдзæгъдгутæй, дууадæс ба заргутæй; дууадæс хæтæлдзæгъдгутæй, дууадæс ба кафгутæй, уотемæй Болат Хæмицмæ ранæхстæр æй. Болат Хæмицмæ ба адтæй тъæрæбæл бадæг кизгæ. Уæрхæг уой корунтæ исамадта. Бамийнæвар кодта Болат Хæмицмæ ‘ма, цидæр адтæй, и кизгæ нæ кумдта Уæрхæгмæ, зæронд лæгмæ куд фæццæуон, зæгъгæ. Уæрхæг æрбадтæй е ‘мбалти хæццæ кегъоги медæг. Е ‘мбалтæ гъазтонцæ уоми, æхуæдæг ба сæ астæу бадтæй ‘ма дини киунуги кастæй. Тъæрæбæл бадæгмæ æ унæут кизгæ бауадæй æма ин радзурдта: – Ци фæйдтон?! Ци фæйдтон нæ хецаути хæдзари?! Ауæхæн дессаг ба нæма фæйдтон: уæртæ кегъоги адæм гъазунцæ, сæ астæу ба еу зæронд лæг бадуй æма дини киунугути кæсуй! Бадæг кизгæ ракастæй къæразæй. Уæрхæг имæ киунуги тегъæ фæххатта æма и кизгæ фæстæмæ бахаудтæй. Еци фæдбæл и кизгæ барвиста æ фидæмæ, Болат Хæмицмæ: – Æз уомæй æндæр некæмæ цæун! Уæрхæгæн е ‘мбалтæ фæккиндзхон æнцæ ‘ма ‘й уотемæй алай-булаййæй исхудтонцæ. Ци ибæл рацудæй, Хуцау зонуй, æма и кизгæ бауæззау æй. Уæрхæг ин æ бæнттæ нимайун байдæдта. Е ‘нгъуд ку ‘рхъæрттæй, уæд ин райгурдæй лæхъуæн. Уæрхæг æй уормеги думæггаги кæрони батухта. Хуцауæй ин искурдиадæ лæвæрд адтæй ‘ма искувта: – Уæ, хуцаути мæхе Хуцау! Цалдæн аци биццеу тоги къубарæ феста, уалдæн ин мæлæт куд нæ уа, уотæ! Ном ибæл исæвардта Уæрхæги фурт Субæлци.
268
Уалдæнги Субæлци рацæппо-лæппо æй ‘ ма ин Уæрхæг ракурдта уосæ, æхе хузæн бонгини кизгæ. Субæлци рандæй къуæре балци. Еу бон кæми адтæй, уоми Уæрхæг æ дууæ æфсорхъи раласта донмæ. Уотæ рæхги æ уæллæйти æрбацудæнцæ Соппæри æртæ фурти æма и дон ниллæкъун кодтонцæ. Дууæ æфсорхъи фæйнердæмæ раивазтонцæ æма раервазтæнцæ Уæрхæгæй. Уæрхæг син загъта: – Мæ лæхъуæн уин ами ку адтайдæ, уæд уин дессæгтæ фæууинун кодтайдæ! Соппæри æртæ фурти имæ æрбацудæнцæ æма ин æ рагъæй гæрзæ растигътонцæ, æ уормег ба ин листæг къуæхтæ никкодтонцæ. Уæрхæг къæдз-къæдзити бацудæй сæ хæдзарæмæ. И æхсæвæ Субæлци æрхъæрттæй æма æ уатмæ бадзурдта. Æ уосæ имæ радзурдта: – Цалдæн дин дуар æрбакæнон, уалдæн уоми бадæ! – Е имæ бадзурдта: – Айгез æма Агузни æфсæдти хæццæ истухтон, хуфийни хузæн мæ никкодтонцæ æма мæлун! Æ уосæ ин дуар æрбакодта, æ хъæппæлтæ ин фелваста, ни ‘й хуссун кодта, æхуæдæгка ин æ царæй фиди ‘хсæн ралæстæй æма сагъадахъи фæттæ гæргæргæнгæ ракалдæнцæ. Субæлци уой адæбæл æ мадæй райгурæгау иссæй æма фæрсун райдæдта æ уоси: – Цæй туххæй мин нæ кодтай дуар? Уосæ ин загъта: – Ду балци рандæ дæ, дæ фидæ ба дууæ æфсорхъи донмæ раласта æма ин Соппæри æртæ фурти æ дон ниллæкъун кодтонцæ. Хъал æфсорхътæ ниххурруттитæ кодтонцæ æма фæйнердæмæ ратудтонцæ. Уобæл дæ фидæ бамæстгун æй æма сæмæ исдзурдта: «Мæ фурт уин ами ку адтайдæ, уæд уин дессæгтæ фæууинун кодтайдæ!» Етæ имæ уобæл баздахтæнцæ æма ин æ рагъæй гæрзæ рауагътонцæ, сæхуæдтæ ба ма имæ æрцудæнцæ, æма мæ сувæллонæй ме стури уалдæн ци уормегбæл фæккустон, уой ин никъкъуæхтæ кодтонцæ. Субæлци æ хъæппæлтæ искодта фæстæмæ: – Мæнæн ами ниххуссун аккаг нæй! – æма, æ фидæ Уæрхæги нæ фæййингæй, æ бæхбæл рабадтæй ‘ма рандæй Соппæри æртæ фуртей фæсте. Етæ Соппæри мæри уосонгæ куд искодтонцæ, уотæ Субæлци сæ сæргъи балæудтæй ‘ма син загъта: – Корун уи, мæ фидæй мин ци гæрзæ рауагътайтæ, уой мин раттетæ!
269
Хестæр дзоруй кæстæрмæ: – Цогæ æма и куййи бафснайæ! Кæстæр рауадæй æма ‘й сагъадахъæй фехста. Сагъадахъ Субæлцийæн æ зæрди сæри исæмбалдæй æма еу бæласæ равдузта. Субæлци æ иуæнгтæй рафаста и бæласæ, æхуæдæг ба фехста Соппæри кæстæр фурти æма ‘й фæттумбул кодта. Хестæр дзоруй астæуккагмæ: – Цогæуай, не ‘рвадæ ку некæми зиннуй! Астæуккаг рауадæй æма е ‘рвади мардæй ку рауидта, уæдта фехста Субæлций. Фат æ зæрди сæри исæмбалдæй ‘ма ‘й еу бæласæй рахаста дуккагмæ ‘ма ‘й ниффедар кодта. Субæлци бæласæбæл æ иуæнгтæй рахуæстæй ‘ма ‘й и бæласи рафаста, сæрмæ ‘рдо рагъавта, фæ ‘й æхста æма ‘й фæттумбул кодта. Хестæр рауадæй, æма е ‘рваддæлти ку рауидта, уæд Субæлций фехста. Фат æй дууæ бæласеми рахаста, æртиккаги ба ‘й ниффедар кодта. Субæлци æ иуæнгтæй бабæй бæласæбæл рахуæстæй æма ‘й ратудта, уæдта ‘й е дæр фехста æма ‘й фæттумбул кодта. Уотемæй Субæлци æртей дæр бафснайдта, фал æхуæдæг дæр нæбал фæразта æма рахъан æй. Æ уодæй гъазта, мæлæт ба ин н’ адтæй, цалинмæ тоги къубулойнæ фестадайдæ, уалдæн. Мæрдтæмæ байгъустæй: – Болат Хæмиц, дæ хуæрифурт гъезæмарæ кæнуй! Мæрдтæй рацæунвæткæ н’ адтæй, медæгмæ бацæунæй фæстæмæ. Болат Хæмиц æ дзабуртæн сæ фийтæ къелтæ ‘рдæмæ искодта, уотемæй рацудæй дуарбæл. Дуаргæстæ бабæрæг кæниуонцæ æма медæгмæ фæдæй фæстæмæ æндæмæ фæд н’ адтæй. Болат Хæмиц бахъæрттæй Субæлцимæ æма ‘й æ мадæй райгурæгау искодта. Субæлци дæр уæд, æ фидæй ин ци гæрзæ рауагътонцæ Соппæри æртæ фурти, уой рахаста æма ‘й æ фидæбæл банихаста. Уотемæй е дæр исдзæбæх æй æма цæргæ байзадæнцæ нури уæнгæ. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Мæхческæ, 30.09.1903. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «ПНТО, в. 2, 1927», 75-78 ф.
270
финст.
НАРТИ СОСЛАН УОДÆГАСÆЙ МÆРДТИ КУД АДТÆЙ Нарти Сослан, еу бон кæми адтæй, уоми цауæни рацудæй. Берæ фæххаттæй æма нецæбæл исæмбалдæй. Уæд Хуцаумæ искувта ‘ма загъта: «А Хуцау, æдта абони уæнгæ мæ берæ ку уарзтай, æма мæ æгадæ ку некæд кодтай, нур ба а цæмæн уотæ ‘й, нур ба ди корун, æма цæмæй Нарти астæумæ ревæдæй нæ иссæуон, уотæ.» Сослан фæссагъæс кодта, уæдта баунаффæ кодта, Сау хонхи федæрттæ ма бабæрæг кæнон, зæгъгæ. Сау хонхи федæртти бæрзæндтæмæ ку схизтæй, уæд цæстгæсæнæй ракастæй, æма дуйнебæл сирди муггаг некæми зиндтæй, фал коми ба дæлæмæ ниууидта уæргъуни асæ мегъи цъопп. Мегъи цъопп коми исхæлеу æй æма сау хонхи дæр æримбарзта. Сосланбæл еци мегъæ уотæ æрталингæ кодта, æма æ къæхтæмæ ку æркæсидæ, уæд сæ нæбал уидта æма загъта: – А Хуцау! Кæд ме сæфт не ‘рцудæй, уæд айæ циуавæр мегъæ ‘й, мæ къæхтæ дæр ку нæбал уинун æма, ци ‘рдæмæ цæуон, уой ку нæбал зонун. Берæ фæссагъæс кодта Сослан, уæдта загъта æхецæн: – Цæй, комæрдæмæ урдугмæ цæуон æма кæд еу риндзæбæл исæмбæлинæ. Комæрдæмæ урдугмæ цæун райдæдта ‘ма, кæми æргуридæ, кæми рахауидæ, кæми ба цæун райдаидæ, уотемæй коми донмæ æрхъæрттæй. Дони билæбæл еу къахнад рауидта, донмæ ниххизтæй ‘ма си æ къох ниццавта, дон ци ‘рдæмæ уайуй, уой базонуни туххæй. Дон ци ‘рдæмæ уадæй, еци ‘рдæмæ дони билтæбæл къахнадбæл Сослан цæун райдæдта ‘ма загъта æхе меднимæр: «Аци къахнадбæл коми урдугмæ цæудзæнæн, æма мæ кæд еу дуйнебæл исæмбæлун кæнидæ». Цæйбæрцæ фæццудæй, Хуцау зонуй, уæдта надбæл еу рауæн æрбадтæй, æ хуаллæгутæ исиста ‘ма сæ бахуардта. Æхе ку рафсаста, уæд бабæй е ‘ндурæ ‘ма æ сагъæдахъи фæттæ æ дæлагис бакодта, æ церхъ ба æ фарсбæл, уотемæй бабæй Сослан еу къахнадбæл коми урдугмæ цæун райдæдта. Хъæбæр берæ бæнттæ фæццудæй тар мегъи хурфи талингæ коми урдугмæ къахнадбæл, хъæбæр бабæй исæстонг æй æма загъта: «А Хуцау! Аци зиндзийнадæ мин
271
цæмæн искодтай? Нарти астæу мæ кой ходуйнагæй байзайдзæнæй, атемæй ку фесæфон уæд, уæдта истонгæй дæр ку мæлун æма мæ еу дуйнебæл цæмæннæ исæмбæлун кæнис?» Никкидæр ма хъæбæр берæ бæнттæ коми фæццудæй, уæдта коми думæгмæ рахъæрттæй, æма дуйне фæррохс æй. Ракастæй, æма дин уоми ба дуйней лигъз будуртæ, ниллæг, зæрдæн æхцæуæн, уæдта зæрдæн дзæбæх рохс хор адтæй. Арвмæ ракæститæ кодта, æма ибæл хор дæр æма мæйæ дæр нæ зиндтæй. Сослан хъæбæр фæддес кодта ‘ма загъта: «А Хуцау! Ци дессаг дуйнемæ мæ бафтудтай? Мæ сувæллонæй ардæмæ кæми нæ фæххаттæн, уæхæн рауæн ку нæбал ниууагътон, уæд атæ ци дессаг рæсугъд будуртæ ‘нцæ? Ани æз ку некæд фæууидтон, истонгæй дæр ку мæлун. Æма кæми ци бахуæрон?» Еци рæсугъд лигъз будури цæун байдæдта Сослан æма еу цадæмæ нихъхъæрттæй. Цади билæбæл ба авд рæсугъд кизги хуарз ефтонгæй симдтонцæ. Кизгутти ку рауидта Сослан, уæд æхе меднимæр загъта: «Гъенур ба мин кæд еци кизгуттæ ести бахуæрун кæниуонцæ». Кизгуттæмæ ниццудæй æма сæмæ дзоруй: – Уæ бон хуарз, хуарз кизгуттæ! Кизгуттæ дæр имæ дзорунцæ: – Æгас цо, Нарти Сослан! Уæлæбæл дæр дæ Хуцау берæ уарзта ‘ма дæ мæрдтæмæ дæр, дзенетмæ, дæ цар æма дæ бауæри цауæйнон рæвдзæй æрбауагъта. Сослан нæрæмон адтæй æма нæбал фæллæудтæй: рæсугъддæр си ци кизгæ адтæй, уой хæццæ симди æрхуæстæй. Сослан мæрдти, дзенети будури дæр æ фудуагдзинадæ кæми уагъта, ‘ма семгæ-семгæй кизги цонг фелхъивта. И кизгæ дæр имæ дзоруй: – Сослан! А дзенети будур æй, æма ами дæр дæ фудуагдзинадæ нæ уадзис, уæлæбæл кудтитæ кодтай, ами, дзенети будури, уотитæ гæнæн нæййес, æма дин аци хатт хатир фæууæд, дуккаг хатт ба уотæ ку бакæнай, уæд дин хатир нæбал уодзæнæй. Сослан нæрæмон кæми н ‘адтæй, æма бабæй дуккаг хатт дæр кизги цонг фелхъивта. Дуккаг хатт ма ин æ цонг ку фелхъивта, уæд ин кизгæ нæбал ниххатир кодта, Сосланæн æ базугбæл фæххуæстæй æма ‘й цади астæумæ низзуввутт кодта. Сослан цади сæрбæл æ къабæзтæ берæ фæттилдта, уæдта ‘й дон æ бунмæ раиста. Дони хурфи бунмæ цæйбæрцæ фæццудайдæ, уæдта цади бунмæ рахъæрттæй, уоми бабæй дуйней хуарз будуртæ байгон æй. Еци будури фæццæйцудæй æма еу рауæнмæ нихъхъæрттæй, уоми ба дин дуйней адæн ауигъдтитæй лæудтæнцæ: ка æ къахæй, ка æ цонгæй, ка е ‘взагæй, ка æ хъурæй,
272
сæ буни ба содзгæ дортæ цирен кодтонцæ. Сослан сæбæл хъæбæр фæддес кодта ‘ма сæ бафарста, сæ гъуддаг уотæ цæмæн æй, уобæл. Етæ дæр ин загътонцæ: – Мах ци бакодтан, уой нæхуæдтæ нæхецæн бакодтан: уæлæбæл лæгъуздзинæдтæ фæккодтан, нур ба сæ ами ба зиндзинæдтæй федæн, анз нин кæмæн æртæ бони, кæмæн ба æртæ къуæрей, кæмæн ба фулдæр, ауæхæн зиндзинадæ бавзарун мæрдти хецауæй тæрхонгонд æй. Уæд сæмæ Сослан дзоруй: – Хуæруйнагæй ба куд айтæ, æстонгæй ку мæлун, æма уæмæ кæд ести ес, уæд мин бахуæрун кæнетæ. Етæ ба ин загътонцæ: – Мах бон нæй хуæруйнаг райсун нæхецæн дæр æнæ бафæрсгæй, фал мæнæ аци надбæл цо, æма лæг æма уосæмæ нихъхъæртдзæнæ, æма дин етæ байамондзæнæнцæ, кæми бахуæрай, уæхæн рауæн. Сослан дæр, ци над ин байамудтонцæ, еци надбæл рацудæй æма еу лæг æма уосæмæ æрхъæрттæй: лæг æ гъæлæсæй цæхæртæ умдта, уосæ ба имæ æ къохтæ бадаридæ, сæхуæдтæ ба сæ дууæ дæр нимпулдæнцæ. Уæ бон хуарз, зæгъгæ, сæмæ дзоруй Сослан. Етæ дæр имæ дзорунцæ: – Æгас цо, Нарти хуарз Сослан, уæлæбæл дуйнебæл дæр дæ Хуцау берæ уарзта ‘ма дæ мæрдтæмæ дæр дæ цар æма уотæ дæ бауæри æрбауагъта, уæдта дин ами дæр хъæбæр хуарз бунат уодзæнæй. Сослан дæр бабæй сæмæ дзоруй: – Ци дессаг айтæ, ци кодтайтæ? Уæ гъуддаг уотæ лæгъуз цæмæн æй? Етæ дæр имæ дзорунцæ: – Нæхе фудæй атæ гъезæмарæ кæнæн, уæлæбæл дуйней бийнонти астæу нæхецæн сосæггæй хецæн хуæруйнæгтæ кодтан, ‘ма нур ба еци давддзийнадæ мæрдти аци зиндзийнадæй федæн: анз æртæ бони атæ фæгъгъезæмарæ кæнæн, мæрдти хецау нин гъеууотæ истæрхон кодта. Уæд сæмæ Сослан дзоруй: – Æз æстонгæй мæлун, кæд уæмæ ести ес бахуæруйнаг, уæд мин радтетæ. Етæ дæр имæ дзорунцæ: – Сослан, дæу Хуцау берæ уарзуй, æма ма гузавæ кæнæ, ба дæ æфсаддзæнæй, махæн ба нæ бон нæй нæхецæн райсун дæр æнæ бафæрсгæй, фал мæнæ уоци надбæл цо, еу уосæмæ нихъхъæртдзæнæ, æма дин ейæ бахуæрун кæндзæнæй. Ци над ин ниййамудтонцæ, Сослан еци надбæл рацудæй æма еу уосæмæ нихъхъæрттæй. Уосæ сугъзæрийнæ къелабæл бадтæй, сугъзæрийнæ цетенæ æ
273 18* Заказ №1424
рази, уæдта али хуæруйнаги дзæбæхæй æ раз идзагæй лæудтæй. Сослан имæ дзоруй: – Дæ бон хуарз, дзæбæх уосæ! Е дæр имæ дзоруй: – Æгас цо, Нарти хуарз Сослан! Уæлæбæл дуйней дæр дæ Хуцау берæ уарзта, нур ба дæ мæрдтæмæ дæр дæ цар æма дæ бауæри æрбауагъта, уæдта дин бунат дæр ами, дзенети, дæуæн хуарз ес. Уæд имæ Сослан дзоруй: – Дæ гъуддаг алцæмæй дæр дæуæн уотæ хуарз цæмæн æй? Е ба ин загъта: – Авд лæхъуæни ‘ма мин авд ности адтæй мæнæн æма се ‘гасей дæр æнхузон уидтон, се ‘гасемæн дæр хуарз адтæн, æма мин етæ дæр хуарз адтæнцæ. Мæ къохи хъæбæр берæ адтæй, æма дæдтунæй нæ аурстон, æма, кедæр фæллæвардтон, етæ нур ба мæ размæ кæдзосæй лæуунцæ. Уæд бабæй имæ Сослан дзоруй: – Мадта æстонгæй мæлун æма мин ести бахуæрун кæнæ. Нуртæккæ, зæгъгæ, имæ дзоруй, – мæ къохи Хуцауи фæрци берæ ес. Æма ин фингæбæл еу æртæ къæбæри февардта. Сослан фингæмæ кæсуй æма ниссагъæси ‘й, еци æртæ къæбæри мин цæй фагæ ‘нцæ, зæгъгæ. Уосæ ба имæ дзоруй: – Сослан! Цæбæл сагъæс кæнис? Хуæргæ цæмæннæ кæнис? Сослан исбадтæй æма хуæрун райдæдта, фингæй еу къæбæр ку исесидæ, уæдта бабæй æ бунати æндæр къæбæр равзуридæ, уотемæй Сослан æхе бафсаста, фингæ ба уæддæр уæлдай ревæддæр нæ фæцæй. Сослан ку бахуардта, уæдта бабæй уосæмæ дзоруй: – Хуарз уосæ, хуæрун дæр мин бакодтай, фал ма ди еу гъуддаг корун: Хуцауæй мин ракорæ, цæмæй уæлæбæл дуйнемæ фæстæмæ исхезон æма цæмæй Нарти астæу мæ кой ходуйнагæй нæ байзайа, Сосланæн, зæгъгæ, æ мард кæми фесавдæй, е дæр нæбал исбæрæг æй. Уосæ ба ин загъта: – Мæн бон дæу ракорун нæ ‘й, фал мæнæ аци надбæл исцо ‘ма еу дзæхæрадонæмæ нихъхъæртдзæнæ, е ба уодзæнæй дзенети дзæхæрадонæ, дзæхæрадони бæлæсти буни ба хъæбæр берæ сувæллæнттæ гъазунцæ, гъема уони бон æй дæу ракорун мæрдти хецауæй. Сослан еци уосæн райарфæ кодта, æма ин е ци над байамудта, еци надбæл рацудæй. Цæйбæрцæ фæццудайдæ, уæдта дзенети дзæхæрадонæмæ æрхъæрттæй. Дзенети дзæхæрадонæй имæ дуйней сувæллæнттæ ракастæй æма имæ дзорунцæ:
274
– Æгас цо, хуарз Сослан, Хуцау дæ уæлæбæл дуйней дæр берæ уарзта ‘ма дæ мæрдтæмæ дæр дæ цар æма дæ бауæри æрбауагъта, уæдта дин бунат равардта мæнæ дзенети дзæхæрадони мах хæццæ. Сослан син, æ хабар ци адтæй, уой радзурдта. Сувæллæнттæ ба ин загътонцæ: – Коргæ дæ ракæндзинан мæрдти хецауæй, фал мабал цо уæлæбæл дуйнемæ, фæсмон кæндзæнæ, уæхæн барæ сувæллæнттæ ‘ма дæуæй фæстæмæ адæмæй некæмæн ес, æма дин ами, дзенети дзæхæрадони, хуæздæр æй. – Мæ сæрмæ ‘й нæ хæссун, – загъта Сослан. – Нарти астæу ми еци кой ку рацæуа, Сослани мард, зæгъгæ, кæми фесавдæй, е дæр нæбал исбæрæг æй! – Мадта дæ кæд уотæ хъæбæр фæндуй уæлæбæл дуйнемæ, Нартæмæ раздæхун, – загътонцæ сувæллæнттæ, – уæд нæ хæццæ рауай уæртæ дзæхæрадони кæронмæ мæрдти хецаумæ, æма дæ гъе уомæй ракордзинан мах. Æма Сослан сувæллæнтти хæццæ рацудæй æма ‘й дзæхæрадони кæронмæ мæрдти хецаумæ, еу устур бæгънæг лæгмæ, æ гъунтæ али ‘рдæмæ рафелауæбафелауæ кодтонцæ, æ цæститæ цæхæрау æрттивтонцæ, æ даргъ рехæ ба е ‘усхъитæбæл фæстæмæ рагæлста ‘ма си е скъелтæ æримбарзта, уæхæнмæ ‘й бахудтонцæ ‘ма ин загътонцæ: – Мæнæ Сослани фæстæмæ раздæхун фæндуй уæлæбæл дуйнемæ, Нарти астæумæ, цæмæй æ ходуйнаги кой нæ байзайа Нарти астæу, Сосланæн, зæгъгæ, æ мард дæр ци фæцæй, е дæр нæбал исбæрæг æй, æма ди корæн, цæмæй ин над радтай, уой. Мæрдти хецау ба син загъта: – Ма кæнæ, Сослан, фæсмон кæндзæнæ, ардигæй мабал æздæхæ фæстæмæ, уæлæбæл дуйнемæ. Сослан ба загъта: «Нарти астæу хъæбæр кадгинæй фæццардтæн, нур ба еци кой ми байзайун Нарти æхсæн мæ сæрмæ нæ хæссун æма мин æнæраздæхун нæ ес, кæд мин над дæттис, уæд.» – Мадта дæ ронæ фехалæ ‘ма мæмæ дæ фæсонтæ æрбадарæ, – зæгъгæ, имæ дзоруй мæрдти хецау. Сослан æ ронæ фехалдта ‘ма мæрдти хецаумæ æ фæсонтæ бадардта. Мæрдти хецау дæр Сосланæн æ дууæ уонебæл æ дууæ къохи æривардта, æхуæдæгка ин загъта: – Ка ‘й зонуй, уæлæбæл дуйней ку не ‘ууæндонцæ, мæрдти ке адтæ, уобæл, уæд сæмæ дæ фæсонтæ бавдесдзæнæ. Æхуæдæгга сувæллæнттæмæ фæгъгъæр кодта, æма дзенети дзæхæрадони бæгънæг сувæллæнттæ дæр сæ базуртæ фергъувтонцæ, испæрпæр кодтонцæ, зелун райдæдтонцæ.
275
Уони базурти дунгæй ба зелæн дунгæ фелвæстæй æма Сослани фелваста, хæрдмæ ‘й хæссун райдæдта, хæссун, æма ‘й уæлзæнхæ фæккодта. Уæлзæнхæ ку фæцæй, уæд гъæумæ æрбацудæй æма гъæунгти ку фæццæйцудæй, уæд еугурæйдæр Сослани размæ уайун байдæдтонцæ ‘ма ибæл цийнæ кодтонцæ. – Æгас цо, Сослан! Ацал-ауал анзи кæми фесафтдæ? Нарти астæумæ æрбацудæй, æма ибæл етæ дæр фæццийнæ кодтонцæ, уæдта ‘й бафарстонцæ, уал анзи кæми адтæй, уобæл. Сослан ба син загъта: – Мæрдти адтæн, æма дзенет дæр æма зиндони дæр фæууидтон. Уæд имæ Сирдон дзоруй: – Сослан, кæмидæр дзæгъæл фæххаттæ, нур ба æрцудтæ, æма мæрдти адтæн, зæгъгæ, зæгъуй! Сослан дæр æ уæллаг гурæ рабæгънæг кодта, ‘ма сæмæ æ фæсонтæ равдиста, æ фæсонтæбæл ба финст адтæй: «Мæрдти Барастур». Еци финст ку байаргъудтонцæ, уæд си баируагæс æй, Сослан мæрдти ке адтæй, е, уæдта, мæрдти хецау «Барастур» ке хуннуй, уой дæр базудтонцæ. Гъема, гъеуæдæй ардæмæ байзадæй мæрдти хецауи ном «Мæрдти Барастур», зæгъгæ. Сослан ба уой фæсте дæр Нарти æхсæн дзæбæх фæццардæй. Бæзати Майрæни дзурдтæй Толасти Æндреййи финст. Киристонгъæу, 25.01.1927. ЦИГСÆИ-й архив, ф. 86, 262 п. «Нартæ», Дзæуæгигъæу, 2005 анз, 99 –104 ф.
276
ОРÆЗМÆГИ ТАУÆРÆХЪ Ногъай æлдармæ мæстгун адтæй Орæзмæг: – Тæходуйтæ, мæ къох имæ ку ‘рхъæртидæ еуæрдиги! Цæй, Хуцау дæр мæ маргæ, е дæр мæ маргæ! ‘Ма æхецæн кирæ искæнун кодта, ‘ма æхе дони багæлдзун кодта. Дони ‘й багæлстонцæ. Ногъай æлдар ба хиздартæ дардта. И кирæ етæ æрахæстонцæ ‘ма ‘й и æлдармæ исхастонцæ. Е ба дин и кирæ байгон кодта ‘ма дин уоми ба Орæзмæг. Ногъай æлдар ниццийнæ ‘й: – Изолмæ ке фæййагурдтон, уой хæстæгмæ иссердтон! Е дæр ин загъта: – О, Ногъай æлдар, Ногъай æлдар, æз дæр дæмæ уой туххæй æрбацудтæн. Уæддæр мæ нæхе адæм нæбал уадзунцæ, маргæ мæ кæнунцæ ‘ма дæу къохæй ку рамæлон, уæд мин кадæдæр уодзæнæй, уæддæр æй и æлдар рамардта, зæгъгæ. Маргæ мæ кæндзæнæ нур, фал ми ести бахуæрæ! – ‘Ма ди ци бахуæрон? – Нарти адæммæ фонс берæ ес. Бæхæргъæуттæ, галæргъæуттæ, ‘ма уонæй ести бахуæрæ! – Æма сæ куд бахуæрон? – Зæгъæ син, уой бæрцæ фонс æрбакæнетæ, æз ба уин уæ лæги раттон. Ранистадта Орæзмæг Нарти адæммæ: сæдæ сæдæ еусиуонтæ, сæдæ сæдæ дусиуонтæ, сæдæ сæдæ æртæсиуонтæ, сæдæ сæдæ ба цуппарсиуонтæ ку ‘рбакæнайтæ, уæд мæ уæгъдæ кæнуй и æлдар. Нарти адæм загътонцæ: – Хуцау нæ ку фæууидта, еусиуонтæ, дусиуонтæ, æртæсиуонтæ, цуппарсиуонтæ кæми иссердзинан?! Орæзмæгæн ба æ уосæ кæлæнгæнæг адтæй ‘ма син загъта: – Е уи фонс нæ агоруй, нæ, фал сæдæ сæдæ хъæмагинтæ, сæдæ сæдæ арцæгинтæ, сæдæ сæдæ æфсæн æфсад, сæдæ сæдæ бæхгин æфсад. Нарти адæм сæхе барæвдзæ кодтонцæ æма рараст æнцæ. Орæзмæг ба син сæ размæ Ногъай адæм лæдзгути хæццæ рарветун кодта æлдарæн.
277
Нарти адæм дæр сæ ниццагътонцæ. Нарти адæм мæсуги размæ ку ‘рбахъæрттæнцæ, уæдта равналдта Орæзмæг, æма и æлдари æ буни фæккодта, ‘ма ‘й фус æвгæрдæгау æрбавгарста. Уотемæй Ногъайæй гæндзæхгин дæр нæбал байзадæй. Сæ мулк син рамбурд кодтонцæ ‘ма Нарти бæстæмæ æрбафардæг æнцæ. Кæлухти Елмæрзай дзурдтæй Цагъати Анастасии финст. 17.08.1953. ЦИГСÆИ-й архив, 144 п., 153 ф. НК, 1 т., Дзæуæгигъæу, «Иристон», 2003 анз.
278
АДÆКЕЗИ КИЗГÆ УАДЗÆФТАУÆ Адæкезæн адтæй седзæр кизгæ, æ ном Уадзæфтауæ. Æ конд, æ уиндæн н’ адтæй Уадзæфтауæн. Нарти дзæбæхтæ ибæл низмалдæнцæ æма некæмæ кумдта. Алкæмæн дæр еу аййепп иссеридæ. Æхсæртæгкатæ уой ку базудтонцæ, уæд загътонцæ: – Махбæл ци фау исæвæрдзæнæй, – зæгъгæ. – Нур ба æй ракорæн нæ хестæр Уорузмæгæн. Ба ‘й рæвдзитæ кодтонцæ. Нарти хæзнатæ – церхъæй, уормегæй – уони ибæл искодтонцæ. Æ устур æрфæнбæл æй рабадун кодтонцæ ‘ма ‘й рарвистонцæ уосгор дууадæс æмбалей хæццæ. Æрхъæрттæнцæ гъæумæ, бафусун кодтонцæ еу бонгин хæдзарæмæ, сæумæ ба сæ фусунæн загътонцæ сæ гъуддаг. Сæ фусун син кегъæре, уотемæй и къуари дууæ ахсгиагидæр к’ адтæй, уони бамийнæвар кодтонцæ Адæкезæмæ. Хуарз сæ цæмæннæ фæййидтайдæ иуазгути. Бахуардтонцæ, баниуазтонцæ, уæдта æрдзубанди кодтонцæ Адæкезæн сæ гъуддаг. Е ба син загъта: – Æз арази дæн, фал мæ кизгæн æхе бафæрсетæ. Æхсæртæгкатæ бафауйнаг нæ ‘нцæ. Еци æрваддæлтæй арв нæрун ку не ‘ндеуй, Нарти æхсæн сæмæ уæхæн хъаурæ ку ес. Етæ мин, мæ кизгæ агоргæй, æз ин хуæздæр неке агорун, фал ин фидæ, æрвадæ нæбал байзадæй æма ин æхе бафæрсетæ. Кизгæ сæмæ фегъуста, сæ сæргъи лæудтæй ‘ма, уæдта син загъта: – Раст зæгъуй мæ мадæ: Æхсæртæгкати æрваддæлтæ бафауйнаг нæ ‘нцæ. Æз дæр сæ мæ сæрæн аккаг искодтайнæ, фал сæ еу гъуддагæй ба нæ кæнун: куй ку базæронд уй, уæд егарти фæсте уайун нæбал фæффæразуй, е ‘фсæртæ нæбал фенгон кæнуй æма куйфæдеси дæр нæбал фæццæуй. Уорузмæг дæр уой хузæн е ‘фсæртæ уорамун нæбал фæразуй, базæронд æй, адæми тонхи нæбал цæуй æма уомæ фæццæун мæ сæрæн аккаг не скæндзæнæн. Мийнæвæрттæ æриздахтæнцæ æма Уорузмæгæн радзурдтонцæ и кизги дзуапп. Маст ин куд нæ адтæй æма уонтæбæрзонд, сæргубурæй æ хæдзарæмæ æрбаздахтæй. Нарти астæу рахабар æй, Уадзæфтауæ Уорузмæгмæ нæ бакумдта, зæгъгæ. Уой фæсте ба Æхсæртæгкатæ рарвистонцæ Хæмици. Е дæр бацудæй, бамийнæвар кодта æма уомæн ба дзуаппæн загъта:
279
– Уадзæн Æхсæртæгкати Хæмиц загъдæуй. Куд нæ имæ фæццудайнæ айдагъ æ сугъзæрийнæ дæндæгути туххæй уæддæр, фал имæ нæ фæццæудзæнæн: æ сугъзæрийнæ дæндæгутæбæл изгæ бадун байдæдта æма уонæмæ кæсунмæ неци бакæндзæнæн! Раздахтæй е дæр æма имæ нæуæг æмбалти хæццæ Сослан бамийнæвар кодта. Мийнæвæрттæ радзурдтонцæ: – Уорузмæг æма Хæмици зæронди туххæй не саккаг кодтай, Уадзæфтауæ, фал дæ нур ба Æхсæртæгкатæ Сосланæн агорунцæ. Е ба загъта: – Сослан лæгигъæдгун ке æй, уой æз зонун, уингæ ‘й кæд некæд фæккодтон, уæддæр ин æ хабар игъосун, æгас Нарти æхсæн уомæй æскъуæлхтдæр нæййес, зæгъгæ. Фал тæбæгъи донау рацæхъал-бацæхъал лæг æй: дзурд, соми ин нæййес æма мин уомæй ка равзура, етæ дæр уотæ æнæдзурд, мæнгард уодзæнæнцæ æма син и арт сæ фæстаг басодздзæнæй. Æвæстаг кæми уон, уордæмæ ба, зонгæ-зонгæй, не сарази уодзæнæн. Мийнæвæрттæ радзурдтонцæ Сосланæн сæ дзуапп æма уонтæбæрзонд, сæргубурæй æ хæдзарæмæ ниффардæг æй. Уой фæсте ба Æхсæртæгкатæ æримбурд æнцæ æма бафæндæ кодтонцæ, Уорузмæги фурт Айсанайæн æй ракорæн, зæгъгæ. Уомæй ба ма ци зæгъдзæнæй: æ конд, æ уиндæн ку нæййес. Дондзау уоститæ æ уиндæй сор ку кæнунцæ, уæд имæ куд нæ бакомдзæнæй? Уотемæй Айсанай исаразтонцæ, дууадæс бæхгиней хæццæ æй рарвистонцæ. Æрхъæрттæнцæ, бафусун кодтонцæ, и дуккаг бон ба сæ фусуни кегъæре райстонцæ æма уотемæй бамийнæвар кодтонцæ Уадзæфтауæмæ. Е ба син загъта: – Бæргæ хуæрзконд лæг æй Айсана, фал æгæр кизгæгонд æй. Нури уæнгæ Нарти астæу æнæ номæй, æнæ ести фонсиконд фæккæнгæ ку цæруй. Е мæн дарун дæр нæ бафæраздзæнæй æма имæ нæ фæццæудзæнæн. Уотемæй Айсана дæр раздахтæй. Се ‘нккæтей фæсте ба имæ рарвистонцæ Хæмици фурт Батрази дууадæс æмбалей хæццæ. Мийнæвар, тог тæдзгæ, æрдзурдта Æхсæртæгкати гъуддæгтæ, фестудта Хæмици фурт Батрази дæр. Адæкезæ дæр уони фарс фæцæй. Дзурд ку фæцæнцæ, уæдта имæ и кизгæ бакъолæ кодта: – Сумах ка фæндадтæй, уой загътайтæ, нур ба мæнæн дæр еу дзурди барæ раттетæ, – зæгъгæ. Дзурди барæ ин бауагътонцæ æма син загъта: – Хæмици фурт Батраз бафауйнаг лæг нæ ‘й, еу дæр аци рæстæги нæ фæсевæдмæ уомæй æгасдæр лæг нæййес, фал имæ æз ба нæ фæццæудзæнæн. Идили дон ку ниййех уй ‘ма Нарти биццеутæ уобæл ку фæгъгъазунцæ, уæд
280
е ба æхе сау робас фестун кæнуй æма сæ еугай-дугæйттæй ехи бунмæ ласуй, æма син уотемæй сæ тог се скъелтæй цъируй. Ка ‘й зонуй, æма уотемæй ескæд, рамæстгун уогæй, мæн дæр ку бахуæра, уомæй тæрсун ‘ма имæ нæ фæццæудзæнæн. Æхе мæлæт ке бафæндæ уодзæнæй?! Уотемæй Уадзæфтауæ раздахта Хæмици фурт Батрази дæр. Се ‘нккæтей фæсте ба имæ æрцудæй Къантдзи фурт минкъий Сæууай; ба имæ мийнæвæрттæ кодта. Уадзæфтауæ ба ин загъта: – Цæмæ цудтæ, Къантдзи фурт минкъий Сæууай, нуртæкки дæмæ мæхуæдæг ку цудтæн? Нарти астæу ай сахат дæуæй лæггонддæр ку нæййес, уæд, фал дæмæ неци фæццæудзæнæн: дæ цъифхуар мадæ уæллæй и къоли сæри дууадæс рæхисемæй бастæй лæууй, æ гъæлæсæй æхседæн зингитæ калуй, зæнхæмæ ба уазал ехæй хаунцæ æма мæбæл ести ку æрхауа, уæд рамæлдзæнæн. Кенæ ба уомæн ци нæ дæ, уой мæнæн фæууодзæнæ? Сæууай раздахтæй. Нарти æхсæн ракой æй: – Æхсæртæгкатæ æхсæземæй курдтонцæ Уадзæфтауи æма си некæмæ бакумдта, – зæгъгæ. Уæд Ацæти Ацæ æ бæхуæрдун раефтигъта æма Нарти гъæунгти сæрдтсæрдтæй æруадæй. Цирдæмæ, зæгъгæ ‘й, рафарстонцæ. Е ба син загъта: – Цæун Адæкезæмæ: Уадзæфтауи мæ фуртæн уосæн корун, – зæгъгæ, æма раевгъудæй. Лæвард дин фæцæй нур, зæгъгæ, гириз кодтонцæ хъалтæ Нарти нихæси. Ацæ дæр Адæкези мæсуги хораууон æ бæхуæрдун бабаста, æхуæдæг ба хæдзарæмæ бацудæй. Ра ‘й бадун кодтонцæ, хуæруйнаг ин æривардтонцæ. Е дæр æхе рафсаста, уæдта син загъта: – Æз дæн уосгор, сумах хузæн еунæг адæймаг. Дæуæн Адæкезæ дæ еунæг кизгæ, мæнæн ба мæ еунæг лæхъуæн! Нур ба дæ кизги мæ лæхъуæнæн исаккаг кæнæ! Адæкезæ ба ин загъта: – Коргутæ æй адтæй æма ин æз не сунафæ кодтон, нур дæр – уотæ! Æхе ин бафæрсæ, мæнæ дæ сæргъи æй, æма. Ацæ дæр и кизгæмæ дзоруй: – Æз Ацæтæй дæн, нур ба нæ дæхецæн исаккаг кæнæ! Уадзæфтауæ ба загъта: – Ходуйнаг ма уæд, ести ку зæгъон, уæд. Ду дзуапп агорис æма дин ести зæгъун гъæуй. Нур ба тæккæ мæн дæр фæндуй, мæ мадæ, Ацæтæмæ ку уайнæ, гъема дæу дæр фæндæд. Мæхе мин уомæй фарстай æма мин мæ зæрдиуаг зуд-
281
тай, – мæхе кæмæ нæ фæндадтайдæ, уомæ ке нæ фæццудайнæ, уой. Нур ба арази мах: Хуцауи хæстæг æма нæ хæстæг! – Мадта уотæ нæ! Дæхе рарæвдзæ кæнæ æма нур ба цæугæ, – загъта Ацæ. Кизгæ дæр æхе рарæвдзæ кодта. Æ гобанцъарæ, æнæуой хуссæнтæ уæрдуни æ буни бакодта æма ранæхстæр æнцæ. Изæрæрдæмæ Ацæ Уадзæфтауи хæццæ Нарти Устур нихæси рæзти синкк-синккæй иссудæй. Уотемæй Уадзæфтауæ Ацæти уосæ бацæй. Къолоти Баззей дзурдтæй финст. 1.10.1903. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «ПНТО, в. 2, 1927», 53-56 ф.
282
НАРТИ ОРÆЗМÆГ Нарти Орæзмæг, æ конд, æ уиндæн н’ адтæй, уæхæн лæг адтæй. Æгъдауæй дæр, тухæй дæр уотæ адтæй. Нарти хестæртæ дзубанди кодтонцæ, бæгъатæрдæр ка уодзæнæй Нарти лæгтæй, зæгъгæ, æма ка – еуемæй загъта, ка – иннемæй. Орæзмæг син загъта: – Æз дуйнебæл нецæмæй фæттæрсдзæнæн. – Хуарз, бавзарун æй гъæуй. Æдта нур е уотæ бæгъатæр æй, – загътонцæ Нарти адæм. Еу хатт Орæзмæг балци рандæ ‘й æма Нарти адæм исфæндæ кодтонцæ Орæзмæги бавзарун. Орæзмæг син сæ унафæн неци базудта, уотемæй æндæр адæмихаттмæ рандæ ‘й. Фæстæмæ ку раздахтæй Нартмæ, уæд ибæл, Нартæй сосæггæй æ фæсте æрвист к’ адтæй, етæ сæдæ бæхгини исардудтонцæ. Æма сæдæ бæхгини рацудæнцæ æ фæдбæл. Етæ надбæл сæхе фæрразæй кодтонцæ æма сæхе фæснад баримахстонцæ. Сæдæ бæхгини ратегол æнцæ Орæзмæгбæл, гъавтонцæ ‘й марунмæ. Сæ астæути куддæр-муддæрти кæронмæ раласта æхе, уоми ба æ бæх ниццæфтæ кодта æма ледзунбæл фæцæй. Ледзун байдæдта надбæл. Сорун æй байдæдтонцæ æма радаргъ æнцæ æ фæдбæл. Нарти адæмæй æ фæдбæл гъæуай кæнунмæ æрвист к’ адтæй, етæ кæрæдземæ бакастæнцæ, нæ бæгъатæр цæхæн бæгъатæр æй, ледзунбæл фæцæй, æндæр æ бон нецибал æй, зæгъгæ. Худтæнцæ ибæл сæхе меднимæр. Уæд æваст, кæсунцæ, æма Орæзмæг æ бæхи къембур фæххатта фæстæмæ, æма сæ цæгъдун байдæдта, уотемæй сæдæ бæхгинемæй некебал ниууагъта, ниссæ цагъта. Фæдбæлгæсгутæ æрбацудæнцæ Нарти хестæртæмæ æма син æрдзурдтонцæ, куд адтæй æма ци фæууидтонцæ, уой. Хестæртæ æрбахудтонцæ Орæзмæги сæ размæ æма ‘й бафарстонцæ: – Ледзгæ ма цæмæн кодтай сæ разæй? Е ба син загъта: – Лæг е знаги хæццæ ку хуæца, уæд гурумухъ хъаурæй мадзали хъаурæ
283
хуæздæр æй. Æз си тæрсгæ нæ фæккодтон æма сæ разæй уой туххæй нæ лигъдтæн, фал мин уотемæй æнцондæр басæттæн иссæнцæ, кауи мехти хузæн. Еци мадзал ба райстон мæ цауæйнон куййæй. Мæ куйбæл дуйней куйтæ рамбурд æй æма ралигъдæй сæ разæй. Е дæр – ледзгæ, етæ дæр æй – соргæ, æма ку радаргъ æнцæ, уæдта сæмæ раздахтæй, æма сæ ниццагъта еугæйттæй. Нарт Орæзмæги бæгъатæрбæл банимадтонцæ. Нийфинста Хадати Берди Золойти Къæбуси дзурдтæй. Киристонгъæу, 1938. ЦИГСÆИ-й архив, ф. 36, 4 п. ИАС, 1 т., Дзæуæгигъæу, Ир, 1961 анз.
284
НАРТÆ ÆЗ – ХУÆЗДÆРУОНБÆЛ КУД ДЗУРДТОНЦÆ Нарти Уорæзмæг хæтунмæ рандæ ‘й æ æрфæнбæл. Нартæй ма ка байзадæй, етæ ба «æз хуæздæр дæн»-бæл дзорун байдæдтонцæ. Алке дæр си æхе хуæздæр худта æма нæбал федудтонцæ. Ку нæбал федудтонцæ, уæд сæ дзубанди къæсибадæг уосæмæ бахастонцæ: – Зæгъæ нин, ка ни хуæздæр æй, уой! Е ба син загъта: – Куд уин зæгъон, ка уи хуæздæр æй, уой, уæ хуæздæр ами ку нæ ‘й. Нарти фæсевæд базудтонцæ, Уорæзмæгæй син ке зæгъуй, уой, æма хъæбæр фæммæстгун æнцæ къæсибадæг уосæмæ. Авд авди синдзæ фæлласун кодтонцæ авд цæдемæй, уонæй кегъог искодтонцæ æма уоси уой хурфæмæ бакодтонцæ, уæдта ибæл ниндзарстонцæ. Нарти фæсевæд уоси басодзун æнгъæл адтæнцæ æма сæ хæдзæрттæмæ рандæ ‘нцæ, фал уосæ ралигъдæй. Æма, Уорæзмæг балциæй кæцæй æрцæудзæнæй, уоми еу риндзæбæл исбадтæй. Уорæзмæг æ æрфæнбæл æрбацудæй. Æрфæн ниххурруттитæ кодта æма ‘й фæстæмæ рахаста, уосæй фæттарстæй. Уорæзмæг æ æрфæни дуккаг хатт ниццæфтæ кодта, куйтæ дæ бахуардта, ду ами цæмæй тæрсис, зæгъгæ. Æрфæн бабæй дуккаг хатт Уорæзмæги фæстæмæ рахаста. Æртиккаг хатт бабæй æй батардта риндзæбæл. Уæд имæ уосæ æхе равдиста æма ин загъта: – Бахатир кæнæ, Нарти хуарз Уорæзмæг, мæнбæл ци тухст бон адтæй, уой дин æнæ зæгъун нæййес. Æз дæн еци уосæ, Нартæ «æз хуæздæр»-бæл ку дзурдтонцæ ‘ма ку нæбал федудтонцæ, уæд сæ фарст кæмæ æрбахастонцæ, е. Æз ба син загътон: «Уæ хуæздæр ами ку нæ ‘й, балци ку æй, уæд цæбæл дзоретæ». Уобæл мæмæ фæммæстгун æнцæ ‘ма мæбæл синдзин арт никкодтонцæ. Уонæй уотæ басугъдтæн, фал æз ба æрдæгарудтитæй райервазтæн». Уорæзмæг балæдæрдтæй хабар. Уосæн хъæппæлтæ исласта æ фæсабæрцæй, уæдта ‘й æ фæсабæрцæ исæвардта æма ‘й æрхаста Нарти гъæумæ. Нарти фæсевæд ибæл ниццийнæ æнцæ. Уорæзмæг ба, цума неци зудта, уотæ, æма син загъта:
285
– Цæуæн, фонс фæккæнунбæл нæ амонд бавзарæн. Æз зонун, фонс кæнун кæцæй æмбæлуй, уæхæн рауæнтæ. Фæсевæд исарази æнцæ. Уорæзмæг сæ разæй, уотемæй рацудæнцæ. Фиццаг сæ кокойни синдзитæбæл рахудта æма сæ къæхтæбæл нæбал лæудтæнцæ, сæ къæхти тог аллирдигæй калдæй; уæдта сæ рахудта тугул дортæбæл. Дортæй нæбал бухстæнцæ сæ къæхтæн. Уой фæсте сæ ракодта æнæуой синдзитæбæл æма Нарти фæсевæдæн цæун сæ бон нæбал адтæй, хуæруйнагæй дæр байгудзæг æнцæ. Уæд уалдæнгæ æрхъæрттæнцæ еу фиййаутæмæ. – Еске уи бавзарæд æ хъаурæ, уæлæ еци фиййауæй косæрттаг æрласун, – дзоруй Уорæзмæг. Кæстæртæ фæццудæнцæ, еу далис туххæй æрахæстонцæ, æ къæхтæй сæ ниттигътитæ кодта æма син раервазтæй. Сæ бон неци иссæй. Уæд Уорæзмæг дзоруй Сосланмæ: – Гъæйтт, дæхуæдæг бавзарæ! Фæццудæй Сослан дæр. Еу нæл фусбæл æрхуæст æй. Фус æй берæ фæрраласæ-баласæ кодта, уæдта ин раервазтæй. Е дæр сорæй æрæздахтæй е ‘мбæлттæмæ. Гæнæн нæбал адтæй æма Уорæзмæг æхуæдæг фæццудæй, фонсбæл æ цæстæ рахаста, æма си фиййау – некæми. Ниййахæста еу устур фур. Кæрæдзей тухтитæ кæнун байдæдтонцæ, изæр кæнун дæр байдæдта æма фонс сæ бунатмæ ранæхстæр æнцæ, æма фур Уорæзмæги æ фæсте фæлласта сау лæгæтмæ. Уоми ймæ уæйуг фæггæпп ласта, æ фурбæл ниццийнæ ‘й, æгайтима мин уæхæн фезонæггаг æрбаластай, зæгъгæ. Уæйуг æрахæста Уорæзмæги. Е скъелти ин ухст бацавта æма ‘й фезонæг кодта. Уорæзмæг ма æгас адтæй, уæйуг ба бафунæй æй. Къумæй Уорæзмæгмæ еу сæри къудур æрзилдæй æма дзоруй: – Уæ, гормон, Нарти Уорæзмæг, æгас ма ку дæ, аци мæнгард фунæй ку æй, мæн дæр уотемæй бахуардта, фестæ æма ин æ дууæ цæстей астæу ухст ниццæвæ. Уорæзмæг фæггæпп ласта. Уæйуги цæстити астæу ухст рацавта, æхуæдæг ба устур цæуи хъæстæ ракъæртт кодта æма уоми балæстæй. Курмæ уæйуг æй агурдта: – Нæ мин раервæздзæнæ, нæртон дзигло, мæ дуæрттæ æхгæд æнцæ, мæ фонс мæ къохæй зонун, алке дæр си бæрæг кæндзæнæн. Уæйуг æ фонс дæр æндæмæ нæма уагъта, уотемæй æй агурдта. Уорæзмæг имæ, кæми – еу къумæй, кæми – иннемæй гъæр кодта, фал хъæрæу уæйуг æхе хонхбæл ниццавта. Уотемæй рауайæ-бауайæ кодта лæгæти къумти. Уæйуг мæлунмæ æрхъæрттæй. Гæнæн ин ку нæбал адтæй, уæд лæгæти дуар райгон кодта æма æрлæудтæй дуармæ. Рауагъта раздæр æ бодзой. Æ къохтæ ибæл рахаста æма – некæми.
286
– Цо, бодзо, цо, – загъта уæйуг. Уой фæсте фусти еугæйттæй уадзун байдæдта, фал Уорæзмæгбæл некæми фæххуæст æй. Фустæ ку раевгъудæнцæ, уæд ма уæйуг Уорæзмæги медæгæй æнгъалдта æма имæ гъæртæгæнгæ бацудæй, нæ мин раервæздзæнæ, нæртон дзигло, зæгъгæ. Уорæзмæг ма имæ æндегæй ходгæй æма гиризæй æрбадзурдта: – Гъе, хъæрæу уæйуг, ервæзгæ дæр ма дин ракодтон! Уæйуг æ фур мæстæй рауайунмæ гъавта æма хонхи билæй рахаудтæй, уоми ниххæрнæгъ æй. Уой фонс æризадæнцæ Уорæзмæгæн. Æ сæрмæ не ‘рхаста сæри къудур ниууадзун æма ‘ймæ фæстæмæ баздахтæй. – Ци хуарздзийнæдтæ ес аци хæдзари? Сæри къудур ба ин загъта: – Ес си буйнагин тъæфсæ, мард лæг си ку ниццæвай, уæд райгас уодзæнæй. Уæдта си ес æркъиаги гæппæл, цидæр ибæл исивæрай, цубур рæстæгмæ ‘й бахъæртун кæндзæнæй идардмæ. Ес си æртикъахуг фингæ, дæ рази ‘й ку æривæрай, уæд алци дæр фæззиннуй. Нур ба ди корун, цæмæй мæ æрцæвай тъæфсæй. Фал Уорæзмæг тæрсгæ кодта еци сæри къудурæй. Фæстаг равардта уасхæ, куд ин неци кæндзæнæй, уобæл. Сæри къудур райгас кодта. Райста мулк, фустæ æма сæ ратардта. Нарти фæсевæд уæдмæ судæй мæлунмæ æрцудæнцæ, Уорæзмæг ба сæмæ дзоги хæццæ æрцудæй. Хуарз сæхе фæййидтонцæ, сæ фонси хæццæ æрцудæнцæ Нарти гъæумæ. Уæд си байруагæс æй, Уорæзмæг сæ лæгдæр ке æй. Уæдæй фæстæмæ «æз хуæздæр дæн»-бæл нæбал дзурдтонцæ. Годзойти Тæкъай дзурдтæй Бесати Тазей финст. Дур-Дур, 4.02.1941. ЦИГСÆИ-й архив, 23 (VII) п., 56 ф. НК, 1 т., Дзæуæгигъæу, «Иристон», 2003 анз.
287
СОСЛАН НАРТИ АДÆМИ ЗАКЪИТÆЙ КÆРЦÆ КУД ÆСКОДТА Нарти Сослани зæрди æрифтудæй лæги закъитæй кæрцæ скæнун. Райдæдта уой туххæн Нарти адæми закъитæ тонун æма си кæрцфагæ æрæмбурд кодта. Уæд сæмæ Нарти кизгуттæ æма уоститæ æрæмбурд кодта æма сæ уонæмæ кæрцæ скæнунмæ равардта. Уоститæ æма и кизгуттæ, кæрцæ кæнгæй, нæ фæууидтонцæ, нæ, ка æ лæги закъæ, ка е ‘рвади, ка ба æ фиди закъæ, фал ци кодтайуонцæ, – Сослан хъаурæгин адтæй. Уæд сæмæ фелвæстæй къæсибадæг уосæ æма син и кæрци æфцæкъуатæ гъæуаггин искæнун кодта, æма син загъта: «Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехи закъæй ин æфцæкъуатæ гъæуй». Сосланæн загътонцæ: «Дæ кæрцæ æфцæкъуатæ гъæуаггин иссæй æма ин Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехи закъæ исхæссæ æфцæкъуатæн». Сослан рандæ ‘й Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехи агорунмæ. Тухгин адтæй е. Сослан æй ниууидта, тугулдортæй кинау гъазгæй. Уæд имæ Сослан нихъхъæртуй æма ин «бонхуарз» зæгъуй. Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехæ дзоруй Сосланмæ: «Ду зондзæнæ Нарти Сослани гъæзтитæй еститæ, ба мин сæ амонæ». Уæд ин Сослан зæгъуй: «Мæнæ хæрди буни зонгутонтæ ниббадæ, æз ба дæбæл хонхæй тугулдортæ уадздзæнæн». Ниббадтæй. Сослан ибæл тугулдортæ уæллæй уадзун байдæдта. Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехæ сæ райахæссидæ æма сæ фехсидæ. – А нецæй гъазт æй, – зæгъгæ, имæ уæлæмæ дзоруй. – Мадта мæнæ къæдзæхи буни сбадæ, æз ба дæбæл къæдзæх ракалдзæнæн. Исбадтæй. Сослан ибæл æгас хонх ракалдта, фал æй Асæхъ-МасæхъГъолонрехæ æ къохæй бауорæдта. – А дæр нецæй гъазт æй, – зæгъгæ, бабæй дзоруй Сосланмæ. – Мадта ма Сослан еу гъазт фæккæнуй: æртæ бони, уазал зумæгон бæнттæй, дони буни фæббадуй, дон хъæбæр арф ниййех уй æма, гъе, уой æ сæрæй æстонуй.
288
– Уой дæр бавзардзæнæн, – зæгъгæ, загъта Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехæ æма рандæ ‘нцæ денгизмæ. Ниххизтæй. Нарти адæмæн искурдиадæ адтæй æма Сослан искувта: «Уо, хуцаути мæ Хуцау, а дон хъæбæр ниййех кæнæ!» Æрбадумгитæ кодта, æрбауазалтæ кодта, дон ниййех æй. Æртæ бони ку рацудæй, уæд Сослан дзоруй Асæхъ-МасæхъГъолонрехæмæ: – Исхуæцай нур! Исхуæстæй. Ех æстудта къæр-къæр гæнгæ. – Никкидæр ма дæ сæр ниццæвæ, – зæгъгæ, имæ дзоруй Сослан. Ниццавта æ сæр фæстæмæ денгизи. Сослан бабæй искувта: – Уо, хуцаути мæ Хуцау, уæхæн бурдæн æрбахæссæ, æма денгиз бæласæ æма къалеуæй куд байдзаг уа. Æрбабурдæн кодта æма денгиз бæласæ æма къалеуæй байдзаг æй. Дон ниййех æй, бæлæстæй æма къалеутæй рæхсæнæт басти хузон иссæй. Уæд Сослан дзоруй Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехæмæ: – Исхуæцай нур! Исхуæстæй, ех никъкъæр-къæр кодта, фал æй не студта. Никкидæр бабæй, «ци федар ниццæй», зæгъгæ, исхуæстæй, æма ех æ сæри æмбæрцæ студта, рауидта Сослани къæдзæ уæргутæ, æма ‘й рафæсмардта. Сослан имæ бауадæй æма ин æ сæр ракъуæрунмæ куд гъавта, уотæ имæ сдзурдта: – Мæ астæуистæги хъанз мин æсласæ æма ‘й дæ астæубæл æрбабæттæ, е ба мæ тухæ дæумæ бацæуа. Сослан ин æ сæр ракъуæрдта, æ астæуистæги хъанз ин бæласæбæл æрбабаста æма бæласæ зæлланггæнгæ фæххаудтæй. Сослан исхаста Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехи закъæ æма æ кæрцæн æфцæкъуатæ скæнун кодта. Гъе, уотемæй Нарти Сослан Нарти адæми закъитæй кæрцæ скодта. Хамихъоти Тæкъой дзурдтæй æй ниффинста Собити Инал. Хонхи Дигорæ, Нæуæггъæу, 1898. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. №11, 67 п., 176-178 ф.
19* Заказ №1424
ХЕЦÆН КАДÆНГИТÆ, ТАУРÆХЪТÆ ÆМА АРГЪÆУТТÆ
АЗУРУМИ ЦАУÆЙНОН Азуруми цауæйнонæн Хуцауæй лæвар адтæй æма цидæриддæр бони рацудайдæ, уоми æнæ сирди мард æ зæронд мадæ ‘ма фидæмæ нæ цудæй. Уотемæй сæ сирдтон фидæй хаста. Еу хатт кæми адтæй, уоми ба Азуруми цауæйнон бонсауæй-изæрмæ фæххаттæй ‘ма нецæбæл рамбалдæй. Изæрæрдæмæ ба еу бæрзонд хонхмæ исхизтæй, фæффæлгастæй уордæгæй æма некæми неци æстæфтæй. Сагъæсти бацудæй мæгур цауæйнон æма сæргубурæй раздахтæй хонхæй. Уотæ рæхги ба хонхи айнæгбæл рауидта сугъзæрийнæ сес. Исиста æй ’ма ин Хуцау æ цъухи бафтудта, аци сес паддзахæн хæсдзæнæн, зæгъгæ. Хæссунтæ ‘й байдæдта æма Стамболмæ бахъæрттæй. Уоми ба паддзахæн хæлар æма хæстæг к‘ адтæй, еу уæхæн лæгмæ бацудæй æма ин æрдзурдта, цауæни куд фæххаттæй ‘ма куд нецæбæл рамбалдæй, æрæгиау ба сугъзæрийнæ сес куд иссердта æма ‘й уомæн ке хæссуй, уой. – Гъе, мæ хор,– загъта паддзахи хæлар лæг – афицер адтæй, æвæдзи, дзорæги дзурдтæмæ гæсгæ. – Паддзахи уæрдуни ма бадæ, зин дин уодзæнæй. Фæлтаугæн а сес мæнæн радтæ ‘ма дин æз ба мин соми ратдзæнæн. – Нæ,– загъта цауæйнон, – паддзахи ном кæбæл иссердтон, уой нецæбæл ратдзæнæн. Сæумæраги цауæйнон паддзахмæ бацудæй æма ин сес ралæвар кодта. Паддзах дæр ин райарфæ кодта ‘ма ин зæрдæ баивардта:
290
– Дæ лæвар дин нæ феронх уодзæнæн. Цауæйнон паддзахмæ ку бацудæй, уæд паддзахи хæлари уосæ æфхуæруй æ лæги: – Фесæфай, фесæфай, уой сес басайун ка нæ бафæразта, дæуæн паддзахи афицер уни бæсти салдат аккаг адтæй. Нур ба цо æма паддзахæн уотæ разæгъæ: «Дæ лæвар хуарз лæвар æй, фал дин аци сес ка ‘рхаста, е дин, ци маргъбæл æрзадæй, уой ссерун дæр бафæраздзæнæй ‘ма дæ е ку уайдæ, уæд хуарз уидæ, æндæра, а сес ба адæммæ бавдесунмæ лæвари номæн нæ бæззуй, маргъ ба алкæми дæр федауй! И афицер фæццудæй æма ин æ уосæ куд байамудта, уотæ радзурдта паддзахæн. Паддзах дæр, цæгæй мин хуарз ку зæгъуй, зæгъгæ, æма рарвиста Азуруми цауæйнонмæ. Цауæйнон дæр, кæд мин паддзах лæвар кæнуй, зæгъгæ, ‘ма цийнæгæнгæ уоми æрбалæудтæй ‘ма паддзахмæ дзоруй: – Ци ми кæнис, паддзах, мæнæ дæн. Паддзах ба ин загъта: – Дæ лæварæй боз, фал аци сес ци маргъбæл æрзадæй, е дæ арми бафтуйдзæнæй ‘ма мин уой иссерæ! – Неци мадзалæй дин æй иссердзæнæн, паддзах! Аци – еу хæтун мæ сувæллонæй ардæмæ æма уæхæн маргъбæл мæ цæстæ некæд æрхуæстæй. – Æнæ иссерун ин нæ ес, кенæ ба дин дæ сæр ракæнун кæндзæнæн! Ниггузавæ ‘й Азуруми цауæйнон æма рацудæй паддзахæй уонтæбæрзонд æма сæргубурæй. Æ бæсти уæнгæ æрбацудæй æма идардæй багъæр кодта æ мадæ æма æ фидæмæ: – Æз мæ сæри исæфтмæ цæун, нур ба, уæхе цæмæй даретæ, уомæй даретæ, мæнæй уин фурт нæбал ес! Никкудтæнцæ мæгур зæрæндтæ, ниддæлалай кодтонцæ, Азуруми цауæйнон дæр æнæ фæстæмæ фæккæсгæ хæтунмæ ниффардæг æй. Ци фæххаттæй, Хуцау зонуй, уæдта еу коми думæгмæ лигъз будуртæмæ бафтудта. И будури ба идарддзæф æристæфтæй еу уорс кесена. –Уæддæр исæвд æма исæвд, нур ба цæуон еци кесенамæ, – загъта æхецæн Азуруми цауæйнон æма ниццудæй уордæмæ. Бадзурдта кесенамæ æма дин уоми ба æртæ кизги æма зæронд лæг æма уосæ. Дууæ хестæри кизгуттæй ниццийнæ ‘нцæ: – Нæ сиахс æрцудæй, æгас цæуай, нæ сиахс! И кæстæр ба æхе байаууон кодта. Азуруми цауæйнон дæр дестæмæстæ кæнуй, – ци ‘й а, ци дессаг æй, зæгъгæ. Æхсæвæ ‘й хуарз куд нæ фæйдтайуонцæ Азуруми цауæйнони. Сæумæ ба цæуни цъапп ку кодта, уæдта ин загътонцæ и мадæ ‘ма и фидæ:
291
– А дууæ хестæри дæр курд æнцæ, фал а кæстæр ба дæуæн лæвард адтæй, Хуцау æй дæу аккаг искодта ‘ма ‘й нур ба хонæ дæ хæццæ! Сагъæсти бацудæй Азуруми цауæйнон; æрæги-дурæги ба исарази æй æ уосæ хонунбæл. Етæ дæр галуæрдун баефтигътонцæ, алли хуарздзийнадæй æй нийдзаг кодтонцæ ‘ма сæ рараст кодтонцæ. Кизгæ ‘ма лæхъуæн æмвæрстæ исбадтæнцæ и уæрдуни, галдæрæг ба син разæй галтæмæ дзоруй, уотемæй фæццæуй Азуруми цауæйнон æ уоси хæццæ. Ци рацудæнцæ, Хуцау дæсни, уæдта Азуруми цауæйнон зæрдбунæй нийнæфтæй. – Бауорамæ, – исдзурдта и кизгæ галдæрæгмæ. Е дæр галтæ æруорæдта. Уæдта кизгæ дзоруй æ сæри хецаумæ: – Кæд дæ зæрдæмæ ести хæссис æма мæ æвæндонæй хонис, уæд æй æз нæ аккаг кæнун æма аци сахатбæл куд рартæсæн, уотæ! – Дæу туххæй бæргæ нецæбæл гузаввæ кæнун, – загъта Азуруми цауæйнон,– фал еунæг гъуддагбæл хъурмæ кæнун: мæнæн зæронд мадæ ‘ма фидæй æндæр æрвадæ дæр æма хуæрæ дæр нæ ес. Уони ба, цауæйнон адтæн æма сирдтон фидæй хастон. Еу кæми адтæй, уоми ба цауæни фæццудтæн æма нецæбæл исæмбалдтæн. Æрæгиау ба еу сугъзæрийнæ сес иссердтон. Хуцау мин мæ зæрди фидбилиз бауагъта æма ‘й паддзахæн фæххастон и сеси. Нур ба паддзах уотæ зæгъуй, кенæ, еци сес кæбæл адтæй, уоци маргъ иссерæ, кенæ ба дин дæ сæр кæнун, зæгъгæ. Уотемæй ба æз дæу ку фæххонон, еци маргъ ба ку нæ иссерон, паддзах мæн ку рамара, ду ба мæ зæронд мадæ ‘ма фиди хæццæ гъезæмарæ ку кæнай, фудбонтæ ку ‘взарай ‘ма уонæн дæр зæрди хæрæ ку суай, уомæй тæрсун, æндæра дæ уоди туххæй ба мин æгæр уæлдай дæр бæргæ дæ! – Мадта е ба гузавваг нæ ‘й! Еци сес дин дæ рази æз ниввардтон. Мæ фидæ пахампар æй æма Уасгергий хæццæ балци адтæй. Фæддæидтонцæ хæтгæ æма сæ зæрдæмæ бацудтæ, мæн дин исаккаг кодтонцæ æма уони фæндæй дин дæ рази еци изæр сайтани карки сес ниггæлстон ‘ма уæдæй ардæмæ ба дæмæ æнгъæл кастæн дæ фæззиннунмæ. И карк ба нур дæр ма уæртæ нæ медæггойни ‘й, æма ’й рахæсдзæнæн. Уомæй зиндæр гъуддаг Хуцау ма рæдтæд! Куд нæ ниццийнæ адтайдæ Азуруми цауæйнон, и маргъ æ къохи бафтуйгæй? Æрбацудæй æ хæдзарæмæ бийнонти хæццæ. Ниццийнитæ æнцæ æ зæронд мадæ ‘ма фидæ дæр. Дуккаг бон ба сæудартæй файйагайдта паддзахмæ. Бацудæй Стамболмæ ‘ма зонгæ лæгмæ бацудæй. Гъи, дæ арми ести бафтудæй, зæгъгæ ‘й, фæрсуй и афицер. – Хуцауæй боз, иссердтон æй, – загъта Азуруми цауæйнон. – Мадта ‘й мæнæн радтæ: æртæ мини дин дæдтун кæдзос æхцайæй. – Нæ паддзахи ном кæбæл иссердтон, уой нецæбæл ратдзæнæн, – æма ‘й паддзахæн бахаста.
292
– Гъæй, мæ сæри хецау, еу лæг басайун æма фесафун ка нæ фæразуй! Дæуæн салдат ун аккаг адтæй, – загъта афицери уосæ. Нур ба цо паддзахæн зæгъæ: «Еци гъуддаг кæмæн бантæстæй, уомæн ма дин æ бон æндæр еститæ дæр исуодзæнæй; нур ба Уæрппи бæрзондæн æ дуккаг бæрзонддæр цъопбæл ес сугъзæрийнæ сауæдонæ ‘ма дин уомæй цулухъидзаг ку ‘рхæссидæ, уæд фиццаг куд адтæ, уотæ лæхъуæнлæг фестисæ!» Афицер бацудæй паддзахмæ, æма ин æ уосæ куд байамудта, уотæ радзурдта. Паддзах ниццийнæ ‘й: мадта уæхæн мадзал кæд ес, уæдта е ба хуарз ку æй, зæгъгæ, æма Азуруми цауæйнонмæ рарвиста. И цауæйнон дæр цийнæгæнгæ æ рази æрбалæудтæй, аци хатт мин ести хуарз лæвар дæтдзæнæй паддзах, зæгъгæ. – Дæ лæвæрттæ дин нæ феронх дæн, фал еци маргъ иссерун ка бафæразта, дæуæн дæ бон исуодзæнæй Уæрппи бæрзондмæ исцæун дæр æма мин уордæгæй и бæрзонддæр цъоппæй сугъзæрийнæ сауæдонæй цулухъидзаг æрхæссæ! – Мæ бон дин не суодзæнæй уой бакæнун! Мæгур лæг дæн, гал нæмæ нæ ес, бæх дæр уой хузæн, Уæрппи бæрзондмæ дин кæцæй бахъæртон? Уæд дин уой сæрмæ ба куд исрæдæхсон, маргъ æ сæргъи ратæхун ку нæ фæразуй! Никкудтæй Азуруми цауæйнон æма уотемæй æ хæдзарæмæ ранæхстæр æй. Æ кегъогмæ ку ‘рбахъæрттæй, уæд идарддзæф ниллæудтæй æма дзоруй æ мадæ ‘ма æ фидæмæ: – Æз мæ сæри исæфтмæ цæун, мабал мæмæ æнгъæл кæсетæ, еци сабий дæр æ фиди хæдзарæмæ рарвететæ! Никкудтæнцæ зæронд мадæ ‘ма фидæ. Æ уосæ ба имæ рарвиста: – Ахсæви ами фæууо, кæдимайди исонмæ ба Хуцау еу хуæздæр унаффæ нæ еуей зæрди æрифтауидæ. Азуруми цауæйнон исарази æй æ уоси дзурдтæбæл, æрбацудæй æ хæдзарæмæ. Бæдæйнаг уосæ дæр и гъæубæсти кизги рæсугъд æма лæхъуæни дзæбæх нæбал фæууагъта, æримбурд сæ кодта æма гъазт исаразта. Раст бонивайæни ба фæлмæн уатбæл æвваст рафунæй æй Азуруми цауæйнон. Ци рахустæй, Хуцау зонуй, уæдта ‘й æригъал кодта æ уосæ æма ‘й фæрсуй: – Гъи, ци фæндæ дæ зæрди æрифтудæй? – Неци, мæ сæр фесафунæй æндæр. – Мадта уотæ ма кæнæ, фал фæццо паддзахмæ, тæрсгæ ма кæнæ ‘ма ин уотæ разæгъæ: «Мæгур лæг дæн æма Уæрппи бæрзондмæ цæбæл фæццæуон, уæхæн мæмæ нæ ес; нур дæу еци гъуддæгтæбæл ка ардауй, еци афицермæ дæ лæварæй ес къазнатæбæл берæ æхцатæ æма дæу туххæй еци зин æхецæн радтæд æма Хъара-денгиз æма Ахъ-денгизи астæу цæруй Йеким æлдар æма уой сау аласа балхæнæд, мæ уоди хъиамæт ба дин æз дæр нæ бавгъау кæндзæнæн».
293
Азуруми цауæйнон бацудæй паддзахмæ ‘ма ин æрдзурдта, æ уосæ ин куд байамудта, уотæ. – Е ба, ка ‘мбæлуй, еци гъуддаг ку æй,– загъта паддзах. – Ду дæ уодæй кæми хъиамæт кæни, уоми гъæуама е ба мулкæй бахарз кæна. Паддзах æрбахонун кодта æ афицер æма дзурд равардта Азуруми цауæйнонæн, Йеким æлдари сау аласа куд иссердтайдæ, уотæ. Азуруми цауæйнон æ хæдзарæмæ æрбафардæг æй. Паддзахи афицер ба Йеким æлдари сау аласабæл зелæн кæнун байдæдта. Ци рацудæй, Хуцау зонуй, уæдта фудтæ, замантæй æ къохи бафтудæй æма ‘й æрбарвиста Азуруми цауæйнонмæ. Азуруми цауæйнон дæр рабадтæй æма бацудæй Уæрппи бæрзонди бунмæ. Уоми ба æ бæхæн æртæ цæфи фæккодта æма бæх цъæх айнæг ехбæл маргъау истахтæй. Хонхи сæрбæл фæффестæг æй æма сугъзæрийнæ сауæдонæй гæбæт байдзаг кодта æма ‘й æ фæсабæрцæ нæхæтбосæй саргъи къохмæ бабаста. Æхуæдæг дæр æхе Уæрппæн е ‘ннæрдæмæ рагæлста æма сау айнæгбæл æ сæфтæгутæй, лæкъæрдæ бони готон сикъит дууердæмæ куд фæккалуй, уотæ калгæ рацудæй. Æрцудæй сæхемæ; уоми ба сауæдонæй цулухъ байдзаг кодта, инней ба сæхемæ ниууагъта ‘ма рандæ ‘й паддзахмæ. Азуруми цауæйнонæн е ‘хсæвеуат цæттæ адтæй. Ести дæ арми бафтудæй, зæгъгæ ‘й, фæрсуй афицер. – Хуцауæй боз, – загъта Азуруми цауæйнон, – фæххуæст дæн, паддзах ке агурдта, уобæл. – Мадта дин паддзах неци хуарз фæууодзæнæй, мæнæн æй радтæ æма дин милиуан дæдтун. – Нæ, паддзахи ном кæбæл иссердтон, уой нецæбæл ратдзæнæн. Æма рандæ ‘й паддзахмæ. Паддзах райста æ сауæдон, æхе æй ниртадта æма, æ лæхъуæни куд адтæй, уотæ фестадæй, райарфæ кодта цауæйнонæн, дæ лæвар дин нæ феронх уодзæнæн, зæгъгæ. Афицери уосæ уой ку базудта, уæд загъта æ лæгæн: – Дæуæн салдат ун аккаг адтæй, æндæра уомæй и дон басайун куд нæ бафæразтай! Нур ба цо паддзахмæ æма ин зæгъæ: – Гъе-гиди, нур ма дæ еци лæхъуæнæй Хори кæстæр кизгæ уосæн ку уайдæ, уæд дæ хузæн кæми уидæ паддзæхти æхсæн! Уой ба дин, аци гъуддæгтæ ка фæразуй, е куд не смадзал кæндзæнæй! Паддзахи зæрдæ фехсайдта æма рарвиста бабæй Азуруми цауæйнонмæ. Е дæр æрбахъæрттæй Стамболмæ паддзахи хæдзарæмæ.
294
– Дæ лæвæрттæй боз, лæхъуæн мæ искодтай, нур ба мин Хори æртæ кизгемæй сæ кæстæри уосæн æрхæссæ! – Мæ бон дин не суодзæнæй, паддзах! Адæм уинунцæ, уой æз кæми иссердзæнæн. – Æнæ иссерун нæ ес, кенæ ба дин дæ сæр ракæндзæнæн. Уонтæ бæрзонд æма сæргубурæй æрцудæй Азуруми цауæйнон æма мæстгунæй сире къелай зустгомау бабадтæй. Къела æ буни фæрки фæркгай рахаудтæй. – Ци кæнис, цæбæл гузаввæ кæнис, – фæрсуй æй æ уосæ. – ‘Ма ци кæнун? Паддзах Хори кæстæр кизгæ уосæн агоруй, ’ма е мæн арми кæцæй бафтуйдзæнæй? Мæ сæр фесафунæй æндæр фæрæзнæ мæнæн нæбал ес. – Ахсæвæ ниххуссæ, уæдта исон ба кæд еу хуарз фæндæ Хуцау радтидæ! Æрбон æй бабæй еци æхсæвæ дæр æма и уосæ фæрсуй Азуруми цауæйнони: – Гъи, ци фæндæ искодтай? – Неци, мæ сæр фесафунæй æндæр. – Мадта уотæ ма кæнæ, фал фæццо паддзахмæ ‘ма ин разæгъæ: «Мæгур лæг дæн ‘ма Хори хæдзарæмæ цæбæл фæццæуон? Дæу ка ардауй, еци афицермæ ба дæ лæвæрттæй æнæбæрцæ берæ æхца, ‘ма мин науæ исаразæд, дууадæс хатæни кæми уа, уæхæн; уонæй ба алли хатæни дæр дууадæс кизги æма лæхъуæни, хуæруйнаг æма ниуазуйнагæй куд не сгузаввæ уонцæ, уотæ алкæмæн дæр æ хæццæ ниввæрæд, уæдта Хуцауи ка фæндæуа, е уодзæнæй.» – Ка ‘мбæлуй, еци гъуддаг зæгъис, – загъта паддзах æма дзурд равардта æ афицерæн, Азуруми цауæйнонæн науæ куд исцæттæ кодтайдæ, уотæ. Афицер æ фæстаг мортæ бахуардта науæбæл æма ин фудтæ, заманатæй исцæттæ ‘й. Азуруми цауæйнон науи рабадтæй æма цæун байдæдта. Ци фæццудæй, Хуцау зонуй, уæдта денгизи кæронмæ рахъæрттæй æма æ науæ æруорæдта. Сæумæ Хор æ хæдзарæй ку нæхстæр кодта, уæд денгизи æхе ниццавта æма рандæ ‘й. Азуруми цауæйнон е ‘мбалтæн загъта æма билæмæ рацудæнцæ. Уоми ба гъæйдæ кафунтæ, семунтæ исамадтонцæ. Хори кизгуттæ дæр сæмæ фæккастæнцæ идардæй. Дуккаг бон дæр бабæй уотæ семунцæ. Хори кизгуттæ дæр сæмæ сæхе æрхæстæгдæр кодтонцæ. Æртиккаг бон ба кизгуттæ нæбал фæггæдзæ кодтонцæ æма æрцудæнцæ кафгутæмæ. Азуруми цауæйнон син сæ раз хуæрдæй æма ниуæзтæй райдзаг кодта. Адæм хуæрун, ниуазунбæл исцалх æнцæ. Азуруми цауæйнон Хори кæстæр кизгæ ‘рдæмæ ниуæзтæ уфсун байдæдта. Еу сахат, уæдта Хори кизгæ исрасуг æй æма рахъан æй. Æ хуæртæ уой ку фæйдтонцæ, уæд фæттарстæнцæ
295
æма ледзунти фæцæнцæ. Азуруми цауæйнон æ адæм науи бакалдта æма Стамболмæ Хори кизги хæццæ æрбацудæй. Паддзах дæр устур лæвæрттæ ракодта Азуруми цауæйнонæн Йеким æлдари сау аласай хæццæ æма ма нур дæр гъæздугæй цæруй, и афицер ба мæгурæй фесавдæй. Паддзæхти Сахи Сæри фурттæ уомæй хонунцæ. Уæхъæцæ, 14 февр., 1903 анз. Æ радзорæг бæрæг нæ ‘й. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «Гарданти Михал.Уадзимистæ. «Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 162-163 ф.
296
АЛИБЕГ Еу лæгæн адтæй æртæ фурти. Уони хæццæ ба ин адтæй устур бæхæргъæуттæ æма галæргъæуттæ. Еу кæми адтæй, уоми æндæр æртæ æрвади, уæйгутæ, фæллæбурдтонцæ æма фæттардтонцæ и хъали фонс. Æ дууæ хестæр фурти уой ку фегъустонцæ, уæд сæ фæсте фæдеси рауадæнцæ. И æртæ уæйуги ма уони дæр райстонцæ ‘ма сæ бæхгæс æма галгæс искодтонцæ. Алибег ба ма сувæллон адтæй æма биццеути хæццæ гъазта. Еу хатт Алибег еу æндæр биццеуи гъолтæ раскъафта. Е дæр никкудтæй æма ин загъта: – Кæд уотæ хуарз лæг дæ, уæдта де ‘рваддæлтæ кæми æнцæ, уой ку нæ зонис! Алибег æрцудæй сæ хæдзарæмæ æма фæрсуй сæ мади: – Мæ дууæ æрвади кæми æнцæ? Æ мадæ ба ин загъта: – Нæ бæхæргъау æма галæргъауи хæццæ хасти фæцæнцæ. Уæд Алибег загъта: – Мадта мæнæн æнæ уонæй фæццæрæн нæбал ес, – ‘ма рандæ ‘й æма æрласта бæхæргъауæй еу байраг æма æртæ далиси. Хæссун сæ райдæдта. Анзи фæсте ба еу далис равгарста, æ уæраг ин басаста ‘ма нæма исæмир æй. Ка ма æризадæй, уони æ бæхи хуаллагæй нæуæгæй хæссун райдæдта. Дуккаг анзи бабæй си еу равгарста, æ уæраг ин басаста ‘ма и æстæг æнхæст нæма исæмир æй. И далис æма и байраг ма æртиккаг анз исхаста, уæдта инней дæр нивгарста, æ уæраги æстæг ин фæууидта æма еугур æнхуæцгæ сойнæ иссæй æма загъта Алибег: – Гъенур мæ цæун афонæ æрцудæй, мæ бæх дæр цæттæ ‘й,– зæгъгæ, ‘ма ибæл саргъ бангон кодта, раибæл бадтæй ‘ма дзоруй æ мадæ æма æ фидæмæ: – Мæ бæхи рагъи куд федаун? Етæ ба ин загътонцæ: – Уалдзигон сугъди кæрдæгбæл æртæх куд федауй, ду дæр дæ бæхи рагъи уотæ федауис. Алибег ниццудæй æма ранæхстæр æй е ‘рваддæлти агорунмæ. Ци
297
фæццудæй, Хуцау зонуй, уæдта сæ еу устур коми иссердта бæхгæс æма галгæсæй. Кæрæдзей æрфæсмардтонцæ ‘ма ин сæ хестæр хецауи хæдзарæ ниййамудтонцæ. Алибег бацудæй уой хæдзарæмæ ‘ма дин уоми ба, æ конд æ уиндæн нæ, уæхæн уосæ бадуй. Дæ бон хуарз, нана, зæгъгæ, имæ исдзурдта Алибег. – Уæ, нанай хортæй бафсæдай; медæгмæ рауай, цæуæггон лæг æстонггæнагæ ‘й, ести рахуæрæ! Алибег бацудæй хæдзарæмæ. И уосæ дæр ин æ раз райдзаг кодта, ба ин хуæрун кодта, уæдта ин загъта: – Нур ба дæхе бафснайæ: мæ сæри хецау бонæ арви къабæзти æртæ зелæни кæнуй æма дæ бахуæрдзæнæй. Алибег рацудæй хеди размæ: æ бæхæн уоми къагъд ракодта æма ‘й уоми раримахста. Еу гал равгарста, уомæй гæрзитæ ракодта æма уонæй æхе хедигъоси цæгиндзитæбæл исбаста æма кæсуй. Уотæ ба еу уæйуг сау бæхбæл бадтæй, дууæ сау лацини æ дууæ усхъебæл, уотемæй æрцудæй, ‘ма дуйне æ тарæй саугæнгæ цæуй. И хедмæ æрбахъæрттæй æма ‘й æ бæх фæстæмæ кæсгон хумæ ‘ндæргъцæ райста. Е дæр æй æрцæфтæ кодта: – Куйтæ дæ бахуæрæд, кæд цæмæй тæрсис, уæд! Мæнæн æзнаг ку некæми ес; еунæг Алибег æй, æма ма уомæн ба нерæн æ мади æхсир æ донгонтæй ку кæлуй! Цидæр адтæй, и бæх хедбæл æрбацудæй æма Алибег дзоруй уæйугмæ: – Тоггинæй тогагоргæй игъаугидæр нæ ес, нур ба мæ цæвæ, хестæр дæ Хуцау искодта! Е дæр æй фехста æма ‘й раевгъудта. Уæдта ибæл Алибег дæр æ сагъæдахъ исуагъта æма ‘й фæттумбул кодта. Ис имæ хизтæй, æ церхъæй ин æ сæр æркодта; æ тонаутæ ин æ бæхбæл бафснайдта ‘ма уотемæй æрбацудæй уæйуги тургъæмæ. Медæгмæ бадзурдта и уосæмæ, дæ сæри хецау балци рандæ ‘й ‘ма дин хунæн гурдзиаг фæткъу æрæрвиста, зæгъгæ, ‘ма ин æ размæ æ лæги сæр базилдта. Цæун байдæдта бабæй ‘ма иннæ уæйуги размæ бахъæрттæй. Æхе бафснайдта. Уотæ ба дуйне ниссурх æй, уæхæн уæйуг и хедбæл æрбацæуй. Хедбæл куд æрбацæйцудæй, уотæ ин æ дууæ усхъебæл дууæ уорс хоййи æ билтæ фæстæмæ хуайун райдæдтонцæ; æ бæх ниххурруттитæ кодта æма ‘й фæстæмæ райста: – Куйтæ дæ бахуæрæд, кæд Алибег дæ рази нæ бадуй, уæд, зæгъгæ, æма ‘й æрцæфтæ кодта. Алибег дæр имæ хеди бунæй фелвæстæй, æхсти барæ ин равардта, уæдта ‘й бафснайдта. Ци рацудæй, уæдта дуйне ниррохс æй. Алибег дæр кæсуй, æма æрбацæуй
298
сæнтуорс бæхбæл уорс уæйуг, æ дууæ усхъебæл дууæ уорс бæлæуи, æ разæй ба æ уорс егæрттæ гъазгæ цæунцæ. Хедмæ æрбахъæрттæй ‘ма ин и бæлæутæ æ билтæ фæстæмæ хуайунцæ, уæдта æ бæх ниххурруттитæ кодта æма ‘й фæстæмæ райста. Е дæр æй ниццæфтæ кодта: – Куйтæ дæ бахуæрæнтæ, кæд Алибег дæ рази нæ бадуй, ‘ма уомæй нæ фæттарстæ, уæд. Алибег дæр имæ хеди бунæй фелвæстæй, æхсти барæ ин равардта, уæдта ‘й бафснайдта. Уой фæсте ба Алибег æ дууæ æрвадей хæццæ рагъæр кодтонцæ сæ бæхæргъау æма сæ галæргъæуттæбæл. Ци фæццудæнцæ, уæдта æризæр æй æма æрбунат кодтонцæ еу будури. Алибег фæллад куд на ‘дтайдæ ‘ма загъта е ‘рваддæлтæн: – Сумах бал гъæуай кæнтæ, æз ба рахуссон! Етæ ба ин загътонцæ: – Дæ кард нæмæ уадзæ ‘ма хуссæ, мацæмæй тæрсæ! Е дæр син æй равардта ‘ма рахустæй. Уæд æрваддæлтæн Хуцау сæ зæрди фуди фæндæ бауагъта: Алибегбæл рамаруни фæндæ искодтонцæ, сæ къох ба имæ нæ тастæй, ‘ма ин æ кард уосонги дуарбæл исбастонцæ, æ ком уой æрдæмæ, уотемæй, æма фæффæдес кодтонцæ: – Уæ, Алибег! Нæ фонс нин фæттардæуй! Алибег дæр хуссигъæлдзгутæй рагæпп кодта æма ин æ кард æ дууæ уæраги рахаун кодта. Никкудтæй, нидздзиназта мæгур Алибег: Уæ хæццæ мæ хæссетæ, зæгъгæ, дзоруй е ‘рваддæлтæмæ ‘ма имæ фæстæмæ дæр нæбал фæккастæнцæ. Алибег уосонги байзадæй ‘ма судæй мæлæтмæ æрцудæй. Æ сæрти ци маргъ ратæхидæ ‘ма æ цорти ци сирд рацæуидæ, уой еци фæрсæй фехсидæ, ра ‘й маридæ, æ цуппæртæбæл имæ фæббуридæ æма ‘й еци хомæй бахуæридæ, уотемæй цардæй. Еу хатт кæсуй ‘ма и гъæди еу хъæрæу уæйуг бæлæстæ исласидæ ‘ма сæ фæйнердæмæ æнтъухтитæ кæнуй, уотемæй æрхъæрттæй Алибегмæ. Ци дæ, ци дессаг дæ, зæгъгæ, бафарста Алибег. Е ба ин загъта: – Ме ‘рваддæлти кæстæр адтæн ‘ма си лæгигъæдгундæр адтæн ‘ма мин мæ цæститæ искъахтонцæ ‘ма нур ба уотемæй хæтун. – Мадта мах æмбалтæн исбæздзинан,– загъта ин Алибег; мæнæн ба ме ‘рваддæлтæ мæ уæргутæ æркодтонцæ æма мин цæуæн нæбал ес. Исæмбал æнцæ уæйуг æма Алибег. Уæйуг Алибеги æ усхъи райсидæ ‘ма уотемæй цауæнæй сæхе хастонцæ, изæрæй ба сæхемæ æрцæуиуонцæ. Ци сæбæл рацудæй, уæдта ма сæбæл еу цонгой, е ‘рвадтæлтæ æ цонг кæмæн
299
æркодтонцæ, еу уæхæн бафтудæй. Цæрунтæ син раеудагъ æй, ’ма сæ зæрди уосæ корун æрæфтудæй. Алибег хъæрæубæл рабадтæй, хъæрæу ба цонгоййи думæггагбæл хуæстæй, уотемæй еу хани зæнхæмæ æрбацудæнцæ. Еци хан ба æ кизгæ лæгмæ æрвиста ‘ма имæ адтæй устур æмбурд. И къуар æмбурдмæ бацудæнцæ ‘ма ка кастæй, е уонæмæ кастæй, уосгор æнцæ, зæгъгæ, сæ ку æрзудтонцæ, уæдта – бунтондæр. Хани кизгæ дæр дессагмæ кæсунмæ рацудæй. Етæ ба гъасти кæронмæ балæудтæнцæ ‘ма, – хани кизгæ куд разилдæй, уотæ имæ Алибег фæллæбурдта æма ‘й хъæрæуи усхъæмæ æрбаскъафта. Фæййагайдтонцæ. Адæм дæр сæмæ еу сахат фæккастæнцæ, цума ци кæндзæнæнцæ, зæгъгæ. Ку сæ æрзудтонцæ, оххай, фæ ‘й хæссунцæ, нур, зæгъгæ, уæдта фæффæдес æнцæ æма уони рази бадтæнцæ?! Ниййаууон æнцæ. Сæ бунатмæ æрцудæнцæ. Уоми и кизги ка – енцег, ка – хуæрæ, ка – мадæ искодта ‘ма уотемæй цæрун райдæдтонцæ. Кæми – цонгой, кæми ба хъæрæу бунатгæс байзаидæ. Алибег ба кæми – сæ еуебæл, кæми – се ‘ннебæл цауæни рандæуидæ, изæрæй ба саги марди хæццæ æриздæхидæ. Уотемæй сæ енцег хуæрæ саги хъанз æма саги уæлдарæй хастонцæ. Ци фæццардæнцæ, уæдта и кизгæ фудхуз кæнун райдæдта. И къуар дæр æй бафæрсиуонцæ: – Цæбæл уотæ фудхуз кæнис? Дæ хæдзарæ дæ зæрди æфтуйуй? ‘Ма син неци бæрæг загъта. Уомæ ба еу цъифхуар уосæ æрцæуидæ ‘ма ин æ тог е скъелтæй исцъиридæ. Хæдзаргæс ба фулдæр и хъæрæу уидæ æма ‘й цæмæй уидта, фал ин е стуф ба балæдæридæ ‘ма загъта Алибегæн еци хабар. Уæд æй Алибег гъæуай кæнун райдæдта ‘ма имæ и уосæ æрцудæй, идард ислæудтæй ‘ма дзоруй: – Ка уæмæ ес? Кизгæ ба ин загъта: – Неке. – Ра мин соми кæнæ де ‘нсувæртæй, куд уæмæ неке ес, уобæл. Кизгæн дæр фæдзæхст адтæй, ‘ма загъта: – Хъæрæу цæра, неке нæмæ ес! Цонгой цæра, неке нæмæ ес! Алибег цæра, неке нæмæ ес! И уосæ æрбацудæй ‘ма кизгæн е скъелтæй æ тог куд сцъирдта, уотæ ‘й æрахæста Алибег ‘ма ин загъта: – Гъе, нур дин æнæ рамарун нæбал ес, куд адтан, уотæ нæ ку нæ фестун кæнай, уæд! Уосæ ба загъта: – Мадта уæхе мæ хъури рауадзиайтæ, ‘ма куд адтайтæ, уотæ исуодзинайтæ. Алибег дæр фиццагдæр хъæрæуи рауагъта и уоси хъури, æма ‘й еу сахатти фæсте ба ци адтæй, уомæй æй хуæздæрæй исласта. Цонгой дæр – уотæ.
300
Се ‘нккæтей фæсте ба Алибег дæр æхе рауагъта и уоси гъæлæси. Нур ибæл и уæйгутæ ба хуæцунцæ, ку нин фæлледза ‘ма нин нæ ервæзунгæнæги ку бахуæра, зæгъгæ. И уосæ дæр æй нæ гæлста ‘ма нæ гæлста. Алибег дæр æй раздæр куд нæ тарстайдæ ‘ма æ хæццæ хиринкъа ниххаста. Нур исæнхæст дæн, зæгъгæ, уæдта уосæн æ зæрди ауиндзæнтæ исуагъта. Ра ‘й мардтонцæ и уоси, уæдта загътонцæ: – Цæй, нур ба а кизги еске æхецæн уосæн хонæд. Алибег загъта: – Хъæрæу хестæр æй æма уомæн аккаг æй. Етæ ба загътонцæ: – На, ду нæ кæстæр дæ ‘ма дæуæн аккаг æй. Уæдта Алибег загъта: – Мадта ин хуæрæ кæми разагътан, уоми ‘й æ фиди хæдзарæмæ бахъæртун кæнæн, – ‘ма ‘й æрбахастонцæ и ханмæ. Хан дæр куд нæ ниццийнæ адтайдæ æ кизги иссергæй, ‘ма син устур лæвæрттæ ракодта. Уотемæй алке æ хæдзарæмæ æрбацудæй. Алибег сæхемæ ку æрцудæй, уæд ибæл адæм æмбурдтæ кæнун райдæдтонцæ. Е дæр син æрдзурдта е ‘рваддæлти гъуддæгтæ, уæдта сагъæдахъ æрбайста ‘ма загъта: – Кæд, ке зæгъун, е æцæг адтæй, уæд а сагъæдахъи фат уæлæмæ еунæгæй цæуй, фæстæмæ ба дууемæй æриздæхæд ‘ма мæ дууæ æрвадей сæрти астæуи ниххæссæд, кенæ ба фæстæмæ дæр еунæгæй æриздæхæд ‘ма мæн сæр ниффадæд! Фат рандæ ‘й, дууемæй ба æриздахтæй ‘ма Алибеги æнсувæрти рамардта ‘ма ‘й адæмтæ базудтонцæ Алибеги рæстдзийнадæ. Мæхческæ, 5 окт., 1903 анзи. Æ радзорæг бæрæг нæ ‘й. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «Гарданти Михал.Уадзимистæ.»Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 169-173 ф.
301
АСÆГО Нарти адæммæ æнæзæнæг уосæ ‘ма лæг синтæстæй; етæ ба сæ дин Хуцауæн æцæгдзийнадæй хастонцæ. Ку базæронд æнцæ, мæнæ лæг æма уосæ куд базæронд уа, уотæ, уæдта син Хуцау æртæрегъæд кодта, ‘ма син лæхъуæн райгурдæй. Уой фæсте ба сæ зæрдæ уой бæрцæ сдзæбæх æй, ‘ма загътонцæ: «Арæби, амæн бæрæг авдæнæ байагорæн», – æма рандæнцæ гъæдæмæ, сувæллон дæр сæ хæтдзæ фæххастонцæ. Гъæдæмæ ку схъæрттæнцæ, уæдта ‘й уорс уæлдзари батухтонцæ ‘ма ‘й бæласи буни ниууагътонцæ. Сæхуæдтæ ба рандæнцæ ‘ма дзæбæх бæласæ агорун байдæдтонцæ, авдæнæ цæмæй скодтайуонцæ, уæхæн. Ци рахаттæнцæ, ка ‘й зонуй, уæдта, сæ зæрдæ куд загъта, уæхæн бæласæ ссердтонцæ ‘ма уомæй авдæнæ кæнун байдæдтонцæ. Ку сцæттæ ‘й, уæдта сæ авдæнæ рахастонцæ, цæуæн, нæ саби си бабæттæн, зæгъгæ. Æрцудæнцæ ‘ма агорунцæ сæ сувæллон ‘ма ‘й нæбал ерунцæ. Уа-нæуа дæр æй ку нæ ирдтонцæ, уæдта кæун байдæдтонцæ: – Арæби, аллах, нæ хъиамæт нин дзæгъæл ку фæккодтай; лæхъуæн нин равардтай, ‘ма нин дзæгъæл ку фæцæй, фал ци кæнæн? Хуцау! Алли гъуддаг дæр дæ бæрагæ ‘й: дæ лæвард адтæй ‘ма ‘й райстай. Уотемæй рараст æнцæ сæ хæдзарæмæ. Стур хонхи федари ба бадтæй уæйуг. Еци уæйуг ба, цауæн куд кодта, уотемæй мæгур лæг æма уоси лæхъуæн иссердта. Еу сахат ибæл рацийнæ кодта, уæдта ‘й æ рони бацавта ‘ма ‘й æ бунатмæ фæххаста. Уоми ба ‘й саги фид æмæ хуййи хъанзæй хæссун байдæдта. Ци рацудæй, уæдта сувæллон æ къахбæл цæунгъон фæцæй. Еу бон кæми адтæй, уоми ба уæйуг цауæни рандæй, сувæллон дæр æ хæтдзæ, уотемæй. Фæххаттæнцæ бон-изæрмæ, ‘ма сæ Хуцау нецæбæл симбæлун кодта. Изæрæй ба, афтедæй сæ хæдзарæмæ ку æриздахтæнцæ, уæд и уæйуг фæстæмæ фездахтæй ‘ма хуарз стур бæласæ æд едæгтæ студта ‘ма ‘й фæццæйхаста. Лæхъуæн имæ десгæнгæ кæсуй ‘ма ‘й фæрсуй: – Ци кæнис уомæй? Е ба загъта: – Изæрæй нæхецæн арт цæмæй никкæнæн, уой хæссун.
302
Асæго дæр фездахтæй ‘ма, дæс æма инсæй ивазни æ дæргъцæ кæмæн адтæй, уæхæн бæласæ æд бунтæ студта ‘ма ‘й æ усхъи фæххæссуй: – Ци кæнис уомæй, – зæгъгæ, ймæ дзоруй уæйуг. – Ду си ци кæнис, æз дæр уой, – зæгъгæ, ймæ дзоруй Асæго дæр. Хæдзари размæ ку бахъæрттæнцæ, уæд уæйуг æ бæласæ зæнхæбæл ниццафта ‘ма бæласæ фæббуройнæ æй. Асæго дæр æй ниццафта уомæй æндагъддæр ‘ма, артæн куд дзæбæх, уотæ нимморæ ‘й. Уæйуг уомæ ку ‘ркастæй, уæд загъта: – Хуцау, дæуæй арази, айæ мæнæн лæхъуæнæн сбæздзæнæй. Уотемæй, æ тухæмæ ин ку ‘ркастæй уæйуг, уæдта загъта: – Уæртæ, еци гъæдæй мин моси бæрцæ æртонæ. Асæго дæр бацудæй ‘ма раст авд моси бæрцæбæл гъæдæ ниллигъз кодта. Сæумæ уæйуг ку ракастæй, уæд æ зæрдæ бадзæбæх æй ‘ма бацийнæ кодта лæхъуæнбæл. Еци уæйуг авд уæйугемæн се ‘нсувæри рамардта ‘ма си уой фудæй, цæветтон, тог дардта. Бестауи бæрзонди ба син æнгъуд адтæй ‘ма уордæмæ ранæхстæр æй. Асæго дæр уæларвон Курдалæгони конд хъæма æ астæубæл бабаста ‘ма фæццæйцудæй уæйуги фæсте. Уæйуги Хуцау фæстæмæ фæккæсун кодта ‘ма, Асæгой ку рауидта, уæдта ниллæудтæй, ‘ма ймæ дзоруй: – Кумæ цæуис ду бабæй мæ фæсте? Мæнæн авд уæйуги мæ хорх фуси хорхау æвгæрдгæ ку кæндзæнæнцæ. Мæнгæй Асæго дæр загъта: – Тæккæ дæр æз цæун, ме скæнгæ фидæ, ‘ма дæ уоди бæсти мæ уод дæттун. Еу сахат уотемæй фæдздзурдтонцæ, уæдта уæйуг æ уод æхецæн адгиндæр скодта ‘ма фæстæмæ раздахтæй, мæнгæй Асæго дæр æ бæсти Бестауи бæрзондмæ сцудæй. Уалæнгæ авд уæйуги дæр сцудæнцæ ‘ма, ку схæстæг æнцæ, уæд хестæр кæстæрмæ дзоруй: – Цæугæ, уæлæ нин еци хонхаг цъеу æрхæссæ. Сæ кæстæр ба загъта: – Арæби, æз уой зонун ‘ма ймæ мæ нифс нæ хæссун, нур дæр уин зæгъун ‘ма фæстаг бон дæр. Уотемæй кæстæр нæ бакумдта. Уæдта сæ хестæр æ фурмæстæй фæннæхстæр æй ‘ма фæгъгъæбес æй Асæгой хæтдзæ. Асæго уæйуги ниррæуигътитæ кодта ‘ма ‘й æ хорхи уалæнгæ рамедæг кодта зæнхи, уæдта æ хъæма фелваста ‘ма ин æ сæр ракъуæрдта. Уой фæсте иннæ фондзей дæр сæ хестæри фæндагбæл рарвиста. Сæ кæстæр ба ма байзадæй, ‘ма ймæ ку сцудæй, уæд æй Асæго мæстæй марун байдæдта, маргæ ба ‘й нæ кодта. Е ба ин загъта:
303
– Арæби, цæмæн мæ марис, æз дæумæ хæрандзийнади ку нæ цудтæн, цæмæн мæ марис? Уой ин ку загъта, уæд æй Асæго дæр исуагъта; ку ‘й исуагъта, уæдта уæйуг загъта: – Стур хонхи уæйугæн æхе фурт бæргæ нæ дæ, фал æ фæрци ба фæййервазтдæ; дæу кæмæн равардта Хуцау, етæ мæгур лæг æма мæгур уосæ адтæнцæ. Уой ку фегъуста Асæго, уæд раздахтæй фæстæмæ Стур хонхи уæйуги хæдзарæмæ. Ку ‘рхъæрттæй, уæд æ цæстисугтæ калун байдæдта, уæйуг дæр æй фæрсуй: – Ци кæнис, ци дæбæл æрцудæй? – зæгъгæ. Асæго ймæ неци сдзурдта. Уæдта уæйуг æрсагъæс кодта ‘ма загъта æхе меднимæр: – Амæн æ мадæ ‘ма æ фидæ байамунд æй, ‘ма æ зæрдæбæл æрифтудæнцæ. Бацудæй ‘ма ‘й ци уæлдзари тугъдæй иссердта, еци уæлдзар ин рахаста ‘ма ин загъта: – Цогæ, дæуæн дæ мадæ ‘ма дæ фидæ Гори цæрунцæ, ‘ма уони бабæрæг кæнæ; ку бахæццæ уай, уæд дæ мадæ ‘ма дæ фиди бæрæг уотемæй иссердзæнæ, ‘ма и уæлдзар дин ка райса, ‘ма уобæл ка никкæуа, етæ дæ мадæ ‘ма дæ фидæ уодзæнæнцæ. Рандæй Асæго ‘ма ку бахъæрттæй Гори федармæ, уæдта рахæтæ-бахæтæ кæнун байдæдта, уæлдзар ка балхæндзæнæй, зæгъгæ. Еу гъæунги ку фæццудæй, уотæ ба ймæ еу уосæ рацудæй, уæлдзари æ къохи райста ‘ма кæун байдæдта: – Цæбæл кæуис, хуарз уосæ, – зæгъгæ ‘й фæрсуй хийнæй Асæго. Е ба загъта: – Цæбæл кæун, хуарз лæхъуæн? Мæнæн дæр дæу хузæн лæхъуæн адтæй, ауæхæн уæлдзари тугъдæй мин гъæди фесавдæй ‘ма уобæл кæун! – Мадта æз дæ лæхъуæн дæн, – зæгъгæ, загъта Асæго. И уосæй дæр баруагæс æй ‘ма ‘й хæдзарæмæ бакодта. Асæго хæдзарæмæ ку ‘ркастæй, уæд имæ февналдта ‘ма ‘й æндæр хузæн ракодта. Æ фидæ ба хугæс адтæй ‘ма изæрæй хутæ ку ‘рискъардта, уæдта æ хæдзарæмæ æрцудæй. Хæдзарæ ‘ндæр хузæн не сцæй, ‘ма ‘й нæбал бафæсмардта. Уотемæй еу-фондз хаттей бæрцæ æрцæуидæ ‘ма бабæй, цид, фæстæмæ раздæхидæ. Æхсæзæймаг зилди ба ‘й æ уосæ рауидта ‘ма ймæ радзурдта: – Медæгмæ цæмæннæ æрбацæуис? Бацудæй ‘ма кæрæдзебæл ниццийнитæ ‘нцæ. Æхсæвæ ку ‘рбон æй, уæдта Асæго загъта æ фидæн: «Æз дæ бæсти хугæс цæун», – ‘ма раскъардта хутæ. Гъæдрæбунмæ сæ стардта ‘ма сæ уоми ба еугурæй фæццагъта.
304
Изæрæй ба ку ‘рцудæй æ хæдзарæмæ, уæд æй фæрсунцæ æ мадæ ‘ма æ фидæ: – Алкæмæн æ хутæ æ хæдзарæмæ баскъардтай? – Баскъардтон, – загъта. Ку ‘рталингæ ‘й, уæдта Асæгой фидæмæ фæйнердигæй уайун байдæдтонцæ, нæ хутæ нин цæмæн фæццæгъдун кодтай, зæгъгæ. – Мах не знаг агорунмæ цæуæн, ‘ма æхсæви ардæгæй ци радавдæуа, е дæр дæ федтон уодзæнæй. Асæгой фидæ никкудтæй: – Арæби, ци ма кæндзæнæн, – зæгъгæ. Асæго ба ймæ дзоруй: – Ма тæрсæ, мæн уод æгасæй, дæуæн неци уодзæнæй. Алке ку ниххустæй, уæдта Асæго рацудæй ‘ма Гори æфсæн дуар нихгæдта, æхгæд ба ‘й уæхæн никкодта, ‘ма ‘й æхецæй æндæр неке райгон кодтайдæ. Сæумæ ба алке фæйнæ кустемæ цудæй, ‘ма син рацæуæн ку нæбал адтæй, уæдта уоми æмбурд кæнун байдæдтонцæ. Нартæн ба с’ астæу хуарз хан цардæй, ‘ма æ дзурд рауагъта алли адæмтæбæл: «Аци дуар ка байгон кæна, уомæн мæ кизгæ ратдзæнæн». Уой ку фегъуста Асæго, уæд æрбацудæй ‘ма æфсæн дуар æ галеу къохæй æртæ цæфи фæккодта, ‘ма æрбайгон æй. Хан æ дзурдæн æцæг разиндтæй ‘ма ин е ‘ртæ кизгемæй барæ бауагъта. Асæгойæн кæстæр æ зæрдæмæ хуæздæр цудæй ‘ма ‘й уосæн сивзурста. Еци рæстæги Гори цардæй еу налат хийнæ уосæ, ‘ма еци уосæ, Асæгой цæмæй фесафа, уобæл зелун байдæдта. Баймæцудæй и уосæ ‘ма ймæ дзоруй: – Кæд уотæ хуарз лæг дæ, уæдта уæлæ гъæди астæу еци стур бæласæй ин æ уазæгдонæн тугури фæйнæг æркæнæ. Е дæр дууæ гали фæййефтигъта ‘ма дууæ лæхъуæней хæтдзæ рандæй гъæдæмæ. Уоци гъæдæн ба адтæй дууæ фæланги гъæуайгæс, ‘ма маргъ, цид, ку бацæуидæ гъæдæмæ, уæддæр нæ ервазтæй. Гъæдæмæ ку схъæрттæнцæ, уæд Асæго стур бæласæ æд бунтæ фелваста ‘ма ‘й уæрдуни февардта; дууæ фæланги дæр имæ ралæуирдтонцæ, Асæго дæр сæмæ фæллæбурдта ‘ма сæ æ дууæ галей бæсти уæрдуни фæййефтигъта. Уотемæй цæун байдæдта ‘ма Горимæ æрцудæй. Гъæу сæ ку раидта, уæдта, уæртæ нæмæ цæгъдгутæ æрбахудта, зæгъгæ, ледзун байдæдтонцæ. Асæго дæр хани уазæгдони размæ æркалдта æ бæласæ, дууæ фæланги ба ратардта сæ бунатмæ, ‘ма адæми сорун байдæдта, æхуæдæгка ма сæмæ дзоруй: – Ма тæрсетæ, æрбаздæхетæ фæстæмæ. Æрбаздахтæнцæ.
305 20* Заказ №1424
Уой фæсте бабæй ин хийнæ уосæ загъта: – Кæд уоййасæ хуарз лæг дæ, уæдта авд уæйугей зæнхæбæл хумæ æркæнæ. Асæго дæр рандæй æдготон галти хæтдзæ ‘ма авд уæйугей зæнхæбæл хумæ кæнун байдæдта. Авд уæйуги ку рауидтонцæ, уæд имæ сæхе рауагътонцæ ‘ма ку ‘рхъæрттæнцæ, уæдта сæ Асæго готони галти бæсти фæййефтигъта ‘ма си хумæ кæнун байдæдта. Хумæ конд ку фæцæй, уæдта, авд анзи ци хуар лæудтæй æвардæй уæйгутæмæ, еци хуар син æ хуми байтудта. Хумæ ку байтудта, уæдта сæ уæрдунбæл сбæститæ кодта ‘ма сæ гъæумæ æрласта. Гъæу бабæй фæлледзæг æнцæ. Асæго уæйгутæ рауагъта ‘ма бабæй адæми фæстæмæ æриздахта. Хийнæ уосæ бабæй зелун байдæдта, ци амалæй æй фесафон, зæгъгæ, ‘ма æ фиди ибæл исардаун унаффæ æ зæрди æрифтудæй: – Æ уоси цæмæн уин нæ хонуй: кæрдзин кæнун, дон хæссун ку нæбал фæразетæ, – зæгъгæ, син загъта. Етæ дæр, ку ‘рцæуидæ сæ лæхъуæн, уæд имæ дзоргæ дæр нæбал кæниуонцæ, æрхонæ дæ уосæ, зæгъгæ. Кæддæриддæр æй уотæ хъурмæ кодтонцæ, уой бабæй нæма фæндадтæй æ уосæ хонун. Уа-нæуа дæр си ку нæбал фæразта, уæдта еу бон æ гæрзтæ сбаста ‘ма загъта æ мадæ ‘ма фидæн: – Хуæрзæбонтæ, нæбал уи фæразун ‘ма цæугæ кæнун. – Уотемæй син райарфæ кодта ‘ма рандæй. Цæун байдæдта ‘ма Бестауи бæрзондмæ бацудæй. Уоми ба еу лæхъуæн Бестауи бæрзондæй гъазта, мæнæ битдзеу кинæй куд гъаза, уотæ. Æ сæргъи балæудтæй Асæго ‘ма ймæ дзоруй: – Дæ бон хуарз, хуарз лæхъуæн. Цæхуæн тухгин дæ, ци дзæбæх гъазис! Гъе ба загъта: – Тухгин æз нæ дæн, тухгин ка ‘й, уой хуарзæнхæ нин Хуцау раттæд. – ‘Ма дæуæй тухгиндæр ба ка ‘й? – зæгъгæ ‘й фæрсуй Асæго. – Мæнæй тухгиндæр ба Нарти Асæго, – зæгъгæ, загъта лæхъуæн. – Æдта е ба æз мæхæдуæг дæн, – загъта Асæго, ‘ма ниццийнæ ‘нцæ кæрæдзебæл. Кæрæдземæн æнбалтæн цæмæн нæ бæзтæнцæ, ‘ма ранæхстæр æнцæ еумæ. Ци ниццудæнцæ, уæдта еума лæхъуæнмæ нихъхъæрттæнцæ. Бæлæстæ, цид, æртасун кæнидæ ‘ма сæ суадзидæ, уæд, цид, бæлæстæ æнæ цæнгтæ изадæнцæ. – Ци тухгин дæ, ци дзæбæх гъазис, – зæгъгæ, бабæй уомæ дæр дзоруй Асæго. – Тухгин æз нæ дæн, – зæгъгæ, загъта е дæр, – тухгин Асæго æй. Æхе ин байамудта уомæн дæр Асæго ‘ма син е дæр сæмбал æй. Цæун байдæдтонцæ, хуарздзийнадæ кæми иссирдтайуонцæ, уой туххæй. Ци ниццудæнцæ, Хуцау зонуй, уæдта еу рауæн Хъуми будури еу кесена ниууидтонцæ. Уоми ба æртæ кизги бадтæй; сæ кондæн, сæ уиндæн н’ адтæй бæрæг бæрцæ, сæ кæстæр ба – сугъзæрийнæстуггин. Кизгуттæ сæ ку
306
рауидтонцæ, уæд фæййерис æнцæ, ка си тухгиндæр æй и æртемæй, уобæл. Кæстæр кизгæ Асæгой ниййамудта, дууæ хестæри бабæй иннæ дууей. Ку сæмæ æрхъæрттæнцæ, уæд фæгъгъæбесæй æнцæ, ‘ма дууæ хестæр кизги Асæгой æмбалти рабуни кодтонцæ; фал кæстæр ба мадзал нæ ирдта Асæгойæн, Асæго дæр – уотæ. Берæ фæххуæстæнцæ, уæдта æрæгиау ба Асæго рабуни кодта и кизги. Уотемæй хуæздæрдзийнадæ Асæгой фæцæй. Е ‘мбæлттæ ба гириззаг фæцæнцæ дзурдмæ гæсгæ: «Уоси буни фæцæй», – зæгъгæ. Асæго е ‘мбæлтти, ‘ма æ уоси хæтдзæ рацудæй уордигæй. Дзæвгарæ ниццудæнцæ, уæдта, над дууæ кæми кодта, уордæмæ нихъхъæрттæнцæ. Уоми ба кæрæдземæн хуæрзæбонтæ разагътонцæ ‘ма Асæго æ уоси хæтдзæ еу надбæл рандæй, е ‘мбæлттæ бабæй иннæ надбæл. Кæрæдзей къохтæ ку райстонцæ, уæд син Асæго загъта: – Цотæ, фал мæ ма феронх кæнтæ; Уазай бунæй тоги сауæдонæ цæун ку байдайа, уæд мин-еу мæ мæлæт уомæй базонетæ ‘ма мæ агоретæ. Цæун байдæдта Асæго æ уоси хæтдзæ, ‘ма еу дони билæбæл еу æдзæрæг кесенамæ схъæрттæй ‘ма уоми æрцардæй. Еци дони билæбæл, идард, цардæй еу хан. Еу кæми адтæй, уоми еци хани косæг уосæ донмæ рацудæй ‘ма, æ къибилай дон куд исиста, уотæ ин си еу æрдо Асæгой уоси сæрæй Хуцау бафтудта. Косæг уосæ ку бацудæй фæстæмæ, уæд æй ханæн бавдиста. Хан ибæл берæ фæццийнæ кодта, уæдта загъта: – Аци сугъзæрийнæ æрдо ке сæригъунæй æй, еци адæймаг мæ уосæн ку нæ уа, уæд мæнæн мæ цард адæ нæбал скæндзæнæй. – Æ косгутæбæл фæгъгъæр кодта: – Цотæ, кæмидæр æй еци адæймаг, исминæй еретæ. Косæг уосæ сæ хæтдзæ, уотемæй рандæнцæ етæ дæр ‘ма дон-дон цæун байдæдтонцæ. Ци фæццудæнцæ, Хуцау зонуй, уæдта схæстæг æнцæ Асæгой кесенамæ. Ку схæстæг æнцæ, уæд косæг уосæ загъта е ‘мбæлттæн: – Сумах атæ лæууетæ, æз ба бацæудзæнæн ‘ма, мæ мадзал куд уа, уотæ косдзæнæн; м’ арми ести ку бафтуйа, уæдта арт никкæндзæнæн ‘ма-еу уæд мæнмæ цæуни гъуд кæнтæ. Ниццудæй косæг уосæ ‘ма, Асæгой уосæ еунæгæй куд бадтæй, уотæ ‘й ниййафта. – Ци дæ фæндуй, – зæгъгæ, ймæ дзоруй Асæгой уосæ. – Мæгур, æнæ къолæ уосæ дæн, – загъта е ба, – ‘ма мæ дæхецæн косæг уосæн ниууадзæ. Æринтæрегъæд кодта Асæгой уосæ ‘ма ‘й ниууагъта æхемæ. Еу бон рацардæй косæг уосæ, уæдта Асæго хæтунмæ куд рандæй, уотæ ин æ уоси фæрсуй:
307
– Дæ лæг дæ берæ уарзуй æви нæ? – Берæ, – зæгъгæ, загъта Асæгой уосæ. – Æдта, кæд дæ берæ уарзуй, уæд æ уод ци рауæн æвæрд æй, уой дин байамудта? – Нæ, – зæгъгæ, ймæ дзоруй Асæгой уосæ. – Æдта дæ нæ уарзуй, æндæра дин æй байамудтайдæ, – загъта бабæй ин косæг уосæ, – ба ‘й фæрсæ, ‘ма дæ ку уарза, уæд дин æй байамондзæнæй. Изæрæй ку ‘рцудæй Асæго, уæдта ‘й уосæ фæрсун байдæдта, æ уод кæми æвæрд æй, уобæл. – Ци си кæнис? – зæгъгæ ‘й, фæрсуй Асæго дæр, – ку нецæмæн дæ гъæуй, уæд. Уосæ дæр ибæл æхе сбостæгæнæг кодта ‘ма ‘й хъурмæ кæнун байдæдта. Асæго дæр, цæмæй ниссабур уа, уой туххæй ин æй мæнгæй тугури гъæди сæри ниййамудта. Сæумæ ба косæг уосæ хæлæфæй рафарста Асæгой уоси, æ уод ци рауæн æвæрд æй, уобæл. Е дæр ин æй тугури райамудта. Бæргæ си райагурдта, фал си ку неци иссердта, уæдта бабæй æрцудæй Асæгой уосæмæ ‘ма ‘й ардаун байдæдта: – Бадæсайдта, уоми æвæрд нæй, нæ дæ уарзуй, æндæра дин байамонидæ, – зæгъгæ. Е дæр, Асæго ку ‘рцудæй, уæд бабæй кæун байдæдта. Асæго дæр бабæй ин æй мæнгæ амунд кири бакодта. Сæумæ косæг уосæ и кири дæр æй ку нæ иссердта, уæд бабæй æй уомæй æндагъддæр ниййардудта, ‘ма лæгмæ дзоргæ дæр нæбал кодта. Ци кодтайдæ Асæго? Ба ин æй амудта: – Мæнæ мæ мæкъури ‘й, мæ уарзон, дæхе мабал хъурмæ кæнæ, – зæгъгæ. Ихуæрст уосæ, кæми ‘й, уой ку базудта, уæд еу æхсæвæ, Асæго хусгæ ку кодта, уæдта ин æ уод æ мæкъурæй фелваста ‘ма ‘й дони багæлста; уæдта рауадæй ‘ма тургъи стур арт ракодта. Арти хъуæцæмæ хани косгутæ дæр æрцудæнцæ кесенамæ. Асæгой уосæ сæ ку рауидта, уæд цæмæн нæ фæттарстайдæ! – Ма тæрсæ, – зæгъгæ, ин загътонцæ етæ дæр, – дæ лæг рамардæй ‘ма дин уомæй нецибал ес, фал дæ хан уосæн агоруй ‘ма рацо нæ хæтдзæ. – Уой ку фегъуста, уæд бæргæ никкудтæй, æ цæстисугтæ дууæ дуаремæй калдæнцæ; фал ма ин ци мадзал адтæй, е стур æнгъæлдзау æ размæ уодаистæй имæ æ къох нæбал радаргъ кæндзæй. Æ фур хъурмæй æ зæрдæ ихалдæй, уотемæй æй рахудтонцæ ‘ма ‘й хани мæсугмæ бахудтонцæ. Уоми ба ймæ хан ку ‘рбацудæй, уæд ин загъта Асæгой уосæ: – Ци кæнæн, хан, мæн Хуцау кæмæн равардта, уой мин фæстæмæ райста:
308
нур ба, фиддæлтæй нин ци ‘гъдау байзадæй, уæддæр ма мин еци æгъдау кæнун бауадзæ. Афæй бони уалæнгæ нæмæ сау дарунцæ, ‘ма мæ лæгбæл сау ку нæ дарон, уæд, уæлæбæл ми арази кæд адтæй, уæддæр ми мæрдти арази нæ уодзæнæй. Уæди уалæнгæ дин уосæн нæ бæззун, уой фæсте ба мæ кæд Хуцау дæуæн равардта, уæд арази. Хуцауæн табу, ци дессаг адтæй, ка ‘й зонуй?! Асæго мард куддæр фæцæй, уотæ Уазай бунæй тог сауæдонæ цæун байдæдта. Асæгойæн е ‘мбалтæ уой ку рауидтонцæ, уæд загътонцæ: – Асæгобæл зиан симбалдæй, цæуæн æма ‘й багорæн. Рацудæнцæ ‘ма, Хуцау зонуй, цæмæй базудтонцæ, æ уод дони ‘й, уой, æрцудæнцæ донмæ ‘ма ‘й байсусун кодтонцæ. Ку байсустæй, уæдта еу гайа хурæбæл ратулæ-батулæ кодта ‘ма ‘й слухтæ кæнунмæ куд гъавтонцæ, уотæ ба сæмæ дзоруй: – Ма мæ маретæ, хуарз адæм, сумах ке агоретæ, уой уин иссердзæнæн. Уотемæй син Асæгой уод е ‘взаги буни байамудта. Раистонцæ ‘й ‘ма ‘й Асæгой мæкъури ниввардтонцæ. Асæго рабадтæй ‘ма ниууолæфтæй: – Ох, ох, цæйбæрцæ фæххустæн, – зæгъгæ. Ку ин æрдзурдтонцæ, ци йбæл æрцудæй, уой, уæд æ сæгъæдахъ райста Асæго ‘ма рандæй æ уарзон уосæ агорунмæ. Кæмити фæххаттæй, ка ‘й зонуй, уæдта ‘й Хуцау мæсуги цормæ æрцæун кодта. Кæсуй, ‘ма мæсуги буни фалæмбулай адæмæй идзаг; лæхъуæн-адæм бæхтæбæл гъазунцæ, сæ лæгигъæдтæ æвдесунцæ. Басæмæцудæй ‘ма сæ фæрсуй: – Гъи, ци бæрæгбон уин æй? – зæгъгæ. – Нæ хан исон уосæ хонуй ‘ма уой киндзæхсæвæрмæ нæхе цæттæ кæнæн, – зæгъгæ, ин загътонцæ. – Ка ‘й æ уосæ ба? – зæгъгæ, бабæй сæ фæрсуй… – Сугъзæрийнæстуггин уосæ ‘й, загътонцæ, – æ кондæн, æ уиндæн нæ ес, нури уалæнгæ æ лæгбæл сау дардта, нур ба æ афæй æнгъуд æрхъæрттæй. Уой ку фегъуста Асæго, уæд загъта: – Мæн дæр фæндуй уæ хæтдзæ фæгъгъазун, фæхходун, ‘ма мин бæх иссеретæ. Бæх ин иссердтонцæ райбæлбадтæй, ниццæфтæ ‘й кодта, æма æ уосæ ци ‘рдигæй адтæй, уоци ‘рдæмæ багъазта, цæмæй æй бафæсмардтайдæ, уой туххæй. Арв æма зæнхи астæу, цид, тæхгæ рацæуидæ. Æ уосæ дæр æй мæсуги сæрæй бафæсмардта ‘ма æ зæрдæ цæмæн нæ барохс адтайдæ! Ци рагъазта, Хуцау зонуй, уæдта æ бæх мæсуги горенмæ фездахта ‘ма йбæл багæпп кодта; никки дæр февзиста ‘ма ханæн тæккæ æхе авармæ багæпп кодта. – Ци дæ, ци дессаг дæ – зæгъгæ ‘й фæрсуй хан.
309
– Æз дессаг нæ дæн, – зæгъгæ, загъта Асæго, – фал ду ке бафхуардтай, æ уосæ кæмæн райстай, е дæн. – Неци дин æй райстон, – зæгъгæ, загъта хан, – саудар уосæ ку æй, уæд дæу ба куд æй? – Æдта ка ни раст æма хæран æй, уой Хуцау рартасæд, – зæгъгæ, загъта Асæго ‘ма скувта: – О хуцаути мæхе Хуцау! Кæд æз хæран дæн, уæд аци фат фæстæмæ еунæгæй æриздæхæд ‘ма мæ мард фæккæнæд, кæд æз хæран нæ дæн, уæд æртемæй æриздæхæд ‘ма хани æ адæми хæтдзæ фæццæгъдæд. Уой фæсте фехста, ‘ма фат æртемæй æриздахтæй, еу си хани сæри ниннахстæй, иннетæ ба, æндегæй ци адæм гъазта, уони цæгъдунмæ февналдтонцæ. Уой фæсте æ бæх æрцæфтæ кодта ‘ма бабæй æндæмæсуг фæцæй: æ фат фелваста ‘ма ‘й, цид, ку фехсидæ, уæд, цид, фат еу кæронæй иннæ кæронмæ æгас рæнгъæ рахæссидæ, уотемæй си змæлæг нæбал ниууагъта. Уæдта æ уоси рахудта ‘ма ранæхстæр æй æ фидибæстæмæ æ мадæ ‘ма æ фиди агорунмæ. Хуарз æрзæронд æнцæ, уотемæй сæ иссердта. Дууæ хонхи кæми тохунцæ, уоми ци сауæдонæ ес, уомæй син æрхаста, басинниуазун кодта ‘ма дууæ зæронди, фитдзаг сæ лæхъуæни бонти куд адтæнцæ, уотæ фестадæнцæ. Цæрунтæ, хуæрунтæ байдæдтонцæ. Уони æрцудмæ цæретæ, игъосугутæ, сумах дæр. Райдзурдта Туккати Масикъо. Нийфинста Туккати Солæман (Гæбудти). Fhnf ossetische Erz@hlungen in digorischem Dialect. Herausgegeben von W. Miller und R. Von Stackelberg. St. Peterbourg, 1891, 1–15 «Фондз таурæхъи дигорон æвзагбæл». Расæуагътонцæ В.Миллер æма Р. Стакельберг. СанктПетербург, 1891 анз, ф.1-15.
310
ДЖАБАГЪИ ТАУÆРÆХЪ Еу хатт Джабагъæ, мæнкъæй биццеу уогæй, еу биццеути къуари размæ бафтудæй. Биццеутæ фæххилæнцæ ‘ма сæ еуемæн расуд кодтонцæ. Джабагъæ ба сæмæ дзоруй: «Олий суди хузæн ку ракодтайтæ.» – Еци рæстæги ба Оли æрбацудæй сæ рæзти ‘ма, ке биццеу æй, зæгъгæ, бафарста. Еци мæгури биццеу, зæгъгæ, ин æй байамудтонцæ. Оли сæхемæ ку рандæй, уæдта ймæ фæдздзурдта ‘ма ‘й бафарста: «Хуарз биццеу, ци мин зони, æз хуарз суд не скодтон, уомæн?» – Мудгæстæн хуарз суд не скодтай. Уони гъуддаг ба уотæ адтæй, ‘ма мудгæстæ хуаллаги хæтдзæ косæрттæгтæ хастонцæ, ка уæр æрхæссидæ, ка ба дæркъæ æрхæссидæ. Сæ мæгурдæр ка ‘дтæй, е ба дæркъæ æрхаста. Дæркъæн æ цуппар къахи дæр фæйнæ хузи адтæнцæ, ‘ма сæ и цуппар лæги байурстонцæ, е дæу къахи хай, е ба дæу къахи хай, зæгъгæ. Дæркъæ куд хилæ ‘й, уомæ гæсгæ кауи æ къах рахастæй ‘ма басастæй, сæ еуей хай ка ‘й, е. Мудгæстæн рæфтæмæ сæ бæдбæнттæ хъæбæр цудæнцæ ‘ма хъæбæр бакустонцæ. Рæфтæй фæстæмæ ба хуæргæ ‘ма хусгæ кодтонцæ. Ку бахуардтонцæ, уæдта ниххустæнцæ. Дæркъæ ба арти фарсмæ исбадтæй ‘ма æ цæф къахбæл бафтудæй зинг. Зинг æ къахбæл ку бафтудæй, уæдта ралигъдæй ‘ма мудти астæу рауайæ-бауайæ кæнуй, ‘ма сæбæл зинг бафтудæй гъæмпинсæр бæдбæнттæбæл ‘ма кæрæй-кæронмæ басугъдæнцæ. Уæдта судмæ балæвардтонцæ, уой къахи хай, уой зинг нæ басугъта, зæгъгæ, Олимæ. Æссин суд кодта: æртæ мудгæсемæн бафедæ сæ зиан, дæу къахи хай адтæй саст, ‘ма сæбæл е бафтудта зинг. Гъе, уомæ гæсгæ загъта Джабагъæ, Олий суди хузæн суд ку скодтайтæ, зæгъгæ, биццеутæн. – «Мадта, биццеу, ду ба куд æссуд кодтайсæ?» – Æз ба куд æссуд кодтайнæ, ци къæхтæ ‘й давтонцæ, етæ ‘й бафедæнтæ. Æ цуппар къахи саст ку адтайуонцæ, уæд æ бунати басугъдайдæ. И судгонд æ зæрдæмæ бацудæй Олийæн ‘ма бафæндæ кодта: «Аци биццеу ку æслæг уа, уæд мæн унаффæ кæнун нæбал бауадздзæнæй, уой бæсти мæхе райсон ардæги. Ке уарзта, уонæн балæдæрун кодта, ‘ма уордæги рандæй. Райдзурдта Хъæбæлоти Афил Сламæрзай фурт, 9-аг сентябрь, Озрек, 1956 анз. Нийфинста Цагъати Анастасия. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 175, 44 п., 3–4 ф.
311
ДУУÆ ФАЙНОСТИ Еу хæдзари, зæгъуй, дууæ файности еумæ цардæй. Еумæ ку цардæнцæ, уæд цидæр адтæй, еу рæстæги бауæззау æнцæ, æма сæ еруни рæстæг дæр еу бонмæ æрцудæй. Еу бон кæми адтæй, уоми сæ дууемæн дæр фæйнæ наси райгурдæй. Файноститæй сæ еу баздахтæй æма æ наси фæрæтæй фæдууæ ‘мбеси кодта. Ку ‘й фембес кодта, уæд си цæгæрсæр кизгæ райста. Иннæ файностæ ка ‘дтæй, е ба æ наси еци хузæнæй ниууагъта, Хуцау ке равардта, уобæл арази дæн, зæгъгæ. Цæрунтæ, хуæрунтæ син раеудагъ æй. Цæгæрсæр кизгæ гъазунгъон иссæй. Насæ дæр хуссæни буни дардтонцæ, æма ин æ кой есге ку ракæнидæ, уæдта разелидæ, æ мадæ дæр æй фæстæмæ базелидæ, нур абæл ци бæллах ес, къох, цæстæ ибæл ку неци ес, уæд куд зелуй, зæгъгæ. Еу бон кæми адтæй, уоми бабæй насæ разилдæй, мæ хъæппæлтæ æхснунмæ цæун донгонмæ, зæгъгæ. Æ мадæ ‘й нæ уагъта, хъæппæлтæ дæбæл ку неци ес, зæгъгæ. Æрæги-дурæги ба ин исарази æй æма ‘й рауагъта. Насæ зелун райдæдта æма, дони билæмæ ку æрзилдæй, уод уоми ба сугъзæрийнæстгуггин кизгæ фестадæй. Дони билæбæл æ уæледарæстæ раласта æма сæ æхснун райдæдта. Æ хъæппæлттæ куд æхснадта, уотемæй æ сугъзæрийнæ басмахътæй еу донмæ ниххаудтæй æма ‘й нæбал иссердта. Хъæппæлтæ æхснад ку фæцæй, уæд сæ ниссор кодта, æ уæле сæ искодта, уæдта, фиццаг куд адтæй, уотæ æхе фестун кодта æма сæхемæ исзилдæй. Ци ибæл рацудæй, ка ‘й зонуй, уæдта еу балцидзаутæ, и кизгæ æ хъæппæлтæ кæми æхснадта, уоми кæсалгдзауæн кодтонцæ æма, и кизгæй донмæ ци сугъзæрийнæ басмахъ ниххаудтæй, уой еу лæхъуæн иссердта. Æримæкæститæ кодта и лæхъуæн, уæдта загъта: – Аци сугъзæрийнæ басмахъ ке адтæй, еци кизги æнæ ракорун нæййес, кæмидæр æй, зæгъгæ, – æма еци бонæй фæстæмæ и басмахъи хæтдзæ хæтун райдæдта. Еци басмахъи æмбал кæмæ адтæй, еци хæдзарæмæ бафтудæй æма син æ хабар æрдзурдта: – Ауæхæн басмахъ дони хурфи иссердтон, æма мæхецæн иснет кодтон, аци басмахъ ци кизги адтæй, уой мин æнæ ракорун нæййес, æма, гъеууой агорæг
312
хæтун. Нур ба кæд уæхемæ ес уæхæн кизгæ, уæд мин уой дæр зæгъетæ; кенæ ба кæд уæ гъæубæсти медæгæ есгæмæ зонетæ, уæд мин уой байамонетæ. Кæмæн хабар кодта, етæ ин загътонцæ: – Уæхæн кизгæ а гъæубæсти есгæмæ ес-нæййес, уой бæрæгæн дин неци зæгъдзинан, нæхемæ ба ке нæййес, е ди Хуцауи номæй баруагæс уæд. Етæ дзубандигонд ку фæцæнцæ, уæд хуссæни бунæй сæ размæ насæ разилдæй æма и лæхъуæнмæ дзоруй: – Еци сугъзæрийнæ басмахъ мæнæй фесавдæй ‘ма, кæд æнгъезуй, уæд мин æй раттæ! Етæ дæр ибæл ниддес кодтонцæ: – Нур айæ цæбæл иселлæг æй, сугъзæрийнæ басмахъ ци ‘й, уомæн лæдæргæ ку неци кæнуй, уæд. Цидæр адтæй, и насæй сугъзæрийнæстуггин кизгæ рацудæй, æма æцæгæй æ еу къахбæл сугъзæрийнæ басмахъ, е ‘ннæ ба бæгъæнвад, уотемæй и лæхъуæ ни цормæ æрлæудтæй æма ‘й фæрсуй: – Дæумæ ци басмахъ ес, ейæ уой æмбал æй æви нæ? Æрсæмæкастæнцæ, æма и басмахъ кизги разиндтæй. И хæдзарæн дæр æхцæуæн куд н’адтайдæ, æгайтима нæмæ уæхæн кизгæ ес, зæгъгæ, æма и лæхъуæни хæтдзæ раст еци бон бафедудтонцæ. Ци ма рацудæй, ка ‘й зонуй, уæдта æ хонæн бон æрхъæрттæй, æма сæмæ киндзхонти хæццæ æрцудæй. Фæммийнасæ кодтонцæ, уæдта сæ киндзи байаразтонцæ æма ‘й алай-булаййæй рахудтонцæ. И цæгæрсæр кизгæ дæр рацудæй сæ фæсте раæскъæрунмæ. Æ хæтдзæ цæхгун губæрттæ рахаста æма сæ надбæл киндзæн бахуæрун кодта. И киндзæ дæр исæдонуг æй æма цæгæрсæрæй дон корун равзурста. Е ба ин загъта: – Дон мæмæ ес, фал мин дæ дууæ цæсти кæд дæттис, æндæра дин нæ ратдзæнæн. Уомæн дæр ци гæнæн адтæй, æма ин æ цæститæ равардта, æхе ба донæй бафсаста. Цæгæрсæр и киндзи уæрдунæй æрхезун кодта рæуонæй æма æхе нийтудта и киндзи бæсти. И лæхъуæн дæр æй нæ базудта ‘ма ‘й æрхудта. И киндзæ ба еци хъæрæуæй еу къæсибадæг уосæмæ бафтудæй. Къæсибадæг имæ хъумæцтæ æрхæссидæ, е ба алли хъæппæли дзæбæх кодта. Еухатт кæми адтæй, уоми и кизгæ искодта цохъа. И цохъа ба уæхæн цохъа адтæй, æма æ реутæй æрдзæф кодта, æ думæггæгтæй ба кафгæ кодта. Къæсибадæг уосæ æй базармæ рарвиста, æхуæдæгка ин ниффæдзахста: – Æнæ дууæ цæсти ‘й мацæбæл макæмæн раттæ.
313
Е дæр æй бахаста æма ‘й базари гъарун райдæдта. Цæгæрсæр уоси лæг ибæл дзурдта, фал цæститæ ба нæ ирдта æма ‘й цæмæй балхæдтайдæ? Еци хъонцгæнгæ æ хæдзармæ æрцудæй, æма ‘й уосæн радзурдта. Е ба ин загъта: – Уобæл ба ма тухсæ, мæнмæ ес дууæ цæсти æма сæ фæххæссæ æма и цохъа балхæнæ, – зæгъгæ. Лæхъуæн дæр и цæститæ райста æма сæ хæццæ къæсибадæг уоси хæдзари исмедæг æй. И кизгæбæл сæ ниссагъта, ‘ма дин етæ ба æхе цæститæ. Уæд и кизгæ æрдзурдта, хабæрттæ кудтитæ адтæнцæ, уой. И лæхъуæн дæр æ рæдуд куд не ‘рлæдæрттæй æма хуарзау нæбал адтæй. И кизгæ æхецæн бийнонтæн рахудта, æма хæларæй цæргæ байзадæнцæ. «Ирон адæмон сфæлдыстад», Дзæуæгигъæу, 1949 анз, 430–433 ф.
314
хрестомати.
ДУУÆ КЪУРМАЙ Еу къурмамæ адтæй дæс сæгъи æма сæ дзæгъæл рауагъта хезунмæ. Ку æризæр æй, уæдта сæмæ рандæй агорунмæ. Е уони берæ фæййагурдта, фал сæ нæ ирдта. Уæдта еу хумгæнæг лæгмæ бахъæрттæй æма имæ дзоруй: – Байрайай, хуарз лæг! – фал Хуцау уой дæр къурма разиннун кодта æма имæ дзоруй: – Аци галтæ дæр, лæхъуæн дæр мæхе æнцæ. Е бабæй имæ дзоруй: – Абæлти сæгътæ рацæугæ некæми фæууидтай? Е ба дзоруй: – Аци кæндтитæ еугурæй дæр, уæдта ма уæртæ æнæкæндтитæ дæр ‘ма уæртæ уой уалæнгæ мæн æнцæ, – зæгъгæ, ин æ къохæй рамудта. Е уотæ бангъалдта, ‘ма кæд ин æ сæгъти уоми фæууидта, æма ин е кумæти байамудта, уордæмæ уайун байдæдта. Хуцау сæгътæ уоми разиннун кодта, æма сæ иссирдта, еу сæгъæ ба си къулух разиндтæй, уотемæй. Къурма цæмæн нæ бацийнæ кодтайдæ æ сæгъти ирдбæл æма разагъта: «Æндзерæггагæн мин еци лæгæн аци къулух сæгъæн æнæ раттун нæййес». – Æма сæгътæ, хуймон к ‘адтæй, еци лæгмæ тæрунти фæцæй. Ку имæ æрбахъæрттæй, уæдта имæ дзоруй: – Хуцау дин райарфæ кæнæд, мæнæн мæ сæгътæ ка байамудта; нур ба дин æндзерæггагæн мæнæ аци къулух сæгъæ дæттун, – зæгъгæ, æ къохæй байамудта къулух сæгъæмæ. Е дæр имæ дзоруй: – Хуцаукуд, æй æз нæ басастон, уæдта дин æй уингæ дæр нæ фæккодтон æма дин къапек дæр нæ бафеддзæнæн. – Хуцаукуд дин æй æнæ райсун нæййес æндзерæггагæн, уомæй бабæй кæмæй боз дæ уæд? – зæгъгæ, бабæй имæ дзоруй, сæгъæ ке адтæй, еци къурма лæг. Уотемæй æй е дæтгæ кодта, иннæ ба æй, кæд мин æй федун кæнуй, зæгъгæ, конгæ нæ кодта, æма сæ кæрæдзей нæмун байдæдтонцæ. Уæдта бабæй имæ, сæгъæ ке адтæй, е дзоруй: – Мадта нур а Хуцауи дессаг нæй? Нур дин æз сæгъæ ку дæттун, мæ сæгътæ мин ке байамудтай уой туххæй, уæд æй цæмæннæ есис? Иннæ дæр хъогъанцæ фелваста æма сæгъи сунтæн еу цæф фæккодта: – Æз дин къапек дæр нæ бафеддзæнæн, уой туххæн æма ин æ къах æз нæ
315
басастон. Нур ба дæхуæдæг дæр мæ разæй рандæ уо, кенæ ба дæуæн дæр мæнæ хъогъанцæй дæ сунтæ нимморæ кæндзæнæн, æма уотемæй рандæ уодзæнæ уæдта, – æма бабæй кæрæдзебæл ралæудтæнцæ æма, хуарз ку фæннадтонцæ сæ кæрæдзей, уæдта, сæгъæ ке адтæй, е рацудæй æма имæ дзоруй: – Кæд мæ нæнгæ фæккодтай, уæддæр дин æй уадзгæ кæнун æндзерæггагæн. – Хуцаукуд, берæгътæ дин æй ку бахуæронцæ, уæддæр дин неци бафеддзæнæн, – зæгъгæ ма имæ радзурдта е дæр. Нийфинста Гарданти Константин Соломони фурт, Киристонгъæу. Æ радзорæг бæрæг нæй. «Дигорские сказания, по записям дигорцев И.Т. Собиева, К.С. Гарданова и С.А. Туккаева с переводом и примечаниями Всев. Миллера. Труды по востоковедению, издаваемые лазаревским институтом Восточных языков, выпуск XI, Москва, 1902», 39–40 ф.
316
ÆРТÆ ‘НГАРИ Еу гъæуи адтæй æртæ ‘нгари, лæхъуæн-лæгтæ; еумæ сирæзтæнцæ æма сæ фуруарзонæй кæрæдзебæл бухст дæр нæ фæразтонцæ. Битдзеутæй еумæ гъазтонцæ, ку исирæзтæнцæ, уæддæр еумæ хаттæнцæ. Хуарз ракæнунмæ уæд, лæгъуз ракæнунмæ уæд – сæ еу иннемæй хуæздæр адтæй. Еу кæми адтæй, уоми сæ еу иннебæл гъæунги фембалдæй, æма сфæндæ кодтонцæ се ‘ртиккаг лимæни бабæрæг кæнун. Сцудæнцæ ин æ хæдзарæмæ ‘ма ймæ багъæр кодтонцæ. Сæ гъæрмæ рауадæй æ уосæ ‘ма син загъта: – Уæ лимæн ами нæй, гъæдæмæ рандæй, фал æ хæдзарæ ба ами ‘й, ‘ма рацотæ медæгмæ. Басæхудта хæдзарæмæ ‘ма сæ хуарз фæййидта. Бахуардтонцæ, баниуазтонцæ, райарфæ кодтонцæ ‘ма рандæнцæ сæ хæдзæрттæмæ. Уалæнгæ сæ лимæн дæр гъæдæй æрцудæй ‘ма ин æ уосæ загъта: – Дæ лимæнтæ дæбæл нæбал бухстæнцæ ‘ма дæ агурдтонцæ; æз сæ медæгмæ бакодтон ‘ма сæ, мæ бон куд адтæй, уотæ фæййидтон. Лæг ниххудтæй ‘ма загъта: – Æз мæ лимæнти зонун: сабур бадунæй бауæгæ ‘нцæ ‘ма лæгъуз ракæнун сæ зæрдæбæл æрифтудæй. Зæгъæ, ами ку бадтæнцæ, уæд ци ‘рдæмæ фулдæр кастæнцæ? – Фулдæр тохонамæ кастæнцæ, – зæгъгæ, загъта уосæ, – цума æфсæрми кодтонцæ, уотæ. Лæг ниххудтæй ‘ма загъта: – Æз зонун мæ лимæнти ‘ма етæ дзæгъæлкаст тохонамæ нæ кæндзæнæнцæ; æресæ цæхгун фарс уордигæй ‘ма ‘й кири баримæхсæ, кенæдта ‘й, исон ку ‘рбон уа, уæд нæбал иссердзæнæ. Уосæ фарс æриста ‘ма ‘й кири нихгæдта. Æрæхсæвæ ‘й, ‘ма лæг æма уосæ ниххустæнцæ. Дууæ лимæни к ‘адтæнцæ, етæ æдæуагæ сфæндæ кодтонцæ и цæхгун фарс радавун ‘ма си сæхсæвæр кæнун. Бахизтонцæ, цалæнмæ сæ лимæн бафунæй æй, уæдта сцудæнцæ ‘ма сæ еу схизтæй тохонамæ, – уоми агорун байдæдта цæхгун фарс. Ку нæ ‘й ссирдта, уæд æ зæрдæ фаггурусхæ ‘й, байримахстонцæ, зæгъгæ. Æрлæстæй тохонайæй хæдзарæмæ ‘ма талинги туххæй иссирдта лæг æма уоси сæ хуссæни. Сабур-
317
гай сæмæ бабурдæй, æхе æркъолæ кодта ‘ма сосæггай и уосæн æ гъоси дзоруй: – Ци фæккодтай нæ фарс, байримахстай, æви байронх дæ? Уосæ хуссигъæлдзæгæй кæми базудтайдæ, æ лæг æй фæрсуй, æви нæ, ‘ма дзоруй: – Нæ байронх дæн; байримахстон кири, ‘ма ‘й нихгæдтон. Е дæр бабæй æй фæрсуй: – Дæгъæлтæ ба кæми ‘нцæ, кæми сæ банимахстай? – Уæртæ къелабæл, – зæгъгæ, ймæ дзоруй уосæ. Къæрних сабургай бацудæй къеламæ, райста дæгъæлтæ ‘ма кирæй цæхгун фарс сласта: слæстæй бабæй фæстæмæ тохонай, ‘ма е ‘мбали хæццæ сабургай рафардæг æнцæ. Къæрних ку фендæ ‘й, уæд хæдзари хецауи дæр Хуцау фегъал кодта ‘ма æ уоси схуайуй: – Кæми ‘й нæ фарс, байримахстай? – зæгъгæ. Уосæ рамæстгун æй ‘ма йбæл фæгъгъæр кодта: – Ниммæуадзæ хуссун. Нуртæккæ дин ку загътон, байримахстон, зæгъгæ. Лæг фаггурусхæ ‘й ‘ма рагæпп кодта æ хуссæнæй, бауадæй кирæмæ, ‘ма си ци ссирдтайдæ? Нийфинстонцæ Туккати Солæман æма В. Миллер. Æ радзорæг бæрæг нæй. «Дигорские сказания, по записям дигорцев И.Т. Собиева, К.С. Гарданова и С.А. Туккаева с переводом и примечаниями Всев. Миллера. Труды по востоковедению, издаваемые Лазаревским институтом Восточных языков, выпуск XI. Москва, 1902», 47–48 ф.
318
ÆНÆЦÆНГТÆ КИЗГИ ТАУÆРÆХЪ Мæгур лæг æма уосæ Нарти гъæуи цардæнцæ. Лæг цауæйнон адтæй ‘ма цауæнæй ке ‘рхæссидæ, гъе, сæ царди нивæ уомæй адтæй. Еу бон кæми адтæй, уоми и лæг цауæни рацудæй, æ хъæриймаг е ‘рагъи, уотемæй Нарти гъæунги. Нарти хъал фæсевæд цауæйнонæн æ зæронд æ цæстæмæ бадардтонцæ, гириз ибæл кодтонцæ, æ хъæриймаг ин рагъæй райстонцæ ‘ма ин æй дортæбæл фæххуастонцæ. Цауæйнон зæронд лæг фæстæмæ æрæздахтæй æ хæдзарæмæ, æ цæстисуг æзгъалгæй, ‘ма æ уосæмæ дзоруй: – Нарти гъæуи Нарти хъал фæсевæди æхсæн махæн цæрæн нæбал ес, ‘ма нæ дзаумæуттæ рамбурд кæнæ, мах ба цæуæн ескумæ нæ сæри исæвдмæ. Уосæ æ дзаумæуттæ рамбурд кодта, лæг ба е ‘ннæ хъæриймаг е ‘рагъи ракодта, æ фæрæт ба æ суйни рацавта, уотемæй рацудæнцæ. Цæйбæрцæ фæццудайуонцæ, уæдта идардмæ денгизи билæбæл устур бæласæ ниууидтонцæ. Цæун имæ байдæдтонцæ ‘ма имæ æрхъæрттæнцæ. Æнæкæрон устур бæласæ, къæхæни сæри денгизмæ æхе æркъолæ кодта, уотемæй лæудтæй. Цауæйнон зæронд лæг æ сунтæй æ фæрæт исиста ‘ма и бæласи лух кæнун байдæдта. Бæласи дзæвгарæ ку бакъæртт кодта, уæд къæс-къæс кæнун байдæдта, ‘ма денгизæрдæмæ рахъан æй. Устур бæласæ бæрзонд къæхæнæй ниййауиндзæг æй, е стур цæнгтæ денгизи хурфи рацавта, уотемæй. Зæронд цауæйнон лæг æ уосæмæ дзоруй: – Бахезæ нур бæласæмæ, мах ба нæ сæри исæвдмæ денгизмæ рахауæн. И уосæ æ дзаумæутти хæццæ бæласæмæ бахизтæй, зæронд цауæйнон лæг дæр, æ хъæриймаг е ‘рагъи, уотемæй бæласæмæ бахизтæй ‘ма, бæласæ ма ци мæнгæйбæл фæххуæстæй æ уедæгтæбæл, уони ин æ фæрæтæй ралух кодта ‘ма зæронд лæг æма уосæ устур бæласи хæццæ денгизмæ рахаудтæнцæ. Устур бæласæ сæ денгизи астæумæ æ сæрбæл райста, уотемæй сæбæл æрæхсæвæ ‘й. Æмбес æхсæви рæстæги ба сæбæл устур дунгæ æрбацудæй ‘ма сæ æд бæласæ бони фæррохси уæнгæ фæлласта, уæдта сæ еу сакъадахмæ рагæлста. Бæласæй сакъадахмæ рахизтæнцæ зæронд лæг æма уосæ, ‘ма си рахаттæнцæ,
319
циуавæр бæстæ ‘й, уой базонæн, зæгъгæ. Фæссихаттæнцæ ‘ма си адæм цæрæг некæми иссердтонцæ, фал сирдтæй ба гъæздуг сакъадах адтæй. Бацийнæ кодтонцæ: – Айæ махæн цæрæн бæстæн исбæздзæнæй, – зæгъгæ, – айдагъ сирди фидæй дæр нæхе фæддарддзинан. Уотемæй си уосонгæ ракодтонцæ ‘ма си æрбунат кодтонцæ. Зæронд цауæйнон лæг æ уосæмæ дзоруй, еу æртæ губори ракæнæ, æз ба Хуцаумæ исковон, мæ кувд цæуагæ ‘й мæнæн, зæгъгæ. Уосæ дæр цæмæннæ ракодтайдæ æртæ губори, лæги размæ сæ февардта. Цауæйнон зæронд лæг ковун райдæдта: – Йа, хуцаути мæхе Хуцау, зæронд лæг æма уосæ ан ‘ма нæ æвæстаг ма искæнæ, нæ ном нин ма фесафæ. Зæронд лæг цауæни хæтун байдæдта, ‘ма уотемæй сирди фидæй сæхе хастонцæ. Уалинмæ син лæхъуæн æма кизгæ райгурдæй, ‘ма зæронд лæг æма уосæ цийнæ кодтонцæ, уæддæр нæ номбæл ескетæ байзайдзæнæй. Нарти хъал фæсевæди фæндæуагæ нæ фæцан, зæгъгæ. Уони дæр сирди фидæй хастонцæ, ‘ма уайтагъддæр рагъомбæл æнцæ. Уалинмæ зæронд лæг фæссæйгæ ‘й ‘ма лæхъуæнмæ фæдздзурдта: – Еунæг гъуддаг дæбæл уосиат кæнун: цалинмæ дæ хуæри лæгмæ рарветай, уæдмæ уосæ ма ракорæ. На-нæуа дæр ку корай, уæдта цъæхцæстæ ‘ма борхелæ кизгæ ма ракорæ. Уотемæй сæ фидæ, и зæронд лæг, рамардæй. Уæд бабæй сæ мадæ, и зæронд уосæ дæр, фæссæйгæ ‘й ‘ма е дæр æ кизгæмæ фæдздзурдта ‘ма ин загъта: – Еу уосиат дин зæгъун ‘ма мин æй ма феронх уо, ис мин æй-еу æнхæст кæндзæнæ: цалинмæ лæгмæ фæццæуай, уалинмæ де ‘нсувæрæн уосæ корун ма бауадзæ; на – нæуа дæр гæнæн ку нæбал уа, уæдта ин уæддæр цъæхцæстæ, борхелæ кизгæ корун ма бауадзæ. Уотемæй бабæй сæ мадæ дæр рамардæй. Фæхъхъурмитæ кодтонцæ и лæхъуæн æма и кизгæ, уæдта и лæхъуæн æ фиди хъæриймаг райста ‘ма цауæни рандæ ‘й. Разилдтитæ кодта, уæдта гъæдтон байраг, берæгъ æма арс æ разæй сæ хæдзарæмæ æртардта. И кизгæ имæ рауадæй ’ма ибæл цæмæннæ фæццийнæ кодтайдæ, зæгъгæ, нур ба сирдтон фидæй дзæбæх цæрдзинан. Уæд еу бон и лæхъуæн æ хуæрæмæ дзоруй: «Цæй, æз ба нæ фиди райгурæн бæстæ бабæрæг кæнон.» И кизги нæ фæндæадтæй, æ мади уосиат æ зæрдæбæл æрлæудтæй ‘ма ин уомæй тæрсгæ кодта, фал, хуæри зæрдæ æнсувæрмæ тæнæг æй ‘ма ин загъта: «Фæццо, мæнæн мацæмæй тæрсæ.»
320
Лæхъуæн æ гъæдтон байрагбæл саргъ февардта, æ фиди хъæриймаг е ‘рагъи ракодта, раибæлбадтæй, нийцæфтæ кодта ‘ма еци-еу гæпп бакодта денгизи. Уайтагъддæр денгизæн е ‘ннæ билæмæ ислæуирдта. Цæун байдæдта ‘ма Нарти гъæумæ æрцудæй, æ фиди райгурæн бæстæмæ. Бæхбæл Нарти гъæуи гъæунги куд нæ федудтайдæ; Нарти фæсевæд имæ рауадæнцæ ‘ма ‘й, киндзæ ка æрхудта, еу уæхæн хæдзармæ бахудтонцæ. Устур гъаст си куд н’ адтайдæ, ‘ма еугурхуæсти ку æрхуæстæнцæ, уæд и лæхъуæни зæрдæ еу цъæхцæстæ, борхелæ кизгæмæ фехсайдта, ‘ма æ хæццæ еугурхуæсти æрхуæстæй. И кизги зæрдæмæ дæр лæхъуæн бацудæй, уотемæй сæ кæрæдзей зæрдиуаг базудтонцæ. Нарти фæсевæд ин зæрдæ байвардтонцæ и кизгæй, фал æ фиди уосиат æ зæрдæбæл æрлæудтæй ‘ма фæммæтъæл æй. Гъаст ку рахæлеу æй, уæд и лæхъуæн æ бæхбæл рабадтæй ‘ма сæхемæ рандæй, æ хуæрæ дæр æй æртæ уæладзугей сæрæй куд нæ гъæуай кодтайдæ, ‘ма лæхъуæн ку æрбацæйцудæй мæтъæлæй, уонтæбæрзонд æма сæргубурæй, уæд æй балæдæрдтæй, цидæр бæллæх ибæл ке æрцудæй, уой; балæдæрдтæй, æвæдзи, Нарти гъæуи æ зæрдæмæ еске бацудæй, зæгъгæ. Цийнæгомауæй имæ тургъæмæ рауадæй ‘ма имæ дзоруй: – Ци кæнис, ме ‘нсувæр? Еске дæ бафхуардта? Кæд Нарти гъæуи дæ зæрдæмæ еске бацудæй, уæд нæ мадæ ‘ма нæмæ нæ фиди уосиатæй ци тæрегъæд æрхъæрта, уой æз мæхемæ есун ‘ма дæ ци фæндуй, уой бакæнæ. И лæхъуæни зæрдæ фæррохсдæр æй. Цæйбæрцæ рацудайдæ, уæдта бабæй и лæхъуæн æ бæх, æхе барæвдзитæ кодта ‘ма бабæй Нарти гъæумæ рандæ ‘й уосæ корунмæ. Рæсугъд куд нæ федудтайдæ æ гъæдтон байрагбæл, Нарти фæсевæд имæ алли æрдигæй кæсунмæ уадæнцæ. Æ зæрдæмæ ци кизгæ бацудæй, уой хæдзари исмедæг æй. Уоми ибæл Нарти фæсевæд рамбурд æнцæ. Æ хабар син куд нæ загътайдæ. Ис ин арази æнцæ, ра ин æй æвардтонцæ. Лæхъуæн æй æ хæдзарæмæ æрбахудта. И кизгæ бабæй имæ цийнæ кæнгæ рауадæй æ размæ ‘ма ин цъæхцæстæ, борхелæ кизги æ хæццæ ку бауидта, уæд сæ мадæ ‘ма сæ фиди уосиат æ зæрдæбæл æрбалæудтæй ‘ма æхе меднимæр загъта: – Уайтагъддæр ин уомæй ку фæттарстæн! Фал хуæри зæрдæ æнсувæрмæ тæнæг æй, ‘ма сæбæл игъæлдзæгæй цийнæ кодта. Цæрунтæ райдæдтонцæ. Лæхъуæн цауæни хаттæй ‘ма сæ сирди фидæй хуарз хаста. Райдайæни сæ цард хуарз адтæй и кизгæ ‘ма и ностæн, сæ кæрæдземæй æфсæдгæ дæр нæ кодтонцæ. Уалинмæ син лæхъуæн дæр райгурдæй. Уæд еу бон кæми адтæй, уоми, лæхъуæни ци амалæй хъæбæрдæр исæзнаг кæнон, зæгъгæ, æ хуæрæмæ ‘ма
321 21* Заказ №1424
ин, цауæни куд адтæй, уотæ е ‘рцудмæ æ ахур гъæдтон арси хорх балваста бæндæнæй ‘ма ‘й уотемæй ниммардта. Изæрæй и лæхъуæн цауæнæй ку æрхъæрттæй ‘ма æ арс мардæй ку æрæййафта, уæд æ уосæмæ дзоруй: – Ци кодта мæ арс? Е ба ин загъта: – Уæртæ дин æй дæ хуарз хуæрæ ниммардта. И лæхъуæн æ хуæрæмæ уæлдай зæрдæ нæ райста, цума неци бакодта, уотæ ибæл фæццийнæ кодта. Дуккаг хатт бабæй цауæни ку рандæ ‘й, уæд бабæй ин е ‘рцудмæ æ уосæ æ гъæдтон ахур берæгъи хорх бæндæнæй балваста ‘ма ин æй ниммардта. И лæхъуæн бабæй цауæнæй ку æрцудæй ‘ма æ берæгъи мардæй ку æриййафта, уæд бабæй æ уоси фæрсуй: – Ци кодта мæ берæгъ? – Уæртæ дин æй дæ хуæрæ ниммардта. Лæхъуæн бабæй уæддæр æ хуæрæмæ не смæстгун æй, уæлдай зæрдæ имæ нæ бадардта, хъæбæрдæр ибæл фæццийнитæ кодта. Æртиккаг хатт бабæй и лæхъуæн цауæни ку рандæ ‘й, уæд бабæй ин æ уосæ е ‘рцудмæ æ уарзон гъæдтон байраги хорх бабаста бæндæнæй ‘ма ‘й уотемæй ниммардта. Цауæнæй бабæй ку æрхъæрттæй и лæхъуæн ‘ма æ байраги мардæй ку æриййафта, уæд хъæбæр ниггузавæ ‘й ‘ма бабæй æ уоси рафарста: – Ци кодта мæ байраг? Е бабæй ин загъта: «Уæртæ дин æй дæ хуарз хуарæ ниммардта.» Лæхъуæн бабæй уæддæр уæлдай зæрдæ нæ райста æ хуæрæмæ, фиццагæй дæр ибæл æндагъддæр фæццийнæ кодта. И уосæ амал нæбал ирдта, æдта ма ибæл, лæги æ хуæрæбæл, кутемæй хъæбæрдæр исардауон, зæгъгæ. Цуппæрæймаг хатт и лæхъуæн цауæни ку рандæ ‘й, уæд æ цъæхцæстæ, борхелæ уосæ æ еунæг биццеуи хорх авдæни хурфи бæндæнæй балваста ‘ма æ цæсгон ниссау æй, уотемæй æй рамардта, æдта ибæл æй нур ма ку исардауон, уæддæр не смæстгун уодзæнæй, зæгъгæ? Цауæнæй ку æрхъæрттæй и лæхъуæн ‘ма æ еунæг биццеуи, æ цæсгон сæнт сау, уотемæй æй мардæй ку æриййафта, уæд æ цæстисугтæ æставд тумбултæй æркалдæнцæ ‘ма æ уосæмæ дзоруй: – Ци кодта нæ еунæг биццеу? – Уæртæ дин æй дæ хуарз хуæрæ рамардта. Уæдмæ си не ‘руагæс кодта, фал си уæдта æ уоси ардуд байруагæс æй ‘ма е ‘цæгæй бангъæл адтæй, мæ хуæрæ мæмæ лæгъуз зæрдæ даруй, зæгъгæ, ‘ма се ‘хуæрстмæ дзоруй: «Исон æз цауæни цæудзæнæн,– æма ин æ бæрæг бунат
322
ниййамудта сау гъæди, – уордæмæ мин мæ хуæри фæлласдзæнæ ‘ма дæмæ, кæд гъе еци афонæмæ фæззиннон, уæд хуарз, кенæдта ин æ дууæ цонги сæ тæккæ рæбунтæбæл æрлух кæндзæнæ æхе ба ин уоми гъæди ниууадздзæнæ». Ихуæрстæн куд загъта, уотæ бакодта. Сæумæ и лæхъуæн цауæни ку рандæ ‘й, уæд ихуæрст и кизгæн загъта лæхъуæни фæдзæхст. И кизгæ дæр загъта: – Арази дæн, кæд мин ме ‘нсувæр уотæ исагкаг кодта, уæд. Фæ ‘й ласта ихуæрст и кизги сау гъæдæмæ, и лæхъуæн ин ци рауæнмæ бамудта, уордæмæ, ‘ма ин ци афонæмæ загъта, еци афонæмæ лæхъуæн ку нæ фæззиндтæй, уæдта и кизгæн æ дууæ цонги сæ тæккæ рæбунтæбæл æрлух кодта, ‘ма ‘й уотемæй уоми ниууагъта. И кизгæ сау тар гъæди кæугæ берæ фæххаттæй, уæдта еу мура бæласæ иссердта ‘ма уоми балæстæй. Уотемæй, бонæ дзæдурбунтæбæл хаттæй ‘ма уонæй æхе хаста, æхсæвæ ба æ бæласи мурай балæсидæ. Цæйбæрцæ афæнттæ рацудайдæ, уæдта æ цæнгти лухи гъæнтæ исдзæбæх æнцæ. Уотемæй цæрун байдæдта сау гъæди хурфи, бæласи мура – æ хæдзарæ, дзæдурæ ба – æ хуæруйнаг, уотемæй. Уæд, еу бон кæми адтæй, уоми хани фурт Нарти гъæуæй е ‘фсæдти хæццæ сау гъæдæмæ цауæни рацудæй. Сау гъæди арфмæ ку исхъæрттæнцæ, уæдта дин, и кизгæ ци мура бæласи хурфи бадидæ, уобæл цауæйнон куйтæ рамбурд æнцæ ‘ма ибæл зилдæгæй æрлæудтæнцæ, уотемæй рæйунцæ. Хани фурт дæр е ‘фсæдтæмæ дзоруй: – Бæласæбæл зилдæгæй æрлæууетæ, аци бæласи мурай цидæр сирд ес, хумæтæги ибæл не ‘рæмбурд æнцæ куйтæ. Уалинмæ сæмæ и кизгæ дзоруй бæласи мурай хурфæй: – Сирд дæр нæ дæн, сайтан дæр нæ дæн, Хуцауи исконд адæймаг дæн. ‘Ма сæмæ бæласи мурай хурфæй æнæцæнгтæ, æ кондæн, æ уиндæн нæ адтæй, уæхæн рæсугъд кизгæ рахизтæй. Хани фурт ибæл ниццийнæ ‘й, хуарз хъæппæлтæмæ ин фервиста сæхемæ, ‘ма ибæл сæ ку ракодтонцæ, уæд бустæгидæр æ конд исæвдиста. Хани фурт æ фур цийнæй цауæни дæр нæбал фæххаттæй, фал сæхемæ æрæздахтæй æнæцæнгтæ кизги хæццæ. И кизгæ хани хæдзари цæрун байдæдта. Цæй бæрцæ афонтæ рацудайдæ, уæдта хан æ фуртæн уосæ корун унаффæ искодта. Хани фурт уой ку базудта, уæд загъта æ фидæн: – Кæд мин уосæ корис, уæд мæнæ мæхуæдæг ке ‘рхастон, еци æнæцæнгтæ кизгæй фæстæмæ мæ неке гъæуй. Хани нæ фæндадтæй, фал гæнæн нæбал адтæй ‘ма ин исарази æй. И кизгæмæ барвистонцæ, ‘ма син нæ арази кодта, – æз уой мæхецæн æнсувæрæн
323
ку нимайун, хан æма æ уоси ба мæхецæн мадæ ‘ма фидæн ку нимайун, уæд куд уодзæнæй, зæгъгæ. Дуккаг хатт бабæй имæ барвиста и æнæцæнгтæ кизгæмæ хани фурт. Кизгæ фæссагъæс кодта ‘ма исарази æй. Æр æй худта. Хани фурти хæццæ цæрун байдæдта. Цæйбæрцæ сæбæл рацудайдæ, уæдта и кизгæ бауæззау æй. Уалинмæ хани бæстæбæл еу паддзахи æфсæдтæ æрбансанстонцæ ‘ма хани фурт е ‘фсæдти хæццæ тугъдмæ рандæ ‘й. Тугъдмæ ку рандæ ‘й, уæд ин æ фæсте ба æнæцæнгтæ кизгæй лæхъуæн райгурдæй. Хан æма æ уосæн сæ цийнæн кæрон нæбал адтæй, нæ фуртæн лæхъуæн райгурдæй, зæгъгæ, ‘ма еу лæг хабархæссæг рарæвдзæ кодтонцæ ‘ма ‘й сæ фуртмæ рарвистонцæ. Хабархæссæг рандæ ‘й, ‘ма ин Хуцау е ‘хсæвеуат æнæцæнгтæ кизги æнсувæри хæдзари фæккодта. И лæхъуæни цъæхцæстæ, борхелæ уосæ рафæрститæ кодта хабархæссæги ‘ма ‘й базудта, циуавæр адтæй, уой, уæдта циуавæр хабар хаста хани фуртмæ, уой дæр. Хуæруйнаг, ниуæзтæ ин рарæвдзæ кодта, хуарз æй фæууидта, ‘ма ку рафунæй æй, уæдта ин æ гæгъæдитæмæ æркастæй, ци хабар кæмæ хаста, уой базудта, ‘ма ин еци гæгъæди ранимахста, æхуæдæгка æндæр гæгъæдий рафинста хани номæй: «Де ‘нæцæнгтæ уосæн хелагæ райгурдæй ‘ма ин ци кæнæн?» ‘Ма ‘й хабархæссæги дзиппи ниввардта. Хабархæссæг сæумæ раги фестадæй ‘ма рандæ ‘й æ надбæл. Цæйбæрцæ фæццудайдæ, уæдта хани фуртмæ бахъæрттæй ‘ма имæ гæгъæди равардта. Гæгъæди райаргъудта ‘ма фæстæмæ дзуапп рафинста æ мадæ æма æ фидæмæ: – Мæ номбæл цидæр рантæстæй, ейæ, кæд хелагæ ‘й, уæддæр æй ме ‘рцудмæ уагътæ. Хабархæссæг бабæй еци гæгъæдий хæццæ фæстæмæ раздахтæй ханмæ. Надбæл бабæй е ‘хсæвеуат æнæцæнгтæ кизги хæдзари æркодта, ‘ма ‘й е ‘нсувæри уосæ бабæй рарасуг кодта. Хабархæссæг ку рафунæй æй, уæдта бабæй ин æ гæгъæди райаргъудта, ‘ма ин уой ранимахста, æндæр гæгъæди ба ин æ бунати уой бæсти февардта уæхæн финсти хæццæ: – Ме ‘нæцæнгтæ уоси нæхемæ куд нæбал ниййафон, уотæ, фал æй, сау гъæди ахур адтæй, ‘ма уордæмæ фæлласетæ ‘ма ‘й уоми ниууадздзинайтæ. Хабархæссæг ханмæ æрхъæрттæй ‘ма сæмæ еци гæгъæди балæвардта. Хан еци гæгъæди ку райаргъудта, уæд æ уоси хæццæ кæун байдæдтонцæ, æнæнцæнгтæ уосæ сæ ралæдæрдтæй ‘ма уотæ æнгъалдта, кæд сæ фурт ести кодта, зæгъгæ, ‘ма сæмæ бауадæй.
324
Уонæн ба еци финст зин адтæй, æнæцæнгтæ уосæ хъæбæр хуарз адтæй, ‘ма си сæ зæрдæ не ‘ртæстæй, сæ фурт сæмæ ци ниффинста, уой бабæй син æнæкæнун на ‘дтæй. И уосæ гæгъæди стъолæбæл ку æруидта, уæд æй æхуæдæг райста ‘ма ‘й райаргъудта. Ку ‘й райаргъудта, уæдта хан æма и уосæн загъта: – Ма хъурмæ кæнетæ, уæхе ма æвгæрдетæ, æз уæддæр мæгур адтæн ‘ма нур дæр мæгур уодзæнæн; уотæ кæми ниффинста уæ фурт ‘ма ‘й кæми нæбал гъæун, уоми мæ рарвететæ сау гъæдæмæ ‘ма цæрдзæнæн бабæй уоми мæгурбонæй. Уæрдун ин раефтигътонцæ ‘ма ‘й ихуæрстæн фæлласун кодтонцæ æ биццеуи хæццæ сау гъæдæмæ. Сау гъæди ‘й æ тæккæ арфи рагæлста. Мадæ æ биццеуи хæццæ кæугæ-неугæ байзадæй. Уотемæй ибæл уоми æрæхсæвæ ‘й ‘ма ибæл æмбесæхсæви рæстæги уарун уæхæн æрцудæй, ‘ма дуйней кæмтти дæнттæ гурф-гурфæй калдæнцæ. И уосæмæ дæр ивулд дон исхъæрттæй ‘ма ин æ биццеуи раскъафта. Æ фæсте бæргæ фæццæйуадæй, фал ибæл къохтæ на ‘дтæй ‘ма ‘й цæмæй райахæстайдæ, уой нæ зудта, уæдта имæ æ дæндæгутæй фæллæбурдта, фал ибæл нæ фæххуæст æй. Никкидæр имæ фæллæбурдта, уæддæр бабæй ибæл нæ фæххуæст æй. Уотемæй берæ фæгъгъезæмарæ кодта, дони февдулдæй, уæдта уæлбилæмæ ислæуирдта ‘ма аххæй кæун байдæдта. Æ кæунгъæрæй ин берæгътæ фæйнердæмæ лигъдæнцæ, сау гъæдæ ба низмæлидæ. Уотæ ба имæ еу бæхгин фелвæстæй ‘ма имæ дзоруй: – Хуарз уосæ, дæ биццеуи дин дон ку фæлласуй ‘ма ‘й цæмæннæ райахæссис? – Мæ мæгур дæр феронх дæн, фал уобæл кæун, бæргæ ‘й райахæссинæ, фал мæбæл къохтæ нæййес. – Уайгæ, – зæгъгæ, имæ дзоруй бæхгин дæр, – фæммаимæ лæборæ, кæдимайди ма ‘й райахæссисæ. Уосæ бабæй имæ ниццæйуадæй, ку нихъхъæрттæй, уæдта ибæл къохтæ фестадæй ‘ма æ биццеуи райахæста ‘ма ‘й фелваста. Æ фур цийнæй ма куд райарфæ кодтайдæ бæхгинæн, уой нæ зудта, бæхгин дæр имæ дзоруй: – Гъе, нур ба дæлæ де ‘нсувæри гъæу Нарти гъæуи асæ иссæй ‘ма цо уордæмæ ‘ма гъæунгти нигъгъæр кæндзæнæ, ка мæ байхуæрса, зæгъгæ, уæдта Хуцауи ка фæнда уа, е уодзæнæй. Куд ин загъта, уосæ уотæ бакодта: æ сувæллон æ къохи, уотемæй е ‘нсувæри гъæумæ æрцудæй ‘ма нигъгъæр кодта, ка мæ байхуæрса, зæгъгæ. ‘Ма имæ е ‘нсувæри цъæхцæстæ, борхелæ уосæ радзурдта, мах, дан, дæ байхуæрсдзинан. Ба сæмæ цудæй ихуæрсти, е ‘нсувæри уосæ ‘й нæбал бафæсмардта; куд
325
ма ‘й бафæсмардтайдæ, æнæцæнгтæ адтæй, уæдта фиццаг куд адтæй, уомæй хуæздæр иссæй. Æхуæдæг куста, æ биццеуи ба æндегæй кæвдæси дардта, уотемæй æй хаста, – медæмæ ин æй нæ уагътонцæ. Цæйбæрцæ афæнттæ рацудайдæ, уæдта тугъд фæцæй, ‘ма хани фурт фæстæмæ цудæй сæхемæ е ‘фсæдти хæццæ ‘ма уомæн æ еу æхсæви æхсæвеуат е ‘фсæдти хæццæ уоми фæцæй. Хани фурт е ‘фсæдти хæццæ хуарз рæфтад искодта, уæдта е ‘мбæлттæмæ дзоруй, – æригондæр æма мин хуæздæр таурæхъ ка ракæндзæнæй, зæгъгæ. Хани фурт уосæбæл фæггурухсæ ‘й, айæ мæн уоси хузæн ку æй, ‘ма ейæ æнæцæнгтæ ку адтæй, абæл ба цæнгтæ ку ес, зæгъгæ. Æхе меднимæр æхецæн уотæ дзоруй. Е дæр имæ комкоммæ æ цæсгом не ‘вдиста, уотемæй ба æ размæ рауай-бауай кодта. Неке неци дзурдта, уотæ ба и æнæцæнгтæ уосæ ка адтæй, е дзоруй: – Æз уин хъæбæр дессаг æригон таурæхъ радзордзæнæн. И цъæхцæстæ, борæхелæ уосæ дæр имæ дзоруй: – Сабур цæмæннæ дæ, ихуæрст дæ ‘ма косгæ кæнæ, æндæр дæ дæу неци гъуддаг ес. Е дæр нигъгъос æй, нецибал исдзурдта. Уæд хани фуртæн æ зæрдæ æхсайдта ‘ма бабæй дзоруй: – Радзорæ, кæд ести хуарз таурæхъ зонис, уæд. Ихуæрст уосæ дæр æхе фæббæгъатæрдæр кодта ‘ма дзоруй: – Мадта мæмæ байгъосетæ. Еу мадæ ‘ма фидæн æнсувæри хæццæ кизгæ седзæрæй байзадæй, ‘ма син сæ мадæ ‘ма сæ фидæ уосиат куд ниууагътонцæ, уой куд не ‘нхæст кодтонцæ; е ‘нсувæрæн уосæ куд ракорун кодта, æхе ин сау гъæдæмæ куд фæлластонцæ, æ цæнгтæ ин куд æрæвгарстонцæ, хани фурт æй куд иссердта ‘ма ‘й куд æрхудта, æфсади куд рандæ ‘й, лæхъуæн ин куд райгурдæй… – Уотемæй сæ кæрæй-кæронмæ фæдздзурдта æ райдайæнæй ба, гъе, уæди уæнгæ куд адтæй, уой, ‘ма цидæр адтæй, уой. Нур син раздæр ба фингæ æрæвæрун кодта сæ размæ ‘ма си дзурд райста: – Уотæ на ‘дтæй кадæр исдзора, зæгъгæ, е ба, зæгъгæ, фингæбæл мин соми æхца куд æрæвардтайдæ, уотæ, ’ма цъæхцæстæ, борхелæ уосæ æ алли дзурди дæр уотæ фæккæнидæ, – уотæ на ‘дтæй, зæгъгæ. ‘Ма фингæбæл мин соми æрæвæридæ. Хани фурт æхуæдæг дæр, уотæ ку исдзурдта и уосæ, хани фуртмæ æ мадæ ‘ма æ фидæ ку ниффинстонцæ, лæхъуæн дин райгурдæй, зæгъгæ, уæд е ба сæмæ ниффинста, гъæдæмæ ‘й фæлласетæ ‘ма ‘й уоми рагæлдзетæ, зæгъгæ, уæд е уотæ фæккодта: «Уотæ на ‘дтæй», – зæгъгæ. Уотемæй уосæ дзурд ку фæцæй, уæдта загъта:
326
– Гъе, нур ба мæнæ дин айæ ме ‘нсувæр, мæнæ дин айæ ба, кæмæй тарстæн, еци цъæхцæстæ, борæхелæ, ме ‘нсувæри уосæ, мæнæ ду ба, хани фурт, мæ лæг, уæртæ кæвдæси ба дæ биццеу лæууй. Хани фурт, уæдта кизги æрвадæ æнхузонæй фæгъгъæр кодтонцæ: – Тагъд æнæдæнд бæх раласетæ ‘ма ‘й уой думæгбæл бæттетæ! Æнæдæнд бæх раластонцæ ‘ма цъæхцæстæ, борхелæ уоси уой думæгбæл бабастонцæ ‘ма ‘й уомæн ниппурцитæ кæнун кодтонцæ. Хани фурт æхуæдæгка æ уосæ æма æ лæхъуæни хæццæ æ фиди хæдзарæмæ æрцудæй, ‘ма абони уæнгæ дæр ма дзæбæхæй цæрунцæ. Нийфинста Гарданти Михал. Æ радзорæг бæрæг нæ ‘й. Ж. «Ирæф», № 3, 1994 анз.
327
ЕЛУХ Еу хани зæнхæбæл цардæй хуарз зундгин цауæйнон лæг, Елух зæгъгæ, æ ном. Ханмæ ести дзæбæхдзийнадæ ку адтайдæ, уæд æй æнæ Елух нæ бахуардтайдæ. Уæдта Елухи кæбæл нæ бафарстайдæ, уæхæн гъуддаг дæр нæ кодта и хан. Еу хатт кæми адтæй, уоми ба Елух цауæни рандæ ‘й ’ма еу сау гъæди астæу саг рамардта. Æ бæх æ дзаумати хæццæ уæлбилæ ниууагъта, æхуæдæг ба коммæ ниццудæй ‘ма и саги кой кодта. Уотæ рæхги ба имæ и тегъæй еу бæхгин æрдзурдта: «Уæ, берæ дин Хуцау радта!» Елух дæр имæ дзоруй: – Еумæ нин æй Хуцау равардта, рахæстæг уо! – На, нæ мæ евдæлуй, фал а дзауматæ ба нури уæнгæ дæу адтæнцæ, абонæй фæстæмæ ба мæн куд уонцæ, уотæ! – Хуцауи хатир фæууинæ, ма мæ рамарæ, цæрдуодæй мæ сæрæвгарстæй ма фæццæрун кæнæ, мæ лæгъуз дæбæл нæ ес, мæ дзæбæх дæр – загъдау! – Нæ, уобæл ба дæ нæбал фæрсун, – загъта и бæхгин, Елухи дзауматæ рамбурд кодта ‘ма ниффардæг æй. Елухæн дæр ма ци гæнæн адтæй, æрцудæй æ хæдзарæмæ. Адæм ба ‘й куд нæ базудтайуонцæ ‘ма дзорун райдæдтонцæ: – Елухи дзауматæ байстæ ’й. Ханмæ дæр байгъустæй ‘ма е дæр Елухи дæлазæг кæнун райдæдта. Ци фæццардæй еци æфхуæрдæй, уæдта Елух бæх исхаста ‘ма ранæхстæр æй æ дзауматæ агорунмæ ‘ма еу хани зæнхæмæ бацудæй. И хани гъæумæ ба ‘й устур дони бацæун гъудæй. Дон ба адтæй ивулд ‘ма имæ адæм балтæй кастæнцæ. Елух æ бæх донмæ фæййаразта, ниццæфтæ ‘й кодта ‘ма и бæх и дон фадгæ бацудæй. Елух донæн е ‘ннæ билæй куд исхизтæй, уотæ донмæ еу уосæ æрцудæй ‘ма имæ дзоруй: – Хуарз бæхгин, кенæ дæмæ устур маст ес, кенæ расуг дæ, кенæ ба – æрра, æндæр аци донбæл цъеу ку нæ æрбатæхдзæй, уæд ибæл куд æрбацудтæ? Елух ба ин загъта: – Ба мæ зудтай, мæ мади хай, устур маст мæмæ ке ес, уой, æндæра æрра дæр нæ дæн, расуг дæр – загъдау! – Уанæбæрæг ба дæмæ ци маст ес? Зæгъай мин æй, кæдимайди дин мæ бон ести исуидæ.
328
Е ба ин загъта: – Цауæни адтæн ‘ма мин мæ дзауматæ, саги мард куд æфснайдтон, уотемæй раскъавдæ ’й ‘ма уони агорун ‘ма мин ду ба уонæн ци зондзæнæ? – Мадта цо, махмæ фусун æркæнæ, уæдта дæмæ кæд ести лæгигъæдæ уа ‘ма мæнæн дæр уасхæ радтай, дæ арми ку бафтуйонцæ, уæд мæ ами нæбал ниууадздзæнæ, уæд дин уони ба æз байамондзæнæн. Елух дæр уасхæ равардта ‘ма ин сæ уæдта и уосæ дæр байамудта: – Дæ дзауматæ дин нæ хан æрбахаста, ‘ма дæ арми нецæмæй бафтуйдзæнæнцæ, фал имæ æхсæви бадзорæ æма ‘й дæ фæсте расайæ ‘ма ин уотемæй дæ бон ку неци исуа, уæд ин мадзал не ссердзæнæ. Ахсæви ба ‘й кумæдæр хонай, нецæбæл дæ бафæрсдзæнæй, се ‘гъдау нæ амонуй. – Хуарз мадта, – загъта ‘ма Елух, и уосæ ин ци хæдзарæ ниййамудта, уордæмæ бацудæй ‘ма уоми æрфусун кодта. Æхсæвæ ба ин и уосæ куд загъта, уотæ бадзурдта ханмæ. Хан дæр имæ ракастæй ‘ма ин Елух загъта: – Рауай мæ хæццæ. Ханæн ма ци гæнæн адтæй, ‘ма æ дуси дамбаца баримахста, уотемæй цæун райдæдтонцæ. И гъæуæй дзæвгарæ ку рахецæн æнцæ, уæдта Елухæн æ дуси цуппæртегъон лæдзæги хъуæл адтæй, ‘ма уомæй ханæн æ бæрзæй ниццавта ‘ма и хан уоми ракурес æй. Елух дæр имæ февналдта ‘ма ин æ къæхтæ ‘ма æ къохтæ æрбабаста, уотемæй и хани æ бæхбæл багæлста, идадзæй æй райста æма ‘й еци медæхсæвæ æ хæдзарæмæ исхаста. Нур еци ханæн ба е ‘нсувæр, Елух ци хани къохи адтæй, уой сиахс адтæй ‘ма æ уосæ æ цæгатмæ хундæги бадуни адтæй. Афæймæ хæстæг ибæл рацудæй, уæдта и уосæ æ хæдзарæмæ цудæй ‘ма имæ и ханæй дуйней адæм æрцудæй хонæг. Исон нæхстæр кæндзæнæн, зæгъгæ, уæдта и уосæ хани хæстæгутæ ‘ма лимæнтæбæл зилдæй. Æрæгиау ба, Елух дæр мæ фиди лимæн ку адтæй, зæгъгæ, ‘ма уой дæр бабæрæг кæнон, зæгъгæ, ин Хуцау æ зæрди æрифтудта. Æр имæ цудæй, фæдздзубандитæ кодтонцæ, уæдта цæугæ ку кодта, уæдта ин загъта: – Нур ба, мæ хуæри хай, ци лæвар дæ фæндуй, уой мин зæгъæ ‘ма цъухæй ци хуарз исаггаг кæнай, уой дин иссердзæнæн. Кенæ ба нæхстæр ку кæнай, уæд мæнбæл æрбацо ‘ма дин, æгас дзиллæй ке хæссис, уой æмуæз ралæвар кæндзæнæн. – Уанæбæрæг ци лæвар уодзæнæй, нæ хецаути сæр ка нивгарста, уой мин косæгæн ку нæ дæтдзæнæ, кенæ ба мин нæ хецауи ку нæ æрбахæсдзæнæ! И уосæ гурусхæгæнгæ рандæ ‘й, ци лæвар мин кæндзæнæй Елух, зæгъгæ. Хан æ кизги цæмæннæ исефтонг кодтайдæ, æ хæццæ адæмтæ дæр цæмæннæ рабадтайдæ дууердæгæй дæр ‘ма уотемæй ранæхстæр æй и
329
уосæ. Елух æ надбæл адтæй ‘ма имæ баздахтæй. Е дæр ин æ теу раласта медæггонæй ‘ма ин загъта: – Мæнæ дин е ба мæнæй лæвар, мæ хуæри хай. Гъаст ма ракæнæ! А мин мæ дзауматæ раскъафта, æз ба ин æхе æрхастон, нур ба ‘й дæуæн лæвар кæнун. Адæм имæ æркастæнцæ ‘ма дин е ба хани уоси теу. Æ сæригъун е усхъитæмæ æрхъæрттæй. Елух ин æ сæр радасун кодта, ис æй аразта бæхæй, кардæй, топпæй ‘ма дууадæс бæхгиней хæццæ æ фæсте ранæхстæр æй æма ‘й æ хæдзарæмæ нихъхъæртун кодта. Уоми ба Елух æма и хан хæлар разагътонцæ ‘ма кæрæдземæй арфæй раздахтæнцæ. Елух дæр, хани ин ци уосæ банимугъта, уой рахудта ‘ма æхе хани хæццæ бабæй фиццаги хузæн æмхуæрд, æмниуæзтæ æма æмвæндæй цæрун райдæдтонцæ. Уони ци нæ фæууидтан, æндæр нез, æндæр рун нæбæл Хуцау ма ‘руадзæд! Кертибийти Кертибий дзурдтæй финст. Мæхческæ, 20 окт., 1903 анз. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «Гарданти Михал.Уадзимистæ.»Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 179-181 ф.
330
ХАНТÆ ÆМА КЪУÆТТИ ЛÆХЪУÆН Цардæй еу гъæуи лæг æма уосæ. Дуйнебæл уонæй гъæздугдæр некæми адтæй: сæ галæргъаутæ æма сæ бæхæргъаутæн кæрон на ‘дтæй. И лæги Хуцау силвæндæ разиннун кодта: силвæндæ æвæндæ ‘й, æ фæстаг ба гæди бундар. Уотæ еци лæг æма уосæн зæнæг на ‘дтæй. Уосæ æрсагъæс кодта æма загъта æ лæгæн: – Лæхъуæн, кизгæ махæн ку нæ ес, нæ мулк ба берæ ку æй, кæмæн сæ уадзæн, фæлтау хуæргæ æма даргæ кæнæн! Лæгмæ хуарз фæккастæй еци унаффæ æма хуæрун райдæдта æ мулк. И лæг æма и уосæн Хуцау цæрун раеудагъ кодта æма сæ мулк рафедуд æй, и уосæ ба бауæззау æй æма ин райгурдæй лæхъуæн. Лæг æма уосæ гузавæ кæнун райдæдтонцæ: – Нæ мулк ку бахуардтан, уæд ма нæ байзайæггаги цæмæй дардзинан. Биццеу æ къахбæл уайун райдæдта ‘ма æ цъухæй ба нæ дзоруй. Уæд и уосæ загъта æ лæгæн: «Мулк нин ку нæбал ес, аци гъæуагкинæй ба ма ци кæнæн, цæй, райуæйæ кæнæн!» Лæг исарази æй, æ фурти уæйæмæ гъарун райдæдта. Еу ханæн ба адтæй хуарз кизгæ. И кизгæ æ фур хуарзæй хундтæй цитгин Кизгæ. Еци кизгæмæ бахастонцæ и биццеуи. Цитгин Кизгæ базудта, еци гъæуаггин биццеумæ ци минеуæг адтæй, уой æма ‘й дзегенбæл ислæуун кодта, сугъзæрийнæ гъолтæй æй исæмбарзта æма загъта лæг æма уосæн: – Гъенур райсетæ, и биццеуæй, сугъзæрийнæй уæ ка гъæуй, уой æма ‘й хæссетæ! Лæг æма уосæ биццеумæ фæрсмæ дæр нæбал ракастæнцæ, сугъзæринттæ рамбурд кодтонцæ, биццеу ба Цитгин Кизгæн байзадæй. И кизгæ къуæттий æстъалуй хузæн дарун байдæдта. Лæхъуæн ислæг æй. Кизгæ ин мегъæмбал æма уадæмдзо бæх равардта. Еу ханæн æ зæрди хæтун æрæфтудæй. Æ хæццæ сæдæ бæхгини цæттæ кодта сæ къахæй сæ къохмæ. Еци дарæс ба хуйунмæ æрæрвиста Цитгин Кизгæмæ. Цитгин Кизгæ уотæ лæгигъæдгун адтæй, æма цалдæн еу бæхæй уаргъ хæссиуонцæ, уалдæн инней рацæттæ кæнидæ. Уотемæй сæдæ бæхгиней фæлусти къахæй къохмæ еунæг лæгау исрæвдзæ кодта æма рафæдзахста нистауæнæй ханмæ:
331
– Абæлти æрцо, мæнмæ дæр еу къуæтти лæхъуæн ес ‘ма уой дæр дæ хæццæ райсæ ‘ма дин кæд естæмæн бæззидæ, кенæ ба ‘й рауæйæ кæндзæнæ! Хан æ фæндаг Цитгин Кизгæбæл искодта. Къуæтти лæхъуæн хани сæдæ бæхгиней хæццæ ранæхстæр æй. Ци рацудæнцæ, Хуцау зонуй, уæдта хан загъта: Къуæттий хæццæ ма уæ еу цæуæд ‘ма мин тагæбæл бунат исцæттæ кæнæнтæ, маха рахæтæн. Къуæтти æма е ‘мбал ездон бунати цъапп куд кодтонцæ, уотæ сæбæл еу саг ислигъдæй. Къуæтти рараздæр æй, фехста æй ‘ма саг æрхаудтæй; ба ‘й гъуд кодтонцæ. Изæрмæ бунат дæр æррæвдзæ ‘й. Хан æрцудæй ‘ма дзоруй: – Кæмæн Хуцау равардта? Ездон загъта: – Мæнæн æй Хуцау равардта. Къуæтти нихъхъур-хъур кодта. Æхсæвæ хан къуæттий бæхгæс рарвиста. Къуæтти æхсæвæрти уæнгæ рахизта бæхти, уæдта син цагъд ракодта ‘ма сæ уоми бакодта, æхуæдæг ба æ бæхбæл æхе багæлста æма бонивайæнти бæхæргъауи хæццæ исхъæрттæй. Сæумæ ездон ракастæй æма бæхæргъау ку æруидта, уæдта ханмæ бадзурдта: – Дæ нивæ нин дуйней бæхæргъæуттæ æртардта, хан! Дуккаг æхсæвæ дæр къуæттий бæхгæс рарвистонцæ. Е дæр фиццагæй фулдæр бæхæргъау æртардта. Уæд ездон загъта ханæн: – Саг дæр къуæтти рамардта, нур и бæхæргъæуттæ дæр е тæруй – Хани адæм исмæстгун æнцæ, сæхе меднимæр хъур-хъур кодтонцæ. – Мах некæми неци иссердтан, гъæла ба дуйней фонс æртардта, нур ба кенæ мах фæццæгъдæд, кенæ ба уой арми топпæй куд рамарæн, уотæ, æндæра махæн уой хæццæ цæрун аккаг нæ ‘й. Хан син загъта: – Уотæ нæ бакæндзинан, фал фæццæуæн ескумæ æма ‘й æ ралæбурди рамаретæ. Къуæтти уой балæдæрдтæй æма тагæмæ ниццудæй, еу æставд тæрсæ бæласи буни исбадтæй ‘ма кæун райдæдта. Æ тæрегъæдмæ тæрсæ бæласæ дууæ ‘мбеси рахаудтæй æма æ хурфæй рахаудтæй дала фæндур. Къуæтти фæндур æрбайста, цæгъдун æй райдæдта æма ‘й Хуцау исдзорун кодта. Дуккаг бон хан æ сæдæ бæхгиней хæццæ цæун райдæдта æма сæбæл еу лæг рамбалдæй. Ра имæ лæборæн, зæгъгæ, фæндитæ кодтонцæ адæм, ‘ма син къуæтти ба загъта: – Мæгур лæг æхецæн гъуддагмæ цæуй, е сумахæн фонсæн нæ бæззуй. Уой фæсте ба сæбæл рамбалдæй еу уæрдунгин. Къуæтти сæ уомæ дæр нæ бауагъта. Уотæ рæхги ба, гъæдæй дæр устурдæр, еу уæхæн хъæзæмæ бахъæрттæнцæ æма уоми бацудæнцæ. Къуæтти сæ уоми ниууагъта, æхуæдæгка
332
фæййагайдта æма цалдæн е ‘мбæлттæ хусгæ кодтонцæ, уалдæн нæуæг бæхæргъау æрбастун кодта. Æхуæдæг ба февналдта ‘ма хусгути сæ бæхтæбæл исбаста æма сæ уотемæй еу тагæмæ бакодта. Хани æмбæлттæ уæд исмæстгун æнцæ æма ханæн загътонцæ: – Аци лæг нин ку нæ фесафай, уæд уотемæй мах дæ хæццæ нæбал рацæудзинан. Хан исарази æй къуæттий фесафунбæл æма загъта е ‘мбæлттæн: – Еу рауæн ес устур дор, уой буни ба налхъуттæ ‘ма налмастæй идзаг æй. Уони агорунбæл адæми фулдæр баевгъудæй æма ‘й уордæмæ рарветдзæнæн æма уордæгæй æгасæй нæбал æрцæудзæнæй. Хани æмбæлттæмæ хуарз фæккастæй еци фæндæ æма ин сæ унаффæ радзубанди кодтонцæ. Къуæтти дæр нихъхъур-хъур кодта æма ранæхстæр æй. Ци фæццудæй, уæдта ибæл еу лæг рамбалдæй æма ‘й фæрсуй къуæтти: – Ами налхъут æма налмастæ кæми ес, еци бæстæ кæми ‘й? Е ба ин загъта: – Мæнæ нур рæхги рæстæги хъæзалæмæ бахъæртдзæнæ, уони агорунбæл хуæрд ка фæцæй, уони æстæги хъæзалæмæ, налхъуттæ ‘ма налмастæ ба æнцæ уони астæу устур дори буни. Къуæтти бахъæрттæй еци дормæ æма æ дууæ фазон хурдзини налхъуттæ ‘ма налмастæй байдзаг кодта, саргъи нихæтбосбæл сæ куд бабаста, уотæ ба имæ еу кизгæ фелвæстæй. Фæгъгъæбесæй æнцæ ‘ма къуæтти фæхъхъæбæрдæр æй. Къуæтти и кизгæн е ‘нгулдзæй æ мухур фелваста ‘ма уотемæй кизгæ фæййаууон æй. Заманай хæзнай хурдзинти хæццæ къуæтти хани рази æрбалæудтæй ‘ма сæ уой рази ниггæлста. Бунтон басугъдæнцæ хан æма е ‘мбæлттæ æма нæуæг фæндитæ кæнун райдæдтонцæ къуæттий исафунбæл. Хан загъта: – Еу рауæн ма зонун исæвди рауæн: дууæ хонхи фурау тохуй, уони астæу ба ес сугъзæрийнæ кæрцæ: уомæ ‘й рарветæн, е ба мабал æрхъæрта. Къуар исарази æнцæ ‘ма къуæттий рарвистонцæ еци кæрцæмæ. Къуæтти дæр рандæ ‘й, æдта ци кодтайдæ, ба имæ хъæрттæй æма хуæнхти кæрæдземæй фæххецæни багæпп кодта, раскъафта и кæрцæ. Фæстæмæ куд ралигъдæй, уотæ ба и хуæнхтæ сæхе æрхастонцæ æма ин æ бæхи фæстаг æрдæг æрахæстонцæ. Бæх уоми мард фæцæй, æхуæдæг ба æ саргъ æма кæрцæ еу усхъи ракодта, уотемæй фæстæмæ раздахтæй. Цудæй, цудæй æма еу туппурмæ нихъхъæрттæй. Уобæл æхе бауагъта æ фæллад исуадзунмæ. Туппури дуар байгон æй æма къуæтти уордæмæ бацудæй. Уоми ба дин сугъзæрийнæ гъолтæй идзаг авар. Къуæтти фæккастæй æма нецæмæ бавналдта, уотемæй фæстæмæ раздахтæй. Уотæ ба имæ еу кизгæ фелвæстæй, æхе ибæл ниццавта æма фæгъгъæбесæй æнцæ. Къуæтти хъæбæрдæр кæнун ку райдæдта, уæд кизгæ æхе рарæдувта ‘ма
333
фæлледзæги ‘й. Къуæтти дæр ин æ къохмæрзæн æ дзиппæй фелваста ’ма ‘й æ дзиппи рафсардта. Е ‘зæр къуæтти еу сомехагмæ бахаста. Сомехаг мухур ку æруидта, уæд дауæ райдæдта къуæттибæл, мæ мухур мин радавта, зæгъгæ. Сæ гъуддаг тæрхонмæ æрцудæй. Тæрхон райаразта къуæттийæн: – Кæд еци мухури хузæн мухур иссера, уæд къуæтти раст æй æма ин сомехаг, мæнгæ дауæ ке кæнуй, уой туххæй æ мулкæй хъадируаргъ куд радта, уотæ. На æма не ссердта, уæдта къуæтти давæг æй æма ин æ сæр куд ракæнонцæ, уотæ! Уотæ тæрхон рахаста æма къуæтти ранæхстæр æй къохдарæни æмбал агорунмæ. Цæун райдæдта ‘ма ‘й Хуцау еу адæми муггагмæ бахаста. Етæ ба адтæнцæ фуд бæгънæг æма сæ къуæтти бафарста, цæмæн уотæ айтæ, зæгъгæ. Етæ ба ин загътонцæ: – Дууæ дзилли ан, нæ астæу ба ес денгиз. Махмæ хуæруйнаг ес, уонæмæ ба – дарæс. Нури уæнгæ нæ астæу хаттæй науæ æма уотемæй кæрæдзей фæрци цардан; нæ цигъæуагæ æййивддзагæй ирдтан, нур ба нин æй цидæр цæун нæбал уадзуй æма, гъе, ауигъдмæ æрхаудтан. Къуæтти син науæ искæнун кодта æма уоми рабадтæй. Науæ æнкъусун дæр нæ комуй: еу цидæр ибæл æрхуæстæй. Къуæтти фæллæбурдта денгизмæ æма æнгурстаунæ æ къохти фелваста. Науæ низмалдæй æма цæун райдæдта. Дууæ дзилли ци бæрæг хуарз ракодтайуонцæ къуæттийæн, уой нæбал ирдтонцæ. Уæдта син и лæг загъта: – Кæд уæ къохти ес, уæд мин мæнæ аци мухури хузæн иссеретæ, æндæра мæ неци хуæрзеуæг гъæуй. Уæхæн мухур ин кæми иссердтайуонцæ æма бабæй уордæгæй дæр ранæхстæр æй къуæтти. Цудæй, цудæй къуæтти æма еу будури бауидта уорс кесена. – Ци фæдтæн, уой фæдтæн,– загъта къуæтти æма уордæмæ бацудæй. Кесенай адтæй æртæ сугъзæрийнæ сирей, æзмæлæг ба – нæ. Аци авар дзæгъæл нæ уодзæнæй, зæгъгæ, æма фæсдуар æхе баримахста и лæг. Уотæ ба еу æхсинæг æрбатахтæй, æ базуртæ рагæлста æма къæскъæсгæнгæ кизгæ æрбацудæй æма уæллаг сирей исбадтæй. Уоси хæсдзæфмæ еума дууæ кизги дæр еци-еу хузи æрбацудæй æма фæйнæ сирееми исбадтæнцæ. И кизгуттæ адтæнцæ æртæ хуæри æма сæ кæрæдзей нихъхъуритæ кæниуонцæ, фур цийнæй кæрæдзебæл ниннæлæг уиуонцæ. Сæ мадæй райгурунæй еци бонмæ кæрæдзей нæ фæууидтонцæ, фæйнæ кустеми адтæнцæ æма кæрæдземæн сæ кусти хабæрттæ кæнун райдæдтонцæ. Хестæр загъта: – Æз адтæн налхъуттæ æма налмасти хецау. Адæми фулдæр баевгъуйун кодтон. Мæ аккаг лæг мæбæл некæд фембалдæй. Еу бонтæ ба еу лæг æрцудæй.
334
Мæ хæзнатæй мин уæргътæ искодта. Æз дæр имæ ралæбурдтон, фæгъгъæбесæй ан ‘ма си мæ уод туххæй раервазтæй, фал мæ мухур ба æ къохи бафтудæй. Е мæ лæгæн ку уайдæ. Астæуккаг ба загъта: – Сугъзæрийнæ гъолти хецау адтæн. Ка сæмæ æрбацудайдæ, уонæй фæстæмæ æгасæй некебал рауагътон. Еу бон ба еу лæг æрбацудæй, неци багизта, уотемæй имæ ралæбурдтон æма ин неци исхъаурæ кодтон. Мæ къохмæрзæн мин фелваста, мæхуæдæгка гъай-гъайтæй раервазтæн. Е мæ лæгæн ку уайдæ! Кæстæр загъта: – Æз адтæн денгизи хецау, дууæ дзиллемæн нихъхъоди кодтон, сæ науæ син ниййихалинæ. Ка си бæгънæг æвзурста, ка ба – æстонг. Еу хатт ба еу лæхъуæн рабадтæй науи, æз дæр науи æнкъусун дæр нæ уагътон. Цæмæй мæ æруидта, фæммæмæ лæбурдта æма мин ме ‘нгурстаунæ ме ‘нгулдзæй фелваста. Е мæ лæгæн ку уайдæ! Сæ дзубандитæ ку фæцæнцæ, уæд сæмæ и лæг æхе равдиста æма сæмæ æ мухур æвдесуй, кæмæ – æ къохмæрзæн, кæмæ ба – е ‘нгурстаунæ. – Мах Хуцау дæуæн равардта,– загътонцæ кизгуттæ. – Нур ба нæ хонæ! Лæхъуæн син загъта: – Æз фесæфдзæнæн, нæ фесæфдзæнæн, е дууебæл æй, уæхæн мухур агорун. Кæд мин мæ сæр æркæндзæнæнцæ, уæддæр нæ зонун! Хестæр хуæрæ лилагъзидзаг уæхæн мухуртæ æрбахаста. Къуæтти дæр си æ дæс æнгулдзебæл дæс мухури бакодта. Уæдта ин и кизгуттæ бæх равардтонцæ æма ин загътонцæ: «Кæд дæ нæ сæр гъæуа, кенæ ба нин æй раскъæрдзæнæ æма хъæртдзæнæй æ бунатмæ.» Къуæтти сомехагмæ нихъхъæрттæй æма ‘й, æ тæрхонмæ гæсгæ, хъадируаргъ сугъзæрийнæ райста. Уордигæй ба ханмæ тагæмæ æрцудæй ‘ма ин сугъзæрийнæ кæрцæ æ рази ниггæлста, æхуæдæг ба фæстæмæ раздахтæй æма и кизгутти рахудта. И хестæр кизги ханæн равардта, астæуккаги – ездонæн, кæстæри ба æхецæн бийнонтæ искодта, уотемæй дуйней фонси хæццæ исфардæг æй æ дзиллæмæ. Уой фæсте ба къуæтти лæхъуæн æ мадæ ‘ма æ фиди байагурдта; сæ фиццагæй сæ гъæздугдæр искодта. Цитгин Кизги ба дуккагæн æрхудта: æхецæн æй сæрихецауæн балхæдта. Къуæтти лæхъуæн уордигæй фæстæмæ дзилли уолиæй фæццардæй. Кертибийти Кертибий дзурдтæй финст. Мæхческæ. Финсуни рæстæг бæрæг нæй. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «Гарданти Михал.Уадзимистæ.»Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 181-186 ф.
335
ХАНТИ ФАТУМАЙ ТАУРÆХЪ Ханти Фатума хуарз уосæ адтæй. Æхецæн ба адтæй авд лæхъуæни хъæбæр лæгигъæдгунтæ. Уæлæбæл син нæбал адтæй, кæцæй ма фæффонс кодтайуонцæ ейæ, фал уæдта сæ зæрди æрæфтудæй, фæццæуæн æма Донбеттирти фонс ратæрæн. Баздахтæнцæ, ‘ма денгизи бунмæ рандæ æнцæ. Денгизи бунæй ба Донбеттирти фонс æрбатардтонцæ. Етæ дæр авд æнсувæри адтæнцæ, ‘ма рафæдес æнцæ, ‘ма сæ рамардтонцæ. Уонæн байзадæй еунæг хуæрæ – Тæнæг Губец хундтæй æ ном. Е баздахтæй æма æ авд æнсувæремæн авд анзи сау бадардта. Æвдæймаг анз ку ‘рхъæрттæй, уæд æ мадæ Фатумайæн загъта: – «Корун ди, мæ мадæ, æма мæ сау есун, фал мæ саутæ уотемæй не сессæнæн, æна, мæ авд æнсувæри кæми фесавдæнцæ, æнæ уой фæууингæ. ‘Ма кæд мæ авд æнсувæремæн ма ескæми бæхи зæронд байзадæй, уæд мин уой байамонæ, æз ба фæццæуон». Æ мадæ, Фатума, ин загъта: «Кизгæ, ма кæнæ! Æвзонг ма дæ. Дæ хъумуз дæ билтæбæл кæлуй, æма силæстæгæн æ хелæ куд даргъ æй, æ зунд уотæ нæй. Мæ биццеутæ куд фесавдæнцæ, уотæ фесæфдзæнæ ду дæр, ‘ма, ма кæнæ, макумæ цо!» – Мæ мадæ, саутæ не сессæнæн, цалдæнги мин ме ‘рваддæлтæй еу бæх, еу топп, еу кард кæд байзадæй, уæд мин уони радтай ‘ма уони бабæрæг кæнон, уæдмæ. – Де сæвди над, кизгæ, дæ зæрди æрæфтудæй, ‘ма дин гæнæн нæбал ес. Нур ба син дæлæ искъæти дууæ æфсорхъи ес. Фагуси сæ гъости уæнгæ нимбудæнцæ. Хуæргæ кæнунцæ, æндæр гъудгæнæг сæ нæбал ес. Уæртæ син æргъæу кири ба ес дзаумаутæ. Кирæмæ ба хатиагау ку нæ исдзорай, уæд ин къумай дæгъæлæй байгонгæнæн нæййес, ‘ма сæ райсæ. Етæ дæу æнцæ. Ниццудæй æма бæхтæ раласта. Денгизмæ сæ никкодта, ‘ма сæ хуарз никкæдзос кодта, сæ дзиндзæ ‘рдомæ сæ байгон кодта. Кард, топп райста, ‘ма ракурдта æ мадæй, цæмæй ин, æ фидæн хуæздæр зонгæ ка адтæй, уой байамона. Е ба ин загъта, дæ фидæ хæтæг лæг адтæй, æма Тамбийти Тамбиййæй хуæздæр лæг нæ равзурста. Æхе лæги арæзт искодта. Æ дзигкотæ истухта ‘ма сæ ходи буни никкодта. Уотемæй цæунтæ райдæдта, ‘ма ибæл и будури ба еу лæгти къуар исæмбалдæй. Райарфæ кодтонцæ кæрæдземæн, уæдта сæ бафарста: «Тамбийти Тамбий кæми
336
цæруй?» – И лæгтæ кæрæдземæ бакастæнцæ, уæдта сæ еу загъта: «Тамбийти Тамбий æз дæн, ‘ма дæ ци фæндуй?» – Мадта фусунмæ дæумæ цæун. – Æз мадта мæ балци хестæр нæбал кæнун, – ‘ма æ хæдзарæмæ фæстæмæ раздахтæй Тамбийти Тамбий. – Фусунмæ дæмæ æрцудтæн, фал мин къамбец æхсæвæрæн ку нæ уа, гал мин рæфтадæн ку нæ уа, гъог мин – сехуарæн, уæд дæмæ уотемæй нæ фусун кæнун. Никкастæй Тамбийти Тамбий, æма æ косгутæн загъта: «Цотæ, ‘ма къамбецтæй устурдæр мабал ниууагътæ, нарддæр мабал ниууагътæ! Æрæйтæретæ, ‘ма ‘й равгæрдетæ». Ци къамбецæй загъта, уой æстæмæй астмæ исхаста. Къамбец нивгæрдун кодта æхсæвæ, ‘ма ин æй æ размæ æрæвæрун кодта æхсæвæрæн. Æрæгиау ба имæ æ косгутæ барвиста, уайгæуайтæ, мæ тæнæг иуазæг æ къамбецæн ци кæнуй. Баимæцудæнцæ ‘ма и къамбеци истгутæ листæхсинæ кæнуй, инней ба бахуардта. Уотемæй æй аст æхсæви æма аст бони исхаста. Уæдта ин загъта: «Тамбийти Тамбий, мæ фиди уарзон, æз дæу хуасæн байагурдтон мæхецæн. Ме ‘нсувæртæ фесавдæнцæ ‘ма уони агорунмæ цæун, ‘ма мæ хæццæ æмбалæн рацо». – Бæх мин нæййе. – Мæнæ ме ‘фсорхътæй еуебæл рабадæ. – Мæ хуарз иуазæг, цæугæ кæнун, фал хуæруйнагæн ци кæндзинан? Е ба ин загъта: «Мæнæн хуæрæн нæбал ес, æстæмæй астмæ мæ нецибал гъæуй. Дæхецæн ци хæссис, уой ба рахæссæ.» Ранæхстæр æнцæ дууæ æфсорхъебæл ‘ма цæунтæ райдæдтонцæ ‘ма бахæрттæнцæ Сау денгизи билæмæ. Уоми ба ин Тамбий загъта: «О, мæ тæнæг иуазæг, нур де ‘фсорхъи гъуддаг куд уодзæнæй?» – Е ба ин загъта: «Æ дууæ гъосемæ ин кæсæ, ‘ма цалдæн етæ зиннонцæ, уæдмæ ин неци уодзæнæй.» Уотемæй цæунтæ райдæдтонцæ, цæунтæ ‘ма фæууордæг æнцæ и сор зæнхæмæ. Уорс денгизмæ сау зæнхæбæл бахæстæг æнцæ, уæдта ин загъта: «Тамбийти Тамбий, гъе нур мæ баууæндун кæнæ, абони хуцаубон, иннæ абонмæ куд некумæ рандæ уодзæнæ! Ами мæ хезæ. Æз ба цæун денгизи бунмæ». – И лæги уоми ниууагъта, æхуæдæг ба рандæй денгизи бунмæ æ бæхбæл. И бæх ин загъта, – мæ бадæг, нур цæугæ кумæ кæни, ци ес дæ зæрди? – Ме ‘нсувæртæ фесавдæнцæ ‘ма уони агорун. – Де ‘нсувæртæ мæнæ ами фесавдæнцæ. А æй Донбеттирти зæнхæ. Ду уони фонс тæрунмæ цæуис, фал уонæн ес гæстæ: еу гæс – æфсæнцъух хъæрццигъа.
337 22* Заказ №1424
Е ку ратæха, уæд æ базурти гъæрæй сау гъæдæбæл хехтæ нæбал байзайдзæнæй. Уомæн æ гъæлæси ку нæ фæккæнай топп, уæд ин мæлæт нæййес. Дуккаг гæс – æфсæнцъух берæгъ. Уомæн ба æ тæрнихи ес æртæ уорс æрдой. Уони ку нæ фергъæвай, уæд нæ ранихъуæрдзæнæй. Æртиккаг гæс ба æй мæхе æммаддæлон – æфсæнцъух урс. Урси хæццæ ба истохдзæнæн æз. Уой туххæй ба мæ фиццаг æнæдон санси истолæ, уæдта æзмеси, уæдта хури. Æз ин æ цар хуæрдзæнæн, е ба – хурæ. Æз ин – æ фид, е ба – змесæ… Фиццагдæр имæ цæргæс ратахтæй. Е дæр имæ топп исуагъта, ‘ма æ тæккæ гъæлæси фæцæй, ‘ма æрхаудтæй. Æ сæр ин æркодта, ‘ма ‘й æ дзиппи ниццавта. Дуккаг хатт имæ берæгъ æрцудæй. Уомæн дæр æ хъес – хъесæй зæнхæ сæлдæскъудтæ кодта. Уомæн дæр æ тæрнихи æртæ уорс æрдоемæ нигъгъавта, ‘ма ‘й рамардта. Æ гъос æркодта уомæн дæр, ‘ма ‘й æ дзиппи ниввардта. Æртиккаг имæ и æфсæнцъух урс рацудæй, ‘ма и бадæг ка ‘й, е е скъелæй зæнхмæ ниццавта ‘ма æ саргъ æма æхуæдæг зæнхи се ‘мбæрцæ ниххаудтæнцæ, æ бæх ба тохун райдæдта. Цалинмæ ин е æ тугулдор хуардта, уæдмæ и урси е ба æ фæлмæнвидмæ фегон кодта. Урс ин загъта: «Хуцау ди ма исбоз уæд, ду цидæр дæ, фал бæхæргъау сосæгкæй ма фæттæрæ!» И кизгæ рауæлæ ‘й. Урсбæл саргъ февардта, ‘ма ‘й авд хатти уæларвмæ фехста, авд хатти ба ‘й дæлзæнхæмæ ниххаста. Кизгæ æзмæлгæ дæр нæ фæккодта. Уæдта ин урс загъта, бæхæргъау сосæгкæй ма фæттæрæ, фал Добеттиртæмæ аци бон кувд ес, ‘ма æй уонæн базонун кæнæ. Æхе бæхбæл саргъ исæвардта, ‘ма Донбеттирти кувдмæ рацудæй. Етæ гъæугувд кодтонцæ, ‘ма уоми фæффестæг æй. Медæгмæ ‘й бакодтонцæ. Хестæрти дæллæй, кæстæрти уæллæй бæрæг астæуккагæй исбадтæй. Хестæрти фингæ рамбурд кодта, ‘ма сæ рахуардта. Кæстæрти фингæ дæллæй исæмбурд кодта ‘ма сæ рахуардта. Æхуæдæг ба рауæлæ ‘й, ‘ма хестæрти размæ цæргæси сæр багæлста, хестæрти рази сæр ку нæййес, уæд сæ сор фæйнæгутæбæл ци æрдзæф кæнун кæнетæ, зæгъгæ. «Кæстæртæ, хестæртæ уин гъос ку нæ равардтонцæ», – ‘ма син берæгъи гъос сæ размæ багæлста. Æхуæдæг ба бæхбæл фæббадтæй, ‘ма бæхрæгъау æ разæй ратардта. Сорунтæ ‘й байдæдтонцæ, ‘ма сæ фæстæмæ æхста ‘ма си æхсæзей рамардта. Æвдæймаг ба сæ кæстæр адтæй ‘ма уой хæццæ фæгъгъæбесæй æнцæ, ‘ма и кизгæн æ уæргутæ тасун райдæдтонцæ. Уæд и кизгæ фæгъгъæр кодта: «Тамбийти Тамбий, мæ уæргутæ тасун райдæдтонцæ, ‘ма ами кæд дæ!» – Тамбий æруадæй, ‘ма Донбеттирти лæги æркъуæхтæ кодта. И кизгæ саргъи бунæй къос фелваста, ‘ма ин æ тогæй авд къоси баниуазта, æхуæдæг ба загъта: «Гъе нур æз мæлгæ кæнун, ма ци бакодтон, уони ниффинсæ ‘ма мин сæ мæ рони бацæвæ. Мæхе ба мин мæ бæхбæл æнгом ниббæдтæ. Иннæ æфсорхъ дæр мин мæ фарсмæ
338
ниббæдтæ, ‘ма сæ нæхемæ рауадзæ, дæуæн тæрун нæ бакомдзæнæнцæ. А бæхæргъау ба дæуæн хаир фæууæнтæ дæ берæ хъиамæттæмæ. Нæ рамардайнæ, а тогæй авд ку нæ баниуазтайнæ, уæд, фал мæхе бауорамун мæ бон нæ бацæй. Ду дæр мæ нæ балæдæрдтæ, ‘ма тоги ниуæзтæй мæлун.» Тамбийти Тамбий баздхтæй ‘ма ‘й æ бæхбæл æнгон ниббаста. Æхуæдæгка æ бæхæргъауи хæццæ сæхе ‘рдæмæ рараст æй, фал ин бæхтæ нæ ракундтонцæ. Уæдта сæ сæхе ‘рдæмæ рауагъта, ‘ма æмбесæхсæви Ханти Фатумай тургъи ниууастонцæ. Фатума ракастæй. Адæнмæ фæдздзурдта, ‘ма кизги æрихалдтонцæ. Æ рони ин гæгъæди иссердтонцæ, ‘ма Фатума загъта: «Мæ кизгæ абони киндзи цæуй, мæ авд лæхъуæни ба уоститæ хонунцæ!» – Адæми æрæмбурд кодта ‘ма син æстæмæй астмæ уæлмæрдхуæрнæг фæккодта. 95-анздзуд Гобети Беппа Дзанхоти фурти дзурдтæй æй Сурх-Дигори 18-аг августи 1955 анзи ниффинста Цагъати А. М. æй – ж. «Ирæф»-и.
339
ХАНИ ЛÆХЪУÆНИ АРГЪАУ Ханæн адтæй еунæг лæхъуæн. Еу хатт, биццеу уогæй, хани фурт рацудæй е ‘нгари хæццæ ехмæ гъолти гъазунмæ. Изæрæй биццеутæ рандæ ‘нцæ сæ хæдзæрттæмæ, хани фурти ба Хуцау рафунæй кодта. Уотæ рæхги ба и биццеу райгъал æй ‘ма дин æ сæргъи берæгъ бадуй. Биццеу уинуй и берæгъи ‘ма истун нæбал æндеуй. Берæгъ ин уой ку балæдæрдтæй, уæд имæ дзоруй: – Аци хатт дин хатир фæууæд; хатирæн ба дин уосæ æрхонуни уæнгæ æнгъуд кæнун! Хани фурт уосæ корунгъони рацæй æма æндеугæ ба нæ кодта берæгъи загъдмæ гæсгæ. Лæхъуæнæн æ фидæ рамардæй æма еунæгæй æризадæй, уæддæр нæ коруй, æма нæ коруй уосæ. Адæм ибæл авд æмбурди авд сабати æруиуонцæ, уосæ ракорæ, зæгъгæ, ‘ма син неци ком лæвардта. Æрæги-дурæги ба æрсастæй, гæнæн ин нæбал адтæй æма уосæ ракурдта, хонун ба уæддæр не ‘ндиудта. Ци ибæл рацудæй, уæдта хани фурт æ уосæ æрхудта æма æ уатмæ бацудæй. Уоми ба дин кизгуттæ фæйнæ фонси хузи кодтонцæ къинсæй. Еу кизгæ берæгъи хузæ ракодта къинсæй2 ‘ма и къинсæ берæгъ фестадæй. Лæхъуæн æ зæнгæттæ куд ласта, уотæ и берæгъ æ сæргъи æрлæудтæй: – Гъе, нурмæ мин æнгъуд адтæй, нур ба дæ хуæргæ кæнун! Хани фурт ралæуирдта, дуар æ фæсте рахгæдта ‘ма ледзунтæ райдæдта дзæгъæл будурти. Уалинмæ берæгъ дæр дуар бахсидта, бахуардта, хæдзарæй раервазтæй ‘ ма и лæхъуæни сорун райдæдта ‘ма ‘й æрхæстæгутæ кодта. Уотæ рæхги ба и лæхъуæн гæмæх будури еу уорс кесена бауидта, ба имæ хъæрттæй ‘ма уордæмæ бадзурдта: «Уæ, ами ка ес, æз де ‘уазæг.» Уордæгæй имæ еу уосæ æракастæй ‘ма ин загъта: – Мæн бон неци ‘й, фал мæ хестæр хуæрæ дæлдæр æй ‘ма уордæмæ цо! Æхуæдæг ба имæ сæрвасæни æрхъез равардта, ескæми ку схъурмæ уай, уæд æй дæ фæсте рагæлдзæ, зæгъгæ. Лæхъуæн ледзунтæ райдæдта уордæгæй æма ‘й и берæгъ дæр æрхæстæгутæ кодта. Уæд лæхъуæн истаси ‘й æма æ сæрвасæни æрхъез рагæлста. Уой адæбæл и берæгъæй и лæхъуæни астæу тар гъæдæ 2 Рагон æгъдауи уотæ адтæй, æма киндзæхсæвæрæн къерети хæццæ уидæ али фонси хузæ къинсæй æма уоси хузæ, сувæллон æ гъæбеси, уотемæй. Еци æгъдау бæрæг кодта: æрцæуæггаг уодзæнæй зæнæггин, æ зæнæг ба – фонсамондгун.
340
фестадæй. Цалдæн берæгъ тар гъæди цудæй, уалдæн и лæхъуæн дæр будуртæ равгарста ‘ма еу кесенамæ бахъæрттæй: «Уæ, ами ка ес, æз де ‘уазæг», – зæгъгæ, имæ багъæр кодта. Уордæгæй имæ еу уосæ ракастæй æма имæ дзоруй: – Хуцауи иуазæг уо, мæ хор! Мæн бон ба дин неци ‘й, мæ хестæр хуæрæ дæлдæр цæруй, уомæ цо! Æхуæдæг ба имæ дууæ дзоли ралæвардта: «Æстонг уодзæнæ æма уони дæ хæццæ райсæ, – зæгъгæ. – Ка ‘й зонуй æма ку схъурмæ уай, уæдта сæ дæ фæсте рагæлдзæ!» – Лæхъуæн и дзолтæ райста æма ледзунтæ райдæдта. Берæгъ имæ хæстæгутæ кæнун куд райдæдта, уотæ ба и лæхъуæн æ дууæ дзоли æ фæсте рагæлста æма и дзолтæ дууæ уорс егари фестадæнцæ. Егæрттæ берæгъи хæстæг нæбал уагътонцæ лæхъуæнмæ. Уотæ рæхги бабæй еу уорс кесена бауидта, æр имæ хъæрттæй, ба имæ дзурдта: – Ами ка ес, æз де ‘уазæг. Уордæгæй дæр имæ еу уосæ ракастæй ‘ма ин загъта: – Мæ бон дин неци ‘й, уæртæ денгизуордæг мæ хестæр хуæрæ, уомæ цо! Мæнæ дин дзиггой халæ: уой денгизбæл багæлдзæ ‘ма дин хед фестдзæнæй æма уобæл бацæудзæнæ! Хани лæхъуæн, уосæ ин куд байамудта, уотæ бакодта æма денгизуордæгмæ баервазтæй æд егæрттæ. Уæдта дзиггой халæ исиста æма и хед никкалдæй. Денгизуордæг лæхъуæн æ егæртти хæццæ еу туппурбæл æринцойнæ кодта. – Ох-ох-ох, æна, – ниууолæфтæй æма туппурбæл е’ндæргъцæ æхе рауагъта. Уотæ ба туппури дуар байгон æй æма уордæгæй ба еу уосæ рацудæй, æ еу æнсур – уæларв, е ‘ннæ æнсур ба дæларв дардта, уотемæй. – Æна ку нæ загътайсæ, уæд дин ести адтайдæ, нур ба мин ду абонæй фæстæмæ – лæхъуæн, – загъта и уосæ. – Ду ба мин – мадæ, – загъта хани фурт æма уотемæй цæрун райдæдтонцæ и лæг æма и уосæ. Хани лæхъуæн али бон дæр цауæни цудæй æма саги мардæй нæ евгъудта, уотемæй и уоси хаста саги уæлдар æма гъæуанзи хъанзæй. Еу хатт кæми адтæй, уоми и уосæ рацудæй денгизи билæмæ хъæппæлтæ æхснунмæ æма денгизуордæгмæ сугъзæрийнæ лæхъуæн бауидта. Е ба адтæй и берæгъ, æхе адæймаг фестун кодта. Уосæ уой ку æруидта, уæд имæ æрхицæ кодта, тæходуй, е мæ лæгæн ку уайдæ, зæгъгæ. Берæгъ уой ку æрлæдæрдтæй, уæд ин загъта: – Кæд дæ уотæ фæндуй, уæд дæ лæхъуæни дзиппи еу дзиггой халæ ес æма денгизбæл уой ардæмæ æрбагæлдзæ, уæдта цæрдзинан! Изæрæй лæхъуæн саги марди хæццæ æрцудæй, гъар фезонæг кæнуй и уосæн, е ба имæ е ‘рух нæбал хатуй. Ци кæнис, зæгъгæ, имæ дзоруй и лæхъуæн. Уосæ ба ин загъта:
341
– Ци кæнун? Ду рандæ уис, æз ба ами еунæгæй байзайун ‘ма гъенцъун кæнун, нур ба мин дæ кисæ уæддæр ниууадзисæ, е ба уобæл мæхе исæрхон. Дуккаг бон лæхъуæн æ кисæ и уосæмæ ниууагъта, æхуæдæг ба цауæни рандæ ‘й. Уосæ дæр дзиггой халæ исиста, денгизбæл æй багæлста æма и берæгъ хедбæл æрбацудæй. Берæгълæг æма уосæ фæндитæ кæнун райдæдтонцæ лæхъуæнбæл, ци мадзалæй æй рамарæн, зæгъгæ, æма ин æ егæрттæ исафун фæндæ искодтонцæ: сæ сæйæнти син уæрмитæ искъахтонцæ. Изæрæрдæмæ ба и берæгъ æхе медæггойни баримахста. Уалæнги лæхъуæн дæр æрцудæй æ саги мард æма æ дууæ егарей хæццæ. Егæрттæ сæ сæйæнти басмуститæ кодтонцæ æма æндæр рауæнти ниссадæнцæ. ‘Ма син е ку нæ бантæстæй, уæдта и уосæ загъта: – Еунæгæй нæбал фæразун, нур ба дууæ хонхей астæу тин-кæрцæ ес: æ реутæй æрдзæф кæнуй, æ сунтæй семгæ кæнуй, æ думæггæгтæй ба кафгæ кæнуй ‘ма мин уой æрхæссæ, æз ба ибæл мæхе исæрхон! Хани лæхъуæн цæун райдæдта æма, дууæ хонхи фурау кæми тохунцæ, уордæмæ исхъæрттæй. Хуæнхтæ куд фæззихъир æнцæ, уотæ лæхъуæн æ егæртти хæццæ уони астæу фæммедæг æй æма тин-кæрцæ рахаста, фал æ егæрттæ ба хонхи медæг байзадæнцæ. Никкудтæй лæхъуæн, уотемæй рахаста кæрцæ æма ‘й æ мади размæ бахаста: – Æнирай æй фæууо дæ кæрцæй, мæ дууæ егари уобæл фесавдæнцæ. Берæгъ уой ку райгъуста, уæд имæ рагæпп ласта, æ рагъи рабадтæй, нур ба мин кумæ ледздзæнæ, хуæргæ дæ кæнун, зæгъгæ. Хани фурт ракурдта берæгъæй: – Корун ди, Хуцауæн ковун мæ бауадзæ, уæдта мæ хуæрæ! Берæгъ ин над равардта æма ковун райдæдта хани фурт. Еци ковгæй, æ сæрти адæми лимæн зæрбатуг æрбатахтæй ‘ма ин загъта: – Дæ Хуцауæн ковæ, хонхи дуар байгон æй ‘ма дæ егæрттæ æрбацæунцæ. Берæгъ хани фурти рагъи куд рабадтæй, нур æй хуæрон, зæгъгæ, уотæ æ дууæ егари æ сæргъи æрбалæудтæнцæ æма и берæгъи æ къалеутæй фæйнердæмæ райвазтонцæ гæппæлгай æма ‘й фæрки фæркгай никкодтонцæ. Хани фурт уæд и уоси хæран миутæ базудта æма ‘й фидгуйнаги къуæхтæ никкодта. Æхуæдæг ба хæдзари хæзнайæй кедæр иссердта, уони рамбурд кодта ‘ма уотемæй æ хæдзарæмæ æрфардæг æй ‘ма æ адзали уæнгæ ханеуæг фæккодта дзиллитæн. Кертибийти Кертибий дзурдтæй финст. Мæхческæ. Кæд финст адтæй, е бæрæг нæ ‘й. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «Гарданти Михал.Уадзимистæ.»Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 176-179 ф.
342
УОДЕСÆГ Цардæнцæ лæг æма уосæ. Сæ дууæ дæр седзæртæй сгъомбæл æнцæ. Нæ баййафтонцæ ниййергути рæвдуд. Нур сæ хъисмæт кæми исеу кодтонцæ, уоми сæ цард æрвистонцæ лимæнæй, кæрæдзей уарзгæй. Уотемæй сæбæл евгъудæнцæ мæйтæ, æнзтæ. Сæ кари бацудæнцæ, фалæ син сувæллон не ‘гурдæй æма сæ сæ рæсугъд цард нæбал тавта. Еу бон лæг сог æрласта. Æ цæлхити къæс-къæс хæдзарæмæ байгъустæй æма ймæ силгоймаг рауадæй: – Цо медæмæ, дæ хъæппæлтæ дæбæл ку ниссалдæнцæ… Уæрдун æма галтæ æз рагъуд кæндзæнæн, – дзоруй имæ е. Лæг сах каст никкодта, уæдта райгъустæй æ дзуапп: – Гъуд сæ мæхуæдæг дæр бæргæ ракæндзæнæн, фал мæмæ дæхе бæсти еу биццеу ку фервистайсæ, уæд хуæздæр н’ адтайдæ? – Уосæ сæрбонсбæл хуæцгæ райзадæй, æ цæстисугтæ ‘ркалдæнцæ æма еци зæрдхъурмæй загъта: – Хуцауи нихмæ тухæй неци гæнæн ес, æндæра мæн дæр бæргæ фæндуй. Мадта ма ци сдзурдтайдæ? Еци бонæй ардæмæ берæ рæстæгутæ рацудæй, берæ дæнттæ фæууадæй бæрзæндтæй ниллæгутæмæ, фал зæрдибунæй ци сувæллæнттæ фæххизтонцæ, уони ба нæ фæууидтонцæ. Æрæгиау ба Хуцау ниггæла-уæла кодта, æма æрæгиау хуарз кæбæл æрцудæй, уонæн æмбал разиндтæнцæ. Райгурдæй син фурт. Хортæ-мæйтæ кодтонцæ ниййергутæ. Сæ цийнæй зæнхæ лиу-лиу кодта. Биццеубæл исæвардтонцæ ном Æрæгиау. – Нæ игурдæн уосæ коргæ уодзæнæй æма ескумæ ку ракæсинæ, кæд ести мулк искæнинæ, – загъта еухатт и лæг æ уосæн. – Ду алкæддæр лæдæргæ унаффитæ кодтай. Æз хæдзари гъуддæгтæ ниллæг не ’руадздзæнæн, ду ба сæумæй дæ нади кой ракæнæ, – исарази æй е дæр. Цæйбæрцæ фæццудæй, ка ’й зонуй, уæдта хъæбæр бафæлладæй æма еу дони билæбæл æруолæфтæй. Кæсуй, æма дин уæртæ æрбацæуй еу уорс рехæгун лæг. Бæлццон бонхуарз загъта æма æ цори æрбадтæй. Дзубандитæ раеудагъ æнцæ сæ астæу.
343
– Еумæ ку срæфтад кæнианæ, уотæ мæ фæндуй, кæд дæ сæрмæ хæссис, уæд, – загъта закъæгун лæг. – Е ба куд? Æз устуйрадæ некæд кодтон, адæми хæццæ архайдтон лимæнæй цæрунбæл, фал нур ба мæ хурдзин исбæркад æй æма… – Исбæркад æй ке загътай, е дæр дин дæ лæгигъæдæ бæрæг кæнуй. Бæлццон æ хурдзин фегон кодта, дессаги фингæ райаразта æма сæ дууæ дæр уæрас къумæлæй зæрдиуаг кувдтитæ фæккодтонцæ. – Тухсгæ ма кæнæ, Хуцау дæ фарс æй æма дæ гъуддæгтæ дæхе фæндон уодзæнæнцæ, – фæстагмæ загъта закъæгун. – Нæ фиди хай, Хуцауи кой мин цæмæн искодтай? – Ду куст агорæг цæуис, цæмæй дæ фурти исхæссай, уæдта ин æмбал æрхонай, уой туххæй. Лæг сагъæсти бацудæй: «Æз аци лæги хæццæ ку некæд фембалдтæн, ку неци ин загътон, уæд мин мæ унаффитæ цæмæй базудта? Æвæдзи мæ сайтани хай æй?.. – Æз дæ сайтани хай нæ дæн, фал дæн Уодесæг, – загъта бабæй зæронд. Лæг, уой фегъосгæй, æхе лæгъуз лæдæрун байдæдта. Уодесæг ин æ тас балæдæрдтæй: – Æз ами æвеппайди нæ фæззиндтæн, фал дæ размæ рацудтæн фенхус кæнунмæ, – дзоруй е. – Адæймаг раст ку нæ хæсса цард, давгæ ку кæна, æ цæстæ ку некæмæн неци уарза, гъолон æвзаг ку хæсса, уæд уомæн æ мæлæт фæрраздæр кæнун. Гъенур дæуæн ба дæ царди кæрон æрхъæрттæй, фал адæмуарзон ке дæ, дæ цæстæ дæ дзиллæн хуарз ке зæгъуй, уой туххæй ба дин дæ цард даргъдæр кæнун æма дæ кæдмæ фæндуй? – Берæ мæ нæбал гъæуй, æрмæстдæр ма мæ мæ сувæллонæн уосæ æрхæссун бауадзæ… …Уой фæсте ба дууемæй дæр раистадæнцæ æма еумæ ранæхстæр æнцæ. – Æз дæу рарветдзæнæн уæхемæ берæ мулки хæццæ, æрмæст байгъосæ лæмбунæг, – загъта Уодесæг, еу гъæумæ ку бахъæрттæнцæ, уæд. – Ескæмæ сæйгæ ку уа, уæд ду кумæ бацæуай, уоми æз дæр дæ хæццæ уодзæнæн. Мæн неке уиндзæнæй, æма кæд сæйгæн æ къæхтæмæ бабадон, уæд нæма мæлуй, æма зæгъæ: «Фæй ервæзун кæндзæнæн». Кæд æ сæри цори бабадон, уæдта ин сæйгæн æнæмæлгæ нæййес æма зæгъисæ, раздæр æй ку фегъустайнæ, нур ба ин мæ къохи хуасæ нæбал ес, зæгъгæ. Дæ дæсний кой райгъусдзæй æма дин лæвæрттæ кæндзæнæнцæ. Лæгæн Уодесæг куд ниффæдзахста, уотæ бакодта æма цубур рæстæгмæ устур мулкити хæццæ æриздахтæй сæхемæ, мадта куд адтайдæ. Ци ма рацудæй, ка ’й зонуй, уæдта лæгмæ Уодесæг фæззиндтæй:
344
– Де ’нгъуд раги фæцæй, – загъта е, – фал ма ми ракурдтай æма дин дæ курдиадæ исæнхæст кодтон. Нур хуссæни дæхе рауадзæ, æз ба дæ сæрмæ бабадон… – Ду раст дæ, фал уотæ берæ ке уарзун, еци биццеуæн ма сувæллон ку фæууидтайнæ, – æрæгиау ма исфæразта зæгъун. – Фæууæд уотæ, – исарази æй æ хæццæ Уодесæг æма æрбайсавдæй. Анзмæ Æрæгиауæн фурт райгурдæй. Лæг игурди худта Зæрдифиу. Мадæмæ ’й хуæруйнаг дарунмæ радтидæ, æндæра ’й æхсæвæ дæр æма бонæ дæр æ гъæбесæй нæ уагъта: «Бæдоли сувæллон уотæ адгин æй, уой ба аргъæутти дæр некæд фегъустон», – гъуди кодта и лæг. Цæйбæрцæ бабæй рацудæй, ка ’й зонуй, уæдта нæуæгæй Уодесæг æ цори æрлæудтæй: – Ести рæуагæ ма кæнис? – бафарста æй е. Лæг æ уæраги сæртæбæл æрхаудтæй, æ ходæ Уодесæги къæхтæбæл ниввардта æма дзоруй: – Мæ цæсгон нæбал хуæцуй, фал ма мин мæ фурти минкъиййæн ести хуарз фæууинун бауадзæ. Иуазæг е ’нгулдзæй бавзиста æма зæгъуй: – Хуарз, уадзун ма дæ Æрæгиауи фуртæн киндзæ æрхонун дæр, – æма æрбайсавдæй. Цудæнцæ æнзтæ. Ка – игурдæй, ка ба – мардæй. Лæг хъæбæр æрзæронд æй. Е ’нгæрттæй еунæг дæр æгас нæбал адтæй, æ царди æмбал дæр раги рацох æй. Лæг цæун нæбал фæразта, гъосæй, цæстæй дæр фæккиудтæй. Æрæгиау æ фуртæн киндзæ æрхудта, уоми дæр ма куд нæ фæццийнæ кодтайдæ. Хуссæнæй истун нæбал фæразта æнæ раргъувгæй, фал æй дууæ киндзи хуарз рæвдудтонцæ, куд фæззæгъунцæ, сæ уæлнихтæ ’й дардтонцæ. Еу бон ин æ хъæппæлтæ туххæйти æййивд куд фæцæнцæ, уотæ имæ Уодесæг æрбахъæрттæй. Иннетæ ‘й нæ уидтонцæ æма ’й фæрсуй: – Ести ма зæгъдзæнæ нур ба? Лæги мæлун нæ фæндæ адтæй, фалæ корун дæр æфсæрми кодта, æма уæд Уодесæг æ сæри цори рабадтæй. Лæг æ баз раскъафта æма ’й хуссæни иннæ фарс февардта. Уодесæг райзадæй æ къæхтæмæ. Е дæр бабæй сабургай бацудæй æма æ сæри размæ æрбадтæй. Лæг дæр бабæй æ баз иннердигæй февардта. Киндзитæ ин кæсунцæ æ миутæмæ, кæрæдземæ бакæсиуонцæ – гъуддагæн неци лæдæрдтæнцæ, фал дес кæнунцæ зæронди цурд æзмæлдбæл. Уодесæг берæ фæккастæй лæгмæ, уæдта рабостæ кодта, æхе меднимæр загъта, берæ мæ фæййагордзæнæ, зæгъгæ, æма æрбайсавдæй, мадта æндæр куд адтайдæ?!
345
Цудæй рæстæг. Берæ хортæ æма мæйтæ искастæй æма ранигъулдæй еци бонæй аци бонмæ. Киндзитæ дæр гъуд кæнуйнæгтæ иссæнцæ. Зæронд лæгмæ некебал зилдæй. Цæрун æ бон рагæй дæр нæбал адтæй, фал мæлун дæр нæ фæразта æма алли бон дæр æ хъури цъарæ ивазта, цæмæй имæ Уодесæг фæззиндтайдæ, уобæл, фалæ кæми… – Эх, адæймаг æ хуæрзгæнæги куд æрæгиау балæдæруй, – дзурдта ма е. Уотемæй ма абони дæр хуссæни æвдулуй æнæ фæккæсæгæй. Адæмæй дæр нæбал æй æма мæрдтæмæ дæр нæ хъæртуй. «Олисати Мухарбек. «Сагъæстæ». Радзурдтæ, æцæг хабæрттæ, тауæрæхътæ, дессæгтæ. Дзæуæгигъæу, «Рухс», 2005». 111-114 ф.
346
БЕДЗÆ ХУРÆ БИНИГОРИ ТАУРÆХЪ Бедзæ Хурæ Бинигор цардæй Къумбулти. Цауæйнон лæг адтæй. Цауæниеу ку рацæуидæ æ куй – куйти сæр Селæни хæтдзæ, уæд си сирд нæ ервазтæй. Сирди фидæй æ бийнонтæ хуарз хаста, гъæубæстæн дæр си лæвардта. Уæд имæ игъусун байдæдта, Уæллагкоми Цомæрдтæмæ уæхæн дууæ цауæйнон куййи ес, ‘ма фæццæунцæ сæхуæдтæ ‘ма Уорс хонхæй, Сау хонхæй сирдтæ æртæрунцæ гъæумæ. Уоми ба сæ кæми ниййахæссунцæ, кæми ба сæ рамарун кæнунцæ. Дуйней гъæубæстæ дæр ма сирди фидæй мийнасæ кæнунцæ. «Еци дууæ куййи ма мæ ку уайуонцæ, – зæгъгæ, унаффæ кодта æхе меднимæр Бедзæ Хурæ Бинигор, – уæд еугур сирдтæ дæр мæхе бæрагæ уайуонцæ, æгас гъæубæсти дæр сирди фидæй хæссинæ». Корун унаффæ сæбæл искодта. Æмбалтæ ракодта, уорс гали хъури сурх дари бабастонцæ, уотемæй Цомæрдтæмæ куйгор рацудæнцæ. Иссæмæцудæнцæ. Медæмæ, зæгъгæ, сæ хæдзарæмæ бакодтонцæ; фингæ син райаразтонцæ ‘ма син æй сæ размæ æрæвардтонцæ. Фал фингæмæ не ‘вналунцæ. Цомæрдти хестæр сæмæ дзоруй: – Равналетæ, – загъта, – фингæмæ. Уæддæр не ‘вналунцæ фингæмæ. Фæрсуй бабæй сæ нигкидæр Цомæрдти хестæр: «Цæмæннæ æвналетæ?» – зæгъгæ. Уæд сæ хестæр равналдта фингæмæ, иннетæ ба уæддæр не ‘вналунцæ. Нигкидæр бабæй сæмæ дзоруй: – Цæмæннæ æвналетæ, – зæгъгæ, – фингæмæ, кæд уæ ести зæгъун фæндуй, уæддæр æй зæгъетæ. Уæдта Бедзæ Хурæ Бинигор загъта: «Мах куйгор ан», – зæгъгæ. Цомæрдти хестæр зæнхæмæ никкастæй, сагъæси бафтудæй. Бæрæг дзуапп син неци загъта, фал сæмæ дзоруй: – Нæ царди нивæ еци куйтæй æй, мæнæ ма мæ бийнонти рафæрсон». Æ бийнонтæмæ бацудæй ‘ма син загъта: «Не ‘уазгутæ куйгор исцудæнцæ», – зæгъгæ. Бийнонтæ фæкъкъех æнцæ ‘ма ймæ дзорунцæ: – Мадта ма син «бахуæрæ», зæгъгæ, ци лихстæ кæнис, лæдзæг сæмæ райсæ
347
‘ма сæ нæ хæдзарæй фæссорæ, махæн нæ царди нивæ уонæй ку æй, уæд мах уони куд ратдзинан, – зæгъгæ. Е ба син загъта: – Куйгор куй æй, ка ‘й нæ ратта, е ба дууæ куййи æй. – Нæ сæ ратдзинан, – зæгъгæ, загътонцæ бийнонтæ, – махæн нæ царди нивæ уонæй ку æй, лæдзгутæ сæмæ райсæн æмбурдæй дæр ‘ма сæ фæссорæн ардигæй. Сæ хестæр ба син загъта: – Раттун сæ гъæуй, ходуйнаг нин уодзæнæй, Донифарсæй ардæмæ Дигори комбæл куйгор исцудæнцæ, ‘ма син ма раттæ, уæд дуйнемæ етæ нæ дарæг нæ уодзæнæнцæ, – зæгъгæ. Уотæ куд дзубанди кодтонцæ, уотæ ба сæмæ сæ синхон къæсибадæг уосæ фæммедæг æй, ‘ма хабар ку ‘рзудта, уæд загъта: – Куд сæ дæттетæ еци дууæ куййей, æгас гъæубæстæ дæр ма уони фæрци мийнасæ ку кæнунцæ. ‘Ма къæсибадæг уосæ уой бæрæг ку ‘рзудта, куйти син дæтгæ кæнуй, зæгъгæ, уæд загъта: – Мадта фиццагдæр сæ хæццæ цауæни ку фæццæуа, уæд æй Хуцау æ хæдзарæмæ дзæбæхæй мабал æрцæун кæнæд! Уотемæй сæмæ бацудæй Цомæрдти хестæр куйгортæмæ. Загъта син: – Æвналетæ фингæмæ, – зæгъгæ, – ци коретæ, уомæй уæ исрæвдзæ кæндзæнæн. ‘Ма и дууæ куййей раластонцæ сæхемæ Донифарсмæ, сæ хъури син зæлдагæ бæндæнтæ бабастонцæ, уотемæй. Еци дууæ куййи ма ‘й ку фæцæнцæ, уæд, басææвзарон, зæгъгæ, уайтагъддæр цауæни рандæй. Куйти сæр Селæнæн ма уæхæн дууæ æмбали кæми фæцæй, уоми ма дин сирд рауагътайдæ? Фиццагдæр Тæторс æрдæмæ фæццудæй ‘ма еу тускъабæл фембалдæй. Селæн æй куддæр рауидта, уотæ ‘й æ разæй фæккодта, ‘ма ‘й ратæрæ-батæрæ кæнун байдæдта. И тускъа имæ дзоруй: – Ци кæнис, Селæн, цæмæннæ мæ ниууæдзис? Ма кæнæ, – зæгъгæ ин загъта, – дæу ба мæ мард дæр рамардзæнæй. Цалдæнги Селæн и тускъай хæтдзæ æвдулдæй, уалдæнги ба имæ Бедзæ Хурæ Бинигор бахъæрттæй ‘ма ‘й ниццавта, и тускъа æрхъан æй. Тускъай ракæсдау кодта ‘ма ‘й еу бæласæбæл æрауигъта. Селæн еци бæласи буни исбадтæй, Бедзæ Хурæ Бинигор ба, фезонæг ракæнон, зæгъгæ, согтæ æмбурд кæнунмæ рауадæй. Цалинмæ согтæ æмбурд кодта Бедзæ Хурæ Бинигор, уалинмæ бæласæй тускъай сæр рахаудтæй Селæнбæл, ‘ма фæммардæй. Бедзæ Хурæ Бинигор ку ‘рбацудæй æ тускъай мардмæ ‘ма Селæни мард ку ‘руид-
348
та, уæд нирдеуагæ кодта, фесафтдæн, зæгъгæ. Берæ фæхъхъурмæ кодта æ фур мæстæй, фезонгутæ дæр нæбал искодта. Уæдта бабæй цауæни Цомæрдти дууæ куййей хæтдзæ фескъардта ‘ма æгас дзæбодурти къуарбæл исæмбалдæй. Дууæ заманай куййи ибæл сæ еуæрдæмæ æрбаздахиуонцæ, иннердæмæ ибæл сæ æрбаздахиуонцæ, уотемæй сæ еугурæй дæр æрцагъта. Æрсæфснайон, зæгъгæ, уотæ ба ракастæй – æ фалæнбула еугурæй дæр бæрзонд айнæг фестадæй. Рацæуæн ин нецирдæмæбал адтæй Бедзæ Хурæ Бинигорæн ‘ма сагъæси бафтудæй, ци амалæй ма райервæзон, зæгъгæ, ардигæй. Цалинмæ ин æ сирди мæрдтæ хъæрттæнцæ, уæдмæ уони фæххуардта, уæдта судæй мæлунмæ æрцудæй. Гъæу ба фæдеси рацудæнцæ. Бедзæ Хурæ Бинигор фесавдæй, зæгъгæ, ‘ма ‘й еугурæй дæр агурдтонцæ. Уæд айнæги сæри халон разелæбазелæгæнгæ фæййидтонцæ ‘ма ‘й балæдæрдтæнцæ, уоми ести ке адтæй, уой. Исимæцудæнцæ ‘ма нигъгъæр кодтонцæ айнæги сæрмæ. Уордигкæй сæмæ нигъгъæр кодта Бедзæ Хурæ Бинигор: «Ами, – зæгъгæ, – бæргæ дæн, фал рацæуæн некумæбал ес». Æ уосæ дæр имæ уордæмæ æрбацудæй ‘ма имæ е дæр нигъгъæр кодта: – Дæхе, – зæгъгæ, – рагæлдзæ айнæги сæрæй, цæмæй дин уæддæр дæ мард халæнттæ нæ бахуæронцæ, уой, цæмæй ма дин уæддæр дæ мардбæл фæххуæст уæн, уой. Айнæги бунмæ ин æгас гъæу дæр ма гобæнттæ-æндæртæ хæссун байдæдтонцæ, цæмæй, рагæпп кæнгæй, фæлмæнбæл фæцайдæ, уой. Берæ фæккатай кодта Бедзæ Хурæ Бинигор, уæдта фиццаг æ дууæ куййей рагæлста ‘ма ниббурцитæ ‘нцæ, уæдта æ хæтæл рагæлста ‘ма е дæр ниббуройнæ ‘й. Уотемæй Бедзæ Хурæ Бинигорбæл къæсибадæг уоси æлгъистæ æрцудæй: Цомæрдти куйти хæццæ фиццагдæр цауæни ку фæццудæй, уæд æ куй – куйти сæр Селæн дæр фæммардæй, ке ракурдта Цомæрдтæй, еци дууæ куййи дæр фæммардæнцæ, æхуæдæг дæр фæммард æй. Се ‘гасей мæрдтæ дæр гъæу Къумбултæмæ æрластонцæ ‘ма сæ, лæгæй дæр, куййæй дæр, еу рауæн байвардтонцæ. Райдзурдта Магкити Цæппо, 105-анздзуд. Нийфинста Толасти Андрей, 12 август, 1927 анз, Къаматæ. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 15, 8 п., 84–87 ф.
349
ТАЙМОРАЗ Таймораз цауæни цæунбæл соми ракодта, куд цауæни нæбал фæццæудзæнæн, зæгъгæ. Еу æхсæвæ ба, зæгъуй, куд рацъундæ кодта, уотæ ба ймæ бадзурдæй: – Гъейт, Таймораз, скъелуагъд ку фæдтæ, уæлæ дæ Æрхи коми дæ сирди хай ку хезуй, ду ба хусгæ ку байзадтæ, – зæгъгæ. Таймораз куд не ‘рбайгъал адтайдæ, æма дес кæнуй: – Цума ци уа, е ци сайтани хай æй. Цауæни цæунбæл сомигонд ку дæн æма мæ соми куд фехалдзæнæн. Еу сахат рацудæй, уæдта бабæй рацъундæ кодта, æма бабæй имæ нæуæгæй бадзурдæй, æма ин саг æ бунатæй дæр нæ фестадæй, уотемæй æй фехста æма сагæн æ тæрнихи фат исæнбалдæй. Баймæцудæй. Ний æвгарста. Æ нимæт ибæл бамбарзта, уотемæй æй ниууагъта, æхуæдæг ба фæстæмæ уайун байдæдта, æма, æхсæвæ адæн куд ниххустæнцæ, уотæ ба фæстæмæ гъæумæ æрбахæтдзæ ‘й æма, зæгъуй, æ лимæнмæ бадзурдта: – Лæг рамардтон, тагъд фестæ, æфснайун æй гъæуй, зæгъгæ. Е ба имæ, зæгъуй, радзурдта: – Æз дин лæг марунмæ лимæн нæ дæн, – зæгъгæ. Ци ма ймæ исдзурдтайдæ, уордæгæй рацудæй æма, зæгъуй, е ‘рдхуардмæ дæр уотæ бадзурдта, æма ин е дæр уæхæн дзуапп равардта. Уотемæй æ еугур лимæнтæбæл дæр æрзилдæй æма ин сæ хусгæ уæттæй дæр нæ фестадæнцæ. Уæдта, зæгъуй, фæстаг ба, дууадæс анзи ци ‘нсувæри хæтдзæ кæрæдземæ не сдзурдтонцæ, уомæ бадзурдта: – Гъейтт, мæ еунæг æнсувæр, дæ сæр мæ багъудæй. Лæг рамардтон, тагъд, æфснайун æй гъæуй. – Хуцау дин ма бакомæд, уомæй дин фæттарстæн, – зæгъгæ, ма зæгъуй, исдзурдта æма æ дзабуртæ æ къохи раскъафта, уотемæй Тайморази фæсте уайун райдæдта. Сæумæ хор куд искастæй, уотæ æ сæргъи балæудтæнцæ æма ймæ мæрдæгъдау гæнгæ бацудæй. Уæдта нимæт исхъел кодта, æма дин уоми ба – саги мард.
350
Гъема ин уæдта Таймораз, æ гъуддæгтæ куд адтæнцæ, уони æрдзурдта. Æма, зæгъуй, уæдта Тайморази æнсувæр низзардта: «Гъейт, Иннамæ мин ка бадзора, Дæ лæхъуæн сæрдсиуон саг рамардта. Мæнæй ка уа, е æ кæрдзин-лимæни искадгингæнгæй, Æ лæгъуз æнсувæри макæд исæгадæ кæнæд!..» Райдзурдта Хъарати Мурзабег. Нийфинста Цъеути Израил. 6 август, 1933 анз. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. №12, 70 п. 23-24 ф.
351
БЕТРОЗТИ ДЗАДТО Бетрозти Дзадто еу хатт фæххаста дууæ дзæбодурдзар мæхæлей дзаг инсуйнаг Мæцутæмæ, куройнæмæ. Уоми Мæцути кодтонцæ Сослани кувд. Адæн ку æрæмбурд æнцæ, уæдта Дзадтомæ рарвистонцæ, исæйкæнтæ нæ кувдмæ, зæгъгæ. Иссудæй ‘ма се ‘хсæн исбадтæй. Исфæндæ йбæл кодтонцæ, хуæрдæ, ниуæзтæй æй маха исуæлдай кæнæн. Хуæрдæ ‘ма йбæл ниуæзтæй калун байдæдтонцæ. Кунæг дæр ин неци искодтайуонцæ кувди фиццаг бадгутæ. Е дæр рандæй æ куройнæмæ. Æ фæсте ин фæлгæсгутæ рарвистонцæ: ци бацæй, байбæрæг кæнтæ. Е ниццудæй æма куройни дзугур фиййæй хеггонд инсади фиййагæ æ гъæлæси калдта: «Æйтт, нари тæпбитæй æз неци фæддæн, нæхе къæфгæ ку нæ уа». – Фæлгæсгутæ æвастгомау фездахтæнцæ фæстæмæ. ‘Ма дзорунцæ, нæ фæллойнæ ку фесафтан, нæ хуæрдæ, нæ ниуæзтæ, зæгъгæ. Дæлæ æхе пурсонтæ дæр ма ку бахуардта, куройни дзугур фиййæй, фиййагæй æ гъæлæсмæ калуй. Бабабæй фæндæ кодтонцæ е ссудмæ: мах ба ма ‘й бавзарæн æ тухæбæл. Æ уаргъ мæхæлтæ раргъувта, сæ рæзти исцудæй. ‘Ма ймæ дзорунцæ: – Корæн ди, ‘ма дæ уаргъ æрæвæрæ ‘ма мæнæ аци дорбæл исæвзарæ. Дзоруй сæмæ: «Нари хъал фæсевæд, рамæуагътæ, е ба мæ над цубур кæна.» – Корæн ди, ‘ма йбæл исæвзарæ. ‘Ма сæмæ дзоруй: «Ай, мæнæ лæхъуæнтæ, фудирай фæууайтæ. Мæ уаргъ ма мин ци есун кæнтæ.» Етæ æй æ гъæбесмæ хæрдмæ есун кодтонцæ, е ба ймæ равналдта ‘ма ‘й нинтъухта, æ рагъи – уаргъ, уотемæй. Дор кумæ рантъухта, уордæмæ авд ампъези ракодта. Ампъезтæбæл ин бæрæггæнæнтæ никкодтонцæ ампъезæй ампъези æхсæн. И æвзарæн абони дæр ма æгас æй. Райарфæ кодта син ‘ма рандæй; ку фæууордæг æй, уæдта сæмæ дзоруй фæстæмæ: – Гъей, лæхъуæнтæ, арси лæпп-лæпп искæнон æви берæгъи синк-синкк а хæрди? – Берæгъи синк-синккæй неци фæцан, фал арси лæпп-лæпп. – Гъемадта кæсетæ, ирайгæ рауотæ. Æ уаргъ е рагъи, уотемæй цæлхъе-мæлхъейæй лæпп-лæппæй фæууæлбилæ ‘й Къусуби хонсари. Билæй ба сæмæ дзоруй:
352
– Куд зæгъетæ? Мæ уаргъ хæссун фæразун, хæрди цæун мæ бон æй? Дзорунцæ ймæ: – Цо, цо, фудирай фæууо! Дæ тухæ ‘ма дин дæ нифс базудтан. Гъе, уотемæйти хаста æ бийнонтæ ‘ма цардæй æхецæн. Еума хатт кæми адтæй, уоми ба Донгон уæлхедти хумæ кодта. Уотемæй ба ймæ еу лæг найæнбæл бахизтæй. Тухæ агор хаттæй, ‘ма ин æй байамундæй. Исимæхъæрттæй ‘ма ймæ дзоруй: – Байрайай, хуймон. – Хуарзæй байрайай, – е дæр ин райарфæ кодта. Фæрсуй æй фæндаггон: – Ами Бетрозти Дзадто кæми цæруй? Дзадто дзубури къохбæл фæххуæстæй ‘ма ин райамудта, æд галтæ сæ фездухта: «Уалæ еци мæсуги цори цæруй.» Уотæ рæхги ба рæфтад æрхъæрттæй, æ уосæ ин æрхаста дууадæс хеггонди кæрдзини ‘ма къумæли фæтæйнонæ. Исбадтæнцæ дууемæй иуазæги хæтдзæ рæфтад кæнунмæ. Бахуардтонцæ, уæдта Дзадто исефтигъта æ галтæ. Е дæр иснæхстæр æй гъæуæрдæмæ. Дзадто дзоруй æ фæсте: «Хуарз иуазæг, е дæр мæнæй минкъий хъаурæгундæр æй, æндæр ба нæй. Уоми гъæу ес: гъæуи æхсæн тухæ æвзаруни бæсти мæн хæццæ бал дæ тухæ бавзарæ. Мæнæй дæ бæрæг ку базонай, уæдта цо.» Æрæздахтæй имæ фæстæмæ. Æрхуæстæнцæ гъæбесæй. Дзоруй имæ Дзадто: – Тегъæ, иуазæг дæ, фиццаг барæ дæу æй. Нийтигъта конд хуми. Дзадтой зæнги наргутæмæ ранихсун кодта. Дуккаг кезу уомæ дæр æрхъæрттæй, ‘ма ‘й ниттигъта Дзадто конд хуми уæраги сæртæмæ. Уотемæй ин æ уонæ зæнхæбæл ниццавта, æ реутæбæл ин уæраги сæртæй ранцадæй – тог æ гъæлæсæй искалдæй. Æ фæрскъитæ ин басаста. Лæгæн фезмæлæн нæбал адтæй. Галтæ цонæгъбæл исефтигъта. Исæйласта Дзадто æ хæдзарæмæ. Кой кæнун æй райдæдта. Исдзæбæх æй хуæцæг, ‘ма ‘й исаразта æ къахæй æ къохмæ. Загъта ин: – Ду мин ардæгæй æндæмæ фæууо зонгæ æнгарæ. ‘Ма ин Дзадто загъта: – Гъенур фæндараст фæууо, фал тухæ агор ба макæдбал рацо макумæ. Тухæй тухуастдæртæ ма берæ ес, уæдта лæгæй лæгдæртæ дæр, уæдта бæхæй бæхдæртæ дæр. Уотемæй цард хаста Дзадто. Райдзурдта Бетрозти Емæза, 16 февраль, 1941 анз, Лезгор. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 46, 3 п., 27–30 ф.
353 23* Заказ №1424
ХЪАРДАНИ ТАУÆРÆХЪ Хъардан абæрæг адтæй; цардæй, Хæнæзи тегъæбæл ци мæсуг ес, уоми. Еу кæми адтæй, уоми Хъардан Хæнæзи рæзти æрцудæй. Раст уоци рæстæги еу уосæ æ биццеуи Хъарданæй тæрсун кодта ‘ма ‘й æндæмæ радардта: – Гъа, Хъардан, биццеу дин! – зæгъгæ. Хъардан дæр и биццеуи æцæгæй раскъафта. Уæдæй ардæмæ тауæрæхъæмбесонд байзадæй: «Гъа, Хъардан, биццеу дин», – зæгъгæ. Райдзурдта Хъарданти Гаде, 105-анздзуд, 27 июль, 1940 анз, Задæлескæ. Нийфинста Хъазбегти Хъазбег. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. №110, 88 п. 210 ф.
354
ÆХСÆУУОН ÆМА НАРОН КЪÆРНÆХТÆ Еу æхсæууон æма дууæ нарон къæрнæхи фæййерис æнцæ, ка ни кæмæй радавдзæнæй, зæгъгæ, уобæл. Æхсæууон къæрнæхмæ адтæй тохъули æма ‘й нивгарста, æ фидтæ ин кири бафснайдта ‘ма йбæл къума исæвардта, дæгъæлтæ ба æ мадæмæ ниууагъта ‘ма æндæр гъæумæ давунмæ рандæ ‘й. Еци хабар нарон къæрнæхтæ фегъустонцæ, æхсæвæ Æхсæуæмæ иссудæнцæ, æма æхсæууон къæрнæхи хæдзарæмæ тикиси уаст бакодтонцæ. И мадæ дæр еу усмæ неци исдзурдта, ку нæбал си фæразта, уæдта сæбæл фæгъгъæр кодта: – Уцит, дæ бундар фæдтæ, фидтæ сумах рази уагътон, æрбауасетæ, зæгъгæ. Етæ дæр бабæй бауастонцæ, е дæр бабæй нæуæгæй: – Уцит, нæ тохъули фидтæ кири, дæгъæлтæ ба мæ нивæрзæн ниввардтон, сумах исонмæ дæр уасетæ, – зæгъгæ, æхуæдæгка ниффунæй æй. Къæрнæхтæ дæр бацудæнцæ æма уоси нивæрзæнæй дæгъæлтæ райстонцæ, кирæ исигон кодтонцæ æма фидти хæццæ ниффардæг æнцæ. Æ фурт ку æрцудæй, уæдта ин радзурдта: – И тикистæ мин мæ фидтæ базудтонцæ æма мæ цард нæ уадзунцæ. Уой и лæг ралæдæрдтæй æма и дæгъæлтæ агорунбæл иссæй, фал фидтæ уоми нæбал адтæнцæ. – Хуцау ди ма исбоз уæд, – зæгъгæ, æма и къæрнæхти фæсте уайунмæ фæцæй æма еу рауæн, сæ еу фæснадмæ куд ниххизтæй, уотемæй æй ниййафта. Баймæ уадæй æма, цума æхе æмбал адтæй, уотæ талинги æ фидтæ расайдта: рабал дæ æййевон, зæгъгæ. Нарон фидтæ æхсæууонмæ ниууагъта, æхуæдæгка дæлнадмæ ниххизтæй æхе гъудий. Æхсæууон ба и фидтæ фæстæмæ исхъæртун кодта. Наронтæ дæр уой куд нæ балæдæрдтайуонцæ æма кæрæдземæ ниццæнцæ. Æхсæууон ба æ мадæн ниффæдзахста: – Мабал баууæндæ, – зæгъгæ. Иннæ æхсæвæ бабæй æхсæууон рандæй æндæр гъæумæ. Наронтæ ба иссудæнцæ æма, и уосæн фиццаг æхсæви куд бакустонцæ, уотемæй бабæй ин æ фидтæ радавтонцæ.
355
Уæд бабæй æхсæууон уой ку базудта, уæд сæ фæсте рандæ ‘й æма сæ Мæцути ниййафта, æма унаффæ кодтонцæ, æхсæвæ æма бон кæрæдземæй куд цох кодтонцæ, уотæ: – Фæббон æй æма бал мæнæ еци уобаймæ балæсæн, – зæгъгæ. Æхсæууон, етæ ци уобаймæ загътонцæ, уордæмæ балæстæй æма æхе марди хузæн никкодта, æ цæсгон ба сикъитæй ниххурста. Наронтæ уобаймæ бацудæнцæ æма фезонгутæ кæнунбæл истумугъ æнцæ, сæ цирагъ ба еци марди гъæлæси ниццавтонцæ. Еу рæстæг сæбæл ку рацудæй, уæд æхсæууонбæл цирагъи къеуæ æртагъдæй æма е’ цæгæй «уæу», зæгъгæ, нигъгъæр кодта. Наронтæ фæттарстæнцæ, мæрдтæ исæрра’нцæ, зæгъгæ. Ледзуни фæцæнцæ æма уобаййи дуарбæл ниххастæнцæ. Æхсæууон ба сæбæл лæги хъæппæлтæй хæфтитæй ралæудтæй, уæдта раервазтæнцæ. Æхсæууон ба фидтæ фæстæмæ райста, æма имæ уæдæй фæстæмæ наронтæ нæбал бандиудтонцæ. «Ирон адæмон сфæлдыстад», Дзæуæгигъæу, 1949, 433–434 ф.
356
хрестомати,
УАРЗОНДЗИЙНАДÆ Рагон тауæрæхъ Еу зæронд лæг æ фурти тæскъæ бийгæ фæууидта. Баймæцудæй æма ‘й фæрсуй зæронд лæг: – О мæ фурт, уомæй ба ци кæни? И фурт имæ дзоруй: – Дæу си ниввæрдзæн ‘ма дæ кæд дони багæлдзинæ. Зæронд дзоруй æ фуртмæ: – ‘Ма ‘й федардæр исбийæ, дæхе дæр багъæудзæй. Райдзурдта Золойти Данел Даукуййи фурт, 90-анздзуд, 1971 анз. Нийфинста Золойти Изетæ. ЦИПУ, уруссаг литератури кафедри архив, 1971 анз, № 34.
357
ХÆЛИН БАРÆГИ АРГЪАУ Рагима-раги адтæй еу лæг. Æ ном ба хундтæй Хæлин Барæг. Еу æнæзæнæг уосæ æма лæг иссирдта æма син загъта: – Зæнæг уин ес æви нæ? Загътонцæ: – Нæ нин ес. – Мадта уин дууæ лæхъуæни ку рацæун кæнон, уæд мин си сæ еуей ратдзинайтæ, ку ислæгтæ уонцæ, уæд? – Ратдзинан, – загътонцæ ин, – махæн нур еунæг дæр нæййес, æма дууæ ку уонцæ, уæд дин еуей куд нæ ратдзинан! – Гъе мадта хуарз, – зæгъгæ, син загъта Хæлин Барæг, – æууæндун уæбæл, – зæгъгæ, æма уæдта æ дзиппæй еу фæткъу исиста æма син загъта: – Мæнæ аци фæткъу цуппар цуппæрæн хаййи бакæнтæ, æма цуппæрæймаг хай ду бахуæрæ, – зæгъуй уосæн, – еу цуппæрæн хай ба дæ лæгæн бахуæрун кæнæ, иннæ дууæ цуппæрæн хаййи ба дæ лæги бæх æма куййæн бахуæрун кæнæ! Уæдта син лæг æма уосæн никкидæр загъта: – Уоци гъуддæгтæ бакæнтæ, æма ку исрæвдзæ уонцæ, уæдта уæмæ еу афони ба зиндзæнæн æз дæр. Хæлин Барæг лæг æма уосæн куд бафæдзахста, уотæ бакодтонцæ, æма и уосæ бауæззау æй, уæдта и бæх дæр æрзайуйнаг æй, и гацца дæр. Æ афони ба уосæн райгурдæй дууæ лæхъуæни, æма сæбæл цийнæ кæнун байдæдтонцæ лæг æма уосæ. Уæдта бæх дæр низзадæй дууæ байраги, и гацца дæр низзадæй дууæ егари къæбиси. Еци сахат сæ тургъи дууæ бæласи февзурстæнцæ сæхе гъæдæй. Лæг æма сæбæл и уосæ цийнæ кæнун райдæдтонцæ, мæнæ нин Хуцау ци устур лæвар ракодта, зæгъгæ, æма уайтагъддæр дууæ сувæллони, дууæ биццеуи ирæзун райдæдтонцæ æма гъазунгъон фæцæнцæ. Фидæ æхуæдæг цауæйнон адтæй æма сæ минкъиййæй цауæнбæл ахур кодта, дорæхсæнтæ син искодта æма цъеутæ æхстонцæ, уотемæй гъазтонцæ æма уайтагъддæр рацæпполæппотæ ’нцæ. Гъе уæдта еу уæхæни ба сæ фидæн загътонцæ: – Гъе нур цъеуæхсæнтæй цъеумарæн цауæн кæнæн, фал нин фæйнæ топпи
358
мадзал фæккæнæ, фæйнæ бæхи нин ес, фæйнæ егари дæр ес, æма цауæн кæнун бавзарæн. – Гъо-гъо, уæ рун бахуæрон, – загъта син фидæ æма син бамадзал кодта, æма еци сахат рабадтæнцæ бæхтæбæл æма гъæдæмæ рацудæнцæ. Гъæдæмæ куддæр бахъæрттæнцæ, уотæ сæ рази дууæ рæубеси фæцæй æма сæ фæммард кодтонцæ, иссудæнцæ сæмæ æма сæ æрбавгарстонцæ: – Мæнæ нин Хуцау ци рæхги равардта хуардзийнадæ, – зæгъгæ, нæ фидæ цийнæ кæндзæнæй фæйнæ рæубесей косартбæл. Гъе уотемæй дууæ фурти цауæн кодтонцæ æма ма еугур синх дæр бафсастонцæ сирди фидæй. Уалдæнги ба Хæлин Барæг фæззиндтæй æма лæг æма уосæн загъта: – Уæ бон хуарз! Етæ дæр ибæл бацийнæ кодтонцæ, гъема сæ уæдта Хæлин Барæг бафарста: – Гъи, ци уин загътон, етæ æцæг разиндтæнцæ, æви нæ? Зин син адтæй лæг æма уосæн, фал ин уæддæр загътонцæ: – Æцæг разиндтæнцæ, ци нин загътай, етæ. Нуртæккæ дæр цауæни ’нцæ æма сæ ардæмæ гъæуй. Уалдæнги ба дууæ цауæйнони дæр фæззиндтæнцæ фæйнæ саги мардей хæццæ. Хæлин Барæг уони ку бауидта, уæд æ медбилти бахудтæй. Дууæ лæхъуæни сæ фиди фæрсунцæ: – Циуавæр лæг æй а? Кæми адтæй? Фидæ ба син загъта: – Е уæхæн иуазæг æй, æма махæн зæнæг н’адтæй, æма нæмæ æрцудæй æма нæ бафарста: «Зæнæг уин ес, æви нæ?» – Загътан ин, нæййес нин, зæгъгæ, æма нин загъта: «Мадта уин дууæ лæхъуæни ку рацæун кæнон, уæд мин сæ еу ратдзинайтæ æви нæ?» – зæгъгæ, æма ин загътан: «Ратдзинан». – Гъе уæхæн иуазæг æй. Зæрдæ ин байвардтан, нæ дзурд ку нæ исæнхæст кæнæн, уæдта нæ, мах дæр æма сумах дæр еугур исæфт фæккæндзæнæй. Нецæмæй уин тæссаг æй, а æнæзæнæг лæг æй, æма еуей æхецæн лæхъуæнæн есуй, æма ма гузавæ кæнтæ; кадæр уи фæууа, е дзæбæх цæрдзæнæй, алцæмæй рæвдзæ уодзæнæй, топпæй, æндæр, æма мах дæр-еу рабæрæг кæндзæнæй, æма уотемæй дзæбæх цæрдзинан. Фидæ хестæрмæ дзоруй: – Ду цо не ’уазæг Хæлин Барæги хæццæ; фурт мæхе уодзæнæ, фал цæргæ ба уомæ кæндзæнæ, æма мах дæр-еу рабæрæг кæндзæнæ. Хестæр фурт загъта: – Æз имæ нæ цæун! Дæу ниууадзæ æма уомæ фæццо, уæхæн зиндзийнадæ дин не ’взарун кæнун, нæ дæ ниууадздзæнæн!
359
Гъе уæдта и кæстæр загъта: – Цæмæн нæ æнхæст кæнис нæ фиди дзурд? Дзурд фæссайуни бæсти æз цæун! Гъема уæдта фидæ Хæлин Барæгæн загъта: – Хестæр нæ бакумдта, фал мæнæ кæстæр ба цæуй дæ хæццæ, дæуæн фуртæн, алцæмæй рæвдзæ, уотемæй, æма – де ’уазæг æма Хуцауи иуазæг! Хæлин Барæг сæ фуртæн ци кодтайдæ, уой фидæ æма мадæ нæ зудтонцæ; уотæ æнгъæл адтæнцæ, лæхъуæн имæ дзæбæх цæрдзæнæй, зæгъгæ. Хæлин Барæг кæстæр фуртæн æ къохæй æ сæр æрсæрфта æма ин загъта: – Мацæмæй тæрсæ, æз дин хъæбæр хуарз уодзæнæн! Уомæ гæсгæ ба ймæ фидæ уотæ бакодта: – Ку ’й бафæндæуа, уæд æй еу хатт махмæ дæр æрбарветæ, уæдта ’й мах дæр фæстæмæ дæумæ рарветдзинан. – Хуарз, хуарз, – зæгъгæ, загъта Хæлин Барæг дæр. Гъема уæдта и кæстæр саргъ исæвардта æ бæхбæл, цæуæн, зæгъгæ; æ хестæри раласта æма ин сосæггæй загъта: – Нецæмæй тæрсун, фал, ка ’й зонуй, куд фæууй-ци фæууй, æма мæбæл ести ку æрцæуа, уæд, мæнæ аци дууæ бæласи нæ дууей æнцæ, æма сæмæ кæсæ; кæд дууæ бæласемæй сæ еуемæн æ сифтæ æркæлонцæ æма хускъæ кæнун райдайа, уæд æй зонæ, æгас ке нæбал дæн, уой, æма мæ гъе уæд агорæ! Хæлин Барæг æма кæстæр лæхъуæн рандæнцæ. Сæ надбæл рараст æнцæ æма хуæнхтæ ’рдæмæ цæун байдæдтонцæ æма бахъæрттæнцæ хонхи еу лæгæтмæ. – Гъе нур æрбахъæрттан, – зæгъгæ, загъта Хæлин Барæг лæхъуæнæн, – мæнæ, гъе, а мæ хæдзарæ ’й, æма рафестæг уæн нæ бæхтæй æма сæ бафснайæн. Бæхтæ ку бафснайдтонцæ, уæдта ниххизтæнцæ лæгæти бунмæ æма дин уоми ба устур хæдзарæ. Фæрсуй æй кæстæр лæхъуæн: – А устур хæдзарæ ку ’й, ду ба еунæгæй кæд дæ, уæд а куд æй? – Хуæздæр æй, адæм си фулдæр бацæудзæнæй, – зæгъгæ, ин загъта Хæлин Барæг, æма фидæ æма фурт дзубанди кæнун байдæдтонцæ. Уæдта лæхъуæн дугъосугмæ кæсуй, артбæл ауигъдæй ка лæудтæй, уомæ æма ’й фæрсуй Хæлин Барæги, а ба дин уæд ци ’й, зæгъгæ, æма ин загъта: – Гъе дугъосуг æй, устур æй, уомæн æма ами берæ адæм фæууй; лимæнтæ мин берæ ес, æма æримбурд унцæ, сæ саги мæрдти хæццæ æрбацæунцæ, æма дугъосуг уомæн гъæуй, – зæгъгæ, уотемæй æй сайуй æма сабур кæнуй. Уотемæй цæрун байдæдтонцæ, фал арт, æндæр ба нæ кæнунцæ. Гъе уæдта еу уæхæни ба Хæлин Барæг фæййаууон æй, кæстæр лæхъуæнмæ ба сæри хъаболæ фæрсæрдигæй ратулдæй æма ин загъта:
360
– Ци дзæбæх лæхъуæн дæ, ци ’вгъау дæ, Хæлин Барæг дæ хуæргæ кæндзæнæй, дугъосуг цæттæ кæнуй! Мæн дæр уотæ бахуардта; дугъосуг истæвдæ кæндзæнæй, ирайдзæнæй, æхуæдæгга фæндур райсдзæнæй æма ’й цæгъддзæнæй, ду ба кафгæ ракæнæ, зæгъгæ. Ду ба ймæ бадзордзæнæ: – Æз кафун ку нæ зонун. Кафун бабæй ци ’й? Уæдта дин зæгъдзæнæй: «Æз дин байамондзæнæн кафун», – зæгъгæ, æма æд фæндур кафун райдайдзæнæй, ду ба ймæ кæсæ! – «Гъе атæ дæ ‘ркафун гъæуй дæу дæр», – зæгъгæ, гъе, уотæ дæмæ дзордзæнæй, æма уæддæр ма исарази уо, зæгъæ ин: «Æз кафун нæ зонун, баминамонæ кафун», – зæгъгæ, æма æд фæндур кафун райдайдзæнæй, ду ба ймæ кæсæ! Уотемæй дин фæллихстæ кæндзæнæй æма ин а дуйнебæл ма исарази уо! Уой фæсте ба æхуæдæг фæммæстгун уодзæнæй, уотемæй артбæл дугъосуги билтæмæ ислæуердзæнæй æма дæмæ, фæндур цæгъддзæнæй, уотемæй дæмæ дзордзæнæй: «Кæсæ мæмæ, мæнæ, гъе атæ дæр кафдзæнæ», – зæгъгæ. Ду ба ймæ «хуарз», зæгъгæ, бадзордзæнæ. Гъема, е кафун ку райдайа дугъосуги билтæбæл æма, кафгæ-кафгæ, ку ’рзела дугъосуги билтæбæл æма дæмæ æ къилдун ку рахата, уæд æй ду ба, ци хъаурæ дæмæ ес, уомæй фенсонæ, æма æхуæдæг дугъосуги ниххаудзæнæй, æма гъе уæдта фæййервæздзæнæ æма, ци кæнай, е дæ барæ уодзæнæй, мацæмæй бал тæрсæ. Мæнæн еске ку байамудтайдæ, æз дæуæн куд амонун, уотæ, уæд мæн дæр нæ бахуардтайдæ. Гъе нур ба хуæрзæбонæ рауо! Æз дин куд зæгъун, уотæ бакæнæ, æма дин ку бантæса, уæд хуарз, ци дæ фæндæуа, уой кæндзæнæ; кумæ дæ фæндæуа, уордæмæ цæудзæнæ, – зæгъгæ, æма æхе раеуварс кодта. Уалинмæ ба Хæлин Барæг фелвæстæй æма фæндур раскъæфта æма ’й цæгъдуй, уотемæй лæхъуæнмæ дзоруй, «ракафæ», зæгъгæ, æма ин, «нæ зонун», зæгъгæ, ку загъта, уæдта æхуæдæг кафун байдæдта. Зæгъуй лæхъуæнæн: «Мæнмæ кæсæ, æма, æз куд кафун, уотæ ду дæр кафдзæнæ». Лæхъуæн ин загъта: – Маргæ мæ ку ракæнай, уæддæр нæ ракафдзæнæн! Мæ бон нæ ’й, нæ зонун кафун! Загъта бабæй ин Хæлин Барæг: «Нур кæд нæ зонис, уæд ахур кæнæ æма исахур уодзæнæ, æма ма дин æнхæст еу кафт байамонон», – зæгъгæ, æма дугъосуги билтæмæ æд фæндур исгæпп кодта æма цæгъдун æма кафун байдæдта, къахи фийтæбæл æнгулдзæхтæ кæнун байдæдта дугъосуги билтæбæл. Е кафуй, лæхъуæнæн ба æ зæрди æрбафтудæй, «ци ма ймæ кæсун», зæгъгæ, «бавзарон, кенæ ба мæ æхуæдæг хуæргæ ку кæндзæнæй». Тæрсгæ дæр кодта, æндæр дæр, уæдта ймæ хæстæг бацудæй, æма ймæ
361
Хæлин Барæг кафгæ-кафгæ æ къилдун куд фæххатта, уотæ ба ’й æ тухæ-æ бонæй ниццавта, æма Хæлин Барæг аги ниххаудтæй, æма, уоми исфунх æй, æма ’й лæхъуæн уотемæй аги ниууагъта. Гъема уæдта лæхъуæн лæгæти зелун байдæдта æма си неци иссирдта бæх æма фæндурæй æндæр; Хæлин Барæги хæдзари неци разиндтæй. Лæхъуæн сагъæс кæнун райдæдта, ци кæнон нур, зæгъгæ, æма хæдзарæй уæлæмæ исхизтæй лæгæтмæ. Бæхтæ уоми разиндтæнцæ, æма æ бæхбæл саргъ исæвардта, æ дзауматæ райста, топпæй, æндæрæй; рабадтæй æ бæхбæл æма загъта æхецæн, нур цирдæмæ цæуон, зæгъгæ. Хонхбæл фæууидта еу цидæр. Загъта: – Цæй, цæуон уордæмæ æма, кæд гъæу уа, уæд ести кæндзæнæн. Рараст æй уордæмæ, æма е ба разиндтæй еу хани гъæу, гъæунгти рацудæй, æма йбæл ци адæм фембæлидæ, уонæн «бонхуарз» зæгъидæ. Байфæрсиуонцæ етæ дæр, ци дæ, циуавæр дæ, зæгъгæ, кæцæй æрцудтæ? Зæгъидæ син: – Гъе еци гъæуисæри цæрун мæ мадæ, мæ фиди хæццæ æма уордигæй рацудтæн дуйнетæ фæууинунмæ. Лæхъуæн æхуæдæгка уотæ хуæрзконд адтæй, æма ймæ æрхицæ кæниуонцæ, алкедæр-еу загъта: – Тæходуйтæ, а мин фурт ку уайдæ! Басæфæрсидæ: – Ай хани гъæу хонетæ, æма хан æхуæдæг кæми цæруй? Æма ин, хан кæми цæруй, уой байамудтонцæ, æма нихъхъæрттæй ханмæ, æ тургъæмæ бæхбæл бацудæй, е ’хсаргард æ фарсбæл ауигъдæй, уотемæй. Тургъи баййафта хани еунæг кизги; хъæбæр тухуаст рæсугъд имæ фæккастæй; кæрæдземæ кæсунцæ, æма лæхъуæн хани кизгæн загъта: – Хан фæууинæн нæййес? Загъта ин кизгæ: – Ес ин, фал нуртæккæ хусгæ кæнуй, æма бал фестæг рауо, ку æригъал уа, уæдта ймæ бацæудзинан. Æхуæдæгка и кизгæ æхе меднимæр зæгъуй: – Мæ рамæлæт – ме ’нгъуд! Нæ ’й рауадздзæнæн, кæд ин бийнонтæ нæййес, уæд! Кизги мадæ дæр сæмæ кæсуй, тургъи куд дзубанди кодтонцæ, уомæ, æма зæгъуй, циуавæр æй, куд берæ дзубанди кæнунцæ, ’зæгъгæ. И кизгæ ин æ бæх бæхбæттæнбæл бафтудта, æхе ба ин иуазæгдонмæ бакодта; лæхъуæни иуазæгдони ниууагъта, æхуæдæгка æ мадæмæ бацудæй æма ин загъта:
362
– Аци лæхъуæнæй дессагдæр нæ фæйдтон, ка ’й, уой дæр нæ зонун, уездон кæд нæ ’й, уæддæр, æма, мæ рамæлæт – ме ’нгъуд, нæ ’й рауадздзæнæн, æма мæ фиди æригъал кæнæ, æма ин зæгъæ: «Иуазæг нæмæ ес уæртæ не ’уазæгдони», – зæгъгæ, – дæу хезуй, дæу фæууинун æй фæндуй». Гъема мадæ хани æригъал кодта æма ин загъта: – Уæртæ нæмæ иуазæгдони иуазæг ес æма ’й дæу фæууинун фæндуй, æма ниххатир кæнæ, райгъал дæ кодтон. – Неци кæнуй, – загъта хан, – æрбахонетæ ’й! Æрбахудтонцæ лæхъуæни ханмæ, æма загъта ханæн: – Ниххатир кæнæ, дæ хабар дин фегъустон, æма мæ бафæндадтæй дæу фæууинун. Хан æй ку фæууидта, уæд æй бауарзта æ хуæрзкондмæ гæсгæ, æма æхенимæр загъта: «А хумæтæги лæхъуæн нæ ’й», – зæгъгæ. Æхе меднимæр бабæй загъта хан: «Тæходуй, уосгор ку разиннидæ, уæд ин мæ кизги туххæй дæр раттинæ, æма мин фурти бæсти уидæ». – Гъема ’й уæдта фæрсун байдæдта: – Ка дæ, циуавæр дæ? Кæцæй фæдтæ? Загъта ханæн: – Гъе уоми мæ мадæ æма мæ фидæ цæрунцæ; мæхе си ракурдтон æма рацудтæн дуйнетæ фæууинунмæ. Хæтун, æма мин дæу байамудтонцæ, æма дæу фæууинунмæ æрбацудтæн, æма мæ дæ хуарзæнхæ фæууæд! – Æз уотемæй рацудтæн, æма, мæ зæрдæмæ ци дуйне бацæуа, уоми æрцæрдзæнæн, хуæцæг мæбæл кæми фæууа, уоми. Æма ин хан уæдта загъта: – Уобæл ма гузавæ кæнæ, кæд мах дæ зæрдæмæ цæуæн, уæд. Аци тургъæй макумæбал цо, ку дæ фæндæуа, уæд æма дин мах уодзинан мадæ æма фидæ. Махмæ æндæр дзубанди нæбал ес, мах дæ еугурæйдæр бауарзтан, æз дæр, мæ уосæ, мæ кизгæ дæр. Гъема нур ба æгъдау бакæндзинан: мæ кизгæ дæу фæууæд! Æрæмбурд кæндзинан, нæхеуонтæ ка ’й, уони, æма син, нæ сиахс ке дæ, цæргæ дæр нæ хæццæ ке кæндзæнæ, уой син базонун кæндзинан. Хан æрæмбурд кодта æхеуонти, æ лимæнти, загъта син: «Мæнæ нæмæ, гъе ауæхæн гъуддаг ес», – зæгъгæ, æма сæмæ ’й æрбакодта иуазæгдонæй. Ку бацудæй лæхъуæн, уæд сæмæ уæхæн дессаг фæккастæй, цума сæбæл мегъæ бони хор æрбакастæй, уотæ. Загътонцæ: – Хан, нæ рæдуйис! А зæнхæбæл ка нæма райгурдæй, уæхæн æй, ай хузæн некæми ес, æма некæд фæууидтан; айдагъ æ конд дæр бери аргъ æй. Нивгун дæ, хан, фуртæн дин бæззуй æма дин сиахсæн дæр бæззуй. Гъема уæдта мийнасæ кæнун райдæдтонцæ. Цæйбæрцæ фæббадтайуонцæ,
363
ка ‘й зонуй, уæдта райарфæ кодтонцæ æма фæххæлеу æнцæ, дессагæн æй дзурдтонцæ. Хан æма æ бийнонтæ ба сæхуæдтæ байзадæнцæ æма цæрун байдæдтонцæ уæдта. Хан ин загъта: – Гъе нур æз базæронд дæн æма ку рамæлон, уæд мæ уосæ æма мæ кизгæ дзæгъæли нæ байзайдзæнцæ. Лæхъуæн хани бафарста: – Мæ куст ци уодзæнæй? Хан ин загъта: – Æма дæ ци куст гъæуй? Мах косун нæ гъæуй, ку нæ гъæуа, уæддæр иссердзинан, гъæуагæ нецæмæй ан, æма цæрæ! Æз ку рамæлон, уæдта мæ бунати уодзæнæ, уотæ берæ дæ бауарзтонцæ адæн еугурæйдæр. Гъема уæдта, хан ин куд загъта, уотæ цæрун байдæдта хани кизги хæццæ хецæн уати; хан æма æ уосæ цийнæ кодтонцæ, æма цардæнцæ, æма мийнасæ кодтонцæ. Еу кæми адтæй, уоми ба сиахс загъта ханæн: – Алцидæр хуарз, фал еу рæбун æгустæй бадун ба зин æй. – ‘Ма дæ ци куст фæндуй? – фæрсуй æй хан. – Цауæн кæнун мæ фæндуй; бæх мин ес, топп, егар æма рацæудзæнæн, æма ести ку рамарон, уæд хуарз, кенæ ба ревæдæй дæр æриздæхдзæнæн; цауæйнон æ алли цуди нæ маруй; кæд ести рамаруй, уæд хуарз, кенæ ба ревæдæй дæр æрцæуй. – Хуарз, – зæгъгæ, загъта хан, – фал еу ком ес гъæди, – баинæйамудта, кæми ‘й, уой, – æма еци коммæ макæд бацо, ревæд ку уай, уæддæр. – Хуарз, – зæгъгæ, загъта сиахс æма райдæдта цауæн кæнун. Алли цуди дæр кæми рæубес, кæми саг рамаридæ æма æриздæхидæ, æ фæсабæрцæ ниббæттидæ, ке рамаридæ, уой, æма идзагæй æрцæуидæ, æма йбæл цийнæ кодтонцæ бийнонтæ, «мæнæ нин Хуцау ку равардта», зæгъгæ. Алли бон дæр мардта æма хаста, æма уотемæй цардæнцæ. Еу бони кæми адтæй, уоми ба рандæй цауæни æма, гъæди кæми нæ фæххаудтæй, уæхæн нæ байзадæй, еци комæй фæстæмæ. Æ къохи неци бафтудæй, æма уæдта загъта: «Ревæдæй цæун мæ сæрмæ нæ хæссун æма бацæуон еци коммæ», – зæгъгæ, æма бацудæй еци коммæ. Куддæр бацудæй, уотæ æ рæзти гъæуанз æрбауадæй, æма ‘й фехста æма ‘й фæммард кодта; мард гъæуанз коммæ разилдæй; е ку разилдæй, уæдта фæффестæг æй, æхе рафест кодта æма гъæуанз гъуд кæнунмæ февналдта, ни ймæ цудæй, уотемæй. Уотæ рæхги ба еу зæронд уосæ фелвæстæй æма ймæ дзоруй:
364
– Æ мадæ, æ фидæ – куй, мæ гъог мин ка рамардта? – Е ба уæд фезонæг кодта æма ймæ фæстæмæ дзоруй: – Дзæгъæлдзорæ ма кæнæ, фал рауай æма дæ губун фезонæгæй бафсадæ! Æхе æрбахæстæгдæр кодта и уосæ æма ймæ дзоруй: – Æма мæнæ дæ куй ба? – Мæ куймæ дæу сагъæс нæййес, мæнæ хуссуй! – Мадта йбæл, мæнæ мæ дзиккой халæ, – æхецæй æй ратудта, – æма йбæл уой багæлдзæ! Халæ йбæл багæлста, æма куй хуссуй. – Гъе нур ба рацо! – Æма дæ топп ба? – Ку нæ дæ æхсон, уæд топп æхуæдæг не ’хсуй. – Нæннæ, – зæгъгæ, – тæрсгæ кæнун уæхæнæй, æма ин мæнæ мæ уæдæртæ æ цъухбæл æркæнæ! Уæдæртæ ймæ исгæлста, æма сæ е дæр æ топпи цъухбæл æркодта. Гъема ймæ уæдта зæронд уосæ æхе истардта æма ин æ фезонгутæ артæй фелваста еугурæйдæр æма сæ рахуардта. Дзоруй имæ лæхъуæн: – Гъæ, гиаур, куд тухгин дæ, еугурæй сæ ку рахуардтай фезонгутæ! Æма йбæл уæдта зæронд æхе ниццавта, æма фæгъгъæбесæй æнцæ; рахуæцæ-бахуæцæ фæккодтонцæ, æма зæронд уосæ и лæхъуæни бауæгæ кодта: – Гъæ, мæ егар, ци фæдтæ, дæ сæр мæ багъудæй! Егар фæллæуирдта æма, «мæхейбæл зæронд уосæбæл ниццæвон» куд загъта, уотæ ба æрдой халæ æфсæйнаг рæхис фестадæй, æма, æ фæстæгутæбæл ку фестидæ, уæд ин æфсæйнаг рæхис æ хорх æрбалхъевидæ, æма æ бон нецибал иссæй. Гъема уæдта зæронд уосæ хани сиахси æрхъан кодта æма ’й ранихъуардта еци уодæгасæй, уæдта ин æ бæх ранихъуардта, егари дæр ранихъуардта, æ гæрзтæ дæр. Гъе уæдта гъæуанзи мард раскъафта æма рандæй æ хæдзарæмæ. Æ каййестæ лæхъуæни фæххизтонцæ, æма некæмибал разиндтæй. Фаггузавæ кодтонцæ, уæдта хан загъта: – Æвæдзи, еци коммæ бацудæй, æма ’й уоми сайтан уосæ бахуардта, æма ’й цæмæй базонæн? Æма баунаффæ кодтонцæ, ниццæуæн еу къуаремæй и коммæ; базонæн ин æ бæрæг, кæд æй коми иссерианæ, зæгъгæ, æма ракъуар æнцæ; фæццудæнцæ еци коммæ, ниххизтæнцæ ймæ æма тоги æвдулæнтæ иссердтонцæ, æма си уæдта баруагæс æй, ке фесавдæй, е, æма ин марди æгъдау бакодтонцæ. Мадæ, фидæ æма е ’нсувæр æ фæдзæхстмæ гæсгæ кастæнцæ бæлæстæмæ,
365
æма кæстæр æнсувæр ку нæбал адтæй, уæдта бæласæ бахускъæ ’й, æма загътонцæ: – Лæхъуæн æгас нæбал æй! Хестæр æнсувæр хузæй дæр, алцæмæй дæр, æ дарæсæй дæр уотæ æнхузæн адтæй кæстæр æнсувæри хæццæ, æма син базонæн н ’адтæй. Гъема уæдта хестæр æнсувæр æ мадæ, æ фидæй ракурдта: «Гъе нур ба мæ рауадзетæ, æз ба ин æ бæрæг базонон», – зæгъгæ. Рацудæй æма йбæл надбæл фембалдæй еу лæг; загъта ин: – Дæ фæндаг раст, хуарз лæхъуæн! – Дæ гъуддаг раст! – загъта ин е дæр. Фæрсуй æй и лæхъуæни: – Кумæ цæуис, ци агорис? Загъта ин: Мæнæ мæнмæ æрбакæсæ, мæ бæхмæ дæр, мæ дарæсмæ дæр, уæхæн æнсувæр мин адтæй æма рацудæй дуйне фæууинунмæ æма некæмибал разиндтæй, æма уой агор рацудтæн. Е ба ин загъта: – Фæууидтон: дууæ бæхгини цудæнцæ еумæ аци надбæл, сæ еу зæронд лæг адтæй, иннæ ба раст дæу хузæн алцæмæйдæр; баевгъудæнцæ, æма нæбал базудтон, ци фæцæнцæ, уой. – Мадта аци надбæл цæуон! Хуцау хуарз æй, æма ’й кæд иссеринæ. Æма еци надбæл фæццæуй хуæнхтæрдæмæ æма бахъæрттæй, Хæлин Барæг æ хæдзарæмæ кæми раздæхидæ, уордæмæ. Еци надбæл бацудæй лæгæтмæ, æ бæх уоми бабаста æма ’й уоми ниууагъта, æхуæдæгга лæгæти буни хадзарæмæ ниххизтæй; кæсуй, æма си неке; дзоруй: «Ами ка ес», – зæгъгæ, æма ймæ неке дзоруй; æрзилдæй хадзари æма дугъосуг иссирдта æма йбæл дес кæнуй, «а ци дессаг æй», зæгъгæ. Æма бабæй, еци сæри хъаболæ ка ’дтæй, мæгур, е бабæй уомæ дæр разилдæй æма ’й фæрсуй: – Ци агорис ами? Загъта ин: – Мæ кæстæр, раст мæхе хузæн ка ’дтæй алцæмæй дæр, рацудæй дуйне фæууинунмæ æма фесавдæй, гъема уой агорун, уотемæй ардæмæ æрбафтудтæн. Сæри хъаболæ ин загъта: – Е ами адтæй; ардæмæ ’й æрсайдта хуæрунмæ еу лæг æма ардигæй раервазтæй; æз имæ разилдтæн æма ин загътон: «Æз дæр дæу хузæн лæхъуæн адтæн æма мæ бахуардта», æма мæ куд бахуардта, уой ин загътон, кафун ма бакомæ, зæгъгæ, æма фæммæстгун уодзæнæй æма æхуæдæг ирайгæ дугъосуги
366
билтæбæл кафдзæнæй, æма уæд, дæ бон ести ку уа, уæд æй къилдунæрдигæй агæмæ дæ тухæ-дæ бонæй расхуайæ æма уоми исфунх уодзæнæй, ду ба, зæгъгæ, фæййервæздзæнæ, æма, гъе уотæ бакодта, æма ардигæй дзæбæхæй рандæй, æма йбæл æндæр ескæми ести æрцудæй, æма ’й агорæ! Раинарфæ кодта сæри хъаболæн: – Ду ку н’ адтайсæ, уæд æ бæрæг нæ базудтайнæ, æма ди Хицау исарази уæд! Гъе нур ба рацудæй æма, хани гъæумæ ци над цудæй, уобæл бафтудæй, е дæр е ’нсувæри хузæн фæрсгæ-фæрсгæ рацудæй æма хани гъæумæ бахъæрттæй; уоми ба, гъæунги ку цудæй, уæд ибæл берæ адæн ниццийнæ ‘й, æгайтима разиндтæ, зæгъгæ, еуетæ ’й дзубандитæбæл дардтонцæ, иннетæ ба ханмæ хуæрзæнгорæггаг фæцæнцæ, мæнæ дæ сиахс фæззиндтæй, зæгъгæ, æма цийнæ кодтонцæ. Лæхъуæн ба æ зæрдтæй загъта: «Ме ’нсувæр ами фесавдæй», – зæгъгæ. Се ’гас дæр ин дзæгъæл адæм дзурдтонцæ: – Хан дин æ кизгæ ку равардта, уæд мах дæр уоми адтан æма дæ уомæй зонæн, фæддæуидтан. Гъема уæдта ханмæ рараст æй, æ зæрдтæй ба загъта: «Мæхе не сгъæр кæндзæнæн, цалинмæ бæрæг базонон, уæдмæ». Бацудæй хани тургъæмæ, æма ’й куддæр тургъи рауидтонцæ, уотæ ймæ тæхгæ рацудæй е ’нсувæри уосæ, æхе йбæл ниттухта æма кæуй. Хан дæр имæ рацудæй, хани уосæ дæр, мæнæ ма, зæгъгæ, нæ сиахс фæззиндтæй. Рафестæг æй уæдта æма медæмæ бацудæй, æма ’й хан фæрсуй: – Кæми адтæ нурмæ? Мах уотæ æнгъæл адтан, еци коммæ бацудтæ, æма дæ сайтан уосæ бахуардта. Загъта син: – Нæ-æ, – загъта, – æз уоци коми н’ адтæн, фал хаттæн, æма мæбæл байрæги æй, гъема нур ба æрбацудтæн. – Нæ ’й базудтонцæ, уотемæй æризæр æй, æрталингæ ’й. Хуссун афонмæ ку иссæй, уæдта ин хани кизгæ уотæ зæгъуй: – Цæуæн нур ба хуссунмæ! Хан дæр ин загъта: – Цотæ, фæллад дæ, æма дæ фæллад иссæуа. Рандæнцæ æма ку ниххустæнцæ, уæдта ймæ хани кизгæ дзоруй: – Ци кæнис? Цæмæн ниввардтай æхсаргард н’ астæу? – Маци ’нгъæл уо! Хуссун мæмæ цæуй æма кæд хуæздæр рахуссинæ, – зæгъгæ, уотæ ’й басабур кодта. Æхсæвæ æрбон æй. Рацардæнцæ уотемæй, æма алли ’хсæвæ дæр æхсаргард сæ астæу ниввæридæ. Гъе уæдта еу бон ханæн загъта: – Гъе нур æз цауæни цæун æма мин еци ком æнæбавзаргæ нæййес.
367
Хан ба ин загъта: – Ма кæнæ уотæ, мæнмæ байгъосæ! Ду уордæмæ ку бацæуай, уæд æнцонтæбæл нæ раервæздзæнæ. Æз дин раги ку фæдзахстон, еци коммæ ма бацо, зæгъгæ. Гъе нур ба дæ уотæ кæми фæндуй æма нæ лæууис, не ’гъосис, уæд ди корун, æма дæхе багъæуай кæнæ! Махæн ду ку нæбал уай, уæд нæ цард фехæлдзæнæй. Лæхъуæн рандæй цауæни; нæ бацудæй еци бон уоци коммæ, фал æрбамардта еу рæубес æма ’й изæрæй æрхаста, тургъи ’й ку рауидтонцæ, уæдта йбæл ниццийнæнцæ; сæумæ бабæй цауæни рандæй; гъæди хæтун райдæдта, æма йбæл дуйнебæл тæрхъос дæр нæбал рамбалдæй, гъема уæдта æхе меднимæр загъта: «Ревæдæй нæ фæццæудзæнæн, фал еци коммæ цæуон!» Бацудæй еци коммæ, æма ин еу сахат гъæуанз æ рæзти æрбауадæй, фехста æй, æма гъæуанз фæммард æй æма коммæ низзилдæй. Ниццудæй имæ, ний æвгарста, ракъæртт æй кодта æма ин æ хурфидзауматæй ухст байдзаг кодта, фезонæг фицуй. Уотæ рæхги ба зæронд уосæн æ цъес-цъес исервазтæй: «Ке мадæ, ке фидæ – куй, мæ еунæг гъог ка рамардта?» – æма ймæ хæстæг бацудæй. Лæхъуæн æй ку фæууидта, уæд имæ дзоруй: – Дзæгъæл гъæртæ ма кæнæ, фал, кæд æстонг дæ, уæд рацо æма бахуæрæ æма дæ хæдзарæмæ рандæ уо æнæ мастæй! Æхе меднимæр ба лæхъуæн загъта: «Мæ тоггини иссердтон, ме ’нсувæри мин ка бахуардта, гъейæ æй». Уосæ ймæ æрбахастæгдæр æй, ниллæудтæй, æма ймæ лæхъуæн дзоруй: – Ци ниллæудтæ? Рацо æма дæ губун бафсадæ æма дæ хæдзармæ рандæ уо! Зæронд уосæ ба ин загъта: – Æма дæмæ кутемæй бацæуон, мæнæ дæ егар дæ цори ку бадуй? Загъта ин лæхъуæн: – Ма тæрсæ! Мæ егар хуæцгæ нæ кæнуй, сабур бадуй æхецæн. – Мадта йбæл ме ’рдо багæлдзæ, – зæгъгæ, æма æ сæрæй еу æрдой халæ ратудта æма ймæ æрбалæвардта. Лæхъуæн дæр æй арти сæрти æрбайста æма ’й артмæ æргæлста, æма исцæх-цæх кодта, зæронд уосæ ’й райгъуста æма ’й фæрсуй: – Æллæх, е бабæй цæй цæх-цæх æй? – Дæ гъостæ æрхаудтæнцæ? Мæнæ фезонгутæ цæх-цæх кæнунцæ, сæ сойнæ цæуй. Зæронд уосæ ’й фæрсуй: – Дæ топп ба уæд?
368
– Мацæмæй тæрсæ! Ку дæ нæ фехсон, уæд дæ топп æхуæдæг нæ фехсдзæнæй. – Мадта ин æ цъухбæл мæ уæдæртæ бакæнæ, – æма имæ уæдæртæ æрбалæвардта. Лæхъуæн сæ усхъи сæрти рагæлста, æма коми сæ гур-гур иссудæй. Зæронд уосæй ’й фæрсуй: – Е бабæй цæй гур-гур æй, мæ уод мин ку рауайун кодта? Загъта ин: – Дæ гъостæ æрхаудтæнцæ æви ци? Мæнæ нæ дæллæйти сирдти æрдонг фæлледзунцæ, æма уони къæхти губар-губур æй. Æма си баруагæс æй æма ймæ бацудæй, фезонгутæмæ æваст фæллæбурдта æма сæ еци-еу хуæрд ракодта. – Æ, гиаур, куд сæ рахуардтай, æз ба ма ци бахуæрдзæнæн уæд? – загъта ин лæхъуæн. Зæронд уосæ ба йбæл ниххудтæй: «Уой ба дин нуртæккæ æз зæгъдзæнæн», – зæгъгæ, æхе йбæл ниццавта, æма фæгъгъæбесæй æнцæ; рахуæцæ-бахуæцæ кæнунцæ, æма си неке хъан кодта; лæхъуæн бафæлладæй æма уæдта дзоруй æ егармæ: – Гъæйдт, мæ егар, кæми дæ? Хуæцæ йбæл! Егар фæллæуирдта æма æ сæр зæронд уосæн æ сагæхти рацавта, æ дæндæгутæй ин æ губуни цъарæбæл фæххуæстæй, нийзилдта æма ’й фæууæсгоммæ кодта, хуæцуй ибæл, уотемæй. Дзоруй зæронд уосæ: – Хуарз дин фæууодзæнæн, æма мæ маргæ ба ма ракæнæ! Загъта ин: – Маргæ дæ уæд нæ ракæндзæнæн, ме ’нсувæри мин мæ рази æгасæй ку æрлæуун кæнай, уæд! Дзоруй имæ: – Æма де ’нсувæр ба ка ’й, ку нæ ’й зонун? Загъта ин: – Мæнæ мæнмæ æрбакæсæ, ме ’нсувæр алцæмæйдæр мæн хузæн адтæй æма ардæмæ æрбафтудæй, æма ’й ду бахуардтай. – Мадта мин мæнæ мæ кæстæр æнгулдзæ ракъæртт кæнæ, æма уордигæй ралæуердзæнæй æхуæдæг дæр, æ бæх дæр, æ егар дæр, æ гæрзтæ дæр. Фæкъкъæртт ин кодта, егар ибæл хуæцуй, уотемæй зæронд уосæн æ кæстæр æнгулдзæ, æма ралæуирдтонцæ лæхъуæн дæр, бæх дæр, егар дæр. Ку ралæуирдтонцæ етæ, уæдта зæронд уосæ лæхъуæни фæрсуй: – Гъе нур ма ми ести агорис? – Нецибал, – зæгъгæ, загъта ин æма е ’хсаргард фелваста æма ин æ сæр рахаун кодта еци-еу цæфæй.
369 24* Заказ №1424
Гъе уæдта дууæ лæхъуæни кæрæдзей æрфæсмардтонцæ æма кæстæр загъта: – Ох, ох, куд берæ фæххустæн! – Никкидæр ма фæххустайсæ, фал аци æнамонд гиаур зæронд уосæбæл исæмбалдтæн, æма дæ уой кæстæр æнгулдзæй рахезун кодтон, байкъæртт кодтон, уотемæй. – Мадта амæн æ сæр ба кæми ’й? – Фæззилдæй дæлæ коммæ, раинæйхаун кодтон æхсаргардæй. Гъе уæдта дууæ æнсувæри æрдзубанди кодтонцæ, сæ хабæрттæ кæрæдземæн æрдзурдтонцæ кæрæй-кæронмæ, куд адтæнцæ, уотæ. Рацудæнцæ æма хани тургъи æрфестæг æнцæ. Расæмæуадæнцæ æма сæбæл дес кодтонцæ, куд дессаг æнхузон æнцæ, зæгъгæ. Гъема уæдта кæстæр æнсувæр æрдзубанди кодта сæрæй-бунмæ, цитæ бавзурста æхуæдæг æма ’й æ хестæр æнсувæр куд фæййервæзун кодта, æма загъта ханæн, хани уосæ æма æхе уосæн дæр: «Сумах ба ’й уæ сиахс æнгъæл адтайтæ», – зæгъгæ, æ хестæр æнсувæр æма æ уосæй дæр аразийæй байзадæй, сæ астæу ке неци æрцудæй, уомæй. Хан сæбæл фæццийнæ кодта, кувд искодта æма дуйней адæм æрхудта; кувди хестæр æнсувæр æ киндзи хуæрæ искодта æма загъта: – Абонæй фæстæмæ мæ киндзæ ме ’нсувæр-хуæрæ уодзæнæй, мæнæ нæ рази ка лæууй æма ке уинетæ, еци киндзæ, хани еунæг кизгæ. Кувди адæмæн æхцæуæн адтæй æ унаффæ, æма ин райарфæ кодтонцæ. Рацардæнцæ уоми, уæдта еу кæми адтæй, уоми ба дууæ æнсувæри ханæн загътонцæ: – Гъе нур ба, нæ мадæ ’ма нæ фидæмæ фæццæуæн, фæссæуинæн, уæдта дæ сиахс фæстæмæ раздæхдзæнæй, æма кæрæдзей зондзинан, уæ дууетæ дæр мах айтæ, æма уæмæ кæсдзинæн. Хан исарази æй, расинарфæ кодта, ке фæййервазтæнцæ æма фиди дæр ке нæ иронх кæнунцæ, уой туххæй. Æма рандæнцæ дууæ æнсувæри, киндзæ дæр сæ хæццæ, уотемæй, æма иссудæнцæ сæхе мадæ æма фидæмæ. Зæронд мадæ æма фидæ цийнæ кодтонцæ сæ дууæ фуртебæл, сæ киндзæбæл дæр, сæ цийнæн кæрон н’ адтæй. Уотемæй цæргæй байзадæнцæ æма абони дæр цæрунцæ. Уони ци нæ фæууидтан, æндæр рун, æндæр нез нæмæ ма ’рцæуæд… ИАС, Дедегкати Дзанболат. «Таурæхътæ æма аргъæуттæ», Дзæуæгигъæу, Ир, 2008 анз, 186-202 ф.
370
ЦÆРГÆС Кæло имонау сувæллон адтæй æ ниййергутæн. Етæ сæ еунæг фурти хъæбæр берæ уарзтонцæ. Кæло дæр берæ уарзта æ мадæ, æ фиди. Уотæ-еу зæгъидæ Кæло сувæллонæй æ ниййергутæн: – Нана, баба, æз сумах хъæбæр берæ уарзун… Мæнæ уæ аци хæдзари дзаг уарзун. Ку фæгъгъомбæл æй, уæдта ма æ дзурдтæбæл бафтудта: – Мæхецæй дæр уæ фулдæр уарзун… Мæлæтмæ ку æрцæуа рæстæг, уæд æз ратдзæнæн сумах туххæй ме ‘нагъон цард… Раййисафдзæнæн сумах сæраппонди. – Æрхъæрттæй еци дзурдтæн се ‘нхæстгæнæн рæстæг. Бæрзонд хонхæй ратахтæй лигъз будуртæмæ еу зæронд цæргæс. Æрбадтæй е авд надей астæу, кастæй нæдтæмæ мæгурвæлгæсæй: æ базуртæ æруагъта дæлæуæз æ зæнгитæмæ; æнкъард æй мæлæг маргъи гъæр, гъæрзунау хъуахъ-хъуахъ кодта алли цæуæгмæ дæр. Гъуди дæр æй неке кодта, æмгæрон дæр имæ неке цудæй. И нæдтæбæл ба цудæй алли хузи адæм. Цудæнцæ уонæбæл зæрæндтæ, нæугутæ, сувæллæнттæ, гъонбæлтæ; хъалтæ, бонгинтæ; силгоймæгтæ, нæлгоймæгтæ, лæхъуæнтæ, кизгуттæ – цудæнцæ, цæргæси гъæрзунмæ ба æ гъос неке дардта. Цæргæси хъуахъ-хъуахъ дæр не ‘нцадæй – гъæрзтæй æрдæг асæст гъæлæсæй: – Æз дæн зæронд цæргæс, судæй мæлун; æстонг, æнæхуæргæй мæ нифс рамардæй, мæ хъаурæ басастæй, мæ тухæ рахаудтæй. Мæ замани адтæн æгас адæмтæн сæ дарæг… Кадæр мæ бафсада, – баинæйфеддзæнæн, нæ ‘й феронх уодзæнæн. Цæугутæ раевгъуиуонцæ цæргæси рæзти, цума ‘й нæ уидтонцæ, не ‘гъустонцæ цæргæси гъæрзун, уотемæй. Уалæнги астæугкаг надбæл фæццæйцудæй сувæллæнтти къуар. Цæргæс уонæмæ дæр нидæн гъæлæсæй ниууаста, æхуæдæг ба сæмæ и надæрдæмæ гакки-маккитæй рацудæй, киудтитæгæнгæй. Сувæллæнттæ еци-еу гулфæй сæхе бакалдтонцæ цæргæсмæ, æрæйахæстонцæ, дууемæй ин æ базуртæ хæрдмæ исивазтонцæ, ра’й худтонцæ сæ надмæ сæхецæн æмбалæн. Уæд сæмæ и цæргæс фæккомæги ‘й, дзоруй сæмæ адæймаги гъæлæсæй, æвзагæй: – Æз адтæн æгас дзиллити дарæг цæргæс. Нур ба базæронд дæн, æстонгæй
371
батухстæн, сæнæхъаурæ дæн… Естæмæйти мæ бафсадетæ, мæ хортæ, уæдта уин, мусийнæ, æз дæр еци хуарз нæ феронх кæндзæнæн… Кæддæр ми цидæр корайтæ, е уин уодзæнæй… Æрмæст мин-еу мæ кой искæнетæ, – исдзордзинайтæ-еу: «Зæронд цæргæс, кæми дæ? Дæ сæр нæ багъудæй». – Сувæллæнттæ æрбалимæн æнцæ цæргæси хæццæ, ниццийнитæ æнцæ æнахур дессаг – æмбесæндтаг маргъбæл, хъуритæ, батæ ин кæнунцæ, сæ фæндаггæгтæ ин æ гъæлæси тъунсунцæ. Æстонг цæргæс дæр сæ зудæ къурццитæй (хъурццитæй) лæперуй, нихъуæруй фидæй, дзолæй, сойнифунхæй. Цæргæс æхе никъкъæбот кодта, (бафсаста), æхе бацагъта, æ базуртæбæл æ зулун-къæлæт финдз радаудтитæ кодта æма игъæлдзæгæй фæццæуй надбæл сувæллæнтти æмдзойæй. Уæд дин Нæрæмон дзоруй цæргæсмæ, æнахур дессаг иуазæгмæ: – Зæронд цæргæс, дæ гъазæнти рагъазай-ра, кæд ма дæмæ дæ лæги гъæдтæй ести ес, уæд! Сувæллæнттæ над равардтонцæ цæргæсæн. Цæргæс дæр рафæлгæститæ кодта æ фæрстæмæ, æ базуртæ бацагъта, еуæртæ-цуппар гæппи ракодта æрдæг æргъувд базуртæй, уæдта ниппæррæст ласта æма ниййаууон æй цъæх арви æрттеваги сау гъæди сæрти хуæнхтæмæ. Сувæллæнттæ дессаг, æмбесæнддаг маргъи фæсте кæсунцæ, уинунцæ, е аййев зелæнтæгæнгæй, сæ сæргъæй идардæй-идарддæргæнгæ куд цудæй, уой. Сувæллæнттæ кæсгæ байзадæнцæ сæ медбунат нади лигъзбæл. Нæрæмон сæмæ дзоруй: – Гъæла адтан æма нин зæронд цæргæс нæ фæндаггæгтæ исцъой кодта… Мæнгард, æнæдзурд зæронд нин нæ фæндаггæгтæ расайдта, рахуардта сæ, нур ба е æфсестæй æ гъар хæдзари исбадтæй, мах ба ами авд надей астæу, будури лигъзи, судæй мæлгæй байзадан… Цотæ нур ба ин æ думæгбæл цæнхæ никкæнетæ!.. – Зæронд цæргæс, кæми дæ? Дæ сæр нæ багъудæй, – мæстгунæй дзоруй Кæло. Дуйней ниррохс æй – хортæ, мæйтæ фæззиндтæнцæ. Думгитæ уалæнги низмалдæнцæ. Сау гъæди сифæ æгъзæлуй; зæронд бæлæстæ æд уедæгтæ сæ бунтæй хъантæ-хъелтæ кæнунцæ. И сувæллæнттæ авд надей астæу, будури лигъзи, кæрæдзебæл дзугуртæ-дзугуртæй никкалдæнцæ. Цæргæс æртахтæй æма сæмæ дзоруй игъæлдзæгæй: – Ци ми кæнтæ, мæ хæлар лимæнтæ?!.. Мæ сæр уæ цæмæн багъудæй?.. Сувæллæнттæ никъкъех æнцæ, – нæ си æруагæс кодта цæргæси уиндæ. Уæд имæ Кæло дзоруй: – Нæ хъазар лимæн, уадæндзо цæргæс! Мах дæр фæндуй, ду кæмити зелис, цитæ уинис, уонæми хæтун, уони фæууинун… Кæд дæ бон, дæ хъаурæ ести æй, уæд нин еци бæстити, денгизти фæууинун кæнæ.
372
– Хуарз. Е мæнæн хъæбæр æнцон æй. Рабадетæ еугурæй дæр мæ базуртæ, мæ фæсонтæбæл æма сæ фæууиндзинайтæ. Сувæллæнттæ сæхе бакалдтонцæ цæргæси усхъитæмæ. Цæргæс ниппæррæст ласта еци-еу пæррæстæй, арви кæрæнтти æрзилдæй æртæ хатти, фæууинун кодта æ ервæзунгæнæг сабийтæн æгас дуйней будуртæ, гъæдтæ, хуæнхтæ, денгизтæ, сахартæ, гъæути, уæдта сæ æрбайвардта сæ бунати дзæбæх, игъæлдзæгæй. Сувæллæнттæ хъæбæр боз фæцæнцæ сæ дессаг иуазæгæй æма дзурдтонцæ, цæмæй е æрцудайдæ уонæмæ, сæ гъæумæ, иуазæггади, уой. – Иуазæг зин дарæн æй, цæмæн уæ гъæуй? Зин уин уодзæнæй мæн байуазæг кæнун. Æз цæрун адæмæй, хуæрун адæймаги фид… Æндæр мин бафсæдæн нецæмæй ес. Æндæр хуæруйнаг мин асхуæ нæ хуаруй (æндæр хуæруйнаг мин уотæ нæ тайуй, зæрдæ нæ даруй). – Рацо нæмæ… адæймаги фид дæр дин иссерæд дæ фусун… Кæд махæй æй, уæд… – исдзурдта сувæллæнтти номæй Кæло. – Арази, арази, Кæлой загъдбæл арази! Адæймаги фидмæ кæд уотæ æрмарæхст (тулаваст) дæ, уæд дин махæй фусун ка уа, е дин æхуæдæг хуæруйнаг, – исдзурдтонцæ сувæллæнттæ æмгъæлæсæй. Кæло хъæбæр фудхуз сабий адтæй æма æнккæтемæй гъæрдæрæй дзурдта. Е некæд æнгъæл адтæй, адæми фидхуар цæргæс уой хузи некуцонмæ ке бафусун кæндзæнæй, уой. – Арази, – загъта зæронд цæргæс. – Фæууæд, сумах куд зæгъетæ, уотæ. Цæун уæмæ ахсæви иуазæггади… Мæ фусун ба фæууæд Кæло. Сувæллæнттæ райарфæ кодтонцæ цæргæсæн. И лимæнтæ уайтагъддæр рартæстæнцæ кæрæдземæй. Дууæ изæрей æхсæн сабийтæ æриздахтæнцæ сæ хæдзæрттæмæ игъæлдзæгæй; æнкъардгомау адтæй айдагъ Кæло. Цæргæс дæр ниффардæг æй æ хæтæнтæмæ. Раст æмбесæхсæвæ. Адæм бацудæнцæ сæ тарф фунти. Бæститæ нийдзулдæнцæ. Сабийтæ сæ дессаг иуазæги æрцудмæ сæхе цæттæ кæнунцæ: хæссунцæ Кæлой хæдзарæмæ алли хузи хуæруйнаг, ниуазуйнаги дзæбæхтæ. Хæссунцæ хъаз, бабузти, карк, гогузти мæрдтæ; æстор, фуси, уæри мæрдтæ; сæ цитгин иуазæги æрцудмæ фингæ аразунцæ. Цурхунцæ йбæл сойнифунхæй, æхцинæй, фидгунæй дунейтæ. Уæд уоми айкæй, цигъдæй, хъалиатæй ци адтæй!.. Банимайæн син нæййес! Сæ цитгин иуазæги æхсæвæр гъæуама уа хъазар… Уалæнги цæгатон æфтуйæнæй цæргæси базурти сæр-сæр игъусун байдæдта. Уой фæдбæл æрбадумгитæ кодта. Медгъæу зæронд каутæ, горентæ, хæдзæрттæ, игонвæрстæ, уæрдундæнттæ, саратæ хъантæ кæнунцæ, къæркъæр, дзæгъ-дзæгъгæнгæй сæ хурфи кæлунцæ. Унгтæ байдзаг æнцæ скъæтти
373
æмбæрзæн гъæмпæй... Думгæ-уади æскъотт æма цъес-цъесæй устур таси бацудæнцæ баргъонтæ, балæстæнцæ фæйнæ къумеми. Айдагъ сувæллæнтти къуар игъæлдзæгæй æмбурд кодтонцæ Кæлой хæдзарæмæ: сабийтæ тундзунцæ уордæмæ æд хуæруйнæгтæ се’ уазæгбæл рамбæлунмæ. Цæргæс дæр устур ампъезтæгæнгæй исмедæг æй Кæлой хæдзари, сабийти æмбурдмæ. Цийнитæ кæнунцæ сабийтæ сæ нæртон дессаг иуазæгбæл, хинцунцæ ‘й алли дзæбæхагæй. Фæсахсæвæрти цæргæс æ къембур расæрфта, æ базуртæ бацагъта æма еци-еу пæррæстæй хæдзари тугургъæдæмæ истахтæй æма æрбадтæй уобæл æхсæвеуат кæнунмæ. Сувæллæнттæ райарфитæ кодтонцæ се ‘уазæгæн, сæ кæрæдземæн æма сæ хæдзæрттæмæ рандæнцæ. Хæдзари æризадæй Кæло еунæгæй, хуссæг æй нæбал ахæссуй, бадуй медтъæригъос, артæнгæрон. Тъæригъоси ба æхседарф фунукæй цъетуй нидæнгомау. Ци рацудæй, уæдта и цæргæс æртахтæй æ бадæнæй, исцудæй Кæломæ æма ймæ дзоруй. – Мæ фусун, дæ цитæ, дæ намусæй дин æз дæн боз, фал судæй мæлун… уæ хуæруйнæгтæ мин неци асхуæ (æхсонхуæрдæ) дарунцæ, – адæймаги фидбæл ахур дæн æхсæвæрæн. – Мæнæй ци стонай, уæхæн мæбæл нæййес… Нæрæмонмæ дæ цæун гъудæй æхсæвеуати, – е хъæбæр нард тумбул биццеу æй. Æрба дин æй хонон? – Нæ… Дæхе дин хуæрун… – Мæн бæсти ба дин мæнæ нæ медæггаг уати мæ мадæ, мæ фидæ – заманай нард дæнгæлтæ… уони бахуæрæ. Кæло æвдесуй æ ниййергути цæргæсæн. – Уинис, цæхæн тохъулитæ ‘нцæ? Хуæрæ, кæд æнæ адæймаги фид нæ лæу уис, уæд; мæнæй ба дин, ци сцъирай, уæхæн тоги тъинкк дæр ку нæ ратæдз дзæнæй. Æнæдзоргæй дуйней фегъуста Кæлой дзурдтæмæ æма загъта: – Мæлæти сахат исбæрæг уй адæймаги уарзæг… Цæргæс дæр æринкъард æй æма загъта: – Мах хуæдмæлхуартæ дæр ма сæ ниййергути, се ‘мæстæг, се ‘мтог мæргъти фид нæ хуæрунцæ… Нийфинста Гарданти Михал. Райдзурдта Гецати Тотурухъ, октябрь, 1930 анз. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 163–6, 51 п., 81–93 ф.
374
ЦÆРГÆС, АЛТУР ÆМА АЛТА Раги ‘ма раги Нарти зæнхæбæл цардæй еу мæгур лæг æма мæгур уосæ. Сæ зæруæрдæмæ уонæн райгурдæй фурт. Цийнæ кодтонцæ и зæрæндтæ сæ фуртбæл. Æртиккаг бон и мадæ æма фидæ сæ хецонти хæццæ и сувæллонбæл исæвардтонцæ ном – Алтур. Сувæллон Алтур тагъд райрæзтæй, ралæг æй, цауæнти цæунгъон рацæй. Цауæни ку рацудайдæ, уæд адтæй устур æнтæстгун, ерисхъæгун, æ хæдзарæмæ æрцæуидæ алли хатт дæр идзагæй. Дуйнетæбæл адæмти ‘хсæн æ кой райгъустæй, æ бæгъатæр, е ‘нтæсгуни хабар. Алтур иссæй адæмти ‘хсæн номдзуд лæг, æма ин етæ æ номбæл бафтудтонцæ нæртон æма бæгъатæри ном. Уотемæй Алтур адæмти ‘хсæн хуннун райдæдта Нæртон Бæгъатæр цауæйнон Алтур… Еу хатт кæми адтæй, уоми Нæртон Бæгъатæр зумæгигон сæумæй раги ранæхстæр æй цауæни. Адтæй зумæгон гъист сæумæ. Мет къæхти буни хъæс-хъæс кодта. Зæнхмегъæ, æмбогъулатæ гæнгæй, хъунхъултæй лæстæй денгизтæй хуæнхтæмæ. Нæртон Бæгъатæр цауæйнон Алтурæн æ къæхтæбæл гъар æркъетæ, æ сагъæдахъ, æ хъæма, æ къæсмустæ æ фæрстæбæл, уотемæй раст бони фæцъцъæхи хæццæ гъæди пазбунгъойти фæммедæг æй. Уоми ба дин еу æхсæри къотæррæбун – цæргæс. И цæргæс хъæбæр батухстæй – баргъæвстæй уазалæй, æ базуртæ æруагъта, тæхунгъон нæбал адтæй: уазал æма ‘й æстонг унгæги бакодтонцæ, æр æй ахæстонцæ, «хъадамай» æй бафтудтонцæ. Нæртон Бæгъатæр бацудæй цæргæсмæ, исиста æй æ къохти: цæргæс фур тухстæй æзмæлун дæр нæбал фæразта. Ракæсæ-бакæсæ кæнуй Нæртон Бæгъатæр сагъæстæгæнгæй и цæргæсмæ. Æргъæвст цæргæс дæр æнкъардæй кæсуй Алтурмæ: е æзмæлунгъон нæбал æй уазал æма æстонгæй. Пакъуй уæзæ дæр имæ нæбал ес. Дууæ бæгъатæри кæсунцæ сæ кæрæдземæ æнæ ести дзоргæй. Уалæнги и цæргæс фæккоммæги æй Алтурмæ æма имæ дзоруй адæймаги æвзагæй: – Нæртон Бæгъатæр, ду дæ номдзуд цауæйнон Алтур. Дæ кой игъусуй айдагъ нæ зæнхон адæмти æхсæн нæ, фал ма сирдтæ, мæргъти æхсæн дæр.
375
Сирдтæ ди тæрсгæ кæнунцæ, адæмтæ дæ уиндæмæ бæллунцæ, мæ хузи мæргътæ ба дæмæ æнгъæл кæсунцæ: алли ком, алли мæскъæ дæр фидæйдзаг дарис, уомæй ба айдагъ адæмти нæ, фал ма мæн хузи тухст мæргъти дæр æфсадис. Кæми рафецауай ду, уоми дин æнæдон мæскъити дæр дон уайуй, цард дæ фæдбæл ивулгæ цæуй. Æз хъæбæр батухстæн ехæн æма æстонгæй, мæлæтмæ æрифтудтæн, байазæ мæ, уæдта дæу дæр мæ сæр ку багъæуа, уæдта дин æз дæр ами уодзæнæн, – мæнæй дин мæгур ма загъдæуæд… Фæддин агъаз уодзæнæн, мæ бон ци уа, уомæй. Батавæ мæ, бафсадæ мæ; дæхуæдæг ба мæнæ мæ базурæй еу сес ратонæ, уой дæ сиудони дарæ; ку дæ багъæуон, уæдта и сеси уæлгоммæ-еу фæххатæ, уæдта дæмæ зиндзæнæн. Нæртон Бæгъатæр Алтур пихси фæммедæг æй, уоми еу нард тускъа æрбамардта, хускъæ къæдаруатæй циргъ арт ракодта, сирди мард ракæстау кодта æма устур арти фарсмæ фезонгутæй хинцуй е ‘уазæги, æхуæдæг дæр сехуар кæнуй уой хæццæ. Арти фарсмæ, гъармæ цæргæс æрæскъиттæй; æхе дзæбæх бафсаста Алтури хæццæ, уæдта æ базуртæ бацагъта æма, арви талингити зелæнтæ гæнгæй, ниффардæг æй. Бæрзонд арвæй Алтурæн рагæлста æ базури сес – лимæни бæрæггæнæн. Е дæр æй æ сиудони баивардта. Фæссехуар Нæртон Бæгъатæр цауæнти хæтунмæ ранæхстæр æй. И бони гъæдæ адтæй гъæздуг æма хуарз. Изæрæй æ мадæ, æ фиди хæдзарæмæ æрцудæй идзаг армæй, æрхаста син æ хæццæ сæдсугон сиугин саги мард. Сагæн æ уæлдар адтæй хъали къохи бæздæн. Æхсæвæр хуæрунцæ фæрнгун бийнонтæ уæраги хъанз æма саги уæлдарæй. Уæд мадæ дзоруй и фидæмæ: – Нæ зæронд, куд дæмæ кæсуй, нæ сабийæн бийнойнаг агорун афонæ нæма æй? Кæдмæ хæтдзæнæй æнæ бийнонтæй? Фидæ баходæзмолтæ кодта æма, Алтурбæл айуангæнгæй, загъта: – Афонæ ‘й, афонæ, Алтур хумæтæги лæг нæй, Бæгъатæр æй, Алтай рæсугъди ин аккаг кæнун æз. – Алтур, Алтай рæсугъд фæууæд дæуæн дæ Дигори хай. – Устур уаргъ мæбæл æривардтайтæ, мæ ниййергутæ!.. Нур ба, сумах ке зæгъетæ, уомæн æнæ бакæнун нæбал ес… Кенæ – цæргæ, кенæ ба – мæлгæ. Алтайæй мæ мæстæй маретæ, æма Алтабæл мæ амонд бавзардзæнæн… Æна, сæумæ мин мæ хæццæ фæндаггаг… Æхсæвæ бийнонтæ хуссунцæ. Мадæ балæдæрдтæй æ фурти дзурди æздæх, циуавæр балци цудæй, уой æма ин бацæттæ кодта рагъæн рæуæг, хъæстæн дзæбæх ка адтайдæ, уæхæн хуаллаг – фæндаггагæн. И фæндаггаг
376
фазон хурдзинти дзæбæх бафснайдта, уони ба рагъæнбæл æфснайд байауигъта. Сæумæраги Нæртон Бæгъатæр – Алтур райста æ цауæйнон гæрзтæ, фæндаггаг, ке некæд хаста, уой, æма ранæхстæр æй Ахуай бæрзондмæ Алтамæ уосгорæги. Ци рацудæй, уæдта æрбахъæрттæй Ахуай бæрзондмæ. Кæсуй уордигæй æма уинуй: Ахуай хонх, куд дæлæмæ, уотæ æвзæгтæ-æвзæгтæгæнгæ цудæй æма уотемæй æхе рауагъта Ирæфмæ. Уонæй еу æвзагаубæл адтæй Алтай мæсуг. Алтур бæрзондæй еци мæсуг-рæбунмæ е ‘хсæвеуат æрхаста. Уоми еу устур дор-рæбун æрбунат кодта Нæртон Бæгъатæр. Раизæр æй. Мæсугæй ракæсæг нæййес, æстуф дæр си не ‘гъусуй. Æрмæст цъетуй уой къæразгæй нидæн фæлмæн рохс. Нæртон Бæгъатæр мæсуги дуар тæрсгæ-резгæй бахуаста. Дуар зæлланггæнгæй байгон æй æма дин уордигæй ба, æ конд, æ уиндæн нæ, уæхæн кизгæ ракастæй, ходæзмолтæй дзоргæй: «Уой, æгас цо, Нæртон Бæгъатæр, ацал-ауал бони æз дæу ку фæххизтон, иуазæг ку дæ, медæгмæ». Нæртон Цауæйнон цийнитæ гæнгæ бацудæй Алтай Мæсугмæ. Æнæ арт, æнæ цирагъ хæдзарæ Алтай цæсгоми рохсæй исрохс æй: Алтайæн æ уадæлттæй хортæ худтæй, æ дæлуахъуртæй ба – мæйтæ, æстъалутæ гъазгæй æрттивтонцæ. Е ба дин уæхæн адæймаг, уæхæн кизгæ… Кизгæ ба дин кизгæ, сугъзæрийнæ… Хорти æхсæн – хор, мæйтæ, æстъалути æхсæн – мæйæ, кенæ ба – Бонвæрнæ… Æ зæрдæ барохс æй лæхъуæн-лæг Алтурæн. Æ зæрдæ имæ гъазуй. Æхсæвæй ци сцудæй, уæдта мæсуги фарсæй хуарз арæзт хуссæн ратулдæй æма фæрсрæбун хуссæгагор æрлæудтæй. Уалæнги Къоли сæрæй хуæдзелгæ фингæ идзагæй хуæрдæ, ниуæзтæй Алтури размæ æрцудæй. Алтур идзаг фингæ æрбайста æ размæ æма Алтайæн балæдæрун кодта æхсæвæри разæй æ хабар. Алтай рæсугъд дæр ин загъта: – Ацал-ауал бони æз дæр дæумæ æнгъæл фæккастæн; дæу фæххизтон, фал дин кæнун ихæсау æмгъуд – æртæ хатти мæнæй дæхе римæхсун бафæразæ. Ку нæ дæ иссерон, уæд бæззис мæнæн сæри хецауæн, на æма дæ иссердтон, уæдта дæ тæрегъæд дæхе, – дæ сæр дин æркъуæрдзæнæн. Ракæсæ уартæ мæ галауанмæ: уой мехти циргътæбæл ес сæри æстæги хъаболтæ. Етæ æнцæ мæ коргути сæрти хъаболтæ. Сæхе ми римæхсун нæ бафæразтонцæ, æз дæр син сæ сæртæ ракъуæрун кодтон æма сæ мæ кегъоги кауи мехти циргътæбæл æрцавтон: мæ рази се ‘хæс не ‘сæнхæст кодтонцæ. Дæуæн дæр еци дзурд: кæд дæхе баримæхсун бафæразай мæнæй æртæ хатти, уæд уасхæ не ‘хсæн, æз – дæ бийнойнаг! На, æма нæ бафæразтай мæнæй
377
дæхе римæхсун æнгъуди бæнтти æртæ хатти, уæдта дæ тæрегъæд дæхе, дæ сæр уодзæнæй къуæрд, æма цавд уартæ сæдæймаг, фæстаг кауи мехбæл. – Фæууæд, – загъта Нæртон Бæгъатæр æма кæрæдземæн нæртон Уасхæ равардтонцæ, кæрæдзей ке нæ фæссайдзæнæнцæ, уобæл. Æртæ хатти фингæ исревæд кодта Алтур. Æрбон æй. Алтай рæсугъд æризадæй æ мæсуги, Нæртон Бæгъатæр ба рандæй æхе римæхсунмæ. Фæццæйцудæй Алтур Ирæфи билтæбæл. Æ цудæй-цæугæй æ зæрди æрбафтудæй æ лимæн цæргæси фæдзæхст. Æрхъæрттæй Моргæмæ, Уасгергибæл æхе бафæдзахста, æ сиудонæй цæргæси базури сес исиста, уæлгоммæ ‘й фæххатта æма и цæргæс сурсургæнгæй æ сæргъи æрбалæудтæй æма имæ гъазгæй дзоруй: – Ци ми кæнис, мæ ервæзунгæнæг? Мæ сæр дæ цæмæн багъудæй? Æз цæттæ дæ хæццæ цæрунмæ дæр, мæлунмæ дæр… Нæртон Бæгъатæр ин æ хабар æрдзурдта лæмбунæгæй. Цæргæс ин загъта: – Ма тæрсæ, æз дæ баримæхсдзæнæн уæхæн арфи, ‘ма дæ Алта нæ, фал уæлиуонæй некебæл иссердзæнæй. Рабадæ мæ базурти æхсæн. Нæртон Бæгъатæр еци-еу тæррæст бакодта цæргæси фæсонтæмæ, æрбадтæй цæргæси хъуррæбун, уой базурти æхсæн. Цæргæси гъар пакъутæ æрбамбарзтонцæ Алтури æма уоми æрбафунæй æй, хуссуй æрхунхустæй. Цæргæс низзелæнтæ кодта Алтай мæсуги сæрти, ’ма файйаууон æй арви талингити. Цæргæс тæхуй хуæнхтæ, денгизти сæрти, фæххæссуй Алтури денгизи сакъадахмæ, уоми ‘й æривардта еу бæрзонд сæрсаст мура бæласи буни сау къæдзæх рæбун, æхуæдæг ба фæстæмæ ниффардæг æй. Алтур бæласи мурай балæстæй æма уоми æ фæндаггæгтæй рахуардта, уæдта фæсалтæй æхецæн гъар листæн байтудта æма ибæл æхе рауагъта. Æнгъуди бони Алта агорун райдæдта Алтури æма ‘й кæми еруй?! Æрæгиау Алта æрбайста æ зонæнгин айдæнæ. Айдæнæ ин æ рази æривардта дуйнейи æд цæргутæ: адæмæй, фонсæй, маргъæй, кæсалгæй, калмæй… Ракалæ-бакалæ сæ кæнуй Алта, кæсуй сæмæ листæг æма нæ еруй Нæртон Бæгъатæри. Исгузавæ ‘й. Æртиккаг бон Алта æ зонæнгин айдæнæ денгизти сакъадахтæмæ исаразта. Кæсуй гъæдбунтæмæ, лæгæттæмæ, къæдзæхтæмæ, бæлæсти муратæмæ.’Ма дин денгизи сакъадахи сæрсаст бæласи мурай бауидта Алтури. Алтур уоми дæргъæмæй лæууй, æ цауæйнон гæрзтæ æ фарсмæ, уотемæй.
378
Ниццийнæ ‘й Алта æма дзоруй Алтурмæ: – Ци ‘й а, сувæллони римæхсæнгæтти ку гъазис…Æз ба дæ æцæг уосгор лæхъуæн æнгъæл ку адтæн. Кæд лæг дæ, уæд дæхе римæхсун базонæ! Дæ сæр гъæуай кæнæ! Уасхæ не ‘хсæн æй, – дæ сæр къуæрд уодзæнæй, дæхе римæхсун ку нæ базонай, уæд. Нæртон Бæгъатæр еунæгæй хъæбæр батухстæй дзæгъæл бæсти, исиста цæргæси сес æ сиудонæй, уæлгоммæ ‘й фæххатта æма арви æрттевæгау æ сæрти æрбагъазта и цæргæс, игъæлдзæгæй æ рази февзурстæй æма имæ дзоруй: – Мæ сæр дæ цæмæн багъудæй, ме ‘зæди хай? Алтур ин æрдзурдта æ хабар. Цæргæс райста уордигæй Алтури, фæ ‘й хаста авд денгизей сæрти, авд денгизи еу кæми кæнунцæ, уордæмæ. И денгизтæ сæ еугæнæни зелæги зелунцæ, еци зелæн хъуми буни ба устур дор, и дори буни ба бадуй денгизти æлдар – Сугъзæрийнæ кæсалгæ; уомæ ‘й бахъæртун кодта æма ‘й уой хъури рауагъта, æхуæдæг ба и цæргæс фæстæмæ гъазгæ ниффардæг æй. Алтай рæсугъд нæуæгæй æ зонæнгин айдæнæ æрбайста, ракæсæ-бакæсæ си кæнуй дуйнеймæ, агоруй гъæдти, хуæнхти æ уарзон Алтури. Нæртон Бæгъатæр ба фæддунд æй: æ кой, æ гъæр уæлзæнхæбæл нæбал ес. Сагъæсти бафтудæй Алта: хъæбæр истухстæй, æхемæ дæр исмæстгун æй, Алтури ке рафхуардта, уомæй. Агоруй еу бон, дууæ бони, æртиккаг бон изæрæрдæмæ Алта æ зонæнгин айдæнæ исаразта деголтæ кæнунмæ фонси губунти. Зонæнгин айдæнæй деголтæ кæнуй Алта гъæди сирдти губунти, адæмти, фонси, мæргъти, кæмтти хурфи, æрæги-дурæги ба ‘й раирдта, авд денгизи еу кæми кæнунцæ, уоми, денгизи алдар Сугъзæрийнæ кæсалги губуни. Нийдзулдæй Алта æма дзоруй Нæртон Бæгъатæрмæ: – Де ‘сæвд æрцудæй, Нæртон Бæгъатæр, не ‘хсæн ци уасхæ ес, уомæ гæсгæ дæ сæр къуæрд уодзæнæй, нур ма дæ ку иссерон, уæд. Дæхе дзæбæхдæр баримæхсæ… Дæ гиризтæ ниууадзæ… Исæфис… Нæртон Бæгъатæр рахизтæй Сугъзæрийнæ кæсалги хурфæй, æ цæргæси сес æ сиудонæй исиста, уæлгоммæ ‘й исхатта æма имæ хорау ходгæ, гъазгæ, æрттевгæ æрбахъæрттæй и цæргæс. Цæргæс идзулдæй Алтуди сæргъи æртæ зелæни æркодта, уæдта æ рази æрбадтæй æма имæ дзоруй: – Мацæмæй тæрсæ, мæ хори хай! Æз дин æгас ку уон, уæд дин некæд неци уодзæнæй… Зæгъæ мин, – цæмæн дæ багъудæй мæ сæр?! – Алтай рæсугъд мæ зонæнгин айдæнæй уинуй, алке дæр еруй, алкæмидæр. Уомæй римæхсти уати неци изайуй. Мæ сæр исæвди фæндагбæл æрлæудтæй, нурма мæ ку ссера, уæд мæ сæр къуæргæ ‘й. Уасхæ равардтон…
379
– Ма тæрсæ, – нур дæ нæбал иссердзæнæй: мæнæн ес зæронд мадæ æма ме ‘нгарæ хуæрæ; цæрунцæ етæ авд арвей сæри, уонæмæ дæ фæххæсдзæнæн, етæ ба дæ баримæхсдзæнæнцæ федар рауæн, Алтай зонæнгин айдæни тухæ кумæ нæ хъæрта, уæхæн рауæн. Фал дæ уордæмæ истæхунмæ ба гъæуй бацæттæ кæнун авд гал-фæхсуни æма авд галдзар гæбæти донæй ‘дзагæй, мæнæн хуæрун æма ниуазунмæ, уæдта, Хуцауи ка фæндæуа, е уодзæнæй. – Цæуæн мадта нæхе хонхмæ, Доммæйтæмæ. Уоми Доммæйти фахси хезуй æдасæй доммæйтти æруæз. Уонæй еу æхстæн рамардзæнæн авд доммаййи, сæ фидæй син искæндзæнæн авд фæхсуни, сæ цæрттæй авд гæбæти, Ирæфи донæй сæ байдзаг кæндзæнæн и гæбæтти, æма мæн æрдигæй цæттæ ан нæ фæндагмæ. – Æз дæр цæттæ дæн тæхунмæ. Алтур æма цæргæс æрбадтæнцæ Морги Уасгергий Ковæндони буни. Алтур фæййаууон æй Доммæйтæмæ фæндаггагмæ, цæргæс дæр зелуй Саку хонхи бæрзæндтæбæл; æхе æфсадуй, кæми ци еруй, уомæй. Цæлинмæ цæргæс æхе кой кодта, уалинмæ Алтур æ фæндаггаг æрбацæттæ ласта, цæргæси сес уæлгоммæ фæххатта æма имæ хорау ходгæ фелвæстæй и цæргæс. Алтур æ фæндаггæгти тагъд-тагъдæй рацурхта цæргæси уæле, æхуæдæг дæр фæббадтæй цæргæси базурти æхсæн. – Нæ фæндаг бæрзонд æма идард æй. Гъæуй нæ тæхун æнææринцойнæй авд арвей сæрмæ. Дæ хуæруйнаг æма ниуазуйнаг базонæ фæстауæрцæ кæнун. Разуæзæй фæстеуæз хуæздæр æй. Кай зонуй, ку нæ нин рахъæртонцæ, уæд фесавдан дууемæй дæр. Æз дæр мæ губун бандавдзæнæн, байауаздзæнæн мæ хъур, фал ку батухсон, цид, æстонгæй, уæдта-еу фæхъхъуахъ кæндзæнæн æма ду ба дæхе цæттæ дарæ: дæ еу къохæй мин мæ гъæлæси рацæвисæ гали фæхсун, иннемæй ба-дони гæбæт. Уотæ нæ бафæразтай, уæд фесавдан дууемæй дæр. Нæртон Бæгъатæр æхе цæттæ куд нæ дардтайдæ! Еу арви уæллæй ку фæцæнцæ, уæд и цæргæс фæхъхъуахъ кодта. Алтур дæр ин æ рахес къохæй æ гъæлæси доммаййи фæхсун рацавта, галеуæй ба галдзарæй гæбæтидзаг дон. Цæргæс ранихъуардта уони, æ базуртæ бацагъта рæуæгау, расæуагъта идæрдтæбæл æма еци-еу зелæнæй зелгæй фæццæуй хæрдмæ. Цæргæс фæннæуæг æй: æ зæрдæмæ цæуй æ бауæр, æ губунæфсес фид æма донæй. Æ зæрдæ рохс, – цæуй æ мадæ, æ хуæри уинунмæ, берæ æнзти ке уиндæмæ бæлдтæй, уонæмæ. Тæхуй цæргæс æрвти талингити, арвæй арви астæу бахезгæй ба-еу фæхъхъуахъ кæнидæ. Нæртон Бæгъатæр дæр цурд лæудтæй, игъуста цæргæси гъæлæсмæ æма ин алли хъуахъхъи хæццæ дæр æ гъæлæси доммаййи фæхсун, галдзар гæбæт донæйдзагæй рацæвидæ. Уотемæй ин авд гали фæхсуни, авд галдзар гæбæти донæйдзагæй æ хъури рауагъта Алтур. Сæ хуæрдæ, сæ ниуæзтæ фæцæнцæ,
380
æвдæймаг арвмæ ба нæма бахизтæнцæ. Гъудæй ма сæ бустæги минкъий. Цæргæс æстонгæй, фæлладæй искатай æй æма нидæнгомау фæхъхъуахъ кодта. Нæртон Бæгъатæрæн æ арми нецибал адтæй, февналдта æ уæраги, æ лæбæзи фидтæмæ, уони фидтæ æрбавгарста ’ма сæ цæргæси гъæлæси рацавта. Цæргæс адæймаги фиди, тоги адæ ралæдæрдтæй æма фиди лухдзæгтæ æ дæлæвзаг раримахста, æхуæдæг ба, æ фæстаг тухтæ æрбаæмбурдтæ гæнгæй, уæларв фæцæй, бахизтæй æвдæймаг арвмæ, уоми ба æ мади хæдзари дуармæ æд иуазæг бабадтæй. Алтур къæдз-къæдзити æрхизтæй цæргæси усхъæй. Цæргæс æй фæрсуй: – Фæстаг хатт мин ци равардтай, – кæми дин адтæй адæймаги фид? – Нæбал исхъæрттан хуæрдæ, ниуæзтæй æма дин мæ уæраги бæзгин фидтæ æрбавгарстон. – Дæхе рахатай иннердæмæ, – дзоруй цæргæс Алтурмæ. Алтур æхе фæххатта æма фæстеггæй æ тог пурхæнтæй калдæй. И цæргæс фиди æгъзæлтæ æ гъæлæсæй фелваста ‘ма ин сæ фæстеггæй зæнгитæбæл ранихаста, ‘ма ин зæнги хæцъæфтæ фестадæнцæ. Æ гъæдгинтæ дæр ин растардта æма ин сæбæл нæуæг фид рауадæй. … Мадæ цæргæс æд кизгæ рауадæй æ фурти размæ. И цæргæстæ цийнитæ, хъуритæ кæнунцæ сæ кæрæдзебæл æма сæ кæрæдзей. Уалæнги син бæлццон цæргæс æхе хабæрттæ дæр æма е ‘уазæги хабæрттæ дæр радзурдта. Мадæ цæргæс се ‘уазæги æ дæлæвзаг бакодта, райста æ бæдæлтти æ хæццæ æма уотемæй и къуар цæргæси сæхе рауагътонцæ Алтай мæсугмæ. Цæргæстæ арвæй-арвмæ хезунцæ, цауæнтæ кæнунцæ, сæхе исæрхунцæ, аллихузи тагъдтæлтæ гæнгæй, гъазунцæ. Хор фæццæйцудæй æ хæдзарæмæ, уоци афони цæргæсти разилд æрцудæй Алтай мæсуги рæзти. Цæргæстæ зелунцæ мæсуги сæрти, зелунцæ уой фæрстæмæ, уинунцæ: Алта исцоппай æй, æ зонæнгин айдæнæй аллирдæмæ дæр кæсуй æма некæми неци уинуй. Катайтæ кæнуй, кæуй богъ-богъæй Алта. Кæугæй, Алта æ гъæлæс куд фæххæлеу кодта, уотæ ин мадæ цæргæс Нæртон Бæгъатæри æ дæлæвзаг рацавта, æхуæдæг ба æд бæдæлттæ Сау хонхи бæрзонд Асхъæр-ходаумæ сæхе райстонцæ. Алтай рæсугъд æнгъуди бонмæ не ссердта Нæртон Бæгъатæри: Алтур уомæн æхецæн æ дæлæвзаг бадтæй, е ба ‘й идæрдти агурдта. Алта
381
мæстæйдзагæй æ зонæнгин айдæнæ æ кирæмæ багæлста, æ уати дæлгоммæ бахаудтæй: агоруни æнгъуд фæцæй æма дзоруй гъæрæй: – Уо, Нæртон Бæгъатæр, цидæр изæд дæ, цидæр идауæг дæ, – фæззиннæ… Æз дæу дæн… Дæ уасхæ ма фæссайæ! Еци дзурдти хæццæ Алтур Алтай дæлæвзагæй рагæпп кодта æма загъта Алтай рæсугъдæн: – Мæнæ дæн… Уасхæ не ‘хсæн… Мæ бийнойнаг дæ абонæй фæстæмæ! Æхуæдæг Алтур æ сиудонæй цæргæси сес фелваста, уæлгоммæ ‘й фæххатта æма æртæ цæргæси æ сæргъи сурсургæнгæй æрбалæудтæнцæ. Алтур æма Алта æмвæндæй мадæ цæргæси сæхецæн æнæниййергæ мадæн райстонцæ, иннæ дууей ба къохбæлхуæцæг æма æмдзуаргинæн. Нартæ адтæнцæ хъæбæр гузавæ. Уайтагъд Нарти бæстæбæл райгъустæй – Алтур Алтай рæсугъди æхецæн бийнойнагæн хонуй, æма ин æгас Нартæ дæр киндзхон æмбалтæн ранæхстæр æнцæ. Сæдæ сæдæ æ киндзхонтæ æд киндзæмбæлттæ уомæн адтæнцæ. Дууадæс-дууадæси æ фæндурдзæгъдгутæ æд кафгутæ, æрмдзæфгæнгутæ уоми ку адтæй. Сирдтæ, мæргътæ киндзхон, киндзæмбал уомæн адтæнцæ адæмти рæнгъи. Сау гъæди сæдсугон сæгтæ, Уорс хонхи, Бор хонхи цомæхътæ, Сау хонхи уорс сиуæ дзæбодуртæ, сæ сиутæй æрмдзæфгæнæгау, цæлхъ-цæлхъгæнгæй, алли тегъæй, бæрзондæй, еци гъастмæ кастæнцæ, уомæн æмдзагъд кодтонцæ. Сау гъæди мæргътæ алли æвзагæй еци гъасти зардтонцæ. Авд-авди авдемæй ковгутæ, заргутæ, зæгъгутæ еци æмбурдæй бадтæй. Нæртон дессагæн гъæддаг цæргæсти къохбæлхуæцæг, æмдзиуаргин мадæн Алта æма Алтур райстонцæ. Уотемæй Алтури киндзæхсæвæр къуæре бæласæн уæдæй байзадæй. Æстæмæй-астмæ адæмтæ, сирдтæ, мæргътæ кинтæ-минтæй уоми симдтонцæ, уоми кафтонцæ. Æз дæр уоми киндзхæссæг адтæн. Сумах дæр мæ хæццæ ку фæцаййайтæ. Фал нур ба уони ци нæ фæууидтайтæ, æндæр нез, æндæр рун мабал фæууинетæ. Тауæрæхъи хуарзæнхæ ба, ка мин æй байамудта, уой фæууæд. Æ радзорæг бæрæг нæй. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «Гарданти Михал.Уадзимистæ.»Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 148-155 ф.
382
АЛТУД Алтуд адтæй зундæй тухгин, мулкæй гъæздуг лæг. Адтæй ин æртæ фурти: еу иннемæй хуæздæр, лæгигъæдгундæр. Алтуд æрзæронд æй æма, æ фиддæлти фæткæмæ гæсгæ, æ цæстæй уингæй, гъæуама ниууагътайдæ æ хæдзарæн сæйраг хестæр фæндæгæнæгæн æ фуртти хуæздæри. Алтуди фурттæ адтæнцæ хуарз лæгтæ. Алтудæн æ бон н’ адтæй уони æхсæнæй хуæздæр равзарун. Æнзтæ цудæнцæ бæнттау. Алтуд бунтон æрзæронд æй, хæдзарæн сæйраг хестæр ба нæма исбæрæг кодта, нæма æривардта. Еу хатт кæми адтæй, уоми Алтуд фæдздзурдта е ‘ртæ цæргæсемæ дæр æма син загъта: – Æз базæронд дæн, Алти Алтай фурт Алтуди фæткæмæ гæсгæ ба, æз гъæуама нæ хæдзари ес-бон, уой фæндæ сумах фæндонæй радтон сумахæй еуемæ: уæ хуæздæр, зундгиндæр, хъаурæгиндæр, лæгигъæдгундæр ка ‘й, уомæ. Сумах ба уе ‘ртæ дæр айтæ мæнæн æмхузæн цæргæстæ алцæмæй дæр: зундæй дæр, хъаурæй дæр, лæгигъæдæй дæр. Абони уæнгæ уæмæ æз кæсун æма уи уæлдай хуæздæр не ‘взарун. Нур ба уæ æрветун æртæ надебæл фæйнердæмæ, фæйнæ надебæл: ду, Алхаст, хестæр дæ, цæугæ искæсæнмæ, афæдзи бони æрцо ардæмæ, æрдзорæ мин мæнæ ами, мæн игасæй, де ‘нсувæрти рази, Уациамонги рази сомигæнгæй, дæ афæдзи балци дин цитæ бантæстæй хуарзæй, цæмæй фескъуæлхтæ адæмти æхсæн, уони. Ду ба Азмæц, дæ лæгигъæдæ æма дæ амонд бавзарæ нигулæн æрдигæй. Алæмæт уæ кæстæр æй æма е ба цæуæд, æрзелæд нæ бæстихæйттæбæл хонсар æрдигæй, æ цæстæ дарæд цæгатмæ дæр. Игъосетæ, æрзелетæ нæ бæсти иуонгбæл, базонетæ ‘й, æрветун уæ лæгæвзарæнти, уæхе исбæрæг кæнетæ хуарзæй дæр, лæгъузæй дæр. Уæ афæдзи бони æрцотæ ардæмæ, мæнмæ, ами æрдзордзинайтæ уæ хабæрттæ, кæмæн уи ци бантæстæй хуарздзийнадæй, лæгигъæдæй адæмти æхсæн равдесун, уой Уациамонги уæлгъос. Ка уи хъаурæгундæр разинна адæмти æхсæн, е уодзæнæй нæ хæдзарæн, нæ ес-бон, нæ мулкæн сæйраг хестæр – фæндисæр. Алтуди æртæ цæргæс-фурти: Алхаст, Азмæц, Алæмæт равардтонцæ сæ
383
фиди рази Уасхæ, ранæхстæр æнцæ, Алтуди амундмæ гæсгæ, сæ фæндæгтæбæл афæй балцити. Сæ нимайгæ бæнттæ æрхъæрттæнцæ, æриздахтæнцæ сæ фиди хæдзарæмæ, е дæр сæбæл хъæбæр бацийнæ кодта се ‘гас æрцудбæл. Цæйбæрцæ рæстæг рацудæй сæ раздæхунæй абонмæ, Хуцау зонуй, уæдта сæмæ сæ фидæ Алтуд фæдздзурдта, сæ рази син ардхуæрæн Уациамонгæ тумбул фингæбæл æривардта, цæнхæ, дзол ниуазæни хæццæ æма загъта: – Цæй-уайтæ, зæгъетæ мин, – кæмæн уи ци лæгигъæдæ бантæстæй бакæнун, уой мин радзоретæ æнæмæнгæдтæй. Радзоретæ раст – Уасхæ не ‘хсæн æй. – Мæ афæдзи фæндагбæл æз берæ гъуддæгтæ бакодтон, фал мæ устурдæр æма кадгиндæр гъуддаг ба адтæй мæнæ уотæ: – Еу хатт кæми адтæй, уоми æз фæццæйцудтæн æнæнади нæдтæбæл гъæдрæбунти. Кæсун размæ æма уинун – гъæдæй устур над цæуй, уобæл ба æртæ тарст бæхи уæрдуни сæстити хæццæ æрбатæхуй. Æз дæр сæмæ, мæ бæх æрцæфтæ гæнгæй, мæхе батардтон, æруорæдтон сæ, фæстæмæ сæ сæ надбæл раздахтон сæ фæд-фæди. Фæццæун гъæди пихси, ‘ма дин уоми ба надбæл, пихси медæг, дууæ фазон хурдзини; етæ адтæнцæ сугъзæрийнæ æхцайæй, сугъзæрийнæ гъолтæй се ‘мидзаг. Рафестæг дæн. И хурдзинтæ, æхцайæй идзаг уогæй, мæ бæхи фæсабæрцæ бабастон нæхæтбосæй, бæхти мæ бæхи фæрстæмæ, уотемæй фæццæун гъæди хузми: неке мæ уинуй, неке уинун, уотемæй. Цæун, цæун, уотæ ба мæ рази фæцæй еу хуссæг лæг. Е хурхурæй хуссуй нади лигъзбæл уæлгоммæй, æ къохтæ фæйнердæмæ рагæлста, уотемæй. Æр æй игъал кодтон. Ис мин бæрæг æй: хуссæг лæг ласта еу сахарæй иннемæ адæми мулк, надбæл кæмидæр æгæр раниуазта, баниуæзтгун æй, уæрдунæй рахаудтæй. Æгойгæнæг хъал бæхтæ фæттарстæнцæ, ралигъдæнцæ, уæрдун ниппурх кодтонцæ. Уотемæй æхцатæ дæр уæрдунæй рахаудтæнцæ, и бæхтæ дæр лигъдæнцæ сæ сæрисæвдмæ. Мæнæн мæ бон адтæй еци æхца (сугъзæрийнæ гъолтæ) ардæмæ æрхæссун æма хъæбæр гъæздугæй цæрун, фал æй уой мæ сæрмæ не ‘рхастон. Лæги бакой кодтон, е ‘хца, æ бæхти ин равардтон, уотемæй æй æз мæхуæдæг æ бæстæбæл исæмбæлун кодтон. Устур сахартæбæл ме ‘ууæнки кой рацудæй. Сæхемæ мæ æлдарæн уорæдтонцæ – не сарази дæн. Нæхемæ æрцудтæн, куд мæ уинис, уотемæй, кади хæццæ, устур кади хæццæ. Уой цацæг зæгъун, уацæгæй а хæдзари сæйраг хестæйрадæ мæн уæд, – Уациамонгæ ба мæ кæстæр æнсувæри – Азмæци уæрагмæ бахезæд. – Хуарз гъуддаг бакодтай, – загъта Алтуд æ фуртæн, ду раст бацудтæ гъуддагмæ: ниуæзтгун лæги бафснайдтай, адæмти мулк багъæуай кодтай, нæ радавтай, æхцаласæг лæги устур фидбилизтæй фæййервæзун кодтай.
384
Еудзурдæй, лæги ихæс исæнхæст кодтай. Ду дæ раст лæг, æууæнкæгин лæг, фал дæ гъуддаги лæгигъæдæй неци ес. Азмæц Уациамонгæ æрбайста æма загъта: – Соми кæнун арв æма зæнхæй, нæ цæнхæ, нæ дзол, нæ ниуæзтæй; æз ке зæгъон, е æй æцæг, – мæнгæ дзурд си еунæг дæр нæййес, – Уасхæ не ‘хсæн æй. – Æз цудтæн нигулæн æрдæмæ æмдзæхгæрти, æнæнади нæдтæбæл. Гъæдæ, дон, хард, урдуг не ‘взурстон. Уалæнги сау гъæдæй будурмæ куд рахизтæн, уотæ ба мæ разæй бауидтон еу гъæу. Гъæуи сæри, гъæдрæбун, сувæллæнтти къуар гъазта. Фæццæун гъæумæ, уотæ ба дин мæ фæсте тæрæг бæхæй фæдесгъæргæнæг, цъæхахст, цъæхнæгæй дзоруй: – Фæдес, маргитæ! Фæдес! Агъуд берæгътæ гъæумæ фæццæуй, маргитæ… сувæллæнтти æфснайгитæ! Сувæллæнттæ, хъесхъесгæнгæй, ледзæги фæццæнцæ гъæумæ. Æз дæр мæ бæх æрбамбурдтæ кодтон, берæгътæмæ ин е ‘рух фæххаттон, æрцæф-æрцæфтæ ‘й кодтон æма агъуд берæгъти æхсæн исмедæг дæн. Еу агъуд берæгъ разæй бæхи финдзмæ æхе куд исгæлста, иннæ ба фæстегæй бæхи сунтæбæл æ дæндæгутæй куд æрхуæстæй, уотæ æз дæр ме ‘хсаргард фелвастон æма раззаг берæгъи æрцавтон. И берæгъ æ астæубæл дууæ æмбеси рахаудтæй, анней ба галеумæ рарæхустон æма е дæр уоми æртулдæй. Адæмти устур фидбилизтæй фæййервæзун кодтон, бæрæгдæр ба – сувæллæнтти. Адæми æхсæн мæн коййæй æндæр нецибал адтæй. Уой цацæг зæгъун, уацæг хæдзари сæйраг хестæйрадæ цæуй мæнмæ, Уациамонгæ ба нæ кæстæр æнсувæр Алæмæти уæрагбæл æринцайæд. – Азмæц устур гъуддаг бакодта – сувæллæнтти, гъæуи фæййервæзун кодта агъуд берæгътæй, агъуд берæгъти гъæлæсæй. Алти æгъдаумæ гæсгæй, уотæ гæнгæ адтæй. Алли æхсаргин лæгæн дæр фæдеси бони æхе ескæми римæхсун не ‘мбæлуй. Лæг гъæуама, фæдес ку уа, уæд, кæцæй игъуса, уордæмæ раззагдæрти хæццæ уа, кенæ ба æхсаргин лæг нæ ‘й, тæрсагæ ‘й. Азмæц, ду исæнхæст кодтай æхсаргин лæги ихæс: фæййервæзун кодтай дæхецæй æнæхъаурæдæрти – сувæллæнтти, гъæууонти. Уотæ ку нæ бакодтайсæ, уæд Аланти аулæй лæг дæр н’адтайсæ. Алæмæт тумбул фингæй дзол исиста, цæнхи æй ниттулдта, ниуазæн æ къохи райста æма Уасхæй загъта: – Мæхе уин цæмæй раппæлон, ме ‘нсувæртæ, æма мæ фидæ, уæхæн гъуддагæй æз аци фæндагбæл неци бакодтон. Мæнæн ес берæ æзнæгтæ. Етæ æнцæ алли рауæн дæр æма нæ бæсти алли ‘рдигæй дæр. Хонсармæ ку фæццæун, уæд мæ цæстæ дарун цæгатмæ, искæсæнмæ ку цæуон, уæдта идардмæ фæлгæсун нигулæнмæ ме ‘усхъи сæрæй.
385 25* Заказ №1424
Уотемæй цæрун, хæтун, мæхе хезун алцæмæй дæр, кæсун алли къуммæ дæр, алли бæласæ, къотæр, дор, лæгæт, къæдзæх, мæскъæмæ дæр, мæ сæр гъæуай кæнун. Мæ алли ампъези дæр кæсун мæ фæрстæмæ, мæ фæстемæ. Уотемæй размæ цæун, мæ фæрстæмæ, фæстæмæ фæлгæсун, уотемæй æрветун мæ цæргæ бæнттæ. Аци фæндагбæл фæццæйцудтæн хонсармæ. Цæгатмæ рафæлгæсон куд загътон, мæ сæр рахес усхъæмæ куд рахаттон, уотæ ба дин уинун, – нигулæн æрдигæй фæснад бæласи буни хуссуй, рагæй-æносмæ марунмæ ци æзнаги агурдтон, еци лæг. Æ саргъ æ нивæрзæн, æ гæрзтæ æ фарсмæ, бæх æртикъахуг фæсахсæни. Мæ тог исирадæй, мæ кардмæ февналдтон, уæдта æваст расагъæс кодтон æма мæ зæрди æрбафтудæй – хуссæгмæ æвналгæ ке некæд адтæй. Мæ бæх æрцæфтæ кодтон, кæд ме ‘хси къæрццитæй ме ‘знаг райгъал уидæ, зæгъгæ, ‘ма неци… Хуссуй… Уалæнги дин пихсити бунæй къæркъæр, сæрсæргæнгæй ралæстæй руймон. Е æ гъæлæс байгон кодта æма тундзуй ме ‘знаги ранихъуæрунмæ. Æз дæр ай-æной нæбал фæккодтон, мæ кард фелвастон, уой финдзæй руймони ме ‘знагæй еуварсмæ рагæлстон, æма ‘й уоми листæг къуæхтæ никкодтон. Цалинмæ уой хæццæ аздудтон, уалинмæ ме ‘знаг дæр æ хуссæгæй райгъал æй. Æз адтæн тугъдмæ цæттæ. Ме ‘знаг æдзæттæ, хуссигъæлдзæг, ‘ма имæ дзорун: – Райсæ дæ тохæнгæрзтæ. Тохгæ нин æй, – не ‘нгъуд не сæмбæлдмæ адтæй. – Æз дæ рази анхосгин дæн, – загъта ме ‘знаг, – ду дæ мæ ервæзунгæнæг, ду ку нæ адтайсæ, уæд мæ руймон хуæргæ кодта. Мæ рази æ зæнгитæбæл æрхаудтæй æма мин æ сæрæй ковгæ загъта, мæ сæр де ‘уазæг, мæ ервæзунгæнæг, зæгъгæ. Æз дæр имæ берæ фæккастæн, уæдта загътон мæхецæн: «Аци лæг мин кæддæр устур æзнаг адтæй, нур ба æй мæ рази тæрегъæдтаг, гъæуай кæнуйнаг»,– зæгъгæ, æма ‘й гъæуай дæр бакодтон, уæдта ‘й æгасæй рауагътон æ хæдзарæмæ. Абонæй фæстæмæ ан уой хæццæ устур лимæнтæ. Æндæр дессаг хабарæй æз аци фæндагбæл неци бакодтон: дзæгъæл будури, лæгæй-лæгмæ бафедудтон ме ‘знаги хæццæ æма ‘й райстон мæхецæн устур лимæнæн. Уой цацæг зæгъун, уацæг хæдзари сæйраг хестæйрадæ нæ фидæ Алтуди фæсмæрдæ мæнмæ æрбахезæд, Уациамонгæ ба Алтуди уæрагмæ бахезæд. – Де ‘знаги марунмæ агорæ, – загъта Алтуд, уой хусгæй еунæгæй лæгæйлæгмæ гъæдбуни иссерæ. Де ‘знаги сæрбæл руймони хæццæ истохæ, уой рамарæ. Де ‘знаг дæмæ æ сæрæй ковæги фæууæд, уой курдиадæ дзæгъæл будури райсæ, æ хæццæ федаун дæр базонæ, бакæнæ, æма си лимæнæй рартæсæ – е æй устур хъаурæ, устур зунд, устур лæгигъæдæ: де ‘знаги марæги рамарæ, де ‘знагмæ дзæгъæл будури лæгæй-лæгмæ тугъдмæ бацудтæ; де ‘знаги æнæ кард, æнæ топпæй басæттæ; де ‘знаги хæццæ, æнæ еске гъæлæс, лæгæй-
386
лæгмæ исдзорæ, бафедауæ æма лимæнæй рартæсæ, уони базонун лæгæн æй евгъуд хуарз миуæ. Уæхæн миуæ хуннуй лæгигъæдæ, сгухд, æнтæст, лæг ба – лæгигъæдгун. – Алæмæт, ду дæ устур зундгин, хъаурæгин, æнтæсгун, æхсаргин, лæгигъæдгун лæг. Ду дæ æзнаг лимæнгæнæг æма хæстæг хæстæгдæргæнæг, уомæ гæсгæ ба мæ фæсмæрдæ а хæдзари сæйраг хестæр фæндæгæнæги барæ дæумæ цæуй æма дин нæ Уациамонги ниуазæн дæдтун, кади ниуазæнæн, хестæри бæрæггæнæн. Сумахæн ба, мæ хортæ, мæ фурттæ, уæ кæстæр минкъий æндон Алæмæти уе ‘хсæн æвæрун сæйраг хестæрæн. Е хестæр æзнагæн райста æгас адæми æзнаг руймон. Уой фæсте ба æхе æзнаги дæр æрлæуун кодта æ рази лæгæй-лæгмæ тохунмæ, – фал е знаг еугур саст бакодта æма имæ æ сæрæй ковæги фæцæй, бафедаун дæр базудта æ хæццæ лæгæй– лæгмæ. Уæд уе ‘хсæн Уасхæ. Цæретæ федауцæй. Уæ кæстæр ба уин, нæ Уасхæмæ гæсгæ, уæд фасти, фæнди сæйраг хестæр мед хæдзарæ: Алæмæт æй хæстæг хæстæгдæргæнæг, æзнаг лимæнгæнæг. … Æнсувæртæ сæ кæстæр Алæмæти райстонцæ сæхецæн фасти, сæйраг хестæрæн æнæ хъипп, æнæ туфæй æма нур дæр ма цæрунцæ адæмти æхсæн федауцæй. Уони ци нæ фæууидтайтæ, æндæр рун, æндæр нез ма фæууинетæ… Гарданти Михали къохфинститæй ист. Дигори гъæу. Геуæргобай мæйи 14 бон. 1948 анз. «Гарданти Михал. Уадзимистæ», Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 155-160 ф.
387
ÆРТÆ ÆРВАДИ ÆМА УÆЙУГИ АРГЪАУ Раги ма раги цардæй еу гъæуи æртæ æнсувæри. Уонæн сæ кæстæр хундтæй Азамат. Еци гъæуæй балци беретæ цудæй, æма етæ дæр балци рандæнцæ. Уоми еу рауæн багъудæй донбæл хезун, донуордæг ба адтæй уæйуги авар, аварæй ба кастæй æртæ кизги æма син уæйуг загъта: – Уортæ еци æртæ лæхъуæнемæ кæсетæ, – етæ донæн æ тæнæги ку æрбанайонцæ, уæд сæ мах бахуæрдзинан, кæд æ арфи æрбанайонцæ, уæдта етæ мах бахуæрдзæнæнцæ. Уæд æртæ лæхъуæни донæн æ тæнгути æрбаинадæнцæ. Уæйуг сæ æхемæ æрбахудта фусунмæ. Æхсæвæ уæйуг уонæбæл нимбарзта мæйтæ гъæццол. Æхе кизгуттæбæл ба – хортæ гъæццол. Æма æхсæвæ уæйуг æма æ уосæ исунафæ кодтонцæ, ахсæви сæ нивгæрдæн, зæгъгæ, æма ’й æ уосæ бафарста: – Кæци гъæццол сæбæл нимбарзтай? Уæйуг ин загъта: – Мæйтæ гъæццол. Азамат сæмæ байгъуста, æма æхсæвæ и кизгуттæ ку рафунæй æнцæ, уæд е хортæ гъæццол сæхебæл рамбарзта, мæйтæ гъæццол ба – кизгуттæбæл. Æхсæвæ уæйуг æхе кизгутти иуазгути рæуаги нивгарста æма æртæ æнсувæри ралигъдæнцæ. Ку æрбон æй, уæд уæйуг æркастæй æма æхе кизгутти нивгарста, уой ку фæууидта, уæд, æхуæдæг ка уадæй, уæхæн цулухътæ ракодта, æма сæ сорун байдæдта. Уæйуг уонæмæ ку æрхæстæг æй, уæд æртæ æнсувæри мисти цъаси фæммедæг æнцæ æма уæйуг дæр цъаси билæбæл исбадтæй æма дзоруй: – Мæгур уæ бон, ами уæ хездзæнæн. Уæд уæйуг æрбафунæй æй æма ин Азамат æ еу цулухъ фелваста æма ’й æхебæл ракодта, æ дууæ æнсувæрей ба æ цулухъигъоси ниггæлста æма ледзун байдæдтонцæ. Уæд сæ дони хезун багъудæй æма Азамат æ сæрæй гъун ратудта æма ’й донмæ багæлста æма донбæл хед фестадæй, байбæл уадæй, уæдта æй æ къахæй искъуæрдта æма фехалдæй æма ралигъдæнцæ. Уалинмæ уæйуг фегъал æй æма сæ сорун байдæдта æма донмæ ку бахъæрттæй, уæд ин цæуæн нæбал адтæй æма сæхемæ раздахтæй. Æртæ æнсувæри еу гъæумæ бацудæнцæ æма сæ еу хан байхуæрста – и дууæ хестæрей фонс гъудгæнæг, Азамати ба æхецæн гъудгæнæгæн. Азамат ин
388
уотæ хуарз адтæй æма и ханæн æхе хæццæ хуардта. Уæд и дууæ хестæри имæ хицæ кодтонцæ æма ханæн уотæ: – Кæд дин Азамат уотæ хуарз æй, уæд дин уæйуги цигон æрхæссæд! Азамат рандæй æма æхе мистæ фестун кодта æма цигони хирт-хирт кæнун байдæдта. Уæйуг фестадæй æма уотæ: – Ций, аци цигон ба еугур мистæ ку фестадæй, – æма ’й æндæмæ рагæлста. Азамат æй æ рагъи фæккодта æма ’й ханмæ фæххаста. Уæд бабæй ханæн дууæ хестæри уотæ: – Мадта кæд Азамат уотæ хуарз æй, уæд дин уæйуги хортæ гъæццоли æрхæсса! Азамат байгиттæй, рандæй æма æхе æхсæукъæ фестун кодта æма уæйуги фехсилкъæ кæнидæ. Уæйуг рамæстгун æй æма и гъæццоли æндæмæ рагæлста. Азамат гъæццоли е ’рагъи фæккодта æма ’й ханмæ æрхаста. Уæд бабæй ханæн и дууæ хестæри уотæ: – Мадта кæд Азамат уотæ хуарз æй, уæд дин уæйуги цæсгон фæууинун кæна… Æма бабæй Азамат байгиттæй, æма бабæй æ хæццæ райста берæ зæгæлтæ, дзæбокæ æма фæрæт. Рандæй æма гъæди къурц-къурц кæнуй æма имæ уæйуг рацудæй: «Ци ’й а? Ци кæнис? Дæ къурц-къурццæй дин ку нæбал фæразун.» Азамат ба имæ дзоруй: «Азамат рамардæй æма ин кирæ кæнун.» Уæйуг дæр уотæ: «Мадта дин уой туххæй ба æз дæр цъарæ кæнун, – æхцæуæн мин адтæй, ке рамардæй, е.» Кирæ искодтонцæ æма Азамат уæйугмæ дзоруй, цæй дæргъцæн æй, уой ба нæ гъуди кæнун, зæгъгæ. Уæйуг ба имæ дзоруй: – Мæнæ мæн дæргъцæн адтайдæ. Уæйуг æхе кири фæддæргъæмæ кодта, Азамат дæр ибæл кири сæр рахудта æма ин æ фæрсти дæр зæгæлтæ ракъуæрдта, рахуæцæн ин куд нæ адтайдæ, уотæ. Æ рагъи æй фæккодта æма ’й ханмæ бамедæг кодта, уоми ба ’й зæнхи æривардта æма уæладзуг авæрттæмæ устур дор исиста, æма и дууæ æнсувæремæ дзоруй, рандæ уотæ, кенæ ба уæ бахуæрдзæнæй, зæгъгæ, ку æй исигон кæнон, уæд. Нæ ибæл æууæндтæнцæ. Уæд Азамат кирæ фегон кодта, уордигæй уæйуг рагæпп кодта, рагъæуай-багъæуай ракодта æма дууæ хестæрей рахуардта, и кæстæр ба уæладзуг авармæ ислæуирдта æма ибæл еци дор рагæлста. Уæйуг уоми фæммардæй æма ин хан æ мулки æрдæг равардта. Собити Сергей дзурдтæй финст, Киристонгъæу, 1928 анз. Гарданти Михали архивæй ист.
389
ЦУППАР ДЗУРДЕЙ АРГЪАУ Раги ма раги цардæй æма адтæй æртæ лимæни. Еу кæми адтæй, уоми ба еу гъæумæ фæллæбурдтонцæ, фæйнæ биццеуи раскъафтонцæ æма сæ Гурдзимæ фæххастонцæ уæйæмæ. Дууæ лæгей биццеутæ фæууæйæ ’нцæ. Сæ аргъæй син балхæдтонцæ барбек хъумæцтæ. Иннæ лæги биццеу ба нæ уæйæ кодта. Уæд имæ е ’мбалтæ дзорунцæ: – Гъенур мах исрæвдзæ ан æма цæугæ кæнæн, ами нæ нецибал гъуддаг ес. Иннæ лæг дæр загъта: – Æз дæр цæуон мадта, ами еунæгæй куд лæууон, зæгъгæ, – æма рандæнцæ. Ку ранæхстæр æнцæ, уæд еу унги æрцудæнцæ æма сæ лæгтæ фæрсунцæ: – Ци уин æй аци саби, кумæ ’й хæссетæ? И лæг ба син загъта: – Уæйæ ’й бæргæ кæнун, фал мин æй æлхæнæг нæййес. Уæд ин еу лæг загъта: – Æз дин æй балхæндзæнæн, æцæгæй, хъумацæй дæр – нæ, æхцайæй дæр – нæ, фал дзурдтæй. И лæг ниддес æй ‘ма загъта: – Дзубандитæй бабæй мин æй куд балхæндзæнæ? Е ба ин загъта: – Æртæ дзурди дин зæгъдзæнæн, цуппæрæймаг дзурд ба дин ралæвар кæндзæнæн. Лæг дæр загъта: – Гъæумæ ’й ку фæххæссон, уæд мин мæхе дæр ма рамардзæнцæ, уой фæлтау ба ‘й радтон, – æма и биццеуи равардта æртæ дзурдебæл. Еу дзурд адтæй: – Будури дæбæл ескæд талингæ ку кæна æма æхсæвеуат ку кæнай, уæд коми макæд ниххуссæ. Дуккаг: – Гъæуи дæ фусун кæнунмæ еске ку ’здаха, уæд æнæбаздæхгæ ма фæууо. Æртиккаг: – Силгоймаги макæд бастауæ, нæлгоймаги ба макæд бафауæ. Цуппæрæймаги ба дин лæвар кæнун:
390
– Дæ рахес къохæй цæвунмæ ку гъавай, уæд æй дæ галеуæй ба бауорамæ. Лæг биццеуи равардта, æ бæхбæл рабадтæй æма рацудæй, е ’мбæлтти æрæййафта. Ци рацудæнцæ, Хуцау зонуй, уæдта сæбæл еу коми æрталингæ ’й ‘ма дууæ æмбали загътонцæ, мæнæ ами æрфусун кæнæн, зæгъгæ. Инней зæрди ба, еци лæг ин ке загъта, е æрбафтудæй ’ма загъта: – На, æз ами нæ хуссун, цæуæнтæ уæлбилæмæ ’ма уоми ниххуссæн. Е уæлбилæмæ рандæй æма уоми еу бæласи буни ниххустæй, е ’мбалтæ ба коми байзадæнцæ. Æхсæвæ ба уæхæн уарун æрцудæй, уæхæн, æма коми байдзаг æй донæй. И дууæ лæгей дон фæлласта. Сæумæ ба, уæлбилæ к ’адтæй, е кæсуй, æма дин ком – донæйдзаг. Æ бæхбæл рабадтæй æма коми билтæбæл рацудæй. Бæхи мæрдтæ ’ма лæги мæрдтæ дон фæйнердæмæ куд рагæлста, уой фæууидта æ цæститæй. Бацудæй æма еу гъæуи фæммедæг æй изæрæрдæмæ. Нихæси рæзти æруадæй ‘ма ин лæгтæ фестадæнцæ, загътонцæ ин: «Дæ фæндаг раст!» Е дæр син загъта: – Уæ бонтæ хуарз. Уæд ин еу лæг зæгъуй: – Изæр ку ’й æма кумæ цæуис, фусун дин ан, ранæмæздæхæ. Е ба ин загъта: – На, кæд ма ести рауаинæ, мæ над рацубурдæр кæнинæ, –’ма рандæй. Еу минкъий рацудæй, уæдта, биццеуи ци дзурдтæбæл рауæйæ кодта, етæ æ зæрди æрбафтудæнцæ, фездахтæй æма еци лæгæн загъта: Дæу дзурд растдæр æй, нецибал равгæрддзæнæн мæ надæй, кæд мæ æздахис, уæд цæун. – А!.. Цæмæн уотæ зæгъис? Иуазæг Хуцауи иуазæг æй. Рауай, зæгъгæ, ‘ма ’й баздахта. Бацудæй æма дин уоми ба еу силгоймаг æхе фарсбæл ниддæлгоммæ кодта, уотемæй лæууй. Иуазæг дестæ кæнуй, – кæми ’й, æма уæдта дзоруй: – Дзæгъæлдзорæ иуазæги тæргæ дæр ракæнунцæ, фал уæ уæддæр фæрсгæ кæнун: аци силгоймаг уин ци æй, мæлæти æфсæрмигæнагæ ку æй?! Уотæ рæхги ба еу хæфсæ тъæп-тъæппæй рацудæй ’ма тъæригъоси артмæ æ гæбæт тавта. Етæ ба ин загътонцæ: – Нæ фидæ иуазæггади адтæй еу хæдзари, æ уоси ба уæззауæй ниууагъта, кæмæ адтæй, уони уосæ дæр уæззау адтæй, – æма загътонцæ: – Нæ еуемæн лæхъуæн игурдзæнæй, иннемæн ба – кизгæ, гъема аци кизгæ махмæ цæруй дæлæ уой номбæл. Иуазæг ба загъта: «Нæлæстæги номбæл дор ку уа, дор, уæддæр ин æгъдау дæтгæ ’й.» – И хæфсæ уой ку фегъуста, уæд æ хæфси цар раскъудæй æма
391
си сугъзæрийнææстугкин лæхъуæн ралæуирдта. Адæм куд нæ ниццийнæ адтайуонцæ. Кизги цæгатмæ дæр фервистонцæ. Дуйней мийнасæй байдзаг кодтонцæ. Иуазæги дæр æхсæз анзи нæбал рауагътонцæ сæхемæ. Æхсæз анзи ибæл æхсæз мæйей хузæн раевгъудæнцæ, уæдта æ хæдзарæ æ зæрди æфтуйун байдæдта æма мæтъæл кæнун райдæдта. Сагъæс кодта: – Мæ уоси уæззауæй ку ниууагътон æма куд бацæй? Уæд æй фæрсунцæ: – Цæбæл мæтъæл кæнис? Е ба син загъта: – Мæ хæдзарæ мæ зæрди æфтуйуй ‘ма уобæл мæтъæл дæн. – Мадта е ба, ка ’мбæлуй, еци гъуддаг ку æй, – ‘ма ин файтон дууæ бæхи сугъзæрийнæ гъолти хæццæ равардтонцæ æма сæхемæ æрхъæрттæй. Бацудæй хæдзарæмæ æма дин æ уоси хуссæнæй дууæ адæймагей хурхур цæуй. И лæг бангъæлдта, мæ уосæ кедæр хæццæ хуссуй, зæгъгæ, ‘ма æ хъæма фелваста. Ниццæвон сæ, зæгъгæ, куд загъта, уотæ ба æ къох иннемæй райахæста ‘ма æ къохбæлхуæцæгмæ бацудæй. Е ин загъта æ хабар. Е ба ин загъта: «Уæ, гъæла, нур ами æхсæз анзи ке нæма адтæ, уой нæ зонис? Биццеу дæр дин ке ес, уой дæр зонис, уобæл ба цæуй æхсæз анзи». И лæг ниццудæй, æрцудæнцæ ’ма и уоси дæр райгъал кодтонцæ, фæммийнасæ кодтонцæ, уæдта сугъзæрийнæ гъолтæ райурстонцæ æ къохбæлхуæцæги хæццæ ‘ма ма нур дæр цæрунцæ. Гатути Дзанбеги дзурдтæй æй ниффинста Тæкъоти Хъазбег. Æ финсуни рæстæг бæрæг нæй. ЦИППУ – й архив, ЮНЕСКО – й кафедрæ. Аци аргъау æй сувæллæнтти аккаг арæзт.
392
СЕДЗÆРГÆС УОСÆ ÆМА БЕРÆГЪИ АРГЪАУ Раги ’ма ’раги адтæнцæ æма цардæнцæ лæг æма уосæ. Бæнттæ ’ма сæбæл æнзтæ рацудæнцæ æма и лæг рамардæй. Седзæргæс уосæ цæргæ байзадæй æртæ сувæллоней хæццæ. И æртæ дæр адтæнцæ биццеутæ. Сæ еу хундтæй Федар, иннæ – Мосой, æртиккаг ба – Хъарман. Седзæргæс куд фæгъгъонбал кæнуй æ бæдæлтти, уотæ сæ гъомбæл кодта. Аллихузи амæлттæ кодта æ сувæллæнттæ хæссунмæ. Еу бони сæри и уосæ кæцæйдæр цудæй æ хæдзарæмæ, уотемæй ибæл берæгъ исæмбалдæй æма ймæ дзоруй адæймаги цъухæй: – Кæми адтæ, хуарз уосæ? – Мæнæ мæ сувæллæнттæн хуæруйнаг æрхæссуни туххæй кæмидæр адтæн, – загъта уосæ. – Нур ба кумæ цæуис? – æрбабæй æй фарста цъæх берæгъ. – Нæхемæ цæун, – дзуапп равардта силгоймаг. – Æз дæ нæбал рауадздзæнæн уæхемæ. Æстонг дæн æма дæ хуæргæ кæнун, – зæгъгæ, æ надбæл æрлæудтæй дæндаггин. Уæд ин уосæ зæгъуй: – Цæмæн мæ хуæрис, æз зæронд уосæ ку дæн, сувæллæнттæ ку хæссун? Мæн ма хуæрæ, мæнбæл фид нæййес, айдагъ цар æма æстæг дæн, фал изæрæй æрбацо, ’ма мæмæ мæ сувæллæнттæй алке номбæл дæр фус ес, æма дин уонæй еуей ратдзæнæн. Уой ку бахуæрай, уæд дин хай хуæздæр уодзæнæй. Берæгъ имæ дзоруй: – Фустæ дæр хуарз æнцæ, фал, дæ сувæлæнттæ куд хуннунцæ, уой ма мин ку зæгъисæ. – Сæ нæмттæ æнцæ: хестæрæн – Федар, иннемæн – Мосой, аннемæн ба – Хъурман. – Хуарз æдта, зиндзæнæн дæмæ, – загъта берæгъ æма уоси рауагъта æ хæдзарæмæ, нæ ймæ бавналдта. Уосæ рандæй, æ хæдзарæ ниффедар кодта, цъæстæ еугурæй дæр нихгæдта. Дуарæй дæр, къæразæй дæр сæбæл лæгурмитæ æрæвардта, бацæуæн имæ куд нæ уа, уотæ. Бийнонтæ тæрсгæ-резгæй æнкъард бадæ кодтонцæ. Изæрæй ба берæгъ фæззиндтæй, æма дин къæрæзгитæ, дуæрттæ – æхгæд.
393
Æскъæтбæл æрзилдтитæ кодта æма си фусти уасун игъустæй. Æвæдзи, берæгъи æрбацуд æ тæфæй балæдæрдтæнцæ. Æскъæтмæ бацæуæнтæ дæр – синдзæрху. Мадта, атæ фудевгедæй ба нæ рандæ уодзæнæн, зæгъгæ, æхецæн иснет кодта берæгъ æма бабæй хæдзари дуари размæ æхе байста, æхуæдæгка дзоруй, сувæллæнттæ æндæмæ расайунæрвонгæй: – Уæ, Федар! И седзæргæс имæ рагъæр кодта: – Мæ дуæрттæ – хуæрзфедар! Уæд бабæй берæгъ гъæр кæнуй: – Уæ, Хъарман! Уосæ бабæй ин дзуапп кæнуй: – Мæнæ мæ гъæццоли бунæй гъари хуссуй! Уæдта берæгъ иннæ биццеуи номæй дзоруй: – Уæ, Мосой! И уосæ ймæ радзурдта: – Моси дæ дзæбæх ку расайдтон! Гъенур ба дæ къоси буни неуæги фæннеуæ! Берæгъ уæдта балæдæрдтæй, уосæ ’й ке басайдта, уой æма æ фур мæстæй фæтътъæпп æй хæдзарæмæ бацæуæн дуари рази. Сæумæ уосæ æма сувæллæнттæ фестадæнцæ æма æндегæй берæгъи мард раййафтонцæ. Уоми ба йбæл гириз кæнун байдæдтонцæ: – Махмæ хуæрунмæ ци гиаур æрбацудæй, айæ ба уой мард ку æй, – зæгъгæ. Уæдæй фæстæмæ еци бийнонти берæгъ нæ, фал мулдзуг дæр некæдбал багъигæ дардта. Уони куд хуарз нæ фæууидтан, уотæ хуæрзтæ ба сумах дæр æма мæн дæр ку уайдæ. ЦИППИ-й архив, ЮНЕСКО-й кафедрæ. Скъоладзаути аккаг арæзт.
394
НИВÆ Еу устур сакъадахбæл денгизти астæу раги ’ма цардæнцæ хан æ уоси хæццæ. Мулкитæ сæмæ бæргæ берæ адтæй, фал сæхе нивгун ба нæ худтонцæ. Бæнттæ цудæнцæ æма сæ цард неци уæлдай æййивта. Дзæвгарæ рæстæг син зæнæг не ’нтæстæй. Уæд дин еууæхæни ба рацæй-рагъæр æй æма сæмæ нивæ ракастæй. Лæхъуæн син райгурдæй. И хан фидæ сувæллони æхемæ рахæссун кодта æма ин æ къахи æнгулдзитæ, уæдта æ къохи æнгулдзитæмæ фæккастæй æма загъта: – Рай æндæ кæнетæ æндæр сакъадахмæ! Аци сувæллон хъæбæр æнæнивæ ’й. И уосæ ин не сарази æй, цифæнди кæд æй, уæддæр нæхе бæдолæ ’й æма ’й æз некумæ рауадздзæнæн. Уотемæй, цæрунтæ байдæдтонцæ æма и сувæллон ислæг æй. Æма хан æ уосæн загъта: – Аци æнæ амондæн еу æхе хузæн æнæ амонд ракорæн. Уобæл æ бийнойнæг дæр дууæ нæбал загъта. Фидæ æ фурти æхе размæ æрбахудта æма ймæ дзоруй: – Цо, æма уæртæ бæхтæбæл сæргътæ исæвæрæ, мах ба уосæ агорунмæ цæуæн. Фурт, куд ин загъд адтæй, уотæ бæхтæбæл сæргътæ исæвардта æма рандæ ’нцæ. Цудæнцæ, цудæнцæ, æма цæйбæрцæ фæццудайуонцæ, Хуцау æ зонæг, уæдта еу устур гъæумæ бафтудæнцæ. Гъæунгти цæхгæрмæ дæр, дæргъцæмæ дæр хаттæнцæ, æма дин дæлæ еу кизгæ исцæуй æма ‘й бафарстонцæ, кумæ цæуис, зæгъгæ. Кизгæ ба имæ дзоруй: – Лæг агор. Уæдта сæ кизгæ фæрсуй: – Сумах ба кумæ цотæ? Етæ ин загътонцæ: – Уосæ агорунмæ. Æма сæ кæрæдземæн загътонцæ, мадта мах нæ кæрæдземæн исбæздзинан, зæгъгæ, æма ин уоци кизги æрхудта. Цæрунтæ син раеудагъ æй. Уæд фидæ æ уосæн загъта, атæ хъæбæр æнæ амонд æнцæ, æма мах цæуæн æндæр гъæумæ цæрунмæ. Ани мæгурбонмæ кæсун мæн бон нæй, æма сæ ами уадзæн, зæгъгæ.
395
Уотемæй рандæнцæ сæ синхаг гъæумæ. Уæдмæти и лæхъуæн æма æ бийнойнагæн биццеу райгурдæй. Уой туххæн ба син гъæуи алкедæр лæвæрттæ кодта, ка – гъог, ка – байраг, ка ба – æндæр ести. Сæ хæдзари мулк цубур рæстæгмæ исахидтæй. Гъема, æгас гъæуи уохæн гъæздугæн нæбал адтæй. Хан ескæбæл ку фембæлидæ гъæуккæгтæй, уæд æй рафæрсидæ: – Куд цæрæнцæ етæ? – ’ма ин зæгъиуонцæ, хъæбæр хуарз, зæгъгæ. Уæд фидæ ниссагъæс кодта æма æ уосæн загъта: – Цæуон, æз ба сæ рабæрæг кæнон, цума цæмæй цæрунцæ. Уосæн дæр е æхцæуæн куд н ’адтайдæ. Хан бæхбæл рабадтæй, ранæхстæр æй æма æ райгурæн гъæумæ исхъæрттæй. И биццеуи зæрдæ æй цума лæдæргæ кодта, уотæ æ размæ рацудæй. Рафестæг æй бæхгин æма ибæл ниццийнитæ æнцæ, мæнæ ма кæдæй-уæдæй нæ фиди уинæн, зæгъгæ. Алли-алцæмæй идзаг фингитæ ин искодтонцæ æма ’й дзæбæх фæххинстонцæ. Фидæ дести бацудæй, гъуди кæнуй, ани ба, зæгъгæ, æнæнивæ ку худтон. Æхе дзæбæх ку исæфсаста, уæдта раистадæй æма син сæ къумти фæххаттæй. Фæрракæсæ-бакæсæ кодта, уæдта æрæги-дурæги ба цъилобибæл еу данкъай тæрнихи нивæ ниууидта æма бийнонтæн загъта: – Мæнæ мин аци данкъай радтетæ, æндæр ба уи неци корун. Æма фидæн ба «нæгъ» зæгъæн куд ес. Етæ дæр ин æй равардтонцæ. И фидæ данкъай исиста, данкъа ба æ нивæ цъилобибæл фæууагъта æма ин уой не ’рæстæфтæй. Хан æндæмæ ку рацудæй, уæд данкъамæ кæсуй, æма си нивæ нæбал ес. Фæстæмæ цалинмæ уадæй, уалинмæ ба цъилоби гал рахуардта. И лæг ку фездахтæй, уæд гали тæрнихи нивæ ниууидта ’ма загъта, мæнæ аци гал нивгæрдетæ ’ма ’й æд къах, æд сæр аги никкалетæ æма си мæхецæй раздæр куд неке бахуæра, уотæ. Фурт гал равгарста, фæйхæйттæ кодта æма ’й аги никкалдта. Æ рæугутæ ба ин цæхæрбæл байвардта фезонæгæн. Нур, сæ сувæллон ба арти фарсмæ бадтæй. Гали рæугутæ цæхæри сæрмæ цъис-цъис кодтонцæ æма и нивæ сувæллони тæрнихи бакалдæй. И фидæ уой ку фæййидта, уæд загъта, нур ба мин сæ сувæллони ба нæбал ратдзæнæнцæ, æма цæуон, зæгъгæ. Фидæ æ хæдзарæмæ рандæй, æ рæдуд балæдæргæй. Нивæ Хуцауæй фæстæмæ неке дæттуй æма ’й неке зонуй, ка уодзæй амондгун, уæдта ка уодзæй æнæ амонд. Хан ма базудта, ескæмæй нивæ ракорæн ке нæййес, уой дæр. Алкæмæн æхе æй æ нивæ. Гъеууобæл мæ аргъау цæцæй æма фæцæй. Сумах ба мин устур нивти хæццæ ирæзетæ. ЦИППИ-й архив, ЮНЕСКО-й кафедрæ. Скъоладзаути аккаг арæзт.
396
АРГЪАУ – Уæ, еууæ, еууæ! – Еуебæл дууæ æфсад æй. – Уæ, дууæ, дууæ! – Мæ дууæ цæстемæй æмбес уинун. – Уæ, æртæ, æртæ! – Æртикъахуг фингæ хуæрзидзаг ку уа, уæд уобæл хуæрун уарзун. – Уæ, цуппар, цуппар! – Цуппар дзугги ци гъогбæл нæ уа, е æнхæст æхсир нæ кæнуй. – Уæ, фондз, фондз! – Фондз æнгулдзи ци лæгбæл нæ уа, е тог есунмæ нæ бæззуй. – Уæ, æхсæз, æхсæз! – Æхсæзанздзуд байрагбæл бадун уарзун. – Уæ, авд, авд! – Авд æстъалуй ку скæсунцæ, бон дæр уæд æрбауй. – Уæ, аст, аст? – Аст гали ци готонбæл нæ уа, е æнхæст хумæ нæ кæнуй. – Уæ, фараст, фараст! – Фарæстæймаги къулух дзинга мæ бæх адтæй, пухци халæ ме ‘донæ адтæй, гъæмпи халæ ме ‘хсæ адтæй, уотемæй денгизи сæрти балæуирдтон. – ‘Ма кæд минкъий денгиз адтæй, уæдта? – Минкъий денгиз ба куд адтæй! Цæргæс æ еу фарсæй иннæ фарсмæ тæхун ку нæ фæразта! – ‘Ма кæд бæдолæ-цæргæс адтæй, уæдта? – Бæдолæ-цæргæс ба куд адтæй, – Нарти гъæу æ еунæг базури буни ку никкæнидæ, уæд сæбæл арвæй хор кæсун ку нæ уагъта!.. – ‘Ма кæд минкъий гъæу адтæй, уæдта? – Минкъий гъæу ба куцæй адтæй, хæрæг æ еу кæронæй ку ниууасидæ, уæд е ‘ннæ кæронмæ ку не ‘гъустæй! – ‘Ма кæд бæдолæ-хæрæг адтæй, уæдта? – Бæдолæ хæрæг ба куцæй адтæй, тæрхъос цæнхи уæргъти хæццæ ку æййафта.
397
– ‘Ма кæд бæдолæ-тæрхъос адтæй, уæдта? – Бæдолæ-тæрхъос ба куцæй адтæй, – Нарти Алæгæн си кæрци реутæ æма ходи билтæ ку цудæй. – ‘Ма кæд минкъий лæг адтæй, уæдта? – Минкъий лæг ба куд адтæй, уасæнгæ æ къæхти буни ку ниууасидæ, уæд æй ку не ‘гъуста. – ‘Ма кæд къуру лæг адтæй, уæдта? – Къуру лæг ба куцæй адтæй, – фæсхонх дууæ калми синæр ку цагътонцæ, уæд уой ку игъуста. Хадзигуай дзурдтæй финст. Радзорæгæн æ муггаг бæрæг нæй. «Гарданти Михал. Уадзимистæ», Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 245 – 246 ф.
398
АЙКИНСÆР, ГЪÆМПИНУÆРАГ ÆМА ХАЛИНХЪУР Рагæй æрæгимæ дæр æнсувæртæ ку байрæзунцæ æма сæ уоститæ корун ку багъæуй, уæд фæккæнунцæ иуаргæ. Хецæн хæдзæртти цæргæй, кæрæдзей фулдæр фæууарзунцæ. Раги ’ма раги цардæй æртæ æнсувæри. Хестар адтæй Айкинсæр, астæуккаг адтæй Гъæмпинуæраг, кæстæр ба адтæй Халинхъур. Уотитæ ба уомæ гæсгæ хундтæнцæ æма хестæрæн æ сæр адтæй айки хузæн лигъз уæдта дæргъдумбул, астæуккагæн æ уæргутæ гъæмпи хузæн фæлмæн, кæстæрæн ба хали хузæн даргъ æма листæг хъур. И æнсувæртæмæ адтæй еунæг дзæгъар гъог. Уоститæ корун сæ зæрди æрæфтудæй, уотемæй еу хатт еу рауæн бабадтæнцæ æма сæмæ хестæр дзоруй: – Цæйтæ, байуарæн! Астæуккаг æнсувæр имæ дзоруй: – Фиццаг бал уоститæ æрхонæн, уæдта байуардзинан. Уæд и кæстæр уотæ зæгъуй: – Уоститæ ку æрхонæн, уæд етæ дæр сæхе загъд кæндзæнæнцæ æма нæбал исфедаудзинан. Раст нæбал байуардзинан. Уомæ гæсгæ бал нæ гъог нивгæрдæн æма ’й бахуæрæн, уæдта нин æнцон иуарæн уодзæнæй. Уобæл ин дууæ æнсувæри дæр исарази æнцæ, уотемæй сæ гъог нивгарстонцæ æма ’й багъуд кодтонцæ. Кæстæри, Халинхъури, рарвистонцæ хæлæрттæ æхснунмæ донмæ. Халинхъур æхснадта æма еу нард хæлорæмæ рахицæ кодта, – мæнæ ци дзæбæх æй, зæгъгæ, æма ’й ранихъуардта. Хæлорæ æ листæг хъури фæххастæй æма ферхуæстæй. Минкъийтæбæл, уæд инод кодта. Халинхъур дони цори æхе рауагъта, цалинмæ æхе кеми æрцудайдæ, уæдмæ. И хæлæрттæ æхснун дæр ниууагъта, уотемæй хъуффу-хъуффу кодта. Сосæгхуарæн неци тайуй. Хезунтæ ’й байдæдтонцæ иннетæ. Ку некæми зиндтæй, уæд имæ Гъæмпинуæраг рандæй. Дони билæбæл е ’нсувæри хъанæй ку рауидта, уæд æй мард рангъæл адтæй, æллæх, зæгъгæ, нигъгъæр кодта æма æ уæргутæ дууæ къохемæй æрцавта. Берæ ’й нæбал багъудæй, уæдта æ уæргутæ фæппурх
399
адтайуонцæ, уæддæр хъæбæр фæрристæнцæ ’ма е дæр е ’нсувæри размæ рауæлгоммæ ’й уау – уауу гæнгæй. Уæд сæ Айкинсæр хезун байдæдта. Ку некæми зиндтæнцæ, уæд сæмæ е дæр рандæй. Е ’нсувæрти хъæнттæй ку рауидта, уæд исдзурдта, æллæх, зæгъгæ. Æ тæссонд сæр æ къохтæй ниццавта æма е ’нсувæрти фарсмæ рауæлгоммæ ’й. Гъеууотемæй еунæг сосæгхуари фудæй и æнсувæртæ æртемæй дæр зин уавæри бæхаудтæнцæ. Цæйбæрцæ фæллæудтайуонцæ хъанæй, уæдта еугай дугаййæй æрæскъиттæнцæ. Загътонцæ уотæ: – Абонæй фæстæмæ алцидæр еумæ кæндзинан, уæдта иуаргæ дæр нæбал кæнæн. Айкинсæр, Гъæмпинуæраг æма Халинхъур гъоги хæлæрттæ еумæ нихснадтонцæ. Кувд искодтонцæ æма æгас гъæу дæр æрхудтонцæ еци кувдмæ. Кувд ба исхудтонцæ – æнсувæрти лимæндзийнади кувд. Уой фæсте ба син и гъæуккæгтæ уæддæр æртæ нæуæг хæдзари æмвæрстæ искодтонцæ æма син уоститæ уордæмæ æрхудтонцæ. И уоститæ ба сæхецæй æхцулдæр разиндтæнцæ кæрæдзебæл, куд фæззæгъунцæ, еу хæдонæ дæр син урух адтæй. Гъеууотемæй ма абони уæнгæ дæр хæларæй цæрунцæ Айкинсæр, Гъæмпинуæраг æма Халинхъур сæ бийнонти æма сæ кæрæдзæй хæццæ. Сумах дæр ма уе ’нсувæртæ ‘ма хуæрти хæццæ уæ кæрæдзей уотæ ку уарзиайтæ, уæд амонди бæстæ исаразианæ. Скъоладзаути аккаг арæзт. ЦИППИ-й архив, ЮНЕСКО-й кафедрæ.
400
ГАЛ ÆМА ХÆРÆГ Гал къолæбæл хустæй æма ймæ хæрæг дæллæй уæлæмæ дзоруй: – Уæ, уæлæ гал, хауис! – Æма дæуæй ци фæрресдзæнæй, ку рахауон, уæд? – æрдзурдта имæ гал. – Дæ хæссун мæнмæ кæсдзæнæй, – загъта хæрæг. Сувæллæнтти агкаг арæзт аргъау. ЦИППИ-й архив, ЮНЕСКО-й кафедрæ.
401 26* Заказ №1424
ХÆРÆГ ÆМА БЕРÆГЪИ АРГЪАУ Раги ’ма раги еу гъæуи еу зæронд уосæ цардæй. Бийнонтæ ин н’ адтæй æ дуйней дæр. Фонси муггагæй дæр имæ хæрæгæй уæлдай неци хаттæй. Зæронд уосæн æ хæрæг адæймаги хузæн зундæй æнхæст адтæй. Кæд н’ адтæй, уæддæр æ цъух ба дзæбæх карста, дзоргæ ба æрмæстдæр нæхе ’рдигонау кодта, уомæн æма æндæр æвзæгтæбæл ка дзоруй, уони бæсти хъæбæр æфсæрми кодта. И зæронд уосæ æ еунæг уодбæлхуæцæгмæ еу сæумæ дзоруй: – Гæлæхха, хæрæг, сог нæмæ ку нæбал ес, æма, цо, гъæдæмæ исуайæ, æма дæ уаргъ сог æрдавæ! – Рарæвдзæ мæ кæнæ, æма ка исуайа, е ба дин – æз, – федарæй дзурд равардта хæрæг. Силæстæг ин æ хъурбæл бæндæн бафтудта, æндæмæ ’й раскъардта, уотемæй хæрæг рандæй гъæдæмæ согдзау. Хирх æма фæрæт æ галеу фарсбæл уæгъдæ баст адтæнцæ, æма и даргъгъос гинц-гинццæй ку фæууадæй, уæд сæ дзæгъал-мугъул изолтæмæ игъустæй. Уони гъæрмæ ба берæгъ æрцудæй æма æ фæсте гъузун байдæдта, а ци косдзæнæй, ба ймæ кæсон, зæгъгæ. Хæрæг согтæ ракодта, æхебæл сæ æрбаста нанай бæндæнæй æма гъæди хурфæй гъæдгæронмæ рацудæй. Будурмæ ку рахъæрттæй, уæдта, берæгъ æ фæсте нæ цудæй, æма уордигæй æ надмæ рагæпп ласта. Дзоруй имæ: – Ци дин æй е, ци хæссис, хæрæг? – Мæнæ мæ нана согмæ рарвиста ’ма уой хæссун, – загъта хайуан. – Мадта дæхе дæ уæргътæй рауæгъдæ кæнæ, кæдзосæй мæ гъæуис, – зæгъгæ, æ дæндæгти къæс-къæс иссудæй берæгъæн. – Æма дæ мæ уаргъ ба уоййасæбæл ци багъигæ дардта? – Фатхъæдæ сог берæгъи дæндаг дæр нæ кæрдуй. Хæрæг имæ дзоруй: – Гæллæха, мæн ци хуæрис?! Æз мæллæг дæн, уæдта хæрæги фид ка хуæруй? Ду фатхъæдæ сог зæгъис, фал мæн цар уомæй хъæбæрдæр ку æй. Нихсистæй æркъей уафси хузæн, æма мæбæл де ’нсуртæ басæтдзæнæ. Мæ фид дæр хъæбæр æнадæ ‘й, уомæн æма синдзитæй цæрун. – Мадта мæнæн ба ци гæнгæ ’й, къуæрей цауæнæй мæ дзæмбути еу цъеу
402
маргъ дæр нæ бафтудæй. Тæрегъæд нæ дæн? Дæхе бæсти мин еу æндæр ести байамонæ. У-у-у, гæллæха, – зæгъгæ, имæ баниудтæй берæгъ. Хæрæг загъта: – Атæ мæмæ æрбайгъосай: гъæдæмæ ку цудтæн, уæд надбæл фæууидтон – нард тохъулитæ хезунцæ. Нуртæккæ сæмæ нихъхъæртдзинан, бадин сæ амондзæнæн, æма си нарддæр ка уа, уой равзардзæнæ. Дæхе нифсаддзæнæ, уæдта ниххусдзæнæ. – Мадта мæ де ’рагъи хæссæ, хуарз мин дæ зæрди æрæфтудæй, – зæгъгæ, загъта берæгъ. Хæрæг æй е ’рагъи ракодта ’ма согти сæрбæл исбадтæй. Берæгъ идонæ æ къохтæмæ æрбайста æма ин уæллæй дæлæмæ æ губун гæрзин æхсæй æрцъинггитæ ласта. Хæрæг синг-синггæнгæ уайуй, берæгъ ба цийнæ кæнуй, нуртæккæ, зæгъгæ, нихъхъæртдзинан, æма тохъули хуæрдзæнæн. Нур, и хæрæг ка ’й, е берæгъи согти æхсæн нихъхъан кæнун кодта, гъæу куд нæ уидтайдæ, уотæ, и тохъулитæ, дан, фезгули уодзæнæнцæ æма дæхе æрримæхсæ, зæгъгæ. Æхуæдæгка гъæуæрдæмæ цæуй, берæгъи æ рагъи хæссуй. Æрхъæрттæй хæрæг гъæугæронмæ, фæллæудтæй æма фæдеси уаст никкодта: – У-ут, мæнæ мæ берæгъ хуæруй, сумах фонс дæр зæран кæнуй! Гъæу æй ку райгъустонцæ, уæд имæ рафæдес æнцæ, хуæцетæ, дан, и цъумурбæл. Берæгъ адæм ледзгæ ку æруидта, уæдта хæрæги фæрсуй: – Кумæ уайунцæ атæ? Хæрæг имæ дзоруй: – Уонæй ма тæрсæ, сæхе гъуддаги уайунцæ, – зæгъгæ. Фæдес имæ æрбахъæрттæнцæ æма ’й хæрæги рагъæй рагæлстонцæ, нæгæ гъæртæгæнгæй. Гъелтæй хуайун æй байдæдтонцæ, æма ’й ниммардтонцæ фур надæй, æма уæдта хæрæг æ гъæлæсидзаг ниххудтæй, гъе, е ба дин нард тохъулитæ, зæгъгæ. Хæрæги къæл-къæл гъæдæрдæмæ ниййазæлдæй æма ма уоми к’ адтæй, еци берæгътæ дæр арфдæртæмæ фæллигъдæнцæ. Е ба нихъхъиллеппитæ кодта æма согти уаргъи хæццæ сæхемæ исмедæг æй. Зæронд уосæ ба уой гъæуай кодта, ци æрæгæмæ ’й, зæгъгæ, берæгъæй ин тарстæй. Ку æрхъæрттæй, уæд ин хæрæг уотæ: – Берæгъ мæ хуæргæ кодта, фал æй басайдтон. Гъæуи кæронмæ ’й æрхастон мæ рагъи, уæдта ниууастон. Нæ гъæу рафæдес æнцæ æма ’й гъелтæй нимморæ кодтонцæ.
403
Зæронд уосæ ин уотæ зæгъуй: – Æгайтима мин фæййервазтдæ, – зæгъгæ, æма цæргæ байзадæнцæ, æма ма абони дæр цæрунцæ. Зумæгон, цид, хæрæг æдасæй цæун байдæдта гъæдæмæ, хъоргæнæг æй нæбал ес. Уотемæй гъари бадунцæ зæронд уоси хæццæ. Сувæллæнтти агкаг арæзт аргъау. ЦИППИ-й архив, ЮНЕСКО-й кафедрæ.
404
ПИЛИ ТАУÆРÆХЪ Пил денгизи билæмæ бацудæй, æма си локо фæттарстæй. Уæд имæ пил дзоруй: – Ци кæни, цæмæй фæттарстæ? Локо ба ймæ дзоруй: – Лæг дæ рангъалдтон. – Æма лæг ба ци ‘й? – Лæг ба, уартæ авд надей астæу лæууæ, уæдта ‘й базондзæнæ. Авд надей астæумæ бацудæй пил æма уоми лæудтæй. Æма ибæл еу биццеу æруадæй. Пил имæ дзоруй: – Ду лæг дæ? – Нæ, æз биццеу дæн. – Мадта лæг ба кæми ‘й? – Ами лæууæ, уæдта дæбæл æрцæудзæнæй. Уæд ибæл зæронд лæг æрцудæй æма ‘й пил фæрсуй: – Ду лæг дæ? – Бæргæ лæг адтæн, фал нæбал дæн. – Мадта ци дæ? – Зæронд. – Мадта лæг ба кæми ‘й? – Ами лæууæ, уæдта дæмæ зиндзæнæй. Еу сахат рацудæй, уæдта ибæл лæг æруадæй. – Дæ фæндаг раст. – Дæ гъуддаг раст. – Ду лæг дæ? – Лæг дæн. – Мадта лæги тухгин хонунцæ, æма тох кæнæн. Уæд лæг дзоруй: – Мæ тохæндзаумаутæ мæхемæ ку нæ ‘нцæ. Мæнæ мæмæ рæвæйнæ æма фæрæтæй æндæр ку неци ес. – Мадта дæ тохæндзаумаутæ æрхæссæ. Лæг имæ дзоруй:
405
– ‘Ма мин фæлледздзæнæ. – Нæ фæлледздзæнæн. – Мадта дæ мæнæ бæласæбæл ниббæттон мæнæ рæвæйнæй. Лæг заманай рæвæйнæй пили устур толдзæ бæласæбæл исбаста, заманай нæуæг федар рæвæйнæй. Лæг ку нæбал тарстæй пилæн ратонунæй, уæд заманай циргъ фæрæтæй равналдта æма пилæн кæми æ еу къабазæ æрлух кæнидæ, кæми ба е ‘ннæ къабазæ. Уæд пил загъта: – Дæ мадзал лæг æй, æндæра бæргæ неци дæ. Уотемæй æй рамардта. Уæдæй ардæмæ пил лæгæй тæрсуй. Нийфинста Темирати Данел. Æ радзорæг бæрæг нæй. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 14,, 7 п. 68–70 ф.
406
БÆГЪАТÆР ТИКИС Рагима-раги еумæ цардæнцæ арс, тускъа, берæгъ æма тикис. Тикис сæ хæццæ нæ федудта æма си байурста. Бæгъатæр тикис рандæй еунæгæй надбæл, иссердта надбæл æстигъд фуси мард æмæ уой хурфи балæстæй. Уой фæсте берæгъ дæр рахецæн æй е ‘мбæлттæй, рандæй еци надбæл æма иссердта еци фуси мард. Берæгъ хуæрунмæ бавналунмæ, ниххунц кæнунмæ куд гъавта, уотæ ба ймæ тикис ралæбурдта и хуалий хурфæй. Берæгъ фæттарстæй, фæллигъдæй æ фиццаг цæрæн хæдзарæ – гъæдæмæ. Уоми ба дин бадуй арс æма тускъа. Берæгъ гъастгæнгæй радзурдта арс æма тускъайæн æ хабæрттæ. Сирдтæ истаси ‘нцæ тикисæй æма бафæндæ кодтонцæ уой зæрдæ естæмæй балхæнун, æрфæлмæн кæнун. Берæгъ загъта: – Æз фиййаутæй фус исдавдзæнæн, ду ба, арс, муддартæй – муд, мæнæ тускъа ба хæдзари зелæнтæ бакæнæд, бай æфснайæд, æма ‘й дзæбæх фæххинц дзинан, кæд нæмæ æ зæрдæ фæффæлмæн уайдæ, æндæра нин надбæл рацæуæн нæбал ес. Берæгъ æхуæдæг фус исхаста, арс – муд, уотемæй нæртон фингæ исаразтонцæ. Сирдтæ уотæ гъудитæ кодтонцæ, тикис мах фингæбæл æрбаддзæнæй, хуæрдзæнæй, мах ба уой фуси мард бахуæрдзинан. Сирдтæн сæ фингæ исцæттæ ‘й. Нур гъæуй тикисмæ хонæг. Тикисмæ хонæгæн сирдтæ рарвистонцæ берæгъи. Берæгъ коруй тикисæй: – Рацо нæмæ, нæ хæдзарæ нин фæууинæ, ардæгæй фæстæмæ гъæуама лимæнæй цæрæн, ци нин нæ хъæртуй? Ес нæмæ гъæлати фæрци алцидæр… Нур уой ку зонисæ, мах дæуæн цæхæн фингæ исаразтан, уæдта… – Цæун, цæун…. фал фестæгæй ба неци бакæндзæнæн, – зæгъуй хæлæфæй тикис. – Финги коймæ тикисæн æ били дæнттæ æруадæнцæ. Берæгъ дæр ниццийнæ ‘й: – Кæд æнвæрсис, уæд мæнæ ме усхъи рабадæ æма дæ сабургай бахъæртун кæндзæнæн нæхемæ. – Нæ мæ бафæраздзæнæ, хуæдмæлхуар!
407
– Æрбахезæ ме рагъмæ, равзарон дæ хæссун, ку нæ дæ фæразон, уæдта æндæр ести фæрæзнæ дæр кæндзинан. Тикис дæр гæпп, æма берæгъи рагъи рабадтæй. Фæццæуй берæгъ синксинккæй гъæдрæбунти пихсити бунти æма дзоруй тикисмæ: – Уæзæй рæуæг ку дæ, уæд дæмæ уæхæн тухæ кæцæй ес? Тухгин цæмæн дæ? – Тикис дæр имæ фæккомæги ‘й, фетхалдта зустæй: – Рæуæг дæн?.. Барæнай, æз ба дæбæл мæ уæзæ æма мæ тухæ æруадзон. Тикис берæгъи фæсонти æ нихтæ ниссагъта. Берæгъ фестъæлфтæй, фæгъгъæр кодта: – Уау, уауу!.. Ци уæззау дæ, ци? Берæ ‘й, мæлун… мабал уадзæ мæбæл дæ уæзæ! Тикис æма берæгъ надбæл дзæвгарæ рафæстеуат æнцæ. Арс æма тускъа сагъæсти бацудæнцæ: «Ци ‘й а? Ци æрæгæмæ æнцæ? Æвæдзи нин тикис не ‘мбали бахуардта, æндæра неци… Нур ба ‘й махмæ дæр гъæуй, хуæргæ нæ кæндзæнæй. Нæхе баримæхсæн, кенæ ба нæ бахуæрдзæнæй.» Тускъа фæсдуар æхе ругæ пихси бугъи буни никкодта, æ гъос ба ма хæрдмæ зингæ ниууагъта, ‘ма си игъуста думги, гъæди удзæлмæ. Арс ба исрæдæхстæй хæдзари тугурмæ. Уалинмæ æрхъæрттæнцæ тикис æма берæгъ, бацудæнцæ медæгмæ ‘ма дин фæсдуар бугъи-руги бунæй тускъай гъос фезмалдæй. Тикис тускъай гъосбæл æхе ниццавта, æ нихтæ си æрсагъта, – мистæ ‘й рангъæл адтæй. Тускъа нихъхъес-хъес кодта, рагæпп ласта æ хуссæнæй æма дин фæлледзуй пихси æмпурсæнтæгæнгæй. Тикис фæттарстæй тускъайæй æма тугурмæ исгæпп кодта. Арс дæр бабæй фæттарстæй тикисæй, – уоххай, хуæруй мæ, мæнмæ ислæуирдта и тикис, зæгъгæ, æхе тугурæй гупгæнгæ æргæлста, берæгъбæл фæцæй æма дин уартæ æнпурсæнтæгæнгæй фæттæхуй. Берæгъ æваст фæгъгъæла æй, ракæсæ-бакæсæ ракодта хæдзари къумтæмæ, уæдта е дæр фæлледзæг æй. Хæдзари ма æризадæй хидæгмæ еунæгæй тикис, гъургъургæнгæ æрхизтæй тугурæй, æрбадтæй идзаг фингæбæл æма нур дæр ма уоми хуæруй æма цæруй. Райдзурдта Собити Сергей Къалай фурт, 9 май, 1928 анз, Киристонгъæу. Нийфинста Гарданти Михал. ЦИГСÆИ-й архив. Фольк. № 163–6, 50 п., 61–66 ф.
408
ДУУÆ МИСТИ Будуйраг мистæ æма хуæнхаг дигорон мистæ лимæнтæ искодтонцæ. Будуйраг мистæ дзоруй хуæнхаг мистæмæ. – Рауай, æз ба дин ме ‘вæрæнтæ фæййинун кæнон! Дигорон мистæ фæццудæй, ‘ма ин е ‘вæрæнтæ фæййидта: е ‘хсæртæ, æ фæткъутæ, æ нартихуартæ, æ тæрситæ, æ хъæдорæ, уæдта ин загъта: – Рауай нур ба махмæ дæр, æз дæр дин ме ‘вæрæнтæ амонун! Æрбайхудта ‘ма ин фæййинун кодта е ‘вæрæнтæ: хуарæй, мæнæуæй, хъæдорæй имæ æ рæбунти цидæр адтæй, уони, æхуæдæг ба тикисæн бафæдзахста: – Тъæригъоси бадæ, – зæгъгæ. Фæххаттæнцæ дууæ мисти хæдзари къумти. Уæд хуæнхаг дигорон мистæ дзоруй будуйрагмæ: – Рауай æма нин не ‘фсийни къох райсæ! Будуйраг мистæ дæр бацудæй тикиси цормæ, æма ин и тикис æ сæр æ гъæлæси рацавта, фæйцъист кодта ‘ма ‘й æ бæдæлттæн райиурста. Уой фæсте ба дууæ ивæрæни дæр дигорон мистæн байзадæнцæ. Нийфинста Гарданти Михал. Æ радзорæг бæрæг нæй. «Памятники народного творчества осетин», 2 р., 1927, 117 ф.
409
ЗÆРИН МУЛДЗУГ ÆМА МИСТÆ Зæрин мулдзуг æма мистæ еумæ цардæнцæ; еу кæми адтæй, уоми ба касæ фунхтонцæ æма уотæ зæгъунцæ: – Каси билтæбæл ракафæн, – зæгъгæ. Зæрин мулдзуг дзоруй мистæмæ: – Ду ракафæ, – зæгъгæ. Мистæ æркафта, уæдта зæрин мулдзуг дæр кафгæ кодта æма ниххаудтæй каси аги. Мистæ ниддодой кодта. Уæд имæ дзоруй бæласæ: – Мистæ, цæбæл додой кæнис? – Æз уобæл додой кæнун, æма зæрин мулдзуг каси аги ниххаудтæй. Бæласæн дæр æ цонг æрхаудтæй. Халон дзоруй бæласæмæ: – Цæбæл цонгсаст кæнис, бæласæ? – Æз уобæл цонгсаст кæнун, мистæ уобæл додой кæнуй, æма зæрин мулдзуг каси аги ниххаудтæй. Халонæн дæр бабæй æ базур æрхаудтæй. Зæнхæ дзоруй халонмæ: – Цæбæл базурсаст кæнис, халон? – Æз уобæл базурсаст, бæласæ уобæл цонгсаст, мистæ уобæл еу-додой – зæрин мулдзуг каси аги ниххаудтæй. Зæнхæ дæр фескъудтæ ‘й. Дзоруй зæнхæмæ дор: – Цæбæл æскъудтæ кæнис, зæнхæ? – Æз уобæл æскъудтæ, халон уобæл базурсаст, бæласæ уобæл цонгсаст, мистæ уобæл еу-додой – зæрин мулдзуг каси аги ниххаудтæй. Дорæн дæр е ‘рдæг расастæй. Уæд согдзаутæ дзорунцæ дормæ: – Цæбæл æрдæгсаст кæнис, дор? – Æз уобæл æрдæгсаст, зæнхæ уобæл скъудтæ, бæласæ уобæл цонгсаст, халон уобæл базурсаст, мистæ уобæл еу-додой – зæрин мулдзуг каси аги ниххаудтæй. Согдзаутæн дæр сæ фæрæттæ фæххаудтæнцæ.
410
Дондзаутæ дзорунцæ согдзаутæмæ: – Цæбæл фæрæтхаудт айтæ? – Мах уобæл фæрæтхаудт ан, дор уобæл æрдæгсаст, зæнхæ уобæл скъудтæ, бæласæ уобæл цонгсаст, халон уобæл базурсаст, мистæ уобæл еу-додой – зæрин мулдзуг каси аги ниххаудтæй. Дондзаутæ дæр сæ кусинттæ фæууагътонцæ. Дон сæмæ дзоруй: – Цæбæл кусинсидзтæ кæнетæ? – Мах уобæл кусинсидзтæ, согдзаутæ уобæл фæрæтсидзтæ, дор уобæл æрдæг саст, зæнхæ уобæл æскъудтæ, бæласæ уобæл цонгсаст, халон уобæл базурсаст, мистæ уобæл еу-додой – зæрин мулдзуг каси аги ниххаудтæй. Дон дæр ниццæхъал-мухъул кодта. Хорбадæни уоститæ дзорунцæ: – Дон, цæбæл цæхъал-мухъул? – Æз уобæл цæхъал-мухъул, Дондзаутæ уобæл кусинсидзтæ, Согдзаутæ уобæл фæрæтсидзтæ, Дор уобæл æрдæг саст, Зæнхæ уобæл скъудтæ, Бæласæ уобæл цонгсаст, Халон уобæл базурсаст, Мистæ уобæл еу-додой – Зæрин мулдзуг каси аги ниххаудтæй. Уæхæн устур фудтæ фæййидтонцæ зæрин мулдзуги фæдбæл. Райдзурдта Хъиргъути Тасо, 1902 анз, Уæхъæцæ. Нийфинста Толасти Геуæрги. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 17, 9 п., 54–55 ф.
411
ХÆФСÆ ÆМА МУЛДЗУГ Хæфсæ æма мулдзуг лимæнтæ адтæнцæ æма аллирдæмæ еумæ цудæнцæ. Еу бон ба сæ дони сæрти хезун багъудæй, æма мулдзуг истаси æй: – Нур мæн ласгæ ку кæндзæнæй, æма ци кæнон? Хæфсæ ин загъта: – Ма тæрсæ. Мæнæ мæн рагъи рабадæ, æма дæ æз бахæсдзæнæн. Мулдзуг хæфси рагъи рабадтæй, æма хæфсæ дони балæуирдта. Е дони ку ранигъулдæй, уæд мулдзуг ба дони сæрбæл райзадæй æма ’й гулфæн раскъафта. Хæфсæ дони бунти фæууордæг æй æма билæй гъæуай кодта, мæ лимæн ци фæцæй, зæгъгæ. Мулдзуг ба дони сæрбæл гъæргæнгæ уадæй: – Ардиги æндæмæ лæгъузи хæццæ макебал ислимæн кæнæд! Сувæллæнтти агкаг арæзт аргъау. ЦИППИ-й архив, ЮНЕСКО-й кафедрæ.
ИСТОРИОН ТАУРÆХЪТÆ
МАКЪЕДОН АЛЕКСАНДИР Макъедон Александирæй раздæр паддзах н’ адтæй. Лæгæн æ сæри уорситæ ку бацæуидæ, уæд æй марун кодта. Еу лæхъуæнæн æ фиди закъи уорситæ бацудæй. Уæд уой æ фиди фæййервæзун бафæндадтæй æма уой туххæн марди кирæ искодта æма ‘й æзмесæй байдзаг кодта, æ сæр ба ин нихгæдта, æхуæдæг ба загъта Макъедон Александирæн: – Мæ фиди сæри уорситæ бацудæй æма ‘й, дæуæн де ‘гъдаумæ гæсгæ, рамардтон æма ‘й байвардтон. Уæд Макъедон Александир райарфæ кодта æма ин загъта: – Боз ди дæн, мæ зæгъун дæ ке нæ багъудæй æма дæ паддзахи бæсти ‘гъдау ке сæнхæст кодтай, уой туххæн. Æхуæдæг ба еци лæхъуæн æ фиди маргæ нæ ракодта, фал ин искодта зæнхи буни хæдзæрттæ, цæрæн æма æхе гъуди цæуæн. Уотемæй æ фидæ уоми цардæй, æ хуæруйнаг дæр уоми, е ‘ндæр дæр уоми. Уæд, еу бон кæми адтæй, уоми Макъедон Александир фæгъгъæр кодта æ адæмбæл: – Хæдзарæн-лæгæй æнæ рацæун нæййес! Хуарз кард æма хуарз топп маке равзарæд, хуарз бæх ба æ фæсте маке ниууадзæд! Куд не сæнхæст кодтайуонцæ и устур паддзахи дзурд? Лæхъуæн æ фидæмæ ниццудæй æма ин загъта: – Нæ паддзах æ адæмбæл рагъæр кодта æма загъта: «Хуарз кард, хуарз топп маке равзарæд, хуарз бæх ба æ фæсте маке ниууадзæд, уотемæй æрæмбурд уотæ!» – Æма ци кæнунмæ гъавуй, уой ба ин неке зонуй.
413
– Хуарз, – зæгъгæ, загъта и зæронд лæг. – Ду мин ци хуæрзтæ бакод тай, ду мæбæл ци хъиамæттæ фæккодтай, уони дин æз нур еунæг сахатбæл бахатдзæнæн. Нæ паддзах зæнхæбæл æнæсаст бæстæ нæбал ниууагъта, æма кæд нур есгумæ æфсадæй цæунмæ гъавуй, уæд цæуй цæрдодæй дзенет басæттунмæ, æма е æнæ Хуцауи уарзон гъуддæгтæ ке кæнуй, уой туххæн фудфæндæгтæ кæндзинайтæ, æма дин фæндæ кæнун. Е ци ‘й: «Хуарз кард, хуарз топп маке багорæд, хуарз бæх ба маке ниууадзæд», – зæгъуй, фал æз ба дин зæгъун: хуарз кард ма рартасæ, хуарз топп дæр ма рартасæ, уæдта бæхæй ба нæуæг зад æфсæбæл фæццо, æ байраг ба ин ами ниууадзæ. Беурæ фæццæудзинайтæ зæнхи буни талингæ нæдтæбæл æма бахъæртдзинайтæ дзенетмæ. Дзенети бунуат Макъедон Александирæн не содзæнæй цæрдуодæй, æма уин фæстæмæ раздæхун ба хъæбæр зин исуодзæнæй, æма уæд ду бæхæн æ думæгбæл бæндæн исбæттæ! Бæндæн хæссæ дæ хæтдзæ. Уой фæсте бæхæн æхе рауадзæ, æхе бæрагæ ‘й уадзæ! Æфсæ æ бæдолæмæ цæудзæнæй æма дæ е уотемæй ардæмæ хъæртун кæндзæнæй. И зæронд лæг æ фурти Сафабæл бафæдзахста æма ‘й рафæндараст кодта. Ранæхстæр æй Макъедон Александир е ‘фсæдти хæццæ. Зæнхи буни бацудæнцæ æма уотемæй цæунтæ байдæдтонцæ. Хуцау зонуй, цæйбæрцæ фæццудæнцæ, уæдта, разæй ка цудæй, е бауидта: еу рохси цъита кæцæйдæр ферттивта. Раззæгутæ сæ бæхтæ рохсмæ ниццæфтæ кодтонцæ, фал цидæр æрбацæй и рохс. Хезунцæ, кæд ма еци рохс есгæцæй фæззиннидæ. Еу минги рацудæй, æвæдзи, уæдта бабæй и рохс ферттивта. Еци рохс ферттивта, дзенети дуар фегонгæнгæй. Раззæгтæ сæ бæхтæ ниццæфтæ кодтонцæ, æма си еу фæууордæг æй, инней ба дуар æ астæутæбæл дууæ ‘мбеси рахаун кодта. Еу æрдæг дзенети меддуар фæцæй, иннæ ба æндæдуар райзадæй. Дзенети хуæдигонгæнгæ дуæрттæ ку разудтонцæ, дзенетмæ цæрдод адæм æрбацудæй, уой, уæд фæстæмæ ниггупп кодтонцæ æма уотемæй дуккаг лæги фæддууех кодтонцæ. Нур Дигорæмæ уотæ зæгъунцæ, цума дзенети цæрдодæй лæг æма æрдæг ес. Макъедон Александир, ци ‘рцудæй, уой ку разудта, уæд фæгъгъæр кодта е ‘фсадбæл: – Цæугитæ фæстæмæ нур, лæг ка ‘й, е! Фал зæнхи буни талингæ куд н’ адтæй, æма неци уидтонцæ. Ци рауæн лæудтæнцæ, уоми сæ бæхтæ иннердæмæ рахаттонцæ æма цæунтæ байдæдтонцæ. Цудæнцæ, цудæнцæ, Хуцау зонуй, цæйбæрцæ фæццудæнцæ, уæдта цирагъ ниррохс кодтонцæ, кæсунцæ æма дес кæнунцæ: сæ фиццаг бунати лæуунцæ. Зæнхи буни берæ нæдтæ адтæй, æма фæдздзæгъæл æнцæ, æма сæ уотемæй Хуцау сæ фитдзаг бунатмæ æрхаста. Бауолæфтæнцæ, уæдта бабæй исбадтæнцæ
414
сæ бæхтæбæл æма бабæй цæунтæ байдæдтонцæ. Цæйбæрцæ фæццудæнцæ, Хуцау зонуй, уæдта æрфестæг æнцæ. Цирагъ ниййасугътонцæ, кæсунцæ: сæ фиццаг бунат – сæ лæууæн. Уотемæй фæгъгъезæмарæ кодтонцæ. Уæд и зæронд лæги фурт, æфсæбæл ка бадтæй, еци лæхъуæн загъта: – Цæй, мæ коммæ бакæсетæ, æма фендæзæнхæ уодзинан. Мæнæ мæ бæхæн æ думæгбæл бæндæн ниббæтдзинан, æма, бæндæнбæл хуæцгæй, бæх цирдæмæ цæуа, уордæмæ мах дæр цæудзинан. Мæ бæх æй нæуæгзад æфсæ æма е цæудзæнæй æ байрагмæ, æ байраг ба ин нæхемæ ниууагътон барæй. Гъе уотемæй мах фендæзæнхæ уодзинан. Макъедон Александир лæхъуæни коммæ бакастæй, æма уотемæй рацудæнцæ дæлмагуртæй. Уой фæсте Макъедон Александир æрæмбурд кодта адæми æма уони рази лæхъуæнæн хъæбæр арфæ кодта. Уæд ин и лæхъуæн загъта: – Æз мæхе зундæй нæ бакодтон уоци гъуддаг, мæ фидæ мин байамудта мæнæн уой. Мæ фиди æз нæ рамардтон; зæнхи буни ин хæдзарæ искодтон, æма гъенур дæр уоми цæруй. Беурæ ‘й уарзтон æма уомæ гæсгæ дæу дæр басайдтон. Ци мин кæнис, уой мин кæнæ, дæ къохи дæн! Уæд ин Макъедон Александир æ фиди искæнун кодта æма адæми рази загъта: «Ду мæнæй зундгиндæр дæ, гъæуама ду уай паддзах.» Уотемæй и зæронд лæг паддзах иссæй. И зæронд лæг, нæуæг паддзах, фиццаг хуарз адтæй, фал е дæр фæстæдрæмæ ба хъал кæнун байдæдта æма айдагъ æхе царди гъуди бацудæй, адæми гъуди дæр нæбал кодта. Цитæ син нæ кæнун кодта! Еу хатт ба æхецæн дорæй æркъей рохсæнтæ кæнун кодта. Агурдтонцæ адæм, фал – кæми! Нæ ирдтонцæ. Паддзах мæстгун кæнун байдæдта. Æрæгидурæги ба иссирдтонцæ еу фиййау. Радзурдтонцæ ин сæ хабар. Фиййау исарази æй. Уæд имæ паддзах рацудæй будурмæ æма ин загъта: – Гъи, искæндзæнæ мин дорин рохсæнтæ? – Цæмæннæ искæндзæнæн, ку мин байамонай, ци дорæй æма сæ куд кæнон, уой. – Паддзах æркастæй æхемæ æма загъта: – Ци æнæзунд дæн! Цитæ кæнун кæнун, уой мæхуæдæг дæр ку нæ зонун! А фиййау мæнæй – зундгиндæр, мæнæн ме ‘нæзунддзийнадæ ка базонун кодта! Æма загъта: – Дæуæн аккаг æй паддзахдзийнадæ кæнун мæн рази, уомæн, æма ду мæнæй зундгиндæр дæ. Амæй æндæмæ ду уо паддзах! – Уотемæй и фиййау испаддзах æй. Уони ци нæ фæууидтан, æндæр рун дæ ма уæд. Райдзурдта Дарчити Симон, Дур-Дур. Нийфинста Собити Инал. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. 11, 67 п.
415
АХСАХЪ-ТЕМУР Дигорæ ‘ма Кæсæг Нартæй байзайгæ адæнтæ æнцæ. Нартæй хъаурæгиндæр ба фиццаг замани а хуæнхти н’адтæй. Ахсахъ-Темурæн ба æфсæн базуртæ адтæй ‘ма арвбæл æртæ зилди кодта. Æгас дуйнетæ дæр уой къохти адтæнцæ. Æрæгиау ба ма ин мах хуæнхтæ æнæ саст адтæнцæ æма ардæмæ устур æфсæдти хæццæ ранæхстæр æй. Махмæ идард цардæй, ‘ма мæ надбæл ку фæррæдуйон, зæгъгæ, ‘ма е ‘фсад куд цудæй, уотæ æ косгутæ ба уони фæсте бурæу къахгæ цудæнцæ. Дигорæмæ æрбацудæй ‘ма адæми фулдæр уой тугъди цагъд фæцæнцæ, сæ нецæй хузæн хауæггаг ба син æ хæццæ фæххаста Китаймæ ‘ма си уоми хецæн гъæутæ искодта. Æхуæдæг ба арвмæ исцудæй, ‘ма уоми æстъалуй хузи бацудæй. Хъиамæти разæй бабæй зæнхæмæ æрцæудзæнæй ‘ма, æ къохи ци адæмтæ адтæй, етæ æ хæццæ, уотемæй нæуæгæй дуйне басæтдзæнæй. Еци æфсади уодзæнæнцæ, Асахъ-Темур Дигорæй ке фæххаста, еци адæнтæ дæр æма тохдзæнæнцæ Дигорæбæл. Хæстæг, æрвадæ, фидæ адæм нæбал æвзардзæнæнцæ. Дигорæн сæ фарнæ нæма фесавдæй ‘ма исхъæбæрдæр уодзæнæнцæ Ахсахъ-Темури æфсадбæл. Æфсæдтæ фæйнердæмæ ниппурх уодзæнæнцæ ‘ма Ахсахъ-Темур еунæгæй æризайдзæнæй æ дууæ урсей хæццæ. Уой фæсте ба Тотрази фурт Алибег æма Солтан истохдзæнæнцæ. Сæ гъæр, сæ нæгæмæ адæнтæ æмбурдтæ кæндзæнæнцæ; сæ церхъити æма хæтæлти дзæнгал-мунгулæй кæрæдзей дзурд нæбал æртасдзæнæнцæ. Арв сæбæл кæудзæнæй, зæнхæ рездзæнæй сæ тæрегъæдмæ, адæм ба сæмæ кæрæдзей сæрти кæсдзæнæнцæ: догъ кæмæн адтæй, е æ бæхи сæрæй; хъабагъ, циртдзæвæн кæмæн адтæй, е ба уой сæрæй; иннетæ ба алкедæр фестæгæй. Уой фæсте ба тохдзæнæй Ахсахъ-Темур æма авд æнсувæри. Уæдта зæнхæ ниррездзæнæй ‘ма дуйне фехæлдзæнæй. Кертибийти Кертибий дзурдтæй финст. Мæхческæ, 6 ноябрь, 1903 анз. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «Гарданти Михал.Уадзимистæ.»Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 134 ф.
416
АХСАХЪ-ТЕМУР ÆМА ЛÆДÆРТÆ Раги, изæдтæ ма адæми хæтдзæ ку хаттæнцæ, уæд еу фуд лæг, Ахсахъ-Темур, зæгъгæ, сæ хæтдзæ хаттæй, зæнхон адæймаг уогæй. Бонæн æ еу афони ба ин донмæ æнæ ‘рцæун н’ адтæй. Еци рæстæги зæнхæбæл ба цардæй авд æнсувæри, Лæдæртæ, зæгъгæ. Уонæн ба тухæ кодта Ахсахъ-Темур, ‘ма ку нæбал си фæразтонцæ, уæдта загътонцæ: «Еу афони донмæ цæуй ‘ма Донбеттæрæн лихстаг æй. Цæуæн, енцег æй схæссæн, кæд нæ уой тасæй ниууадзидæ. Кæд уомæй фæттæрса, æндæра лæгæй ба нæ тæрсуй». Рандæнцæ ‘ма Донбеттæрæй енцег схастонцæ. Ахсахъ-Темур уой ку базудта, уæд загъта: «Бæрæг уодзæнæй, кæд æз Донбеттæрæй фæттæрсон, уæд». Уой фæсте бацудæй ‘ма син сæ енцег рамардта. Лæдæртæ æрдеуагæгæнгæ ниццудæнцæ ‘ма ин загътонцæ, ци цау сæбæл æрцудæй, уой. Донбеттæр ба син загъта: «Еу афони донмæ цæуй ‘ма ‘й уæд марунмæ гъаветæ». Ахсахъ-Темур уой ку базудта, уæд нæбал ниццудæй донмæ, фал рандæй ‘ма арви астæу сбадтæй. Дууæ урси ба æхецæн хъалаур ниссагъта. Лæдæртæ ба, донмæ цæудзæнæй, зæгъгæ, фесунмæ донæрдæмæ цæун байдайунцæ. Ку фæррохс уй, уæдта ма ‘й бæргæ исуинунцæ ‘ма имæ фæрраст кæнунцæ, фал син фæррохс уй, ‘ма син рохси фесæфуй. «Funf ossefjsche Erzahlungen in digorischem Dialekt» Herausgegeben von W.Miller und R. von Stacкelberg. St.– Petersbourg.», 1891, 19–20 ф. «Фондз таурæхъи дигорон æвзагбæл» Расæуагътонцæ В. Миллер æма Р. Стакельберг. СанктПетербург, 1891 анз, 19-20 ф.
417 27* Заказ №1424
АХСАХЪ-ТЕМУР Вариант Еу ханæн адтæй лæхъуæн. Еу хатт и хан æ фурти дæркъити хæццæ бонвиййау рарвиста ‘ма ин æ дзоги астæу Хуцау тæрхъос фестун кодта. Тæрхъос разнæмттæй ‘ма фæлледзæг æй. Темур дæр имæ фæллæбурдта, æ фæстаг къахæй æй райахæста ‘ма ‘й дæркъитæмæ багæлста. Тæрхъос дæр бабæй ралигъдæй, е дæр æй расурдта, æрæйахæста ‘ма ‘й нæуæгæй и дзогæмæ багæлста. Уотемæй и тæрхъос раледзидæ, биццеу ба ‘й æрахæссидæ ‘ма ‘й и дзогæмæ багæлдзидæ. Уотемæй сæбæл æризæр æй. Изæрæй ба ‘й Темур дæркъити хæццæ æскъæти бакодта. Сæумæ, раскъæрун афони ба и биццеу æ фидæн загъта: – Æзинæ мæ еу цъæх гумудза дæркъæ мæстæй фæццагъта, сæгъти хæццæ мин нæ лæудтæй. Кæци си уотæ фудуаг æй, зæгъгæ ‘й, фæрсуй æ фидæ. Темур дæр, мæ дзогæ раскъæрон, зæгъгæ, æскъæти дуар куд фегон кодта, уотæ ба ибæл и тæрхъос ралæуирдта. Е дæр имæ фæллæбурдта ‘ма ‘й райахæста ‘ма ‘й æ фидæмæ æвдесуй, мæнæ, гъе, аци дæркъæ, зæгъгæ. Нур биццеуæй атæ ка ‘й, е фæстæдæр ба ести уодзæнæй ‘ма мин мæ уолидзийнадæ есдзæнæй, зæгъгæ, ‘ма ин æ фидæ æ уæраг басæттун кодта, æхуæдæгка ‘й курдæн равардта. Курд ин æ къах байаразта ‘ма уомæ косун райдæдта. Темур бакъулух æй ‘ма ‘й Ахсахъ-Темур хонун райдæдтонцæ. Æ фидæмæ мæстгун куд н’ адтайдæ ‘ма рабæрæг æй: бонæ æхе баримæхсидæ, мæгурдæр ка уидæ, еци седзæргæсмæ, æхсæвæ ба гъæуи астæумæ фæллæборидæ ‘ма уордæгæй кизгæ ‘ма лæхъуæн рахæссидæ, гъæуи кæронмæ ба ‘й фæдесонтæ баййафиуонцæ ‘ма ин сæ байсиуонцæ. Еу хатт кæми адтæй, уоми ба Ахсахъ-Темур еу мæгур уосæмæ æрфусун кодта. Е дæр æхцинтæ ракодта ‘ма ин сæ еци тæвдæй æ рази байвардта. Ахсахъ-Темур дæр сæмæ нæбал фæллæудтæй ‘ма астæуæй къæбæр исесидæ ‘ма сугъд-арудтитæй искомидзаг кæнидæ. И уосæ имæ фæккастæй, уæдта ин загъта:
418
– Гъулæг дин ку уа, ме ‘уазæг, уæддæр дин бафæраздзæнæн: Ахсахъ-Темури хуæрунтæ кæнис ‘ ма дин уотемæй неци бантæсдзæнæй. – ’Ма Ахсахъ-Темур ба куд фæххуæруй ‘ма ин ци нæ бантæсуй, – фæрсуй Ахсахъ-Темур. – Ахсахъ-Темур ба, лæборгæ ку кæна, уæд гъæуæн æ астæумæ фæллæборуй, ‘ма ин сæ гъæуи кæронмæ ба байсунцæ. Е кæронæй ку хæссидæ, ке хæссуй, уони, уæд, цалинмæ гъæу фæдеси æмбурд кæна, уалинмæ е ба райдард уодзæнæй ‘ма ма ‘й фæдес куд раййафдзæнæй. Нур ду дæр кæронæй ку хуæрисæ, уæд кæронккаг къæбæртæ уазалдæр æнцæ ‘ма дин ести æнтæсидæ. Цалинмæ уой хуæрай, уалинмæ ба дин астæуккаг дæр уазал кæндзæнæй ‘ма уой дæр æййафдзæнæ. Еци дзурдтæ æ зæрди ниввардта Ахсахъ-Темур ‘ма уæдæй фæстæмæ ба æ фиди гъæу æхсæвæн дууемæй хаст фæцæй. Дæллаг кæронæй балæборидæ, кизгæ ‘ма лæхъуæн рахæссидæ; адæм дæр рафæдес уиуонцæ ‘ма ‘й нæбал раййафиуонцæ. Æнккæтей фæсте ба ин байзадæй и гъæуи сæри авд æрвадей еунæг хуæрæ. Еу æхсæвæ кæми адтæй, уоми Ахсахъ-Темур фæллæбурдта еци хæдзарæмæ ‘ма син сæ хуæрæ рахаста. Етæ дæр, авд æнсувæри, фæффæдес æнцæ ‘ма ‘й сорун райдæдтонцæ. Ахсахъ-Темур æстъалу адтæй ‘ма арвмæ исхизтæй. И авд æрвадемæн дæр искурдиадæ адтæй ‘ма æ фæсте арвбæл рабадтæнцæ. Нур мæ нæбал ниууадздзæнæнцæ, зæгъгæ, ‘ма син сæ хуæри ниууагъта, æ дууæ урси ба æ фæрстæмæ æрсагъта. Астæуккаг æй æ фæсабæрцæ раивардта ‘ма ‘й нур дæр ма сорунцæ. Хъиамæти бон ку æрцæуа, уæди уæнгæ ‘й нæ баййафдзæнæнцæ. Уæдта Сослан æма Тотрази фурт Алибеги тугъди фæсте уони тугъд уодзæнæй. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 2 ноябрь, 1903 анз. «Гарданти Михал.Уадзимистæ. «Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 135-136 ф.
419
АХСАХЪ-ТЕМУР ДИГОРÆМÆ КУТЕМÆЙ ÆРЦУДÆЙ Еу хатт Сахи æфсæдтæ Дæллаг æфцæгбæл Дигорæмæ æрбацудæнцæ ‘ма Æхсæуи хумти æрбадтæнцæ. Æхсæвæ Сах и гъæумæ тъасхæгæнгутæ еу къуар лæги исæрвиста. Фæххаттæнцæ и лæгтæ, уæдта æрæгиау ба Алтæнцахъи мæсугмæ бакастæнцæ ‘ма дин уоми ба и уосæ къумæл цæгъдуй, ‘ма къупхитæ ку ралæмаридæ, уæдта сæ артбæл бакалидæ ‘ма сæ фур сорæй цирагъау исцæфсиуонцæ, ‘ма и тар æхсæви цирагъеуæг кодтонцæ. Тъасхæгæнгутæ æриздахтæнцæ ‘ма еци хабар радзурдтонцæ и Сахæн. Сах дæр фæттарстæй, – мадта сæ уоститæ уотæ тухгин кæмæн æнцæ, зæгъгæ, ‘ма раздахтæй. Æхсæвæ кæми фæцæй Сахи ‘фсад, уоми нур устур кæрдтутæ æрзадæй бæхти лæхуати. Сах фиццагидæр будури гъæутæ басаста ‘ма хонхмæ ку цудæй, уæдта æрæгвæззæг адтæй ‘ма, е ‘фсади бæхтæ дæр, ‘ма и æфсæдтæ сæхуæдтæ дæр, Кети кæрдту фæххуардтонцæ. Хонхи гъæутæй ба фиццагидæр Æхсæуæбæл æрбадтæй ‘ма æ арми ку неци бафтудæй, уæдта Дигоргомбæл раздахтæй. Уоми ба Къæмунти Къубусбæл адтæй мæсуг. И мæсугмæ ба – мæнгазгъунст хед. Сахи ‘фсæдтæ и хедбæл исцудæнцæ. Хед син никкалдæй. И æфсад дæр Нихæтти билæй Сонгути донмæ фæззилдæнцæ. Уой фæсте ба и мæсугмæ исцæуæн нæбал адтæй. Сахи ‘фсæдтæн дæр сæ рагъæймæгтæ (ахсгиæгтæ) билæй фæккалдæнцæ. Никки ба ма зумæг дæр æрхъæрттæй ‘ма Сах, е ‘фсадæй ма ка байзадæй, уони хæццæ рандæй Гъевони æфцæгбæл. Уой фæсте ци рацудæй, уæдта еу лæг – Ахсахъ-Темури хабар игъусун райдæдта, æгас дуйнейæн хан иссæй, зæгъгæ. Еу хатт кæми адтæй, уоми Ахсахъ-Темур фегъуста, Дигоргом Сахæн сæттун куд нæ бакумдта, уой. Алтæнцахъи хабартæ дæр имæ игъустæнцæ. Устур æфсæдтæ æрæмбурд кодта ‘ма уони хæццæ Дигоргоми думæгмæ æринцадæй. Æхуæдæг ба еунæгæй æ уорс аласабæл Æхсæуæмæ æрбацудæй. Геуæргиати мæсуги ба ма адтæй æртæ кизги.
420
Гъæубунти хумти исраст кодта ‘ма и мæсугмæ е ‘рух бахатта. Билæги донмæ ку исхъæрттæй, уæдта æ бæхæй рафестæг æй ‘ма ‘й хæрди æ фæсте ласта. Кизгутти ракаст дæр уотæ фæцæй ‘ма и бæхгинмæ кæсун райдæдтонцæ, ка уодзæнæй, зæгъгæ. Къулух цо ке кодта и бæхгин, уой тухæй ибæл гурусхæ кæнун райдæдтонцæ, Ахсахъ-Темур уодзæнæй, зæгъгæ. Уалæнги и бæхгин мæсуги размæ исхъæрттæй ‘ма и кизгуттæмæ æрфусун кодта. Кизгуттæ дæр ин дзикка ракодтонцæ, байвардтонцæ ин æй ‘ма иуазæг астæуæй хуæрун райдæдта. Кизгуттæ дæр кæрæдземæ бакастæнцæ ‘ма ниххудтæнцæ. Е дæр сæмæ дзоруй: – Цæбæл ходетæ? Ахсахъ-Темури хуæрунтæ кæнис, зæгъгæ, имæ дзоруй астæуккаг кизгæ. – Мадта æз е дæн ‘ма ардæгæй фæстæмæ макæмæй бал тæрсетæ! Астæуккаг ка ‘й, е ба мин бийнонтæ куд уа, уотæ! Астæуккаг кизгæ дæр еци сахат е ‘ннæ авармæ бацудæй, æхе римæхсун байдæдта, гъома, арази дæн, зæгъгæ. И кæстæр ба имæ дзоруй: – Дæ фарнæ, дæ фарнæ, де ‘зæдистæн, корун ди ‘ма мин ниххатир кæнæ, нур ба дæмæ еу аййепп ес: æфсад уа, уæддæр, бæстæмæ æвналай, уæддæр астæумæ лæборис æма еци æгъдау – астæумæ лæбурд мабал кæнæ, е ба дæ гъуддаг растдæр цæуа. Али гъуддагæн дæр райдайæн æма кæрон ес ‘ма ду дæр еу кæронæй райдайæ, дзиппæмæ лæборай, уæддæр, æма æнæуой гъуддаг кæнай, уæддæр! Ахсахъ-Темур и кизги дзурдтæ æ зæрдæмæ байста ‘ма уордæгæй фæстæмæ ба адæммæ кæронæй бавналдта. Цæрæн бунатæн ба райста Геуæргиати мæсуг. Базуртæ ин адтæй ‘ма бонæ арвбæл æртæ зилди æркæнидæ, æхсæвæ ба Геуæргиати мæсугмæ батæхидæ ‘ма уоми астæуккаг кизги хæццæ лæг æма уосæй цардæнцæ. Еци кизгæй Ахсахъ-Темурæн æртæ лæхъуæни райгурдæй: Мали, Бицо ‘ма Гардан. Еци æртемæй ба устур Дигори Геуæргиати муггаг рантæстæнцæ. Кертибийти Кертибий дзурдтæй финст. Мæхческæ, 6 ноябрь, 1903 анз. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «Гарданти Михал.Уадзимистæ.»Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 136-138 ф.
421
ТÆТÆРТУППИ ТАУÆРÆХЪ Ногъай æма Хъалмухъ кæд дууæ æнсувæри адтæнцæ, уæддæр се’хсарæ адтæй Тæтæри Ахсахъ-Темури æфсæдтæ. Еу заман ку æркодта, уæд æртемæн дæр сæ хъаруæ сæттун байдæдта. Кæсæг, Дигорæ ‘ма Ирæ нæбал фæразтонцæ Ногъаййæй... Еу бон ку адтæй, уæд сæбæл Æргиунгæгмæ æрæмбурдæнцæ Кæсæг, Дигорæ, Ирæ ‘ма Цецен æма Ногъай æма Тæтæри бунцагъд никкодтонцæ Дзулати мæсуги рази æма сæ Æргиунгæгæй фæссурдтонцæ. Тæтæри Хуцау уотæ фæттæрсун кодта, æма бустæги сæхе райстонцæ ардигæй. Уæдæй ардæмæ еци бунат хуннуй Тæтæртупп, е ба æй, Тæтæрæн сæ тъупп кæми фæццудæй, еци рауæн, гъома, тæтæр кæми бабун æнцæ. Æгас адæмтæн ковæндони бунат ссæй уæдæй ардæмæ Тæтæртупп. Дауæ стур гъуддаги туххæй кæбæл уидæ, цид, уомæн адæм стæрхон кæниуонцæ Тæтæртуппæй ард хуæрун. Ходаистæй æма бæгъæнвадæй фæццæуиуонцæ ковæндонмæ. Ард ка бахуæридæ, уой æгас мæйæ адæм сæхемæ нæ уагътонцæ, ка ‘й зонуй, кæд мæнгæ ард бахуардта, уæд мах дæр басодздзæнæй, зæгъгæ. Уойбæрцæбæл адтæй тухуаст еци ард. Тæтæртуппæй гиризæй мæнгæ соми кæнæн н’ адтæй. Нийфинста Туйгъанти Мухарбег, 1906 анз, январь. Æ радзорæг бæрæг нæй. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 13, 6 п., 11 ф.
422
ХАНТÆ ÆМА УРУС Урус хонхбæл дууæ хатти æрбамбалдæй; уæд мах хуæнхти бæрæг æлдар нæма адтæй, хантæ ба еци рæстæги сæ тухи адтæнцæ, тухæ уони къохи адтæй. Уруси хантæ басастонцæ, хъалон сæбæл æривардтонцæ; кизги рæсугъд æма сæмæ лæхъуæни дзæбæх нæбал уагътонцæ, уотемæй сæ рацайтæбæл искодтонцæ. Уæд Уруси æлдар дæлгъæуи къæсибадæг уоси бафарста: «Ци мадзалæй ханти тухæ басæттон, цард нæ ку нæбал уадзунцæ»– зæгъгæ. Е ба загъта: «Ханти тогæй цалинмæ Урусмæ фæсевæд исæнтæса æма етæ æфсади цæунгъон фæууонцæ, уæди уæнгæ син неци мадзал иссердзæнæ. Нур ба æзнагæй неци, фал сæ хæццæ лимæн разæгъæ æма дæхе муггагмæ дæр кæд уони тогæй нæлгоймаг равзуридæ!» Уруси æлдар зелæн кæнун райдæдта æма ханти хæццæ ислимæн æй. Еу хатт кæми адтæй, уоми æлдар æхемæ ханти сæри хинцунмæ æрхудта. Хинцун æй райдæдта хуæруйнаги рæсугъд æма ниуазуйнаги дзæбæхæй. Æстæмæй-астмæ ‘й фæххинста, уæдта ма ‘й æ уæластæн æртæ бони æруорæдта. Бонæ ку бамийнасæ кæниуонцæ, уæд æхсæвæ æлдар æхе раласидæ, æ уоси ба ханти сæри рази ниууадзидæ ‘ма ин бафæдзæхсидæ, ести мадзалæй æй басайæ, зæгъгæ. Хан нæ æма нæ арази кодта. Дзæвгарæ ибæл рацудæй Уруси æлдари хæдзари. Нур, цæуон, зæгъгæ, еу ку загъта хан, уæд æлдар ба дуйней цæлæ низмæнтидæ, æ дзилли æрæмбурд кæнидæ æма адæм устурæй, минкъиййæй кинтау зилдæнцæ. Еу æхсæвæ кæми адтæй, уоми хуæрдæфсес æма ниуæзтæйдзаг лæг æхе уорамун нæбал бафæразта æма Уруси æлдари уоси хæццæ фæцæй. Уобæл и уосæ бауæззау æй æма ин лæхъуæн райгурдæй. Лæхъуæн ку ралæг æй, уæд хантæн билдогъ кæнун райдæдта æма сæ хæццæ тугъд расайдта æма ханти басаста. Уæдæй ардæмæ дуйней дзиллитæн Уруси æлдар уоли иссæй. Нур раст дуккаг хатт исæмбалдæй мах Кавкази хуæнхтæбæл Уруси тухæ. Æртиккаг æздæхт нæмæ ку æркæна, уæдта е ба уодзæнæй дуйней кæрон. Кертибийти Кертибий дзурдтæй финст. Мæхческæ. Финсуни рæстæг бæрæг нæ ‘й. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «Гарданти Михал.Уадзимистæ.»Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 162-163 ф.
423
НОГЪАЙ ТАУÆРÆХЪ Ногъай æма Хъалмухъ адтæнцæ дууæ æнсувæрей цæуæт. Сæ хантæ дæр адтæнцæ æнсувæртæ. Хъалмухъ æрбадтæнцæ Терк-уордæг стур Цецени ‘рдигæй, Ногъай ба – й’ ардæг, Ирæ ма Дигори рæбунти, ‘ма Кæсæги. Дууæ дæр, Ногъай хан дæр æма Хъалмухъи хан дæр, æрцудæнцæ Ахъсахъ-Темури æфсæдти хæццæ. Ахъсахъ-Темур уой бæрцæ зиндзийнадæ равардта хонхи цæрæг адæмтæн, æма нур дæр ма, æгæр ка бахуæруй, уомæй фæззæгъунцæ: «Ахъсахъ-Темури хуæрд нæ бакодта», – зæгъгæ. Цалдæнмæ Ногъаййæн дæр æма Хъалмухъæн дæр сæ тухæ сæхемæ адтæй, уалдæнмæ хонхи адæмæн сæ бон неци адтæй, айдагъ унгæг кæмтти федæртти сæхемæ бацæун нæ уагътонцæ медæг хонхмæ. Ногъай адæм кустонцæ гъæди куст æма хуæнхтæй будурмæ неке уагътонцæ. Фал æрæгиау Ногъай хан æма Хъалмухъи хан нæбал федудтонцæ, ‘ма сæ хъаурæ сæттун байдæдта. Уæдта сæбæл еминæ дæр растадæй, æма нур дæр гъæдрæбунтæ сæ уæлмæрдтæй идзаг æнцæ. Туппуртæ дæр æнцæ Ногъай конд сæ фулдæр. Еу хатт ногъайаг æлдар гъæди куст куд кæнун кодта æ косгутæн, уотемæй еу рауæн галтæ гъæдласæ нæбал фæразтонцæ, æма адæми туххæй дæр тардта галти бæсти. Гъæди кустæй хъæбæрдæр неци сæттуй лæги хъаруæ, æма, цид, фæллад лæгтæ æхсæвæ сæ хæдзæрттæмæ æрцæугæй, сæ уостити хæтдзæ гъазун нæбал фæразтонцæ. Уæд еу сæумæ еу уосæ, æлдар æй куд игъустайдæ, уотемæй æй ралгъиста: «О, мæнæ гъæу, гъæууатæй дæ еунæг Хуцау байзайун кæнæд, гал галеуæг кæми нæбал кæнуй, лæг лæгеуæг кæми нæбал фæразуй». Е ‘лгъистæ æлдарбæл æрцудæй. Знæгтæ Ногъайбæл сахидæнцæ, æма Ногъай æлдар æхе хонхрæбунтæй Æргиунгæгмæ райста. Гъæу кæми адтæй, е хундтæй Хъæрагач, гъома сау гъæдæ, æма адтæй Уорсдонбæл. Уой номбæл байзадæй Хъæрæгъæс нур дæр Уорсдонбæл. Нийфинста Туйгъанти Мухарбег, 1906 анз, январь. Æ радзорæг бæрæг нæй. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 13, 6 п., 9–10 ф.
424
ХЪÆРÆМ-КЕРМЕНИ ÆФСАД МОРГИ, САХИ ÆФСАД Хъæрæм-Кермен е’фсæдтæ æрбакодта Дигори коммæ æма æхсæвæ хуæнхрæбун æрфусун кодта. Æвæдзи сæбæл фудæхсæвæ искодта. Дунгæ, уарун. Хуæнхтæ кæрæдзей хуастонцæ, æма сæбæл хонх ракалдæй. Бæх уæд, лæг уæд –хонхи ихæлди буни фæцæнцæ. Сæ кæрдти сæститæ æма топпи сæститæ, сæ арци финдзтæ-æндæртæ нур дæр ма разиннунцæ. Уæдæй ардæмæ еци рауæн хуннуй «Ихалд». Фарæ си Хосироти Гухо, дæлæ уæхе гъæуккаг, карди саст иссирдта. Райдзурдта Бæзити Саулох, 13 август, 1933 анз, Дур-Дур. Нийфинста Хадати Берди. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 28, 4 п., 22 ф.
425
СЕДАНАТИ МÆСУГ Раги дууæ æнсувæри дæр кæрæдзей мулкмæ хицæ кодтонцæ ‘ма кæрæдзей рамариуонцæ. Дигорон Дигорухъ ба уотемæй Седанати лæхъуæни рамардта. ‘Ма еу хатт ба æхсæвæ æ развæндаг нæбал ирдта ‘ма загъта æ бæхæн: «Гъе нур мæ кумæ хæссай, уордæмæ мæ хæссæ». И бæх æй æ тоггинти дуармæ бахаста, ‘ма сæмæ лæг бадзурдта. Ба ‘й кодтонцæ, дзорунцæ сæ фидæмæ: – Мæнæ нæмæ нæ тоггин ку ‘рбацудæй ‘ма ци кæнæн? – Естæмæйти ‘й исиуазæг кæнтæ, мах иуазæгхуар нæ ан, уой фæсте ба – æ лæгигъæдæ ‘ма æхуæдæг. Раинхастонцæ фингæ, фал хуæргæ нæ кæнуй. Бацудæй æнсувæртæй еу сæ фидæмæ ‘ма ин загъта, иуазæг хуæргæ нæ кæнуй, зæгъгæ. Е ба син загъта: «Мæнæ ин мæ ходæ хæссетæ ‘ма ин æй æ сæрбæл æркæнетæ». Сæ зæронд фиди ходæ ин æ сæрбæл æркодтонцæ, фал уæддæр нæ кумдта хуæрун. Фæстæмæ бабæй бацудæнцæ сæ фидæмæ ‘ма ин загътонцæ: «Дæ ходæ ин æ сæрбæл æркодтан, фал уæддæр нæ комуй хуæрун». Уæд ин сæ мадæ æ сæрбæттæн рарвиста, ‘ма ин уой æ сæрбæл æркодтонцæ. Уæдта загъта: «Силгоймаги корундзийнадæн ба раздахæн нæййес», – ‘ма уæдта бахуардта. Æхсæвæ ниххустæй. Сæумæ ба син æ бæх, æ дзаумаутæ байурста ‘ма мæтъæлгомауæй рацудæй. Мæтъæлгомауæй ба рацудæй æ кардбæл. Ку рацудæй, уæдта нийнæфтæй, ‘ма ‘й бафарстонцæ, цæбæл нийнæфтæ, зæгъгæ. Е ба син загъта: – Мæ кард мин лæвар æй, ‘ма уобæл. Æ кард ин равардтонцæ. Рацудæй ‘ма Дигоргом æрæмбурд кодта ‘ма Седанатæмæ корæг бацудæнцæ, басæфедаун кодтонцæ. Уæдæй ардæмæ тоги цитæ байзадæй Дигори астæу. Райдзурдта Хъамболти Тæтæри Сослæнбеги фурт, 1956 анз, Наригъæу. Нийфинста Цагъати Анастасия. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 175, 44 п., 63–64 ф.
426
ДИГОРИ ХЪАБАН Авд Уæхъæци муггагæй дзурдтонцæ. Раст мæгур цæрæг лæг сæ астæу исæвзурстонцæ – Дигори Хъабан. Авд Уæхъæцей Æстъона ин цæрæнбунатæн равардтонцæ. Нæ фиддæлтæ лæгигъæдæбæл дзорагæ адтæнцæ. Сæ лæгигъæдæ – сæ дуйнемæ гæсгæ. Гъе, Дигори Хъабани уой туххæй равзарунцæ. Барцæлвид байраг, æ тæрнихи – уорс æстъæлфæ, æртæ сау уæрей хæтдзæ; æртæ анзи ‘й хуарæй ку исхаста. Алли анз дæр си еу уæр æвгарста æ уæраги хъанзи бæрæг базонунмæ. Æртиккаг уæр ку нивгарста, уæд ин æ бæрæг базудта: «Мæ бæх копсиуалæ, е ‘нгъуд над нæбал фæссайдзæнæй». Уæд ин саргъи рæвдзæ дæр бакодта. Æ зæрди хæтун æрæфтудæй. Хæтуни размæ уосæ æрхонуй Баделиатæй хъумайагæн. Æцæг уосæ байагоруй æхе мæгур Дигори муггагæй. Уæд æцæг хæтунмæ ранæхстæр уй афæдзи æнгъудæй Гурдзистонмæ. Дигорæ ин е ‘рцудмæ нивæндтæ кодтонцæ. Æ афæдзи бони æриздахтæй Устур Мæхческæмæ. Туйгъанти устур Туйгъан, – æ фусун имæ æркодта Дигори Хъабан. Æ копсиуалæн æй æхе тургъи бæхбæттæгæн ниввæруй. Дигори Хъабан медæгмæ бацæуй; æ гъар хуæрдæ, æ гъар ниуæзтæй ин уазал ниуазæн рарветуй. Туйгъанти устур Туйгъан æ къахи фийтæбæл ниллæууй æ цийнæй: «Мæнæ мин Дигори Хъабан æгайтима мæ ном иссирдта!» – Бонмæ уой хæдзари фæббадуй. Сæумæй ранæхстæр уй е ‘гурæн бунатмæ. Æстъонамæ иссæуй. Дигорæ е ссудмæ æримбурд унцæ. – «Бонхуарз» син зæгъуй. «Æгайтима нин дзæбæх æрцудтæ!» Афæдзи бонмæ ‘й некумæбал рауагътонцæ. Æ афæдзи бон ку æрхъæрттæй, дууæ уорс егари, копсиуали хæццæ цауæни рацæуй. Фиддæлти хæзна хъæрæймагæй сæумæй рæфтæмæ сагдзауæн ку кæнуй, рæфтæй изæрмæ, – тæрхъосдзауæн. Æ еу хатти рацуди Туйгъанти æфсинттæ, сæ уостæлтæ, сæ кизгутти хæццæ, кæрæдзей бæрæг нæ базонгæй, къæрæзгитæй уомæ кастæнцæ. Сæ уорс изæлуй къабæзтæ уомæ ку тилдтонцæ, мæнмæ рацо, мæнмæ рацо, зæгъгæ. – Мæ бацуд, æцæг, бунати нæ уодзæнæй! Æнгъæлдзауæй имæ байзайунцæ. Æстъонай размæ ку иссæуй, æ бæх æ къах ракъуæруй; æ галеу къохæй æй ниццæвуй.
427
Дигори æмбурд сауæнги дæр уой æрцуди æнхæст дардтонцæ сæхе. Æ бæхбæл нигъгъазуй. Æ бæхи гурæнтæ – сор къанаутæ. Хъабардей устур коми н’ адтæнцæ. Хуарз лæги хабар сæмæ цудæй. Æ бæхи лæгигъæдæ дæр æхемæ гæсгæ. Æрбаимææрветунцæ лæваргор: «Дæ бæх нин нæ еугурей номбæл афæййади раттæ!» – «Нæ» син нæ загъта. Равардта син æй. Афæдзи бони æхсæви æмбеси Æстъонай дуар æрбахуастæуй. Æ хъумайаг уоси фурт бацæуй Дигори Хъабанмæ: «Дæ номæй дæ агурдæуй!» Æ уæлдзар кæрцæ – е усхъитæбæл, æ дууæ æркъей – æ къæхтæбæл, дуар райгон кæнуй; дæс бæхгини – æ дуармæ. Дигорон «æгасцæуай» син зæгъуй. Æ бæхбæл æ къох тæрнихæй думæги сæрмæ радаруй. Хъабардей лæвари ибæл фæййидта æвзестæй саргъ, сугъзæрийнæй æ ном æвард. Медæгмæ сæ бакæнуй. Дигорон цæнхæ-кæрдзинæй сæ байуазæг кæнуй. Сæумæ сæ рарветуй сæ хæдзæрттæмæ æнæ зианæй. Хæтун æ зæрди ку æрæфтуйуй къуар бони фæсте, Хъабардей бабæрæг кæнон, зæгъгæ. Хъабардейæн цуппар тегъебæл цуппар зелæни æркæнуй. Цуппæрæймаг хатт феййафуй Биаслантæн се стур æмбурд, сæ хестæртæ – сæ астæу, кæстæртæ сæбæл зилд лæудтæнцæ. – Йа, ци дессаг æй ани æмбурд! Басæмæцæуй, се ‘мбурди кæронмæ æрлæууй, «æгас цо» зæгъæг ин нæййес. Хестæртæ æй æ бæхи тæрнихæй бафæсмæрунцæ, сæ ковæн дзаума – æвзестини цъæх махсумæ, ковæггаг уомæн раттунцæ. Æ билæ си ниттолуй уæлбæхæй, – есæг ин æй нæййес. Æрдæгмæ ‘й баниуазуй, – есæг ин æй нæййес. Æд бунтæ ‘й баниуазуй. Æ сæрбæл æй æркодта. Æ бæх кæронмæ ракæнуй. Дууердæмæ ‘й раздахуй; гириз кæнун æй æнгъалдтонцæ. Æртиккаг хатт æ бæхи къембур рахатуй Дигорæмæ. Ниццæфтæ кæнуй æ бæх; сурдтонцæ ‘й Биасланти бæхгин адæм. Фæстæмæ сæмæ ракастæй, фæдесон си нæ фæййидта. Ирæфи дони æрбахезуй. Дигори зæнхæ иссердта, тас имæ нæбал адтæй. Æхсæрисæри лæборæн къотæрмæ ку исхæццæ ‘й, уолæвд ин равардта; æвзест ин æ бæхи фæсабæрцæ ниббæттуй, е ‘лвасæнтæ ин балвасуй, дзурд раттуй æ бæхæн: «Ке дин равардтон абони уæнгæ, фæууæнтæ дин хæран, ду аци æхсæвæ, Дигори хуæздæр æхсæвæр кæмæ уа, уомæ мæ ку нæ бахæссай! Æз дæр дин дзурд дæттун, Нари хестæрæн æ авд фуртемæй сæ хестæри æз рамардтон, уомæ мæ ку бахæссай, уæддæр ке нæ раздæхдзæнæн!» Æртæ цæфи ‘й никкæнуй. Æ тухæй æй рауагъта.Æцæгæй æй Нари хестæрмæ бахæссуй. Æ дзурд нæ басайдта; уæлбæхæй бадзоруй: – Хæдзаронтæ! Иуазæг уæмæ дзоруй! Æ фурттæй имæ еу ракæсуй. Дуарæй фæстæмæ баздæхуй: – Нари хестæри фурттæ, уæ ном фесæфæд, саг фæрæтмæ æрцудæй!
428
Еугаййæй сæхе рæвдзæ кæнунцæ, сæ фиди зæронд сæ базонуй. Басæфæрсуй: – Ци кæнтæ? Мæнæн мæ тургъæмæ ка æрбацудæй, кæд мæ фурти марæг æй, мæ хъиамæттæ уин хæран фæууæнтæ, сумах уомæн ести ку кæнайтæ æнæ мæхе дзурд! Сæ гæрзтæ æривæрунцæ. Раимæцæунцæ еумæ; тургъи æмбесмæ ку рахъæртунцæ, æ бæхæй рафестæг уй. «Уе ‘хсæвæ хуарз» – син зæгъуй. – «Æгас цо, нæ хуарз иуазæг!» – Сæ кæстæр ин æ бæх райсуй, æ гæрзтæ сæмæ равардта. Медæгмæ бацæуй зæронд фидæ æма зæронд мади размæ, æ гæрзтæ исесуй, фæсдуар сæ байвæруй; дигорон тæфирфæс син ракæнуй. Зæронд лæг имæ исдзурдта: – Хæстæгдæр мæмæ исцо! – æ къох имæ раттуй, – амонди хæццæ хæтæ, – зæгъгæ. Зæронд уосæ имæ фестуй, æ къох райсуни размæ ин æ дзедзе æ гъæлæси бакæнуй. – Дæ къохæй ке рамардтай барæй дæр, æнæбарæй дæр, уой бæсти нин ду фæууо мах фурттæн сæ хестæр! Байиуазæг кæнунцæ еци æхсæвæ, æнæ зианæй сæумæ рандæуй æ хæдзарæмæ. Æ хæдзарæмæ ку исхъæртуй, Дигори зæрæндти æримбурд кæнуй хестæргай, нимæдзæ син не ссердта: сæдæ сæдæ сæдæ ‘вдай, сæдæ сæ уæлдай. Æстъонай мосмæ æримбурд унцæ. Авд сабати фæббадунцæ, авд фæнди сæри ‘й бахастонцæ. Сæ фæндæ ниллух уй тоги цитæ бакæнунбæл. Балхæнунцæ дигорон хуарæй авд анзи хаст уорс гал æнæ сау æстъæлфæ, уорс дари ин æ хъури ниббæдтунцæ. Æ хæццæ рацæунцæ, тоги цити фингæ сæ хæццæ уогæй. Нари хестæрмæ барветунцæ: – Федауци хуасæ фæууо, адæми курд райсæ! Дзуапп син равардта: – Адæми курд ка нæ райса, – адæмæй нæ уодзæнæй! Рахæстæг нæмæ уотæ нæ бунатмæ! Бацæунцæ уорс гал, тоги цити финги хæтдзæ, сæ разæй æй æрлæуун кæнунцæ. Хестæргай рæнгъитæй ниллæудтæнцæ. Сæ хуæздæр гъуддаг корун адтæй. Еци бон бафедудтонцæ. Æстæмæй-астмæ фæббадтæнцæ. Æвзестин еци бон тоги цитæн ниууагътонцæ Нари хестæрæн. Рацудæнцæ сæ хæдзарæмæ. Дигори муггагæн тоги федауцæ фæстагонтæн байзайуй еци бонæй аци бонмæ. Райдзурдта Тауасити Мæхæмæт, Чикола, 3 январь, 1928 анз. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 111, 89 п., 103–107 ф.
429
ХЪÆРÆМСАУХАЛТИ МУСТАФФÆ Мустаффæ нæуæг уосхунд адтæй, æ уосæн ба адтæй æ хæццæ дигиза мадæ. Уæд Хъарцагъæуи фонсмæ Сарий ралæбурдтонцæ ‘ма син сæ галгæстæ, сæ уорс дзогтæ æд фиййæуттæ, æд куйтæ фæттардтонцæ. Еунæг къуæдти биццеу ма ниууагътонцæ, айæ мах цæмæн гъæуй, ци ‘й кæнæн, зæгъгæ. И къуæдти биццеу хæтæлæй дæсни адтæй æма Хъарцагъæумæ уайун байдæдта. Ку нихъхъæрттæй и гъæумæ, уæд æ хæтæлæй ниццагъта: – Фæдес, Хъарцагъæуи адæм, Бохъур Сарий уин уæ галтæ æд галгæстæ, уæ уорс дзогтæ æд фиййæуттæ, æд куйтæ фæттæрунцæ. Рацудæнцæ Хъарцагъæуи адæм тумугъ фæдесæй. Мустаффæмæ дигиза мадæ бадзурдта: – Мустаффæ, фæттæрунцæ уин уæ берæ фонс Бохъур Саритæ, фæццæунцæ Хъарцагъæуи адæм тумугъ фæдесæй, ду ба хусгæ ку байзадтæ. Е дæр имæ радзурдта: – Бамæуадзæ, ме ‘нæниййергæ мадæ, дуйней фонсæй, дуйней хуссæг адгиндæр æй. Уотемæй имæ æртæ дзурди бакæнуй, ходуйнаг æй, ходуйнаг, зæгъгæ. Æртиккаг дзурди ба ралæуирдта. Æ уорс цохъай думæггæгтæ æ астæубæл ралух кæнуй, æртæ хъатарай си хуæрзидзаг æрбакæнуй. Æ сау хъæрæймаг раскъæфуй, уайунтæ байдайуй. Хъарцагъæуи коми ибæл фембæлунцæ и фæдес сæ раздагъди æма ибæл айуан кæнунцæ: – Мустаффæ дæр нурмæ æ уоси хæццæ фæххустæй, нур ба сæ цæгъд дзæнæй, – зæгъгæ. Иссæмæхъæрттæй, ‘ма имæ дзорунцæ: – Мабал цо, Мустаффæ, и фæсæфцæг фæцæнцæ. Е дæр син загъта: – Лæг ка ‘й, е мæ фæсте рацæуæд, уосæ ка ‘й, е ба Хъарцагъæуи хъахбай уоститæмæ цæуæд! – Æ фæсте цъеугъæргæнæг дæр нæ раздахтæй. Æхуæдæг уайун байдæдта ‘ма син Хъобани цъæх цъетебæл сæ раз ниййахæста, æхсун сæ байдæдта. Ка куд хæстæгдæр адтæй, уотæ сæ æхста ‘ма си финддæс рамардта, финддæс ба си цæфтæ фæккодта, иннетæ ба ралигъдæнцæ.
430
Ку ралигъдæнцæ, уæд Хъарцагъæуи фонс фæстæмæ гургургæнгæ раздахтæнцæ æд галгæстæ, æд фиййæуттæ. Мустаффæн дæр æ уæраги æставд басастæй æма цъетей дудагъмæ ниххизтæй. Ку ниццудæнцæ Сарий адæм, уæд сæ æлдар бафарста: – Уе ‘хсæг нæ бабæрæг кодтайтæ? – зæгъгæ. Етæ дæр ин загътонцæ: – Неци бабæрæг кодтан. Уæд сæ Сарий æлдар æ хæццæ рахудта, цæуæн, æдта ‘й бабæрæг кæнæн, зæгъгæ. Исимæцудæнцæ æма ‘й цъетей дудагъи иссердтонцæ æма ймæ не ‘ндиудтонцæ. Е дæр сæбæл æ хæтæл фентъухта: – Цæмæй ма ми тæрсетæ, Бохъур Сарий, мæ хæтæлæн хуаллаг ку нæбал ес. Уæд имæ æрцудæнцæ, æма си ка уотæ загъта: – Æз æй раздæр цæвун, ме ‘рвади мин рамардта. Ка си уотæ загъта: – Æз æй раздæр цæвун, мæ мади ‘рвади мин рамардта. Æма син æлдар загъта: – Уотæ уæ мадæ, уæ фидæ фæррохсаг уа, æз уин еу мард ма марун ци бауадздзæнæн! – зæгъгæ, ‘ма ‘й æ фæсабæрцæ Сариймæ рахаста, уоми ба ‘й Уотæрти даргъ мæсуги бакодта. Уордæмæ ин гъæдгоммæгæсгутæ байагурдта. Исдзæбæх æй, æма ‘й уоми дардтонцæ. Уæд æ дигиза мадæ син сæ хабар игъосун райдæдта, Мустаффæ Сарий ахæст æй, зæгъгæ, æма Хъарцагъæуи дзæбæхтæбæл хæтун байдæдта ‘ма сæ æрæмбурд кодта. Урусбийти Хъургъохъ ба сæ тоггин адтæй, фал уæддæр хуарз лæг адтæй, æма ‘й æрбахудта. Адæм ку ‘ртумугъ æнцæ, уæдта æхе ‘рвадæ Баггериймæ барвистонцæ: – Мустаффи хабар Сарийæй цæуй, нур ба имæ цæугæ кæнæн æма нæ хæццæ рауайæ, – зæгъгæ. Е дæр син загъта: – Нæ фæццæудзæнæн, сумах хеваст адæми муггаг айтæ ‘ма неци бакæндзинан. Ку нæбал æй уагътонцæ, уæдта син загъта: – Кæд æфцæгæй æндæмæ унаффæ мæнмæ уадздзинайтæ, уæд цæун. Етæ дæр ин бадзурд кодтонцæ, ратдзинан дæмæ унаффæ, зæгъгæ. Ранæхстæр æнцæ Хъарцагъæуи берæ адæм устур æфсадæй; ракодтонцæ сæ хæццæ мин иуонæги хуаллагæн. Æфцæги уæнгæ унаффæгæнгæ фæццудæнцæ берæ адæм, уæдта сæ бафарста Баггерий:
431
– Нур мæмæ и унаффæ дæттетæ, æви нæ? Загътонцæ ин: – Дæттæн дæмæ. Æма рартаста Урусбийти Хъургъохъи хæццæ аст лæги, иннетæн ба ниффæдзахста: – Мæнæ ами нади дууæ фарсемæ уæхецæн къахтитæ искæнтæ, мæнæ и мин иуонæгемæй уæ ци гъæуй, уой хуæретæ. – Уæдта син бафæдзахста: – Аст бони æма мæ аст æхсæви бахезетæ æма æстæймаг бон ба цурд лæууетæ. Бацудæнцæ Сариймæ ‘ма сæмæ мийнæвар æрветун байдæдтонцæ, нæ ахæст нин, зæгъгæ. Етæ дæр син загътонцæ: – Нæ финддæс лæги, нæ финддæс фадмизди, нæ ахæсти аргъ сæ хæтдзæ æнхæстæй раттетæ, ‘ма уин уæ ахæст ратдзинан. Аст бони ‘ма аст æхсæви сæмæ мийнæвар мийнæварбæл фервиста æмæ сæ хуссун нæ бауагъта, уæдта син райарфæ кодта: – Уой бæрцæ бафедун ба нæ бон нæй æма хуæрзбон. Сæхе, цæветтонгæ рандæнцæ, уой хузи бавдистонцæ, сæхуæдтæ ба сæхе баримахстонцæ. Ку ниххустæнцæ, уой син ку радзурдтонцæ, уæд бацудæнцæ мæсуги бунмæ, ‘ма имæ бадзурдтонцæ: – Мустаффæ, дæ хабар ардиги ку цæуй, ранæмæкæсæ. Æрасæмæкастæй, æма ин Баггерий загъта: – Сариймæ æрветун мийнæвар аст бони æма аст æхсæви, фал мин уотæ зæгъуй: нæ финддæс лæги, нæ финддæс фадмизди ‘ма нин нæ ахæсти аргъ æнхæстæй, ‘ма уин уæ ахæст ратдзинан, – зæгъгæ. – Нур ба нæмæ уой фæлхауги ралæуерæ! Е дæр син загъта: – Гъай-гъай, мæ фæсте цъеу-гъæргæнæг нæ фæцæй, нур ба ку ралæуеринæ ‘ма мæ мард дæр ами Сарий куйтæн хæлæйфаг ку фæууидæ. Уæд имæ Урусбийти Хъургъохъ дзоруй: – Дæ мард дин ами нæ ниууадздзинан, ранæмæлæуерæ. ‘Ма имæ радзурдта Мустаффæ ба: – Æй, Урусбийти Хъургъохъ, цæмæ мæмæ æрбацудтæ, тоггин ку адтан. – Е дæр дин хатир æрцæудзæнæй дæ лæгдзийнадæмæ гæсгæ, æрмæмæлæуерæ. Æрсæмæлæуирдта мæсуги сæрггагæй ‘ма æ уæраг нæуæгæй нимморæ ‘й. Давун æй байдæдтонцæ и аст лæги, ‘ма син ниффæдзахста Баггерий: – Хæссетæ ‘й Хъарцагъæумæ, æфсадæн ба зæгъетæ: «Цурд лæууетæ!»
432
Æхуæдæг ба Сарий бахизта бонивайæни уæнгæ, бонивайæни ба сæмæ бадзурдта: – Уæ, Сарий, уæ ахæст фæлледзуй. Æралæуирдтонцæ еци фестæй сæ салдзабури зæрæндти, уæгъдæ рæнттæй. Е дæр син лигъдæй, етæ дæр æй сурдтонцæ. Æнгæс кæми уидæ, уоми къулухæй бауаидæ, фæсаууон ба маргъау батæхидæ. Уотемæй сæ æфсади астæумæ æрхъæртун кодта, уæдта сæмæ фæстæмæ æхе фæххатта æма сæ фехста. Æфсад дæр къахтитæй ислæстæнцæ æма Сарий адæми ниццагътонцæ. Хъарцагъæуи адæм, сæ хуæллагæй ка рауæлдай æй, еци иуонгутæ дигизайæн равардтонцæ. Мустаффæ дæр рамардæй. Райдзурдта Будайти Дзахо, июнь, 1937 анз. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 16, 10 п., 1–4 ф.
433 28* Заказ №1424
ХЪАНТЕМУРТИ МАЗУХЪИ ТАУÆРÆХЪ Гезе æма Дигорæ кæрæдзебæл тохуни унаффæ искодтонцæ. Мазухъ исунаффæ кодта Геземæ фæццæунмæ, сæ тъасхитæ базонунмæ. Фæццудæй æма Къæйин æфцæгбæл исæййафта еу цауæйнон Гокъиайи-фурт Ахалбедай. Сæ дууæ дæр кæсæнцæститæй кастæнцæ кæрæдзей бæстæмæ тъасхæгæнæг. Мазухъ-æлдар уæд адтæй уосæ хонунбæл Кæсæгæй. Ку æркастæй, гурдзиагæн æ арæзт устур ке адтæй, уомæ, уæд æ зæрди æрæфтудæй фиццаг бал уосæ æрхонун. Мазухъ-æлдар раздахтæй фæстæмæ. Уæллагкоймаг Хъайи-фурт Гегки æрдхуард адтæй Мазухъæн. Уомæ ниффæдзахста Мазухъ-æлдар: «Фæццæун æз Кæсæгмæ уосæ хонунмæ, фал нæбæл сау Гезе тохунмæ гъавунцæ, бадарæ де ‘нгæс æгас Дигорæмæ!» Сау Гезе æцæг исунаффæ кодтонцæ Дигорæй фонс фæккæнун. Рандæй Мазухъ-æлдар дæр Кæсæгмæ уосæ хонунмæ. Дæс æма инсæй бонемæ фæстæмæ раздахтæй æд киндзхонтæ. Хъайи-фурт Гегки фæууидта æ фунæй, Гезе син тухæ кæнунмæ куд гъавта, уой. Уомæ гæсгæ рацудæй Донифарси Гагуатæбæл. Радзурдта син Гезей хабар æма загъта: – Нæ цуппар дзиллебæл нин сау Гезе тохун унаффæ кæнунцæ; нæ рамæлун хуæздæр æй, етæ батухæ кæнуни бæсти. Загътонцæ ин: – Мах хабарæн неци зонæн, фал нæ дæ фæсте кумæ хонай, уордæмæ ба цæуæн. Е дæр син загъта: – Æз нæ хонун æгас адæми, фал хонун топгинтæ æма кардгинтæ, уæдта, къахидарæсæй рæвдзæ ка уа, уони. Иссæудзæнæн нур Дигорæбæл Гæлиатæмæ; не сæмбæлæн ба фæууæд Мадзасги. Уоми ба кæндзинан фæндæ ‘ма фæнди сæртæ. Дуккаг бон изæррохсæй æхуæдæг Мадзасги æринцадæй. Топпихуасæ имæ адтæй хурдзинидзаг, адтæй имæ топп сæдæ уагъд фатей хæтдзæ, дууæ æркъей æма бæрзæ лæдзæг. Уордиги фегъосун кодта Æстур Дигори хуарз адæмтæн. Хонгутæ рарвиста фиццагдæр Хъарабугъатæмæ, фал сæбæл уæдта исидæудтæй æма загъта:
434
– Ниууадзун сæ гъæуй Хъарабугъати, уой туххæн æма цъуххæссæг æнцæ, æфсæдти ба цъуххæссун нæ бæззуй. Бадзоретæ Къулитæмæ, фал сæ ниууадзун гъæуй, уой туххæн æма исон Тахонтæмæ хуæрнæг ес, етæ ба губунгин æнцæ æма æфсæдти дæр нæ рацæудзæнæнцæ, бæзгæ дæр не скæндзæнæнцæ. Ниу уагътæ Куцугти дæр, уой туххæн æма зундæй тæнæг æнцæ, не сбæздзæнæнцæ. Таймазти дæр ма бауагътæ, уой туххæн æма хæресон галау лæхлæбæз æнцæ æма рæвдзæ нæ уодзæнæнцæ, дзæндæл æнцæ æма нæ бæззунцæ. Уæдмæ рацудæнцæ Дигорæй – Басулухътæ, Гæлиатæй – Абисалтæ, Донифарсæй ба – Гагуатæ дууæ сæдæ бæхгинемæй. Загъта син Хъайи-фурт: – Фæрсаг адæм ку нæ уонцæ, уæд нæ гъуддаг нæ рацæудзæнæй, уой туххæн æма лæги фæдбæл уод дæр етæ фесафдзæнæнцæ. Бадзорун гъæуй Тæтонтæмæ. Тæтонтæ дæр рацудæнцæ. Уæд син загъта Хъайи-фурт: Нæ гъуддаг нæ рацæудзæнæй, Хъантемурти Мазухъ нæ хæццæ ку нæ уа, уæд, фал ами нæй, уой ин нæ зонун. Хæмицати Мисост ин загъта: – Æз æй æзинæ Æстур Дигори хорбадæнти бæхбæл гъазгæ фæууидтон. Уой ку фегъуста, уæд ин загъта Хæмицай-фуртæн: – Фæккæстæр уо æма мæ бæсти фæццо Мазухъ-æлдармæ æма ин зæгъæ: «Гезе нин тухæ кæнунцæ æма мæнæ æрæмбурд ан Мадзасгæмæ; кæд нæ нимайис, уæд нæмæ иссо!» Нæ син æрбацудæй, фал син загъта: – Афæй балци адтæн æма уин исонмæ ести исунаффæ кæндзæнæн. Хъайи-фурт имæ уæд æхуæдæг æрбацудæй æма имæ æртæ хатти бадзурдта æ номæй, фал имæ е неци радзурдта. Æ фидæ Туали уой ку фегъуста, уæд загъта: – Ци ‘й е? Æ уоси хæццæ æ дуйнебæл дæр ку некæдбал ниххустæй æма æнæракæсгæ ку фæцæй! Æз зæронд къуру лæг ку дæн æма ‘й æз ку игъосун, уæд е ба куд не ‘гъосуй? Мазухъ-æлдар уой ку фегъуста, уæд радзурдта: – Хуцау дин ма бакомæд, мæ фидхуæрæг адтæ æма мин æй хуæрис нур дæр! Бамæхезæ минкъий! – Ку нæ дæ бахезон, уæд хуæздæр бæргæ ‘й, уой æнгъæл ди ку некæд адтæн! Æ уосæн райарфæ кодта æма ин загъта: –Хуæрзбон фæууо! Цийнæй нæ Хуцау исæмбæлун кæнæд, фал æнгъæл нæ дæн. Уоси фарсмæ бадун махмæ ходуйнаг æй, Кæсæги æгъдау ба хуарз нæ зонун. Ку дæ фæндæуа, уæд ами лæууæ, кенæ ба ку цæуай, уæддæр дæ барæ ес. Зæронд Туали рахаста æ фуртæн æ тохæн дзауматæ æма ин загъта: – Куд нæ цæуис, мардзæ, ду ба уæхæн адæми хæццæ?
435
Рацудæнцæ Хъайи-фурт æма Мазухъ-æлдар. Æрбацудæнцæ Мадзасгæмæ адæми цормæ, æхсæвæй-бонмæ сæ фæййахур кодтонцæ цæунбæл; исрæвдзæ кæнун кодтонцæ син сæ тохæн дзауматæ. Сæумæ ранæхстæр æнцæ æма бахизтæнцæ Къæйин æфцæгбæл. Ку сæбæл баизæр æй, уæд еу рауæн æрбунат кодтонцæ æма исарт кодтонцæ. Гезейаг Туаней-фурт еу æмбали хæццæ цауæни адтæй æма Дигори арти рохс фæууидта, басæлæдæрдтæй æма загъта е ‘мбалæн: – Атæ мах æфсæдтæ нæ ‘нцæ! Рæвдзæ нæ ан æма син фонс уодзæнæнцæ нæ адæм! Зин рауæн нæ иссердтонцæ. Багъузтæй гезейаг æхсæвигон æфсæдтæмæ æма бафæсмардта арти рохсмæ Хъайи-фурт æма Мазухъ-æлдари. Сæ уиндæй æ зæрдæ нирризтæй æма загъта е ‘мбалæн: – Куд дæ фæндуй, саг дин рамарон æви тускъа? Е ба загъта: – Тускъа нард ку уа, уæддæр саг кадгиндæр æй. Уой фæсте гезейаг нигъгъавта Мазухъ-æлдармæ, фæйæхста æма и фат æ реуи исæмбалдæй. Æвваст мард фæцæй Мазухъ-æлдар. Хъайи-фурт уотæ æ нимæт мардбæл рамбарзта æма талинги медæгæ бафснайун кодта и мард. Сæумæ ранæхстæр кæнун кодта е ‘фсæдтæ æма сæ е ‘знаги гъæубæл æрлæу ун кодта, æхуæдæг ба бацудæй гæни дзæхæрамæ. Уордæмæ гезейаги мæсуг хæстæг адтæй æма ин Хъайи-фурт æ къæразгæ еу æхст фæккодта; æфсæдтæ уой ку фегъустонцæ, уæд бангъæл адтæнцæ, кæд Хъайи-фурти æхсунцæ, зæгъгæ, æма райдæдтонцæ и мæсуг æхсун. Гезейаг римæхст адтæй, фал топпи гъæрмæ рацудæй къæразæмæ æд топп æма исдзурдта Дигорæмæ: – Дзæбæхæй рандæ уотæ, – зæгъгæ,– кенæ ба уин, Хуцауæй ард хуæрун, еунæг дæр уи нæбал фæццæудзæнæй æ хæдзарæмæ! Уотæ ку исдзурдта, уæд æй Хъайи-фурт фæууидта къæразæмæ, фæйæхста, æма дууæ фати рауадæнцæ æ хорхи. Гезейаг мæсугæй ку рахаудтæй, уæд имæ Хъайи-фурт иссудæй, æ сæр ин æркодта æма ‘й исхаста е ‘мбæлттæмæ. Еци лæг ку рамардæй, уæд Дигорæн фенцондæр æй. Бацудæнцæ гъæумæ æма фиццаг сæ мард хæссунмæ исрæвдзæ кодтонцæ, уæдта гъæуæн сæ сæрæй финддæс кизги æма финддæс лæхъуæни ракодтонцæ. Æрцудæнцæ фиццаг Гæлиатæбæл, уæдта Дигорæ ‘ма Донифарсбæл иссудæнцæ Æстур Дигорæмæ. Хъантемурти Туали син сæ рацæунмæ кувди харз исаразта. Райдзурдта Хæмицати Дзахо, 24 июль, 1909 анз, Дзинагъа. Нийфинста Бæзити Геуæрги. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 122, 92 п., 101–105 ф.
436
ТÆРИОН ТУЛАБЕГ Донифарсæн дæр æма Дигорæн дæр сæ тухæ сæхемæ адтæй. Æлдар нæма хаттæй. Донифарс æма Дигорæ ба æнцад адтæнцæ. Еци рæстæги Фарсæй дууæ лæги гъæдæмæ цудæй. Надбæл уонæн сæ рази фæцæй цирагъи къудурон. Лæгтæй сæ еу фæрæт фелваста къудурон æрцæвунмæ. Къудурон ба имæ фетхалдта: – Ма мæ ниццæвæ, æзнаг дæмæ ка ес, уой дуармæ мæ фæххæссæ æма мæ уоми ниввæрæ! Къудурон æрхастонцæ æма ‘й Цибити дуармæ æривардтонцæ. Уоми ба и къудурон Уойнони Цалх фестадæй, и хусгæ бийнонтæ ниццагъта, уæдта исдзурдта: –Ескæми ма си ести ес? – Хъаиртæмæ сæ ностæ! Уойнони Цалх иуонуг фестадæй æма Къумбултæмæ уой марунмæ цудæй. Къумбулти имæ Хуцауи Зæнгæ рацудæй æма ‘й Мæстгоммæ фехста. Мæстгом уомæй фехалдæй. И ностæ æнæ зиан, æнæ фидбилизæй фæййервазтæй. Уой фæсте ба ин Хуцауи Зæнгæ æ фунæй фæткъу равардта. Уобæл и ностæ бауæззау æй. Игурди Хуцау æскъуæнхт лæг фæккодта. Тулабег æнхæст лæг иссæй. Игурд райгурдæй. Арви дуар байгон æй. Гагуон къубус æ бунтæй нирризтæй. Кобегкати устур Айдар гъолгун урундухъæй рахаудтæй æма загъта: «Не ‘фсийнæ, ракæсай æндеггæй цидæр дессаг æрцудæй!» Е ба ракастæй æма загъта: «Нæ хецау! Фæснæли сæрти æрви дуар байгон æй, Хуцау æй бæстæн хуарзæн фæккæнæд!» – Тæрион Тулабегмæ бадзоретæ, Дзанайти губур Дзанаййи дæр æрбахонетæ! Æримбурд æнцæ Гагуатæ, сагъæс кæнунцæ: – Ка уодзæнæй еци игурд, ка ‘й иссердзæнæй? Сæхуæдтæ ба Хуцауæй корунцæ: – Хуцау, Донифарсæй æй ду фæккæнæ. Фарси ку нæ уа, уæдта ‘й Цæргæсатæй уæддæр фæккæнæ: хæруесаг галау уæззау æма лæхлæбæз æнцæ æма нин етæ ба неци кæндзæнæнцæ. Уонæй рахезгæй ба ‘й Абисалтæй, Ху-
437
цау, фæккæнæ: даргъæхсарæ æма цубуркъох æнцæ. Уонæй рахезгæй ба ‘й, Хуцау, Туйгъантæй ду фæккæнæ: фæлмæнзæрдæ, къохбæлгæнгæ, нæл фуси муггаг, адæмуарзон, фæрзеумæ цæуагæ адæми муггаг æнцæ; неци зиан нин исуодзæнæнцæ етæ дæр. Хъубадтæй æй, Хуцау ма фæккæнæ: бæмпæгæвзаг æма синдзæзæрдæ æнцæ! Кобегкати устур Айдар Донифарси æрзилдæй ‘ма игурд некæми разиндтæй. Устур Дигорæмæ дæр рарвистонцæ Гагуатæ, æма уоми дæр уой хузæн. Дигори хæццæ ба æзнаг адтæнцæ. Дигорæмæ нин ка фæццæудзæнæй, ка уодзæнæй, æ бæрæг нин ка иссердзæнæй, Тæрион Тулабег ку нæ уа, уæд ка уодзæнæй? Тулабег æхе фецейгомау байаразта: æркъетæ, гебена ‘ма къæсмустæ, уотемæй Нари бунмæ Мæцутæмæ рамедæг æй. Уоми ба ибæл хæргутæбæл къаматтаг согдзаутæ заргæ æрцудæй. Тулабег согдзаути рафарста: – Ци ‘й а, ци заретæ, сæумон ахъуз уин уæ реу ку хуайуй, изæйрон ирдгæ ба уин уæ цæститæ ку къахуй, уæд уæ цийнæ цæбæл æй? Етæ ба ин загътонцæ: – Хъубадти Тазæретæн игурд райгурдæй, къулух Дохцихъо, уой ба Нигколтæмæ енцег хæссунцæ, Дзайнухътæ ба ин ибæл къуæре бæласæ кæнунцæ. Уоми хуæрдæ, ниуæзтæ уодзæнæй, æмбæлгæ ‘й кæндзинан ‘ма уобæл цийнæ кæнæн. Нигколти Бабой уосæ ба Тæриатæн сæ хуæрифурт адтæй. Уомæ гæсгæ Тулабег уонæмæ бацудæй. Бабо сæ тургъи дугъосгутæ аразуй: – Гъæ, дæ фиди фæллойнæ дин хæлар уа, е ке зæрди æрæфтудæй. – Гъæ, нæ берæгъи хай, нæ мæрдтæ мæ сагъæси нæ ‘нцæ, фал Хъубадти Тазæретæн лæхъуæн райгурдæй, уой, Хуцау ку зæгъа, тæккæ исон енцег хæссæн. – Хуарз, е дæр хуарз æй! Æ цъæх ин фæууидтайтæ, фал ин æ бор ба ма фæууинетæ! Æ байвæд Тулабег уордæгæй Фæснæлмæ фæццудæй. Тазæрети уатмæ исмедæг æй. Сувæллонæн æ рæвдауæги расайдта, æвдæнæй æй фелваста æма ‘й цъæхахстгæнгæ Донифарсмæ исхаста, уоми ба ‘й Налдитæмæ равардта. И биццеубæл Донифарси марунвæндæ искодтонцæ. Налдитæ уæд и сувæллон Нигколтæмæ фæххастонцæ, сæхе биццеу ба авдæни бабастонцæ. Донифарс дæр Дохцихъой рæуаги Налдити сувæллон рамардтонцæ. Æрæгиау ба Донифарс сæ рæдуд базудтонцæ, Налдитæмæ исмæстгун æнцæ. – Атæ ба сæхе фидхуар ку ‘нцæ, – зæгъгæ, æма сæ еугур муггагæй ниццагътонцæ. Тазæрет уой ку фегъуста, уæд загъта:
438
– Хуцау, игурди уæхæн фæккæнæ, Донифарси къубус куд басæтта, Хъанухъти æфсæн дуарæй ба æ бæхæн цуппар цæфхати куд искæна! Дзайнухъти къуæре бæласæ исцæттæ ‘й. Æгас Дигорæ сæмæ æмбурд адтæнцæ, исон косæрттæ кæндзинан, зæгъгæ. Гинкъос исаразтонцæ (родзингæ) али хуарз æма дзæбæхæй, æ буни ба ин тумбул фингæ хуарз идзагæй. Уой фалæмбулай кафтонцæ уæдта-еу, гинкъосмæ лæбурдтонцæ, ка ‘й æртонабæл сæхе æвзурстонцæ, ‘ма син Уацамонгæ ниббастонцæ. Тæрион Тулабег æ цубур гебенай уæргъгун хæрæги хæццæ уоми февзурстæй. Тулабег фæсдуар ислæудтæй, гæлиаттаг цирагъдари хузæн. Хъал адæмтæ ‘й рагæлдзиуонцæ, ракафæ, зæгъгæ; е дæр æхе исæнæзонгæ кодта. Гурумухъ кæфтитæ син ракæнидæ-еу, ‘ма ибæл хъал адæм ходæгæй туппур æскъудтæ кодтонцæ: – Ра ин хуæрун кæнайтæ-ра, уæд хуæздæр ракафдзæнæй, – кæрæдземæ дзурдтонцæ зæрæндтæ. Равардтонцæ ин хуæруйнаг. Тулабег дæр, мæгур, тумбул фингæ раревæд кодта, ниуазгæ дæр ракодта. Уой фæсте бабæй æй нæуæгæй кафунмæ рагæлстонцæ. Е дæр уæдта ракафта фингæн тæккæ æ билтæбæл, фингæй къæбæр нæ фезмалдæй. Фæстаг зилди ба цума фæккиудтæй, уотæ зилдæй цирæгътæ ракъуæрдтитæ кодта, æхуæдæг ба фæллæбурдта ‘ма и родзингæ æрискъудта, уой хæццæ фæсдуар хункгондбæл бунккаг æскъæтмæ ниггæпп кодта сæ косæрттæмæ. Адæм фæддес æнцæ ‘ма ‘й идæрдти агурдтонцæ, е ба искъæти медæг косæрттæгтæ ниццагъта æма сæбæл сау хæрæг байурста. Сæумæрагиау ба ‘й сугъдæг скъæтти бауидтонцæ æма имæ банхъерæн кодтонцæ, хъæбæрдæр – Абисалтæ сæ кардæй. Тулабег дæр æхе хормæ рауагъта æма сæмæ уотемæй дзурдта: – Берæ ‘й, уæ цæрæнбон берæ! Мабал хъиамæт кæнтæ æд кæстæр, æд хестæр, хуарз уин ку байурстон, æнæхай уи ку неке ниууагътон, цæбæл дзансахъ кæнетæ? Хайвæндагæн хай бакæнетæ, хъаугъа ма скæнетæ, кæбæл не ‘мбæлуй, уонæй ба æнæбари хай макæмæн радтетæ! – Оххай, нæ берæгъи хай бабæй нин цидæр бакодта, нæ косæрттæгтæ нæ бæрæг гъæуй. Фæдесонтæ æрбацудæнцæ, рабæрæг кодтонцæ сæ косæрттæгтæ ‘ма сæ иссирдтонцæ хуарз гъудгондæй сау хæрæги хæццæ æмæвгæрстæй. Еци маст Дигорæ сæ зæрдæбæл бадардтонцæ. Никколай сабати Донифарси кувдмæ куд рандæ адтайуонцæ, уотемæй Дигорæ исфæндæ кодтонцæ Фарси силæй, сабийæй ка байзайа, уони бансæндунбæл. Дигори æфсад изæрæй æрбахизтæй Хезæнти, Дæллаггъæди. Се ‘хсæвеуат æфсадæн адтæй Ирæфи билæбæл, бæрзонд къæхæнти. Согдзаутæй æй æригъуста еци хабар Тæрион
439
Тулабег. Æ хæццæ райста еу æмбал æма уоми рамедæг æй. Сæ бæрæг син ку æрзудта, уæдта загъта е ‘мбалæн: – Цо, Турменти къобосгинтæн фегъосун кæнæ: Хуцау нин равардта Дæллаггъæди сæгти æруæз. Уæдта уобæлти бацо æма Хагуати Дзæгъарсартæн дæр фегъосун кæнæ. Е дæр уобæлти исцудæй æма дорти буни балæстæй æма фур тасæй рамардæй, адæмæн ба неци фегъосун кодта. Æфсадбæл дæллаггъæди æрæхсæвæ ‘й. Тулабег дæр син сæ рæзтæ хезуй. Æхсæвæртæбæл æфсад бафæндæ кодтонцæ: – Сæумæ адæм кувдмæ ку рандæ уонцæ, уæдта сæмæ бацæудзинан сæ исусти æма сæ æримпурсдзинан. Æфсæдтæ къæхæни фарс федарæн бадардтонцæ æма уоми æрхустæнцæ. Тулабег дæр син сæ рафунæй бахизта, уæдта е дæр уони астæу исхустæй. Сæ еуей уæллæй дæр, се ‘нней уæллæй дæр æрбахуссидæ æма ‘й билæй фенсонидæ, дæлдæр хуссæ, зæгъгæ, уотемæй сæ Ирæфмæ фæккалдта. И сæумæ æфсæдтæ æркастæнцæ æма фæууидтонцæ сæ цагъд: хъæбæр истæнæг æнцæ æма хауæггагмæ æрифтудæнцæ. Тулабег дæр сæмæ æхе бавдиста æма ‘й базудтонцæ: – Мæнæ ку æй нæ сайтани хай, – зæгъгæ, æма фæлледзæг æнцæ. Е дæр син сæ байзайæггаг къæрæхтæ кæнун исамадта, Абисалти устур Абисали ба æрахæста æма ‘й Æхсинттæбæл баефхаста. – Цъеутæй дæр ма еу иуазæг фæууй – Абисалти Абисал Морги лигъзæй, кæрдтути бунæй, и ардæгмæ Тулабеги бафæсмардта, е æфсади тонау куд иурста, уотæ ‘ма имæ æ кард исласта, ниййимæ ‘й тилдта æма загъта: – Барæн, некæми дæ ердзæнæн, сау дæ хæдзарæ кæнуй, мæ къохмæ дæ гъæуй, уæдта дин байамондзæнæн! Къулух Дæхцихъо исгъомбæл æй æма Донифарсбæл æфсад искодта, фал син се ‘хсир ке бададта, уой туххæн ба сæ астæу тугъд не ‘рцудæй. Æрæгиау ба куддæр-муддæрти хийнитæй, къæрнæхæнхæццæй, къулух Дохцихъо Хъанухъти æфсæндуарæй еу зæгæлбæл хуæст фæцæй. Уомæй æ бæхæн цæфхати зæгæлтæ искодта æма æ фиди цирт ниххуаста: – Дæу уосиат æнхæстгæнгæй, Хъанухъти æфсæндуарæй мæ бæхæн цуппар цæфхати искодтон, мæрдти надæй уой хæццæ дæ зæрдæ мабал дзорæд! Æ радзорæг бæрæг нæй. Мæхческæ, 1899 анз, августи 19-аг бон. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «Гарданти Михал.Уадзимистæ.» Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 189-193 ф.
440
САРИ АСЛАНБЕГ Тæторсмæ Хъарадзаути Сафаралий Сари Асланбеги æфсийни æвзестæй гъæст сиуæ дууæ гали æрбаскъардта. Уоми сæ иссердтонцæ Донифарси цæргутæ, равгарстонцæ сæ. Еци æфхуæрдмæ ба Сари Асланбег Донифарсбæл æфсад искæнунмæ исфæндæ кодта: – Мæ галти маст бахатон æма сæбæл хъалон дæр æривæрон. – Æфсадæн сæ кегъæре æндæр бæстæй Хъарадзауи фурт Сафаралий æма Бийи фурт Муртазалий, мед Дигорæй ба Текъой фурт устур æрдунгин Ахмæт. Сари Асланбеги æфсæдтæ æрбадтæнцæ Хъахсатауи уосæнгти (Ахкемати). Уоми сæбар-субур кодтонцæ сæхе меднимæр: – Донифарси сайтантæмæ ку байгъосай, уæд дессаг дзубандитæ дзорунцæ: махмæ бабæй ци ‘нгъæл кæсунцæ Хъахсатауи гæбæргъос уосонггæс æфситæ? Уой, Хъанухъти æфсинттæ, гиаур берæгътæ, ку сæмæ бакæсай, Хъайтухъи фурт Сари Асланбегæн е ‘рвади тог ниуазунцæ. Донифарси ба дзубандитæ дзурдтонцæ: – Нæ хуймон зæнхæ хуæрдзинан сæрдтон хезнæн. Мæгур ку уæн, уæддæр дин Хуæлæм æма Æвзæнги хузæн царви фæдгæ фуси уæцъæфæй нæ рабардзинан. Æнгъæл дæр ма кæсæ, Хъайтухъи фурт! И æфсад Дигори коми думæги æрбадтæнцæ. Сæ бæхти коми тулфæй и коми думæг хæрæмегъау ниппихсилтæ ‘й. Æмбесбони мæсуги сæрæй æфсийнæ ракастæй æма хæлæфгомауæй исдзурдта: – Нæ хецау, и коми думæги хæрæмегъæ ниббадтæй, æ сæрти ба сау халæнттæ зелунцæ. Цидæр æй, уæддæр фуд рæстæг бабæй кæндзæнæй: и мегъи лæсун хуарз нæ ‘й. Хъанухъти устур Есен мæсуги сæрмæ фæлгæсæнмæ рацудæй æма коми думæгмæ фæккастæй: – Дæллаг æфцæгбæл æртæ бæхгини æрбацæуй: ка уодзæнæнцæ, ци уодзæнæнцæ – нæ зонун! Дзæбæх сæ не ‘ртасун! Мæ кæсæнтæ мæ ку уайуонцæ, не ‘фсийнæ! Тæриати Тотаййи дæр æрбахонетæ! Тотай æрбацудæй. Тотай рандæ ‘й бæхгинти размæ. Есенмæ ба æ кæсæнцæститæ ислæвардтонцæ. Е дæр æдзинæг фæккастæй æма загъта: – Е хæрæмегъæ нæ уодзæнæй, Сари Асланбеги æфсæдтæн сæ бæхти коми
441
тулфæ ‘й. Æ разæй, етæ сау халæнттæ нæ уодзæнæнцæ, æртæ бæхгини æнцæ: сæ астæуккаг – Хъайтухъи фурт Сари Асланбег, адæми фидхуар; æ галеу фарсæй Бийи фурт Муртазалий устур тæранбæл бадуй. Æ рахес фарс – Хъарадзауи фурт Сафаралий мистрагъ цагъдийбæл бадуй. Гъе, не ‘фсийнæ, етæ махмæ цæунцæ, мах иуазгутæ ‘нцæ, изæрхуар син гъæуй се ‘сцудмæ! Цалинмæ Есен уонæмæ кастæй, уæдмæ Тæриай фурт æхе и надбæл цæуæг ракодта æма и бæлццæнттæмæ рамедæг æй Морги лигъзмæ æма сæмæ гурдзиагау исдзурдта, фæндаг раст, зæгъгæ. Дæ гъуддаг раст, зæгъгæ, ин загътонцæ етæ дæр. – Ци дæ, ци муггаг дæ, кумæ цæуис? Гурдзиаг ку дæ? – Махæн не ‘лдар Сари Асланбег, Донифарсæн сæ хъулай, се’нæ хъулаййæн ци зонис? – Æз Сари Асланбеги ку базонинæ, уæд, ци уонцæ ‘ма ци нæ уонцæ, уой ба ин бæргæ базонун кæнинæ! – Мадта Сари Асланбег ба æз ку дæн ‘ма мин зæгъæ сæ бæрæг! – Нæ уæбæл æууæндун: махæн не ‘лдар Сари Асланбег æй, уæд сумахæн ба мæ дзубандитæ куд ракæнон? – Хуцауæй мæбæл баууæндæ, мæ рахес фарс Хъарадзауи фурт Сафаралий æй, мæхуæдæг ба Сари Асланбег дæн, мæ галеу фарс ба Бийи фурт Муртазалий æй. – Дæ къох мин æрхæссæ, ме ‘вæсмард æлдар: æз дæу агорæг цудтæн. – Мадта Хуцауæй боз, ами ма мин уæхæнттæ кæми ес, уоми ба ин ести кæндзæнæн! – Хуарз! Еунæг гъуддагбæл дæ фæрсун, ме ‘лдар: Хъарадзауи фурт Сафаралий де ‘мбал цæмæн иссæй? – Биасланти зæрдæ куд ресун кæнунцæ Донифарс, мах зæрдæ дæр уотæ ходун кæнунцæ æма сæмæ нæ къох ай хæццæ кæд естæмæй бахъæртидæ, – загъта Хъарадзауи фурт. – Уæд Бийи фурт бабæй де ‘мбал цæмæн иссæй, ме ‘лдар? Ци маст си æ зæрдæбæл даруй? – Бийи фурт ба ме ‘мбал уомæн иссæй, æма ин кизгæ, лæхъуæн нæ уадзунцæ, фонс дæр уой хузæн æма сæмæ æ къох естæмæй кæд бахъæртидæ, е дæр мин уомæй исæмбал æй. – Гæр, уотæ тухгин æнцæ Донифарс? Хъарадзаути дæр хуæрунцæ, Ассимæ дæр хъæртунцæ, Биасланти дæр марунцæ? Уотæ тухгин æнцæ Донифарс, минкъий дзиллæ ку æнцæ? – Донифарс ба минкъий дзиллæ куд æнцæ? Дигори æфцæгæй ба Гурдзий æфцæгмæ кадæр ес, етæ Донифарс æнцæ. Донифарс ба тухгин куд ма уонцæ:
442
Гагуон къубус, зæгъгæ, син еу федар уæхæн ес, галауангонд, уоми алкæмæн дæр æ тиллæг, æ цигъæуагæ – хуæрзæфснайд багъæуаги бонмæ! Æхебæл ба ин дууадæс дуаребæл еунæг æфсæндуар нихгæнунцæ Хъанухъти устур Есени мæсуги хурфи. Есенмæ ба уæхæн дессаг топп ес, авд агарци ка хезуй, уæхæн топп. – Махмæ ба уæхæн хæзна кæми ес? Уæд етæ ба тухуаст куд ма уонцæ? Уæд уонæн бабæй ка ци кæндзæнæй Елиайæй дæлæмæ. Уæдта сæмæ еу лæг ба ес уæхæн, æма æй еу хатт ку фæууинай, уæд æй иннæ хатт нæбал бафæсмæрдзæнæ. Е ба, кæми ци хабар ес, уони хæссуй федармæ, Гагуон къубусмæ æма сæ адæмæн дæр зæгъуй. Уæд ма етæ зунд гъуддагбæл куд ма цæуонцæ æма тухгин дæр куд ма уонцæ? – Мадта рацо, ме ‘лдар, мæ хæццæ: æз дин сæ донисæр райсун кæндзæнæн. Уæдмæ æфсæдтæ Морги лигъзи æринцадæнцæ æма Хъанухъти устур Есенмæ мийнæвæрттæ исæртастонцæ Бийи фурт Муртазалий æма Хъарадзауи фурт Сафаралиййи. Кегъæре ба син Задæлескæй Текъой фурт устур æрдунгин Ахмæт. Мийнæвæрттæ Царвгун нихæси рафестæг æнцæ. Уоми ба сæ рази Хъанухъти устур Есен фæцæй æвæсмардæй. – Ме ‘уазгутæ, рахæстæг уотæ иуазæгдонæмæ, – ис сæмæ дзурдта устур Есен æма сæ къæйдзар иуазæгдонæмæ бакодта. Еу сахат æнцæ æнæ нецæбæл исдзоргæ æма рафæрсгæ. – Ци хабар уæмæ ес? Бунати лæг, бæрæгдæр ба дигорон лæг хабарбæл фæрсагæ ‘й. Ци айтæ? Кæми адтайдæ? – Есен бабæй сæ фæрсуй. Етæ ба ин загътонцæ: – Хъанухъти устур Есени нин байамонæ, уæдта дин нæ хабæрттæ дæр æрдзордзинан, ‘ма дин нæ гъуддаг дæр зæгъдзинан. Есен ба хæдзарæмæ исцудæй æма дзоруй: – Не ‘фсийнæ! Не ‘уазгутæ мæ агорунцæ ‘ма мин мæ дарæс. Æ дарæс ин равардтонцæ. Е дæр сæ æ уæле искодта, æ уормег ба æ фæсонтæбæл æрæфтудта æма сæмæ уотемæй рацудæй иуазæгдонæмæ. – Ме ‘уазгутæ! Ци ми кæнетæ? Хъанухъти устур Есен æз ку дæн, кæми адтайтæ? Етæ ба ин загътонцæ: – Иуазгутæ дæмæ æрбацæуй, мах ба дин иуазæг нæ ан. – Ци иуазгутæ æнцæ? – Хъайтухъи фурт Сари Асланбег æрбацæуй. Фæдгæ ди агоруй. Кизгæ æма лæхъуæн, – етæ ба æ фæдгæ æнцæ. – Æгас æрбацæуæд, фал сумах бал фиццагдæр иуазгутæ айтæ. Ести син гъæуй! Уомæн дæр е ‘уазæги æгъдау уодзæнæй: Мисигони хуарæй ин хулут-
443
дзаг кæрдзин, Тæторси уорсагæй ба ин хъæбæргомау цæхгун цихт, нæ хурхдон ба ин – ниуазуйнаг. Анæн ести гъæуй! Есен сæ разæй фæййаууон æй, хæдзари исмедæг æй æма син æ илæтони къоппа рарвиста: – Аци хурхдон бал баниуазетæ. Фæсниуæзтæ бабæй сæмæ Есен нæуæгæй рацудæй æма сæ фæрсуй: – Гъе, нур, мæ хуарз, ме ‘уазгутæ, хабар ци ес? Цæй туххæн æрбацудайтæ æма æрбацæуй Хъайтухъи фурт, уой мин дзæбæх радзоретæ! – Хъайтухъи фурт æрбацæуй æ галти мастмæ хъалон есунмæ. – Хуарз! Е дæр неци кæнуй: æхецæн – аци хуаллаг, æ бæхтæн ба ин – сæрвæт зæнхи хезнæ. Кай зонуй ‘ма еци гъуддагбæл ку не ‘нвæрса, уæдта ин бахуæрун кæндзинан нæ уорс дзолæй фиди хæццæ, кенæ ба ин сæресгæ æхцин муди хæццæ. На, уæддæр ку нæ уадза, уæдта ‘й бакæндзинан Хъозити бунккаги (авари) хути хæццæ. Уæддæр ма нин нæ сабур кæнуй, уæдта ‘й уæллаг æфцæгбæл Уазай цорти устургомау фуди хæццæ. Бийи-фурт, уæд мин дæу бабæй ци гъæуй? Æгирид дин мæ бон ку неци уа, уæддæр дæмæ Дигоргомæй хæрæг нæ рауадздзæнæн æма ма согæн ци содздзæнæ сæнарæй æндæр? Хъарадзауи-фурт! Дæуæн ба, Хуцауи ку фæндæ уа, уæд мæ цъæх тæрантæй дæ донисæр балæкъун кæндзæнæн! Изæрæй æфсæдтæ исцудæнцæ Тотай хæццæ æма Мисигони Донифарси æринцадæнцæ. Тæриати Тулабеги фурт Тотай æфсадбæл разилдæй, уæдта Есенмæ æрцудæй ‘ма ин загъта: – И уорссæр цæргæс Мисигони æрбадтæй. Усси, зæгъгæй, нин тæхгæ нæ кæнуй, цитдзи зæгъгæй ба нин нæмугмæ нæ цæуй. Есен ба адæмæн загъта: – Æфсад æрбацудæй, нур ба алке æхе багъæуай кæнæд, ахсæви дæр, исон дæр медгалауанæй маке рацæуæд! Æхсæвæ Есен фæлгæсæн мæсугæн æ цуппар тегъебæл цуппар цирагъи къудурони ниййасугъта, æхуæдæг ба еци рохсмæ уæлиндзæбæл рацо-бацо кодта уæгъдкурæти. Адæм ба медгалауан æрдзæфæй кафтонцæ. Æфсæдтæ дæр сæмæ уæллæй кастæнцæ, дес кодтонцæ æма сæмæ кæсгутæ æрæрвистонцæ батъасхæ кæнунмæ, Тæриай-фурт дæр – сæ хæццæ. Е куддæр-муддæртæй фегъосун кодта Есенæн: – Сæумæраги æз туппури сæрмæ цæудзæнæн, æлдари ба уой рæбунмæ æрветдзæнæн, мæхе ин хъувгъандзау ракæндзæнæн, фал æ хъувгъан ба æхемæ ратдзæнæн æма ‘й гъеуæд гъæуай гъæуй, гъема ибæл уæдта ма байауæрдæ дæ бон ци уа, уомæй. Дæ лæгигъæдæ ‘ма дæхуæдæг! Фæлгæсгутæ фæстæмæ исцудæнцæ æма Сари Асланбегæн загътонцæ:
444
– Ауæхæн дессаг некæд фæууидтан: кафунцæ, зарунцæ, сæ уæллæй æфсад ес, уой гъуди дæр нæ кæнунцæ. Сари Асланбег Текъой-фурт устур Ахмæтæн загъта: – Уой бæрцæ æдас кæд æнцæ, уæд сæбæл еу топпи гъæр æруадзæ! Текъой-фурт загъта Есени ниййамонгæй: – Æ уодмæ ин нæ багъавдзæнæн, фал мæсуги фарсбæл цирагъи къудуронмæ ба кæсетæ! Устур Ахмæт мæсуги фарсбæл цирагъи къудуронмæ багъавта. Фехста æй æма цирагъи къудурон рахаудтæй. Адæм уомæй багузаввæ æнцæ æма загътонцæ Есенæн: – Есен! Тохун ку райдæдтонцæ, нур ба ци кæнæн? Цидæр æй, уæддæр и уорссæр цæргæс усси зæгъгæй дæр нæ тæрсуй,цитдзи зæгъæгмæ дæр нæ цæуй. Есен ба син загъта: – Хуцау ин æй ма ниххатир кæнæд! Мæсуг дæр æхе дорæй састæуй! Е Текъой фурти топпигъæр æй, ма тæрсетæ! Дигорон топпи гъæр æй æма нин неци кæндзæнæй: гъоги къах уæс нæ маруй. Тæккæ исон сæмæ мах дæр еци мийнæвар рарветдзинан, нæмуг дæр имæ рагæлдздзинан, ‘ма нæмæ кæд æрцæуидæ и уорссæр цæргæс! Сæумæ хорискасти Сари Асланбег æ хъувгъани хæццæ æхе гъуди рацудæй. Есен æма Кобегкати Адайрухъ ба мæсуги сæрбæл бадтæнцæ. Хъанухъти Есен æ цубур мадзайраг æрбайста æма загъта: – Фæккæсетæ! Æ уодмæ ин нæ гъавун, фал æй æ бадæнæй фестун кæндзæнæн æнæхснадæй, цъумурæй, – ‘ма ин багъавта æ хъувгъанмæ. Хъувгъан Сари Асланбегæн æ рази ниббуройнæ ‘й. Сари Асланбег дæр фестадæй æма бацудæй æ бунатмæ лæхсидзæ æма æфхуæрдæй. Уобæл æфсæдтæ фестадæнцæ, Цъифти сæри æрбадтæнцæ. Уордæгæй ба Сари Асланбег æрæрвиста Есенмæ мийнæвæрттæ: – Дæхе, дæ хуæруйнаг, дæ ниуазуйнаг æма дæ тохæндзауматæ мин фæууинун кæнæ,– зæгъгæ. Устур Есен тумбул фингæбæл хъæбæр кæрдзин æма цæхгун цихт æрсаста, хъалацидзаг ба ин илæтонæй рарвиста дзуаппи хæццæ: – Е дин нæ цард, нæ хуæрдæ ‘ма нæ ниуæзтæ. Нæ еу анзи хуаллагæй дæ æртæ анзи æд æфсæдтæ исхæсдзинан. Кæд дæ фæндуй, – хæстæгдæр рацо, кенæ ба дæхе райсæ. Хъалон æнгъæл ба мæмæ ма кæсæ, Хъайтухъифурт! Бадиæруагæс уæд, махæн нæ цард нæ мос æй. Ра ни цох уо, кенæ ба дæ æрласдзинан нæ астæумæ дæ гъосæй. Нæма ‘й базудтай, Хъайтухъифурт, дæ гъæст сиуæ галтæн се ‘сæвди хезнæ Тæторс æй?! Хъарадзауи-фурт! Дæуæн ба дæ мастгæнæги уиндæй дæ цæститæ æма дæ сау рехæ исуорс æй.
445
Хъарадзауи-фурт! Тæторс æноси дæр идзаг æй махæн нæ фонсæй, махæй ин ка нæ бантæстæй, уони ку агорай Хъайтухъи-фуртæн, уæдта ин сæ банхæст кæнæ дæхуæдæг дæ уосæй. Хуцауи ку фæндæ уа, уæд ма дин – еу мæ цъæх тæрантæй дæ донисæр балæкъун кæндзæнæн! Бийи-фурт! Дæуæн ба аккаг нæ кæнун æлдари фæсте хæтунмæ! Уой фæдбæл Сари Асланбег æнæ нецæмæй æ хæдзарæмæ рандæ ‘й æд æфсæдтæ Уæллаг æфцæгбæл. Æ радзорæг бæрæг нæй. Донифарс, 1899 анз, июли 9 бон. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «Гарданти Михал.Уадзимистæ.» Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 193-198 ф.
446
МÆСУХЪÆУ ÆМА ДЗÆРÆСТЕ КЕТÆЙ ЦÆМÆН ФЕСТАДÆНЦÆ Дууæ гъæуи цардæнцæ Хæзнидони билæбæл Кети. Кæсгон æлдар си анз æртæ хатти хъалон иста. Хъалон есунмæ ку сцæуидæ æлдар æфсæдти хæццæ, уæд Ирæфбæл цъæх мегъæ ниббадидæ. Цард сæ нæ уагъта кæсгон æлдар, хъæбæр сæ æфхуардта. Еу хатт æлдар исцудæй æфсæдти хæццæ æма Хæзнидони хонсарварс æринцадæнцæ. Æртæ нард гъоги равгарстонцæ, æма ка – фезонæг кодта ухстбæл, ка – цæхæрбæл, иннетæ ба – аги. Сиойтæмæ ба адтæй нæуæг хунд рæсугъд киндзæ. Æлдарæн, æвæдзи, есге загъта киндзи хабар, æма ‘й æлдар æхемæ æрхонун кодта уордæмæ. Киндзæн æ лæг цауæни адтæй æма гъæуанз рамардта. Гъæуанзæн æ сæр æма æ хурфи дзаумаутæ æрхаста, е ‘ннæ фид ба ин, бæласæбæл бæрзонд тапка ракодта, æма уобæл ниууагъта (уæд уотæ кæниуонцæ). Ку ‘рхъæрттæй хæдзарæмæ, уæд нæуæг уосхунд лæхъуæн куд нæ бæлдтæй æ уоси уиндæмæ æма ‘й райагурдта. Мадæ æнкъардæй бадтæй. Дзоруй лæхъуæн æ мадæмæ, дæ киндзæ ба кæми ‘й, зæгъгæ. Ци гæнæн ма ин адтæй æнæ зæгъгæ. Ку ин радзурдта, уæд ин лæхъуæн загъта: – Нана, гузавæ ма кæнæ, киндзæбæл бабæй ци гузавæ кæнис? Исбабæй ердзинан,– зæгъгæ. Æхе фахъæраарæзт ракодта гебена æма бузури зæрæндти. Дамбаца æ рони рацавта. Топп Хæзнидони цæгати раримахста. Æма бацудæй æлдари æфсæдтæмæ. Сæхемæ æнгæрон неке уагътонцæ, фал е ба гъæлай хузæн æхе искодта æма хæлори скъуддзæгтæ артбæл февæридæ, æма цума хуæргæ кодта, уотæ ракæнидæ. Етæ дæр кастæнцæ æма худтæнцæ. Æлдар иннетæй цохдæр бадтæй киндзи хæццæ, æ къох ибæл æрдауидæ. Сиой-фурт имæ æхе баласта, дамбаца ин æ тæккæ сæрбæл фæккодта. Æлдар фæммардæй. Киндзæ фæггæпп ласта, æма Хæзнидони цæгатмæ
447
æрбагæпп кодтонцæ и дууæ. Ардигæй сæбæл Сиой-фурт тохунмæ февналдта топпæй сæ тæккæ тумугъмæ æма си никкидæр ниццагъта. Уæдæй фæстæмæ хъалон некæдбал бафистонцæ кæсæги æлдарæн и дууæ гъæуи. Кадæртæ си фæйнердæмæ фæппурх æй. Ка хонхмæ фæллигъдæй, ка – Дур-Дурмæ. Гъе уæд равардтонцæ сæхе Уæрæсей паддзахадæмæ, Кæсæги æлдæртти тасæй, хъазайхаг. Райдзурдта Кæлухти Елмæрза, 16 август, 1933 анз,Сурх Дигорæ. Нийфинста Хадати Берди. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 111, 89 п., 98–99 ф.
448
НАУРУЗТИ ÆФСИМАЙХОЙ ÆРБАЦУД ХОНХМÆ Дзæрæсте æма Мусхъæу Мæздæгмæ ку фæллигъдæнцæ, уæд ма Наурузтæ еу цуд æрбакодтонцæ хонхмæ хъалон ниввæрунмæ. Æлдар æфсæдти хæццæ æрбахудта еу гоцъеф Устур Дигорæмæ. Е ’рбацуд адтæй хуасæ кæрдуни афони. Адæм адтæнцæ хуасæ кæрдуни. Æлдар фегъосун кодта Устур Дигорæн: – Æрæмбурд уотæ, æма уи ка тухгиндæр æй, е мæ гоцъефи хæтдзæ фæххуæ цæд. Мæ гоцъефи ку рабуни кæна уæ лæг, уæд уин æз хæдзарæн-гъог куд раттон, уотæ. Мæн гоцъеф ку фæхъхъæбæрдæр уа, уæдта мин сумах куд раттайтæ хæдзарæн-гъог. Фæххабар кодтонцæ Хæресмæ, æндæртæмæ, æфсæдтæ æрбадтæнцæ гъæубæл, зæгъгæ. Æрæмбурд æнцæ Устур Дигорæ æма нирдеуагæ кодтонцæ. Кæцæй хастонцæ сæ нифс, æлдари гоцъеф хумæтæги гоцъеф нæй, æма уой хæтдзæ ке бон исуодзæнæй фæххуæцун. Ци гæнæн син адтæй, Устур-Дигорæ хæдзарæн-гъог æрæмбурд кодтонцæ. Уæд Дзаботи Æккайæн лихстæ кæнун байдæдтонцæ, фæххуæцæ ду æ хæтдзæ, уæддæр нæ гъоцитæ дæтгæ ‘нцæ æма си игъаугидæр нæбал ес, зæгъгæ. Æкка ба адтæй хъаурæгин лæг, фал уæддæр кæсгон æлдармæ хумæтæги гоцъеф нæ уодзæнæй, зæгъгæ, æ нифс нæ хаста. Исхъæбæрдæр æнцæ адæм, æма Æкка æрхуæстæй гоцъефи хæтдзæ. Ци гъудæй гоцъефæн, æнæхуæргæ, фæллад хуасдзау лæги рабуни кæнун? Æкка ку фестадæй, уæд гоцъефмæ е ‘нгулдзæ ниттилдта: – Дæ нивæ бахуæрæ, æстонг æма фæллад ку нæ адтайнæ, уæд ци адтайдæ, уой адтайдæ, – зæгъгæ. Æлдар бафарста, ци зæгъуй, зæгъгæ, æма ин ку радзурдтонцæ, атæ зæгъуй, зæгъгæ, уæд ниггузавæ ‘й æма загъта: – Уотемæй ба мæ сæрмæ не ‘рхæсдзæнæн мæ дзурд фæссайун æма батухæ кæнун. – Дуккаг бонмæ син æнгъуд равардта. Æккайæн Устур Дигорæ нæл фус балхæдтонцæ æма ин хуарз бахуæрун
449 29* Заказ №1424
кодтонцæ. Уолæфгæ дæр бакодта. Сæумæ ма æлдар хусгæ кодта, уотемæй имæ дуар бахуаста, ракæнай дæ гоцъефи, зæгъгæ. Адæм æрæмбурдæнцæ. Æлдар дæр фестадæй æма сæ æрхуæцун кодтонцæ. Æкка æрбалхъивдтитæ кодта, æма гоцъефи фæрскъити къæр-къæр исцудæй. Гоцъефи фæрстæ баморæ кодта Æкка æма ‘й зæнхæбæл ниццавта, уæдта ‘й ралхъивта, æма гоцъефи гъæлæсæй тог искалдæй. Гоцъеф ами рамардæй, æлдар ба ледзунбæл фæцæй е ‘фсади хæццæ. Цæргæсатæ æ фæсдзæуинтæ адтæнцæ æма æ хæццæ рацудæнцæ. Уæд Мосги ба цардæй еу гурдзиаг, Гезейæй ка ‘рбафтудæй Хъантемуртæмæ уацайраг æма цагъарæй ка суæгъдæ ‘й, уæхæн, æма æрæгиау фегъуста хабар. Устур Дигорæмæ исцæун ин нæбал бантæстæй, фал æлдар сæ ниррæстæмæ ку нихъхъæрттæй, уæд æлдари багæрах ласта. Топпи фат æлдари бæрцити цæгъдгæ бацудæй. Æлдар фæстæмæ фæхъхъан æй бæхи рагъбæл. Исæрдеуагæ кодтонцæ, æлдар фæммардæй, зæгъгæ. Æлдар сæмæ дзоруй: – Мард нæ фæдтæн, фал циуавæр адтæй, ка ‘дтæй? Цæргæсатæ ба ймæ дзорунцæ: – Косæг гурдзиаг æй, – зæгъгæ. Æлдар фæгъгъæр кодта æ адæмбæл: – Тагъд, лæг ка ‘й, ледзгæ! – зæгъгæ. Уæдæй фæстæмæ некæдбал æрбацудæнцæ Устур Дигорæмæ. Райдзурдта Гетъоти Елбиздухъо, 1933 анз. Нийфинста Хадати Берди. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 111, 88 п., 108–109 ф..
ЛЕГЕНДИТÆ
УАСГЕРГИЙ ТАУÆРÆХЪ Хонхи Уасгерги хонхи берæ уарзта. Цæнхиголæн загъта: – Æз дин хуарз бунат иссердзæнæн, – æма ‘й Хæреси ниссагъта. Уоми æ зæрдæ нæ бадтæй Цæнхиголæн – æма ‘й нæ æнцойнæ кодта. Уасгерги ин Задæлески унгæги хъалагъуртæ ниссагъта. Сирдон разагъта: – Мæн гаццай рæууæнттæй ку нæ раервæзай, уæдта дæ рамардзæнæнцæ. Цæнхигол Сирдони гаццай цари бацудæй ‘ма уотемæй хъалагъуртæбæл раевгъудæй. «Сирдони гацца æй!» – зæгъгæ, уотемæй Цæнхигол æрбадтæй, нур кæми ‘й, уоми. Уасгерги æрцудæй ‘ма хъалагъурти бафарста: – Абæлти цæуæг ести рацудæй? – Сирдони гаццайæй æндæр неци фæййидтан, – зæгъгæ, загътонцæ. – Æдта уæ Хуцау фесафæд! – хъалагъуртæн загъта. – Æз уин уотæ ку загътон, цæуæг ма рауадзетæ! – æма Уасгерги æ кард фелваста æ мастæй, æма хонх ниццавта: – Атæ ‘й цæмæннæ нæ цавтайтæ? – Хонх фæдууех æй Задæлески сæрмæ, уæдта æ мудзура дæр фелваста, ‘ма хонх фæцъцъасæ ‘й: – Атæ ‘й цæмæннæ барæхустайтæ? Æ цæфтæ нур дæр бæрæг æнцæ Задæлески. «Всеволод Миллер, «Осетинские этюды», часть I. Ученые записки имп. Моск. университета, вып. 1., Москва, 1881 г.», 102 ф.
451
УАСГЕРГИЙ КАРДИ ЦÆФ ÆМА МУДЗУРАЙ РÆТЪУЗТ Хонхи изæд Уасгергийæн къæдзæхи цъаси адтæй цæнхистонæ. Уоми æ цæнхæн гъæуайгæстæ ниввардта. Еци рæстæги цæнхæ кадавар уидæ. Еу кæми адтæй, уоми бабæй Уасгерги ранæхстæр æй æ бæхбæл балци æ идард хæтæнтæмæ. Уой базонгæй, будури изæд Никкола, Уасгергимæ фудæнхæ уогæй, куй фестадæй æма куййи хузи багъузтæй цæнхистонæмæ, уотемæй цæнхæ радавта. Уалдæнги Уасгерги ку ‘рхъæрттæй æ балци фæндагæй, уæдта кæсуй, æма цæнхæ уоми нæбал æй. Гъæуайгæстæмæ фездахтæй æма сæбæл фæгъгъæр кодта: – Ци ма косетæ, цæнхæ ами ку нæбал æй! Гъæуайгæстæ ниддес æнцæ, гæр, æдта ци фæцайдæ, зæгъгæ. Уасгерги бабæй сæ фæрсуй: – Ами ка адтæй? – Неке си адтæй, æрмæстдæр си еу куй рауайгæ фæййидтан. Уасгерги гъуддаг уайтæкки ралæдæрдтæй: – Гъе æдта еци цъумур Никкола адтæй, куййи хузи æндæр неке æрбацудайдæ. Ами æй ку ‘рбаййафтайнæ, уæдта ‘й мæнæ аци кардæй мæнæ уотæ ниррæуигътайнæ, – зæгъгæ, Уасгерги æ кард фелваста æма хонх дууæ ‘мбеси рафаста. Уæдта æ мудзура дæр фелваста ‘ма, уотæ ‘й рарæтъузтайнæ, зæгъгæ, хонх барæхуста. Абони дæр ма Уасгергийæн æ карди лух æма мудзурай рæтъузт бæрæг æнцæ Задæлески цори хонхи цæгатварсбæл. Нийфинста Цæрукъати Аликсандр Ибрагими фурт, 1940 анз. Æ радзорæг бæрæг нæй. ЦИГСÆИ-й архив.
452
ÆФСАТИЙ ТАУÆРÆХЪ Хуцау дуйней ку ‘сфæлдиста, уæд æ фонсæй алкедæр си равардта фæйнæ изæдемæ: нури хæдзайрон фонс – фонси Фæлвæрайæн, тиллæг – хуари Уацеллайæн, мудибиндзитæ – Анæголæн, сирдтæ – Æфсатийæн, уæдта никкидæр гъеууотитæ. Уæд адæм ку сфæлдиста Хуцау, уæдта изæдтæ æримбурд æнцæ ‘ма баунаффæ кодтонцæ, нæ фиди лæвæрттæ, зæгъгæ, адæмæн раттæн. Уотемæй изæдтæ, Хуцау син ци лæвæрттæ бакодта, уони еугурæй дæр адæмæн равардтонцæ, Æфсатийæй фæстæмæ. Е ба загъта: – Æз мæ фиди лæвар не сæгадæ кæндзæнæн, ‘ма ‘й æз, – зæгъгæ, – некæмæн дæттун. Изæдтæ ин фæллихстæ кодтонцæ, фал сæмæ уæддæр нæ байгъуста, ‘ма уæдта етæ дæр сæ гъаст Хуцаумæ бахастонцæ: – Мах, – зæгъгæ, – изæдтæ, ду нин ци лæвæрттæ ракодтай, уони адæмæн равардтан. Æфсати ба уобæл не сарази æй, дæ лæвар фонс адæмæн нæ дæттуй, ‘ма нин уомæн, – зæгъгæ, – ести унаффæ искæнæ. Хуцау ба син загъта: – Æфсатийæн æз равардтон мæнгæй фонс, е ба сæ нур ба хъæбæр берæ искодта, ‘ма ин син мæн бон дæр райсун нæбал æй, фал ибæл уæхуæдтæ архайетæ, ‘ма кæд сумах унаффæбæл е дæр рацæуидæ, еци барæ уæмæ дæттун, – зæгъгæ, – ‘ма ин зиндзийнæдтæй алцидæр фæййинун кæнтæ, маргæ ба ‘й куд нæ ракæнайтæ, уотæ, ‘ма уин уотемæй ку бафæлмæца, уæд кæд исарази уайдæ сумах унаффæбæл. Хуцауи загъдмæ гæсгæ, изæдтæ æрæмбурд æнцæ, Æфсатийбæл еци унаффæ-тæрхон рахастонцæ: хæтгæй ин зæнхæ зæнгбæттæнти уæнгæ куд тудтайдæ, уотæ. Æфсатийæн зæнхæ тонун байдæдта зæнгбæттæнти уæнгæ, уотемæй берæ афонти фæххаттæй. Уæддæр син не сарази æй æ лæвар раттунбæл адæмæн. Нæуæгæй бабæй æрæмбурдæнцæ изæдтæ ‘ма бабæй Æфсатийæн нæуæг тæрхон рахастонцæ – хæтгæй ин зæнхæ æ астæуи уæнгæ куд тудтайдæ, уотæ. Уотемæй дæр бабæй берæ афонти фæххаттæй, фал син уæддæр бабæй не сарази æй æ фонс раттунбæл. Æфсатийæн уæхæн тæрхон рахастонцæ: къагъд искодтонцæ, уоми Æфсатий уодæгасæй банигæдтонцæ, æ еунæг цæстæ ба ма ин æнæмбарзт
453
ниууагътонцæ. Уотемæй дæр бабæй æй берæ афонтæ фæддардтонцæ, уæддæр бабæй не сарази æй: – Æз, – зæгъгæ, – мæ фиди лæвар не сæгадæ кæндзæнæн, ‘ма ‘й некæмæн ратдзæнæн, цидæр зиндзийнæдтæ мин кæнайтæ, уæддæр. Æрбабæй æмбурд æнцæ изæдтæ нæуæгæй ‘ма бабæй Æфсатийбæл нæуæг тæрхон рахастонцæ: – Сирдтæй, – зæгъгæ, – цæфæй ка райервæза, уонæн лухмахакем куд уа, уотæ. Æфсати дæр еу афони ба алли бон дæр æ хæтæлæй ниццæгъдидæ, ‘ма кæми ци цæф сирд адтæй, етæ æмбурд кæнун райдаиуонцæ, сæ гъæдгинтæ син фехснидæ, сæ хæфтæ син фæккæдзос кæнидæ, уотемæй сæбæл гъезæмарæй æхе мардта. Цæйбæрцæ сæбæл фæккустайдæ, уæдта сæбæл багъигæ ‘й, ‘ма Хуцаумæ æхуæдæгка гъастмæ фæццудæй, ‘ма загъта: – Мæ фидæ, дæ лæвар дин æз не сæгадæ кодтон, мæ фонси хатбæл хъæбæр фæккустон ‘ма сæ исберæ кодтон, фал мин сæ нур ба адæм маргæ дæр кæнунцæ, уæдта мин си цæфтæй ка раервæзуй, уони гъуд кæнун, сæ цæфтæ син æхснун, хъæбæр сæбæл гъезæмарæ кæнун, ‘ма ди уомæ гæсгæ ба корун, мæ фонсæй цæмæй, цид, ка райервæза, ейæ фиццагидæр ци цадæмæ бахъæрта, уоми æхе, цид, ку равдола, уæд дзæбæх куд кæна, уотæ. Хуцауæй ци курдта Æфсати, уобæл ин исарази æй ‘ма уæдæй фæстæмæ цæф сирд æхе цади ку равдолидæ, уæд ин æ цæф нецибал хилæ кæнидæ, ‘ма исдзæбæх-еу уидæ. Уомæй дæр бабæй ин изæдтæ амал не ссирдтонцæ, ‘ма уæдта бабæй нæуæг тæрхон, – фæстагдæр тæрхон рахастонцæ уотæ: – Адæмæй сирдти фæсте зæрдиуагæй ка хæта, уомæн си хай куд уа, уотæ, зæрдиуагæй ка нæ хæта сæ фæсте, уомæн ба си хай куд нæ уа, уотæ! Гъе, ‘ма еци бонæй абони уæнгæ еци тæрхон сирдтæбæл адæми астæу байзадæй: зæрдиуагæй ци цауæйнæнттæ фæххæтуй, етæ сирдтæ рамарунцæ, зæрдиуагæй сæ фæсте ка нæ хæтуй, етæ ба ревæдæй æрцæунцæ фæстæмæ. Райдзурдта Бæзати Майрæн Айтеги фурт. Нийфинста Толасти Андрей, 30 мартъи, 1927 анз, Киристонгъæу. ЦИГСÆИ-й архив, фольк. № 15, 82 п., 114–116 ф.
454
БИНДЗИТÆ КУД РАНТÆСТÆНЦÆ ДИГОРИ... Биндзитæн сæ райгурæн Капкай æй, Дигорæмæ ба æрбафтудæнцæ Кæсæгæй. Капкайи рахес æрдæгæй ес хонх, Ахмæти хонх. Еци хонхи цори раги цардæй еу хуцауиуарзон пахампар. Еу хатт ку адтæй, уæд ибæл Хуцауи зæрдæ фæххудтæй æма ймæ рарвиста уорс золкъитæ, æма ин етæ æ бауæр бахуардтонцæ. Кæд хъæбæр хъиамæт кодта, уæддæр Хуцауæй гъаст нæ кодта; фал ка рахауидæ, уой дæр æ къохæй исесидæ æма бабæй æй банихасидæ æ бауæрбæл. Уой ку фæййидта Хуцау, уæд æй бафарста: – Цæмæн сæ нихаси бабæй фæстæмæ? Пахампар ин загъта: – Хуцау, ду мæ сфæлдистай, дæ бæрагæ дæн, æма, ци дæ фæндуй, уой мин кæнæ. Уой ку фегъуста Хуцау, уæд ин æртæрегъæд кодта æма загъта золкъитæн: – Цæй, базургин исуотæ æма тæхетæ, лæгæн хъиамæти бæсти агъаз куд кæнайтæ, уотæ. ‘Ма ‘цæгæй уой фæсте кæлмитæбæл базуртæ æрзадæй æма Ахмæти хонхмæ фæттахтæнцæ. Еу сæрдæ еци хонхи цори рафецауæн кодта еу сирдмар; фæккастæй хонхмæ æма уинуй: цидæр биндзитæ хонхи цъасæй ратæхæ-батæхæ кæнунцæ. – Дессаг, циуавæр æнцæ етæ? – загъта сирдмар, хæстæгдæрæй сæ фæййинун æй бæргæ фæндадтæй, фал бæрзонд адтæнцæ æма ин гæнæн ку н ‘адтæй, уæд æрбахудта еу кадгин лæг, æма дуййемæй сæ гъæуай кæнун байдæдтонцæ æгас дууæ мæйи. На-нæуадæр, с’ арми ку неци бафтудтæй, уæдта скодтонцæ даргъ асийнæ ‘ма уотемæй схизтæнцæ биндзитæмæ. Ку никкастæнцæ, уæд дин ниййидтонцæ муди гъостæ ‘ма фæллæбурдтонцæ фæйнæ гъосемæ, не ‘нгъæл уогæй уой, ‘ма син биндзитæ ести кæндзæнæнцæ; фал сæ биндзитæ цæфтæ кæнун ку байдæдтонцæ, уæд етæ фæггæлстонцæ сæ муди гъостæ ‘ма, кæбæлти æргæппитæ кодтонцæ, уой дæр нæбал базудтонцæ. Зæнхи ба, ку ‘рхизтæнцæ, уæд æркастæнцæ сæ къохтæмæ ‘ма ниййингин æнцæ мудæй. Къохтæ ку растардтонцæ, уæд сæмæ уотæ адгин фæккастæй ‘ма дуйне ниддес
455
æнцæ. Бæргæ ма сæ фæндадтæй схезун, фал нæбал бандиудтонцæ биндзитæй ‘ма рандæнцæ, кæрæдземæн ниссомигæнгæй, куд некæмæн зæгъдзæнæнцæ, ци ссирдтонцæ, уой. Зумæг фæййевгъудæй ‘ма, уалдзæг ку æрцудæй, уæд сирдмартæ фиццаг анзæй дзæвгарæ æрæгæмæдæр æрцудæнцæ бабæй еци хонхи цормæ. Еци хатт цъасæ тъунсгæ идзаг исцæй. Уæлæмæ дæр ма кастæнцæ муди гъостæмæ, ‘ма хори тæвдæй и муд к ‘адтæй, ейæ зæнхæмæ тагъдæй. Уой ку фæййидтонцæ сирдмартæ, уæд нæуæгæй бабæй схезунвæндæ скодтонцæ, æма, уа-нæуа, уæддæр сæ куд æресонцæ, уотæ. Фиццаг æристъигътонцæ балий цъарæ æма си сæмбу скодтонцæ. Уой фæсте ба сæ сæртæ æрбатухтонцæ баслухътæй æма сæ сæмбуй хæццæ схизтæнцæ мудибиндзитæмæ, æрсæмбурд кодтонцæ сæмбумæ, се ‘лдар сæ хæццæ (æнæ се ‘лдар фæллигъдайуонцæ) æма сæ æрхастонцæ гъæумæ; еу минги син муд дæр райстонцæ сæ хæццæ. Гъæуи ба сæ исарст бæтманмæ никъкъуæрдтонцæ. Бæтмани биндзитæ сæхецæн ралæсæн цъасæ скодтонцæ ‘ма, цид, косæгбиндзитæ уордæгæй минги сахат ратæхиуонцæ сæхецæн зумæгмæ муд æмбурд кæнунмæ, фал æнхуæц æвдесæн ба нæ кодтонцæ сæ нæуæг хæдзарæбæл. Уалдзæг ку ‘рцудæй, уæд и бæтман рацудæй, ‘ма нæуæг цуди дæр хецæн бæтмани никъкъуæрдтонцæ; уотемæй бадууæ æнцæ. Фиццаг бæтмæнттæ, дан, етæ адтæнцæ, зæгъгæ, зæгъунцæ муддартæ. Уæдæй ардæмæ дигорон лæг цитгин кæнуй мудбиндзитæ ‘ма ковуй сæ фæлвæра Аниголæн. Анигол ка æй, уой бæлвурдæй неке зонуй. Еуæй-еуетæ зæгъунцæ, уæларвон хуæрзгæнæг, дан, æй; ка бабæй Анигол – фиццаг сæ ци сирдмар иссирдта, е, дан, æй; ес уæхæнттæ, уотæ ка зæгъуй, Анигол, дан, адтæй, базургин золкъитæ ке рагъæй фæттахтæнцæ, еци пахампар. Ка фæндуй, уæд, фал муддартæ ин æ зæрдихудтæй хъæбæр тæрсунцæ ‘ма алли анз, мудтæ будурмæ ку фæлласунцæ, уæд ин кувд кæнунцæ. Къуар муддари, еумæ ка ласа уæхæнттæ, нард фус балхæнунцæ, ний æвгæрдунцæ, ‘ма цæмæй мудзад фæууонцæ, уой туххæй баковунцæ. Аци тауæрæхъ æнæ мæнгæ ке ‘й, уобæл зæронд муддартæ соми кæнунцæ ‘ма Дигори муддарæн ходуйнаг дæр æй уой нæ зонун; фал аци дзубандийæй æндæр ба дигорон лæг биндзити туххæй неци зонуй, кæд æ хуæздæр хæдзардар фонс æнцæ, уæддæр. «Всеволод Миллер, «Осетинские этюды», часть I. Ученые записки, имп. Моск. университета, вып. I. Москва, 1881 г»., 94–96 ф.
456
РУЙМОН Рæууес ку низзайуй, уæд æваст идардмæ рауайуй æма идардæй æ бæдолæмæ æркæсуй: æхе хузæн ку уа, гъома, сабур ку уа, уæд саг æй æма си тас нæййес, фæстæмæ ймæ æрæздæхуй дзедзе дарунмæ. Фал рæууес алли сауæнгæ уæхæн нæ зайуй. Еуæй-еу хатт низзайуй хелаги хузæн: руймон, зæгъгæ, хуннуй махмæ. Е ма фиццаг минги фæууй, æ цæститæй дæр нæ фæккæсуй. На-нæуадæр сабур нæ æй, – бæлæстæ æд къадотæ рæдовуй, зæнхæ æ дæндæгутæй хуæруй. Руймонæй æ мадæ идард ледзуй. Уорс Елиа ба адæми сагъæс кæд нæ кодта? Руймон адæми знаг ке ‘й, уой зонуй, æма ймæ æ цæстæ даруй. Куддæр райгура, уотæ, цалинмæ æ цæститæй ракæса, уалинмæ ймæ уæларвæй Елиа æфсæн рæхис мегъи хæццæ рауадзуй, æ хъурбæл ин æй рафтауй æма ‘й уæлæмæ ласун бадайуй. Æ цæстити ракастмæ ба ин уомæн хæлæф кæнуй, æма, æ цæститæй ракæсгæй, цидæр бæстæ рауина, уоййасæ раирæзуй. Уæларвмæ ‘й ку фæлласуй, уæд æй гъæри бон ку фæууа, уæддæр айдагъ æ гъæрæй, ка ‘й фегъоса, уонæбæл нез растун кæнуй. Уæларвмæ ‘й ку сесуй, уæдта ‘й уотемæй сæ æхсаргæрдтæй лухтæ кæнунцæ æма ‘й мæрдти уодтæн иуарунцæ. Етæ ба ‘й фицунцæ, æма ин æ басæй ка бацумуй, е ба, куд рамардæй, уотæ бабæй фестуй. *** Адæймагæн æ адзал ку ‘рхæстæг уа, уæд уосæн сбадунцæ тæрхони цуппар уоси, лæг ку уа, уæд лæгæн ба æхсæз лæги ‘ма ин уотемæй тæрхон скæнунцæ. Уоци тæрхони фæсте лæг æ тухи нæбал фæууй, фал уотæ уодхарæ кæнуй. Е ‘нгъуд ку ‘рхъæртуй, уæдта ин уодесæг æ уод исесуй. И уод ка ‘й, е, цалинмæ æй байвæронцæ, уалинмæ марди сæрти тæхуй. Мард ку рахæссунцæ, уæд æ уод дæр æ сæрти тæхуй; ку ‘й ниввæрунцæ цирти, уотæ ба и уод дæр ниххезуй циртмæ æма и марди бабæй бацæуй. Мард æхе æртæ хатти рахъел кæнуй.
457
Уой фæсте уод фæстæмæ раздæхуй æма сдзоруй: – Ций а? Нурмæ дæр куд хастон аци толдзæ къудурон! Уотемæй ратæхуй æма уæларвмæ фæттæхуй. Уоми ба ‘й рæхиси авд цъасеми раласунцæ æма, ци хузæн адтæй, уоци хузи бабæй бацæуй. Нийфинстонцæ Туккати Соломон æма В. Миллер. Æ радзорæг бæрæг нæй. «Дигорские сказания, по записям дигорцев И.Т.Собиева, К. Гарданова и С.А. Туккаева с переводом и примечаниями Всев. Миллера. Труды по востоковедению, издаваемые Лазаревским институтом Восточных языков, выпуск XI, Москва, 1902», 60–61 ф.
458
ДИГОРÆ САЙТАНИ КУД БАСАЙДТОНЦÆ Дигорон лæг Секъина хуасæ карста Цъифгуни, рæфти рæстæги имæ æрцудæй еу лæг æма æ зæрдтæй æхе уой хузæн лæг худта. Еци лæг æ еу кæрони карста хуасæ, ка имæ æрцудæй, е ба имæ еу сахат фæккастæй. Сæ цори бæласæ адтæй, хæреси гъæдæ. Æрцæуæгкаг лæг ка адтæй, е бæласæмæ ниццудæй æма бæласи къадотæ ралух кодта, цæвæг си искодта æма игуæрдæнæн æ иннæ кæрони хуасæ кæрдун байдæдта еци цæвæгæй. Уæдта æй Секъина базудта: «А лæг нæ ‘й, фал сайтан æй.» – Секъина æ цæвæг циргъ кæнун ку райдæдта бæлæгъбæл дорæй, уæд и сайтан дæр донмæ ниццудæй æма еу дор исиста. Еци дорæй е дæр хæресин цæвæг циргъ кодта. Уотемæй Секъина æхецæн загъта: «Аци сайтан, æз ци кæнун, е дæр уой кæнуй, мæн фæнзуй алцæмæй дæр». Бæндæнтæ бийун байдæдта кæрдæгæй æма ку сбидта, уæд сайтан дæр сбидта. Уæдта Секъина æ къæхтæ сбаста, ци бæндæнтæ исбидта, уонæй. Сайтан дæр, ци бæндæнтæ исбидта, уонæй æ къæхтæ сбаста. Уæдта Секъина æ къохтæ дæр сбаста федар, æма сайтан дæр æ къохтæ сбаста уой хузæн. Уой фæсте лæг фиццаг æ къохти баст æхе æфсæйнаг цæвæги комбæл ислух кодта, уæдта цæвæг исиста æма си æ къæхти баст дæр слух кодта. Сайтан дæр æ къохти баст æ зæрдтæй лух кодта æ хæресин цæвæгбæл, фал æ гъæдин цæвæг ци слух кодтайдæ æма æ бæститæн исуæгъдæ кæнуни мадзал нæбал иссердта. Секъина уой ку базудта, уæд æ цæвæг раскъафта æма бауадæй сайтанмæ æма ин цæвæгæй æ сæри сæрдасæндзæф фæккодта. Уæдта ин сайтан загъта: «Дæу сайуйнаг адтæн, фал мæбæл ду фæхъхъæбæрдæр дæ. Нур мæн Хуцау дæуæн равардта æма мæ хонæ уæ хæдзарæмæ.» Сайтан ке адтæй, уой ба фиццаг уомæй æргъуди кодта, æма æ къæхтæ фæстæмæ арæзт ке адтæнцæ, уой туххæй. Секъина сайтани фæххудта æ хæццæ æма ин фæндагбæл сайтан загъта: «Нур ку бацæуæн хæдзари дуармæ талинги, уæд ду раздæр бацо хæдзарæмæ. Мæн ба ниууадзæ æндæдуар æма бийнонтæн мæн хабар радзорæ, уæдта син зæгъæ, æз ку бацæуон, уæд мæбæл маке баходæд, кенæ ба ка бахода, уомæн хуарз нæ уодзæнæй. Уæдта цирагъ æма арт ниххуссун кæнæ, хæдзари рохс куд нæбал уа, уотæ; уæдта мæмæ рацо æма мæ бахонæ
459
хæдзарæмæ дæхуæдæг æма зæгъдзæнæ: «Хуарз иуазæг æрцудæй», – дæхуæдæг ба цирагъ искæнун кæнæ.» Хæдзари дуармæ ку бахъæрттæнцæ, уæд сайтани æндегæй ниууагъта æма ин сайтан ци загъта раздæр, уони исæнхæст кодта. Уæдта рацудæй æма сайтани дæр бахудта. Рохс ку искодтонцæ, уæд и уосæ ку фæууидта, сайтани къæхтæ фæстæрдæмæ ке адтæнцæ уой, уæд ниххудтæй, æма фæрсмæ куд худтæй сайтанбæл, уотæ еци арæзтæй ходгæ-ходгæй байзадæй. Сайтан сæ хæццæ цæрун байдæдта, уотемæй сæбæл амонд кæлун байдæдта. Сайтан, цид, æ дæс æнгулдзебæл дæс къибилай цолпий хæццæ фæххæссидæ донмæ сæумæй æма, цид, дони билæбæл исбадидæ, донмæ кæсун байдаидæ æма æ цолпийæй еу лæбурд донмæ фæккæнидæ, æма æй е дзагæй фелвасидæ, уотемæй æй къибилати æвгæдта. Донмæ, цид, ку фæллæбурдта, уæдта еу сахат хумæтæги дони билæбæл фæббадидæ. Уæдта бабæй еу хатт фæллæборидæ донмæ æма бабæй ке исесидæ, уой къибилати никкæнидæ. Уотемæй, цид, цалинмæ къибилатæ байдзаг кодта, уалинмæ ибæл байзæр уидæ, æма, цид, изæрæй идзаг къибилати хæццæ æрбацæуидæ хæдзарæмæ. Хæдзари æй бийнонтæ бафæрсиуонцæ: «Дæхебæл, сæумæй ку фæццæуис, уæд цæмæн байзæр кæнис, æма донмæ ефстаг лæбурд цæмæн фæккæнис, дзæгъæл бадт ку фæккæнис? –Уæд сæ, цид, тагъд райдзаг кæнæ æма сæ æрбахæссæ». Сайтан син загъта: «Ефстаг лæбурд донмæ уой туххæй фæккæнун æма донæн, æз ци сахат фæллæборун, еци сахат рахъæртуй æ кæдзос, уæдта уотид ку фæббадун, уæдта æ цъумур фæццæуй æма ин æ цъумурæй ба æз нæ фæййесун, цалинмæ æ кæдзос рахæццæ уй, уалинмæ, æма мæбæл изæр дæр уой туххæй бауй.» Сайтанæн алли сабатизæри дæр æ сæри сæрдасæндзæф кодтонцæ, уой ку нæ кодтайуонцæ, уæд ин сæ хæццæ фæццæруни мадзал н ‘адтæй. Инайæ, цид, ку кодтонцæ æма кæрæ ку кæдзос кæниуонцæ фиййагæй думгæмæ, уæд, цид, еу фиййаг раст исæнтъохидæ кæри сæрмæ, еу, кенæ дууæ фиййаги ба мосæй æндæмæ дзæгъæли æнтъухта. Ку æй бафæрсиуонцæ: «Æндæмæ ба ма ‘й цæмæн ракалис?» – уæд, цид, загъта: «Æндæмæ ба уой туххæй калун, æма, ке калун, е мах амонд нæ ‘й; ку ‘й бафснайæн, уæддæр æй миститæ бахуæрдзæнæнцæ. Мах амонд ка нæ уа, уомæй уæддæр махмæ неци æрхæццæ уодзæнæй». – Уотемæй цардæнцæ æма хæдзарæ гъæздуг кæнун байдæдта. Уæдмæ сæ гъæумæ берæгъ багъомпал æй æма си алли изæр дæр сувæллон хаста. Еу кæми адтæй, уоми бабæй сабатизæри берæгъ еу биццеу раскъафта, сайтанæн æ сæри сæрдасæндзæф афонæ ку адтæй, уæд. Бийнонтæ еугурæй дæр фæдеси фæцæнцæ, баргъон си кадæр адтæй, етæ. Сайтан хъурмæ кæнун
460
байдæдта, сæхе хæдзари ин æ сæри сæрдасæндзæф ка фæккодтайдæ, уæхæн ку нæбал адтæй, уотемæй сæрдасæн райста æма æй сæ синхонтæмæ, кæми еуемæ, кæми иннемæ лæвардта æма си курдта: «Мæ сæр мин еске сæрдасæндзæф фæккæнæд». – Æхецæн ба уой кæнæн н ‘адтæй, уонæй дæр неке бакумдта. Уотемæй æ сæрдасæндзæф афонæ евгъуйун байдæдта. Уæдта арв дæр гæрæхтæ кæнун байдæдта, сайтан дæр зир-зир кæнун байдæдта. Секъинатæн сæ дæллæй, Фæрæскъæтти гъæуи, нади уæллæй еу устур дор ес, сайтанæн мадзал ку нæбал адтæй, уæд еци дори бунмæ ниллигъдæй æма ма фæстæмæ Секъинатæмæ уотæ сдзурдта: «Байуарун фæткæ уин ма уæд, гъæздуг кæнетæ; ка байуара, етæ ба игургæ æма мæлгæ кæнæнтæ, еуæй-еумæ цæуæнтæ». Уотемæй, ка байурста, етæ мæлгæ дæр арæх фæккодтонцæ, еуæй-еумæ дæр цæунцæ, сæ мулк ка ‘дтæй, уой дæр бахуардтонцæ, Секъинатæмæ нур дæр ес уæхæн æгъдау, æма сæ медæггойни алли анз дæр кувд кæнунцæ талинги æма фæззæгъунцæ: «Нæ хуарз æрвади туххæй кувд кæнæн». Кувд ба, сайтан ци бон фесавдæй, еци бон дори буни фæккæнунцæ. Кувдæй – бæгæнийæй дæр, арахъæй дæр, хуаллагæй дæр, косартæй дæр сæ кизгуттæй еске лæгмæ ку æрцæуй, уæд уомæн дæр нæбал фæддæттунцæ, нæфæтгаг син фæууй еци кувд. Нури уæнгæ дæр æй кæнунцæ. Хæресин цæвæг дæр нури уæнгæ æгас адтæй. Вс. Миллер «Осетинские Этюды». Владикавказ, 1992, 90-94 ф.
461
ТУККАЙ РУН «Туккай рун дæ фæххæссæд» Еу аст анзи бæрцæ мæбæл цудæй, уæд æрбауадтæн будурæй мæ фидифиди цормæ æма ин зæгъун: – Ацци, нуртæккæ еу хелагæ æрбамардтон æз. – О Хуцау дин ма бакома, цæмæн æй рамардтай? – зæгъгæ, мæбæл фæгъгъæр кодта. – Ци кæнуй, лæгъуз ку æй хелагæ? – зæгъгæ ‘й, фæрсун. – Нурмæ куд некæд фегъустай, нæ муггагæн хелагæ марун куд не ‘нгъезуй, уой? Мах уомæн алли анз дæр кувд кæнæн, лæгъуз, ду ба ‘й маргæ кæнис! – Цæмæн? – зæгъгæ, бабæй æй фæрсун. Ацци ниууолæфтæй хъæбæр æма мин загъта: – Æрбадæ атæ мæ цори, æза дин æрдзубанди кæнон… – Раги, æз дæр нæбал æриййафтон еци дзæбæх рæстæг, Туккатæ сæ бæрцитæбæл ма ку адтæнцæ, уæд еунæг хæдзарæй ранæхстæр æнцæ гъазгæ, ходгæ дууадæс хуасдзауи æрваддæлтæ, се ‘фсапъæ (косæг) – æртиндæсæймаг. Ракæсгæй сæмæ лæги зæрдæ ирадæй. Исцудæнцæ сæ хуасгæрцæмæ æма кæрдунтæ байдæдтонцæ. Уотемæй ци ракарстонцæ, Хуцау зонуй. Еу бон кæми адтæй, уоми ба, стур сехуар афони æрраст æнцæ фæззæги зар гæнгæ сæ уосонгæмæ, сехуар кæнунмæ. Еци бон Хуцау æнтæф бон скодта æма куддæр æрбадтæнцæ, уотæ се ‘фсапъæмæ фæдздзурдтонцæ æма син къосæй уæрас дæттун байдæдта радугай. Куддæр раниуазтонцæ фæйнæ къоси, уотæ фæйнердигæй гъæр кæнун райдæдтонцæ: – Уау! Мæ артæнтæ лухтæ кæнунцæ! – Уотемæй мингий сахат ку рацудæй, уæд и дууадæс дæр сæ уодтæ исистонцæ. Се ‘фсапъæ ка ‘дтæй, е ба нæма баниуазта æма уонæмæ ку æркастæй, уæд никкудтæй: – О Хуцау, дæуæн табу! Æдта айæ ци фидбилиз адтæй, мæ къохæй син ци уæрас равардтон, ейæ син марг ку фæцæй. Уой фæсте бацудæй уæраси гæбæтмæ æма си къоси дзаг рауагъта; уой бал уотæ зæнхи ниввардта, æхуæдæг ба гæбæти ком фехалдта æма уæрас зæнхæмæ
462
ку рауагъта, уæд дин и уæраси хæццæ зæнхæмæ æрхаудтæй сау стур хелагæ. – Мæнæ ку æй марг, – зæгъгæ, загъта, уой ку фæууидта, уæд. – О уæууæй! Гæбæти къум ку нæ ниббастон æма мæ лæгъуздзийнадæй мæгур адæни ку фæццагътон. Етæ кæми нæбал æнцæ, уоми мæнæн дæр мæ мæлæт хуæздæр æй. – Уотемæй райста уæраси къос æма ‘й баниуазта æ бунтæй æма – де ‘знаг уоййау ку фæууидæ – е дæр рамардæй. Уотемæй, мæ хор, нæ фиддæлтæ еунæг бон æртиндæс марди бафснайдтонцæ æма уæдæй ардæмæ алли анз еци бон кувдгæнгæ æрцудæнцæ. Мæнæ алли бон ци æлгъист игъосис: «Туккай рун дæ фæххæссæд», –зæгъгæ, е дæр уæдæй ардæмæ æй. Нур дæр мах еци кувд алли анз ку кæнæн, байронх дæ? Кæд нæ Хуцау хезидæ еци фидбилизæй; мæнæ, косарт ку никкæнæн æма, нæлгоймагæй нæмæ ка ес, етæ æхсæрфæмбæлтти хæццæ æндæмæ ку рацæуæн, æма уоми ку исковæн? – Æндæмæ ма уæд цæмæн фæццæуæн? – зæгъгæ ‘й, бафарстон. – Уомæн, æма æндегæй мард фæцæнцæ, хелагæ дæр æндегæй æй, æма ин мах дæр æндегæй баковæн. Нигъгъос æй Ацци, фал æз ба хъæбæр смæстгун дæн хелагæмæ æма фæгъгъæр кодтон: – Амæй æндæмæ хъæбæрдæр сæ мардзæнæн, етæ мах æрваддæлти рамардтонцæ! – Ма кæнæ, мæ уод, ма кæнæ, – зæгъгæ, загъта Ацци. – Хелæгтæ берæ ‘нцæ æма се ‘нггæтей нæ рамардзæнæ, еу дууæ си ку рамарай, уæдта иннети ба дæхемæ фæффудæнхæ кæндзæнæ. Уой бæсти Хуцауæн, цид, балихстæ кæндзинан, цæмæй нæ сæ хуарзæнхæ уа, уой туххæй. Вс. Миллер «Осетинские этюды», Владикавказ 1992, 10 ф.
463
УÆЙГУТÆ Уæйгути Хуцау ку сфæлдиста, уæдта си æртæ æнсувæртæ адтæнцæ: Æфсадæг, Хæрæхсей æма Æфсæнбит. «Цæуæн, – зæгъгæ, загътонцæ, – мах аци адæни хæццæ неци бакæндзинан, æма федармæ бацæуæн!» Уотемæй Уазай сæрмæ бацудæнцæ. Æр æй цардæнцæ. – Цæйтæ, æма нæхецæн игуæрдæн рахсæдæн, – загътонцæ, æма стур зилд искодтонцæ, горен дæр ибæл хурæй æрзилдтонцæ, Цъифтитаги Хъæрæгъæси дууæ уæйуги гъæбесæй хуæстæнцæ æма еу инней æррæуигъта, уотемæй æ астæуи уæнгæ цъифи ниххастæй. Æртæ æнсувæри кастæнцæ уонæмæ æма син еунæг æртикъахуг хъадир адтæй. Хестæр загъта кæстæрæн: – Рабадæ хъадирбæл æма уой цъифæй исласæ. Ниссæмæ хъæрттæй æма æй æ еунæг æнгулдзæй фелваста. – Уотæ дæ гъæуй, дæ хъарæ ку неци æй, уæд цæмæн хуæцис? Хъогъалухътæбæл æрбацудæй; æ уоси фидæ ба хумæ кодта, муггаг итудта æма ‘й æ дæндаги састи баримахста, тухæ ин куд неке кæна. Муггаг итуд ку фæцæй, уæдта ин кæрдзин бахуæрун кодта, ниуазун дæр ин бакæнун кодта; уæдта ин загъта: – Мах цуппæрдæс уæрдунгини балци адтан. Хъуми будури еу фиййаумæ нæ фусун адтæй æма уоми уæрдунтæй нæхецæн горен искодтан, нæ галтæ ба медæгкæй. И фиййауæн æ фустæ фескъардтонцæ бонивайæни, фиййау ку ‘рбайгъал æй, уæд и уæрдунтæмæ февналдта æма сæ фусти кæронмæ фехста, æд галтæ, æд лæгтæ. Мæ дæндаг дæр уæд басастæй: сæ сæрбæл фæддæн. Цо æма хонхи цæрæ, дæ хъарæ неци ‘й. – Æрбацудæй æма е ‘нсувæртæн загъта: – Мæ уоси фидæ мæ бафхуардта, æ дæндаги састи дæр мæ нæ ниввардта. Етæ ба смæстгун æнцæ уобæл, æма дортæ æхсун байдæдтонцæ Хъогъалухътæмæ, хумæ кодтонцæ уæйгутæ, уотæ. – Гæр, мах ба æгирид неци ан, – зæгъгæ, загътонцæ. Дор, цид, ку фехсиуонцæ, уæд, цид, сæ готон расæттидæ. Еци дортæ Хъогъалухъти се ‘вдесæн æнцæ. Уæйгутæн ба се ‘вæлгъаздæр еци æртæ æнсувæри адтæнцæ, хонхмæ уомæн æрбацудæнцæ, фал уой бæрцæ тухæ ба сæмæ уæддæр адтæй. Вс. Миллер, «Осетинские этюды», Владикавказ, 1992, 96 ф.
ДИГОРОН ЦАРДÆЙ
РАГОН ДИГОРОН ЦАРДИ ÆГЪДÆУТТÆ Фиддæлти дзурдæй ка байзадæй, еци гъуддаг хуарз æй æма кæнуйнаг æй, иннæ ба лæгъуз æй æма нæ гъæуй, зæгъгæ, уотемæй адæм хуарзи туххæй кæнгæ ке ‘рцудæнцæ, лæгъузи туххæй ба уадзгæ ке никкодтонцæ, етæ, еци минеугутæ хуннунцæ æгъдæуттæ. Лæг æ уоди хъаурæй ке равдеса, е ба дин минеуæг. Ци минкъий бонтæ мæбæл рацудæй, уоми æрхаттæн нæ Дигори æд хонх, æд будур. Алли гъæубæсти дæр, алли адæймагæй дæр, фæнди зæронд уæд, фæнди нæуæг, игъустон еци-еу дзурд: æй-гиди, нæ зæронд фиддæлти æгъдæуттæ ку нæ фесæфиуонцæ, зæгъгæ. Еци дзурд мæ зæрди уæззау уаргъæн ниххаудтæй æма зæрæндти фæрци æрæмбурд кодтон аци æгъдæуттæ. Уотæ маке бангъæлæд, Дигори æгъдæуттæ анæй æндæр нæ ‘нцæ… Нæ, етæ берæ ‘нцæ, æнæбæрцæ берæ… Фал еци æведуйгæ сауæдонæй æз хуæст фæддæн еу къуар æртæхебæл. Еци царди æртæхтæ, æз æнгъалдтон, уодзæнæнцæ зæрдуорамæн зæрæндтæн: нæбал тæрсдзæнæнцæ се ‘гъдауæн фесæфунæй, феронхæй; фæсевæдæн ба – царди рохс, уой туххæн, æма æй бакæсдзæнæнцæ, Дигорæ нури уæнгæ ци ‘гъдæуттæбæл цæргæ æрцудæй, уони. Æнгъæл кæсун – аци æрмæг уодзæнæй зæрæндтæн дарæг фурт, фæсевæдæн ба – исхæссæг фидæ, ниййерæг æма разамонæг мадæ. АРДХУÆРУНИ ÆГЪДАУ 1. Лæгбæл (адæймагбæл) ести даутæ ку уа, кенæ ба гурусхæ, уæд гурусхаг адæймаг æхе исраст кæнæд ардæй.
465 30* Заказ №1424
2. Адæймагбæл даутæ фæууй лæги марди туххæй, давди æма зийнади (хъахбайдзийнади, хæтуни) туххæй, зæнхи кайдти туххæй, æхцай фæдбæл ести дзурдтæбæл исидæуни туххæй, лæгти дзурдгонд, кенæ ба æнгъуд басайуни, кенæ ба – куст не сæнхæст кæнуни туххæй. 3. Еци ‘здæхтæй лæг естæмæй зулун бунати ку уа, уæд æй æмбæлуй æгъдаумæ æркæнун. 4. Дауæ кæбæл уа, еци адæймаг æгъдау бакæнæд, æхе исраст кæнæд раст адæми рази, фасти адæм ин куд истæрхон кæнонцæ, уомæ гæсгæ. 5. Алли гъудтаг дæр гъæуама æрцæуа тæрхонмæ, дууæ дæуогъи сæхуæдтæ æмзундæй и гъудтагбæл арази ку нæ уонцæ, уæд. 6. Дæуогъ æй даугæнæг дæр æма гурусхæ, дауæ кæбæл уа, е дæр. 7. Дууæ дæуогъей æхсæн ести дзурдтаг ку уа, æ рæстдзийнадæ исбæрæг кæнун, равзарун кæмæн гъæуа, æркæсуйнаг гъудтаг ка уа, е ба æй гурусхаг (гъудтаг), кенæ ба дайуаг гъудтаг. 8. Дайуаг æма гурусхаг гъудтагмæ æркæсæнтæ раст адæм, фасти лæгтæ. Æркæсуйнаг: а) фæууй уæхæн гъудтæгтæ æма хаттæй-хатт даугæнæгæн, æ цъух æ тæрхон, уотемæй фасти адæми рази дауæ кæбæл фæууй, е æхе исраст кæнуй, æгъдау бакæнуй е ‘мдæуогъи дзурдтæй. б) гъастгæнæг бафæразуй зæгъун, – аци раст адæми рази мин аци дзурдтæ зæгъæ æма мæ гъаст ‘ма дауæ фæстæмæ есун. 9. Гурусхаг дæуогъ гъастгæнæги дзурдтæ ку бафæраза зæгъун, уæд тæрхони лæгтæ (фасти адæм) и гъудтаг уобæл ниллух кæнæнтæ æма ‘й уотемæй рауадзæнтæ. 10. Фасти адæмæй сæ еу æй астæуккаг лæг, иннетæ ба тæрхони лæгтæ. 12. Астæуккаг лæги, фасти адæм дзиллæй æвзурст ку уонцæ, уæд се ‘хсæн сæхуæдтæ исбæрæг кæнæнтæ. Æркæсуйнаг: и дауæ æргом ку уа, марæг бæрæг ку уа тоги гъудтаги æма тæрхони лæгтæ дууæ дæуогъей æмбесæй (æмхузæн) ку равзаронцæ, уæд астæуккаг лæг æмбæлуй зиангини фарсæй. 13. Гъудтагмæ æркæсуни разæй астæуккаг лæг тæрхони адæмæн балæдæрун кæнæд, хæстæг, лимæни, кæрдзини фарс куд нæ радзоронцæ, уой. 14. Тæрхони адæм дзорæнтæ рæстдзийнадæбæл. 15. Гъудтаг ралух кæнун тæрхони лæгти æгъдау æй.
466
16. Астæуккаг лæг айдагъ игъосæг æй. 17. Тæрхони лæгтæ гъудтагмæ еу цæстæй ку нæ æркæсонцæ æма гъудтаг гъæлæсмæ ку æрцæуа, уæд, ци ‘рдæмæ фулдæр аразигæнгутæ разинна, гъудтаг ецирдæмæ лух кæнуй. 18. Тæрхони лæгтæ раст дууæ æмбеси ку фæууонцæ, уæд астæуккаг лæг ци ‘рдæмæ зæгъа, гъудтаг ецирдæмæ ралух уæд. 19. Гъудтагмæ æркæсуни разæй дууæ дæуогъи сæ гъаст æрхæссæнтæ тæрхони лæгтæн (ба син лæдæрун кæнæнтæ гъудтаги сæр). 20. Гъастгæнæг фиццагдæр æ дауæ радзорæд тæрхони лæгтæн. 21. Гъудтаг дзæбæх ку нæ исбæрæг уа дууæ дæуогъей дзубандийæй æма ма æвдесæнтæ ку амононцæ, уæд тæрхони лæгтæ бафæрсæнтæ и æвдесæнти ардæй. 22. Зонгæ гъудтагбæл æвдесæн фæрсун нæ гъæуй. 23. Гъудтаг исбæрæг æй, зæгъгæ, уæд тæрхони лæгтæ гъудтагмæ æркæсæнтæ. 24. Тæрхони лæгтæ гъудтаг бæлвурдæй базонæнтæ. 25. Гъудтаг син ку сбæрæг уа, уæдта гъудтаг ралух кæнæнтæ. 26. Гъудтагæн дууæ кæрони ес: раст æма хæран. 27. Дауæ кæбæл ес, е раст ку уа, уæд æй тæрхони лæгтæ исраст кæнæнтæ; хæран ку уа, уæдта ‘й бахæран кæнæнтæ. 28. Æргон раст æма хæран ку не сбæрæг кæнонцæ тæрхони лæгтæ, и гъудтаги ба ести гурусхагæй ку балæдæронцæ, уæд и гъудтаг исбæрæг кæнунмæ исаразæнтæ ард. 29. Ард исаразæнтæ тæрхони лæгтæ, дауæ кæбæл ес, уомæн ардамонгути хæццæ. 30. Ардамонæгæн æнгъезуй байамонун лæгæн е ‘нсувæри, æ мадирвади, æ фидирвади æма иннæ уæхæн хъæбæр хæстæги. 31. Тæрхони лæгтæ сæ тæрхони исбæрæг кæнæнтæ, – кæци дзурдтæй ард бахуæра, кæци дзиуари басоми кæна, уой. 32. Гурусхаг лæг еци æгъдау ку бафæраза, æнгъуди бонмæ ку исæнхæст кæна, уæд растбæл нимад æй, кенæ ба – хæранбæл. 33. Адæймаг, хæран уогæй, ард ку бахуæра, уой фæсте ба ку бахæран уа еци гъудтаги, уæд ин адæми ‘хсæн дзурди барæ нæбал ес, мæнгард æй.
467
БИЛИЛИУ3 Дууæ лæги естæбæл ку дзурдтайуонцæ, уæд сæ рæстдзийнадæ æвдистонцæ билилиуæй. Билилиу æй мæрдтæй соми, кенæ ба мæрдтæн фæлдесун. Билилиу исаразунцæ атæ: нихæс æнгæрон, кенæ ба фæсгъæу адæми уиндтуги æривæрунцæ хуæдмæлтæ – тикиси, куййи мард, кенæ ба хæрæги мард. Æ рази уомæн куййи лæхæ, лæги лæхæ, кард æма къуæцæлæй уедуггонд. Гурусхаг фонсбæл, кенæ ба дайуаг дзаумабæл æрхæуæцуй æ еу къохæй, иннеми ба райсуй лæдзæг æма зæнхæ хуайгæй дзоруй: – Уæ билилиу, билилиу! Кæд аци фонс (дзаума) мæн нæй, æма ‘й уотемæй мæхе хонун, уæд аци хæргутæ, куйтæ, тикистæ æма лæхтæ мæ мæрдтæн фæлдист фæууæнтæ (æма си кард разелуй, уедугæй сæ багезуй). На æма и фонс кæд æцæгæй мæн æй, уæдта, нæ мæрдтæ, рохсаг уотæ. А куйтæ, хæргутæ, тикистæ æма а гъæуи адзатханатæ ба, мæнгæ дауæ ка кæнуй, уой мæрдтæн фæлдист фæууæнтæ. Биццеути билилиу: лæдзгути гъазгæй, еу иннемæн бадт ку нæ дæдта, уæд: – Уæ билилиу, билилиу, мæнæн мæ бадт ка нæ дæдтуй, а гъæуи адзатханатæ уой мæрдтæн. БИЙНОНТИ ÆГЪДÆУТТÆ 1. Мадæ, фидæ, фурт, ностæ æма уой зæнæг æнцæ бийнонтæ. 2. Мадæ–æфсийнæ – зелуй хæдзари рæвдзæдзийнадæбæл, æфсийнадæ кæнуй медхæдзари. 3. Фидæ ба æндагон кусти фæндæй байзайæггагæн мулкбæл косуй. Æркæсуйнаг: фидæ берæ æнзти æ хедгун хъиамæтæй ке ‘рæмбурд кæнуй, цæмæй æ фæстагонтæ ести куст кæнонцæ, естæмæй цæронцæ адæми ‘хсæн, уотемæй ци хæзнатæ байвæрæн кæнуй байзайæггагæн, етæ хуннунцæ мулк. 4. Мадæ ку рамæла, кенæ ба зæрдæй ку нæбал фæраза æфсийнадæ кæнун, уæд гъæуама къеретæ искæна æма æ дæгъæлтæ радта хестæр ностæмæ. Æркæсуйнаг: медæггойни дæгъæлтæ æфсийни къохæй нæ цох кæнунцæ. 5. Еци бонæй æндæмæ и ностæ мади бунати æфсийнадæ кæнуй. 6. Хæдзари цидæриддæр ес радтуйнагæй, уæдта хуæруйнагæй, уони радтуй бийнонтæн дæр æма иуазæгæн дæр. 3 Дзурд «билилиу» равзурстæй дзурдтæй «били лиу-лиу», гъома, билæ зир-зир кæнуй, æй рагон ардхуæруни карз æгъдау. Дайуаг лæг ард бахуæридæ æ мæрдтæй хæргутæ ’ма куйти хуалитæй (Г.М.).
468
Æркæсуйнаг: хæдзари ностæлтæ ку уа, уæд етæ агъаз кæнунцæ æфсийнæн кæрдзин ракæнунмæ, рафснайунмæ, гъома, хæдзари разелунмæ. 7. Мадæ медæггойнæ æма бегъелий дæгъæлтæ æ ронæй ма цох кæнæд. 8. Бийнонти хуаллаг ку гъæуа, хестæр ностæ ба хæдзари ку нæ уа, уæд-еу мадæ дæгъæлтæ радтæд кæстæр ностæмæ, кенæ ба, ка уа, уомæ. 9. Ностæ исцæттæ кæнæд хуæруйнаг, уæдта ‘й цæттæй ба æфсийнæ радтæд бийнонтæн, уæлдæйттæ ба бафснайæд æндаггойни. 10. Ка ‘й зонуй, æма ‘фсийнæ ескумæ ку цæуа æхсæвеуатæй, уæд е ‘рцудмæ бийнонти ка гъæуа, уой радта хестæр ностæмæ. 11. Хестæр ностæ, æ къохмæ ка бацæуа, уобæл фæсæфсийни æфсийнадæ кæнуй. 12. Ностæлтæ æнæ ‘фсийнитæй мулк не ’уарунцæ. 13. Хæдзари ‘фсийнæ ке зæгъа, уобæл ностæ фæстæмæ ма дзорæд. 14. Хæдзарæн æ кадæ дæр, æ ходуйнаг дæр æфсийни æй. 15. Æфсийнæ гъолон маке кæнæд æма ностæлтæ сабур уодзæнæнцæ. 16. Ностæлтæ гъуди кæнæнтæ, мадæ хъиамæтгун ке æй, æма сæхуæдтæ сæ ностæлтæй ци æгъдау агордзæнæнцæ, уой æма æфсийни коммæ кæсæнтæ. 17. Медхæдзарæ уостити ‘хсæн хъаугъа нæ, фал гъæр дзурд дæр ходуйнаг æй. 18. Нæ ‘фсийнæн ностæлти, нæ ба ностæн е ‘нхузæнтти, кенæ ба ‘фсийни æлгъетун не ’мбæлуй, федис бакæнун дæр уой хузæн. 19. Хæдзарæй сæ еу æлгъист æма федиссаг ку уа, уæд еугурæй дæр исæвд æма гириззаг æнцæ. 20. Ностæлтæ се ‘фсийни рази ма бадæнтæ, сæ дзурд дæр уой рази уайсадгæ уæд. Æркæсуйнаг: теутæй еске медфадуат ку уа, уæдта, силæстæги цъухæй сун дæр куд нæ хауа, уотæ. 21. Сабийти нихснун, сæ барæвдаун, бампъозун уоси гъуддаг æй. Сæ дарæси туххæй ба ма сагъæс кæнæд. 22. Уосæн цæгатмæ тагъд цæун, курондзау æма дондзау уостити хæццæ, уæдта тегътæбæл дзубанди кæнун нæ федауй. Туканмæ бацæун ба ин æппундæр не ‘мбæлуй. 23. Балтæй уæлмæрдтæмæ цæун, уоми гъæрæй кæун, тонун – уоси æгадæ кæнуй. 24. Ниуазун, хæтун, дзурд хæссун, еске кой кæнун, ратаус кæнун, дæсниадæ кæнун, лæборун – силæстæгæн рамæлуни хузæн æнцæ.
469
25. Æнæргъуди цуд, ервæзт дзурдæй адæймагæн æхе хезун гъæуй. 26. Гъæунги цæугæй, ракæсæ-бакæсæ ходуйнаг æй. Размæ цæугæй, дæ фæдтæ уинæ, фæстæмæ кæсгæй – дæ развæндаг уинæ æма маке над ралух кæнæ. Æркæсуйнаг: еске, еу хестæр адæймаг дæбæл ку рамбæла, уæд æрлæууæ цæсгон æрдæмæ, цифæнди тагъд гъуддаг дæ ку уа, уæддæр, цалинмæ бæлццон раевгъуйа, уæдмæ. Цæсгон цæсти рун æй. ФИДÆ, МАДÆ ÆМА ЗÆНÆГИ РАХАСТДЗИЙНÆДТÆ 1. Фидæ æма мадæ сæ зæнæги уарзунцæ, фал сæ уарзондзийнадæ сæ бийнонтæ æма раст адæми ‘хсæн ма бæрæг кæнæнтæ. 2. Фидæн æ зæнæгмæ адæми ‘хсæн æвæсмард цæстæй кæсун гъæуй, сæ номæй сæмæ ма дзорæд, хонæд сæ фæсномугæй: «биццеу», кенæ ба «кизгæ». 3. Адæми ‘хсæн, кенæ ба медхæдзарæ бийнонти астæу фидæ æ зæнæгбæл табедзæ ма кæнæд: ес син æндæр гъудгæнгутæ æма цийнæгæнгутæ – бийнонтæ. Æркæсуйнаг: алли бийнойнагæн дæр е ‘хæс æй, бийнонти ‘хсæн сабий ка уа, уобæл цийнæ кæнун, хуæруйнаг ин дæттун, дарæс кæнун, рæвдаун æма гъуд кæнун. 4. Мадæн æ теути æхсæн æ сувæллонæн дзедзе дарун не ‘мбæлуй; æвеппайди еске си ку фæууина, уæдта æй гъæуй хæснаг искæнун. Æркæсуйнаг: а) хæснаги фингæ уосæ аразуй æ цæгати мулкæй. Цидæр харз æй гъæуа, уой гъæуама уосæ æрхæсса æ цæгатæй: етæ ин нæ байамудтонцæ æгъдау. б) лæг дæр хайгин æй уоси æнæгъдаудзийнадæй ‘ма ин æмбæлуй æхе уоди хъаурæй æма мулкæй æ уосæн косæрттагæй байагъаз кæнун, æ бон ку уа, уæд. в) лæг æ ностæлтæй хæснаг ку фæууа, уæд ин ностæлтæ хæдзари мулкæй (хуæрдæ ‘ма ниуæзтæй) исаразунцæ хæснаг. Е ба син балхæнуй хъумацæй æ бонмæ гæсгæ дарæсхуартæ. 5. Мадæ æма фидæ адæми рази сæ зæнæгмæ сæ къохæй ма ‘вналæнтæ, билæй ку хауонцæ, мæлгæ ку кæнонцæ, уæддæр. 6. Зæнæг нæмун адæми ‘хсæн мадæ æма фидæн не ‘нгъезуй, сæ мæлæти бони сæбæл кæугæ дæр ма скæнæнтæ. Æркæсуйнаг: фидæ æ фурт ку рамара, уæд ин муггаги ‘хсæн кадæ, Дигори ба ин дзурди радæ ма уæд. 7. Зæнæг сæ мадæ ‘ма фиди зонæнтæ ‘ма сæ цитгин дарæнтæ, зонæнтæ, етæ сæ хъæбæр берæ ке уарзунцæ, уой.
470
8. Зæнæг сæ ниййергути фæндон сæ цæсти ‘нгасæй зонæнтæ æма ‘й æнæ дзоргæй æнхæст кæнæнтæ. 9. Зæнæгæн сæ ниййергутæмæ сæ номæй дзорун не ‘мбæлуй, хонæнтæ сæ имонау номæй – нана, дацци, дзоцци, баба, дада. 10. Зæнæг ку рагъомбæл уонцæ, уæд сæ ниййергути кадгин дарæнтæ, се ‘мдзурд ма кæнæнтæ, æхсæвæ сæ разæй-еу ма исхуссæнтæ, се ‘мвингæ ма бадæнтæ. 11. Зæнæгæн æмбæлуй, сæ ниййергутæ хуæргæ ку кæнонцæ, уæд уони сæргъи цирагъау лæуун, сæ фингæ бафснайун, сæ къæхтæ нихснун, уонæн уат бакæнун, уони ниххуссун кæнун. 12. Мадæ æма фидæ ку рамæлонцæ, уæд зæнæгæн ихæс æй уони цитгин байвæрун, уонæн хист искæнун, уонæбæл ахæй кæун. 13. Мадæ æма фидæй ци мулк байзайа, е цæуй сæ зæнæгмæ: мади мулк – кизгуттæмæ, фиди мулк ба – фурттæмæ. Æркæсуйнаг: мади мулк хуннуй мадæн æ уæледарæс æма æ уати дарæс; фиди мулк ба – хæдзари фонсæй дæр æма æнæуой дзаумауæй дæр цидæриддæр ес, етæ, – фæнди æзмæлгæ дзаумæуттæ уæнтæ, фæнди ба æнæзмæлгæ хæзнатæ: зæнхæ, хæдзари кард, топп æма иннæ уæхæнттæ. 14. Цалинмæ ниййергутæ æгас уонцæ, уалинмæ сæ хæссун сæ зæнæгбæл æй. 15. Фурт æ ниййергутæй еске ку ниццæва, ку рамара, уæд ин Дигори æхсæн бунат ма уæд. ХÆДЗАРИ ÆГЪДАУ ÆМА Æ ФИНГÆ 1. Хæдзарæ гъæуама дæдта бийнонтæн æртæ хуæрди: сехуар, рæфтад, æхсæвæр. 2. Еци хуæрдтитæбæл еугур бийнонтæ дæр æмцæстæ, æмгъосæй бамбурд унцæ хæдзари æма, ци уа, уомæй сæхе бафсадунцæ. Æркæсуйнаг: сувæллæнтти æмбæлуй раздæр бафсадун, е ба цъæмæнгæс ма кæсонцæ, изæрæй ба раздæр хуссонцæ. 3. Алли хуæрди дæр гъæуама фидæ бада уæллæй къоли сæри, фурттæ ба хестæргай дæллæй къæсæргæрон. Сæ мадæ ба уæллаг тъæрæбæл. 4. Ноститæй, кæмæн æмбæлуй, етæ гъæуама лæууонцæ уоститæрдигæй амæнтæнти рази. Æркæсуйнаг: уотæ æмбæлуй, хæдзари æндагон ку нæ уа, уæд. Еске рази ба гъæуама фурттæ дæр лæугæ кæнонцæ иуазæг æма сæ фиди сæргъи. 5. Æфсийнæ гъæуама фиццагидæр ниввæра фингæ æма хуаллаг фидæхецауи рази. Уой фæсте ба – фурттæн дæр.
471
Æркæсуйнаг: фæрзеу, уорсаг, рæзæ, карки фид раттун æй æфсийнæбæл. Ка ‘й зонуй, ’ма е сирди фид, е ба æнæуой фид ку уа, уæдта æ нифтаун дæр æма æ байуарун дæр астæуккаг æрвадæбæл æй. 6. Адæм фингæбæл хестæргай бадунцæ, æма цалинмæ хестæр равнала, уæдмæ бавналун не ‘мбæлуй. 7. Фингæбæл, цалинмæ кæстæр ниууадза æ хуæрун, уæдмæ хестæри дæр хуæрун гъæуй. 8. Хуæрди разæй гъæуама хестæр искова ниуазæнæй, косарти æхсæви ба æхсæрфæмбалæй. 9. Фæсхуæрдæ финги систади гъæуама хестæр зæгъа, – цард фæрнæй дзагæй цæуæд, берекет уæ хай, уæ мийнасæ берæ. КУВД 1. Хæдзарæбæл ести хуарз ку æрцæуа, уæд еци æхцæуæнадæ дигорон адæймаг цитгин кæнуй кувдæй. 2. Кувд æй, еске кади номæй хуарз ку исæмбæлуй: еу еске идард балцийæй æнæнезæй, идзагармæй ку æрцæуй; сæргъæуагæ хæдзари лæхъуæн ку райгуруй; ести кадæ хæдзарæ ку райсуй; æ афæдзи куститæ æнæхъор, æнæнезæй ку исæнхæст кæнуй; æ цардæй боз уогæй, адæймагæн æ зæрдæ естæмæй ку барохс уй, уæд адæймаг (хæдзарæ) кæнуй еци æнтæстити туххæй Хуцауæн арфæ, – нимайуй сæ уой фæрци æнтæститæ, уой лæвæрттæбæл. 3. Кувди фæууй косарт, фæрзеу æма ниуæзтæ. 4. Кувдæн æ сæйрагдæр хестæрæн нимад æй косарт – нивонд, адæймаги сæраппонди æвгæрст ци фонс цæуй, е. 5. Косæрттаг æвгæрдгæ ку фæккæнунцæ, уæд уой æрбаласунцæ артгæронмæ, æрлæуун æй кæнунцæ, е ‘ргон артæрдæмæ хаттæй, хæдзари хестæр райсуй ниуазæн æма раковуй мæнæ атæ: – Хуцау, табу дæуæн! Хуцау, мах дæуæй боз ан аци (ном æрцæугæ гъуддаги), уомæй æма дин уой туххæн ба мæнæ аци нивондæй ерæн дæ ном æма ‘й райсæ дæхецæн, махæн ба радтæ уой бæсти, хайгин нæ искæнæ дæ хуарздзийнæдтæй. (Арахъи ниуазæнæй еу æртæх бакалуй артбæл, артæй исесуй æхседарф – содзгæ соги къуæцæл æма ‘й бадаруй и косæрттагæн æ рахес тæнуадолæбæл. Фонси гъун исхъуæцæ кæнуй, ковæг ба дзоруй идарддæр). Баруодхорон, уæларвмæ цæуис æма хуарз хабæрттæ фæххæссæ. 6. Косартгæнæг райсуй косæрттаги и хæдзари æвецуг бунатмæ (бæрæг астæумæ) æма ‘й уоми æривæруй фингæбæл (косартгæнæн фингæбæл) æ галеу фарсбæл, æ сæр хорискæсæнон хонсармæ хаттæй, æ къембурбæл ин æрхуæцуй
472
æма исдзоруй,– Хуцау, табу дæуæн, зæгъгæ, æма ин æ хорхбæл циргъ кард æрбадаруй. Косартгæнæг рауадзуй и нивонди тог. 7. Косартгæнгутæ æнцæ 3 лæги: сæ хестæр – ковæг, æвгæрдæг æма къæхтæбæл хуæцæг. 8. Косартæн æ сæр рацох æй æ гурæй, уæд и сæри исхæссуй дæллаг тъæригъосмæ æма ‘й уоми уæлгоммæ (е ‘вгарцæ хæрдмæ) æривæруй. 9. Косарт ковæг хестæр райсуй кард (исласуй æ кард) æма сæри æвгæрдæнæй искæрдуй косæрттаги богъурдахъ, ухстбæл æй бакæнуй, ра ‘й фезонæг кæнуй, ниссиахуадуй, инней ба листæг хæйттæй байуаруй хæдзари кæстæртæн, – «уæ фонс уæхе амæттаг уæд», зæгъгæ, æхуæдæг ба сæр æма къæхтæ араун кæнуй (кенæ ба арауй). 10. Косарт исцæттæ ‘й, цæттæ ‘нцæ уæлвицгитæ дæр, адæм æримбурд æнцæ, рабадтæнцæ хестæргай рæнгъитæ. 11. Иуарæг – фиди æфсийнæ æривардта хестæрти рази сæр, бæрзæй, зæрдæ, хæлорæ (хатт-хæлорæ) æма æхсæрфæнбæлттæ. 12. Æмбурди хестæр райсæд æхсæрфæнбæлттæ, дуккаг хестæр ниуазæн æма исковæд, и кувдтаг цæй туххæй, ке туххæй æй, уой номæй, уæдта ковæггаг ниуазæн, ахуадæггаг уæлвицгæ æма æхсæрфæнбал радтæнтæ, ке номбæл æй и кувд, уомæн. Кæд æгас хæдзари номбæл æй, уæдта хæдзари косæг фæсевæди кæстæрæн. 13. Кæстæр райсæд æхсæрфæнбал хестæри къохæй, ниуазæн, ниййахуадæд уæлвицгæ дæр æма æхсæрфæнбалтæ ба райуарæд фингæбæл бадгутæн. Еу ба си ухстбæл раттæд æфсинттæн. 14. Кувд райгон æй. Ковæггæгтæ фæуунцæ фараст (æртæ æрти): бунæй – Будур-Изæд, сæрæй – Уасгерги, астæуккаг – Хуцауæн. Цæуй фиццаг гагидау Хуцауи ном æма Хуцауæн арфæ кæнуни туххæй. 15. Хестæри фингæй цæуй ниуазæн æма хунæ: хестæртæ фиццаг гагидау ниуазунцæ Хуцауи номæй; дуккаг – хæдзари кувдгæнгути номæй æма æрветунцæ æфсинттæн ниуазæн; æртиккаг – финги кæстæрти номæй æма син дæттунцæ ниуазæн, хунæн сæри рахес гъос æма идарддæр кувди гагидæуттæ цæунцæ, хестæри арæхсгадæмæ гæсгæ, рæнгъæй. ХЕЦАУИ ÆГЪДÆУТТÆ 1. Фидæн æмбæлуй æндагон кустæй æ байзайæггæгтæн мулк искæнун. Æркæсуйнаг: мулк æй, фидæ берæ æнзти æ хедгун хъиамæтæй ци хæзнатæ æма ци ес æрæмбурд кæнуй æ байзайæггæгтæн, е, цæмæй фæстагонтæ естæмæй цæронцæ адæми ‘хсæн æма ести куст кæнонцæ сæ дуйнебæл.
473
2. Уомæ гæсгæ ба фидæ гъæуама уа æ бон зонгæ косæг лæг. 3. Хæдзари фæндæ, æндагон кусти гъуддаг фидæмæ æй. 4. Фидæ ке зæгъа, уобæл медхæдзарæ дууæ зæгъæн нæййес. 5. Фидæн лæгъуз дзурд бийнонтæй кæмæдæриддæр ходуйнаг æй. 6. Фидæ бийнонти æхсæн цитгин ке æй, уомæ гæсгæ ба гъæуама е дæр æхе имонау дара. 7. Бийнонти фидæ æ ностæлти астæу кенæ ба æ фуртти астæу, кенæ ба æ фурти цори æфхуæрæн дзурд макæмæ искæнæд, нæ æ уосæмæ, нæ ба фуртмæ, æ ностæлтæмæ дæр уотæ. 8. Фидæ æнккæтей разæй ниххуссæд, раздæр дæр уотæ фестæд. 9. Хæдзари куститæ фидæ амонæд, бийнонтæ ба сæ кæнæнтæ. 10. Бийнонтæ ести ку бакосонцæ, уæд син фидæ сæ кустбæл бацийнæ кæнæд. 11. Фидæ æ дзурдæн, æ уиндæн аргъ кæнæд. 12. Фидæ бийнонти фæрдгути халæ æй, æма пурхæ ма кæнæд. 13. Кæстæртæ хæдзари ку бадонцæ, ку гъазонцæ, хуæронцæ, уæд фидæ сæ размæ ма цæуæд. 14. Фидæ цитгин даруйнаг ке æй, уой æхуæдæг æ гъуддæгтæй амонæд. 15. Фидæ æ фуртти гъуди дарæд, цæбæл рæдуйонцæ, уой син амонæд, хецаудзийнадæ дæр син имисæд, цæмæй æ фæсмæрдæ хæдзарæ дзæгъæлæй ма базайа. 16. Фидæ ескумæ ку рандæуа, уæд хестæр фурт, кенæ ба иннетæй хæдзари ка уа, е хецаудзийнадæ кæнæд. 17. Фидæ æ фуртмæ макæд фæккомгин уæд. 18. Зудæ хуæрдæй, сах ниуæзтæй фидæ хæдзари дæр, кенæ ба ескæми дæр æхе бахезæд. 19. Фидæ алли сахат дæр æмхузонæй растбæл цæугæ дзилли лæгау уæд. 20. Æ фуртæй дæр еци гъудтаг агорæд. ФУРТИ ÆГЪДÆУТТÆ 1. Фурт – æ фиди фæнзæг, цæмæй разæгъунцæ: «Фиди фарнæ мæрдтæмæ хæсгæ нæ ‘й». 2. Фидæ фурти даруйнаг æй. 3. Фурт æ фидæн æгъдау дæттæд медхæдзари дæр, æндегæй дæр. Æркæсуйнаг: медхæдзарæ гъæуама фурт æ фиди разæй ма бахуæра, ма исхусса, еу фингæбæл дæр ма сбада, фал цирагъи хузæн лæууа æ сæргъи, æндегæй дæр уотæ.
474
4. Фидæ ескумæ ку цæуа, кенæ ба ескæцæй ку ‘рцæуа, уæд ин æ фурт кæстæреуæг бакæнæд. Æркæсуйнаг: медхæдзари цалинмæ фидæ рæвдзæ кæна, уæдмæ и фурт байефтиндзæд æ фиди бæх æ саргъи, кенæ ба уæрдуни. Æндегæй ба ин æ уати цори æ дзабури раласт дæр багъуди кæнæд. Æхсæвæ ба ин æ фонс дæр, æхе дæр багъæуай кæнæд. Æриздæхгæй ба ин æ дзаума, æ бæх бафснайæд. 5. Фидæ ци æмбурди уа, уордæмæ фурт нæ цæуй. 6. Фурт æ фидæмæ дада-дзорæ ма кæнæд, æ номæй дæр æй ма хонæд. Æркæсуйнаг: зæронд зиндарæн æй æма фурт æ фидæмæ фæлмæн цъухæй, фæсномугæй дзорæд – баба. Биццеу, кенæ ба æндæр уæхæн дзурд фидæ æма фурти æхсæн уæд. Кæрæдземæн номæвæрæг нæ æнцæ, номæй дзорун номæвæрæги гъуддаг æй. 7. Фиди бафхуæрун, фидæмæ тух исдзорун, ниццæвун – рамæлуни бæрцæбæл гъуддæгтæ ‘нцæ. Сæ бакæнæгæн дзилли астæу рацæун аггаг нæй, уæхæни хæццæ еу фингæбæл исбадун дæр не ‘мбæлуй. 8. Ка ‘й зонуй, фидæ рæдуйагæ ку уа, фиди æгъдау дæттун ку нæ фæраза, уæд фурттæ уобæл гъаст кæнунцæ муггаги хестæртæмæ. Етæ ба муггаги кадæн бийнонти фиди аразунцæ. НÆЛИСТÆГИ ÆГЪДÆУТТÆ 1. Лæг дзиуарæ ‘й æма кæцæйдæриддæр фарнæ хæссуй. 2. Лæг силæстæги æ рази æфхуæрун ма бауадзæд. 3. Нæлистæг силти хæццæ ку рамбæла, уæд син кæстæреуæг бакæнæд. 4. Лæг уоси хæццæ ку уа, уæд фуд рауæнти-еу æ разæй бацæуæд, бæхæй ба æй æ гъæбеси раесæд. 5. Лæг силæстæги гъæуайгæс æй. 6. Лæг иуазæгæй кумæдæр бацæуа, уоми «бон хуарз» фæразæд. Æндæмæ рацæугæй ба «хуæрзбон». 7. Уонæн дзуапп – «æгасцæуай» æма «фæндараст». 8. Дууæ лæги еумæ ку цæуа, уæд еци æгъдау хестæрбæл æй, рахес фарс дæр уой æй. 9. Æртæ еумæ ку цæуа, уæдта астæуккæй хестæр, галеу фарсæй – дуккаг, рахес фарсæй ба и кæстæр. 10. Цуппар лæгемæй ба хестæрæн æ галеу фарс дуккаг хестæр, æ рахес фарс ба æртиккаг, сæ кæстæр ба дуккаг хестæри галеу фарс. 11. Фондземæн дæр еци арæзт цуппарей уæнгæ, фæндзæймаг ба цуппæрæймаг хестæри рахес фарс.
475
12. Æхсæземæй дæсей уæнгæ ба дууæ къуари гæнгæ æй, сæ ралæуд ба нимадмæ гæсгæ. Æркæсуйнаг: къуари хестæр æма кæстæр – фиццаг рæнгъи – дуккаг хестæр æма кæстæртæ, дуккаг рæнгъи. 13. Еуæндæсемæй инсæййи уæнгæ къуар надмæ гæсгæ цæуй дугæйттæй, æртигæйттæй, цуппæргæйттæй æма фæндзгæйттæй. Æркæсуйнаг: сауæнгæдæр къуари разæй сæ хестæр æма сæ кæстæр цæуй, сæ фæсте ба дуккаг хестæртæ. 14. Хедбæл цæугæй, е ба æвадуати, кæстæр гъæуама æ бæх æрцæфтæ кæна æма раздæр бацæуа. 15. Гъæубæл бацæугæй, хестæрбæл æмбæлуй нихæсæн «бон хуарз» зæгъун. 16. Нихæси адæм гъæуама фестонцæ бæлццони «бон хуарз»-мæ. 17. Бæлццон лæхъуæн-лæг ку уа, нихæси ба ин зæронд лæгæй фæсмард ку уа, уæд гъæуама рафестæг уа. 18. Нихæси кадæр уа – кæстæреуæг ин бафæразæд. 19. Кæстæр къуари астæу сæ биццеу æй æма ин фиди æгъдау дæттæд, и къуар ба ин – фурти æгъдау. 20. Бæхгинтæ ку рамбæлонцæ уоститæбæл, уæд син рафестæг уæнтæ. Æркæсуйнаг: еци æгъдау кæстæр адæймагæн раттун не ‘мбæлуй. 21. Саугин, молло кенæ ба дæсни къуарбæл ку рамбæла, уæд сæ галеутæбæл хуæцæнтæ; фæндаг содзæг хузесæг æнцæ, ра син хилæ кæндзæнæнцæ. 22. Æхсæвеуати къуари кæстæр – урдугистæг, дондзау æма гъæуайгæс. 23. Хестæрти хуæрунбæл кæстæртæ лæууæнтæ, уони фæсхуæрдæ ба фингесæггæгтæй етæ дæр рахуæрæнтæ: гал дон баниуазуй, уæс ба ех растæруй. 24. Фусун зæгъуй иуазæгæн «æгас цо». Иуазæгæн е ‘рцæун æхцæуæн æй, æрцæуæги ба – имонау гъæуй. 25. Иуазгутæ дууæ мугкаги æнцæ: хецонтæ æма раст иуазгутæ. 26. Раст иуазæгæн æ бунат иуазæгдонæ кенæ ба æнæуой авар. Хецонæн ба бийнонти цæрæн хæдзарæ. 27. Раст иуазæгæн фусун хæлар ку зæгъа, уæд æй бахондзæнæй еу хуæрди æ хæдзарæмæ æма ин байамондзæнæй æ уоси, хæдзари æфсийни. 28. Иуазæг алли æгъдауæй дæр, æ фусуни зæрдæ цæмæй нæ фæххода, уобæл зелæд, уæлдай дзурд ма кæнæд. Иуазæг фусуни бæрагæ æй.
476
МАДИРВАДÆ, МЕДÆРВАДÆ, ÆНСУВÆРТИ ÆГЪДÆУТТÆ 1. Еу мадæ æма фидæй ка райгура, еци кизгуттæ æма лæхъуæнтæ хуннунцæ хуæртæ æма æнсувæртæ, æнæуой ци хæдзари райгурдæнцæ, уой номбæл ма ци нæлистæг уа, етæ ба – æрваддæлтæ. 2. Нæлистæг æма силæстæг æрвадæхсæн тогхæстæг ку уонцæ, уæд сæ астæу зиндзийнадæ не ‘мбæлуй. Æгъдауæй кизгæ раттун, уосæ æрхонун дæр уой хузæн. 3. Æрвади кенæ ба хуæри еске ку бафхуæра, уæд уобæл иннæ гъизуй. 4. Еу æнсувæр кенæ ба æрвадæ инней сæрбæл дзоруй, æфхуæрд дæр ибæл еруй. 5. Æрваддæлтæ хецæнæй ку цæронцæ, уæддæр еу тог, еу æстæг æнцæ æма син сæ мулк, сæ кадæ, сæ хуæруйнаг дæр еумæйаг æй. Ка кæмæй рацæуа, уомæй æй хундæуй. 6. Æ хæдзари гъуддаг дæр медæрвадæ, муггаги къохи æй. 7. Æрваддæлтæй еске е зæнхæ, е ба æнæуой æзмæлгæ мулкæй ести ку уæйæ кæна, е ба кизгæ ку ‘рвета, уосæ ку хона, уæд гъæуама бафæрса муггагæй хестæрти. Етæ ‘й ку исаккаг кæнонцæ, уæд æ гъуддаг бакæнæд. Уæййаг фонс фиццагидæр багъарæд медæрвадæ аулгай. 8. Ка ‘й зонуй, ма ‘й ку неке æлхæна муггагæй, уæдта ‘й рауæйæ кæнæд æндæр ескæмæн дæр. 9. Зæнхæ балхæнун барæ ес æцæгæлон адæми разæй мадирвадæ æма хуæрифуртмæ. 10. Хæдзари хуæрифурт мадирвадæй баргиндæр æй. Хæдзарæн е æй астæуккаг цæгиндзæ. 11. Кизгæ радтунмæ æма уосæ ракорунмæ ба фулдæр фарст ес мадирвади. Æркæсуйнаг: муггаги хæстæг – хуæри фурт, хæдзари хæстæг ба – мадирвадæ. 12. Лæхъуæн уосæ ку хона, кенæ кизгæ киндзи ку цæуа, уæд ин мадирваддæлтæй æмбæлуй уоси лæварæн иуонæг киндзæхсæвæрæн. 13. Лæхъуæни уосæй мадирвадæмæ цæуй хецауæгтæ (тамакудонæ, астæубостæ, дамбацай бæндæн, цохъайаг, дзабуртæ ‘ма фæсбунтæ), кизги хæдзарæй ба мадирвадæн – фус. 14. Цийнæ æма хъурми бони æрваддæлтæ сæ кæрæдзей сæргъи лæуунцæ, сæ кæрæдземæн цийни тæбæгъ, хъонцци фингæ æрветунцæ. Æркæсуйнаг: еци æгъдау кæнунцæ иннæ æстæгхæстæгутæ дæр. Цийни тæбæгъ æртæ ковæггаг лæвари хæццæ, хъонцци тæбæгъ – цуппар кæрдзини. Дууæ дæр ниуæзти хæццæ.
477
15. Хуæртæ марди бони лæуунцæ мæрдадзи. Æркæсуйнаг: мæрдадзи лæуун æй хуæрти рæнгъæ хъурмæ бони. Хуæртæ ралæуунцæ хестæргай, цъухтохæнтæ багæлдзунцæ се ‘усхъитæбæл, сæ къохмæрзæнтæ ба ралвасунцæ фæстæмæ æма уотемæй кæунцæ, сæ цæсгæнттæ нæмгæй. 16. Муггаги уоститæ цæунцæ раст, хæстæги хузæн хъурмæ бони къабазæфтудæй. 17. Еци æгъдауæй цæунцæ хуæри фурти мардмæ дæр; мадирвади мардмæ ба къæсæрæй уæлæмæ бурунцæ сæ зæнгитæбæл. Æркæсуйнаг: мадæ æма фидæн сæхецæй есге ку рамæла, уæд син уобæл кæуæн нæййес. Кизгæ курдуати ку рамæла, уæд ибæл æ лæг е ‘нгæртти хæццæ бонигкон бони æ къох æвæруй. Лæхъуæнтæ цæунцæ кæугæ, сиахс ба нæ. Сиахс ку рамæла, уæдта ин æрветунцæ дзиггой лух æма сиахсæгтæ. ХÆДЗАРИ ИУАРЦИ ÆГЪДÆУТТÆ 1. Бийнонтæ аулгай ку сунцæ, хуæруйнаг æма сæбæл даруйнаг ку нæбал фæхъхъæртуй, хæдзари куст æмхузонæй ку нæбал фæккæнунцæ, хецивонс, гъолон хуæрдæ æма ниуæзтæ бийнонти ‘хсæн ку фæззиннуй, хестæри фæндæ ку нæбал фæццæуй, уæд хæдзарæ æ медбунат æрбадуй æма æрихæлуй, аулгай исуй. 2. Еци-еу хæдзарæ медбийнонтæ уæд исуй къуар бийнонти: алли аул дæр цæруй хецæн хæдзарæй. 3. Уæд гъæуама, хæдзари лæдæргæдæр ка уа, е муггаги хестæртæ æма хæдзари æстæг хæстæгутæ æрæмбурд кæна æма син балæдæрун кæна хæдзари ихæлцæ. 4. Хæдзари бийнонтæ æмхузонæй гъæуама кæрæдзебæл баууæндун кæнонцæ, кæрæдземæй иуарци медæг ке неци радавдзæнæнцæ, уой туххæй, се ‘хсæн Хуцау исгъаронцæ, къере исковонцæ æма уæдта иуарци фæндæ райсонцæ. 5. Æгас хæдзарæн æ мадæ æма æ фидæ æгас ку уонцæ, уæд фиццагфиццагдæр уонæн исесун гъæуй мæрддзаг æма кæнтаг, хæдзарæ, уæдта иннети ба радтæнтæ иуарцæмæ. 6. Æнсувæртæ дууæ ку уонцæ, уæд кæстæр иуарæг æй, хестæр ба – хай есæг. 7. Æнсувæртæ æртæ, кенæ ба фулдæр ку уонцæ, уæдта астæуккæгтæ фæуунцæ иуарæг. Æркæсуйнаг: еу фиди фурттæ фæйнæ мадемæй ку уонцæ, уæд фиццаг
478
уоси зæнæг хестæрбæл нимад æнцæ, æнзтæй кæстæр ку уонцæ, уæддæр; сæ мадæ фиццагдæр æрковуй хæдзарæмæ æма фæллонгиндæр фæууй и хæдзари. 9. Зæнхæ, фонс æма хæзнатæ ку рахецæн унцæ, уæд уоститæ рацох кæнунцæ хæдзари дзаумаутæ: къостæ, едгутæ, къибилатæ. 10. Хæйттæ ку исбæрæг уонцæ, уæд гъæуама иуарæг (иуаргутæ) исесонцæ хестæрæн хестаг сæ хæзнатæй, кæстæрæн ба – кæстаг. 11. Хестаг дæр æма кæстаг дæр æмбæлуй исесун хай – æмуæз. Æркæсуйнаг: а) хестæрæн – хестаг хисти туххæй æй, хестæр хæдзари фидæ ‘й, фæллонгин æй, кæстæр ба хæссуйнаг æй æма ймæ фæккæсун гъæуй. б) мулк æнсувæртæн еумæйаг æй æма и хайтæ æмхузæн, æмиасæ уæнтæ. в) æнсувæртæй еске мард ку уа, уæд æ хай æ зæнæгмæ цæуй. г) мард æнсувæрæн зæнæг ку нæ уа, æ уосæ ба уæззауæй ку байзайа, иуарцæ уотемæй ку æрцæуа, уæд игурдзæн мади губунмæ хай æмбæлуй. д) мард æнсувæрæн айдагъ уосæ ку байзайа æнæ зæнæгæй, уæд уомæн ба æгас хай не ‘мбæлуй, фал ин æгас мулкæй иуарци разæй исесунцæ еу ести ном иссирд, хæдзари мулкмæ гæсгæ. 12. Хæйттæ есунбæл гъæуама бийнонтæ сæ бонмæ гæсгæ кувд искæнонцæ, сæ мадæ æма сæ фидæй арфæ ракæнонцæ, сæ кæрæдземæн райарфæ кæнонцæ, уæдта-еу алкедæр æ зинги хай, æ рæхис райсæд. Æркæсуйнаг: рæхистæй фиди рæхис хестæртмæ цæуй. 13. Æнсувæртæн сæ мулк ку исхецæнтæ уа, уæд сæ кæрæдземæй райдард уæнтæ, кæрæдземæ æстæнмæ цæуæнтæ, е ба кæрæдзей фулдæр уарзонцæ. 14. Фæсиуарцæ мадæ æма фидæн, ке хæццæ цæронцæ, е сæ барæ’й. 15. Фидæ хестæри хай æй, мадæ ба – кæстæри. Æркæсуйнаг: æгъдауи байзадæй – мадæ æма фидæ æгас уогæй, кæстæри нæ гæлдзунцæ. УОСÆ КОРУН ÆМА ÆРУÆД 1. Лæхъуæн ку рагъомбæл уй, æ мадæй ку рартæсуй, уæд æй хецæн койгæнæг гъæун байдайуй æма æхецæн бийнойнаг агорун райдайуй. 2. Лæхъуæн хæдзар-æнгом нæбал фæккæнуй, агоруй æхецæн æмбал. 3. Муггаг ин агорунцæ æндæр, хуæздæр муггæгтæй силгоймæгтæ. 4. Лæхъуæн кизгæ ку сбæлдат кæна, уæд гъæуама æ мадæ, æ фидæн фегъосун кæна, æхецæн ке аккаг кæнуй, уой ном. 5. Лæхъуæни мадæ æма фидæ гъæуама æримбурд кæнонцæ сæ муггаг,
479
сæ хæстæгутæ, бафæндæ кæнонцæ, аккаг син æй еци æстæггаг сæ астæумæ æрбауадзун, æви нæ. 6. Муггаги хестæртæ ‘ма кæстæртæ æмвæндæй æрбайсунцæ, кенæ ба рагæлдзунцæ лæхъуæни фæндон. 7. Лæхъуæнæн æ бон нæй еумæйаг фæндæмæ не ‘гъосун. Æркæсуйнаг: а) мадæ æма фидæн сæ бон æй лæхъуæни æвастæй уомæн уосæ ракорун. б) зæронд æгъдауæй фиддæлтæ курдтонцæ уосæ сæ зæнæгæн авдæнæмæ, кенæ ба мади губунмæ. в) фæсаууонмæ кизги лæвæрд ба Нарти таурæхъти бæрæг æй. 8. Муггаг ку исарази уй лæхъуæни бæлдатбæл, уæд къеретæ искæнунцæ хæдзари берекетæй, исковунцæ сæ фæндаг растбæл æма мийнæвæрттæ рарветунцæ. 9. Мийнæварæн æмбæлуй æртæ лæги: еу лæхъуæнæн æхе муггагæй, еу ба æ мадирваддæлтæй, æртиккаг ба раст æцæгæлон лæг æвдесæйнагæн. 10. Кизги хæдзарæ мийнæвæрттæн фиццаг хатт бæрæг дзурд нæ радтуй æнæ муггаги зæрдæ базонгæ, ‘ма син æнгъуд радтуй. 11. Кизги фидæн ихæс æй æ кизги, æ муггаги зæрдиуаг иссерун мийнæвæртти æнгъудмæ. Æркæсуйнаг: а) кизги ку нæ фæндæуа, фал æгас муггаг ба иннæ муггаги сæхецæн хæстæгæн райсун ку исаккаг кæнонцæ, уæд кизгæн æ бон нæй уони (муггаги) дзурд басæттун. б) кизгæ æ мади губунмæ, кенæ ба фæсаууонмæ лæвæрд æрцæуй. в) кизгæ æхуæдæг æвзурста æхецæн лæг. 12. Дууæ муггаги кæрæдзей хæстæгæн есун аггаг ку скæнонцæ, уæд и кизги хæдзарæ къеретæ искæнуй æма сæ мийнæвартæ æма муггаги хестæрти рази æривæрунцæ. 13. Кизги муггаг сæ сæр æндæр муггагмæ цæун агкаг ке скæнунцæ, уой туххæй зæгъунцæ сæ сæрæн аргъ – æруæд. 14. Æруæд æй æндæр муггагмæ æруайæгкаг, æрледзæгкаг. 15. Æруæдæн æмбæлуй дууæ гали æма дууæ гъоги хæдзарæн, мадирвади бæх, гъæуæн фус, дууæ фуси хинстæн æма мади фус. 16. Дууæ муггаги ку бахæстæг унцæ, ку бакаййес кæнунцæ, уæд лæхъуæни хæдзарæмæ æрцæунцæ æма уоми дæр къере исковунцæ: – О Хуцау, аци дууæ муггаги муггагмæ лимæн искæнæ! Хуцау, кæрæдзей син хуарзæн базонун кæнæ! Хуцау, хуæрифурт æхсæн сæ искæнæ. Кæрдæг æма фæсалау æмхæлæмулæ ци суонцæ. Æстæг хæстæг куд уонцæ. Сæ уарзонтæ
480
сæбæл цийнæ куд кæнонцæ, се знаг си тæрсгæ куд кæна, уæхæн бони фарнæ син æй фæккæнæ, Хуцау! 17. Еци фингæй æмбæлуй кизги хæдзарæмæ хайтæ (тæбæгъ) рарветун: æртæ (фондз) къерей, ниуæзтæ æма фæхсун (кенæ ба фиди хæйттæ). 18. Кизги мадæ еци тæбæгъмæ æрæмбурд кæнуй муггаги æма синхæнтти уоститæ. 19. Еци бонæй фæстæмæ, лæхъуæн æхе уосæ хонунмæ цæттæ кæнун райдайуй; кизгæ ба – киндзи цæунмæ. 20. Еу мæйæ, кенæ ба еу къуар боней фæсте сиахс æ каййестæмæ сиахси цуд бакæнуй е ‘нгæртти хæццæ. 21. Сиахс æ уоси мадæ ‘ма фидæмæ цæуæггаг бахæссуй цæсгони хъумац: курæттæгтæ дарий хъумацæй. 22. Еци æхсæвæ хæдзари кизгуттæ сиахсæн рарветунцæ сиахсаг тæбæгъ. 23. Сиахсæн еци тæбæгъи æмбæлуй æхцайæй еу ном иссирд (æртæ соми) æма къанфеттæ кизгуттæн. 24. Каййес бакæнуни фæсте дууæ муггагей æхсæн гъæуама рацæуа фонс æма фæрзеу: кæрдзини хуæрдæ, æруæди хинст, æруæд, фиццаг хъумац, сиахсæгтæ æма æндæртæ. 25. Кизгæ ку срæвдзæ уй киндздзагæй æма æнæуой лæвæрттæй, уæд æ хæстæгутæбæл æрзелуй, расин арфæ кæнуй. Уой фæсте ба æхе ниртайуй, æма æ киндздзæгтæ искæнуй. Æркæсуйнаг: кизгæ киндзи ку цæуа, уæд æхебæл искæнæд медæгкæй уорс дарæс, уой æндегкæй æнгон салæй, цилле бæндæнæй баст æгънæгути хæццæ, сурх дарий хæлаф æма хусар хъумацæй æндаг дарæс. КИЗГÆРВЕТУНИ ÆГЪДÆУТТÆ 1. Фиццагдæр æгъдауи æй: каййес базонуни туххæй ес дууæ нæуæг æстæгхæстæгей æхсæн кæрдзини хуæрдæ. 2. Дуккаг æгъдау; сиахси хæдзарæ гъæуама еу мæйи фæсте æрхона кизги фиди. 3. Уой фæсте ба æмбæлуй сиахси хæстæгути фембæлун кæнун кизги хæдзари. 4. Дууæ хæстæги кæрæдземæн еци æгъдæуттæ ку радтонцæ, уæд æмбæлуй кизги рарветун. 5. Кизгæ æрветунбæл, уой хæдзарæй, гъæуама хуæрдæ, ниуæзтæ исцæттæ кæна.
481 31* Заказ №1424
6. Еци хуæрдæ æма ниуæзтæ гъæуама фæууинонцæ сиахси хæстæгутæй ескетæ къохбæлхуæцæги хæццæ. 7. Хуæрдæ æма ниуæзтæмæ гæсгæ сиахс байагора киндзхонтæ. 8. Киндзхонтæ уæнтæ фулдæр-фулдæр æртин бæхгини, кенæ ба инсæй. Æркæсуйнаг: рагон æгъдауæй киндзхонтæ уидæ æртæ, фулдæр-фулдæр ба дæс. Харз неци кодтонцæ. 9. Киндзхонтæн сиахси туххæй ести харз кæнун не ‘мбæлуй. 10. Æргомæггаги æгъдау хæдзарæ, кенæ ба сиахсæй æхецæй æй. 11. Киндзхонтæ гъæуама сиахси хæдзарæмæ æрæмбурд уонцæ æма сæ фæндæй ранæхстæр уонцæ уордигæй. 12. Киндзхонтæ ку æрбацæунцæ гъæугæронмæ, уæд гъæуама топпæй æхсонцæ. Æркæсуйнаг: киндзхонти разæй еу хеуон хонæги хæццæ æрцæуй æма хæдзари сæ рæвдзæ кæнунцæ. 13. Сæ алли топпи æхстæн дæр син гъæуама хæдзарæй дæр дзуапп уа. 14. Киндзхонтæн æмбæлуй æндæколдуар сæ бæхтæй рафестæг ун æма рæнгъæй ислæуун хестæргай. Æркæсуйнаг: уотемæй лæуунцæ, цалинмæ сæмæ хæдзарæй еске рацæуа æгасцæуай зæгъунмæ, уæдмæ. 15. Хæдзарæй киндзхонтæмæ хестæртæ ку рацæуонцæ æма син медæгмæ ку зæгъонцæ, уæдта бацæуæнтæ æма исбадæнтæ хестæргай изæрхуарбæл. 16. Ковæггаг кусийнæ, къере æма æхсæрфæнбал радтун æмбæлуй къохбæлхуæцæгмæ. 17. Æхсæвæрбæл кенæ ба рæфтадбæл райдайæни сиахси раргом кæнун аккаг æй. Æркæсуйнаг: сиахс уæди уæнгæ гъæуама тургъи уа, иуазгути дзаумæуттæмæ фæккæса æма сæ бафснайа, сæ бæхтæ дæр уотæ. 18. Æргом кæнунмæ цæугæй, сиахсæн æ разæй исцæуæд къохбæлхуæцæг. Минкъий ма ‘й ку гъæуа æфсинттæмæ, уæдта ин æхе рауадзæд æма æ фæсте цурд лæууæд. Ка ‘й зонуй, е æ хунæ, е ба æ синон ку фæттулонцæ. Æркæсуйнаг: муггаги хестæр æфсинттæ фæббадунцæ уæллæй къоли сæри. Сæ еуемæ фæууй хунæ – къеретæ карки марди хæццæ, иннемæ ба кусийнæ, къуар ку уонцæ, уæд. Сиахс къеретæ ку исеса, уæд æфсийнæ кусийнæ уони бунатмæ æрбайсæд. 19. Сиахс æ цæсгони разæй бахæссæд, æ бон куд уа, уотæ цæсгони хъумац æма ‘й ниввæрæд æфсийни уæрагбæл. 20. Уæдта æ рахес къохæй райсæд æфсийни уæрагæй къеретæ æма сæ æрбаййевæд æ галеу къохмæ, æма бабæй еци къохæй исесæд сиахсаг – кусийнæ.
482
21. Æ хуни хæццæ сиахс, æ цæсгон æфсинтти ‘рдæмæ, уотемæй рацæуæд еу къуар ампъези. 22. Къохбæлхуæцæг æма сиахс уордигæй фæстæмæ лæуунцæ фæсдуар, хай дæр син дæдтунцæ уордæмæ. 23. Сиахси кусийнæ баниуазун æмбæлуй хецæн къуарæн – кæстæртæй. 24. Хуæрдæ, ниуæзтæ ку фæууонцæ, уæд киндзхонти хестæр исковæд кизгæ æма лæхъуæни амондбæл æма уони туххæй гагидауæ рауадзæд. 25. Гагидауæ ку рахецæн уа, уæд кизгуттæ киндзæ æрбахонæнтæ хæдзарæмæ. 26. Хестæртæн æмбæлуй уæд нæуæгæй исковун уой фæндарасти туххæй. 27. Уой фæсте ба киндзæ гъæуама æхуæдæг еу къуар ампъези раздæр рацæуа иннæ кизгуттæй æма æрлæууа еунæгæй. 28. Къохбæлхуæцæгæн æмбæлуй еци сахатти уомæ бацæун, хизæ æритаун æма уой галеу цонгбæл æрхуæцун. 29. Уой фæсте ба гъæуама хæдзари æфсийнæ, кенæ ба къерегæнæг радта къохбæлхуæцæгæн ниуазæн æма бафæдзæхса Хуцау æма Сафай рази и сабиййи æ нæуæг æрвадæбæл. Æркæсуйнаг: уоци сахат сойнæ исæрдæн, кенæ ба царв æма муд еумæ тугъдæй къимбуси æртæ хатти разелунцæ Сафабæл æма сæ радтунцæ кизгæмæ. 30. Еци æгъдæуттæ ку раевгъуйонцæ, уæд кенæ къохбæлхуæцæг, кенæ киндзхонтæй еске исковæд фæндарастбæл, уæдта никкæнæд фæндагаразæг Уасгергий зар æма Нанай зар. 31. Зар куддæр фæууа, уотæ къохбæлхуæцæг кизги хæццæ рараст уæд. Æркæсуйнаг: æмбал кизгуттæн æмбæлуй зарун алаййи зар. АЛАЙЙИ ЗАР
Лæхъуæнтæ ’ма кизгуттæ зарунцæ киндзи нæхстæрбæл Алай, и алай, Уæй, и Нарти, и алай! Дæлæ и будури хуарз киндзæ фæццæуй. Алай, и алай, Уæй, и Нарти, и алай! Уомæн æ еу усхъæбæл – Раст хори хуарз тунтæ! Алай, и алай, Уæй, и Нарти, и алай! Уомæн е ‘ннæ усхъæбæл – Раст зурнæй авдæнтæ!
483
Алай, и алай, Уæй, и Нарти, и алай! Уомæн æ къерековæг – Мах фидæ Никкола! Алай, и алай, Уæй, и Нарти, и алай! Уомæн æ гъæуайгæнæг – Уæй, Мадæ хуарз Майрæн! Алай, и алай, Уæй, и Нарти, и алай! Уæй, и киндзæ ба æй Адæмлимæн зæрбатуг! Алай, и алай, Уæй, и Нарти, и алай! Æ хецаутæмæ бæмпæгзæрдæ ку æй, Алай, и алай, Уæй и Нарти, и алай, Æ сæри хецауи е ‘зæлу дусæй даудзæнæй, Алай, и алай, Уæй, и Нарти, и алай. 32. Киндзи хæццæ ранæхстæр уæнтæ еугур киндзхонтæ дæр уæри-да-дæ заргæй. Æркæсуйнаг: сиахс ниллæууæд урдугистгутæн кæстæреуæг æма уони сæргъи базелунмæ. 33. Киндзæ хæдзарæмæ ку ‘рбацæуа, уæд æфсийни къохбæл Сафай рази баковæд æма ин æ къæхтæ, ци исæрдæн рахаста, уомæй байсæрдæд æртæ хатти. КИНДЗХОНТИ РАЦУД, ÆРБАЦУД, ФИНГÆ ÆМА СÆ РАЦУД КИЗГИ ХÆДЗАРÆЙ 1. Лæхъуæн уосæ ку фæххонуй, уæд æ хæдзари ци æнгæртти къуар фæууй, етæ фæххуннунцæ киндзхонтæ. 2. Киндзхонтæ лæхъуæн æримбурд кæнуй æ муггаг, æ хæстæгутæ æма æ раст синхонтæй. 3. Киндзхонтæн сæ нæхстæри разæй æримбурд ун æмбæлуй лæхъуæни хæдзарæмæ æма уоми бафæндæ кæнæнтæ сæ рацуд, се ‘рбацуд, се ‘рбадт, се ‘нккæтебæл дæр. 4. Уордигæй фæстæмæ, ке ниббæлдат кæнунцæ, еци хестæрмæ æгас къу-
484
ари æфсæрмæ бацæуй, æма е и къуар аразæг, фæнди сæр æма финги сæр исуй. 5. Фæнди сæр (хестæр) æхецæн кæстæртæ райсуй æма син сæ бæгъдауонд бакæнуй фæйнæ къуари æма фæйнæ гъудтаги. 6. Къуари рæвдзæ еци лæгтæй æй. 7. Еци лæгтæ гъæуама æцæгæйдæр рæвдзæ уонцæ: сæ цæсгони хъумац, се ‘ргомæггаг дзубандиаг мабал уæд. 8. Сæ ранæхстæри разæй киндзхонтæн æмбæлуй лæхъуæни хæдзари къере сковун. Æркæсуйнаг: хæдзарæн æ бон ку уа, уæд гъæуама киндзхонтæ æстонгæй ма ранæхстæр уонцæ ( ма исзудæ уонцæ), æмбæлуй син косарт, кенæ ба æнæуой дзæбæх хуæруйнаг: фезонæг, æхцинтæ, фидгунтæ, ниуæзтæ, – хæдзари бон куд уа, уомæ гæсгæ. 9. Хуæрдæ, ниуæзти сæргъи киндзхонтæ кæрæдземæн дзурд радтæнтæ, сæ гъудтаг, се ‘гъдау рæсугъд ке рахæсдзæнæнцæ, уобæл. 10. Киндзхонтæ еу гъæуæй иннемæ ку цæуонцæ, фæнди бæхтæбæл, фæнди фестæгæй, уæд си надбæл цæуни æгъдау ма йронх кæнæд: гъæуама хестæр хестæри бунати уа, кæстæр ба – кæстæри бунати. 11. Киндзхонтæ, кизги хæдзарæмæ цæугæй, зарæнтæ бæгъатæри зартæ, уомæ æрхæстæг уогæй ба еу топпи гъæр æруадзæнтæ. 12. Еци гæрахмæ кизги хæдзарæй æмбæлуй дууæ гæрахи. 13. Уой дзуаппæн киндзхонти ‘рдигæй æмбæлуй æртæ гæрахи. 14. Кизги хæдзарæй дæр нæуæгæй æртæ гæрахи. Æркæсуйнаг: фæстаг топпи гъæртæ фæуунцæ æмбес æма иуазгутæн зæгъунцæ: «Медæмæ рауай!» Киндзхонтæ медгъæу хонæги фæдбæл цæунцæ æма сæмæ еци æгъдау нæййес. 15. Киндзхонтæ еци-еу цудæй тургъæмæ бацæунцæ æма уоми хестæргай рæнгъæ ралæуунцæ. Æркæсуйнаг: тургъи унгæг ку уа, уæд киндзхонтæн рафестæг ун æнгъезуй хæдзарæмæ хæстæг, гъæугæрон, кенæ ба унги. 16. Кизги хæдзарæй урдугистгути хестæрæн æмбæлуй киндзхонтæмæ ракæсун кизги фиди (кенæ ба хæдзари хестæри) хæццæ æма уонæн, æгасцæуай, зæгъгæ, зæгъун. Æркæсуйнаг: кизги фидæ гъæуама киндзхонти æрцудмæ исцæттæ кæна хуæрдæ, ниуæзтæ, æримбурд кæна муггаги кæстæртæ урдугистгутæн æма сæ хестæртæй дæр еу, еу ба – раст синхон зæронд лæг. 18. Урдугистгутæн ихæс æй киндзхонти иуазæгдонæмæ бахонун, кенæ ба еу уæхæн хебарæ азгъунстмæ.
485
Æркæсуйнаг: хæдзари хецауæн хебарæ авар ку нæ уа, уæд ходуйнаг нæй иуазгутæ уæрдундонæмæ, кенæ ба дзæхæрадонæмæ бахонун. 19. Фиццагдæр-фиццагдæр киндзхонтæн æмбæлуй сæ бæхтæ, сæ сæргътæ, сæ лæдзгутæ æма се ‘ндагон дарæс – баслæхътæ, нимæттæ бафснайун. 20. Иуазгутæ ку æринцойнæ уонцæ (æрфусун кæнонцæ) уæд агкаг æй къохдон раттун. Æркæсуйнаг: а) къохдон дæттун гъæуй хестæргай. б) алли лæги къохæхснæн дæр калун гъæуй. в) къохдонгæнæг хъувгъан дарæд æ рахес къохи, æ галеуи ба – тæбæгъи сапойнæ, æ еци усхъæбæл ба – къохмæрзæн. г) дуккаг лæг таси куст кæнуй æма ин æ дон – алли лæги къохæхснæн дæрракалуй æма ‘й радавуй, иннемæ бадæдтуй. 21. Киндзхонтæн уой фæсте æмбæлуй ниуæзтæ (арахъ, бæгæни) рахæссун еу минкъий дзоли къæбæртæ æма цигъди морти хæццæ. 22. Киндзхонтæ сæ фусуни бæрæг ку базононцæ, æ фæрзеу ин ку ниййахуадонцæ, уæд уордæгæй фæстæмæ гъазун, ходун райдайонцæ кæстæртæ, кенæ симдбæл ниххуæцунцæ, кенæ ба æнæуой кæфтитæ кæнунцæ. Æркæсуйнаг: а) кафунмæ лæг гъæуама арæзтæй рацæуа, æ дарæс, æ гæрзтæ гъæуама бæрæг бæлвурдæй, и кафæг ци куст кæнуй æма дзилли æхсæн ци бунат ахæссуй, уой, киндзхон гъæуама уосагор уа æма æ кавди дарæси дæр лæхъуæнæн уосæ æвдесонцæ: æвзаруни туххæй уа, кизгуттæн ба – сæрихецау æвзаруни бунати. б) устур симди зарæн зарун гъæуй «Нарти симди зар». Нарти тауæрæхъти байзадæй дууæ симди: «Нарти устур симд» æма «Нарти æгæнон симд». Ес ма «Гуасси зар», «Рæсугъд æфсийнæ». Фæстаг æрдæмæ – «Бутдзи зар» дæр. Симди кафт «Тумбул симд» хуннуй. НÆРТОН СИМД
А к у л а. Нарти гуппургинтæ, Ци сæрра йайтæ, Гъой-гъой. Цæбæл кафетæ, Цæбæл семетæ? Гъой-гъой-ра.
486
О р æ з м æ г. Бæстæбæл хуарз, Акула рæсугъд, сой-сой, Корун, мæ хæццæ еу зилд æрцо, сой-сой-ра. А к у л а. Æз дæ хæццæ куд ракафон, гъой-гъой; Æнгарæн дæ æз куд райсон, гъой-гъой-ра… Дæ кæрдæгæй, дæ фæсалæ, гъой-гъой, Берæ фулдæр дæуæн ку фæцæй, гъой-гъой-ра. (Орузмæг уонтæ бæрзонд фæууй æма симди дæлгоммæй байзайуй.) Б а т р а з. Дуйней искаст адæми хор, гъой-гъой; Акула-рæсугъд, мæ зæрди рохс, гъой-гъой-ра… Мæн дæхецæн хæларæн райсæ, гъой-гъой. Еу зилд мæ хæццæ исагкаг кæнæ, гъой-гъой-ра… А к у л а. Нарти æхсæн кадгин-радгин, гъой-гъой! Хæмици фурт минкъий Батраз, гъой-гъой-ра. Кафун агкаг дæу хæццæ æй, гъой-гъой! Уарзун, зонун, дæу ку гъæуй, гъой-гъой-ра… Ду мин фæууо сæрихецау, гъой-гъой. Ду мин фæууо царди радæ. Минкъий уогæй, болат ку дæ, гъой-гъой. Æгадæ дæ не скæндзæнæн, гъой-гъой. КИНДЗХОНТИ ФИНГÆ 1. Киндзхонтæн сæ хуæрдæ, сæ ниуæзтæ хæдзари урдугистгутæ ку сцæттæ кæнунцæ, уæд сæмæ æмбæлуй рарветун æма уони æрбахонун хуæрунмæ, ниуазунмæ. 2. Киндзхонтæ гъæуама игъæлдзæгæй бацæуонцæ æма хестæргай исбадонцæ. Æркæсуйнаг: зæронд æгъдауæй байзадæй, сиахс, æнæ хестæртæй дзурд рацæугæ, хæдзарæмæ куд нæма æрбацæуа, уотæ. 3. Иуазгутæ еугурæй дæр ку исбадонцæ фингæбæл, уæд фингити фæхсунтæ, къеретæ æривæрунцæ (алли финги сæри дæр æртæ къерей). Дзол, цигъд, фезонæг ба си æнæуой ивæрд фæууй. 4. Фингæн (киндзхонти фингæн) æртæ хестæремæй дууæ гъæуама уонцæ: еу – иуазгути хестæр, иннæ ба – фусун раст лæг – æцæгæлон, кенæ ба кизги муггагæй. 5. Фæхсунтæ кумæ нæ хъæрта фингитæй, еци фингити æмбæлуй æнæуой иуаргæ фид.
487
6. Фингити исцæтти хæццæ хестæртæмæ гъæуама радтонцæ гъолгун сиахси номбæл, ниуазæн æма æхсæрфæмбæлттæ исковунмæ. Æркæсуйнаг: киндзхонтæ дувæлдугæй фæббадтæнцæ: хестæртæ хецæнæй, дуаргæрон ба сиахси хæццæ кæстæртæ. 7. Уоститæ ‘рдæгæй гъæуама бадонцæ æфсинттæ (зæронд уоститæ). 8. Уонæмæ уа сиахсæн хайтæ æма ниуазæн. Æркæсуйнаг: а) муггаги уоститæн хестæрæн æ галеу къохи, æ уæраги сæрбæл æвæрд фæууй тæбæгъи æртæ къерей, карки мард, гъолгун æма, æнæуой дзæбæхæй ци уа, е (муд, фезонæг), е ‘ннæ къохи ба – кусийнæ бæгæнийæй идзагæй; б) и тæбæгъ дæр æма и къос дæр (кусийнæ) гъæуама царвæй исæрст уонцæ, ливзæгонд. 9. Адæми рæвдзæмæ гæсгæ, киндзхонти хестæрæн æмбæлуй уæд сиахсмæ рарветун. 10. Лæхъуæнти къуар хæдзарæмæ æрбацæуй заргæй, æма сиахс фæсдуар финги кæронмæ æрлæууй. Æркæсуйнаг: сиахсæн фингæн æвæрд фæууй афтед хускъæдонæ (тъæпæнæг) – бунæфтуд, кæстæрти финги кæронмæ фæсдуар. Æндæдуар ма ку фæуунцæ лæхъуæнтæ, уæд фæззарунцæ зар «Ракæсетæ». Ракæсетæ, ракæсетæ – уæ къæсæрмæ иуазгутæ Æма хуарз иуазгутæ, хуарз иуазгутæ! Гъой, уæ рагисон хуарз! Фусун еци зармæ гæсгæ зæгъуй: Гъой, æгас æрцæуай, гъой, иуазæг! Кæстæртæ ин æ зар райсгæй: – Гъой, нæ фусун! Иуазæг ба зин дарæн æй, зин! Иуазæгæн хуарз ка фæууа, Уомæн æй Хуцау бахата, Æцæгæй ин æй бахата. Зарун ку банцайа, уæд æмбæлуй сиахсæн зæгъун, амондгун гъудтаг дин фæууæд, зæгъгæ, æма нигъгъос ун. 11. Уæд хестæртæн æмбæлуй сиахсæн барæ радтун æфсинттæмæ исцæунмæ æма уони къохæй хай æма ниуазæн райсунмæ. 12. Гъæуама сиахсæн æ разæй цæуа æ къохбæлхуæцæг, уой фæсте æхуæдæг æ разæй е ‘гъдау хæсгæй, æ ходæ арф конд, уотемæй.
488
13. Æфсинтти рази сиахс æ хъумац æривæрæд æма бавналæд æ рахес къохæй ниуазæнмæ, райсæд æй æма ‘й æ галеумæ æрбаййевæд, рахесæй бабæй райсæд и тæбæгъ æд хæйттæ. Æркæсуйнаг: къохбæлхуæцæг гъæуама æ цæстæ дара æма сиахси тухсун ма бауадза. Ниуазæн æма хайтæ сиахси къохи ку фæууонцæ, уæд ин сæ райсæд æма сæ сиахси (кæстæрти) фингæмæ рахъæртун кæнæд æма и тæбæгъ хускъæдонæбæл фингæн æривæрæд. 14. Сиахс æфсинтти цорæй еу къуар æмпъези фæстæмæ ракæнæд сидзмудзити, е ‘ргом уони æрдæмæ куд уа, уотемæй. 15. Сиахс ислæууæд фæстæмæ æ бунати фæсдуар. 16. Нур хестæртæн æмбæлуй исковун, сиахсæн хай радтун æма фингæмæ равналун. 17. Хуæрун, ниуазун райдайуни разæй гъæуама хестæр искова. И кувди дзурдтæ атæ фæуунцæ: – Хуцау, тæрегъæд бакæнæ! Хуцау, аци иуазгутæ – де ‘уазæг! Хуцау, мæнæ аци дууæ (сæ номтæ) амондгун бони бахæстæг кæнæ, (хаттæйхатт фæззæгъунцæ «балимæн кæнæ»). Хуцау, мæнæ ци кизгæ, (кизги ном разæгъгæй), ци лæхъуæни туххæй ами цийнæ кæнæн, уони фесгун, амондгун искæнæ! Хуцау (кизги ном) а хæдзари амонд куд ниууадза, кумæ цæуй, уордæмæ дæр нивæ куд фæххæсса, уæхæн нивгун уод æй искæнæ! Хуцау, (кизги ном) ци хæдзарæмæ фæццæуа, уоми нихидзиуаргун куд уа, адæми ‘хсæн кадгин-радгин куд уа зæнæггинæй, медсинх адæмлимæн зæрбатугау, æ рацуд федауци хуасæ куд уа, æ лæги хæццæ кæрæдзей зæрдæ дзæбæхæй куд базононцæ, æмзай-æмзæронд ци бауонцæ, уæхæн нивæ син исагкаг кæнæ! Æрцо, æрцо, (сиахсмæ æ номæй) ковæгкаг дæумæ цæуй. 18. И киндзхонти фингæй æгъдау амонуй æфсинттæн ниуазæн æма хунæ. 19. Хунæн фæууй фæрскъитæ (гæнæн ку уа, уæд морзаг фæрскъитæ), кенæ ба иуонæ (уонæ). 20. Иуазгутæ æрдæгхуæрд ку фæууонцæ, уæд сæ ности æралай кæнæнтæ. 21. Киндзхонти хестæр зæгъæд: «Нæ енцег нин рарвететæ.» Æркæсуйнаг: а) уæд гъæуама урдугистгути хестæр зæгъа æ кæстæртæн æма етæ и ности рахононцæ иуазгути размæ бæгъæнсарæй, фæссин æй уинун кæнонцæ, ’ма син зæгъонцæ: «Нæ хуæрæ хъæрæу, къулух, æнæуой ести аййепгун нæй». Уæдта ‘й уой фæсте ба æралай кæнонцæ, гъома ибæл æркæнонцæ зæриндагæ ходæ, æритауонцæ ибæл хизæ, изæлу æма уотемæй дзæбæхæй киндзхонти разæй раздæхуй и кизгуттæмæ. Киндзи рацуди киндзхонтæн фестун аггаг æй. б) сиахсæн æмбæлуй радтун ковæггæгтæ: еу къере, æхсæрфæмбал.
489
в) сиахс еци хæйттæ иуаргæ рацæуæд кæстæрти фингитæбæл. г) уой фæсте ба æмбæлуй фингæмæ равналун. е) хестæртæ сæ фингæй дæдтунцæ хай – еу къере ‘ма æртæ фæрскъи. 22. Æ ранæхстæри киндзи гъæуй Сафабæл бафæдзæхсун. 23. Гъæуама е Сафа рæхисбæл æрхуæца, æрзела. Кизгуттæ æма ин лæхъуæнтæ ба алай кæнæнтæ. Уой фæсте гъæуй зарун Уасгергий зар. (Зарæд фусун). 24. Киндзи фæсте кæстæртæ алай-булаййæй рандæ уæнтæ. 25. Ностæ æ нæуæг хæдзарæмæ ку ‘рхъæрта, уæд е ‘рхизти хæдзарæн æрковæд. 26. Сауæнгæ колдуарæй и къоли сæрмæ нæуæг ностæн æмбæлуй æ къæхти буни еститæ гæлдзун. Æркæсуйнаг: æмбæлуй уой къæхти буни дарий хъумац итаун, кенæ тунæ, кенæ ба горцъе. Фудаг лæхъуæнтæ ба гæлститæ кæнунцæ уой къæхти бунмæ лæдзгутæ, къудурæнттæ, дидингутæ, æма иннæ уæхæнттæ. 27. Киндзæ цæуæд æ къохбæлхуæцæги рахес фарс, уобæл æнцойнæй (е ин æ къохбæл фæххуæцуй). 28. Сæ фалæмбулай цæуæнтæ муггаги кизгуттæ æма киндзхонти кæстæртæ. Кизгуттæ зарæнтæ «Алай». Лæхъуæнтæн æнгъезуй хæдзари тохонатæ æхсун, хæдзарæмæ бацæугæй комгъæдтæ, рæхистæ, фиутæ, фæхсунтæ хъумацæй тъæппитæ кæнун. 29. Киндзæ хæдзарæмæ ковгæ бацæуæд, æфсийни размæ ку исхъæрта, уæдта уой къахбæл баковæд, æ дзабуртæ ин исæрдæнæй байсæрдæд. 30. Исæрдæнæн фæууй думæги карст. 31. Еци исæрдæн ностæ æ хæццæ æрхæссæд æ цæгатæй. 32. Ностæн ба кувди хæццæ æфсийнæ æ билæмæ исхæссæд царв æма муд. Æркæсуйнаг: царв æй фæлмæнзæрди бæрæггæнæн, муд ба æ адгин æвзаги туххæй. 33. Уой фæсте гъæуама ностæ къоли сæр балæууа, уæдта æ уатмæ рандæ уа. 34. Киндзи бонтæ æнцæ æртæ бони. ХИЗЕСÆН 35. Хизесæн фæууй цуппæрæймаг æхсæвæ, гъома, æртиккаг бон ку байзæр уа, уæд. 36. Æртиккаг бон раг-изæр лæхъуæни хæдзарæ исаразуй хуæрдæ, ниуæзтæ киндзхонтæн, фæссæхинцуй, ности кирæй син лæвæрттæ байуаруй æма киндзхонтæ рахæлеу унцæ.
490
Æркæсуйнаг: ностæ æ кири æной æ хæццæ æрхæссуй минкъий лæвæрттæ лæхъуæнæн æма киндзхонтæн еци æхсæвæмæ. 37. Еци изæр кизги нæуæг хæдзарæмæ æрцæуй æ мадæ æма æ фиди хæдзарæй майрæймаг къеретæ. Æркæсуйнаг: а) кизгæ идард бæстæй ку æрцæуа æма фиди хæдзарæй къере æрхъæртуни амал ку нæ исуа, уæд еци къеретæ æрхæссун æмбæлуй къохбæлхуæцæги хæдзарæй. б) къеретæ фæуунцæ æртæ æрти (9) æма æртæ хъæбуни: – Хуцауæн æртæ къерей. – Бундорæн æртæ къерей. – Майрæнæн æртæ къерей. – Сæризæдæн æртæ хъæбуни. в) и къерети хæццæ ма æмбæлуй нисайнæгтæ: бæмпæг, уорс хъумаци къимбус æма зæриндагæ. 38. И къеретæ киндзи хæдзарæмæ ку æрхъæртунцæ, уæд къохбæлхуæцæг æ хуæри (киндзи) хæдзарæмæ, лæхъуæнти, кизгутти хæццæ заргæй, æрбахонæд. 39. Киндзæ къоли сæрмæ, æ къохбæлхуæцæги фарсмæ цæугæй, ковгæ исцæуæд æма уоми ислæууæд Сæризæди буни. Уобæл Сæризæди æхсæвæ æвæрунцæ нисайнаг-бæмпæг, уорс хæцъелæ. 40. Къохбæлхуæцæгæн æмбæлуй уæд, Хуцауи номбæл ци æртæ къерей ес, уони исковун æма и ностæн æ хизæ исесун кæнун. 41. Хизесæг фæууй и лæхъуæнæн (нæуæг уосгинæн) æ хуæри фурт, кенæ ба хæдзари хуæри фурт, кенæ ба къохбæлхуæцæг æхуæдæг. 42. Кувд: – Хуцау, аци сабий а хæдзари сæривулд искæнæд. Хуцау, каркау бæдолгин ци уа, æ цæуæт ба арсау хъаболгин ци уонцæ. Хуцау, ка райгура, етæ цæладздзаг куд уонцæ (цæрагæ – æстæг). (Киндзи ном) муггаги ‘хсæн кадгин-радгинæй ци бацæрай, нихидзиуаргин куд уай, уæхæн нивгун, амондгун адæймаг, хæдзари федауцæ уо. Амондгун бони, амондгун æхсæви дæ хизесæн фæууæд! (Ухст хизи бацæвгæй, гъæрæй исдзоруй). Авд лæхъуæни æма хъæрæу кизгæ! Авд лæхъуæни æма хъæрæу кизгæ! Авд лæхъуæни æма хъæрæу кизгæ! 43. И хизæ хизесæг батохуй хæдзари æфсийни сæрбæл æма уордæгæй фæстæмæ и ностæ уостити тонхи бацæуæд. 44. Уордигæй къохбæлхуæцæг и ности, кизгуттæ æма лæхъуæнти хæццæ рахонуй бæласи бунмæ – Сæризæдмæ.
491
Æркæсуйнаг: а) тургъи бæлæстæ ку уа, уæд сæ рæсугъддæр зайгæ бæласæ Сæризæди кувддонæ æма нисайнаг æвæрæн æй; б) уобæл æвæрун гъæуй киндзи нисайнаг æма Алаурдий нисайнаг. 45. Къохбæлхуæцæг исковуй уоми и къеретæ Бундорæн, Мадæ Майрæнæн æма Сæризæдæн, – нисайнæгтæ ивæруй бæласи къалеутæбæл æма æ хуæри (ности) фиццаг – хæдзарæмæ, уæдта æ уатмæ бахонуй. ЛÆХЪУÆН ÆМА НОСТИ ФИЦЦАГ ÆХСÆВÆ 46. Æртиккаг æхсæвæ лæхъуæн ности уатмæ бацæуæд. Æркæсуйнаг: лæхъуæн æма кизгæн уат бакæнун еци æхсæвæ къохбæлхуæцæги уоси ихæс æй. 47. Лæхъуæн æ уосæн е ‘лвасæн æхуæдæг райхæлæд æма ‘й уотемæй ниххуссун кæнæд. 48. Сæумæ лæхъуæн æ уосæн адгийнагæй (къанфеттæй) ралæвæрттæ кæнæд, изæрæй ба æ уоси мадæн цæуæггаг искæнæд. Æркæсуйнаг: а) сиахс еци цуд кæнуй æ хæстæгдæр æнгарти хæццæ, æ цуд ба хуннуй сиахси арфæгæнæн æхсæвæ. б) сиахс æ уоси мадæй боз ку уа, уæд еци æхсæвæ æ уоси мадæн дæдтуй æргомæггаг дуккаг хатт. 49. Ностæбæл еу анз ку рацæуа, уæд æ киндздзон ходæ исесæд, хæдзарæмæ æ теути размæ цæун райдайæд, фал уайсадæд уонæмæ. Æркæсуйнаг: хæдзарæмæ цæуæггаг, киндздзон ходесæнæн гъæуй, хæснаги æгъдаумæ гæсгæ, фингæ. И фингæ ностæ æ лæг æма æ цæгати харзæй аразуй. 50. Уосæ æндæмæ цæун ку райдайа, уæд ин æмбæлуй æ цæгатмæ фæццæун, æ лæги æма æ цæгати зонгæй, аразийæй. 51. Фиццаг цуди и уосæ æ цæгатмæ цæуй силæмбалти хæццæ æма хæссуй хунæ – цæуæггаг: фондз къерей æма косæрттаг. 52. Уосæн æнгъезуй уæд æ цæгатмæ еу мæйæ, кенæ ба фулдæр фæббадун дæр. 53. Еци бадт хуннуй хундæги бадун. 54. Хундæги бадæг æ цæгатмæ исцæттæ кæнæд æ лæгæн къахæй-къохмæ фæлуст æма уæдта æриздæхæд æ хæдзарæмæ хуни хæццæ. 55. Уосæ æ цæгатмæ æнæ æ лæги зонгæй ма цæуæд.
492
НОСТИ ÆГЪДÆУТТÆ 1. Ностæ хæдзарæмæ кæстæрæн æрцæуй, уомæ гæсгæ ба ибæл æмбæлуй хæдзари куст усхъæфæсонтæй. 2. Хæдзарæ æфснайун ности гъуддаг æй. 3. Ностæ гъæуама изæрæй уæттæ никкæна, сæумæй сæ исеса, зæнхитæ ниссæрфа, сæумон дон æрбахæсса, гъоцитæ æрдоца, уони рауадза æргъаумæ, цихт байахæсса, уой фæсте ба æ уатон куст – хуйуйнаг дæр райса. 4. Ностæ хæдзарæмæ, бийнонти астæумæ гъæуама еу анзи бонти ма цæуа, уой фæсте ба цæуæггаг искæна. Æркæсуйнаг: цæуæггаги кувди цидæр харз гъæуа, е цæгати харзæй æй. Еци кувд фæууй кизгуттæ æма уостити. 5. Ностæбæл анзи æрдæг ку рацæуа, уæд гъæуама донмæ цæуæггаг искæна хæдзарæ. 6. Ности донмæ фæххонунцæ ностæлтæ æма кизгуттæ фæндур цæгъдгæй æма кафгæй. 7. Ностæ æндæмæ фæццæуй ревæдæй æма итудæй, хæдзарæмæ ба æрбацæуй дони къибилай хæццæ хизистæй. 8. Уæди уæнгæ ностæ æндæ къæсæр дæр не ‘фсæруй. 9. Ностæбæл ести фау ку рацæуа, уæд е гъæуама æфсийнæн дзорæггаг искæна. Æркæсуйнаг: дзорæггаги харз ности цæгатæй æй косæрттагæй дæр, къеретæй дæр. 10. Ностæн не ‘мбæлуй æ зæнæги ранæмун, уонæбæл цийнæ кæнун, дзедзе дарун бийнонти ‘хсæн. Æркæсуйнаг: ка ‘й зонуй, ку фæррæдуйа, уæдта æй хæснаг. 11. Ностæ дууæ кенæ æртæ анзей уæнгæ, уой фæсте дæр ма хæдзарæмæ ма цæуæд, æ теутæ, æ лæг уоми ку уонцæ, уæд. 12. Уой фæсте ба хæдзари ку æрфæндæуа, уæд æ лæг косæрттаг балхæнæд æма бабæй еугур бийнонтæмæ цæуæггаг искæнæд. Æркæсуйнаг: къерейæй æма уомæй æндæмæ харз ностæй фæууй. 13. Ностæн медхæдзарæ, кенæ ба медтургъæ, нæлистæг кæми уа, уæхæн рауæн, уæгъд хæдони, гæмæх сæрбастæй не ‘мбæлуй. Æндагон кусти дæр уой хузæн. 14. Цæрæн хæдзари, кенæ ба индтуг рауæни ностæн æ сæр фасун ходуйнаг æй. Æркæсуйнаг: æхе æфснайуни туххæй ностæн уат ес. 15. Анзи æндæргъцæ ности будури кустмæ хонун не ‘мбæлуй.
493
Æркæсуйнаг: ности фиццаг кустмæ рахунди хæдзарæй рахæссунцæ къеретæ æма хъæбунтæ. КАЙЙЕСИ ÆГЪДÆУТТÆ 1. Дууæ хæдзари кæрæдземæн æстæг хæстæг ку разæгъунцæ, уæд исунцæ каййестæ. 2. Кизги лæгмæ ку раттунцæ, уæд уордæгæй фæстæмæ е гъæуама хуарз æфсардар уа, æхе цæттæ кæна хæдзари ахурбæл. 3. Курд кизгæ цалинмæ лæгмæ фæццæуа, уæдмæ æ алли рацуд дæр гъуди дара. 4. Гъæстити æма æнæуой рауæнти дæр курд кизгæн е ‘гъдау æй æхе римæхсун æ лæгæй æма æ хæстæги къабазæй. Æркæсуйнаг: теутæ æма æнæуой хæстæгутæбæл фембæлуй сæ ности раргом кæнун. Æргомæггаг ба фæууй ести рæвдауæнтæ кизгæн: фæндур, кенæ ба æхца, æ цæсгон куд уа, уотæ. Кизгæ дæр гъæуама æ раргомгæнæгæн ести ралæвар кæна: е астæубос, дамбацай бæттæн, кенæ ба æндæр ести. ЦИЙНИ ТÆБÆГЪ 1. Дууæ хæдзари каййес ку бакæна, уæд сæ астæу хæтуй цийни тæбæгъ. 2. Фиццагидæр тæбæгъ цæуй сиахси хæдзарæй кизгæмæ. Къеретæ, сæ хæццæ ба листæг миутæ ке бон куд уа, уотæ: хæлттæ, зæриндæгтæ, къохдарæн, гъосицæгтæ æма æнæуой рæвдауæнтæ. 3. Уой фæсте ба кизги хæдзарæй сиахсмæ цæуй тæбæгъ сувæллони рæвдауæнти хæццæ, киндзитæ, къохмæрзæнтæ æма æнæуой сувæллони рæвдауæнтæ. Æркæсуйнаг: дууердæмæ дæр еци тæбæгъ хæссунцæ, хæдзари кæстæр ностæлтæй æндæмæ цæун ка райдайуй, етæ. 4. Еу мæйæ, кенæ ба æртей фæсте сиахси хæдзарæй цæуй кизгæмæ фиццаг хъумаци хæццæ киндздзæгтæ. 5. Фиццаг хъумаци фæсте гъæуама æрцæуа сиахси мадæ курд кизгæмæ изæлуй хæццæ. 6. Еци гъуддаг ку бакæна сиахс, уæд кизги хæдзарæй цæуй уомæ сиахсæгтæ, сиахсæн къахæй къохмæ фæлуст: нимæтæй, баслухъæй, цохъайæй. Æркæсуйнаг: дууердæмæ дæр тæбæгъ цæуй косарти хæццæ, фæстæмæ ба æгъдауи къеретæ æма, ке бон куд уа, уотæ лæвари хæццæ (курæттаг, е ба – æхца).
494
7. Кизги хæдзарæй ма цæуй сиахсмæ хуаси æсгард: дигорон арæзтæй къахидарæс сиахсæн æма кизги теутæн. Æркæсуйнаг: сæ хæццæ æмбæлуй уонæн рæзæ æма маргъи фид: кæркитæ къудурвунхæй. Алли тæбæгъи æрбацуди дæр гъæуама дууæ хæдзари дæр æрæмбурд кæнонцæ сæ синхонтæ. СИАХСИ ÆГЪДÆУТТÆ 1. Сиахс цалинмæ æ уосæ фæххона, уалинмæ æ каййестæмæ ма цæуæд, нæдæр сæ синхонтæмæ. 2. Сиахс кизгæй æфсæрми кæнæд æма æгъдау дæдтæд æ уоси хæстæгæн, фембæлгæй. 3. Сиахси æгъдау æй кæстæреуæг кæнун, кæстæртæн дæр, етæ æ уоси хæстæг ку уонцæ, уæд. 4. Æргомæггаг хæссун æригон æгъдау æй, æма бæзгæ дæр нæ кæнуй. 5. Сиахс æнæбари æ каййести цорти бæхбæл ку рацæуа, уæд гъæуама рафестæг уа, æма æ бæх фæсте ласа, цалинмæ æ каййести фадуатæй рацох уа, уæдмæ. 6. Сиахс еци æгъдау дæттуй, æ каййестæй ибæл еске ку рамбæла, уæд уомæн дæр. 7. Сиахс æ каййести хестæрти рæнгъæбæл нæ бадуй. 8. Уомæн æмбæлуй сæ сæргъи лæуун, цалинмæ ин дзурд рацæуа, уæдмæ. Уой фæсте ба гъæуама исбада еуварс, аууон, кæстæрти хæццæ. 9. Ка ‘й зонуй, сиахс ку рамæла, уæд ин æ каййестæй æмбæлуй сиахсæгтæ: ходæ æма къахидарæс. ФИЦЦАГ ИГУРДИ ÆГЪДÆУТТÆ 1. Фиддæлтæй байзадæй, уосæн æ зайуни сахат ку ‘рхъæрта, уæд æ зæрдæ кæбæл дара, кæмæй не ‘фсæрми кæна, еу уæхæн уосæмæ цорибадæгæн рарветуй. 2. Цорибадæг багъуд кæна æвгъæдтон, æ хъæстæ ин нилвасæд, æ сувæллони ин нихснæд, ниртайæд, æ наффæ ин нивгæрдæд, мадæй ку ракæдзос уа, уæд æма ин æхемæ дзедзе ку уа, уæд æ дзедзе бадарæд, кенæ ба ин æнæ ‘хсир дзедзе æ гъæлæси бакæнæд, уæдта ‘й æ мади рази хæцъелти тугъдæй ниввæрæд. Æркæсуйнаг: ка ‘й зонуй, мадæ æрæгæмæ ку кæдзос кæна, уæд, сувæллонæн цæмæй æнцондæр уа, уой туххæй ин æмбæлуй æ наффæ нивгæрдун раздæр дæр.
495
3. Фидæ æртæ бонемæ æхе расайуй есгумæ. 4. Æртæ бони уосæ æвгъæди бадæд æнæ æндæмæ рацæугæй. 5. Еци ‘ртæ бони синхонтæ, хæдзари æма æхе хæстæгутæ и уосæн хæссунцæ сонгун халтъамадон, фиртони сойнæй. 6. Нæлгоймагæн æвгъæдтон уатмæ бацæун не ‘мбæлуй. 7. Æвгъæдтон уосæн æ уат гъæуама уа борхуари гъæмпæй, æ сæрбæл ба буйнаг итуд (листæн). 8. Æртæ боней æндæргъцæ æмбæлуй хæстæгутæ æма хæлæрттæн, хæдзари æфсийнæ æма хецауæн арфæ ракæнун. 9. Хæстæгæй арфæгæнæг дæттуй изди фат, кенæ ба уорс æхца, силæстæг ба айкæ, кенæ ба бæмпæг. Æркæсуйнаг: фат, уорс æхца, айкæ æма бæмпæг æнцæ лигъз, фæлмæн цард бæгъатæрæй. 10. Фиццаг игурд нæлистæг ку уа, уæд æмбæлуй рарветун хæстæгутæмæ хуæрзæнгорæггаги. 11. Хæстæгутæ хуæрзæнгорæггаг дæдтунцæ æхцайæй, ке бон ци уа, уой. 12. Хæстæгутæ игурди номбæл æртæ къерей (ковæггæгтæ), зæлдагæ æма уорс хæдонæ æрхæссунцæ. Æркæсуйнаг: æвгъæдæй мадæ анзи æрдæгæй фулдæр нæ цæуй. 13. Æртæ боней æндæргъцæ æмбæлуй исаразун бадт. 14. Алли арфæгæнæг дæр æхе рателæд заргæй æртæ хатти. Æркæсуйнаг: О Фидæ Хуцау, о, Мадæ Майрæн! Ке разардтай – цъоппидзаг, цъоппидзаг хуæрзтæ радтай. – Майрæн ду, Майрæн ду ке цæстæ хор æй, ке реу æвзестæ ‘й, лæхъуæнтæн ковæггаг, кизгуттæн цетейнаг. Гулалез (Гул-ар-ес), гуларез, кæмæн кизгæ, кæмæн лæхъуæн, мæхе туххæй нæ зæгъун: мæнæн мæ реу хъæбæр æй. 15. Æртиккаг бон изæрæрдæмæ – авдæнбæттæн. 16. Æвгъæддон уоси æртæ къерей, дзæрна, уæраси къоппа æма нисайнæгти хæццæ рацæуй бæласæмæ æма сæ уобæл исæвæруй æ цорибадæг. Æркæсуйнаг: бæласæ – ирæзгæ халæ, нисайнæгтæ нæлистæгæн – фат æма бæмпæг, силæстæгæн ба айдагъ бæмпæг. Бæласæ уедаггунæй ирæзгæ ке кæнуй, уой туххæй, бæмпæг ин – уорс листæн, фат ба ин – æзнаг сорунмæ. 17. Уони ‘рбацудмæ уоститæ бабæдтунцæ сувæллони авдæни. 18. Фиццагдæр ци майрæнбон æрæййафа, еци майрæнæхсæви ба уостити кувд – сабий фæдзæхсæн. 19. Къуæрей фæсте игурдмæ фиди æнгæрттæ æрæмбурд унцæ æма
496
исæртасунцæ нæмттæ. Хæлттæ сæбæл рагæлдзунцæ æма, ци халæ исхауа, уой ба радтунцæ игурдæн. Ном гъæуама уа дигорон. 20. Номæвæрæгæн фæууй хæдонæ. 21. Еци номæй æ хæдзарæмæ ка ‘рбадзора фиццагидæр, уомæн æфсийнæ ракæнуй хъæбун. 22. Биццеу ку рацийнаг уа, уæд æмбæлуй уой мади ‘рваддæлтæмæ рарветун къерети хæццæ. 23. Анзи бони сувæллонæн ниввæрунцæ зинг, зугул æма кард, къахæгау, кæмæ си бавналдзæнæй, зæгъгæ. Æркæсуйнаг: æнæлæдæргæ, фидбилизгæнæги нисан – зинг: зугул – хæдзаргини бæрæггæнæн; кард – æхсаргин лæгигъæди æвзарæг. 24. Мадирваддæлтæ гъæуама радтонцæ сæ хуæрифуртæн хуæрифурти лæвар: дугъосуг æд саргъибæх, хъириймаг – авдханхон топп, фусти дзогæ, æнæуой ести. Кенæ æ фиццаг цуди, кенæ уосæ хонунбæл, кенæ ба, ку фæммæгур уа, уæд. ФУРТ КÆНУНИ ÆГЪДАУ 1. Лæг æвæстаг ку уа, æма æ рæстæги муггаг фæуунмæ ку æрцæуа, уæд уомæн æмбæлуй æ хæстæгдæр къабазæй еу лæхъуæн æхемæ райсун – æхецæн искæнгæ фуртæн. 2. Искæнгæ фурт æхе рацох кæнуй муггагæй æма æ номбæл фиди муггаг райсуй. 3. Искæнгæ фуртæн æ фиди фæсмæрдæ уой мулк æ барæ æнцæ, фиди муггаг ку нæ хата, уæд. 4. Фуртгæнæг гъæуама æгас дзиллæн кувд искæна æма адæми æмбурдæн зæгъа, – аци бонæй æндæмæ мæнæ мæхецæн аци сабийи фуртæн есун, мæ ес, мæ бон мæ фæсмæрдæ уадзун амæн, æма хуннæд мæ муггагæй, сумах дæр имæ еци номæй дзоретæ. 5. Муггаг, хæстæгутæ æма дзиллæ исарази унцæ уобæл æма æй райдайунцæ уой фурт хонун. 6. Еци бонæй фæстæмæ искæнгæ фидæ æма фурт дзилли æхсæн фидæ æма фуртæй цæрунцæ. ЕНЦЕГ КÆНУН 1. Еу муггагæй иннæ муггаг сувæллон ку схæсса æ реуи æхсирæй, уæд уæхæн æхсирæй хаст фурт, кенæ ба искæнгæ æрвадæ хуннуй енцег.
497 32* Заказ №1424
2. Енцег хæссун æмбæлуй уарзон дууæ муггагей æхсæн, уæдта кæрæдзебæл ка не’ууæндуй, уæхæн дууæ муггагей æхсæн. 3. Дууæ муггаги тоггин ку уонцæ, ку бафедауонцæ, фал сæ кæрæдзебæл дзæбæх ку нæ æууæндонцæ, уæд хъæбæрдæр, ка тæрса, еци муггаг гъæуама иннемæй исхæсса лæхъуæн – енцег. 4. Енцег дууæ муггагей æхсæн фæууй бæгъдауонди æвдесæн æма федауцæй цæруни бæрæггæнæн. 5. Ескæмæй енцег ку хæссай, уæд сæмæ бацо лæгтæ æма æсгарди хæццæ корæг, раси корæ фурт, исæйхæссæ уорс æхсирæй. Æркæсуйнаг: а) енцеги æсгард фæууй фондз къерей, косæрттаг æма ниуæзтæ: бæгæни æма арахъ. б) æнæуой лæвари æсгард дæр – уотæ. в) хумæтæг æсгард – карк æртæ къерей ‘ма ниуæзтæ. г) сæйги ‘сгард – еу кæрдзин, карк – басæ аги, ниуæзтæ. д) фудæнхи тæбæгъ – дууæ кæрдзини ‘ма ниуæзтæ. 6. Енцег ку рагъомбæл уа, бæхбæл бадунгъон ку рауа, уæд æй æд саргъ, æд идонæ бæхбæл æ хæдзарæмæ хуни ‘ма е ‘нгарти хæццæ рарветун гъæуй. Уордигæй фæстæмæ енцег дууæ муггагемæн æмхузæн фурт уа гъæуама. ЕНЦЕГИ ÆГЪДАУ 1. Хæдзарæ еске сабий уорс æхсирæй ку исхæсса хæлари надбæл, уæд еци сабий фæххуннуй исхæссæгæн æ енцег. 2. Лæг енцег кæмæй хæсса, уонæмæ гъæуама коргутæ æсгарди хæццæ æрбацæуа. 3. Енцег ка радта, етæ сæ сабийи алай-булаййæй, цитгийнагæй æрбахæссунцæ корæги хæдзарæмæ. 4. Енцег сабийæй æрбацæуй æма лæхъуæнæй ба рандæуй æ хæдзарæмæ. 5. Енцег æ исхæсгутæ нимайуй æхе мадæ ‘ма фиди хузæн. 6. Æ цæуæн бони енцегæн æмбæлуй æ хæццæ радтун æд саргъ, æд идонæ бæх. 7. Енцегæн æ хæдзари уæнгæ аккаг æй лæхъуæнтæн къуарæй æ хæццæ бацæун.
498
АЛЛИ ХУЗИ ЛИСТÆГ ÆГЪДÆУТТÆ а) Хæснаг 1. Ностæ, е ба теу, æгъдæуттæмæ гæсгæ, ке рази ин не ‘мбæлуй, уой рази ку ниххода, æ сувæллон ку райса, е ба ин дзедзе ку бадара, уæд хæснаг æй. 2. Хæснаг ба æй хинст. 3. Еци хинст ностæ исаразуй æ теуæн, теу ку фæххуæрд уа, уæдта е ба æлхæнуй æ ностæн ести лæвæрттæ. б) Хæснаги æфсæнттæ 1. Силгоймаг, ке рази не ‘мбæлуй æ теутæй, уой рази ку схода, ку сдзора æнæргъудийæй, æ сувæллон ескæбæл ку ниммеза, кенæ ‘й уомæн дзедзе даргæ æ теутæ ку баййафонцæ хæдзари, ‘ма ин æ дзедзе игонæй ку фæууинонцæ, кенæ ба хуасæ æнтаугæй æ лæвæрæн ласæги сæрбæл истæг теубæл зуст гæлст ку бакæна, æ сæр фасгæй æй ку феййавдæуа, кенæ ба æнæуой ести æверхъау гъудтаг гæнгæ, уæд силгоймаг еци æнæрцæф гъудтаги фæууй хæснаг. 2. Нæлгоймаги ностæлтæ косгæ-косгæй, æ уосæбæл цийнæгæнгæ ку баййафонцæ, кенæ ба æ зæнæги, хестæрти рази, е ба æ ностæлти рази ку райса, кенæ ба ибæл æнæргъудийæй æверхъау гъудтаг ку исæмбæла, уæд нæлистæг фæууй уоститæй хæснаг. 3. Адæймаг æ минкъий рæдуд, кенæ ба аййеп кæмæй æлхæнуй, еци æгъдауи фингæ хуннуй хæснаг. в) Æвеппайди æгъдæуттæ 1. Уосæ æма лæг кæрæдзей æрдæмæ ку цæуонцæ, уæд силæстæг рахесæрдæмæ раздæхæд, нæлистæг ба – уой галеуæрдæмæ. Силæстæг, æ цæсгон – цæуæгæрдæмæ, æрлæууæд, цалинмæ нæлистæг райевгъуйа, уæдмæ. Æркæсуйнаг: нæлистæг лæхъуæн ку уа, силæстæг ба – зæронд, уæд над уоси æй – мади æгъдауæй. 2. Дууæ лæги кæрæдзей æрдæмæ ку цæуа, уæд кæстæр раздæхæд надæй æма æ хестæрмæ æ галеу фарс рахæссæд, уæдта æ бæх æрцæфтæ кæнæд æма е ‘ннæ фæрсти æрбацæуæд ‘ма еу минкъий æ хæццæ бацæуæд. 3. Силæстæг рамбæлгæй, лæг æздæхуй рахез æрдæмæ, цума æ гæрзтæ римæхсуй, уотæ, нæлистæгбæл рамбæлгæй ба æвдесуй æ гæрзтæ. Аци æгъдау, сили зæрдæ тæнæг ке ‘й, имонау дарун æй ке гъæуй, уой туххæй æй, нæлистæгмæ ба гъæдæгдæр гъæуй.
499
г) Сæйги æсгард 4. Хæдзари хæстæгутæй еске сæйгæ ку кæна, уæд æй гъæуай кæнуй æсгард. 5. Марди туххæй ке хæсса хæдзарæ, еци фингæ хуннуй – фæлхас маргæс, æма ‘й хæссунцæ аринги, кенæ ба цетени. 6. Маргæсæн фуди фингæ æрветунцæ, цуппаремæй ба, хæдзари бон цал уа, уал æнкъай дзоли, медæггаг гултæ, сойнифунхтæ, хъæбунтæ, тъæпæнтæ. ЛÆГ ÆМА УОСИ ЦАРДÆЙ а) Тæргай 1. Уосæ æ лæги æвастæй ку фæццæуа, уæд уæхæн æвæндæ цуд хуннуй тæргай. 2. Уосæ тæргай кæнуй, æ лæгæй естæмæй арази ку нæ уа, уæд. Æркæсуйнаг: лæг æ уосæмæ æнаггаг лæгъуз ку дзора, ку æй æфхуæра æнæбунати, нæмгæ æй ку кæна, кенæ лæг хæтагæ, ниуазагæ, магоса, æнæзунд ку уа, кенæ ба нæл ку нæ уа, гъе уæд уосæн æмбæлуй æ цæгатмæ ледзун тæргай. 3. Лæгæн æ уосæ тæргай ку рандæ уа, уæд лæгбæл еци аййеппитæ нихæсунцæ, уомæ гæсгæ ба уосæ, æ лæги сæр гъæуайгæнгæй, тæргай ма кæнæд. 4. Уоси тæргай æй, уосæ æ лæгæй æхе есунмæ гъавуй, зæгъгæ, уой бæрæггæнæн, лæгбæл не ‘нвæрсони бæрæггæнæн æй. 5. Уосæ тæргай ку æрледза æ цæгатмæ, уæд æй æ цæгат исбæрæг кæнæнтæ æма, æ ралигъд æнæбунати ку уа, уæд æй еци сахатбæл фæстæмæ рарветæнтæ, æнæ дууæ муггаги базонгæй. 6. И уоси æфхуæрд кизги муггаг сæ сæрмæ ку нæ хæссонцæ, уæдта æй сæхемæ бауорамæнтæ. 7. И тæргай уосæн æ лæг уæд æ уоси цæгати бафæрсæд къохбæлхуæцæги гъæлæсæй. 8. И уосæ, кенæ ба и лæг сæ рæдуд ку базононцæ, уæд уосæ æриздæхæд æ лæги хæдзарæмæ. 9. Лæг æма уосæн сæ зунд кæрæдзебæл ку нæбал бада, уæдта етæ кæрæдземæй рахецæн унцæ. б) Уосæ рауадзун 10. Лæгæн æ уосæ сили кустмæ арæхсгæ ку нæ уа, æндиуд, ниуазагæ, хæтагæ, зундгъæуагæ, фæйнæгбун, гъиггаг, лæгтæгæнагæ ку уа, дзурдтæбæл ку хæта, гъолон æвзаг ку хæсса, медхæдзарæ бийнонти ‘хсæн æзморæй ку цæра, хеваст ку уа, æ лæги ку нецæмæ дара, æ сæрти ку хеза, уæд лæгæн æ уосæ рауадзун æмбæлуй.
500
11. Лæг æ уосæ ку уадза, уæд фиццагдæр æхе муггаг æримбурд кæнæд æма уони æхсæн, æ уосæй арази цæмæй нæй, уой муггаги хестæртæн байамонæд, æрдзорæд. 12. Муггаги хестæртæ æркæсæнтæ и лæги гъудтагмæ дæр æма и уоси минеугутæмæ дæр æма уомæ гæсгæ, е арази исуæнтæ лæги дзурдтæбæл, кенæ ба ин амонгæ бакæнæнтæ æ цард исаразун. 13. Муггаги зæрæндтæ и уоси аййепгунæй ку иссеронцæ æма ин сæ муггаги æхсæн цæрун аггаг ку нæбал кæнонцæ, уæд син ихæс æй и кизги муггагæн балæдæрун кæнун, цæмæй арази нæ ‘нцæ етæ сæ ностæй, уой. 14. Уоси цæгатæн ихæс æй сæ кизгæн æ рæдудтитæ байаразун, балæдæрун кæнун. 15. И уосæ ку нæ рæвдзæдæр кæна, уæд лæги муггаг æримбурд уæнтæ, и уосæн æ къохбæлхуæцгути æма кизги муггагæй лæгти рази ибæл æвдесæн бакæнæнтæ, æ мулк ин рахецæн кæнæнтæ æма рацох уодзæнæй. Æркæсуйнаг: хаттæй-хатт æрцæуй уотæ, æма лæг æма уосæн сæ дзурд кæрæдзебæл ку нæбал фæббадуй, уæд хæдзарæ и уоси æ цæгатмæ рарветуй хуни хæццæ. Уой фæсте ба сæмæ исæрветуй и уосæн æ лæги хабар, æ уосæй ке рацох уй, уой. 18. Уæхæн гъудтаги хабархæссæгæн фæууй и лæг æма и уоси æхсæн сæ къохбæлхуæцæг, кенæ ба се ‘ндзиуаргин. ФОНСИ ÆГЪДÆУТТÆ 1. Дæ фонс ескæмæн ку уæйæ кæнай, уæд ин æ думæгæй æрдо ратонæ æма ‘й дæ Сафабæл бабæттæ. Æркæсуйнаг: хæдзари фарнæ фонсæй æви лæгæй æй, уой неке зонуй, æма еци æрдой хæлттæ ба фæрнгун фонсæй кæд байзадæй нивæ бийнонти æхсæн. 2. Бæх ку балхæнай, уæд ин æ сæрбæл ке æриййафай, уой мабал рауадзæ, æнæуой фонсæн дæр уотæ. 3. Куй ку ракорай, кенæ ба ку радтай, уæд райсæ манциаг, æма дæ куй хуарз, нивгун æма гъиггаг уа. 4. Зайуйнаг, рæдесгæ гъогæн æ къæдзелæбæл сурх къимбус бабæттæ, фудцæстæй æй багъæуай кæндзæнæй. 5. Байраг рæсугъд ку уа, кенæ ба догъон бæх, уæдта уомæн ба æ хъури дарæ сау сундакъæбæл дзæгъарæги гæппæл. Е дæр цæстæ хезуй. 6. Гъог ку низзайа, уæд ин еци сахат бадарæ маст дон (мæстдон). 7. Уалдзæг кæрдæги тумугъи гъоцити бафæдзæхсæ фонси Фæлвæрабæл. 8. Гъоцити туххæй æмбæлуй сурхаг искæнун.
501
9. Сурхаги къеретæ æма дзигка бахуæрæнтæ, хæдзари силæстæгæй ка уа, етæ. НИВОНД ÆМА КОСАРТ КÆНУН 1. Хæдзарæ нивонд ку исуадзонцæ, уæд æй фуддзурдæй, кустæй æма цæфæй багъæуай кæнæнтæ. 2. Нивондæн æ хъури æмбæлуй гъолæ баст дарун. Æркæсуйнаг: нивонди гъолæ фæууй е – дзиуарæгонд, е ба – асттегъон æстъалуйау, къæбазгин гъæдæй конд. 3. Косартгæнæг равгæрда и косарти гъæуама уæлæмæ кæсгæй, хорискæсæн æрдæмæ хаттæй. 4. Косарт кæнунбæл гъæуама еугур хæдзарæ дæр банцайа æ кустæй. 5. Косартгæнæг Хуцауи номæй æрбадарæд æ кард нивонди хорхбæл. 6. Цалинмæ косарт æвгæрст фæууй æма тог рацох уа, уæдмæ косартгæнæгæн дзорун не ‘мбæлуй. 7. Косартгæнæг уæд æхснад, къахæй-къохмæ хуæрзарæзт. 8. Цалинмæ косартæн æ тог рафедуйа, уæдмæ ин косартгæнæг æ хъанз ма байагайæд. 9. Косæрттаг банисан кæнун хестæрбæл æй, æ бакой кæнун ба кæстæрбæл. 10. Косартгæнæг æркæнæд косартæй бæрзæй, хæлорæ, зæрдæ æма æхсæрфæнбайлаг. 11. Косарт исесунтæбæл ку рауа, уæд косартгæнæг искæнæд рæуæгбæл æхсæрфæнбайлагæй æхсæрфæнбæлттæ æма сæ бакæнæд ухстбæл. 12. Фиццаг ци æхсæрфæнбал искæна, уой фæстагмæ ниууадзæд æма ‘й ухсти кæронбæл бакæнæд, цæмæй е ковæггагæн хæдзари кæстæрти агъаззаги фæууа, уой туххæй. 13. Ухстбæл фиццагидæр бакæнун гъæуй, дуккаг ке искæна, еци æхсæрфæнбал, уой фæсте ба куд кæна, уотæ. 14. Ковæггаг æхсæрфæнбал хæдзари агъаззаги нæлистæгæн аккаг æй, рæбунккаг (дуккаг конд) æхсæрфæнбал ба ухстбæл байзайуй æфсийнæн. ÆМБУРДИ ÆГЪДÆУТТÆ 1. Æмбурди адæм хестæргай бадæнтæ. 2. Фидти хай раздæр хестæртæмæ цæуй, есгæ ба ‘й кæстæртæй кæнунцæ. Æркæсуйнаг: æмбурди хестæрти разæй фингæ исесун не ‘мбæлуй. 3. Хестæрти фингæй кæстæртæмæ цæуй ниуазæн, сæри гъолæ, хæлорæ, зæрди хуни хæццæ.
502
4. Кæстæртæ еци ниуазæн æма хуни æрвисти фестунцæ æма зæрæндти ниуазæн истгæй баниуазунцæ. Æркæсуйнаг: хестæр кæстæрти цæрæнбонбæл ку кова, кенæ ба кæстæрти цæрæнбонбæл ку ниуазонцæ, уæд кæстæртæн аккаг æй лæуун. Еци æгъдау ма æмбæлуй, кæстæртæй еске хецæнæй ку баймонаудæр кæнонцæ, уæд уобæл дæр. ИУАЗÆГ 1. Хæдзарæмæ бæхгин иуазæг ку ‘рбадзора, уæд ин хæдзари хецау, кенæ ба æнæуой еске уой дзурдæй æ идонæбæл æрхуæца. 2. Иуазæг цæугæ ку кæна, уæд ин фусун гъæуама æ саргъ исæвæра æма ‘й рабадун кæна æ бæхбæл. 3. Иуазæг бæхбæл ку бада, уæд ин е’ рух рахатæд хæдзарæ ‘рдæмæ. 4. Тургъæй рацæугæй, иуазæгæн бæх æрцæвун не ‘мбæлуй. Æркæсуйнаг: иуазæгæн æгъдаудæттæг æ рафестæг кæнунбæл æрхуæцæд æ бæхи дууæ ласæнебæл, бадун кæнунбæл ба – еунæгбæл. 5. Иуазгутæ, сæ кæстæр цалинмæ рабада, уæдмæ сæ бунатæй ма змæлæнтæ. 7. Иуазгутæ хуссæнтæ хестæргай рæбунæй, кæстæртæ ба – дуарæрдæмæ. Æркæсуйнаг: кæстæрæн иуазæггади æхе исфест кæнун не ‘мбæлуй. 8. Иуазгути къахидарæс раласун хæдзари кæстæрбæл æй. 9. Хуæрди разæй æма фæсте иуазгутæн къохдон раттун аккаг æй. Æркæсуйнаг: хуæрди разæй айдагъ дон, æ фæсте ба – сапойнæ æма къохмæрзæн дæр. 10. Бæхгин иуазгутæ гъæугæрон рафестæг уæнтæ æма сæхе искæдзос кæнæнтæ. БÆХГИНТÆ æй.
1. Бæхгинтæ будури ку рафестæг уонцæ, уæд сæ рабадун кæнун кæстæрбæл
2. Хестæр бæхгинтæн еци уæлбæхæй сæ кæстæртæн балæггадæ кæнун æмбæлуй (æгъдинцойнæбæл фæххуæцун). 3. Кæстæрти рабадуни уæнгæ хестæртæ дæр ма ‘нкъусæнтæ. СИЛИСТÆГ 1. Силæстæг, ка ‘й фæнди дæр уæд, фæнди æригон, фæнди зæронд, нæлистæги рæзти ку ‘рцæуа, нæлистæг ба бадгæ ку кæна, уæд ин гъæуама феста.
503
2. Лæгæн еске уосæмæ исдзорун не ‘мбæлуй, хеуонмæ æтхалун дæр еске рази æгъдау нæ ‘й. 3. Уосæн, фæнди еске лæг уæд, фæнди ба æхе, уæддæр ин нæлистæгмæ æтхалд дзурд исгæлдзун не ‘мбæлуй. Æ рази æмбадт дæр ма кæнæд. ФИНГÆ 1. Фингæ гъæуама рацæуа æфсинтти къохæй къолæсæрæй. 2. Фингæ æвæрунбæл æй уостити фарсæй урдугмæ рахæссæ æма исзелæ лæгтæрдæмæ, уотемæй ба ‘й ниввæрæ хестæртæмæ хæстæгдæр. 3. Фингæ ку исесонцæ, уæд иуазгути раз расæрфун гъæуй, цæмæй, хуæргæхуæрун ци мортæ фæккалдæй, етæ къæхти буни ма ‘вдулонцæ, уой туххæй. 4. Кæстæртæ, фингесæггæгтæй ке бон куд уа, уотæ сæхе рафсадæнтæ. 5. Хестæртæ фæсхуæрд, цалинмæ урдугистгутæ фингæ æфснайонцæ, уæдмæ дзубандитæбæл рафæстеуат уæнтæ. 6. Цалинмæ фингæ къоли сæри æринцайа, уæдмæ бадæгæн фезмæлун не ‘мбæлуй. БÆХГИН КÆСТÆР 1. Кæстæр, æ хестæрти галеуфарс цæугæй, æхе гъæуай кæнæд. 2. Гъæуама кæстæри æгъдинцойнæ хестæри бæхбæл æхе ма расæрфа, дони цæугæй æ бæхи къахи æстъæлфæг хестæрбæл ма бахауа. 3. Кæстæр алцæмæй дæр æхе хезæд. ÆНГАРÆ РАЗÆГЪУН 1. Дууæ лæги кæрæдзей ку бауарзонцæ, еу кæрдзин еу цæнхи ку фæттолонцæ æма сæ лимæндзийнадæ æносмæ хæссун фæндæ ку искæнонцæ, уæд еу ниуазæн баниуазунцæ. 2. Еу ниуазæн ка баниуаза, етæ дууæ æрдхуард æнгари æнцæ æма кæрæдзей макæд фæссайæнтæ – ард сæ астæу æй. 3. Цæмæй æнгæрттæн сæ дзурд ‘ма се ‘ууæнкæ ма иронх кæна, уой туххæй етæ кæмидæр æмбæлонцæ ниуæзти сæргъи, уоми кæрæдзей ниуазæнтæ баниуазæнтæ æнгæртти æхсæн. 4. Ци ниуазæн ниуазонцæ, уомæн æ хурфи ниввæрæнтæ ниуæзти хæццæ æвзестæ. Æркæсуйнаг: еци æхца цæуй æнгартæй урдугистæгмæ.
504
5. Дууæ æнгаремæн сæ дзурд кæрæдзебæл ку нæбал бада, сæ гъуддæгтæ кæрæдземæ раст ку нæбал кæсонцæ, уæд æнгæртти астæу кæрæдземæй рартæсæнтæ æргомæй, цæмæй, сæ еу иннемæн лæгъуз ку фæууа, уæд æнгæртти æхсæн мæнгард ма исуа. РАСТ ДЗИЛЛОН ÆГЪДÆУТТÆ
æй.
1. Дзиллон æгъдæуттæ нæлистæг æма силæстæгæн хецæнтæ æнцæ. 2. Уосæ балц нæ кæнуй, æма е ‘гъдæуттæ дæр цубур æнцæ. 3. Лæг ба медхæдзарæ дæр иуазæг æй, æма æ алли ампъез дæр æгъдаубæл ДОНДЗАУ УОСТИТИ ÆГЪДÆУТТÆ
1. Дууæ уоси донмæ ку цæуонцæ, уæд кæстæр фæххæссуй къустелтæ, хестæр ба ахъæдæ, агæ æридзаг кæнун дæр кæстæртæмæ кæсуй. 2. Е ‘дзаг хæссунбæл гъæуама хестæр разæй цæуа, кæстæр ба фæстегæй. 3. Уæрдуни цæугæй, уоститæ хестæргай разæй бадæнтæ. 4. Хæдзари лæугæй, хестæргай тъæри æрдæмæ рарæнгъæ уæнтæ. 5. Хæдзарæмæ бацæугæй, кенæ ба уордигæй æндæмæ, бадгæ дæр – хестæргай. 6. Уостити къуарбæл бæлццон ку рамбæла, уæд сæхе рахес фарсмæ райесæнтæ æма цæуæгæрдæмæ хестæргай ислæууæнтæ. Æркæсуйнаг: хонхи ба – уæлбилæ ‘рдæмæ. ÆГАС УОДИ ГЪÆРГÆНÆГ, МÆРДВÆНДАГ ÆМА МÆРДДЗОГОЙНИ ÆГЪДÆУТТÆ 1. Адæймаг хъæбæр ку æрсæйгæ уа, æ мæрдти надмæ е ‘ргон ку рахата, уæд ин æмбæлуй æ хъæбæр хæстæгутæмæ æма уарзон æнгартæмæ æгас уоди гъæргæнæг рарветун. Æркæсуйнаг: а) еци гъæргæнæг и хæстæгутæн: æнсувæртæн, хуæртæн, мадирваддæлтæн, каййестæн фегъосун кæнуй сæйги номæй, е хъæбæрдæр сæйгæ ‘й, æруæззау сæйгуогæй, агъаззаг нæбал æй, зæгъгæ. б) и хæстæгутæн æгъдаумæ гæсгæ æмбæлуй и сæйги марди бонмæ сæхе цæттæ кæнун. в) æнсувæртæ сæ хуæрæбæл æвæрунцæ сæрбæттæн – изæлу, кенæ ба – хизæ, цæгаттаг.
505
г) каййес æ сиахсбæл æвæруй сиæхсæгтæ – ходæ, дзабуртæ, зæнгæттæ. д) æнсувæртæ сæ кæрæдземæн фæххæссунцæ æфтауцæ бæх, дæттунцæ марди бони хистаг, маргас. е) æнгарæ æнгарæбæл уадзуй догъ, садзуй циртдзæвæн, хъабагъ. ж) сиахс æ каййестæн сæ мард ивæрæг æй: ивæруй æй кири (кирæ уобæл æй æма е ‘хæсмæ цæттæ уæд). з) хуæрæ хуæрæндонæй ‘й æма е’нсувæртæбæл кæнуй хиститæ, хæссуй маргас (мард – игас). 2. Сæйгæ берæ уодхар ку кæна, уæд ин мæрдвæндаг гъæуй. 3. Мæрдвæндаги фæууй дууæ, цуппар, æхсæз, аст медæггаггуни (кæрдзини, тъæпæни), æхсæз сойнифунхи æма ниуæзтæ. 4. Мæрдвæндаги фингæ æрбахæссунцæ мæлæг уоди размæ, æстаййи них ибæл радаунцæ æртæ хатти, æ нивæрзæни ин æй (æстаййи них) бакæнунцæ æма сосæггай, сæ зæрдæй исдзорунцæ, – кæд æстай аргъ ескæд бадардтай, уæд дин дæ мæрдти фæндагæн маци рахилæ кæнæд, зæгъгæ. Æркæсуйнаг: а) мæрдвæндаги финги буни æмбæлуй уорс æхсæггагæй цуппæрдегъон гæбазæ байтаун. б) мæрдвæндаги фингæбæл æнгъезуй ауæхæн дзурдтæ: – Хуцау! Алли уод дæр ду скодтай, аци сæйгæ де ‘уазæг! Хуцау! Кæд исдзæбæх уйнаг æй, уæд æй рæхги дзæбæх искæнæ! Хуцау, кæд уæлиуон нæбал æй, уæдта ин æ над æ барæ искæнæ! Хуцау! Кæд а сæйгæ мæрдти фæндагастæ ескæд ралгъиста æма имæ етæ естæмæй гъизунцæ, æ над ин æ барæ нæ уадзунцæ æма ‘й сæхемæ нæ есунцæ, уæд ин батæрегъæд кæнæ æма ‘й еу надбæл бафтауæ. Кæд ма цæруниау æй, уæдта æ над æ бæраги куд исуа. Хуцау! Кæд естæмæй аргъ бадардта, е – сирд, кенæ ба æгомуг фонс ескæд естæмæй гъигæ бадардта æма ин æ над æ барæ нæ уадзунцæ, уæд ин батæрегъæд кæнæ æма ин æ над æ барæ искæнæ. Хуцау! Цирдæмæ хуæздæр æй а сæйгæн, ецирдæмæ ин æ над исаразæ; æ фæндаг къулумпи куд нæ уа, мард дæр, æгас дæр æй сæхемæ дзæбæхæй куд есонцæ; фонс, сирдтæ дæр имæ куд нæ гъизонцæ, уæхæн амонд ин раттæ. Æ гъизгутæ, нади барæ нæдæтгутæ а фингæмæ сæ барæ дарæнтæ, аци уодæн ба æ над æ барæ уæд. в) мæрдвæндаги фингæй сæйгæн исахуадæн нæййес, уой æмбæлуй æцæгæлон адæмæн раттун. 5. Куддæр сæйгæ æ уод исеса, уотæ ранæхстæр уæд марди гъæргæнæг. Æркæсуйнаг: а) гъæргæнæг бæхбæл ку цæуа, уæд æй æндæколдуармæ æ фæсте раласæд. Медтургъæ гъæргæнæгæн æ бæхбæл рабадун не ‘мбæлуй.
506
б) гъæргæнæг е’ хсæ æ галеу къохæй райсæд æма ‘й уомæй ма фæццох кæнæд. в) гъæргæнæг æрвист кæмæ уа, еци хæдзари колдуармæ бæхæн æ рахес фарсмæ æрхезæд æма и бæхи идонæбæл хуæцгæй, хæдзарæн, и марди хæстæгутæн фегъосун кæнæд и зиан, уæдта син ратæфирфæс кæнæд мæнæ аци дзурдтæй, рохсаг уæд, (æ ном) рамардæй, ардигæй фæстæмæ уæ кæрæдземæ цийни бæхгинтæ æрвететæ. д) гъæргæнæгæн æ хъиамæт ниххæлар кæнун æнгъезуй, гъома, бахуæрун, баниуазун ин ходуйнаг нæй еци хæдзари, кенæ ба сæ синхонтæмæ. е) гъæргæнæг æ байвæд раздæхæд æма фегъосун кæнæд мæрддзогойни бæрæг зиангин хæдзарæн. ж) гъæргæнæг базонæд, мæрддзогойнæ кæд ранæхстæр æй, уой. 6. Гъæргæнæг бадзорæд медгъæу мардæн е ‘нсувæртæмæ, æ муггагмæ, æ мадирваддæлтæмæ, æ каййестæмæ, æ хæлартæмæ, синхонтæмæ. 7. Гъæргæнæг кæмæ бадзора, е рахонуй æ хæццæ еу къуар лæги, уосæ ба – уоститæ – мæрддзогойнæ. 8. Мæрддзогойни лæгтæ æма уоститæ мардбæл, марди æгъдауæй, кæугæ бацæунцæ. 9. Мæрддзогойнæ æндæр гъæуæй ку æрцæуа, уæд фиццагдæр лæгтæ ратæфирфæс кæнунцæ, уæдта – уоститæ. 10. Мæрддзогойнæ тæфирфæси еу рæнгъæбæл ку лæууа, уæд еу кæстæр хестæрæн æ рахес фарс лæууæд, иннетæ ба хестæргай æ галеу фарс. Æркæсуйнаг: а) хестæр, кенæ ба дуккаг хестæр фæууй тæфирфæси дзурдтæ зæгъæг: – Рохсаг уæд (æ ном), æ уæлæбæл царди муггагæн дæр, æ хæдзарæн дæр кадæбæл фæккуста æма мæрдти надæй дæр еци зæрдæ дарæд. Дзæбæхдзийнадæбæл уодæд. Берæ æнзти а хæдзарæ Хуцау æнæзиан уадзæд. 11. Мæрддзогойни уоститæй сæ еу (хуæрæ кенæ ба хæстæг) бацæуæд гъарæнгæгæнгæ, иннетæ ба цæстисуг калгæ, кæугæ æма сæхе хуайгæ. 12. Мæрддзогойнитæ куддæр æримбурд уонцæ, уотæ мард тургъи астæу æривæрæнтæ, уой фæсте ба æй рахæссæнтæ. 13. Мардбæл хъиамæтгæнгутæн, мард ивæргутæн æмбæлуй исаразун хуæрнæг (уæлмæрд-хуæрнæг). Зæгъун гъæуй: – Мæрдти уæ муггаги хестæрти хæццæ æмхуæрдæ, æмниуæзтæ уо. Æнæбари хай макæмæн бакæнæ. Мæрдти Барастурæй дин хæлар уæнтæ. Маке дин сæбæл барæ бадарæд. Рохсаг уо (æ ном), дзенети фæббадæ. (Уотемæй
507
кæрдзинти кард низзелуй, фидбæл цæнхæ бакалуй, ниттадзуй æма ‘й раниуазуй æма хаййи хæццæ рандæ уй æ бунатмæ рохсаг зæгъæг.) 14. Хуæрнæги фингæбæл исбадæнтæ фиццагдæр хестæртæ, уæдта дуккаг хестæртæ, уотемæй хестæргай. 15. Хæстæгутæ марди бони лæугæ кæнунцæ. 16. Хисти бадгути хестæртæн æмбæлуй хæдзари байзайæггæгтæн райарфæ кæнун, æма хай, æма ниуазæн радтун. 17. Адæм хуæрнæгæй ку фестонцæ, уæд хæдзарæмæ се ‘ргом радтæнтæ æма зæгъæнтæ (сæ хестæртæй еске): – Абонæй фæстæмæ а хæдзарæ Хуцау æнæзиан уадзæд, Æма алке æ хæдзарæмæ рандæ уй. Æркæсуйнаг: хуæрнæги фингæ куддæр исцæттæ уа æма мард ивæргутæ куддæр æрбаздæхонцæ, уотæ хестæртæй еу ниххæлар кæнуй фингæ: «Хуцау, мард дæр, игас дæр ду искодтай æма тæрегъæд бакæнæ аци мардæн, æноси имисуйнаг æй искæнæ. Ду ба (æ ном), рохсаг уо, дзенети дæ бадæн уæд. Зад хумæ, зад игуæрдæнбæл син бауодæ. А хæдзарæн æфсæн арх никъкъуæрæ. Фунхæй дин ке раттонцæ, е хомбæл бæркад æфтауæд.». МÆРДДЗОГОЙНИ УОСТИТИ ÆГЪДÆУТТÆ 1. Мæрддзогойнæ фудгинæй дзæвгарæ идарддæр рахезунцæ æма æррæнгъæ унцæ хестæргай. 2. Колдуармæ ку бахъæртунцæ, уæд кæугæ уосæ нигъгъарæнгæ кæнуй, иннетæ ба хæкъурццæй кæунцæ. 3. Тургъи астæу æрлæуунцæ, фæккæунцæ, уæдта сæ еу «дадæй» ниййамонуй, æма сæ тæрнихтæ æма уæргутæ хуайгæ, хестæргай бацæунцæ мæрдадзи уоститæмæ. Æркæсуйнаг: сæ тæрних, сæ сæр цæвунцæ, мæ сæр рахауа, зæгъгæ; сæ уæргутæ цæвунцæ, куд ма цæудзæнæн, зæгъгæ. МАРДИ ÆГЪДÆУТТÆ 1. Адæймаг уодхармæ ку æрифтуйа, уæд æ хæстæгутæн æма лимæнтæн æмбæлуй уой сæргъи лæуун æнцадæй. 2. Мæлæг адæймагæн æ цæститæбæл бахуæцун, райаразун æма е ‘фсæртæ бабæттун рацæргæ адæймагæн æмбæлуй. 3. Уод бауæрæй куддæр рацох уа, уотæ мардæн æ уат раййевун гъæуй, æхе ба ин ниртайун æма мæрддзæгтæ цæттæ ку нæма уонцæ, уæддæр ибæл
508
искæнæ нæуæг æхснад хæлаф æма хæдонæ, æма ‘й уонæми нæуæг уати бал байвæрæ. 4. Синхи уонæхсартæ гъæуама марди хъиамæт сæхемæ райсонцæ æма, ке бон ци уа, уой косонцæ: ка гъæргæнæг цæуæд, ка цирт къахæг, ка кирæгæнæг, ка ба цирти фæйнæгутæ æма нивæрзæнгъæдæ аразæд. 5. Хæдзарæ æ хæстæги къабазæ ма феронх кæнæд, æма æ алли хæстæгмæ дæр гъæргæнæг рарветæд. 6. Мард æфснайуни фæндæ хæстæгутæ æма æнæуой лæдæргæ синхонтæ кæнæнтæ. 7. Лæг ку рамæла, уæд хæдзарæн æзнагеуæг кæнуй, æма куд тагъддæр æ марди сикъитбæл бафтуйа, уотæ хуæздæр æй. 8. Марди æнæбон зелæнтæ устур тæрегъæд æнцæ. 9. Мард хæстæгутæн еумæйаг æй, æма ‘й æмхузонæй байвæрæнтæ. Æркæсуйнаг: кæбæл ци æгъдау æмбæлуй, уой ба бакæсæ аци киунуги – «Мадирвадæ, медæрвадæ, æнсувæри æгъдæуттæ». 10. Хæстæгутæн аккаг æй марди бони кæун сау даргæй. Æркæсуйнаг: нæлистæг æ хъæма æма зæрди рохс дарæстæ исесæд æма хъурми дарæс искæнæд. 11. Синхи зæрæндтæ гъæуама райсонцæ фуди лæдзæг æма уой хæццæ лæууонцæ тургъи зилдæй æма гъуди даронцæ тæфирфæсгæнгути. 12. Гъæубæстæй æма æндæр бæстæй мæрддзогойни ка ‘рцудæй, еци æцæгæлон адæм тæфирфæс кæнунцæ колдуарæй. 13. Хæстæгæн аккаг æй кæугæ бацæун марди сæргъæмæ æма ибæл æ къох байвæрун. 14. Цирт, кирæ æма уæлмæрдхуæрнæг ку исцæттæ уонцæ, мæрддзогойнæ ба ку нæ зинна, уæд уой туххæй мард дзебæл кæнун нæ гъæуй – тæрегъæд æй. Æркæсуйнаг: марди бони хист искæнун хуарз æй, беретæ æрцæуй идæрдтæй, æма етæ æнæхуæргæй ку рандæуонцæ, уæд е мардæн тæрегъæд æй. 15. Уæлмæрдхуæрнæг уæд дзол, къумæл æма фидæй. 16. Арахъ дæттæг тæрегъæд кæнуй, еци бон ба – уæлдайдæр. 17. Мардивæргутæ рохсаг зæгъæнтæ къумæлæй æма сæ хъиамæт ниххæлар кæнæнтæ. Æркæсуйнаг: алли хæстæг дæр марди бони хæссæд фуди фингæ хъонцгини хæдзарæмæ. 18. Мард ку рахæссонцæ, уæд хæдзари къæсæргæрон æфсæн арх (зæгæл) ниццæвун гъæуй. 19. Мард уæлмæрдтæмæ ку рахъæрта, уæд æрæгидæр мардмæ бацæун гъæуй æма уой фæрстæ бахуайæ, æма нæуæг марди бафæдзæхсæ.
509
Æркæсуйнаг: уæлæбæл адæми курдæй мæрдтæ кæрæдземæн, ка ‘й зонуй, исагъаз уонцæ. 20. Цалинмæ мард дæлсикъит фæууа, уалинмæ цирти уæлгъосæй рацæун не ‘мбæлуй. 21. Мæрддзогойни ка æрцæуа, етæ еу бæрæг зæрондæй фæстæмæ рацæунцæ марди фæсте сауæнгæ циртмæ. 22. Мардивæргутæ цирт æмбæрзт ку фæууонцæ, уæд уобæл сæ къох байвæрæнтæ, рохсаг зæгъгæй. 23. Фæсуæлмæрдхуæрнæг, изæрæй, мардæн гъæуй, æма мæрдæхсæвæр лæгти æй, уоститæ ба кæнунцæ æхсæвебадæнтæ. 24. Мардæн, лæхъуæн-лæг ку уа, уæд æ уоси фæлдесунцæ. Æ дзиккотæй ин еу бæндзуг æривгæрдунцæ æма ‘й кири марди хæццæ байвæрунцæ. Æркæсуйнаг: уоси нихæгтæ цирти тъунсун, уоси циртбæл фонси хæццæ зелæнтæ кæнун æма уой кири буни ралæсæ-балæсæ æнæдин гъуддаг æй. Мæрдти адæм лæг æма уоси æгъдауæй нæ цæрунцæ, фал æнцæ изæдтау æнккæтемæн дæр хуæртæ æма æрвадау. 25. Фиди сæуми рацæун æма цирти сæргъи арт искæнун æгъдау æй, мæрдти цæсти ба кадгин æй. 26. Арт дуйнебæл куд рохс æй, алци дæр куд тавуй, ’ма хатуй, уотæ рохс уæд и марди над дæр – уобæл дзоруй фиди сæуми арт. 27. Еци бонти марди туххæй тумугъдæр ковун æмбæлуй. Æркæсуйнаг: мардбæл уæлдай кудт, тонун фæсахсæнтæй, сæр хуайун, кенæ ба къохæй уæлдай цæф – мæрдти надбæл ка не ‘ууæнда, уой гъуддæгтæ æнцæ, æма сæ ниууадзун гъæуй. Мæлæт æй æносон цардмæ райгурун. Уомæ гæсгæ ба æмбæлуй марди туххæй ковун, цæмæй рæвдзæ надбæл цæуа æма дзенетæй хайгин уа. Мард дууинсæй бонемæ зæнхæй нæ хецæн кæнуй, ‘ма ин бийнонти æнаккаг миутæ гъулæг æнцæ. 28. Фæсуæлмæрдхуæрнæг æма мæрдæхсæвæр æхсæвебадæнтæ хæдзарæн зин æма фæлхасæ æнцæ, ‘ма сæ ниууадзун гъæуй. МАРДИ ÆГЪДАУ РАХÆССУНБÆЛ 1. Марди фæсте хъувгъанæй дон пурфгæнгæ цæун гъæуй. 2. Нæуæг марди реубæл дзиуарæгонд дон февгæнунцæ.
510
ХИСТИ КОСАРТ ÆМА ФИНГÆ 1. Еске ку рамæлуй æма ин хæдзарæ æ ном ку фемисуй адæми æмбурди, уæд уæхæн фудæнхи æмбурд, хуæрдæ, ниуæзти хæццæ ку уа, уæд хуннуй хист. 2. Хист фæууй косарт, фæрзеу æма ниуæзтæй æма уони хуæрæг адæмæй. 3. Адæм марди номæй хуæрдæ æма ниуæзтæбæл ку æрбадонцæ, уæд уæхæн адæми æмбурд хуннуй хист. 4. Хисти косарт кæнуни разæй косæрттаг æрбакæнунцæ (æрбаласунцæ) хæдзари арт-æнгæронмæ, æ фарсмæ ба ин ниввæрунцæ дууæ кæрдзини æма цæнхæ. Хестæрмæ раттунцæ арахъ, кенæ къумæл, бæгæни. 5. Хестæр ниуазæн райсуй, иссеруй си е Хуцауи ном, кæстæртæн æй ниййахуадун кæнуй. Дуккаг ниуазæнæй ба и фæлдисти косæрттаг ниххæлар кæнуй мæнæ атæ (ниуазæн æ къохи идзаг æй): – Рохсаг уо (ном), аци бон дин мæнæ ами дæ уарзон хæдзари бийнонтæ дæ ном ерунцæ æма син ду ба дæ уæлиуон царди дзæбæхбæл бауодæ. Атæ дин æй куд хæларæй дæттунцæ, уотæ хæлар дин уæд мæрдти Барастурæй дæр. Рохсаг уо, – ном исдзоруй æма зæнхæмæ ниуазуйнагæй æртадзуй, исесуй тæбæгъæй кард, косæрттаги галеу сиуæ си æркъуæруй дзоргæй), – хæлар уо (номæн) æма и ниуæзти агувзæ, къос баниуазуй, уæдта и косæрттагæн цæнхæ бадаруй. 6. Косартгæнæг райсуй фæлдисти косæрттаги æма ‘й косарти æгъдауæй бакой кæнуй, ис æй фицуй. 7. Агæ ку исцæттæ уй, уæд фингæ исаразунцæ мæнæ атæ: аст (кенæ цуппар, æхсæз) цуппари кæрдзинтæ æма еу дууæ дууи дзолтæ фæлдесæггаги фингæбæл æривæрунцæ. Косарт еугурæй, иуонггай æд сæр, къæхтæ æма цæнхæ, кард, ниуæзтæ, уотемæй. 8. Фæлдесæггаги фингæмæ бацæуй æмбурди хестæр æма ‘й ниххæлар кæнуй мæнæ атæ, финги фæлдесæнтæй: – Хуцау, мард дæр, æгас дæр ду искодтай æма а хæдзарæн абонæй фæстæмæ цийни гъуддæгтæ, кувдтитæ кæнун исаккаг кæнæ. (Ниуазæн дæттуй идзагдармæ, е дæр æй ниййахуадуй, æр ибæл калуй, раттуй æй фæлдесæгмæ æма е ба райдайуй фæлдесун мæнæ атæ): – Рохсаг уо, (ном), дзенет дæ бадæн. Фунхæй дин ке дæттунцæ, етæ хомбæл бæркад æфтауæнтæ. Зад хумæ, зад игуæрдæнбæл син бауодæ. Аци хуæрдæ, ниуæзтæй дæ раз идзагæй-идзагдæргæнгæ цæуæд. Сæрдæ дин симæр ма кæнæд, зумæг ба – сæлгæ. Цалинмæ хонхи дор тола, будури ба цалх зела, уалинмæ дæ раз идзаг уæд хуæрдæ, ниуæзтæй. Хайфæндагæн си хай бакæнæ, æнæбари хай ба – некæмæн. Раттун, бахуæруни барæ дæмæ уæд, дæ къох идзаг уæд. Дзенети рæстити
511
хæццæ дæ бадæн (ниуæзтæй еу æртæх ниттадзуй зæнхæмæ, инней ба баниуазуй). Идарддæр финги æгъдау цæуй æ цудæй, æрмæст кæстæртæн дæтгæ æй галеу гъос, уæдта зæрди хæйттæ. ТОГИ ÆГЪДÆУТТÆ 1. Еу лæг инней ку рамаруй, уæд дууæ муггаги тоггин исунцæ. 2. Тог тогæй не ‘хснадæуй. Гъæдгин сойнаг дзæбæх, лигъз кæнуй, æма уомæ гæсгæ ба дууæ муггагей астæу æрцæуа гъæуама тоги цитæй федауцæ. 3. Тоги цитæбæл æмбæлуй хуæрдæ æма ниуæзтæ марди туххæй марæги хæдзарæй. 4. Еци хуæрдæ æма ниуæзтæ еу бадтæн тæрхони лæгтæ цалемæн исаккаг кæнонцæ, уал лæгемæй хуæрунцæ æнкъардæй, æнæ «хуцауарфæ» кæрæдземæ бадзоргæй, растниуæзтæй. 5. Еци фингæн ниуæзтæ æмбæлуй дууæ-æртæ дугъосуги бæгæни, фондзаст нæл фустæ, фæрзеу, дзол æма арахъ ка гъæуа, е, æма еу фидтаг – хæсгæ гал. 6. Фингхуартæ æхсæвæ-бонмæ хуæрдæй, ниуæзтæй ке нæ фæууонцæ, уонæмæ нæуæгæй синхбæсти æримбурд кæнунцæ æма уонæн рохсаг зæгъун кæнунцæ марди туххæй. 7. Тогæн байзадæй фиддæлтæй тоги бонцау хумæ, кенæ ба æд саргъ, æд идонæ бæх, хист. Нури рæстæги ба æхца, уобаййи æнæуой. 8. Дууæ муггаги федаунбæл ку исонцæ, уæд гъæуама марæг æд хæстæгутæ æма тæрхони лæгтæ бацæуа æ тоггинти тургъæмæ, уоми ба е ‘нгæрттæ, æ хæстæгутæ гъæуама мардæгъдау бакæнонцæ уой хæццæ. 9. Марæгæн æмбæлуй, ке рамардта, уой мадæн фурт зæгъун, мадæ ин ку нæ уа, уæдта æ уосæй хуæрæ зæгъун. 10. Уой фæсте ба тæрхони лæгтæ гъæуама æрбакæнонцæ тогагорти æд арингхуæрнæг марæгмæ. 11. Еци адæм зилд ралæуунцæ марæги тургъи, цъухæй ратæфирфæс кæнунцæ дууердигæй дæр кæрæдземæн, уæдта марæг фиццаг, уой фæсте ба æнсувæртæ райсунцæ фæйнæ кусийни бæгæни æма æрцæунцæ сæ тогагорти хестæртæмæ. Æркæсуйнаг: тогагортæ гъæуама рæнгъæ ралæууонцæ хестæргай, æма сæмæ тоггинтæ дæр цæуонцæ, марæг сæ разæй, уотемæй хестæргай. 12. Марæг ниуазæн ратта æ рахес къохæй, кæмæ æмбæла, уомæ. Е ба ‘й райсæд æ галеуæй æма æй раййевæд æ рахесмæ, исахуадæд æй æма ‘й раттæд еци къохæй. Марæг ба ‘й райсæд æ галеуæй.
512
Æркæсуйнаг: еци зилдæй зелунцæ иннемæ дæр. 13. Мийнæвæрттæ æма тæрхони лæгтæ кæстæреуæг кæнунцæ ниуазæни бахасти. 14. Ниуазæнтæ уотемæй ку рацæуонцæ æма ку рахъæртонцæ кæрæйкæронмæ тоггинтæй тогагорти æхсæн, уæд зæрæндтæ радзорунцæ дууæ муггагемæн æнæ фидбилиз цардбæл. 15. Æмбæлуй ести радзорун тоггинтæн дæр æма тогагортæн дæр, сæ цъух ку кæрда, уæд. 16. Уой фæсте ба адæм æд тогагортæ бацæунцæ тоггини хæдзарæмæ æма исбадунцæ тоги фингæбæл. 17. Еци адæмæн, ци хуаллаг уа, уони, æркæнонцæ гъæуама еу æвæрд. 18. Фингæбæл гагидаутæ, хуцауарфæй цæрæнбонтæ не’мбæлуй. 19. Фидтæ хуæрунцæ æнкъардæй, уæлмæрдхуæрнæг, кенæ ба мæрдæхсæвæри хузæн. 20. Фестун, хе райсун, бахуссун тоги финги сæргъи не ‘мбæлуй. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «Гарданти Михал. Уадзимистæ», Дзæуæгигъæу, ИР, 2007, 14-59 ф.
513 33* Заказ №1424
ДИГОРИ АНЗИ БÆРÆГГÆНÆНТÆ, ХИСТИТÆ ÆМА ÆГЪДАУИ РАХАСТИТÆ ЯНВАРЬ – ÆНСУРИ МÆЙÆ Декабрь 31, Январь 1. Æнсури – Басилти мæйæ. Цæппорсе. Басилтæ. Басилтæ æмбæлуй алли хæдзари дæр къеретæ æма æхсæрфæмбалæй исковун. Къеретæ исковуни разæй æмбæлуй топп æхсун. Топп ефтигъдæй ниууадзун нæуæг анзмæ не ‘мбæлуй. Басилтæ фæуунцæ нæуæг анзи æ фиццаг æртæ бони. Биццеутæ, лæхъуæнтæ гъæуама æнæхъонц хæдзæрттæмæ Басилтæ кæнонцæ. Хæдзари хецау, æ къохи ци уа, уомæй бацийнæ-еу кæнæд басилгортæбæл: биццеутæн – гинкъостæ, дедатæ, лæхъуæнтæн ба – хинст æма кавд. Анзи зилди лæхъуæн кæмæн райгура, ностæ ка æрхона, уонæмæ Басилтæ тумугъдæр фæууй. Мард кæмæй рацæуа, уонæмæ Басилтæ цæун не ‘мбæлуй. Арфæ ба син æмбæлуй: «Уе ‘ннæ анзи Басилтæ уæбæл дзæбæхæй æрцæуæд»! Æртиккæг изæрæй. Бундори кувдгæнæн. (Æхсæрфæмбал, гъæуама, æхсæрæ амад къуæцæлбæл ке фæууй, уой туххæй хундзæнæй уотæ.) Фæдзæхсæнти райдайæн. Уодæн къерей æхсæвæ. Сабат. Фонсиуарæни Фæлвæра. Донæскъæфæни Геуæргибон. Хуцаубон. Донæскъæфæни хуцаубон. Сабат. Зиниа. Фæккæнунцæ ‘й Хæнæзи, Дунти æма Къамати. Хуцаубон изæрæй. Устур Дигори Фацбадæн. Цуппæрæн. Цæуæн цуппæрæн. Сабат изæрæй. Бугъгалæн сабат. Хуцаубон. Сæризæди хуцаубон. Цуппæрæн. Дзиуари Цихтковæн Цæппорсе. Майрæнбон. Комахсæни хиститæ.
514
ФЕВРАЛЬ – КОМАХСÆНИ МÆЙÆ Хуцаубон.Фидикомбæттæн.Сæризæди бæмпæгæвæрæн хуцауæхсæвæ. Авдисæр. Алаурдий цихтковæн. Геуæргибон. Уасгергий бон. Цуппæрæн. Дзиуарæ, цихтидайæн æма царвидайæн. Сабат. Мæрдти комбæттæн. Хуцаубон. Уорси комбæттæн. Тотурти райдайæн. Авдисæр. Цъеути комдарæн. Геуæргибон. Уасгергий комдарæн. Цæкутæ. Æртиккæг. Киндзитæ æма кизгутти комдарæн. Майрæнбон. Муддарти, фиййæутти æма цауæйнонти комдарæн. Сабат. Бугъгалæни сабат. Хуар – медæмæ, золкъæ – æндæмæ. Хуцаубон. Комбæттæн. Æртиккæг. Киндзæ Тотури æртиккæг. Авдисæр. Хумидайæн. Тæвингæгæнæн назутæ. Цуппæрæн. Дзолхуæрæн цуппæрæн (Дзоли уод). Æртиккæг изæрæй. Муггагитауæн. Хуари æхсæвæ. Устур муггæгти æхсæвæ. Киндзæ, кизгуттæн хъадаматæгæнæн. Хуцаубон. Комуадзæни алли хиститæ. Уæхъæци ба – Астæумархуа æма Задæлески кæфти кувд. МАРТЪИ – ХУМИДАЙÆН Майрæнбон. Фиййæуттæ, муддарти комдарæн. Сабат. Бугъгалæн сабат. Хъæбæр къеретæ цæкуй хæццæ. Хуар – медæгмæ, золкъæ – æндæмæ. Геуæргиæхсæвæ. Хумидайæн хуари æхсæвæ. Куфситтæ. Майрæнбон. Муггагитауæн. Уæрас исфицунцæ æма ‘й кæрæдзебæл калунцæ. Хуцаубон. Задæлески кæфти кувд (Нана). Хонхи зæронд муггæгтæ ба сæ бундор имисунцæ. Мартъий комуадзæни хиститæ. Сабат. Никкола (Лезгори). Сабат. Назутæ. Цуппæрæн. Дзолхуæрæн цуппæрæн (Дони-ад). Сабат. Хъалонгæнæн сабат. Къеретæ нæуæгигурд лæхъуæни туххæй, уой фæдзæхсунмæ. Хуцаубон. Комуадзæни алли хиститæ.
515
АПРЕЛЬ – КÆРДÆГÆЗМÆЛÆН Цуппæрæн. Дзолхуæрæн цуппæрæн. Къеретæ æма дзæрна. (Кизгутти гъости цъæстæгæнæн бон.) Сабат. Хъалонгæнæн сабат. Киндзæ ка ‘рхона, лæхъуæн кæмæн райгура, етæ нихæсмæ æртæ къерей æма арахъи цайдан рахæссунцæ. Хуцаубон. Устур комуадзæн. Авдисæр. Мæрдти комуадзæн. Авдисæр. Алаурди. Геуæргибон. Сæрхæссæн. Алаурдий сæртæ хæссæн кувддонæмæ. Сабат. Ковайтæ Донифарси æма Никкола Лезгори. МАЙ – ХАНСИ МÆЙÆ Сабат. Никкола Лезгори. Цуппæрæн. Устур Хуцаубон. Сабат. Зæлдгæрдæн. Ке кæд фæндуй, уæд. Хиститæмæ хæссунцæ гул æма зугул, зæрдæ, тог, кæсалгæ, æвгарст ка ‘рцудæй, уой рахес къах. Хуцаубон. Кæрдæгхæссæн. Авдисæр. Будури Изæди кувд. (Синхонти кувд)… ИЮНЬ – ФÆЛВÆРА – ХОРХÆТÆН. Авдисæр. Хусхæ-май-хой кувд. Елиай кувд. Цуппæрæн. Уостити кувд. Къосбар уостити кувд. (Руни бари кувд). Майрæнбон. Руни бари арфи сæумæ, арфи майрæнбон. Цуппæрæн. Уостити кувд – къæбæр. Еци кувдæн алли хæдзарæй дæр фæууй æртæ къоси инсад, æйкитæ æма цигъди гумбул. Кувд аразгутæ уоститæ æнцæ: 3 – 5 седзæргæс, æнæлæг уоси. Æгас къуæре, цалинмæ кувд раевгъуйа, уæдмæ етæ дарунцæ уорс дарæс æма итуд хизæ, уотемæй зелунцæ сæ кувдбæл. Кувд фæууй будури, бæрæг бæласи буни. Уордæмæ и къосбари уоститæ ци цæлæ бон исцæттæ кæнунцæ, уой еугурæй дæр рахæссунцæ æма хонгутæ рарветунцæ синхмæ. Кувди цæттæ ку базонунцæ уоститæ, уæд уонæй алкедæр æртæ къерей æма дзиккай аги хæццæ рандæунцæ кувдмæ. Уоститæ сæ къеретæ цурхунцæ бæласи буни æма имæ цæунцæ – ковгæй. Кувди уæлдаййæй хæдзарæмæ хæссун неци æмбæлуй. Кувд хуæрд ку фæууй, уæд уоститæ симдбæл исхуæцунцæ æма фæссемунцæ, фæккафунцæ бæласæбæл зилдæгæй. Уосæ кафт ку фæууй, уæд бæласæмæ æ нихæй ковгæ бацæуй. Ци фæккафунцæ, фæгъгъазунцæ, уæдта бабæй
516
симдбæл исхуæцунцæ, цоппай заргæй, бæласæбæл æртæ зелæни æркæнунцæ, æма уой фæсте ба заргæй, æрдзæфгæнгæй æма кафгæй, æрбацæунцæ фусуни хæдзарæмæ. Кизгуттæ æма лæхъуæнтæ идарддæр кафунцæ (уоститæмæ хæстæг цæун некæмæн æмбæлуй, еунæг косартгæнæгæй æндæр). Е ба фæууй бæрæг муггагæй: Гатитæй, Дур-Дури синхæй. Лæхъуæн кæмæн райгура, ностæ ка æрхона, етæ гъæуама уостити кувдмæ радтонцæ фæйнæ соми–æхца. Уостити кувди косæрттаг дзиллæбæл æй. Майрæнбон. Дуккаг бон айдагъ къосбари уоститæ фæццæунцæ и бæласи бунмæ æма дзиллæ бафæдзæхсунцæ. Ковгæ кæнунцæ Хуцаумæ æнæнез цардбæл, фудрун, фуднезæй хизт унбæл, уой туххæй ба ма и кувд хуннуй Руни бари кувд. Къосбари бæнттæ райдайунцæ авдисæри æма фæуунцæ сабати. Авдисæр. Циргъесæн. Лæгти кувд æгас синхæн. Кувд фæууй будури хуасгæрдæни хуасидайæни, цæвæг райсуни разæй. Е фæууй æгас синхæн сæ нæлистæгутæн – устурæй, минкъиййæй, кадæр уа, уонæн. Кувдтаг балхæнунцæ синхи харзæй, къеретæ ба алке æ хæццæ хæссуй, алли хæдзарæй дæр æртæ къерей æмбæлуй. Хонхи Дигори циргъесæни нивонд хæдзаргай æй. Кувд фæууй, цæмæй адæм æнтæстгун уонцæ æма æнæнезæй сæ фæззæги куст бакæнонцæ, уой туххæй. Рæзахуадæни хист фæууй рæзи исцæтти. Кæндæгæнæг гъæуама, нартихуар ку ранæмуг кæна, уæд уоци тиллæгæй дæр æма рæзæй марди ном иссерун гъæуй. Рæзахуадæни хист раттун æмбæлуй нихæси. Хист фæууй рæзæй, мæргътæй æма косæрттагæй. Нур 1892 анзæй ардæмæ еци хист рахастонцæ майрæнти комуадзæнмæ, уой туххæй æма еци анз адæм хиститæ нæ бафæразтонцæ. Рæзæ ба фæлдесунцæ августи æхсæзæймаг бони… ИЮЛЬ – СОСÆН – АМИСТОЛ Цуппæрæн. Уостити кувд. Руни бари кувд. Къосбар. Майрæнбон. Арфити майрæнбон. Майрæнбон. Руни бари арфи сæумæ. Авдисæр. Циргъесæни ласгути кувд синхонтæн. Кувд фæууй будури хуасгæрдæни – хуасидайæни цæвæг райсуни разæй. Е фæууй æгас синхæн, сæ нæлæстгутæй устурæй-минкъиййæй кадæр уа, уонæн. Куреси Хелæ (фиццаг куреси фæсте). Кувдтаг балхæнунцæ синхи харзæй. Къеретæ алке æ хæццæ хæссуй. Хонхи Дигори циргъесæни нивонд хæдзаргай æй. Кувд фæууй, цæмæй адæм уæхæн æнтæстгун уонцæ æма æнæнезæй сæ фæззæги куст бакæнонцæ, уой туххæй. Рæзахуадæнти хист. Фæууй рæзи исцæтти. Кæндæгæнæг гъæуама, нартит-
517
хуар ку фæннæмуг уа, уæд аци тиллæг дæр æма рæзæ дæр исцæттæ уй, æма уонæй марди ном иссера. Рæзахуадæни хист радтун æмбæлуй нихæси хисти фæууни разæй мæргътæй æма косæрттагæй. АВГУСТ – АМИСТОЛ – СУХÆ Сабат. Рæзæ фæлдесуни бон рæзахуадæнти хисти. Цуппæрæн. Фидуаней бæрæгбон. СЕНТЯБРЬ – РУХÆН Авдисæр. Дзиуари кувд лæгтæн. Майрæнбон. Рæзахуадæни хиститæ. ОКТЯБРЬ – КÆФТÆ Сабат. Цæппорсей хистафæйгæндæ. Цæппорсей хисти фæууй еу косарт, уомæй æной хæдзари бон куд æй, уотæ кадæ радтун æмбæлуй къуари хаййæн. Хуцауæхсæвæ. Зугумон. Зумæги райдайæн. Хуари сæрти райдайæн. Фæццæунцæ Басилти уæнгæ. Еци кувдтитæн бæрæг афонæ нæййес. Мах сæ аци анз искодтан 10-аг ноябри. Æхсирфæфтауæн хуари кувд. Æхсирфæфтауæн хуари сæрмæ гæсгæ рацæуй. Хуари сæри Хуцауи ку æримисай, уæд уой фæсте мæйтæ сæ æхсирфтæй исуæгъдæ кæнæ. Кувд фæууй устур Хуцауи номбæл, косæг адæм сæ тиллæги сæртæй ковунцæ Хуцаумæ. НОЯБРЬ – ЦÆППОРСЕ – ГЕУÆРГОБА Авдисæр. Геуæргий æхсæвæ фæууй Геуæргоба. Адæм сæхе Уасгергибæл еци бон фæдзæхсунцæ, къуæрейæй ке бон уа, етæ ба косартæй, æхсæрфæнбалæй. Хуцауæхсæвæ. Хуари сæртæ. Кувд фæууй Устур Хуцауи номбæл. Ковæг адæм сæ тиллæги сæрæй ковунцæ Хуцауæн, цæмæй æй сæрæгасæй бахуæронцæ, уой туххæй: къеретæ, косарт, кувди харз æнцæ. Æркæсуйнаг: тиллæги сæр бийнонтæ искæнунцæ раздæр куреси халæй, аци кувдæй ба арфæ кæнунцæ. Кувд кæнун æмбæлуй æртиккæг æма сабат изæрæй фæстæмæ алли бон æма æхсæвæ дæр. Æртиккæг æхсæвæ сайтæнтти æхсæвæ ‘й; сабатизæр – майрæнбон ку байзæр уа, уæд е ба мæрдти имисæн æй.
518
Зæронд мæрдтæн хист. Мæрдти æгъдауæй гъæуама хæдзарæ исараза алли хуаллаг, – косарт дæр, æ бон ку уа, уæд æма сæ ниххæлар кæна мæрдтæн, цæмæй етæ дæр сæ кустæй исуолæфонцæ æма сæ хъиамæт дæлæбæл цæргутæн ниххæлар кæнонцæ. Фæрзеу бафæлдесгæй, гъæуй æхсирфти къæлмæг райхалун. ДЕКАБРЬ – НИККОЛА – ЦÆППОРСЕ – ХОРХÆТÆН. Сабат. Зæронд мæрдти Цæппорсе. Аци хист кæнуй алли хæдзарæ дæр. Цæппорсе – комуадзæни разæй сабати. Сæумæраги кæркуасæнти хæдзари æфсийнæ æма сувæллæнттæ тургъи астæу мæнæуи гъæмпæй мæрдтæн арт никкæнунцæ. И бонæ ба хист-амат искæнунцæ. Еци хисти фæууй алли хуаллаг дæр: сорсерæ, царв æма муд. Сагъæссаг: сæумон артитæ (изæдти рохс), царв æма муд (рæстдзийнадæ æма сабурдзийнадæ?!) Авдисæр. Фиццаг фæдзæхсæнтæ. Геуæргибон. Цæппорсей комуадзæн. Геуæргибон. Бундори кувд (æхсæвæ). Кæнунцæ ‘й еугур хæдзæрттæ дæр. Е сау далис, кенæ ба – фус (карк, гогуз дæр æнгъезуй). Бундори косарт, æнæ стæг басæтгæй, нифтаунцæ аги. Косарт ку исфицуй, уæд æй къерети хæццæ амæнтæни æривæрунцæ. Тъæригъоси арт бамбæрзунцæ, цирæгътæ ниххуссун кæнунцæ æма уотемæй æндæмæ рацæунцæ. Еу минкъий сахати фæсте æрбаздæхгæй, нæуæгæй исарт кæнунцæ, ке бахуæрунцæ, – иннæ фидтæ ба рахецæн кæнунцæ æстгутæй, сæумæмæ сæ ниууадзунцæ, косарти æстгутæ æнæсастæй, æ тог, æ уæцъæфи лæхæ никкæнунцæ сикъити буни медхæдзарæ. Бундори кувдæн æ косарт, къере, æ къумæл нæфæткаг æнцæ. Æркæсуйнаг: фиццаг фæдзæхсæнти æмбæлуй хæдзари сумпæгути, кенæдта сæ дуæртти сæргъи сирсирæгтæ ниссадзун, бæхти къæхтæбæл бакæнун. Бундори æхсæвæ буркудзаутæ буркуй фæццæунцæ, цæмæй хæдзарæ æнæфидбилиз уа. Цуппæрæн æхсæвæ. Уодæн къерей æхсæвæ. Цуппæрæн æхсæви гъæуама, алли хæдзарæ дæр цал уодгоймаги уа, уал къерей искова. Хуцаубæл æхе бафæдзæхса Нæуæг анзи сæри. Майрæн æхсæвæ. Басилти Устур Фæдзæхсæнтæ. Хуцау æхсæвæ. Фансиуарæни Расти Уасгергий æхсæвæ.
519
Аци æхсæвæ Хуцау иуаруй фанс æма нез буркдзаути къохæй æма къерей ковун гъæуй, – фидбилизæй хизт цæмæй уæн. Хуцаубон æма авдисæр æхсæвæ. Басилти Фæдзæхсæнтæ. Æркæсуйнаг: фæдзæхсæнти адæм сæхе фæдзæхсунцæ къерейæй. Авдисæр æма Геуæрги æхсæвæ. Басилтæ. Финст æрцудæнцæ 1901 – 1903 æнзти. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «Гарданти Михал. Уадзимистæ», Дзæуæгигъæу, ИР, 2007, 60-65 ф.
520
РАГОН НАРТИ ÆМА УОНÆН СÆ ФÆСТАГОНТИ – ЗÆРОНД ДИГОРИ ДИН ХУЦАУ Сæумæраги арви къабæзтæй сурх сæуæхседтæ ка æрбадаруй, уой фæсте ба дуйнемæ хор-зæрин ходгæ-ходгæй ка рарветуй. Раги изæр арвбæл талингитæ ка æрбауадзуй æма арвæн æ алли къабазæй мæйтæ, æстъалутæ ка ходун кæнуй. Æмбес бони содзгæ хори сау мегъи буни ка бакæнуй, ирд бон æваст ка æрæнкъард кæнуй, сах хор бурдæн, уарунæй ка раййевуй. Тæвдæ сæрдæ сатæг фæззæгæй, уазал, гъизт зумæг рæсугъд æма гъар уалдзæгæй ка æййевуй. Æдзæрæг бæститæ адæмæй ка идзаг кæнуй. Устур аултæ, муггæгтæ, адæмихæттитæ ка берæ кæнуй. Æзнæгти кæрæдземæ ка хæстæг кæнуй æма дзиллити федауци надбæл ка аразуй. Адæймаги, æнæ уогæй, æ мади губуни ка равзурун кæнуй, цард ин ка раттуй, æма æй æндæр цардмæ ка ‘ййевуй. Адæймаги цард ка гъæуай кæнуй, æма ин æй рæстæрдæмæ ка аразуй. Æгас дуйней цард рæсугъд, цитгин, кадгин, радгин ка кæнуй. Дуйней æнæ гъæуагæй, æнæ аййеппæй, æнæ ‘фсæрмæй, æнæ тухстæй æнхузæн дарун ка зонуй... Еци æнхæст, еци æнæ аййепп тухæ æй сугъдæг Хуцау, - табу ин фæууæд! Аци æгас дуйнетæ æнæ нецæмæй ка сфæлдиста, уобæл æнда-рæни кади ходæн адæймаг ка æривардта, дуйней сæр, алцæмæй æма æнккæтемæй хестæр, зундгиндæр, игъосагæдæр, равзарунмæ дæснидæр, банхус кæнунмæ тухгиндæр, разæгъунмæ æма бакæнунмæ растдæр æма æнхæстдæр ка ‘й, адæймаги ка искодта, е æй Хуцау, - табу ин фæууæд! Адæймагæн раст æма хæран ка зонун кæнуй, хуарз æма лæгъуз ка лæдæрун кæнуй. Арв хортæ, æстъалутæ, мæйтæй ка сфæлуста, зæнхæ ба кæрдæг æма аллихузи дидинæгæй, рæзæй ка стахуй.
521
Денгизтæ, дæнттæ дони фонсæй ка байдзаг кодта, алли гъæздугдзийнадæ, алли рæсугъддзийнадæ ке къохæй цæуй, е дæ ду, Хуцау, табу дин фæууæд! Хуцау æй дуйней сæр. Дуйнейæн æ райдайæн æма æ кæрон. ХУЦАУИ БУНÆТТÆ Хуцау æхецæн цæрæн бунат исаккаг кодта æгас дуйней рохс. Дуйней рохси къабæзтæ - тухтæ æнцæ: арв, дунгæ, зæнхæ, дон æма зинг. Арв Хуцауи хæдзарæ æй, зæнхæ - е ‘рæнцайæн, æ тургъæ, е ‘взурæн, дунгæ - æ уод, æ рафецауæнтæ, æ хæтæндæнттæ, дон, зинг - æ сугъдæггæнæг, æ цард аразæг. Хуцау æ цæрæнбонти исаразта хор, мæйæ æма æстъалутæ æхсæвæ æма бони бæрæггæнæнтæн, хонсар - фонсæн хуæрунмæ, фонс ба - адæймаги царди дзæбæхдзийнадæн. Зумæг, сæрдæ, уалдзæг æма фæззæг зонун кæнунцæ адæймагæн, Хуцау тухгин ке ‘й, уой. Адæймаг аци дуйнебæл æй Хуцауæн ковун æма Хуцауи кадгин кæнуни туххæй лæвæрд, хъæбæрдæр ба Хуцауи минеугутæ фæнзуни туххæй. Дуйне дæр æма адæймаг дæр фæстехуарзгæнгæ, бонхуæздæрæй, цæуæнтæ. ХУЦАУИ ХÆДЗАРÆ Дуйней сæр, зæронд уорсалистæ, æнзтæй, догтæй, фæлтæртæ ‘ма рæстæгутæй рагондæр æма хестæр Хуцау, уæлæрвти медæгæ æхецæн исаразта æ сугъзæрийнæ хæдзарæ. Хуцау æгас дуйнебæл æ къабæзтæ æруагъта æма ‘й æ сугъзæрийнæ базури буни бакодта. Устур Хуцау уæлæрвтæ æ сугъзæрийнæ къелабæл бадуй, сугъ-зæрийнæ фингæбæл сугъзæрийнæ киунугæ æ рази, æ сугъзæрийнæ лæдзæг æ къохи, уотемæй дуйнейæн фæндæ-тæрхон кæнуй, æ фæндитæ æма тæрхæнттæ ба еци киунуги æ сугъзæрийнæ финсæнæй финсуй. Æ аллифарс, æ фалæнбулай, Хуцауæн изæдтæ, идаугутæ æма Хуцауи уарзон лимæнтæ æхсæвæй-бонæй зилдæгæй сæ зонгутæбæл бадунцæ æма лæуунцæ, табуйæй ковунцæ Хуцауæн, æма корунцæ адæмæн, æгас дуйнейæн дзæбæхдзийнæдтæ, сæ рæдудтитæбæл ба - хатир. Етæ еугурæй дæр Хуцауæн æ алли дзурдбæл дæр амменæ зæгъунцæ. Хуцау есуй æ уарзонти кувд æма беретæн уони кувдмæ гæсгæ хатир дæр кæнуй.
522
Хуцау ести фæндæ ку фæккæнуй, уæд æй изæдтæ, идаугутæ æма Хуцауи лимæнтæ базонунцæ Хуцауæн æхе дзурдтæй, фæндонæй, Хуцауæй ракорунцæ æма æнамонди фидбилизæй фæййервæзун кæнунцæ, бахезунцæ. Етæ æмвæндæй амменæ кæбæл зæгъонцæ, уой ба Хуцау æ сугъзæрийнæ киунуги ниффинсуй æма ин раййевæн нæбал ес. Хуцау еци тæрхæнттæ æ сугъзæрийнæ киунуги æ рахес къохæй ку ниффинсуй, изæдтæ, идаугути, уодесæги æма æ иннæ уæхæн лимæнти, еци тæрхæнттæ æнхæст кæнунмæ уæд рарветуй. Хуцау ци нæ зонуй, ке нæ зонуй, дуйнебæл уæхæн нæййес: сæумон изæдтæ æма изæйрон идаугутæ æ къохи æнцæ, аллирдæмæ сæ æрветуй æма ин етæ аллирдигæй аллихузон уадзгъудтæ хæссунцæ. Дуйнебæл зелунцæ æма, зæнхæбæл ка ци уадзгъуд фегъуста, кенæ ба фæууидта, уони ба Хуцауæн дзорунцæ. ДУЙНЕ Устур Хуцау æгас дуйне æ нæгæй сфæлдиста: æ зунд, æ фæндæ æма æ дзурдæй. Æцæг дуйнейæн хецауæн æривардта Барастур, дæлуймонтæн - Фидбилиз, а мæнгæ дуйней - Адæймаг, уонæн се ‘нккæтей сæргъи ба лæууй Æхуæдæг, сæ миутæмæ син кæсуй æма син тæрхон кæнуй. Хуцау фиццагдæр-фиццагдæр исфæлдиста арв æхецæн цæрæндонæн, изæдтæ æма идаугутæ, æма син загъта: «Цæретæ уæл-арв мæ цæрæндони, мæ аллифарс лæууетæ». Æма иссæй уæларвон сугъдæг дуйне. Сæ хецау ба - Хуцау æхуæдæг. Уой фæсте ба Хуцау исфæлдиста зæнхæ æ алли гъæздугдзийнæд-ти хæццæ: донæй, халсарæй, фонсæй; уонæн се ‘нккæтей хецау ба искодта адæймаги. Адæймаги Хуцау искодта сикъитæй, равардта ин зунд хуарз æма лæгъуз æвзарунмæ, бартæ æма фæндон ести минеугутæ кæнунмæ æма ‘й æривардта зæнхæбæл æлдарæн, æма ин загъта: цæрæ аци мæнгæ дуйнебæл, бон хæссæ дæ фæллойнæй æма устур дуйнемæ дæхе исцæттæ кæнæ, Хуцауи ма феронх уо. Адæймаг æрцардæй зæнхæбæл, æ цардиуаг исаразта æма æхе устур дуйнемæ, Хуцауи размæ цæттæ кæнун райдæдта. Адæймаги бакъахунмæ æма уомæн æ хъаурæ исбæрæг кæнуни туххæй Хуцау исфæлдиста сайæгой дæлуймон. Сайæгойтæ цæрунцæ дæлзæнхæ æма алли бон дæр алли гъуддагæй дæр къахунцæ адæймаги. Хуцауæй æй идард кæнунцæ, æма ‘й сæхе дуйнемæ ласунцæ.
523
Хуцау æ изæдти арæзтæй адæймаги рæстмæ аразуй, Фидбилиз ба ‘й фесинмæ хæссуй, гъема уой туххæй кæддæриддæр изæдтæ адæй-маги сæрбæл дзорунцæ Хуцауи размæ. Хуцау исмæстгун æй Фидбилизмæ æма ‘й дæлзæнхæ бакодта. Фидбилиз уоми дæр æ кæнон нæ уадзуй æма адæймаги исæфтбæл зелуй. Гъема, уомæ гæсгæ ба, Хуцауи изæдтæ æма Фидбилиз кæддæриддæр тохунцæ. Фидбилиз алли фонс, алли рæзæ, алли гъуддаги дæр алцæй хузи дæр бацæуй æма адæймаги басайуй. Адæймаг фæррæдуйуй æма Фидбилизи хай исуй. Æгас дуйнети фæндæ Хуцаумæ ‘й: æнæ Хуцау цæрæн дæр æма мæлæн дæр нæййес. ХУЦАУИ ÆЗНÆГТÆ Æгас дуйнебæл æнамонддзийнадæ кæмæй цæуй, адæми кæрæдзебæл ка ардауй, ка цæгъдун кæнуй, алли цъумурдзийнадæ æма æнæ зæрдæесгæ гъуддæгтæ кæмæй цæуй, фурхуæрдæ, фурниуæзтæ, зийнадæдзийнадæ, хахур, гъолонцъух, ардаун, æлгъетун, давун, марун ке фæндæй цæуй аци мæнгæ дуйнебæл, етæ æнцæ Фидбилизи къохи æма хуннунцæ Хуцауи æзнæгтæ. Хуцауи æзнаг кæддæриддæр Фидбилизи фæдбæл цæуй æма æ фæсте дæр фидбилиз итауй. Хуцау е ‘знæгти ралгъиста, гъема етæ алли бон зианæй-зиани къохмæ, рæдудæй-рæдудмæ хезунцæ æма æнæ еу бон цох, æнæ еу игъæлдзæгдзийнадæй гъезæмарæ кæнунцæ. Хуцауи æзнæгтæн æгас дуйнебæл идзулд бон, цийнæ æма бæрæг фæстаг нæййес. Уой туххæй, æма етæ еске дзæбæхдзийнадæй, федауцæй содзунцæ æма мæлунцæ, адæмуарзондзийнадæ си райдард æй. Хуцауи æзнаг еске зианбæл цийнæ кæнуй: е фидбилизи арф бацæуй, ниффедар æй лæгъуздзийнади медæгæ æма ин лæгъузеуæгæй фæппирнæн нæбал ес. Рæстæбæл цæуæг, хуарзгæнæг уонæн (Хуцауи æзнæгтæн) се ‘знаг æй, сайтæнттæ æма дæлуймонтæн, адæмæн алли бон фидбилизбæл ка уодуй, етæ ба сæ лимæнтæ æнцæ. САЙТАН Хуцауæн, адæмæн æма æгас дуйнейæн æзнаг ка ‘й, фидбилизбæл ка уодуй. Дуйней дзиллитæ, муггæгтæ, аултæ, бийнонтæ æскъуддзæггаг ка скæнуй.
524
Адæмтæ, хæлæрттæ, лимæнтæ кæрæдземæ ка кæнуй æма сæ æзморæй ка цæрун кæнуй. Ниуазагæ, хуæрагæ, хæтагæ, хахур, фудæвзаг, ардауæг, цъуххæссæг, лæг марунгæнæг, давунгæнæг æма зиангæнæг ка ‘й, еци уод æй Сайтан, хузæй сау, къæдзæнгулдзитæ, фæстæмæкъах, сиугин. Сайтæнттæ цæрунцæ дæлзæнхæ æма хуннунцæ дæлуймонтæ, ес сæмæ силтæ дæр æма нæлтæ дæр. Сайтан æй дуйней ихæлцæ æма фидбилиз, фал уæддæр силæ сайтан налатдæр æй. Фидбилиз кæми уа, сайтан уоми бадуй. Сайтанæй алли адæймагæн дæр хай ес. Адæймагæн æ хуарзмæ игъосæг рæстмæ ку зела, уæд æнæ фидбилиз æй. Хæдзари бийнонтæн се ‘нккæтемæн дæр ес сайтани хай. Бийнонти сайтæнттæн сæ сæр ба æй Бундор. Æ Бундор рæстмæ кæмæн цæуа, уой гъуддаг адæми æхсæн æнцойнæдæр, кадгин-радгин æй, æ хæдзари бийнонтæ федаунцæ, æнæхилæ æма гъæздуг æнцæ. Дæ фудголбæл æ Бундор исæрра уа: уæд хæдзарæ æ бунтæй рахъан уй. Хæдзари бийнонтæ кæрæдзей фид бахуæрунцæ æма кæрæдзей гъезæмарæй марунцæ, сæ дзилли ‘хсæн ба синдзæ-биндзæй цæрунцæ. Хæдзари цард Бундормæ гæсгæ ‘й. Сайтæнттæ зелунцæ раст адæми фæсте, сайунцæ сæ сæхердæмæ, адæм сайд кæнунцæ. Алли адæймагæн дæр ес сайтани хай, еци сайтани хай хæтуй адæймагæн æ фæсте, ардауй æй алли налатеуæгбæл, æ лæгъуз-дзийнæдтæ ин финсуй æма сæ игъосун кæнуй Хуцауæн. Сайтани ахæсти ка фæууа, уомæн æ сæр æ барæ нæбал фæууй, алли нез ибæл æфтуйун райдайуй, сæр нæбал фæййахæссуй æ мæнгæ дуйнебæл æма уотемæй батар уй, æ сайтани хай æй бахуæруй. Уæхæн уогъурсуз æ мæлæти бони бафтуйуй æвдеутæ æма дæлуймонти къохи æма ‘й ниффардæг кæнунцæ дæлзæнхæмæ. ХУЦАУИ УАРЗОНТÆ Хуцауи рази уæларв ес, Хуцауæн кадгин ка ‘й, уæхæн Хуцауи уарзонтæ. Æгас дуйне еци рæститæбæл æнцайуй æма уони кувдæй ервæзуй. Етæ лæуунцæ изæдтæ æма идаугути хæццæ æма корунцæ уомæй адæмæн хуарздзийнæдтæ, ковунцæ Хуцауи рази, цæмæй зæнхæбæл адæм сæривулд, æнæнез, идзаг хумæ æма зад игуæрдæн уонцæ.
525
Ковунцæ, корунцæ етæ, æма син Хуцау сæ кувд ку райсуй, уæдта табугæнгæй сæ зонгутæбæл æрбадунцæ æма Хуцауæн адæми туххæй арфæ кæнунцæ. Етæ Хуцауæн цитгин æнцæ, гьема син Хуцау сæ кувд, сæ курдæн кæддæриддæр устур аргь кæнуй. Аци зæнхæбæл адæм ервæзунцæ æма цæрунцæ Хуцауи уарзонти фæрци. Хуцауи уарзонтæ: Æфсатий, Фонси Фæлвæра, Хуарелдар, Курдалæгон, Гъæдæрæхснæг, Донбеттир, Елиа, Уасгерги, Никкола, Мадæ-Майрæн, Уæларвон Басил, Уас-Тотур, Барастур. Хуцауи лимæн æма уарзон еци адæмтæ уомæн æнцæ, æма сæ уæлæбæл царди мæгуртæн агъазгæнæг адтæнцæ, сæ къохи ци гъуддаг адтæй, уой рæстмæ хастонцæ, æма сæ уой туххæй Хуцау æхемæ исиста: рæстити Хуцау æхемæ есуй æгас уодæй. ИЗÆДТÆ Æхсæвæй-бонæй Хуцауи размæ ка бадуй, уомæй адæммæ хуарз хабæрттæ ка хæссуй. Адæми дзæбæхдзийнадæбæл, федауцæбæл ка аразуй, уони хуарз хабæрттæ уæларвон Хуцаумæ ка хæссуй. Сæумæ æма изæрæй арвбæл, адæми гъæуайгæнæгæй, æртæ зе-лæни ка кæнуй, амменæ гæнгæй, еци сугъдæг уодтæ æнцæ изæдтæ, идаугутæ. Зæнхæбæл цидæриддæр адæймаг ес, уомæн уæларв ес изæди хай, гъæуайгæнæг Изæд. Алли адæймаги дæр е ‘зæди хай гъæуай кæнуй фидбилизæй, æ хуарздзийнæдтæ ин финсуй æма дзоруй Хуцауæн. Изæди хай ес æгас бийнонтæн дæр - Сæризæд, æма æгас гъæуæн дæр Гъæуизæд. Сæризæд æма Гъæуизæд адæми федауцæбæл зелунцæ, адæми кæрæдзебæл æнгон кæнунцæ. Гъæуайгæнæг Изæд бæрзæндти бадуй æма адæймаги будуйрон куст алли лæгъуз дунгæ æма къæвдайæй хезуй. Еци изæд - Будури Изæд, табу ин фæууæд! Нæ хумтæ, нæ игуæрдæнтæ уой иуазæг æнцæ. Изæдтæн æма идаугутæн табуйæй ковун гъæуй алли сæумæ дæр æма алли изæр дæр. Сæумæраги æма изæрдалингити етæ зелунцæ дуйнебæл амменæ гæнгæй, уони аммени сахати адæймаги цъухæй цидæр исхауа, уомæн æнæ æрцæуæн нæййес.
526
Гъема, адæймаг æхе фудæлгъистæй гъæуай кæнæд, æ ковæн рæстæг фулдæр дарæд. Сæумон изæдтæ æма изæйрон идаугутæн табу фæууæд! Уонæн ковун гъæуй сæумæраги, кенæ ба рагизæр. Гъей, Хуцауи размæ лæугутæ, Хуцауæй адæммæ æма адæмæй Хуцаумæ хабархæсгутæ, табу уин фæууæд! АСТÆУККÆГТÆ Хуцауи рази, Хуцауæн æ тæрхон ка æнхæст кæнуй, æнæ фæстæмæ исдзоргæй, уæхæн косгутæ лæууй, уонæй сæ еу æй Уодесæг, иннетæ ба Алаурди æма Руни Барæ. Карз Уодесæг æнæхатирæй адæймаги уод исесуй, адæймагæн Хуцау зæнхæбæл цæрун аккаг ку нæбал фæккæнуй, уæд. Алаурди æма Руни Барæ ба Хуцауи фæндонæй адæмбæл нез рауадзунцæ, адæм Хуцауи ку феронх кæнунцæ æма ести тæрегъæдтæ ку ракæнунцæ, уæд. Еци устур незихæттитæй адæм раервæзунцæ, сæ рæдудтитæ ку базонунцæ æма уонæбæл зæрдæй ку фæффæсмон кæнунцæ, уæд. Алаурди æма Руни Барæ адæмæн сæ нез фæррæуæгдæр кæнунцæ, адæм уони ести дзæбæхæй ку æримисунцæ, уæд. Хуцауи дзурдæй Руни Барæ алли нези хатт адæмбæл рауадзуй, Алаурди ба - сувæллæнттæбæл, Уодесæг ба сæйгитæбæл зелуй æма сæмæ æхе аллихузи æвдесуй. Адæм ку фæффæсмон кæнунцæ сæ лæгъуз гъуддæгтæбæл, нивондтæ ку исуадзунцæ, уæд Руни Барæ æма Алаурди Хуцауæй ракорунцæ æма карз Уодесæг æхе сæйгитæй райдард кæнуй. Сæйгитæ уой ку нæбал уинонцæ, уæд исуолæфунцæ. Хуцауи дзурд æнхæстгæнгутæ - Уодесæг, Алаурди, Руни Барæ адæмти зæрдиуаг Хуцауи хæдзари радзорунцæ, изæдтæ-идаугутæ, Хуцауи уарзонтæ ба Хуцауæй ракорунцæ хатир æма етæ фæййервæзунцæ. НИВОНД Адæймаг Хуцауи зæрдихудт ку райсуй, адæм Хуцауи ку феронх унцæ æма Хуцау адæймагмæ исаразунмæ ку фæккæсуй, уæд е бафтауй адæймаги ести зинæвзарæнти: хъиамæт, нез, æнæуой зин-дзийнæдтæ. Руни-Барæ уæд адæмбæл рауадзуй еу ести рун - нези хатт, Алаурди дзиуарæ, æма адæм никкæлунцæ нези буни.
527
Карз Уодесæг хæтуй сæйгитæбæл, кæсуй адæммæ æма адæм сæ миутæбæл ку нæ фæффæсмон кæнунцæ, уæд син сæ нези хатт тухгинæй хæссуй, сæ уодтæ син исесуй, æма сæ райсуй се ‘носон бунатмæ. Адæм сæ рæдуд ку базонунцæ, сæ тæрегъæдбæл ку фæффæсмон кæнунцæ æма сæхе сæраппонди, сæ сæри бæсти, сæ фонсæй Хуцауи ном, кенæ ба Хуцауи изæдтæ, идаугути æма Хуцауи размæ лæууæг, Хуцауи уарзонти ном ку иссерунцæ, ку никковунцæ, уæд Хуцау игъосуй еци кувд æма æ адæмæн ниххатир кæнуй. ÆФСАТИЙ ÆМА ГЪÆДÆРÆХСНÆГ О, сурх цæстæ, хъæрæу Æфсатий, æстонг цауæйнæнтти фæтæг, Сау хонхи дзæбодуртæй, Уорс хонхи сикъетæй, сау гъæди æрситæй, сайгæ-найгæ æма сæдсугонтæй, Терки идим, Дони, Къуми, Хъобани, Къиндзи сау робастæй, дæллагон лигъз будури рæубестау, тæрхъостау къуæцæли бунмæ ка рафецауа, уони æнæ хай ма скæнæ. Æфсатий лæварæй хай кæмæн нæ уа, еци цауæйнон лæги арми неци æфтуйуй гъæди, хонхи, будури сирдтæй, нæ сæ еруй, нæ сæ æргъæвуй, иссергæй. Сирдти фæндæ Хуцауи лæварæй Æфсатиймæ ‘й. Сау хонхи уорссиуæ сау дзæбодуртæ, сау саг-сирдтæ, Уорс хонхи, лигъз будури гъæуанзтæ, сикъетæ æма рæубестæ, Æфсатий, дæ къохи æнцæ. Ду син дæ æвæлмæцгæ фиййау, æма дин дæ ном ерунцæ ца-уæнгæнгутæ, астæйронтæ, сирдтонвидæй, къуæцæли буни. Дæ уорс гъог - дæ фонси хатт дæ хæдзарæмæ æвæлмæцгæй æздахуй. Æфсатий Гъæдæрæхснæги хæццæ æнвæндæ ‘й, уæ фонси хатт хонхи къæдзæхти, сау гъæди цилпи, кæмтти, къолти, будурти хан-си - фудæмбæлæг - хезетæ ‘й. Æфсатий Гъæдæрæхснæги хæццæ сæ фонсæй кæрæдземæн лæвæрттæ нæ кæнунцæ. ФÆЛВÆРА Фиййаутæй иуазæгæн хуарз к’ адтæй, æ фонсæй æнккæтей дæр ка уарзта, уой Хуцау æхецæн лимæнæн райста æма ‘й сауфонс, листфонси фæнди сæр искодта. Цубурдумæггаг, гебенагин, цæппо-лæппо Фæлвæра, æ дууæ бæрци, къæсмустæ, уотемæй æ фонси сæргъи рацо-бацо кæнуй. Парахатæй фонс иуаруй Фæлвæра, фонс ка уарзуй, гъе, уонæн.
528
Ка - гъогæргъау, ка - дзогæ фусæй, сæгъæй фæттæруй. Цийнæ кæнуй Фæлвæра: æ лæвæрттæ хуарз æнцæ. Фæлвæрайæн æ дзогæй фиййау нæл фус рартаста. Фæлмæн хуæрдæ, сабур Фæлвæра æ фонси къуар кæддæриддæр адæмæн иуаруй фонсиуарæни хуцауæхсæви. Гъе, уомæй адæми сайуй æма Хуцауæн косуй. ХУАРЕЛДАР Хуарелдар Хуцауи лимæн æй. Æ цард æй Хуцауи хæдзари. Адæймагæн зæнхи сойнæ есун е бамудта. Фиццагидæр даргъ ауæдзæ, фæтæн хумтæ аци зæнхæбæл е раскъардта. Табу ин фæууæд! Зæнхи куст уæззау адтæй æма ибæл алли фонсæй фонсæвзарæ е фæккодта. Хъалæрдойæй къæлæтгунтæ е ‘рискъардта. Къæлæтгунтæ ‘й бæрзæндтæ райсиуонцæ, - нæ ин цудæнцæ. Цилпи бунæй цилпæ сæртæ баефтигъта, - сау гъæдæмæ ин æ готон ниффардæг кодтонцæ. Æрæгиау Фæлвæрамæ ку бацудæй. Фæлвæра ин æ фонсæй тотуригурд, уорссиуæ сау галтæ ку раздахта. Уорссиуæ сау гал ауæдзи уæд рацудæй. Еци галтæ Хуарелдар готони баефтигъта. Даргъ ауæдзæ фæтæн хумтæ Хуарелдар уæд раскъардта, - табу ин фæууæд! Уоми галдæрæг Хуарелдар адтæй, æ готондар Уасгерги адтæй. Муггагхæссæг ба Мадæ-Майрæн адтæй, æ муггагтау Никкола адтæй. Уоми хуар куддæр æрзадæй, уотæ еци хуарæй адæм хуарисæрæн хуæрдæ, ниуæзтæ Хуцауæн исковунмæ рацæттæ кодтонцæ. Еци кувди къерегæнæг Мадæ-Майрæн адтæй, сæ къерековæг ФидæНиккола. Еци хуми туххæй Хуарелдар Уасгергий бæхæн æнæ карст будур ниууадзун кодта. КУРДАЛÆГОН Курдалæгон Хуцауи хæдзари æ курдбадзæ исаразта, алли хæзнатæй дзаумаутæ кæнуй æма адæми минеуæгбæл-лæгигъæдæбæл аразуй. Арвæй зæнхæмæ æхе къохæй конд сау æфсæйнагæй цæггун рæхис æруагъта.
529
Уой буни гур-гургæнгæ арт искодта. Уомæн æ фæрстæмæ сæдæ сæди сæдон сугæй бийнонтæ аулгай æрбадун кодта. Арти фарсмæ и бийнонтæ даргъ ауæдзæ, фæтæн хумтæ раскъардтонцæ. Еци хумтæ гъæуай кæнунмæ уонæн Курдалæгон борæ-болатæй цъæх арцитæ, æхсагæ сагъæдахътæ, аскъардтæ, кæрдагæ кæрдтæ исаразта. Сафай буни, æ хуми сæргъи хуарз исардæй, еци æдгæрзтæ, мæгур лæгæн цæрун фенцон æй Курдалæгони фæрци. Курдалæгон кæддæриддæр уæларви бадуй Хуцауи хæдзари, адæ-ми исаразуй алли кустмæ. Æ Сафа рæхис ба бор арт хорон адæми кувдтаг уæларвмæ хæссуй. ДОНБЕТТИР Донбеттир Хуцауи дзурдæй цæруй дæнттæ, денгизти буни. Донбеттир адæмæн иуаруй дони фонс. Донбеттирæн ковунцæ балердзаутæ. АНÆГОЛ Уæлæрвти, Хуцауи хæдзари ес мудбиндзитæн æрвон гъæуайгæс. Еци гъæуайгæс хуннуй уæларвон Анæгол. Анæгол цæруй Хуцауи рази, æй Хуцауи уарзон лимæн, гъæуай кæнуй зæнхитæ фуд уадæ, фуд æртæхæй. Уæларвон Анæголæн ковунцæ муддартæ, корунцæ си, цæмæй сæ е мудзад фæккæна, уой. Ковæг муддар æ кувди æздæхи фæззæгъуй: «Уæларвон Анæгол, табу дин фæууæд! Хуцауи рази лæууис æма нин уомæй ракорæ хуарз анзихатт мудбиндзитæн. Æнцад цæугæ-хуæргæ анз. Анæгол, дуйнебæл муд æрзайун кæнæ, адæм мудæфсес искæнæ. Мах муддарти къуарæн ба хуæздæр æма фулдæр раттæ. Нæ муддарти нин æртигæйттæ æма хуæрзидзæгтæ бакæнæ!» Анæгол адтæй зæнхон адæймаг. Æгас адæмæй фиццагидæр е исæрмахур кодта мудбиндзити къуар, райдæдта си пайда кæнун, хуæрун, уой фæрци нур зæнхæбæл ес муд. Анæгол иссæй зæнхон мæгур адæмтæн æ кустæй устур агъаз, уой фæууидта Хуцау æма ‘й æхецæн райста æрвон лимæнæн. Нур Анæгол лæууй Хуцауи рази æма устур агъæзтæ кæнуй муддартæн, мудзадбæл син зæгъуй Хуцауи рази. Табу ин фæууæд!..
530
ЕЛИА Елиа Хуцауи лимæн æй, цæруй уæлæрвти медæг, тохуй Хуцауи æзнæгти хæццæ. Хуцауæн æма адæмæн аци зæнхæбæл ес устур æзнæгтæ: Сайтан, Руймон æма мæйхуартæ. Етæ, зæнхæбæл цидæриддæр фидбилиз цæуй адæймагбæл, цидæр ихæлддзийнадæ ес дуйнебæл, уони аразунцæ. Сайтан аразуй адæми аллихузи фуднадбæл æма рацох кæнуй адæймаги Хуцауæй. Хуцауи рази адæмæй лæугутæ адæм гъæуай кæнунцæ æма адæймаг ести фидбилиз кæнун ку æримиса сайтани зундæй, уæд имæ гъæуайгæнæг изæдтæ æма идаугутæ рарветунцæ. Сайтан уонæй æхе римæхсуй. Сайтан изæди уиндæ нæ фæззæгъуй. Адæймагæн устурдæр зиан ракæнунмæ Сайтан (дæлуймон, фæлевæг) ку фæкковуй, уæд естæй хузи бацæуй - хъæбæрдæр калм- руймони хузи. Руймонæн е ‘смаг дуйнетæ æнодæй маруй, æ гъæрæй бæститæ аруйунцæ, уой тæссæй адæм сæ Хуцауи феронх унцæ æма ин, лæхъуæни дзæбæх æма кизги рæсугъд ка фæууй дзиллити æхсæн, уони хуæрунмæ радугай æрветунцæ нивондау. Руймони æртæ боней фæсте фат нæбал хезуй, кард нæбал кæрдуй, тухæ ‘й нæбал сæттуй. Гъема Руймони марунмæ Хуцау æрветуй сугъдæг Елиай - Уацеллай. Уацелла, Курдалæгонæн - уæларвон кадгин курдæн - æндон æфсæйнагæй федар рæхистæ искъахун кæнуй, кæрдагæ æма хезагæ борæ-болатæй фæттæ ин искæнун кæнуй æма гæрæхтæ кæнун райдайуй адæми æзнаги. Елиай цæхæрæй дуйней сурх цирен кæнун байдайуй, æ гæрæхтæй арв æма зæнхæ нæрунцæ, Руймон æхе дæлзæнхæ, дæлдон, дæлдор нирримæхсуй. Елиа еуцæфон æй, Руймони æхстравгæмæ ку ‘ссеруй, уæд æй фæццæф кæнуй. Цæф сирд ратолæ-батолæ кæнун æ медбунат райдайуй, е ‘вдо-лæни сау гъæдтæ пурх кæнуй, гъæутæ пурх кæнуй, ихалуй, лигъз будуртæ бурæнттæбурæнттæ ракæнуй. Æ тоги пурхæнтæй сæумон ахъуз кенæ ба изæйрон ирдгæ тоги хæлцæй тогфæлдзæгъдæ калуй дунгæ дуйнебæл. Руймон бастуй, катай кæнуй, мæлуй тогведудæй. Уорс Елиа цийнæ кæнуй, адæми знаг рамардта, æ рæхистæ ибæл рафтудта æма ‘й уæларвмæ, гъæуайгæнгæй, фæлласуй. Æзнаг фæддунд æй, дуйней ниррохс æй, нийдзулдæй æма ходуй, думгæн е ‘смаг, æ нез рацох æй, зæрдæ æнцонæй уолæфуй.
531
Руймон адæмæн устур нез æй. Игургæ, æвзургæ ба гъæуанзæй кæнуй. Уорс Елиа, адæми еци фидбилизæй гъæуайгæнæг æй, бадуй, æма æдæхсæвæ, æдæбонæ дуйнебæл зелуй, арвæй зæнхи астæу, мегъти сæрти. НИККОЛА Адæми Фидæ, адæми лимæн Никкола-хуарз. Уас-Никкола Хуцауи размæ лæууæг æй æма Хуцауæй адæмæн хуарз хабæрттæ æрхæссуй. Сугъдæг Никкола тухст адæймаг, æфхуæрд адæймаги сæрбæл дзорæг æй. Дуйнебæл еунæг неке уа-дзуй, алли раст еунæги фарсмæ дæр æрбалæууй æма ин фидæ, æнсувæреуæг бакæнуй. Сугъдæг Никкола хуæнхтæ гъæуай кæнуй, æ ковгутæй билæй хаун неке рауадздзæнæй, агъаз син кæнуй талингæ æхсæви дæр æма гъизт рæстæги, цъететæбæл æма æфцæгутæбæл дæр. Уас-Никкола тухст хуймонтæн готондар æма муггаг итауæг æй, раст киндзхонтæн къерековæг æй. Сугъдæг Никколайæн æ къерейаг - хонсари мæнæуæй, æ бæгæнийаг цæгати хуарæй. Сугъдæг Никкола адæммæ фæззиннуй сæ тухсти рæстæги, зæронд лæги хузи, фæндæ кæнунмæ, мийнæварæн, рæстдзийнадæбæл исдзорунмæ. УАСГЕРГИ Сугъзæрийнæ бæрзонд Уасгерги уæларв, Хуцауи размæ лæууй æма адæми гъæуай кæнуй. Сугъдæг Уасгерги мæгуртæн агъаз æй, æфхуæрдтити рæвдауй. Сугъдæг Уасгерги размæ ку цæуа, уæд фæстæмæ гъæуай кæнуй, бæрзондæй рафæлгæсуй лигъз будуртæмæ æма тухст адæмæн агъаз дæттуй. Сугъзæрийнæ базургин тухсунгæнæги æфхуæруй, мæгурти, æнæхъаурити ба æ базури буни бакæнуй. Сугъзæрийнæ базургин æзнаг сæттæг, хæстæг хæссæг æй, мæгури кувд есагæ ‘й. Уасгерги арвæй зæнхи ‘хсæн æ уорс аласабæл æдæхсæвæ, æдæбонæ зелуй æма хуарзгæнгути хуарздзийнадæбæл аразуй, фидбилизгæнгути ба къулумпи кæнуй. Сугъдæг сугъзæрийнæ базургин бæрзонд Уасгерги фæндаг аразæг æй, хуарзбæл ка зела, уони рæствæндаг кæнуй. Фудгæнгути æнæнгъæлтæбæл еске къохи æфтауй.
532
Сугъзæрийнæ базургин бæлццæнттæн фæндагсар æй, хуймонтæн галдæрæг, фиййаутæн - гъæуайгæнæг, лæхъуæнтæн - киндзæмбал æма къохбæлхуæцæг. Бæстæбæл хуарз - силгоймагæй - адæймаги къохи сугъзæрийнæ базургин бафтудта. Табу дæуæн, бæрзонд Уасгерги! Мæгур адæм, сугъдæг расти Уасгерги, де ‘уазæг æнцæ. Дæ нивонд - и дзоги ‘хсæн сау нæл сæгъæ æма бор нæл фус. Уасгерги адæммæ æстæнмæ фæззиннуй. Зингæ ба сæмæ ба-къахуни туххæй фæккæнуй, иуазæги æгъдауæй, тухст рæстæги æ къулух бæхбæл, тухст бæлццонæй, сабийи хузи. МАДÆ-МАЙРÆН Æгас дуйней мадæ æй Мадæ-Майрæн, лæхъуæнти мадæ. Дуйнебæл Хуцауи номæй киндзи кадæр цæуй, уонæн сæ киндзæмбал дигиза æй Мадæ-Майрæн. Мадæ-Майрæн раст хумгæнгутæн сæ къередзау æй, нæуæг киндзитæн зæнæг иуаруй: кæмæн - кизгæ, кæмæн - лæхъуæн. Сугъдæг Мадæ-Майрæн Хуцауи рази лæууй æма адæмæй Хуцауи æхсæн хæлардзийнадæ аразуй. Мадæ-Майрæн æгас дуйней минкъий сабийтæ гъæуай кæнуй фуд Алаурдийæй, æ сугъзæрийнæ базурти буни сæ даруй, сæ дзи-уарæ ба син æ зæлдусæй радауй. Мадæ-Майрæн æй арв æма зæнхи ‘хсæн уарзондзийнади мийнæвар. Е Хуцауи зæрдæ адæммæ фæлмæн кæнуй æма адæми æргом Хуцаумæ аразуй. УÆЛАРВОН БАСИЛ Хуцауи уарзон адæймаг, Хуцауи рази лæууæг - Уæларвон Басил дуйнейæн нæуæг цард равардта. Е æй нæуæг æнзти сæр, зæронд анз æййевæг æма зæнхæбæл нæуæг рæстæг, нæуæг æнзтæ аразæг, æма хуарздзийнæдтæ иуарæг. Алли нæуæг анзи сæри дæр Уæларвон Басил æ хуарздзийнæдтæй хуарз хай кæнуй раст адæмæн. Уæларвон Басил Хуцауи размæ лæууй æма Хуцауæй хуарз лæвæрттæ коруй мæгур адæмæн. - О, Уæларвон Басил, Хуцауи размæ лæууæг, нæуæг анзи сæри нæуæг хуæрзтæ иуарæг, махæн дæр дæ дзæбæхдзийнæдтæй хуарз хай ракæнæ, лæгъузæй нæ бахезæ!
533
УАС-ТОТУР Тотур адæймаги дзæбæхдзийнадæбæл зелуй Хуцауи рази. Табу Уас-Тотурæн!.. Е Фæлвæрай фонси хатт гъæддон сирдтæй гъæуай кæнуй, фиййаутæн, æнæ уингæй, æмбалеуæггæнгæй, Хуцауи хæдзари цæруй. Уас-Тотур адæймагæн æ бони игурд галтæ æрмахур искодта æма сæ готони рацæун кодта. Сирдтæ, адæймаги сау фонси æзнæгтæ Уас-Тотурæй цæстæ хезунцæ: уомæй син барæ лæвæрд ку нæ уа, уæд сæ ком баст æй. Уас-Тотур, нæ фонс де ‘уазæг, берæгъи ком сæмæ баст дарæ, ма сæмæ ‘й байхалæ. Сугъдæг, Уæларвон Тотур мæгур косæг лæги фиййау æй, æ кувдтаг цæхгун къеретæй æй. Цубур думæггаг, бæгъæнбад, æ фадгутæ хæрдмæ тухт, уотемæй, æнæ æринцойнæгæнгæй, мæгур адæми фæдбæл зелуй. АДÆМ Адæми Хуцау исфæлдиста. Алли адæймагæн дæр ес уод æма бауæр. Æ бауæр адæймагæн æй сикъитæй конд, æ уод ба - Хуцауи коми тулфæ думгæй. Хуцау адæймаги бауæр Сами-Мисони сикъитæй искодта, уод си бауагъта, зæнхæбæл æй хецауæн æривардта, зунд, лæдæрун-дзийнадæ æма ин барфæндæнттæ равардта æма ин загъта: «Дæ къохти фæллойнæй дæхе дарæ, тæрегъæдæй тæрсæ, æнæфсæрмæй мæ размæ лæуунгъон уо, æма де ‘нхузон адæми гъæуай кæнун фæразæ!» Адæймаг зæнхæбæл æрцардæй; æ зундæй, æ лæгигъæдæй фонс æрахæста, исæрмахур сæ кодта, зæнхæй хæзнатæ есун райдæдта æма зæнхæбæл цидæр исфæлдесонд адтæй, уонæн хецау - æлдар иссæй. Фонсæн се ‘хсир ниуазта, сæ гъунæй дарæс кодта, сæ фид ба син хуæргæ кодта. Цæмæй ибæл Хуцауи зæрдæ нæ худтайдæ, уой туххæй ба, и фонсæй ке равгæрдидæ, уомæй Хуцауи ном ирдта, Хуцауæн æй кувдтаги номæй æвгарста. Хуцаумæ хуарз кастæнцæ адæймаги гъуддæгтæ æма берети æхецæн лимæнæн райста, цардуодæй сæ æхемæ исиста æма сæ æ сугъзæрийнæ хæдзари адæмæн гъæуайгæсæн, фæткæн æма фæндисæрæн æривардта. Фонс иуарæг Фæлвæра, Æфсатий, цард адгингæнæг Анæгол, цард æхседæг
534
Курдалæгон, Гъæдæрæхснæг æма Донбеттир, гъæдтæй дæнттæ игурунгæнгутæ, сирдтæ æма дони фонс уе ‘уазгутæ, се ‘вæлмæцгæ кустæй, æнæрæдуйгæ зундæй мæнгæ дуйней басастонцæ æма адæймаги цард æнæмæлгæ искодтонцæ. Адæймагæн æ сæргъи гъæуайгæнæгæн лæуунцæ Хуцау, Хуцауи лимæнтæ æма изæдтæ. Æ къæхти буни зæнхæ алли гъæздугдзийнадæ æма хæзнайæй идзаг æй. Æ фæрстæмæ - адæм, е ‘мхузон адæм, кæмæн цæруй æма кæмæн косуй, етæ. Уони зонун, нимайун æма уони имисун адæймагæн æй е стурдæр ихæс. МÆНГÆ ДУЙНЕ Аци уæлæбæл дуйней, мах кæми цæрæн, нæ цæститæй ке уинæн - нæ сæргъи цъæх арв, хор, мæйæ, æстъалутæ сау мегъти хæццæ, дон, зæнхæ æд хонсар, æд фонс, адæймаги царди исаразуни туххæй, адæймаг цæрунæй, гъæздугдзийнадæй кæми не ‘фсæдуй, е. А мæнгæ дуйнебæл адæймаг иуазæггади цардæй цæруй æма е æй адæймагæн æхе устур дуйнемæ исцæттæ кæнуни туххæй, Хуцауи размæ кæдзосæй бацæунмæ дуйне. Адæймаг æвзарæнæн аци мæнгæ дуйней ку нæ адтайдæ æ рæ-сугъддзийнадæ, æ гъæздугдзийнадæ, æ зунд, æ хъаурæ, æ берæ фæразондзийнадæ; адæймаги аййеппитæ ку нæ бæрæг кодтайуонцæ, уæд алке дæр изæдти амбийнæ адтайдæ. Хуцау адæймаги æ мæнгæ дуйнемæ гæсгæ зонуй, уомæ гæсгæ æй кадгин кæнуй æма ин тæрхон кæнуй. Адæймаг дуйней медæг бæрæг кæнуй. Дуйне æ гъæздугдзийнæдтæй, æ цардæй адæймаги æхемæ æздахуй, æ Хуцауи хай ин рацох кæнуй æма ‘й арвмæ, Хуцауи цæрæндонæмæ, Хуцауи хæдзарæмæ райдард кæнуй. МÆНГÆ ДУЙНЕЙ КÆРОН Уæлæбæл дуйнейæн æ кæрон уæд уодзæнæй, æма Китай нæуæгæй ку низмæла, æма æгас дуйней цæрæг адæмтæ кæрæдзей хурфи ку рауайонцæ, уæлæбæл царди медæг адæймаг хæстæг-æнгæрон ку нæбал зононцæ, гъеуæд. Гъеуæд æгас хорискæсæн адæмти раздзæуæг Тазæрет-Алий ис-тохдзæнæй Алибеги (Аланбеги) хæццæ лæгæй-лæгмæ. И тугъд уодзæнæй Хъуми будури фиццаг-фиццагдæр бæхи синæкæй, бæхгини `гъдауæй, уæдта уарт æма кардæй, уæдта алли минеуæгæй дæр.
535
Еци тугъди исæмбæлдзæнæнцæ æгас дуйней адæмтæ, хор-искæсæнæй ба хорæфтуйæнмæ. Етæ кæсдзæнæнцæ тугъдмæ. Бæхфæлдист, кенæ ба догъ кæмæн адтæй, е æрцæудзæнæй æ бæхбæл æма кæсдзæнæй и тугъдмæ æ бæхи усхъæй. Æ устур хисти хъабагъ сагъд, кенæ ба устур надбæл циртдзæвæн сагъд, уæлмæрдти нивæрзæн гъæдæ, - етæ ба кæсдзæнæнцæ, ка æ хъабагъи сæрæй, ка æ циртдзæвæнæй, ка æ нивæрзæн гъæди сæрæй и тугъдмæ. Алибег фæттухгиндæр уодзæнæй Тазæрет-Алийбæл æма хорискæсæни адæмтæ уой къохмæ æрæмбурд уодзæнæнцæ. Мæнкъæй Алибег Нарти кæнтæмæ бацæудзæнæй æма Нарти гуппургинти уæллæй æрбаддзæнæй. Нарти гуппургинтæ ин æд минкъий, æд устур се `ндæргъцæ фестдзæнæнцæ æма ин кадгин бунат ратдзæнæнцæ. УСТУР ДУЙНЕ Адæмæн се ‘носон бунат æй Устур дуйне, Нарти кæнтæ кæми æнцæ, гъе, ейæ. Устур дуйне фиццаг уæлæбæл адтæй, адæм имæ цудæнцæ сæхе къахæй, уæдта Хуцауи дзурдæй дæлзæнхæмæ æййивд æрцудæй. Уоми адæм цæрунцæ фæндонтæбæл: сувæллæнттæ еуварс цъæх нæуæбæл гъазунцæ, фæлмæн хори гъармæ сæхе исæрхунцæ. Асæбæл адæм ба - еуæрдигæй аулгай æма хестæргай. Устур дуйней нæ цитгин хестæртæ тæрхон кæнунцæ уæлæбæл адæмæн. Е ‘нгъуд кæмæн æрхъæртуй, уой сæхемæ райсунцæ. Уоми адæм сæ цард сабур, æнцад, æнæ хъипп, æнæ стуфæй æрветунцæ. Алке дæр, æ фæсмæрдæ ин ци ниххæлар кæнунцæ æ хистити, уомæй цæруй. Раст мардæн æ хистити бæнтти уæлæбæл хæларгонд ка ‘рцæуа, е æ рази лæууй, идзагæй-идзагдæр кæнуй, æведуйгæй цæуй, сæрдæ симæр нæ кæнуй, зумæг ба - сæлгæ. Еци идзаг фингæ, идзаг синонæй алли мардæн дæр барæ ес æма æ бон æй хайвæндагон хай бакæнун. Уоми æнæбари хай неке некæмæн кæнуй. Мæгур æнцæ, мæрдтæрдигæй æ ном иссерæг кæмæн нæййес, етæ: неци син ес, къолæй, къæбæргорæй цæрунцæ. Мæрдти ном æ фæллойнæй ахид ка ера æ уæлæбæл дуйней, е æ мæрдти над аразуй, уомæн мæрдтæ идзаг хумæ, идзаг игуæрдæнбæл зелунцæ.
536
Мæрдтæрдигæй и мæрдтæ кæрæдземæ рацо-бацо кæнунцæ, кæрæдзей уинунцæ æма уæлæбæл адæммæ дæр се ‘нгас дарунцæ. Мæрдтæ сæ фингæй сæ кæрæдземæн дзæбæх зæгъун фæразунцæ барвæндонæй. Мæрдти уæхæн барæ нæййес тæрегъæдгунти: етæ æнцæ зиндони æма мæрдти надбæл. Мæрдтæ сæ сæхемæ нæма райстонцæ. Тæрегъæдгунтæ алцæмæй дæр уоми мæрдти гъæуагæй цæрунцæ: се ‘донуг æма се стонг сæттун нæ фæразунцæ. Сæ берæ хуæруйнаг, ниуазуйнаг син неци агъаз кæнуй. Сæ фингæ - идзаг, сæ губун - æстонг, æнæхснад, цъумур, къолæй бадунцæ гъæуагæй, еумæ цæрунцæ. Уинун, кæсуни барæ син ес, хуæрун, дæттуни барæ ба нæ. МÆРДТИ НАД Адæймаги цард æносон æй, исæскъунæн ин нæййес. Адæймаг куддæр рамæлуй, уотæ æ уод æма бауæр кæрæдземæй рартæсунцæ, æндæр цардæй цæрун байдайуй, æндæр дуйнемæ рай-йевуй, æндæр хузи, нæуæг царди надбæл æрлæууй. Бауæр бафту-йуй сикъитбæл, сикъитæй конд адтæй æма сикъит иссæй. Уод ба Хуцауи тæф æй æма ранæхстæр уй æ мæрдти надбæл Устур дуйнемæ, Хуцауи размæ Нарти кæнтæмæ. Уод цæуй мæрдтæмæ арæзтæй, бæлццон арæзтæй, æ уæлæбæл дарæсти, æ мæрддзæгтæ ба ин æнцæ Нарти кæнтæмæ бацæуни туххæй. Æ уæлæбæл дарæсæй, фонсæй æма дзауматæй адæймаг æ мæрдти надмæ æ хæццæ райсуй, æ фæсмæрдæ ин ке ниххæлар кæнонцæ, ке ин ниффæлдесонцæ, ци ин исаккаг кæнонцæ æ байзайæггæгтæ, уони. Нæлгоймаг мæрдтæмæ бæхбæл цæуй, саргъи бæхбæл. Мæрдти алли адæймаг дæр æ уæлæбæл царди æгъдауæй цæруй. Æма мардæн æ байзайæгæн æмбæлуй æ дзауматæ æма æ фонс æ фæсмæрдæ ниххæлар кæнун. Мæрдти над зин фæндаг æй, уод, адæймаг ибæл берæ зин бæнттæ уинуй. Мæрдтæй надæн æ рахес фарс адæймаги уод уинуй, хуæрзгæнæгæй æ мæнгæ дуйней цард ка раевгъуйун кодта, уони. Æ галеу фарс ба - налат, цъумур, цæлæмбуд, гæртанхуар, хахур, хæран тæрхонгæнæг æма, æнафони æнагъомæй фæндаггæнæгæй Хуцау ке ралгъиста, етæ. Мæрдти надбæл цæуæг фиццагидæр бахъæртуй еу ивад, къæсхур, цъæх
537
цæстæ æма бор дзикко уосæмæ, и уосæн æ раз алцæмæй дæр идзаг: хуæрдæй, ниуæзтæй, æхуæдæг ба Хуцаумæ неуй, зæнхæмæ нæ хъæртуй, цъæх нæгæ кæнуй, судæй мæлун, зæгъгæ. Уинуни барæ - ес, хуæруни барæ ба - нæ. Хуцау, е ба уотæ цæмæн æй? Е ба уотæ уомæн æй, æма цæлæмбуд адтæй, корæгæн ес зæгъун некæд бафæразта, æ хуæрдæ, æ ниуæзтæ иуазæгæй, æ бийнонтæй римæхсгæ кодта, сосæггай хуардта, гъема ‘й нур ба мæрдти надæй федгæ кæнуй. Фæндагсодзæг хузесæгау: идæрдти си рацо, дæ надæн дин рахилæ кæндзæнæнцæ. Мæрдтæмæ надæн æ рахес фарс æндæр уосæ бадуй, сойнифунхти фингæ, сугъзæрийнæй ронги ниуазæн æ къохи, цардхуз, игъæлдзæг, таведзæ каст кæнуй бæлццæнттæмæ. Æ сойнифунхтæ иуаруй аллирдæмæ дæр, бæлццæнттæмæ азуй, адæми хинцуй, æ хуæрдæ, æ ниуæзтæ нæ федуйуй, æ фингæ, æ ниуазæн æведуйгæ идзагæй-идзагдæр кæнунцæ. Дессаг, е ба уотæ цæмæн æй? Е ба уотæ уомæн æй, æма уæлæбæл губун ауазун фæразта, иуазæг уарзта, хæстæг азта, хæстæг хæссæг адтæй, æ фæрзеуæй æзнаг сæттæг адтæй. Æхе губун байауазидæ, æ бийнонти, иуазæги, æстонг адæми бафсадидæ. Нур ба ‘й мæрдти надæй кади хæццæ есгæ кæнуй; фæндаг амонæг æй, ба ‘ймæ цо. Уомæй ци дзурд фегъосай, уой дæ зæрдæмæ райсæ, - ис дин бæздзæнæй. Уомæй уоддæр ку бацæуай, уæд надæн æ галеу фарс æндæр уостити къуармæ бахъæртдзæнæ. Сæ еуемæн комгъæдæ - æ содзийнæ, равæйнæ - æ фæдзæл, уотемæй зæнхи æскъудтæ хуйуй, и зæнхæ ба содзийни разæй устурдæр æскъунгæ цæуй. Иннемæн - уæраси къустелæ е усхъи, хæрдмæ цæуй, рæхсбетуй æма и уосæн æ мæкъури урдугмæ кæлуй, æхуæдæг ба æдонугæй мæлуй. Æртиккаг уосæн - сæдæ татхай æ рази, рауай-бауай сæбæл кæнуй, ра сæ æхсæдуй æма ин еци фæдбæл кæрдæги буни фæуунцæ. Уонæй раззаг уосæ æ бийнонти, æ лæг нæ уарзта, нæ син худта, нæ сæ æмпъузта, иннæ уосæ ба æдонугæн къумæли къос некæд равардта, æртиккаг ба æ тургъи дзæхæрайæй корæгæн некæд равардта, некæд æй бафсаста. Гъема ‘й мæрдти надæй федунцæ. Фæндагсодзæг, хузесæг æнцæ, - идæрдти си рацо. Уомæй уоддæр ку бацæуай, уæд еу уосæмæ бахъæртдзæнæ, - айкæ рæвæйнæй бæттуй ‘ма ин æй не ‘лвасуй, кæуй, дзиназуй.
538
Е ба уомæн уотæ ‘й æма давæг адтæй, æ синхонти кæркити æйкитæ римахста, æма ‘й мæрдти надæй федуй. Тæрегъæдгун æй, мæрдти надæй е ‘хæс федуй, ма имæ бацо: фæндагсодзæг, хузесæг æй. Минкъий уоддæр ку бацæуай, уæд дæ рази фæууодзæнæй лæг æма уосæ. Галдзар - сæ уæле, галдзар - сæ буни, нæ сæбæл хъæртунцæ, гъæр кæнунцæ, нæгæ кæнунцæ, сæ цари гæппæлтæ сæ кæрæдземæй ратонæ-батонæ кæнунцæ. Уæд е ба уотæ цæмæн æй? Е ба уотæ уомæн æй, æма уæлæбæл кæрæдзей нæ уарзтонцæ, хилæ кодтонцæ, мæрдти надæй еци тæрегъæд федунцæ. Идардмæ си рацо: фæндагсодзæг, хузесæг æнцæ. Надæн æ рахес фарс æндæр лæг æма уосæ, тæрхъосдзар - сæ буни, тæрхъосдзар - сæ уæле. Уæлдайгунтæй сæбæл хъæртунцæ. Уæд е ба уотæ цæмæн æй? Е ба уотæ уомæн æй, æма уæлæбæл кæрæдзей берæ уарзтонцæ æма сæбæл и цар ивулуй. Уарзондзийнадæй хестæр уæлæбæл дуйнебæл нæййес: мæрдти над е урух кæнуй. Уомæй уоддæр ку бацæуай, уæд лæгти къуармæ бахъæртдзæнæ. Етæ фæруæ къелабæл бадунцæ, фæруæ лæдзгутæ - сæ къохи. Надæн æ рахес фарс иннæ къуар сугъзæрийнæ къелабæл бадунцæ, сугъзæрийнæ лæдзгутæ - сæ къохи. Уæд е ба уотæ цæмæн æй? Е ба уотæ уомæн æй, æма раззæгутæ рæстбæл дзурдтонцæ, фесинмæ ба тæрхон кодтонцæ, æма ‘й мæрдти надæй федунцæ. Иннетæ ба рæстбæл дзурдтонцæ æма раст тæрхæнттæ хастонцæ, хæстæг сæмæ бацо. Уонæй ци дзурд фегъосай, уой дæ зæрди дзæбæх байвæрæ. Мæрдти над унгæг æй, цæуæг ба ибæл берæ ес æма дин уони амунд исбæздзæнæй. Бахæстæг уодзæнæ Зам-Зами донмæ. Еци донбæл ес устур хед, хедæн æ гъоси ба бадуй зайуйнаг гацца. Гаццайæн æ къæбистæ æ хурфæй рæйунцæ. Дессаг, е ба уотæ цæмæн уа, ци зиндзийнæдтæ федуй? Еци гацца адтæй уæлæбæл дуйней, нæ мæнгæ дуйней тæрегъæдгун. Æ хурфæй ба рæйунцæ, - æ мадæ, æ фидæн фуд ка адтæй, хестæр-кæстæр ка нæ нимадта, етæ. Сæ тæрегъæд мæрдти надæй федунцæ: мæрдти над син нæййес, адæм куййи губуни бацудæнцæ æма уой цæсгомæй алли мæрдтæмæ цæуæгбæл дæр рæйунцæ.
539
Фæндагсодзæг æнцæ, дæхе си райсæ, къилдун-фалдзæгъдæн сæбæл раеуварс кæнæ æма устур дуйнемæ зиндони хедбæл бахезæ Зам-Зами дони сæрти. ЗИНДОНИ ХЕД Зам-Зами донбæл ес хед, зиндони хед. И хедæн æ бахезæн æй урух æма лигъз алли адæймагæн дæр, мæрдтæ сæхемæ ке есонцæ, уомæн. Уоци хедбæл æнæ цæуæн нæййес. Хедæн æ бæрæг астæумæ ку бацæуй и бæлццон, уæд и хед дзиккой халæй дæр нарæгдæр исуй аллирдæмæ дæр. Нæ – размæ ра-йампъезгæнæн, нæ фæрсмæ раздæхæн, нæ - фæстæмæ ракæсуни мадзал нæ фæууй и бæлццонæн. Нарти кæнтæ тæрхони бацæунцæ, тæрхон искæнунцæ уомæн æ уæлæбæл царди уагæмæ гæсгæ, æма ин, мæнгæ дуйнебæл æ цард куд хаста, адæми куд азта æма уарзта, уомæ гæсгæ бунат æносон бунати раттунцæ. И бæлццон кæд фудгæнæг адтæй, уæд ин исаккаг кæнунцæ зиндонæ, кæд хуæрзгæнæг, уæдта - дзенет. Æма Зам-Зами хед и бæлццонæн æрискъунуй. Бæлццон донмæ цъæпгæнгæй рахауй, и дон ба ‘й Дзахануми устур хъуммæ нилласуй, æма тæрегъæдгунти хæццæ зиндони цади гъезæмарæ кæнуй. На æма и бæлццон раст разиндтæй, уæдта æ над фæуурух уй, Зам-Зами донбæл бахезуй, æма рæститæ кæми бадунцæ, уоми Нарти гуппургинти Урузмæг, Хæмиц, Сослан, Батрази рæнгъæбæл æрбадуй. Уорс æ дарæс, æ сугъзæрийнæ уормег уæлæфтауæ, сугъзæрийнæ лæдзæг æ къохи, сугъзæрийнæ къела æ бадæн, уотемæй идзулуй Нарти кæнти ‘хсæн. ЗИНДОНÆ Зам-Зами дон цæуй зиндони цадæмæ. Зиндони цадæ алли цъумур калмæй идзаг æй. Уоми дони хурфи рабурæ-бабурæ кæнунцæ гъонцъиртæ, хæфситæ, хелæгтæ, æнкъуæлхитæ æма уони æммуггаг цъумур, цъифхуар кæлмитæ. Тæрегъæдгун уод уордæмæ ку бафтуйуй, уæд ибæл етæ сæхе никкалунцæ, сæ сæртæ ин æ бауæри ниццæвунцæ, æ тог ин цъирунцæ, аллирдæмæ ‘й гæппæлгай хæссунцæ. Тæрегъæдгун цъæхнæгæ кæнуй, Хуцаумæ неуй, Хуцауæй, æ хæстæгутæй, æ зонгитæй коруй агъаздзийнадæ æма æнхусдзийнадæ некæмæй еруй. Æ мæрдти над уæлæбæл царди медæг бахуардта, æ мæрдти нади сагъæс нæ кодта, нæ ‘й балхæдта, нæ ‘й искæдзос кодта, нæ ‘й бахсаста. Адæймаг еугæр зиндони бафтудæй, уæд ин уордигæй еске хатирæй, курдæй рацæуæн нæбал ес.
540
Тæрегъæдгунæн Нарти кæнтæй тæрхонгонд фæууй зиндонæ бавзарун æма уоми гъенцъун кæнун е ‘нгъуди бонмæ. Нарти нæртон Сосланæн дæр ма æ бон нæбал иссæй е ‘нæний-йергæ мади, Æхсийни зиндони цадæй ракæнун, - Нарти кæнтæ уой цардуодæй зиндонæмæ ку багæлстонцæ, уæд. БАРАСТУР ÆМА ÆСТАВД ЗÆНГÆ АЛМУТАХЪ Барастур æй, дзенети кæмæн кæми æмбæлуй бунат раттун, уой ка амонуй, еци лæг: дзенети дуаргæс, дзенети фасти лæг. Дзенети адæмтæ аулгай бадунцæ æма, алли нæуæг æрбацæуæгæн дæр æ бунат ка амонуй, гъе, ейæ æй Барастур. Æставд зæнгæ Алмутахъæн æ бон æй зиндонæмæ бацæун æма уордæгæй лæгдухæй адæмтæ дзенетмæ ракæнун. Зиндони адæмтæ æмхæлæмулæй æма æмхузонæй гъезæмарæ кæнунцæ. ДЗЕНЕТ Раст адæймагæн зиндони хедбæл æ над æ бæрагæ ку бауа, Нарти кæнтæ ин æ фæндаг ку райвулун кæнунцæ, уæд е дзенетмæ рахезуй. Дзенет æй Сами-Мисони лигъз будурти, Зам-Зами дони билæбæл. Еци будуртæ æнцæ рæсугъд рæзбуни дзæхæрадонæ, и бæлæсти буни ба цъæх зæлдæ æма æхсири цадæ. Дзенети бæлæсти буни цъæх зæлдæбæл æнæ уадæ фæлмæн хори гъармæ гъазунцæ, мади тавд, фиди рæвдуд ка нæ зудта, æнæ ‘хснад, æнæ койгондæй, æстонгæй мæрдтæмæ ка бацудæй, еци тæрегъæддаг сувæллæнттæ - дзенети цъеутæ. Етæ фæлмæн хормæ фæгъгъазунцæ, уæдта бæлæсти буни æхсири цади хе æртайунцæ, муд-дон (Зам-Зами дон) æдонугæн ниуазунцæ, бодæрагъæн содзунцæ, уотемæй бæлæсти буни сатæги бонасадæн кæнунцæ, дони хедмæ се ‘нгас дарунцæ. Еу хедæй дзенетмæ еске ку æрбахезуй, уæд æ размæ гур-гурæй ракæлунцæ: баба æрбацæуй, нана æрбацæуй, - зæгъунцæ. Нур уонæн, æнæ ниййерæги тавст зонгутæн, алке дæр нана, баба æй. Бæлццонæн æ къабæзтæ, æ думæггæгтæбæл ниххаунцæ æма ‘й, рæсугъд заргæй, цийнæгæнгæй мæрдти Барастурмæ бахонунцæ. Мæрдти Барастур бæлццонæн дзенети дуар зæлланггæнгæ байгон кæнуй æма ‘й рæстити рæнгъæбæл Хæмици размæ æрбадун кæнуй.
541
ДУЙНЕЙ БАРДАРГУТÆ ХУЦАУ– дуйнетæ исфæлдесæг ИЗÆДТÆ ÆМА ИДАУГУТÆ
Алаурди – сувæллæнтти незтæ æма рунтæ исафæг. Анæгол – мудибиндзити баридауæг. Аргъиавд – хæрæ æма сау мегъти баридауæг. Атунæг – игуæрдæни кæрдæгхалæ æрзади баридауæг. Æртхорон – бийнонти хуарз фарни баридауæг. Æфсати – гъæддаг сирдти баридауæг. Барастур – мæрдти бæсти адæймаги æносон царди баридауæг. Бундор – бунæтти изæд. Галæгон – дунги баридауæг. Гæтæг – цадæ æма цæугæдæнтти баридауæг. Донбеттир – денгиз æма дæнтти баридауæг. Екъина – нæуæг цуд киндзи къона уæдта фонси сæрдигон æма зумæгон бунæтти баридауæг. Елйа – арвæрттивд, арвигъæр æма æрвдзæфи баридауæг. Кæркигло – хæдзайрон мæргъти баридауæг. Кæфтисæр – кæсæлгити баридауæг. Митъил – зæнхи золкъити баридауæг Мукалгабур – бæркади фарни баридауæг. Наф – муггаг æма ахили баридауæг. Никкола – сорбæл æма донбæл цæуæг бæлццæнтти рæствæндаггæнæг изæди хай. Рæхиси дзиуарæ – лæг æма уоси еумæйаг царди баридауæг.
542
Реком – ставд фонси баридауæг. Саудзиуарæ – тар гъæдæ фидбилизæй гъæуайгæнæг баридауæг. Сафа – цæрæн бунат æма арти рæхис гъæуайгæнæг. Тæтæртупп – будури изæд. Тотур – тогцъух сирдти баридауæг. Уасгерги – бæлццæнтти рæствæндаггæнæг изæд. Уасхо – тоггинти уодæнсунгæнæг æма федаунгæнæг баридауæг. Уацелла – хуардæттæг æма хуарæрзади баридауæг. Узунæг – Фарни фурт, Уæхъæци гъæуи Изæди хай. Фæлвæра – фонси баридауæг. Хуарелдар – æфсердæттæг кæрдæгхали баридауæг. Худæгери – хути баридауæг. «Тамати Таймураз. Æгъдæуттæ, уагæвæрдтитæ æма фæткитæ», Дзæуæгигъæу, «Алания», 2005 анз. 5-7 ф.
543
КОВÆНДÆНТТÆ, РОХС ДЗИУÆРТТÆ ÆМА БÆРÆГБÆНТТÆ ДИГОРИ КОМИ ЕУМÆЙАГ КОВÆНДОНÆ Уасгергий ковæндонæ. Коммæ æма комæй цæуæг бæлццæнтти еумæйаг ковæндонæ æй Уасгергий ковæндонæ. Ковæндони бунат æй коми бацæуæни – Ирæфи дони рахес билæбæл. Ковæндони рæзти кæлуй Доммæйтти сатæг сауæдæнтти дон. Хæдзарæй цæуæг бæлццонæн алкæддæр æ хæццæ æвæрунцæ арахъи цумд æма хуæрдæ. Бæлццон ковæндони фингæбæл æвæруй æ фæндаггæгтæ, уотемæй æхе бафæдзæхсуй Устур Хуцау æма фæндарасти Уасгергибæл. Ниуæзтæ æма хуæрдæн сæ уæлдай кæдзосæй ковæндони фингæбæл байзайуй. Аци финги берекеттæй хайгин фæуунцæ ковæндони рæзти цæуæг фæллад бæлццæнттæ. ДОНИФАРСИ ЗИЛДИ КОВÆНДÆНТТÆ КЪУМБУЛТÆ
Хуцаузæнгæ. Къумбулти цæргутæн сæ цитгиндæр ковæндæнттæй еу æй Хуцаузæнгæ. Ковæндонæ æй гъæуи сæри. Кувди бон фæууй июни мæйи, цуппæрæни. Бæрæгбони халæй бæрæггонд æрцæуй, анзи фæсте кувди æгъдау ци хæдзарæ æнхæст кæндзæнæй, е. Еци бийнонтæ кувди агъоммæ хæдзаргай къосбарæй æрæмбурд кæнунцæ хуар. Бæрæгбонмæ рауадзунцæ арахъ, исфицунцæ бæгæни, искæнунцæ къеретæ, уæдта нивондæн раттунцæ косæрттаг. Хуцаузæнги кувди ковæг адæн сæ гъæубæстæ бафæдзæхсунцæ Хуцаубæл. Корунцæ си, цæмæй уонцæ æнæнез, хизт уонцæ фидбилизæй. Сæ фæззæги гъæздуг тиллæг ба афойнадæбæл æфснæйд куд æрцæуа æма си анзи дæргъци кувдтитæ куд кæнонцæ. Хуцаузæнгæмæ ма фæццæунцæ силгоймæгтæ сувæллæнтти хæццæ. Гъæуи сувæллон ку райгуруй, уæд нæуæгигурди райсунцæ хæдзарæй. Сæ хæццæ – къеретæ, æхсир, къумæл, дзигга, адгийнæгтæ æма нисайнаг. Силгоймæгти каргундæр сувæллони бафæдзæхсуй Устур Хуцаубæл.
544
Дзиуарæ (Багъайти Дзиуарæ). Ковæндонæ æй рагон цæрæн бунат, Багъайтæ, зæгъгæ, ке хонунцæ, уоми. Тауæрæхъмæ гæсгæ, Багъайтæмæ адæн æрбалигъдæнцæ Тъурусгæй (Тъурусгæ æй Багъайтæ æма Гибинони астæу).Тауæрæхъ уæхæн байзадæй: еу хæдзари, дан, зæронд уосæ, кумæдæр цæугæй, æ киндзæн бафæдзахста: «Зæрондæн рæфтад искæндзæнæ уæдта, ку æфснайай, уæд мин маймайид дæр мæ медæггойни дуар (æвдæймаг дуар) ма байгон кæнæ». Силгоймаг цæмæдес адтæй, æвæдзи, рагæй дæр. Æфснайд ку фæцæй, уæд, цæмæннæ æй фæууадзуй æфсийнæ медæггойнæмæ, уой базонуни туххæй игонгонд æрцудæй æвдæймаг уат. Киндзæ медæггойни къуртуй инсади сæрбæл хелагæ ку фæууидта, уæд ницъцъæхахст кодта. Зæронд лæг хæсдзæф уæритæ хизта æма гъæр ку фегъуста, уæд уайтагъддæр хæдзари исмедæг æй. Ку фæууидта, медæггойни дуарæй сæ тиллæги «хъалагъур» куд рабурдæй, уой, уæд балæдæрдтæй гъуддаг. Зæронд лæг æ уæритæй сæ тæккæ уорсдæр ниййахæста, æ рагъи æй ракодта æма уотемæй хелаги фæсте нирраст æй. Хелагæ æй къæдзтæ-мæдзтæ, фахсбæл бургæй, изæрмæ исхудта æ фæсте Багъайтæмæ. Багъайти ин къæдзæхи сæрбæл къæйдорти æхсæн цъаси бабурдæй. И хелагæ кæми æрбунат кодта, уоми ин зæронд лæг уорс уæр нивгарста. Уотемæй сæ медæггойнæн уæдта æ гъæубæстæн исбæрæг кодта нæуæг бунæттæ. Хелаги фæсте ци надбæл цудæй, е иссæй къахнад (нур дæр ма бæрæг æй), адæн æй хонгæ дæр «калми фæндаг» кæнунцæ. Багъайтæн сæ рази адтæй «нихæс» – устур дортæ, 3-гай тоннтæй уæззаудæр, тумбул зилдæй æвæрд. Нихæси адæн сæ кæрдтæ ци дорбæл циргъ кодтонцæ, е уæдта и бадæн дортæ абони дæр лæуунцæ. Гъе уæдæй, сæдæгай æнзти дæргъци ковунцæ Багъайти дзиуарæн. Уомæн æвдесæн æнцæ, сæхе медæг ци берæ сæгти æма дзæбодурти сиутæ ниууæнкæ æнцæ, етæ дæр. Дзурд «Багъайтæ»-н æ разурст æма нисанеуæг баст æнцæ е ‘рдзон бунати æвæрди хæццæ. Аци рауæнмæ Устур-Дигори зилд, Дзинагъа,Тъæпæн-Дигорæ æма Уæллаг коми гъæутæ – еугурæй дæр дзæбæх зиннунцæ. Аци рауæн æй дзæбæх гъæуайгæнæн, фæлгæсæн рауæн. Æвæдзи, уомæ гæсгæ «Багъайтæ» æвзуруй дзурд багъæуай-æй. Кувди бæрæгбон фæууй июли мæйи, авдисæри. Кувдмæ бацæттæ кæнуни ихæс бæрæггонд цæуй халæй. Бæрæгбонгæнæг хæдзари æфсийнæ, хæдзаргай æрæмбурдгонд хуарæй, исфицуй бæгæни, рауадзуй арахъ. Къеретæ ба искæнуй æрмæстдæр цигъдгунтæ (картоф, думæг, фиу æма æнд., нæ фæткуй гахæбæл æфтаун). Кувдтагæн косарт фæууй хæдзари хецауи харзæй. Агæвæрд æма фингитæ арæзт фæуунцæ Багъайти нихæси (Тъæпæн фæзи). Идзаг фингитæбæл минкъий рæстæг бабадгæй, æвзурст æрцæунцæ дзиуари лæгтæ – æртæ. Аци лæгтæ фæуунцæ нæуæг æртад, сæ дарæс – кæдзос. Сæ бауæрбæл цъæрæмухст
545
дæр нæ фæууй, ниуæзтæ дæр си некæмæ фæхъхъæртуй. Равзурст лæгтæ дзиуари ковæндони авармæ сæ хæццæ бахæссунцæ æртæ къерей (фæткæмæ гæсгæ минкъийгæндтитæ), косарти сæр æма æхсир. Бацæунцæ хатир коргæй. Дзиуарæн æ рохс нон иссерунцæ, уæдта ибæл бафæдзæхсунцæ гъæубæсти цæрæг адæни. Бабадунцæ хуæруйнæгтæ бакайуни æма сæр никкæдзос кæнуни уæнгæ. Уæдта сæри стæгдар æвæрд æрцæуй ковæндони тæрхæгбæл.Уой фæсте ковæндони тæрхæгутæ сæрмагонд ходæй ниссæрфунцæ æма сæ æхсирæй ниппурф кæнунцæ. Къилдун рахатун имæ нæ фæткуй, уомæ гæсгæ, ковæндони уатæй æндæмæ рахезунцæ фæстæмæ цæугæй. Нæуæгæй фингитæбæл сæ бунæтти æрбадунцæ æма иннети хæццæ сæ бадт кæронмæ рахæссунцæ. Бæрæгбони гъæубæсти адæн сæхе дзиуарæбæл бафæдзæхсунцæ. Никки ма фæккорунцæ сæ изæдæй, цæмæй сæ фуддунгæй багъæуай кæна. Къумбултæ хъæбæр бæрзонди æвæрд куд æй, уомæй си тухгин думгæ арæх фæххæссидæ хуаси ласгутæ, хуари бæкъуæлтæ æма игуæстæ. Карз изæдбæл нимад адтæй Багъайти изæд. Дзурдæн зæгъæн, ковæндони тæрхгутæ æййевунмæ гъæди æрмæг ку багъæуидæ, уæд æй лæгтæ хастонцæ сæ рагъæй, хайуанæй пайда кæнæн нæ уидæ. Кувди бони зустæй дзорæн дæр нæ уидæ. ДОНИФАРС
Рæхис. Донифарси цæргутæн сæ цитгиндæр изæдбæл нимад æй «Рæхис». Тауæрæхъмæ гæсгæ, Згиди æфцæгбæл хонхи гъæутæн изæдтæ ку иурстонцæ, уæд «Рæхис» фæдзæхст æрцудæй Донифарсбæл. Етæ, дан, æй хуæздæр багъæуай кæндзæнæнцæ. Рæхиси фиццаг ковæндонæ адтæй Самухъи хонхи дæлбазур, Донифарси гъæуи сæрмæ, къозæ гъæдæ – Дзигини. Ковæндонæ кæд зæлди буни фæцæй, уæддæр ма абони дæр бæрæг æй æ бунат – Дзигини кæрон, Къумбултæ æма Донифарсмæ цонæгъфæндæгтæ ци рагъ фæххецæн кæнуй, уобæл. Фæндæгтæ цудæнцæ, Дзигини ци берæ къирсодзæнтæ (гарнатæ) адтæй, уонæмæ. Фæстæдæр адæн «Рæхисæн» сæ гъæумæ хæстæг нæуæг уобай исаразтонцæ. «Рæхиси» бæрæгбон фæууй фиццаг цуппæрæни, июли мæйи. Кувд ци хæдзарæбæл фæдзæхст фæууй, е бæрæггонд цæуй кезуйæй. Кувдмæ бацæттæ кæнуни æгъдау æртæ силгоймагей бæрнæхсти бакæнунцæ. Етæ ба кувди размæ бæрæггонд æрцæунцæ халæй. Аци силгоймæгтæ хæдзаргай æрæмбурд кæнунцæ хуар – бæгæни исфицунмæ, нартихуар – арахъ рауадзунмæ æма нæуæг æлхъивд цихтитæ – къеретæн. Кувди бон уобаййи цъæх зæлди силгоймæгтæ исаразунцæ агæвæрд. Бæрæгбони фингитæ фæуунцæ хъæбæр гъæздуг аллихузон хуæруйнæгтæ æма ниуæзтæй.
546
Бæрæгбони ковæг адæн фæкковунцæ рæстæги хуарз рахаст, бийнонти хуарз амонд æма гъæубæсти исони рæсугъд æма гъæздугдæр царди туххæн. ЛЕЗГОРÆ
Никкола. Лезгори цæргутæ сæ тæккæ бæрзонддæр æма цитгиндæр изæдтæбæл нимайунцæ Уасгерги æма Никколай. Хонунцæ сæ æнгъазийнæ, æнхæтийнæ æма æнхуæрийнæ изæдтæ. Рагон таурæхъмæ гæсгæ, Згиди ‘фцæгбæл изæдтæ ку иурстонцæ, уæд Никкола байрæгæмæ кодта. Æма ‘й ку бафарстонцæ – кæми адтæ, зæгъгæ, уæд син Никкола ба загъта: «Далæ будури сувæллæнттæ ивулд донæй ервæзун кодтон». – Уой фæсте, дан, Никкола æхе ракурдта Лезгори сæр – Пароми ‘фцæгмæ. Никколай кувдмæ бацæттæ кæнуни æгъдау ци хæдзарæбæл уодзæй анзи фæсте, е бæрæггонд æрцæуй халæй кувди бони. Еци хæдзари хецау анзи дæргъци æхе фæддаруй уæлдай кæдзосдæр. Нæ ин ес цъумур куститæ кæнæн – фонси бун кæдзос кæнæн æма фагус ласæн. Хæдзари пеци анзи дæргъци не ‘нгъезуй сæнарæ содзун дæр. Алли анз дæр фиццаг авдисæри Никколай (маййи) мæйи фæууй Никколайæн æ комуадзæни бон. Дзиуари лæгтæ исбæрæг кæнунмæ, бæрæгбони размæ, цуппæрæни, фæггæлдзунцæ хæлттæ. Кувди хæдзарæ рахæссуй æртæ къерей нихæсмæ хæлттæ гæлдзæг лæгтæн. Хæлттæ фæййесунцæ, цалинмæ Хуцауи халæ исхауа, уæдмæ. Уой фæсте ба фæд-фæди, ист хæлттæ фæстæмæ ходи ниггæлдзгæй, есунцæ авд хали. Аци авд лæги авдисæри, æ комуадзæн бони, райсунцæ сæ хæццæ хъурмаллæхъ, бæгæни, æхсир, дон, къеретæ æма гъæугæ дзаумæуттæ, уотемæй иссæунцæ æ фиццаг ковæндонæмæ, хуæнхрæбун зæйласти размæ. Ковæндони багъуд кæнунцæ косæрттæгтæ. Æрæвæрунцæ фингæбæл сæ ковуйнæгтæ æма сæ исковунцæ. Ковуйнæгтæн се ‘мбес æрхæссунцæ гъæуи нихæсмæ лæг-адæми размæ. Дуккаг авдисæри ба фæууй Никколайæн æхе бæрæгбон. Куд къуæрей разæй, уотæ нур дæр цуппæрæни халæй бæрæггонд æрцæуй авд лæги. Аци лæгтæ кувди бони сæ хæццæ косæрттæ, къеретæ, æхсир, бæгæни, дон æма гъæугæ дзаумæуттæ райсгæй, рараст унцæ Пароми ‘фцæгмæ – Никколай ковæндонæмæ. Æрмахур, хуæрзхаст косæрттаг тæссар къахнадбæл фулдæр хатт æхуæдæг фæццæуй ковæндонæмæ лæгти разæй. Къеребæл – зинг, уобæл ба – фиу содзгæй, уотемæй авдемæй дæр, æд косæрттаг, бацæунцæ ковæндонæмæ. Уордигæй ба дууемæй, уæрхæсæг æма æфсийнæгонд – кæстæр, нивонди хæццæ исхезунцæ минкъий уæлдæр – æфцæгмæ. Æфцæгбæл нивондæн æрмæстдæр æ тог рауадзунцæ. Æнæстигъд косартæн æ реудзарæй фезонæгæн, раковунмæ, еу
547
гæпбæл ралух кæнунцæ. Фезонæг ракæнунцæ, анзи разæй си сæрмагондæй ци минкъий нæзи бæласæ уагъд æрцудæй, уой зингбæл. Æфцæгбæл Никколайæн æртæ къерей æма фезонæг исковунцæ æхсирæй. Ракъуæрунцæ нæзи бæласæ æма ‘й ниууадзунцæ æфцæгбæл иннæ анзмæ. Уой фæсте æнæгъуд косарт æрхæссунцæ ковæндонæмæ сæ фондз æмбалей размæ, ами æй багъуд кæнунцæ æма исфицунцæ. Ковæндони фингæбæл ковуйнæгтæ исковунцæ æма еу минкъий бабадунцæ. Дæргъвæтин бадт нæ фæккæнунцæ, гъæуи сæмæ æнгъæл ке фæккæсунцæ, уомæ гæсгæ. Уой фæсте рахæссунцæ сæ косарти ‘мбес æма ма, фингæбæл ци фæрзеу байзауй, уой, гъæуи Никколайæн ци ковæндонæ ес, уордæмæ. Дзиуари авд лæгей æрцудмæ гъæуи ковæндонæмæ неке фæццæуй. Нур кувди хæдзарæй рахæссунцæ устур – алли æрдæмæ дæр метрмæ хæстæг– «гъулуй – губорæ», æ сæрбæл æртæ сæфсади, уотемæй. Губорæ фæууй цæхгун цихт, думæг æма фиуæй конд – æхцин. Æ разелун æма рахатунмæ ин дарунцæ устур фиййæгутæ. Губорæн цихтитæ конд æрцæунцæ анзи дæргъци. Цихт кæнунмæ Дзиуари хæдзари ‘фсийнæ алли хæдзари гъоцитæ дæр еу изæр æркæнуй бун дугъд. Æхсирбæл ахсæн сæхемæ бакæнуй. Цихтитæн ба искæнуй хецæн дзаумауи дзосæ. Ковæндонæмæ хæдзарæй рахæссунцæ къеретæ авд авди уæдта бæгæни æма арахъ. Анзи дæргъци фурт кæмæн райгуруй, кенæ æ бæлццон кæмæн иссæуй, етæ сæрмагондæй ковæндонæмæ фæххæссунцæ косæрттæгтæ ковуйнаг фæрзеуи хæццæ. Барвæндонæй лæвар – хæдзари номæй, косæрттæ дæр си фæууй. Кувдмæ хунд фæуунцæ синхаг гъæутæй дæр берæ лæгтæ. Силгоймæгтæ нæ фæццæунцæ ковæндонæмæ, фал сæхуæдтæ кувдмæ бацæттæгæнæг хæдзари æрæмбурд унцæ, æма бабадунцæ. Кувди бони адæм сæхе æма сæ бæлццæнтти бафæдзæхсунцæ лæгти изæд – Никколабæл. Корунцæ, арв æма зæнхæ кæрæдзей куд бауарзонцæ, фудæртæх æма фуд-думгæй ба гъæуайгонд куд уонцæ. Кувди, фингитæбæл бадти рæстæги, халæй бæрæггонд æрцæуй, анзи фæсте Никколай кувди æхсидзгон æгъдау ке хæдзарæбæл уодзæй, е. Уасгерги. Ковæндонæ æй гъæуи астæу – устур дори рази. Уасгергий кувдмæ анзи фæсте бацæттæ кæнуни ‘гъдау ци хæдзарæбæл фæууй, е бæрæггонд æрцæуй æ кувди бони – халæй. Ковæндонæмæ силгоймæгтæ нæ фæццæунцæ. Æ бæрæгбон фæууй августи мæйи – Геуæргибони. Кувди хæдзарæ бæрæг бонмæ, гъæуæй æмбурдгонд хуарæй, исфицуй бæгæни æма рауадзуй арахъ. Æ бæрæгбони ба дæдтуй косæрттаг, искæнуй къеретæ æма берæ аллихузон хуæруйнæгтæ. Бæрæгбони гъæуи адæм сæхе бафæдзæхсунцæ Уасгергибæл. Фæдзæхст ибæл фæуунцæ бæлццæнттæ, уæдта гъæумæ æма гъæуæй цæуæг адæм еугурæйдæр.
548
Корунцæ си, цæмæй сæ бæрзонди бадæг, сугъзæрийнæ Уасгерги, æ базури буни дара æма син багъæуаги сахати ба алкæддæр æнхусгæнæг уа. ДОНИФАРСИ ЗИЛДИ ЕУМÆЙАГ БÆРÆГБÆНТТÆ Бундортæ. Бундорти бæрæгбон фæккæнунцæ æнсури мæйи, зæронд нимадæй Нæуæг анз ку ралæууй, уæд – фиццаг æртиккæг изæри. Бæрæгбон фæууй æрмæстдæр бийнонти. Хæдзарæ Бундорæн нивондæн æрхæссунцæ далис (Бундори далис). Нивонди косарт еугурæй дæр исфицунцæ. Фунхæй æй амæнтæни ниввæрунцæ æма æй фингæбæл æрæвæрунцæ. Никки ма фингæбæл фæууй къеретæ æма бæгæни (къумæл). Уой фæсте бийнонтæ цирагъ рахуссун кæнунцæ, сæхуæдтæ ба иннæ уат, кенæ æндæмæ рацæунцæ,– Бундор, дан, сæ æхуæдæг раковæд, зæгъгæ. Минкъий рæстæги фæсте ковуйнæгтæ æрæвæрунцæ фингæбæл, куд æмбæлуй, уотæ. Бадти медæгæ бийнонтæ фиццаг сæхе Устур Хуцаубæл бафæдзæхсунцæ. Сæ Бундорæн ба фæкковунцæ, цæмæй уонцæ нивгун, амондгун æма фæрнæйдзаг. Бийнонтæй ка нæбал фæууй, уой нон иссергæй, фæкковунцæ Бундорæн: «Ковунмæ дин – кувдтаг, хæлар кæнунмæ ба – дæхе фæндон». Бундорти ковуйнагæй бийнонтæ хай некæмæн фæккæнунцæ, хонгæ дæр неке æрбакæнунцæ. Еци бон синхæгтæ кæрæдземæ дæр цæуагæ нæ фæуунцæ. Хъурмаллæхъæн æ тог æма æстгутæ хæдзари фонси бунати кенæ сæрмагонд хецæн рауæн зæнхи, кæдзос сикъити буни никкæнунцæ. Басилтæ. Æ бæрæгбон фæууй, зæронд нимадæй Нæуæг анз ку ралæууй, уæд фиццаг майрæн изæри. Алли хæдзари бийнонтæ дæр бæрæгбони изæр февгæрдунцæ фус, исфицунцæ бæгæни (къумæл), искæнунцæ къеретæ. Æрбахонунцæ синхи лæгти. Ковгутæ уæларвон Басилæй фæккорунцæ Нæуæг анзи хæдзари бийнонтæн хуарздзийнæдтæ. Еци рæстæг кæстæр фæсевæд ба Басилти бæрæгбони зар «Уæ, Басилтæ…» заргæ æма кафгæ фæззелунцæ гъæубæсти хæдзæрттæбæл. Басилгортæн бæрæгбони ковæггæгтæй хайтæ искæнунцæ æма ку фæуунцæ зилд хæдзаргай, уæд æрæмбурди хунтæбæл хебæраги игъæлдзæг бадт бакæнунцæ. Фæлвæра. Нæ фиддæлтæ фонсдарæг æма зæнхи куст кæнæг адтæнцæ. Косгæ кæнгæй ба къулумпитæ дæр æрцæуй. Уомæ гæсгæ ба адæн Хуцаумæ кувтонцæ, кувтонцæ фонси Фæлвæрамæ, курдтонцæ, цæмæй син агъаз кæна сæ фонси нимæдзæ фулдæр кæнунæн. Зæронд нимадæй Нæуæг анзи фиццаг хуцауизæри бийнонтæ сæхе бафæдзæхсунцæ Устур Хуцаубæл. Дуккаг хуцауизæри ба сæ фонс (уæлдайдæр – листфонс) – Фæлвæрабæл.
549
Бæрæгбонмæ бийнонтæ исхæссунцæ нæлфус, рауадзунцæ арахъ, исфицунцæ бæгæни. Фæлвæра хæлар æма фæлмæнзæрдæ идауæг ке æй, уомæ гæсгæ ин фингæмæ къеретæ æма иннæ фæрзеуи хæццæ конд фæууй дзикка дæр. Бæрæгбони адæн Фæлвæрайæй фæккорунцæ, цæмæй сæ фонси нимæдзæ ивула.Ивулд фонсмæ ба Тотури сирдти комтæ дæр баст куд уонцæ. Ораза. Оразай цитгин бæрæгбони райдайæн æй комбæттæн. Алли анз дæр бæрæггонд фæууй евгъуд анзи бæрæгбонæй дæс бони раздæр. Комбæттæнæй комуадзæни (Оразай кæрони) уæнгæ ба ес еу мæйæ. Комбæттæни размæ хестæртæ сæхе дзæбæх никкæдзос кæнунцæ (сæр нилвинунцæ, нихтæ никкæнунцæ æма абанай фæсте кæдзос дарæс искæнунцæ). Ораза фæддарунцæ барвæндонæй. Сæйгитæ, бæлццæнттæ, сувæллæнттæ æма кæстæр фæсевæдæн ба ораза дарун хатиргонд æй. Бонигон, сæумæ хорискастæй изæри хорæфтуди уæнгæ, ораза дарæг адæн хуæргæ нæ фæккæнунцæ. Комуадзæни бони хæдзари бийнонтæ искæнунцæ идзаг фингитæ. Ораза дарæг адæмæн синхбæстæ фæййарфæ кæнунцæ, æгас комуадзæн уо, дæ ораза ба хъабил уæд, зæгъгæ. Фæккæнунцæ син аллихузон лæвæрттæ дæр. Зиангун бийнонтæ ба фæккæнунцæ комуадзæни садахъа дæр. Садахъай хæлар кæнуни фæрзеу, дуа исти фæсте, æвæрд цæуй фингитæбæл. Хъурмантæ. Хъурманти бæрæгбони райдайæн фæууй Оразай комбæттæнæй æртæ мæйи æма дæс бони фæстæдæр. Аци бæрæгбæнттæ æнцæ пусулмон динбæл хуæст адæнæн сæ цитгиндæртæ. Алли бийнонтæ дæр Хъурманти хъурмаллæхъ (косарт) никкæнунцæ æ фиццаг бони. Бæрæгбонмæ исфицунцæ бæгæни, искæнунцæ къеретæ, уони хæццæ фингæмæ æрхæссунцæ аллихузон адгийнаг хуæруйнæгтæ. Зиангун хæдзарæ ба дæттуй Хъурмани садахъа. Садахъай фæрзеу æрæвæрунцæ еумæ. Фæрзеу, дуа исесун æма хæларгонди фæсте, æрæвæрунцæ садахъай фингитæбæл хунд адæмæн. Алаурди. Алаурдий бæрæгбон фæккæнунцæ маййи мæйи фиццаг авдисæри. Идауæги цитгин нон бийнонтæ иссерунцæ сувæллæнтти туххæй. Нæ хестæртæ ма гъуди кæнунцæ, куд берæ æнагъон сувæллæнттæ рамæлиуонцæ уорс æма сурх дзиуарæй. Уомæ гæсгæ, Алаурди нимад адтæй карз идауæгбæл. Уоди барæ идаугутæй еунæг уомæ ес. Ковгæ дæр ин уомæ гæсгæ фæккæнунцæ, хатир коргæй. Бæрæгбони бийнонтæ нивондæн æрхæссунцæ дæркъæ. Фингæбæл иссодзунцæ бодæ – æхцини сæрбæл содзгæ зинг, зингбæл æвæрд фиу ба содзгæй хъуæцæ кæнуй.
550 34* Заказ №1424
Боди хъуæцæй сурдтонцæ, сувæллæнттæмæ ци незтæ æма фидбилизтæ кæсиуонцæ, уони. Кувди Алаурдийæй фæккорунцæ, цæмæй сувæллæнтти е ‘зæлу дусæй радауа, æ фæлмæн зæрдæ сæмæ бадара, цæрдæг æма уæндæгæй сæ бацара. Бæрæгбони Багъайти ковæндонæмæ силгоймæгтæ сувæллæнтти хæццæ фæххæссунцæ къеретæ, æхсир æма нисайнæгтæ. Ковæндонæмæ бацæуæни раласунцæ сæ къахидарæс. Силгоймæгти хестæр, хатир коргæй, бафæдзæхсуй сувæллæнтти Алаурдибæл. Æхсири пурфгонд ковæндони амонуй, мади ‘хсирау, сувæллæнттæмæ идауæг хæлар зæрдæ куд дара, уой. Ковæндонæй и нарæг æма тæссаг къæбури тæрхæги къæхнадбæл сæ къахидарæси уæнгæ рацæунцæ фæстæмæ, не ‘нгъезуй æргон иннердæмæ разелун ковæндонæй. Устур Хуцауи бонтæ. Устур Хуцауи бонтæ нимад æнцæ тæккæ кадгиндæр æма цитгиндæрбæл, бийнонти бæрæгбонтæй, Донифарс, Лезгорæ æма Къумбулти гъæути цæргутæн. Бæрæггонд фæуунцæ июни мæйи фæстаг цуппæрæни. Алли хæдзарæ дæр бæрæгбонтæмæ исфицуй бæгæни æма рауадзуй арахъ. Бæрæгбони ба хæдзари рагзад нæл уæр косартгонд æрцæуй. Аци бæнтти æртæ гъæуей цæргутæ косгæ нæ фæккæнунцæ. Алли бийнонтæ дæр сæ бæрæгбонмæ синхонти æрбахонунцæ. Бæрæгбони кувди бийнонтæ сæхе бафæдзæхсунцæ Устур Хуцаубæл. Бийнонтæ Устур Хуцауæй фæккорунцæ, царди медæгæ хуардзийнæдтæй хайгин уогæй, сабийтæ хестæрти фæндон устур куд кæнонцæ, устуртæ ба дзæбæхæй зæруамæ куд цæронцæ. Циргъесæн. Дзурд «циргъесæн» арæзт æй дууæ дзурдемæй: «циргъ» (цæвæг, æхсирф) æма «есæн» (райсæн) – æй. Хуасæ кæрдуни размæ Дигори коми гъæути гъæугувдтити (Мæхческæ, Фæрæскъæттæ, Уæхъæцæ æма æнд.) Циргъесæни бæрæгбон ма хонунцæ «Туххуæстæг» дæр. Устур гъæути бæрæгбони февгæрдунцæ галтæ, минкъийти ба – фустæ. Кувди бонмæ бацæттæ кæнуни ‘гъдау бæрæггонд æрцæуй халæй. Халæй æвзурст лæгтæ арахъ рауадзун æма бæгæни исфицунмæ хæдзаргай æрæмбурд кæнунцæ хуар. Бæрæгбони фингитæ аллихузон хуæрдæ æма ниуæзтæй фæуунцæ идзаг. Ковæг адæм фæккорунцæ, зæрдæрохс æма æвидбилизæй сæ фæззигон куститæ бакæнгæй, фæззæги гъæздуг тиллæг куд бафснайонцæ, уомæ. Циргъесæни кувди ка нæ уидæ, уонæн барæ нæ адтæй фиццæгти хæццæ хуаси куст райдайун. Цæппорсе. Цæппорсей бæрæгбон фæууй декабри мæйи, мæйзæронди, майрæнизæри. Бийнонтæбæл анзи медæг сувæллони зиан ку ‘рцæуй, уæд уой туххæй ба Цæппорсе фæккæнунцæ минкъий фæстæдæр, – мæйнæуæги фиццаг майрæнизæри. Бийнонтæ сæ бæрцæ æма равгæмæ гæсгæ æвгæрдунцæ гогуз кенæ карк. Исфицунцæ бæгæни (къумæл) æма искæнунцæ къеретæ. Сæрмагондæй ба аци бæрæгбони фингæмæ алкедæр фæффицуй дзæрна, нартихуар, хъæдорæ
551
æма хъæдоргунтæ. Цæппорсей бон нимайунцæ мæрдтæн хæлар æма уод кæдзос кæнуни бонбæл, Нæуæг анзи размæ. Бийнонтæ бæрæгбони сæхе се ‘зæдтæ æма идаугутæбæл бафæдзæхсунцæ, уæлдайдæр ба – сувæллæнтти. Мæрдти не ‘ронх кæнуни æма не ‘сони гъар æма рохс цардмæ бæлди нисани туххæй, алке бийнонти тургъти дæр гъæмпæй фæууй æртигай æрттæ. Æрттæ никкæнунцæ изæрæй хорæфтуди фæсте, сæумæ ба – хорискасти размæ. Мини кувд. Игуæрдæнтæ æма хезнитæ фагæ ке кодтонцæ (зумæги ба пайда кодтонцæ Хъæзлари зæнхитæй дæр), уомæ гæсгæ Донифарси зилди берæ хæдзæрттæмæ адтæй мингай фустæ. Æма мин сæри ци хæдзари уидæ, е алли анз дæр фонси Фæлвæра æма хуари Уацеллай лæвæрттæй исаразидæ берекеттæй парахат фингитæ гъæубæстæн. Еци кувд худтонцæ Мини кувд. Феппайуйнаг. Донифарс, Къумбултæ æма Лезгори гъæути цæрæг адæм сæ кувдтити фингитæбæл хестæрти рази æвæрунцæ сæр æма зæрдæ. Хуарздзийнади фингæбæл зæрдæ æвæрунцæ сæрæн æ рахес фарсæй, зиани фингæбæл ба æй не ‘вæрунцæ. Цийни фингæбæл хестæр бадуй финги сæри. Зиани фингæбæл ба – рахес фарсæй. Аци æртæ гъæуеми хуарздзийнади фингæвæрди, иннæ гъæутæй уæлдай, дуккаг гагидауи Уасгергий нон нæ ерунцæ. Уасгегий нон ерунцæ бадти кæронмæ хæстæг. УСТУР – ДИГОРИ ЗИЛДИ КОВÆНДÆНТТÆ УСТУР – ДИГОРÆ
Идауæг. Ковæндонæ æй гъæуи буни, Ирæфи уордæг, тъæпæн æрдози, тæгæр бæласи рази. Хонунцæ ма ‘й Сæрхезæг- Идауæг дæр. Идауæги бæрæгбон фæууй июли мæйи – хуцаубони. Кувдмæ ци æртæ хæдзари фæццæттæ кæнунцæ, етæ бæрæгбонмæ къосбарæй æмбурдгонд хуарæй исфицунцæ бæгæни æма рауадзунцæ арахъ. Идауæгæн нивондæн æрхæссунцæ гал. Бæбæрæгбони ковуйнаг фингитæ фæуунцæ хуæруйнаг æма ниуæзтæй парахат. Кувди бон халæй бæрæггонд æрцæунцæ, анзи фæсте кувдмæ бацæттæ кæнуни æгъдау ци æртæ хæдзари æнхæст кæндзæнæнцæ, етæ. Æ кувди бони Идауæгæй корунцæ, цæмæй гъæутæн тухгæнæг ма уа, адæн ба сæрæгас, æнæнез æма æвидбилиз уонцæ. Абони дæр иронх нæма æй, уæдта си иронх уогæ дæр нæ уодзæй гъæуи адæмæй, фиддæлти таурæхъмæ гæсгæ, се ‘дауæг сæ емини дзамани ци устур бæллахæй багъæуай кодта, е.
552
Кæддæр, дан, Еминæ лæги хузи Устур-Дигорæмæ цæугæй, фембалдæй Устур –Дигойраг Хайманти Гимибæл. Фæндаггон лæгтæ, куд æмбæлуй, уотæ кæрæдземæн салам равардтонцæ. Хаймани – фурт иуазæгæн æхе ку бамудта, уæд ин е загъта, æз ба, дан, сумахмæ ку цæун, зæгъгæ. Æма ин уæд Гими ба загъта: «Цо нæхемæ, ес нæмæ, ка дæ байуазæг кæна æма дин къæбæр, цæнхæ ка радта, уæхæнттæ». Рафæндараст гæнгæй кæрæдзей, Хаймани фурт æнахур иуазæгбæл фæггурусхæ ‘й – а, дан, махæн фидбилизæй фæстæмæ хуæрзæггаг нæй. Æма фæстæмæ хæстæгдæр къахвæндагбæл иуазæгæй фæрраздæр æй, радзурдта бийнонтæн, надбæл Еминæ лæги хузи ке фæууидта, уой æма сæмæ иуазæгуати ке ‘рбацæуй. Æнгон нихгæнун кодта дуæрттæ æма къæрæзгитæ. Бийнонтæн ба загъта: «Маймайид дæр иуазæг ма ‘рбауадзетæ медæмæ»! Бийнонти гъуддæгтæн неци зонгæй, хæдзари хецаумæ уайсадгæ киндзæ, иуазæги æрбахуастмæ дуар бакодта. Гъеууотемæй, Еминæ Гимий хæдзари исмедæг æй. Бийнонтæ уайтагъддæр фендæбилæ ‘нцæ хæдзарæй. Гими ба, ниффæдес гæнгæй æ гъæлæсидзаг, хабар фегъосун кодта гъæуи цæргутæн. Сæ тухст сахатти тарст адæн нæбал зудтонцæ, – кæци изæдбæл сæхе бафæдзæхсонцæ: Уасгергибæл æви Сæрхезæг Идауæгбæл? Хестæртæ дæр нæ разиндтæнцæ æмзунд æма æмвæндæ. Аци гъуддаг ниллух кæнунмæ Къургъости Байтемурухъо бахаста æ фæндон: «Фехсæн саздахъæй фат æма, кæци изæдмæ хæстæгдæр æрхауа, уобæл нæхе бафæдзæхссинан». Фæдесон, кæстæр фæсевæдæй еу, саздахъæй фехста. Минкъий рæстæг рацæугæй, фат æрхаудтæй Идауæги ковæндони тæккæ рази. Гъæуи адæн уайтагъддæр æрбамбурд æнцæ Идауæги ковæндони, Ирæфи дони уордæг. Уæдмæ сæмæ Еминæ лæборун райдæдта. Фиццаг сæмæ æрбакалдæй хæрæ мегъи хузæн, фал æй думгæ идард фæххаста. Уой фæсте сæмæ Еминæ сирдти берæгъбали хузæн лæборун райдæдта æма ‘й куйтæ фæссурдтонцæ. Æппун фæстаг Еминæ мæсуги æртгæнæн – устур нæзи цирагъи къудури хузæн фестадæй æма сæбæл цæфсгæ – цæфсгæ гъæуисæр фахсæй разилдæй. Уæд еци рæстæг Идауæги фатæй устур цæфсгæ къудур æртæ хъуæли фæцæй. Еу хъуæл си фæттахтæй Билæгæрдæмæ; дуккаг – Æхсинттæмæ; æртиккаг ба – дæлæмæ, адæни ‘рдæмæ тулдæй. Цæфсгæ къудури хъуæл донмæ ку нихъхъæрттæй, уæд æвеппайди Ирæфи дон райвулдæй. Ивулд дони сæрти нæ басхъеугæй, содзгæ къудур ниххустæй. Æрæги дæр ма, каргун адæмæй, сугъд къудур ка фæууидта, уæхæнттæ адтæй. Гъеууотемæй бабæй гъæуи адæн фидбилизæй фæййервазтæнцæ.
553
Аци таурæхъбæл дузæрдуг ка кæнуй, уонæн ба абони бæлвурдæй нæ бон зæгъун æй уой, æма Устур-Дигори цæргутæй неке рамардæй емини дзамани. Гъæуи нæййес, иннæ гъæути мæрдтæн еци дзамани ци уобæйттæ арæзт цудæй, уæхæнттæ дæр. Уæдæй абони уæнгæ Устур-Дигори цæргутæ алли анз дæр бæрæг кæнунцæ Идауæги бæрæгбон æ ковæндони рази, Емини дзамани гъæуи адæн ци бæнттæ рарвистонцæ, уони. Хонунцæ сæ Фацбадæнтæ. Æвæдзи, аци бæнттæ хундтæнцæ Фатбадæнтæ, саздахъи фати ‘рхаудмæ гæсгæ. Уасгерги. Уасгергий ковæндонæ æй – гъæуи сæри дорæй арæзт рагон хæдзарæ.Хæдзари ес рæхисбæл ауигъд æфсæйнагæй конд цирагъдарæн. Уомæй уæлдай ма си ес дууæ агфицæн рæхиси дæр. Уасгергий бæрæгбон фæууй ноябри мæйи геуæргибони. Кувдмæ бацæттæ кæнуни æгъдау бæрнæхст фæууй, Идауæги бæрæгбони æгъдау рæсугъдæй ци æртæ хæдзари исæнхæст кæнунцæ, уонæбæл. Уасгергий кувд Устур-Дигори хæццæ бæрæг кæнунцæ Къуссу, Одола æма Моски гъæути цæргутæ дæр. Ковæг адæм кувди бони бафæдзæхсунцæ сæхе Уасгергибæл. Корунцæ си, цæмæй алкæддæр сæ рахес фæрсти цæуа æма син багъæуаги сахат е ‘нхуси хай кæна царди фæндæгтæбæл. Гъæуæй идард балци еске ку фæццæуй, уæд ковæндонæмæ сæрмагондæй фæххæссунцæ косарт æд æгъдау. Ковæндони Уасгергибæл бафæдзæхсунцæ сæ бæлццони, ниввæрунцæ си нисайнаг дæр. Стулий кувд. Ковæндонæ æй Къуссумæ хæстæг, устур тæгæр бæласи буни. Аци изæди номи равзурст баст æй Дигоргоми тæккæ кæронгкагдæр гъæу – Къуссу æма Ассий æхсæн ци ‘фцæг ес, Стули, зæгъгæ, уой хæццæ. Стулий изæдмæ ковунцæ Устур-Дигори, Къуссуй, Одолай æма Моски гъæути цæргутæ. Аци кувдмæ бацæттæ кæнуни ‘гъдау дæр баст фæууй, Идауæг æма Уасгергий кувдтитæ ци æртæ хæдзари исæнхæст кæнунцæ рæсугъдæй, уонæбæл. Кувди бон фæууй августи мæйи, хуцаубони. Стулий изæди бæрæгбонмæ нивонд фæууй уорс гал. Нивонд гал ку исбæрæг уй, уæд ин æ хъурбæл ковæндони тæгæр бæласæй конд къæбæл бабæдтунцæ. Аци гал еске хумæ кенæ игуæрдæнмæ ку бацæуй, уæддæр æй не ‘здахунцæ. Кувди бадти адæм се ‘фцæги изæдæй корунцæ рæстæги хуарз рахастмæ, фуд æртæхæй хист уогæй, фæззигон куститæ дзæбæхæй куд бакæнонцæ, уомæ.
554
ДЗИНАГЪА
Габонæ. Дзинагъа æма Гулæри цæргутæн Габони изæд æй сæ тæккæ цитгиндæр. Уомæ гæсгæ си раги лæг адæн ард дæр хуардтонцæ. Ковæндонæ æй Гулæри гъæуи дорæй даст рагон хæдзари. Кувди бон фæууй июни кæрон кенæ июли райдайæни авдисæри. Габони кувд лæг адæн (силгоймæгтæ нæ цæунцæ ковæндонæмæ) фæббæрæг кæнунцæ æртæ къуаремæй. Кувди бони алли къуарæй дæр (хæдзарæй) еу лæг, ниуазæн райсгæй фингæбæл, ракоруй кувди адæмæй барæ анзи фæсте Габони кувд искæнуни æгъдау æхемæ райсун. Аци фæндонбæл аразий нисан фæууй, кувди барæ корæг лæги хæдзарæмæ – хуни æрвист. Уой фæсте хæдзари хецау анзи дæргъци æхе фæддаруй хъæбæр кæдзос. Цъумур куститæ дæр нæ фæккæнуй. Гъæубæсти зиан æрцæугæй, зиани тургъæмæ нæ фæццæуй, цалинмæ мард байвæрунцæ, уæдмæ. Кувди бон ку æрхæстæг уй, уæд, нæлгоймаг ци хæдзæртти ес, уонæй æрæмбурд кæнуй хуар бæгæни æма арахъæн. Кувд ци æртæ хæдзаребæл фæууй, етæ бæрæгбонмæ исфицунцæ бæгæни. Хуцауизæри ба сæ хæдзæртти никкæнунцæ косæрттæ, æма бæгæни фæууинунмæ æрбахонунцæ – алкедæр æ лæгти. Хуцаубони ба алли бийнонтæ дæр Габони изæдæн æ хæдзари нивгæрдуй уæр. Авдисæри (кувди бони) алли къуар дæр æ ковæн бунати никкæнуй косæрттæ. Фиццаг къуар – Дзинагъай хонсар фарс дууæ устур дорей рази. Дуккаг къуар – Гулæри гъæуи, Габони фиццаг ковæндони. Æма æртиккаг къуар – Дзинагъай гъæуи сæри, Габони бæласи буни. Кувди бадти ковæг адæм сæхе бафæдзæхсунцæ Габони изæдбæл. Фæккорунцæ, цæмæй гъæуайгонд уонцæ фуд дунгæ æма фуд æртæхæй, сæ фæззæг ба гъæздуг æма бæркадгун куд уа. Анзи медæгæ фурт ци хæдзари райгуруй, е кувдмæ сæрмагондæй æ къуармæ хæссуй косарт, къеретæ æма ниуæзтæ. Финги бадти медæгæ æртæ къуари кæрæдземæ арфи ниуазæнтæ рарветунцæ. Изæрæй кувди адæн, заргæй, къуæрттæ-къуæрттæй æрæмбурд унцæ гъæумæ æма исаразунцæ тумбул гъазт. Реком. Ковæндонæ æй, Гулæри буни Цъифтæ ке хонунцæ, уоми ци устур æртæ бæласи ес, уони астæу. Рекоми Дзиуарæмæ фæкковунцæ Гулæр æма Дзинагъай цæргутæ еумæ. Бæрæгбонмæ, кувд ци хæдзарæбæл фæууй, е, къосбарæй æмбурдгонд хуарæй, рауадзуй арахъ æма исфицуй бæгæни. Кувди бони Рекоми Дзиуарæбæл ковæг адæм бафæдзæхсунцæ сæхе æма сæ кæстæрти. Фæккорунцæ, цæмæй сæ гъæубæстæ æрдзон фидбилизтæ æма бæллæхтæй хизт уа, сæ фæззигон куститæ ба дзæбæхæй бакæнонцæ.
555
НÆУÆГГЪÆУ
Уацелла. Ковæндонæ æй гъæуæй минкъий еуварсдæр. Æ бæрæгбон фæууй августи мæйи, фæстаг авдисæри. Гъæуи цæргутæ кувд фæккæнунцæ хæдзаргай (кезугай). Бæрæгбони ковæндонæмæ гъæуи цæргутæ фæццæунцæ еугурæй дæр. ÆХСÆУÆ
Елиа. Ковæндони бунат æй Æхсæуи сæрмæ – Билæги коми Билæги дони билæбæл. Бæрæгбон фæббæрæг кæнунцæ авдисæри июни мæйи. Кувдмæ бацæттæ кæнуни ихæс ци хæдзарæбæл фæууй, е бæрæггонд цæуй кезуйæй. Бæрæггонд хæдзарæ, хæдзаргай æмбурдгонд хуарæй, исфицуй бæгæни æма рауадзуй арахъ. Кувди бони ба дæдтуй косæрттагæн уорс сæгъæ. Косартгæнгутæ сæгъи цар гæбæтæстъигъд ракæнунцæ. Уой фæсте ба сæгъи цар уорс бæхъæбæл (нæзи гъæдæ, цъарæ стигъдæй) федаргонд æрцæуй. Уорс бæхъæ æд цар ковæндони раздæриккон бæхъи бунати æвæрд æрцæуй. Ковæг адæн Елиайæй фæккорунцæ рæстæги хуарзрахаст. Фæкковунцæ, цæмæй, æрдзи фидбилизтæй гъæуайгонд уогæй, сæ фæззигон куститæ зæрдифæндон бакæнгæй, сæ фæззæг бæркадгун уа. ТЪÆПÆН ДИГОРИ КОВÆНДÆНТТÆ МÆХЧЕСКÆ
Хуцауи ковæндонæ. Ковæндонæ æй гъæуи кæрони бæласи буни. Хонунцæ ма ‘й Устур Хуцауи бæласæ дæр. Кувди бон фæууй июли кæрон, кенæ августи райдайæни – хуцаубони. Кувд фæккæнунцæ цуппæргай хæдзæрттæ – кезугай. Алли хæдзарæ дæр бæрæгбони Хуцауи ковæндонæмæ косæрттагæн дæдтуй фус. Арахъ æма бæгæни искæнунмæ ба хæдзаргай æмбурдгонд фæууй хуар. Кувди бони ма алли хæдзарæй дæр ковæндонæмæ хæссунцæ æртигай къеретæ. Уæдта ма анзи медæгæ фурт кæмæн райгуруй кенæ æфсадæй æ бæлццон кæмæн иссæуй, етæ сæрмагондæй ковæндонæмæ æрбахæссунцæ косæрттæгтæ æма фæрзеу ниуæзти хæццæ. Кувдмæ хунд фæуунцæ синхаг гъæутæ – Къаматæ æма Фæрæскъæттæй дæр. Бæрæгбони ковæг адæм сæхе Хуцаубæл бафæдзæхсунцæ. Фæккорунцæ, цæмæй син Устур Хуцау бахай кæна, дуйней царди медæгæ ци хуарздзийнæдтæ ес, уонæй.
556
Къубуси дзиуæрттæ. Ковæндонæ æй гъæуæй минкъий еуварс – Абисалти мæсуги рази. Бæрæгбон фæууй Хуцауи кувдæй еу дууæ къуæрей фæстæдæр – хуцаубони. Аци кувд дæр фæдзæхст фæууй, Хуцауи кувд ци цуппар хæдзари фенхæст кæнунцæ, уонæбæл. Бæрæгбони адæн ковунцæ Къубуси дзиуæртти хуарздзийнæдтæмæ. Фæккорунцæ дуйней сабурдзийнадæ, адæми æнæнездзийнадæ æма тиллæги æрзад. ХЪАЛНÆГЪТÆ
Туххуæстæг. Ковæндонæ æй гъæуи буни «Туххуæстæги» дори рази. Дзурд «Туххуæстæг» арæзт æй дууæ дзурдемæй: тухæ (хъаурæ) æма хуæстæй. Амонгæ ба кæнуй тухæй хуæцун. Туххуæстæгмæ ковунцæ Тъæпæн Дигори гъæутæ: Задæлескæ, Хæнæзæ, Нарæ, Мæхческæ, Фæрæскъæттæ, Хъазахтæ, Тауиттæ, Мæстинокæ, Фæснæл, Уæхъæцæ æма Къаматæ еугурæй дæр, еумæ. Алли гъæуæй дæр еу хæдзарæбæл (кезугай) фæдзæхст фæууй кувдмæ бацæттæ кæнуни æгъдау. Бæрæгбон фæккæнунцæ хуасæ кæрдуни размæ. Дигоргоми иннæ гъæути аци бæрæгбон хуннуй Циргъесæн. Туххуæстæги кувди æвгæрдунцæ уорс гал. Бæркадæйдзаг фингитæбæл ковæг адæм фæккорунцæ сæ уæззау, туххуæст кустити фæсте, фæззæги гъæздуг тиллæг куд исесонцæ æма анзи дæргъци кувдтити ба æртигай къеретæ куд кæнонцæ. УÆХЪÆЦÆ
Узунæг. Фарни фурт Узунæги ковæндонæ æй гъæуи сæри, гъæди, Сау æрдози (æрдозæ Сау хуннуй). Узунæги бæрæгбон фæууй июли мæйи хуцаубони. Кувдмæ цæунцæ нæлгоймæгтæ, сувæллæнттæ æма, киндзи цуд ка нæма фæууй, уæхæн кизгуттæ. Бæрæгбонмæ бацæттæ кæнунцæ æма æй æгъдауæй исрæсугъд кæнунцæ, халæй ци 7 лæги бæрæггонд æрцæуй, етæ. Кувди бони нæлгоймæгтæ (Скъодтатæй, Цакъотæй, Хъойбайтæй кенæ Цъугкитæй) ковæндони бæласæй райсунцæ рæхис æма ‘й æхсири ниртайунцæ. Уой фæсте ба анзи хаттмæ гæсгæ, кæд хор анз фæууй, уæд рæхис фæлдад æрцæуй, ковæндони сæрæй ци уазал сауæдонæ ес, уоми. Уарунгун анзи ба рæхис æхсири æртади фæсте æвæрд цæуй æ бунати. Гъæуи куд зæгъунцæ, уомæ гæсгæ, сауæдони рæхис фæлдади фæсте къæвда æнæмæнгæ рауаруй. Æ кувди бони гъæуи адæн сæхе бафæдзæхсунцæ Фарни фурт Узунæгбæл. Узæнæгæй ма ковæг адæм фæккорунцæ анзи (рæстæги) хуарз рахаст æма фæззæги гъæздуг тиллæг.
557
ФÆРÆСКЪÆТТÆ
Зæпбази, Рæхиси дзиуæрттæ. Ковæндонæ æй гъæуи медæгæ, рагон къирæй арæзт хæдзари. Кувди бон фæббæрæг кæнунцæ сæрди мæйти – хуцаубони. Гъæуи цæргутæ кувдмæ бацæттæ кæнуни гъуддаг кæнунцæ кезугай. Кувди хæдзарæ бæрæгбони размæ хæдзаргай æмбурдгонд хуарæй исфицуй бæгæни æма рауадзуй арахъ. Æ бони ба ковæндонæмæ дæдтуй косæрттаг æма кæнуй къеретæ. Бæрæгбони ковæг адæм сæхе бафæдзæхсунцæ Зæпбази дзиуæрттæбæл. Фæкковунцæ, фидбилизæй гъæуайгонд уогæй, рæстæги хуарзмæ æма фæззæги фагæ тиллæг райсунмæ. ФÆСНÆЛ
Нæлизæд. Ковæндонæ æй Уæллаг Фæснæли, Фарсикъæйтæ ке хонунцæ, уони сæрмæ. Æ бунат ба æй рагон дорæй арæзт хæдзаруат. Нæлизæди бæрæгбон фæууй сабати, августи райдайæни. Бæрæгбонмæ æмбурдгонд хуарæй исфицунцæ бæгæни æма рауадзунцæ арахъ. Изæди кувдмæ бацæттæ кæнуни ‘гъдау бæрæггонд фæууй кезуйæй. Бæрæгбони косæрттаг фæууй фус. Идзаг фингитæбæл ковæг адæм фæккорунцæ рæстæги хуарзрахаст æма гъæубæсти хуардзийнæдтæмæ. Сæдæ анзей размæ æрфинсти æрмæгмæ гæсгæ, Фæснæли гъæуи, иннæ гъæути хæццæ рабаргæй, нæлгоймаг адæм зингæ минкъийдæр адтæнцæ силгоймæгтæй. Æма, æвæдзи, гъæуи цитгин изæди нисанеуæг æ номи æй. Рагæй дæр курхон хестæртæ сæ кувдтити корагæ адтæнцæ, цæмæ фæббæллунцæ æма цæмæй нæ фæхъхъæртунцæ, уой. Æвæдзи, ковæг адæм дæр гъæубæстæн хуарздзийнæдтæ уомæ гæсгæ курдтонцæ Нæлизæдæй. МÆСТИНОКÆ
Елйа. Ковæндонæ æй гъæуи. Абони си цæрæг нæбал ес. Ес ин гъæумæ хæстæг дорæй арæзт рагон хæдзаруат. Æ бæрæгбон фæууй авдисæри июни мæйи. Кувдмæ бацæттæ кæнуни æгъдау æнхæст кодтонцæ хæдзаргай (кезуйæй). Кезуй хæдзарæ къосбарæй æмбурдгонд хуарæй бæрæгбонмæ исфицидæ бæгæни æма рауадзидæ арахъ. Кувди бони бадти адæм Елйайæй курдтонцæ, цæмæй гъæубæстæ, æрдзи фидбилизтæй (фуд æртæх, ех, зæйтæ æма думгитæй) гъæуайгонд уогæй, æ хуарздзийнæдтæй ба хайгин уа.
558
ЗАДÆЛЕСКÆ
Дигори изæд. Рагон таурæхъмæ гæсгæ, Дигори изæди ковæндонæн бундор ниввардта Астанти муггаги фиццаг фиддæл –Астан. Еци лæг, дан, сæ къубусæй цалдæр хатти бафеппайдта изæд (Дигори изæд) къубусæй Моргæ ‘рдæмæ ратæхгæ. Еу бон ба Астан, изæди ратахти фæсте, æ бунат ин базонон, зæгъгæ, æрбафтудæй еу устур лæгæтмæ (Дигори изæди лæгæтмæ). Астан лæгæти астæу фæууидта рæхисбæл ауигъд уæлартон агæ. Уæдæй фæстæмæ, дан, еци лæгæт иссæй ковæндонæ. Ковæндонæ æй Задæлескæн æ цæгат фарси, Седанати мæсугмæ хæстæг æрдзон лæгæти. Лæгæтæн æ фæзуат æй 80 кв. м. Ковæндони æнæуаг берæ ес аллихузон гъæдтаг сирдтæ ‘ма хæдзарон фонси сæри стгутæ. Æ тугургъæдтæ ба æмбæрзт æнцæ саг æма дзæбодури сиутæй. Алли анз дæр кувдмæ бацæттæ кæнуни ‘гъдау фæккæнунцæ кезуйæй æртигай хæдзæрттæ. Дигори изæди бæрæгбон фæууй хуцаубони июли мæйи (Циргъесæни кувди размæ). Сабати изæрæй ковæндони нивонд гал æвгарст æрцæуидæ. Нивонд гали нисанеуæг, хъурбæл баст къæбæл ба æвардтонцæ ковæндони (къæбæлти нимæдзæ си 100 фулдæр æй). А фæстаг æнзти гъæуи цæрæг адæм зингæ ке фæмминкъийдæр æнцæ, уомæ гæсгæ си нур ба æвгæрдунцæ фустæ. Фæйнæ фуси нивондтæн радтунцæ кезуй æртæ хæдзари. Æртæ хæдзарей лæгтæй къохæй хуæздæр ка фæййарæхсуй, е кардæй рæсугъд къæбæл искæнуй. Къæбæлбæл бæрæгбонæн æ анз æма бон ниффинсунцæ æма ‘й ковæндони ниввæрунцæ. Анзи дæргъци фурт ке хæдзари райгуруй, уæдта æ бæлццон кæмæн иссæуй, етæ дæр кувдмæ сæрмагондæй хæссунцæ косæрттæ æд къере æма ниуæзтæ. Бæрæгбони берекетгун фингитæбæл бадти хестæртæ сæ кувдтити фæккорунцæ гъæубæстæн æнæнез æма æвидбилиз цард хуарздзийнæдти хæццæ. Еумæйаг гъæугувдæй уæлдай ма Дигори изæдæн зумæг алли хæдзарæ дæр хуцауизæри нивондæн æрхæссуй гал. Хæдзари бийнонтæ сæ бæрæгбонмæ æрбахонунцæ синхонти. Бæрæгбони ковæг адæн бафæдзæхсунцæ фиццагидæр бийнонти уæдта гъæубæсти цæргути сæ цитгин изæдбæл. Хуцауи кувд. Задæлески цæргутæ Хуцауи кувд фæббæрæг кæнунцæ хуцаубони июни мæйи. Гъæуи ма берæ цæрæг адæм ку адтæй, уæд бæрæгбони æвгарстонцæ гал (абони – фустæ). Бæрæгбони агъоммæ æвзурст лæгтæ æрæмбурд кæнунцæ гъæугæ фæрзеу æма æхца хæдзаргай. Кувди бонмæ исфицунцæ бæгæни æма рауадзунцæ арахъ. Ковæг адæм сæ кувдтити рæстæги, хуарздзийнæдтæ ракоргæй, бафæдзæхсунцæ гъæубæстæ Хуцаубæл. Дигори Нана. Ковæндони фæззинд баст æй, Тæтæр æма Манголи æнæкæрон æфсæдтæ нин нæ адæни муггаг кунæг ку кодтонцæ, еци дзамани хæццæ.
559
Еу изæддон дигорон æвзонг силгоймаг (Нана æй, æвæдзи, уой фæсте исхудтонцæ, – ку æрзæронд æй, уæд), еци тухст æма зин рæстæги, цæмæй нæ адæни муггаг ма фесавдайдæ, уой туххæй, пурхгонд æма сурх пеллон калгæ гъæутæй æрæмбурд кодта байзайæггаг æвзонг сувæллæнттæ æма сæ сосæггити æнæ нади нæдтæбæл хуæнхтæмæ æрбакодта. Æрбунат кодта Нана æд сабийтæ Задæлескæмæ хæстæг, Морги лæгæти. Нана стонг сувæллæнттæн хуæрун кодта гъæддаг фæткъутæ, кæрдтутæ, уæгъæлитæ, уæдта аллихузон хуæрунæн бæзгæ уедæгтæ æма кæрдæгутæ. Рæстæг рацæугæй, ирæзгæ уодтæ рагъомбæл æнцæ. Кизгуттæ лæгтæмæ æрцудæнцæ, лæхъуæнтæ ба уоститæ æрхудтонцæ. Гъеууотемæй Нана æма Задæлески фæрнгун адæми фæрци нæ рист фиддæлти исусгæ сауæдонæбæл бафтудæй берæ нæуæг æма рæсог къабæзтæ. Кувди бæрæгбон фæууй июли мæйи 3-аг сабати. Кувдмæ бацæттæ кæнуни æгъдау ба аци кувди дæр фæууй кезугай – æртæ хæдзаребæл. Бæрæгбонмæ нивондæн фæйнæ фуси раттунцæ кезуй æртæ хæдзари. Уони бæрнæхсти фæууй бæрæгбонмæ бæгæни исфицун, арахъ рауадзун æма къеретæ искæнун дæр. Анзи медæгæ кизгæ ке хæдзари исæнтæсуй, е ковæндонæмæ кувди бони хæссуй косæрттаг, (уæр, кенæ фус) къеретæ, арахъ æма бæгæний хæццæ. Бæрæгбони идзаг фингитæбæл ковæг адæн гъæубæсти сувæллæнтти бафæдзæхсунцæ Нанабæл. Фæккорунцæ, цæмæй сувæллæнттæ уонцæ гъæуайгонд зинтæй. Сæрæгас, æвидбилиз æма игъæлдзæгæй сæ хестæрти фæндон ирæзонцæ. Задæлески фæсевæдæй идард балци еске ку цæуидæ, уæд æхе бафæдзæхсунмæ ковæндонæмæ исхæссидæ æртæ къерей æма нисайнаг. Уотемæй бæлццони Нанабæл бафæдзæхсиуонцæ гъæуккаг зæронд уоститæ. НАРÆ
Сослан. Сослани цирт (уобай) æй Нарæмæ хæстæг Мæцути æрдози. Уобаййи байзадæй рагон, дууæ метремæй даргъдæр ка адтæй, уæхæн лæги стæгдар. Сослани ковæндонæ æй дууæ Нарей – Уæллаг æма Дæллаги астæу. Æ бæрæгбон фæууй июли райдайæни, хуцаубони. Кувдмæ бацæттæ кæнуни æгъдау ци хæдзарæбæл фæдзæхст фæууй, е бæрæггонд цæуй кезуйæй. Бæрæгбони кувдмæ дууæ гъæуей цæрæг адæн нæлгоймагæй-силгоймагæй еугурæй дæр цæунцæ. Кувди хæдзарæ Сослани Бæрæгбонмæ исфицуй сау бæгæни æма рауадзуй арахъ. Бæрæгбони идзаг фингитæбæл ковæг адæн фæккорунцæ Сосланæй рæстæги хуарз рахаст æма бони хуарздзийнадæ уæдта исони бони фулдæр фарнæ амон-
560
ди хæццæ. Уомæ гæсгæ Тъæпæн Дигори гъæути сæумæ раги исковунмæ агурд уидæ Нарæй лæг. Æвæдзи, рæстæги хуарзмæ бæлгæй, къæвдай фæсте хори ракасти æрдзи рæсугъд фæззинд дæр Сослани æндурæ уомæ гæсгæ исхудтонцæ. Бæрæгбони Сослани кувди идзаг фингитæбæл бадти адæн, игъæлдзæгæй фæззаргæй, исаразунцæ къæрцгъаст дæр. ХÆНÆЗÆ
Уацелла. Хæнæзи Уацеллай ковæндони бунат æй гъæуи хонсарварс, Хуарз уоси къæбур ке хонунцæ, уой сæрмæ. Ковæндонæ æй дорæй арæзт рагон хæдзаруат, æ сæр къæйдорæй æмбæрзт. Æ цори ба ес устур галæвгæрдæн, æ дæргъцæ дууæ метри кæмæн æй, æ уæрхцæ ба – метр хуæздæр, уæхæн къæйдор. Къæйдорæн æ кæрæнттæбæл кæрдтæ дæр циргъ кодтонцæ. Æвгæрдæн дори рази ма ес, еу 15 литри кæми цæуй, уæхæн къагъд дор дæр – тогæн. Хæнæзи ма берæ цæрæг адæн ку адтæй, уæд Уацеллай бæрæгбони æвгарстонцæ гал. Кувди æгъдау æнхæстгонд цудæй кезугай. Къосбарæй æмбурдгонд хуарæй, кезуй хæдзарæ бæрæгбонмæ исфицидæ сау бæгæни, рауадзидæ арахъ. Косæрттаг, къеретæ æма аллихузон хуæруйнæгтæ дæр лæвардта кезуй хæдзарæ æхуæдæг. Абони, кæд Хæнæзæ исафтед æй цæрæгæй, уæддæр си ка цардæй, етæ Уацеллай бæрæгбон алли анз дæр кæнунцæ. Бæрæгбон фæууй фæстаг сабати июли мæйи. Ковæг адæн Уацеллайæй фæккорунцæ, цæмæй æрдзон бæлæхтæй гъæуайгонд уонцæ. Сæ тиллæг сæ къохи дзæбæхæй куд бафтуйа æма си анзи медæгæ идзаг къохæй кувдтитæ куд кæнонцæ. Дзурд хуари Уацеллай нисанеуæги равзурст баст æй нартихуар, мæнæуæ æма хъæбæрхуари æрзади хæццæ. Æфсерæфтаугæй, уæлдæр ци хуарти кой искодтан, уони нæуæг æфсерти нæмгутæй рацæуй циллей рæсугъд хæлттæ. Аци хæлттæ куд фулдæр фæуунцæ, уотæ хуарæрзад дæр фулдæр фæууй. Гъе уомæ гæсгæ хуари кустгæнгутæ кувтонцæ, цæмæй сæ хуари уа «цилле». Æвæдзи, уотемæй равзурдæй Уацеллай ном. Зинйатæ. Хæнæзи гъæуи бийнонти цитгиндæр бæрæгбонбæл нимад адтæй Зинйатæ. Аци бæрæгбон æй Устур Дигори – Фацбадæн æма Дунти – Сонгути изæди бæрæбонти хузæн. Бæрæгбон уидæ январи мæйи фæстаг сабати. Еци бон алли бийнонтæ дæр хæдзари кодтонцæ косарт. Бæрæгбонмæ исфициуонцæ бæгæни. Уотемæй сæ бæрæгбон кодтонцæ къуæрей дæргъци синхæгтæ, хæстæгутæ æма иуазгути хæццæ. Бийнонти кувди фингитæбæл ковæг адæм фæккорунцæ, цæмæй сæ Зинйати изæд багъæуай кæна фидбилиз
561
æма зинтæй. Æвæдзи, дзурд зинмæ гæсгæ Хæнæзи цæрæг адæм сæ изæд æма бæрæгбонтæ дæр Зинйатæ уомæн хонунцæ. Феппайуйнаг. Задæлескæ, Хæнæзæ æма Нари цæрæг адæм кувди фингитæбæл хестæрти рази февæрунцæ сæр, зæрдæ æма хæлорæ (хæлорæ æвæрунцæ сæрбæл). Зæрдæ хуарздзийнади фингæбæл æвæрунцæ сæрæн æ рахес фарсæй, зиани фингæбæл ба – галеу. Ухстбæл ковунмæ хестæрмæ æхсæрфæнбæлттæ фæууй авд, дуккаг хестæрмæ – фондз æма æртиккагмæ – æртæ. УÆЛЛАГКОМИ КОВÆНДÆНТТÆ Сонгути изæдтæ (Идауæги кувд). Дунти гъæуи цæргутæ се ‘зæди бæрæгбон анз дууæ хатти фæббæрæг кæнунцæ. Фиццаг хатт – фæстаг сабати, январи мæйи. Дуккаг хатт ба – дуккаг, кенæ æртиккаг сабати, июли мæйи. Æ фиццаг кувд ин фæккæнунцæ Устур-Дигорæ æма Хæнæзи цæргутæ, Фацбадæнтæ æма Зинйати бæрæгбæнттæ куд фæккæнунцæ, уотæ. Таурæхъмæ гæсгæ дæр, изæд сæумæй фæззиндтæй Дунти, рæфти – Хæнæзи, е ‘зæр ба Устур – Дигорæмæ исхаста. Гъе уомæ гæсгæ, Дунти цæргутæ сæ бийнонти бæрæгбон райдайунцæ сæумæй. Къуæрей дæргъци гъæуккæгтæ кезугай кæрæдзей бæрæгбонтæмæ фæццæунцæ. Иуазæгуати бацæуæг лæг, еци рæстæг, къуæрей кæронмæ байзайуй гъæубæсти, бæрæгбонти кæронмæ. Гъæуи адæм сæ кувдтити фæккорунцæ, цæмæй сæ изæд багъæуай кæна соназарæй, зинтæй. Дунти цæргутæн сæ дуккаг кувд ба фæууй изæди рагон ковæндони, Сонгути коми. Ковæндонæ æрæги, 1994 анзи цалцæггонд æрцудæй. Гъæуи цæргутæ Сонгути изæд карзбæл нимайунцæ. Уомæ гæсгæ æ комæй сог хæссун дæр не ‘нгъезуй. Зундгонд куд æй, уотемæй ба Уæллагкоми гъæути гъæдæ сæмæ идард æй – сог æркæнун устур гъуддаг фæууй. Иннетæй уæлдай, æрмæстдæр, дан, дзиуари лæг Хъибизтæй Гæмæт, зæгъгæ, хæссидæ Сонгути комæй сог хæдзарæмæ. Зæгъун гъæуй уой дæр, æма Гæмæт æхе номæй алли анз дæр Сонгути изæдæн кувд кæнидæ. Сонгути коми ма ес еу пихсгун зæнхи гæбазæ «Масти гъос», зæгъгæ, дæр. Уордæмæ раги дзамани тоггин ку байервæзидæ, уæд æ фæдбæл тогесæг нæбал зелидæ, хатиргонд ин æрцæуидæ изæдтæй дæр æма тогесæгæй дæр. Рагон таурæхъмæ гæсгæ, дан, кæддæр Сонгути бæрæгбони кувди, исæмбалдæй еу лæг. Иуазæгæн куд æмбæлуй, уотæ хуарз æгъдау равардтонцæ, ниуазæн дæр ин лæвæрд æрцудæй. Фал æй бадти адæмæй бафæрсæг нæ фæцæй æ номæй. Æма син иуазæг дæр, бауаæдзæф гæнгæй, загъта, се ‘зæди хай ке ‘й, уой, æ ном ба – «Бæлгъур». Бæлгъур уой фæсте æрбунат кодта Дзиуæртти рагъи. Дзиуæртти рагъæй ба æ бунат раййивта Дзиуаристæнмæ.
562
Раздæр алли муггаг дæр Сонгути бæрæгбон кодта хецæнæй, а фæстаг рæстæги ба æй кæнунцæ еумæ. Дунти ма фулдæр адæм ку цардæй, уæд бæрæгбони косарт кæниуонцæ гал, нур ба – фустæ. Кувди бонмæ æрбацæунцæ, Дунтæй раздæр ка фæллигъдæй, етæ дæр. Кувди æгъдау исæнхæст кæнуни ихæс ци хæдзарæбæл фæууй, е бæрæгбонмæ исфицуй бæгæни æма рауадзуй арахъ. Бæрæгбонмæ ба искæнуй къеретæ æма дæдтуй косæрттагæн фус. Бæрæгбони фингитæ фæуунцæ хуæрдæ æма ниуæзтæй гъæздуг. Бадти адæм сæ кувдтити фæккорунцæ, цæмæй, гъæубæстæ хуарздзийнæдтæй хайгин уогæй, фидбилизтæй хист уа. Фæкковунцæ ма, цæмæй давæг лæг идарддæр дæр Сонгути комæй фæндараст макæд кæна. Анзи медæг фурт ци хæдзари райгуруй, етæ бæрæгбони кувдмæ хæссунцæ косарт æд къере æма ниуæзтæ. Алаурди. Ковæндони бунат æй Гарнигки бæлæсти буни. Кувди бæрæгбон фæууй фиццаг авдисæри – маййи мæйи. Алаурдимæ ковунцæ Дунтæ, Къæмунтæ æма Гæлиати гъæути цæрæг адæм. Нимад гъæути бийнонтæ сæ хæдзæртти никкæнунцæ косæрттæ. Бæрæгбонмæ алли бийнонтæ исфицунцæ бæгæни. Бийнонти бæрæгбони, ковæг адæм сувæллæнтти бафæдзæхсунцæ, незæй сæ ка гъæуай кæнуй, еци цитгин Алаурдибæл. Алаурдийæн æ рохс ковæндонæмæ ба гъæути цæргутæ фæххæссунцæ æртигай къеретæ нисайнæгти хæццæ. Елиа. Ковæндонæ æй Хонсари гъæуи, абони си цæрæг нæбал ес. Ес ин рагон, дорæй арæзт хæдзарæ. Елиай бæрæгбон фæууй авдисæри июни мæйи. Бæрæгбони кувдмæ гъæуи адæм æрæмбурд кæнунцæ кувдмæ бацæттæ кæнуни ихæстæ. Елиай бæрæгбони ковæг адæм рæстæги баридауæгæй фæккорунцæ фиццагидæр, цæмæй æрдзи фидбилизтæй – ех, фуд æртæх, зæйтæ æма æнд. гъæубæстæ гъæуайгонд уа. Уой фæсте ба фæккорунцæ æрдзæн æ хуарздзийнæдтæ æнæнез царди хæццæ. Уацелла. Ковæндони бунат æй Къæмунти гъæуи сæри, Мости билæбæл. Æй дорæй арæзт – рагон устур хæдзарæ. Уацеллай бæрæгбон гъæуи цæргутæ бæрæг кæнунцæ хæдзаргай, кезуйæй. Кувди бон фæууй æртиккаг авдисæри июли мæйи. Ковæг адæм бадти идзаг фингитæбæл фæкковунцæ гъæздуг хуарæрзад æма фæззигон тиллæги куститæ зæрдæрохсæй бакæнунмæ. Анзи медæгæ фурт ци хæдзари исæнтæсуй, е бæрæгбони ковæндонæмæ хæссуй косарт æд къере æма ниуæзтæ. Елиа. Ковæндони бунат æй Къæмунти гъæуи уæллаг синхи. Бæрæгбон фæууй геуæргибони июли мæйи. Кувдмæ бацæттæ кæнуни ихæс бæрæггонд цæуй кезуйæй. Кезу ци хæдзарæбæл фæууй, е хæдзаргай æмбурдгонд хуарæй, бæрæгбонмæ исфицуй бæгæни æма рауадзуй арахъ. Кувди бони ба дæдтуй косæрттаг дæр. Ковæг адæм Елиайæй фæккорунцæ рæстæги хуарзрахаст, æрдзон фидбилизтæй гъæуайгонд уогæй.
563
Фæрон. Ковæндонæ æй Гæлиати гъæуи хурфи, дорæй арæзт рагон хæдзари. Фæрони кувди бон фæууй æртиккаг сабати июли мæйи. Кувдмæ бацæттæ кæнуни ихæс бæрæггонд цæуй кезуйæй. Кезуй хæдзарæ бæрæгбонмæ исфицуй бæгæни æма рауадзуй арахъ. Нивонди косæрттагæн Фæрони кувди фæууй гал. Бæрæгбонмæ æрцæунцæ, Гæлиати гъæуæй раздæр ка фæллигъдæй, етæ дæр. Анзи медæгæ фурт ци хæдзари райгуруй, е бæрæгбони ковæндонæмæ хæссуй косарт, къеретæ æма ниуæзтæ. Идзаг фингитæбæл бадти хестæртæ фæккорунцæ фиццагидæр фæрнгун цард гъæубæстæн. Гъе уомæ гæсгæ, Гæлиати Фæронæн æ номи нисанеуæг дæр æма дзурд «фæрон» æхуæдæг дæр баст æнцæ федауцæ дзурд – фарни хæццæ. Авд дзиуари. Ковæндони равзурди таурæхъ ракодта 90 анздзуд Гæдзаути Гамбий. Турсуй коми еу расуг къняз, æ дууæ фæсдзæуиней хæццæ Болацати хæдзарæй, кедæр ардудмæ гæсгæ, ракодта тухæй кизгæ. Куддæр кизгæ тургъæй хаст æрцудæй, уотæ цауæнæй фелвæстæй хæдзари хецау – кизги фидæ Гæдзау. Гъуддаг базонгæй сæ, хæдзари хецау расурдта. Цауæйнон лæг æртей æрфæлдахта, кизги ба сæхемæ æрбакодта. Уой адæбæл Гæдзау æд бийнонтæ ниууагъта Турсуй ком æма, авд хонхей сæрти рахезгæй, æрбунат кодта Гæлиати гъæуи. Æртæ лæги рамарæг æдас кæми адтайдæ æма уомæ гæсгæ ба кувта Хуцаумæ æма изæдтæмæ. Ковæндонæ ба авд хонхей сæрти рахизтмæ гæсгæ исхудтонцæ – Авд дзиуари. Ковæндони бунат æй Гæлиати сæрмæ «Рагъти дортæ» ке хонунцæ, уони рази. Бæрæгбон фæууй июли мæйи фæстаг сабати. Дзиуари кувдмæ бацæттæ кæнуни ихæс бæрæггонд цæуй кезуйæй. Кувди бонмæ кезуй хæдзарæ исфицуй бæгæни æма рауа-дзуй арахъ. Кувди бони ба дæдтуй нивондæн фус. Фингæбæл бадти ковæг адæм фæккорунцæ: рæстæги хуарзрахаст, дуйней сабурдзийнадæ уæдта фидбилизтæй хизт куд уонцæ, уой. Æфцæги кувд. Ковæндони райдайæн баст æй, нæ фæсевæд идард бæститæмæ мулк бакосунмæ ку цудæнцæ, еци рæстæги хæццæ. Идард балци цæуæг адæн, кувдæн цидæр гъæуй хуæрди фæрзеу æма ниуæзтæй, уони хæццæ исковунмæ исцæунцæ æфцæгмæ, сауæдони размæ. Æфцæги кувд алли анз дæр бæрæггонд цæуй. БУДУРИ ГЪÆУТИ КОВÆНДÆНТТÆ Хуцауи ковæндонæ. Бæрæгбон фæккæнунцæ Къора æма Уорсдони цæрæг адæм. Кувди бон фæууй июли мæйи, хуцаубони. Ковæндонæ æй устур
564
кæрдту бæласи рази. Нивондæн си æвгæрдунцæ гал. Бæрæгбони кувди идзаг фингитæбæл ковæг адæм сæхе бафæдзæхсунцæ Устур Хуцаубæл. Фæккорунцæ си æнæнез æма æвидбилиз цард. Уасгерги. Ковæндонæ æй Къорай сæрмæ, Хор-хуари бæрзонд къолæбæл. Ковæндонæ уæлдай федауцæ кæнуй Едзити Сослæнбеги конд, дорбæл амад, изæдти сорæт. Бæрæгбон фæууй ноябри мæйи – Геуæргибони (Геуæргобай). Кувди бони æвгæрдунцæ гал. Хæдзæрттæй хаст æртигай къеретæ æма фæрскъитæ ба исковунцæ еумæ. Ковæг адæм бафæдзæхсунцæ гъæубæстæ дæр æма бæлццæнтти дæр цитгин Уасгергибæл. Алаурди. Алаурдий ковæндони бунæттæ ‘нцæ Дур – Дур æма Къорай (Уасгергий ковæндонæмæ хæстæг) гъæути. Бæрæгбон фæббæрæг кæнунцæ маййи мæйи, авдисæри. Кувдмæ фæццæунцæ æрмæстдæр силгоймæгтæ сувæллæнтти хæццæ. Каргун уоститæ цитгин Алаурдибæл бафæдзæхсунцæ гъæубæсти ирæзгæ уодти. Аци зилди гъæути цæрæг адæн ма алли анз дæр фæййерунцæ, ка ци гъæуæй ралигъдæй, еци гъæути изæдтæ æма идаугути рохс нæмттæ æма бийнонти бæрæгбæнттæ. Никки ма си беретæ фæццæунцæ хонхмæ, сæ райгурæн бунæтти цитгин изæдтæ æма идаугути бæрæгбæнттæмæ, фæуунцæ ковæндæнтти дæр. Геуæргоба. Геуоргобай цитгин бæрæгбæнттæ, фулдæр гъæути, бæрæг кæнун райдайунцæ геуæргобай мæйи 16-аг бони фæсте фиццаг авдисæри. Бæрæгбæнттæ фæккæнунцæ фараст боней дæргъци. Аци бæрæгбон Уасгергий бæрæгбони хæццæ беретæ хæлæмулæ кæнунцæ, æма е раст нæ ‘й. Дигори адæн ма хуæнхбæсти ку цардæнцæ, уæд ин алли хæдзарæ дæр æ номбæл кодта косарт. Гал арæхдæр февгæрдунцæ хуцауизæри, уомæ гæсгæ и бон (сабат) галæвгæрдæн дæр фæххонунцæ. Синхонтæ бадзубанди кæнунцæ æма сæ бæрæгбонтæ кезугай, кæрæдземæ цæугæй, исбæрæг кæнунцæ. Къуæрей дæргъци еунæг геуæргибон ке ес, æма сæ фæззигон куститæ ке бакæнунцæ, уæдта хæдзæрттæ берæ ке ‘нцæ, уомæ гæсгæ ба сæ бæрæгбæнттæ фæккæнунцæ сауæнгæ, зæронд нимадæй, Нæуæг анзи ралæудмæ. Комуадзæн. Ком раздæр дардтонцæ æма абони дæр дарунцæ. Ком анзи медæгæ цалдæр хатти æма фæйнæ хузти фæддарунцæ. Еуетæ айдагъ уорсагæй конд хуæруйнæгтæ фæххуæрунцæ, иннетæ ба, фонси сойнæ ци хуæруйнæгтæмæ
565
фæхъхъæртуй, уони нæ фæххуæрунцæ. Комбасти бæнтти кæрон ку æрцæуй (пусулмæнттæ æй «ораза» хонунцæ), уæд райдайуй Комуадзæни бæрæгбон. Аци бæрæгбонмæ, уæлдайдæр ба, ком ка фæддаруй, етæ, сæхе бацæттæ кæнунцæ. Бæркадгун фингитæ исаразунцæ. Ком бадарæг адæм æма сувæллæнттæн ба лæвæрттæ дæр фæккæнунцæ. Тотуртæ. Раздæр тогцъух сирдти баридауæг Тотурæн анз дууæ хатти кувд кодтонцæ. Фиццаг бæрæгбон кодтонцæ уалдзæг, фустæ зад ку фæууиуонцæ, уæд. Дуккаг ба – фæззæги уæритæ фустæмæ ку рауадзиуонцæ, уæд. Кæмæ куд фулдæр фонс уидæ, уотæ сæ фингитæ дæр парахатдæр адтæнцæ. Сæ кувдтити курдтонцæ Тотурæй, цæмæй сæ фонс уонцæ æнæнез, сæ бæрцæ – берæ, берæгъи ком сæмæ баст куд уа. Æркæсуйнаг. Изæрæй хæдзари фонсæй гъог, бæх кенæ хæрæг ку не ‘рцæуидæ, уæд берæгъи ком бабæттиуонцæ. Берæгъи ком ба бастонцæ мæнæ атæ: хæдзари æфсийнæ райсидæ фæрæт, хæдзари хецауи ходæ æма ронæ. Фæрæти ком ходи ниввæридæ æма ‘й ронæй бабæттидæ, æхе меднимæр исковидæ: «Бийнонти амæттаг æй уадзæ, берæгъи ком ба имæ баст уæд», – зæгъгæ. Хор-хуари Уасгерги. Бæрæгбон фæккæнунцæ Къорай цæрæг адæм. Бæрæгбон фæууй геуæргобай мæйи геуæргибони. Ковæг адæм фиццагидæр бафæдзæхсунцæ гъæубæстæ дæр æма бæлццæнтти дæр цитгин Уасгергибæл, уæдта фæккорунцæ сæ уалдзигон бакустити фæсте гъæздуг тиллæг. Хумидайæн. Хумидайæн берæ рауæнти бæрæг кодтонцæ «хори» къæлиндарæй. Хор гъæубæстæбæл «хумидайæн» хъабагъæбæл æфтуйун ку райдайидæ, уæд афонæ уидæ хумæ кæнунмæ. Зæнхæ дæр уæдмæ уалдзигон хори тунтæй исгъар уидæ, кæрдæг дæр æргом искæлидæ. Нихæси лæгтæ бадзубанди кæниуонцæ æма, хуарз къах кæмæн уидæ, уомæн барæ раттиуонцæ фиццаг ауæдзæ ракæнунмæ. Хестæрти унафæмæ гæсгæ, фæккæсун ци хæдзарæмæ гъæуидæ, уомæн фиццæгти хæццæ бахумæ кæниуонцæ, цæмæй, иннетæмæ кæсгæй, ма тухстайуонцæ æма сæ уалдзигон куститæ афонæбæл бакодтайуонцæ. Алли хæдзарæ дæр, æ хуми готон рауадзуни размæ, æртæ къерей исковидæ. Æркæсуйнаг. Алли хæдзарæн дæр адтæй татхати дзæхæра. Алке дæр архайдта, цæмæй аци дзæхæрай уалдзигон куститæ хумидайæни размæ бакæна.
566 35* Заказ №1424
Татхати зæнхæ къахæй къахтонцæ. Зæнхæ искъахуни размæ ба бийнонтæ «мæнгæ» хумидайæни æртæ къерей исковиуонцæ. Татхати ба аразтонцæ: фидхуасæ, æпхæ, гъæдиндзæ, болгæ, хъæдорæ æма æндæртæ. Царцатæ. Царцатæ ке хонунцæ, етæ хъæбæр рагон цæрæн бунæттæ адтæнцæ. Уогæ ба æнцæ Къумбулти гъæумæ хæстæг. Фæрсæй бакæсгæй сæмæ цæрæн бунæтти фадуæтти хузæнæй неци ес. Æ хæдзæртти ихæлддзæгтæ æма циртитæ зæнхи буни раги ниццæнцæ. Хестæртæ уотæ дзориуонцæ, раздæр, дан, аци Царцати зæнхæй, – минкъий разгелгæй дæр, дессаги рæсугъд фæрдгутæ æма гъосицæгтæ рахауидæ. Аци зæнхитæй пайда ке кодтонцæ ( фонс си хизтонцæ æма хумæ кодтонцæ), уомæ гæсгæ ба алли анз дæр гъæуи хестæр уоститæ сувæллæнтти хæццæ хатир курдтонцæ æма рохсаг зæгъиуонцæ сæ имисæн финги бадти. «Тамати Таймураз. Фæлтæрæй-фæлтæрмæ.» Дзæуæгигъæу, Ир, 1991 анз.
Феппайуйнаг. Дуйней бардаргутæй еуетæ, уæдта кувдтитæ аци æрмæгути баст æнцæ хецæн цæрæнбунæттæ æма гъæути хæццæ, фал уогæ ба æнцæ æгас Дигорæн дæр – еумæйаг, æма сæ бæрæг кæнунцæ берæ рауæнти. Зæгъæн, Хуцауи кувд, Басилтæ, Бундортæ, Алаурдий кувд, Циргъесæн æма æнд. абони уæнгæ дæр кæнунцæ еугур Дигорæ дæр…
567
КОВУНАДÆ ХУЦАУИ КУВД Йа, дуйней радтæг, дуйней дарæг, не ‘скæнæг æма не’ сфæлдесæг, ‘устур кадгин еу нæ Хуцау, табу дæхецæн. Ковæн дæмæ, корæн ди, нæ кувд дæмæ хуарзæй фегъусæд. Нивæ, амонд, рæсугъд, æвæсмон цард, æнæнез, æнæфидбилизæй рæвдуд, нæ царди доги лæгæн хуарз фарнæй ци равардтай, гъеууомæй аци ковæг адæм, уонæн сæ бийнонтæ, сæ уарзон адæм, не’ гас Дигорæ устур хайгин æма хаиргин куд уонцæ, гъеци фарнæ æма амонд балæвар кæнæ. Сугъдæг изæдтæ æма идаугутæ, мæлектæ, Сугъзæрийнæбазургин Уасгерги, нæ Зæппадзи Рохси Дзиуарæ, мукалгабуртæ, Фонси Фæлвæра, Хуари Уацелла, Рохс Ковæндæнттæ, Бунати Барæгбон (Бундор), табу уæ хуарзæнхæй, ковæн уæмæ, корæн уи, Хуцауи размæ уæмæ ци хъаурæ æма ци барæ лæвæрд ес, уомæй дæр. Хуцауæй дæр, изæдтæй дæр, идаугутæй, мæлектæй дæр ракоретæ, æма син не’ ртæ къерей, нæ бæгæний къос адгинæй, нæ кувд барст æма æхцæуæнæй райсун кæнтæ. Хуцау, боз де’стур лæварæй, абони дæмæ дæ ковæн бони кадæ æма радæй ковæн, иннанз аци афони ба нæ аци ковæн бон æдас доги, гъæздугдæр дзамани, æнæнез, æнæфидбилизæй, рæсугъд, игъæлдзæг хабæртти хæццæ куд æрæййафа æма дæмæ никкидæр зæрдæрохсдæрæй куд исковæн, гъеци стур хуарздзийнадæ нин дæхуæдæг балæвар кæнæ. Сафа, уæла Сафа, ду Хуцаумæ цæуæг дæ, нæ кувд нин дæ хæццæ фæххæссæ. Хуарздзийнадæй си махæй ка феронх æй, гъеууой ба бафтауæ æма æй барст æма æхцæуæнæй райсун кæнæ. Ци ковæг адæм дæбæл æрæмбурд æнцæ, етæ ба, кæрæдзей берæ уарзгæй, кæрæдзебæл цийнæгæнгæй, гъазгæ æма ходгæй куд цæронцæ, ‘ стур ба фарни хæццæ куд ивулонцæ, еци фарнæ æма нин амонд балæвар кæнæ. Ковæг адæм, Хуцауи арфи фарнæй хайгин æма хаиргин уотæ! УАСГЕРГИЙ КУВД Нæ алли гъуддæгтæ нин рæстмæ ка аразуй, фæллад бæлццон бунатбæл ка’мбæлун кæнуй, нæ фиддæлти зæлдагæбазур, циллæбецъо, бæрзондибадæг
568
сугъзæрийнæбазургин Уасгерги, табу дæхецæн. Уорс хонх дæ бадæн, будур дæ фæлгæсæн; хонхæй, будурæй дæмæ нæ Дигори кадæр ковуй, – де’уазæг сæ бакæнæ. Кадæр си кумæдæр ку цæуа, фæндараст куд уа, æ гъуддæгтæ дзæбæхæй бакæнгæй, идзагармæй, æнæнез, æнæфидбилизæй, æнæмаст, сæрæгасæй æ хæдзарæбæл куд исæмбæла. Æ хæдзари бийнонтæ хуарз хабæртти хæццæ куд баййафа, бæлццонæй дæр, бунатонæй дæр кæрæдзей зæрдæрохс хабæрттæй куд барæвдауонцæ. Фидбилизæй, рунæй, æнадæ, æгадæ цардæй багъæуай кæнæ; кадгин, адгин, хаир царди фарнæ æма амондæй ба нæ хайгин æма хаиргин искæнæ. Нæ хæстæг, нæ къабазæ, нæ уарзон адæмæй ка идард бæстæбæл цæруй, ка идард фæндæгти гъуддæгтæ кæнуй, ка паддзахади ихæс федуй, ка зин бони æй, ка сæйгæ æй, – се ‘гасей дæр дæбæл фæдзæхсæн. Де’уазæг сæ бакæнæ, нæ фидбилиз исæфт куд уа, нæ фарнæ уæлахез куд уа, бонæй-бонмæ хуæздæр куд кæнæн, анзæй-анзмæ фулдæр куд кæнæн, нæ ирæзгутæ стур амонди хæццæ куд ирæзонцæ, нæ хестæртæ сæ кæстæртæн кадæ, æгъдау, зунд, рохс цардмæ фæндаг амонунмæ куд бæззонцæ. Фидæй нæмæ фурт лæгдæр куд кæна, мадæй кизгæ уæздандæр куд уа, нæ исони бон абони бонæй фæрнгундæр куд уа, гъеууотемæй нæмæ æгас æрцо, фарни къах нæмæ æрбайвæрæ, Хуцауи фарнæй нин устур лæвæрттæ æрхæссæ. Абони дæ ковæнбон æй, мах дæ ковæг адæм ан. Дзиллити астæу стур фарни хæццæ куд ивулæн, адæмти хæццæ рæсугъд æма æвæсмонæй нæ царди доги бæнттæ куд æрветæн, адæмæн нæ цард адгин куд уа, адæм æма Хуцауи фарни лæвæрттæй ба хайгин æма хаиргин куд уæн. Табу дæхецæн, бæрзондибадæг Уасгерги! Тухæ нæбæл цæуй,– хуæрзæнхусгæнæг нин фæууо, Хуцауи размæ дæмæ ци хъаурæ æма барæ лæвæрд ес, уомæй дæр. Хуцауæй дæр, изæдтæй дæр, идаугутæй дæр, малектæй дæр уæхæн нивæ ракорæ, æма нин тухæгæнæг тухæ куд некæд иссера, бæрзæйсаст æма æвæстаг фæууогæй, фæсмойнаг куд уа. Нæ минкъий Дигори амонд ба лæгигъæдæ æма нифсхастæй, зунд æма хъаурæй, æндон æма тухгинæй, адæмтæн ба цийнаг æма уарзонæй уæлахез куд уа. Хуцау, – боз дестур лæварæй, абони не’гас Дигорæ дæр сæ кадгин æма адгин фиддæлти зæлдагæбазур, циллæбецъо, бæрзонди зæронд Уасгергимæ ковунцæ. Иннанз аци афони ба нæ аци ковæн бон æдас доги, гъæздугдæр дзамани, æнæнез, æнæфидбилизæй, рæсугъд, игъæлдзæг хабæртти хæццæ куд æрæййафа, æма ймæ никкидæр зæрдæрохсдæрæй куд исковæн, гъе, еци стур фарнæ æма нин амонд балæвар кæнæ.
569
Сафа, уæла Сафа, табу дæ хуарзæнхæй, ду Хуцаумæ цæуæг дæ æма нин нæ кувд дæ хæццæ фæххæссæ, хуарздзийнадæй си махæй ка феронх æй,– дæхуæдæг æй бафтауæ, барст æма æй æхцæуæнæй райсун кæнæ, Хуцауæй хуарздзийнадæй ци æрхæссай, гъе, уомæй ба махæн дæр бахай кæнæ. Ци ковæг адæм дæбæл æрбамбурд æнцæ, етæ ба кæрæдзей берæ уарзгæй, кæрæдзебæл цийнæгæнгæй, гъазгæ–ходгæй, рæсугъд æма æвæсмонæй куд цæронцæ, стур ба фарни хæццæ куд ивулонцæ, гъе, еци стур фарнæ æма нин амонд балæвар кæнæ. Ковæг адæм, Хуцау уин райарфæ кæнæд, уæ ковæн бæнттæ уæбæл дзæбæхæй цæуæнтæ, рæсугъдæй сæ æрвететæ, Хуцауи кувди арфæй хайгин æма хаиргин уотæ. – Нæ кæстæртæ, нæ Дигори кадæ, нæ фиддæлти фарнæ, нæ рæдау хаир фæлмæнкъох мадæ, кадæ æма уæлахезæй – уæ фæдзæхст æма уæ иуазæг. Лæгигъæдæ æма нифсхастæй, кадæ æма æгъдауæй, уæ хестæрти сæ сæрбæрзондæй куд рæвдауайтæ, Хуцау уин гъеци стур хъаурæ æма фарнæ балæвар кæнæд. ДИГОРИ ФАРНИ КУВД Нæ Бæсти Барæгбон, нæ Рæстæги Догæ, не скæнæг æма нæ дарæг, устур кадгин еу нæ Хуцау, табу дæхецæн. Хуарз уагæй лæгæн цæрунмæ ци равардтайтæ, уоми рæсугъд æма æвæсмонæй нæ царди доги бонтæ куд æрветæн, еци амонд æма нин нивæ балæвар кæнтæ. Хуцау, табу дæ хуарзæнхæй. Лæгæн цæрунмæ хуарз фарнæй ци ниууагътай, уомæй нæ хайгин æма хаиргин искæнæ. Нæ али гъуддæгтæ нин рæстмæ ка аразуй, фæллад бæлццон бунатбæл ка æмбæлун кæнуй, зæлдагæбазур, циллæбоцъо, бæрзонди зæронд Уасгерги, табу дæхецæн. Уорс хонх – дæ бадæн, будур – дæ фæлгæсæн. Хонхæй, будурæй дæмæ кадæриддæр ковуй нæ Дигори, – се ‘ гас дæр уе’ уазæг, ду ба – сæ фæдзæхсæг. Рекоми Калæгабуртæ, табу уæхецæн. Сумах Сау хонхи тæрхæгбæл бадетæ, нæ кадæ æма бæркад нæхемæ куд уонцæ, еци фарнæ æма нин амонд балæвар кæнтæ. Уорс Алаурди, табу дæ хуарзæнхæй. Ду Руни Барæгон дæ. Де’ ргом нæмæ макæд рахатæ. Дæ къилдунмæ дин ковдзинан. Рун æма фидбилизæй гъæуайгонд куд уæн, æрдзæ æма нивæй ба – æфсæст, еци амондæй нæ барæвдауæ. Хъæреуи изæдтæ æма идаугутæ, табу уæ хуарзæнхæй. Сумах изæдти тæрхони бадетæ. Лæгæн хуарз фарнæй ци истæрхон кæнайтæ, уомæй махæн дæр бахай кæнтæ.
570
Рохс Фæндаги Барæгон, табу дæ хуарзæнхæй. Нури доги фæсевæд æфсæйнаг бæхгинтæ иссæнцæ æма сæ дзæбæх фæндæгтæбæл сæ догъи гæпп æнæнез æма æнæфидбилизæй куд уа, уоци фарнæй нин сæ барæвдауæ. Хуцауи Дзиуарæ, табу дæ хуарзæнхæй. Ду Хуцаумæ цæуæг дæ. Хуцауæй хуарздзийнадæй ци æрхæссай, уомæй махæн дæр бахай кæнæ. Хуари Уацелла æма фонси Фæлвара, табу уæ хуарзæнхæй. Нæ фонс æма нæ хуар кувдтæлтæн куд хуæрæн, уоци амонд нин балæвар кæнтæ. Сау гъæди бæлæстæй дзæхæрадонæ ка исаразта,– нæ Хетæги Уасгерги, табу дæхецæн. Дæуæн дæ тухсти дзамани гъæдæ ци æнхус бакодта, ду ба,– мах дæ ковæг адæм,– устурдæр æнхусгæнæг фæууо. Нихæси Уасгерги, табу дæхецæн. Нæ цъухи дзурд æма нæ уиндæ кæрæдземæн æхцæуæн æма адгин куд уонцæ, еци фарнæй нæ барæвдауæ. Æрхæги Уасгерги æма Рохс Тæтæртупп, табу уæ хуарзæнхæй. Сумах æфсæн фæндаги барæгонтæ айтæ. Æфсæн фæндагбæл ци фæсевæд рарвистан, етæ нæбæл æнæнез, æнæфидбилизæй, æнæмаст, сæрæгасæй, идзагармæй куд исæмбæлонцæ, еци фарнæй нин сæ барæвдауетæ. Мадæ-Майрæн, табу дæ хуарзæнхæй. Нæ минкъий Дигори, хонхæй, будурæй, цæгатæй, хонсарæй, ци æнæ мадæ, фидæ сабийтæ ес, еци сабийтæн ду мадæ æма фидæ æнхусгæнæг фæууо. Циргъобауи изæдтæ æма идаугутæ, табу уæ хуарзæнхæй. Сумах будури изæдтæ айтæ. Будури хуарæй рæбунмæ ка æрбафтуйа, уой кувдтæлти хуæруйнаг кæнтæ. Нæ минкъий Дигорæ ци бунæтти цæруй, хæдзарæн æ гъæстæ ‘ма æ уавæр кæмидæр иуарайтæ, еци дзиуæрттæ æма рохс ковæндæнттæ, табу уæхецæн. Хуцауи размæ уæмæ ци хъаурæ, ци барæ лæвæрд ес, уомæй дæр, уæдта Хуцауæй, изæдтæй, идаугутæй, мæлектæй ракоретæ, æма нæ минкъий Дигорæ дзиллити астæу фарни хæццæ куд нийвула. Адæмти астæу ба адæмти сæр куд исуа уæлахез æма сæребарæй, кадæ-радæй, кадгин æма адгинæй, æнæнез, сæрæгасæй, рæсугъд æма æвæсмонæй æ царди доги бонтæ куд æрвета, еци фарнæ æма нин амонд балæвар кæнтæ. Тохти-Хости дзиуæрттæ, табу уæхецæн. Тухæ нæбæл цæуй, хуарз æнхусгæнæг нин фæууотæ! Тухгæнæг нин тухæ куд некæд иссера. Бæрзæйсаст æма æвæстаг фæууогæй, фæсмойнаг куд фæууа. Нæ минкъий Дигори амонд ба лæгигъæдæ æма нифсхастæй, кадæ æма æгъдауæй, зунд æма хъаурæй, адæмæн ба цийнаг æма уарзонæй уæлахез куд уа. Нæ рæсугъд хуæнхтæ, нæ кадгин бæстæ, нæ иуазгутæ уæбæл устур амонди хæццæ куд ирæзонцæ! Нæ кæстæртæ сæ кæстæртæн кадæ, æгъдау, зунд, рохс цардмæ фæндаг амонунмæ куд бæззонцæ. Хуцау, – боз де’ стур лæварæй.
571
Абони дæмæ Дигорæ кадæ æма радæй ковунцæ. Иннæ анз ба сæ аци ковæн бон æдас доги, æнæнез, æнæфидбилизæй, æнæмаст, сæрæгасæй, рæсугъд, игъæлдзæг хабæртти хæццæ куд æрæййафа, еци устур амонд æма нин фарнæ балæвар кæнæ. Боронт-Хорон, табу дæхецæн. Ду Хуцаумæ цæуæг дæ æма нин нæ кувд дæ хæццæ фæххæссæ. Хуарздзийнадæй си махæй ци феронх æй, уой ба дæхуæдæг бафтауæ, барст æма æй æхцæуæнæн райсун кæнæ. Нæ кæстæртæ, нæ Дигори кадæ, нæ фидтæлти фарнæ, нæ рæдау хаиркъох фæлмæн мадæ, кадæ æма уæлахезæй уæ фæдзæхст æма уе’уазæг! БАСИЛТИ КУВД Йа, дуйней радтæг, дуйней исфæлдесæг, устур кадгин, еу нæ Хуцау, табу дæхецæн. Ковæн дæмæ, корæн ди. Нæ кувд дæмæ хуарзæй фегъусæд. Не ‘ртæ къерей, нæ бæгæний къос, нæ нивонд нин адгинæй райсæ, нæ кувд ба – барст æма æхцæуæнæй. Устур боз дæ лæварæй куд зæгъæн, нæ царди доги ба нæбæл æй уотæ æрцæун кæнæ. Нивæ, амонд, рæсугъд, æвæсмон цард, æнæнез, æнæфидбилизæй рæвдуд. Нæ царди доги лæгæн цæрунмæ хуарз фарнæй ци равардтай, гъе, уомæй аци ковæг адæм, не’ гас Дигорæ дæр хайгин æма хаиргин куд уонцæ, еци устур фарнæ æма нин амонд балæвар кæнæ нæуæг анзи. Хуцау, табу дæхецæн, зæронд анз ни хецæн кæнуй æма æнæсон бунатмæ фæндараст фæууæд, цæрунмæ имæ лæгæн хуарз фарнæй ци адтæй, уой нин хаир æма хæларæй ниууадзæд. Фидбилизæй, рунæй, æнадæ, æгадæй, мастæй, зинæй, тухстæй, тугъдæй имæ цидæриддæр адтæй, уони ба æ хæццæ фæххæссæд, æма сæ дунд æма далагъани хай бакæнæд. Нæуæг анз нæмæ æгас æрцæуæд, фарни къах нæмæ æрбахæссæд. Хуцауи фарнæй нин устур лæвæрттæ æрхæссæд. Æнæнез, æнæфидбилиз, æнæмаст, сæрæгас царди фарнæй, нæ цæуæтти дзæбæхæй, нæ бæлццæнтти хорæй рохс æма игъæлдзæг нæ зæрдæ куд уа. Дзиллити астæу цæрæн. Адæми хæццæ кадæ æма радæй куд цæрæн, адæмæн нæ цард адгин куд уа, Хуцау æма адæми устур фарни лæвæрттæй ба хайгин æма хаиргин куд уæн. Лæгигъæдæ æма нифсхастæй, кадæ æма æгъдауæй, зунд æма хъаурæй, æндон, æмдух æма тухгинæй, адæмтæн ба – цийнаг æма уарзонæй, дзиллити астæу уæлахез куд уа не’гас Дигоргом.
572
Нæ зумæг нæбæл æнцонæй куд раевгъуйа. Нæ уалдзæг нæмæ рæсугъдæй куд æрцæуа. Нæ уалдзæги куститæ, хуарзæй нæ къохи бафтуйгæй, нæ зæрдæ сæмæ игъæлдзæг куд уа. Нæ игуæрдæнтæ, нæ хуари хумти задæй, нæ фонси нæрдæй, нæ арви æртæхтæй, нæ хори тавстæй рæвдуд куд уæн. Бæркад æма берекетти фæрнæй нæ фæззæг гъæздуг куд уа. Калæгабурти æма Мукалгабурти фарни лæвæрттæй нæ Дигоргом хайгин æма хаиргин куд уа. Хъиамæт кæнæн. Нæ хъиамæт æнæнез, æнæфидбилизæй куд уа. Нæ хъиамæти устур фарнæ куд уа, еци фарнæ нæ хæдзæртти куд ивула. Нæ дигорон хæдзæрттæ ба кувддонæ хæдзæрттæ куд уонцæ, Хуцау, еци устур фарнæ дæр нин балæвар кæнæ. Кадгин, адгин, хæлар цардæн унафæ, хъиамæт, кадæй уæлдай ма гъæуй нивæ, амонд. Хуцау, табу дæхецæн. Амæндтæ дæумæ æнцæ, амæндтæ ду иуарис, гъе ма нин нæ Дигори нивæй амондгундæр искæнæ, амондмæ ма си æнгъæлдзау ка æй, е ба ибæл нæуæг анзи тагъд рæстæгмæ устур фарни хæццæ куд исæмбæла, æ бийнонтæ, æ муггаги хæццæ ба ин еумæйаг цийнаг куд уа æносмæ, еци амонд дæр нин балæвар кæнæ. Хуцау, табу дæхецæн. Нæ нæуæг анз лæгæвзарæн анз æй. Мах де сконд, де сфæлдист адæм, ‘ма нин еци стур фарни лæвар дæр искæнæ, адæми сæргъи куд æрлæууа уæхæн лæг, æма адæмæн кæрæдзей берæ ка бауарзун кæна. Сæ дуйней сæбæл ка æрсабур кæна, сæ дуйней фарнæ син еумæйаг ка скæна. Багъæуаги сæ кæрæдземæн уодервæзунгæнæг æма ефхæссæг ка искæна. Сæ царди зин бон син ка феронх кæнун кæна. Сæ цард син раст фæндагбæл ка исæвæра. Царди раст фæндагбæл сæ ка рацæун кæна. Сæ хъиамæти фарнæй сæ ка барæвдауа, сæ царди фарнæ æма арфæй сæ стур хайгин æма хаиргин ка искæна. О, Басилтæ, Хуарз Басилтæ, табу уæ хуарзæнхæй! Абони уæмæ кадæ – радæй ковæн, иннæ анз аци афони ба нæ аци ковæн бон æдас доги, гъæздугдæр дзамани, æнæнез, æнæфидбилизæй, æнæмаст, сæрæгасæй, рæсугъд æма игъæлдзæг хабæртти хæццæ куд æрæййафа, ‘ма уæмæ никкидæр зæрдæрохсдæрæй куд исковæн, еци фарнæ æма нин амонд балæвар кæнтæ. Боронт-Хорон, табу дæ хуарзæнхæй, ду Хуцаумæ цæуæг дæ ‘ма нин нæ кувд дæ хæццæ фæххæссæ. Хуарзæй си махæй ка феронх æй, уой ба дæхуæдæг бафтауæ. Барст æма æй æхцæуæнæй райсун кæнæ. Хуцауæй зæнхæмæ хуарзæй ци æрхæссай, уомæй ба махæн дæр бахай кæнæ. Сафа, Уæла Сафа, табу дæ хуарзæнхæй. Абони дæбæл аци ковæн бони ци ковæг адæм æрбамбурд æнцæ, етæ, кæрæдзебæл цийнæгæнгæй, гъазгæ æма
573
ходгæй куд цæронцæ, устур фарни хæццæ ба куд ивулонцæ, еци арфæ син балæвар кæнæ. Ковæг адæм. Хуцау уин райарфæ кæнæд. Уæ ковæн бæнттæ уæбæл нæуæг анзи дзæбæхæй цæуæнтæ, рæсугъдæй сæ æрвететæ. Хуцауи кувди фарнæ æма нæуæг анзи арфæй хайгин-хаиргин уотæ. Нæ кæстæртæ! Нæ дигорон кадæ, нæ фидтæлти фарнæ, нæ рæдау хаиркъох, фæлмæн мадæ, уæ фæдзæхст æма уе’уазæг, нæуæг анзи хуарзæнхæ уæ фæууæд! БУНДОРТИ КУВД Дуйней радтæг æма дуйней дарæг, не скæнæг æма не сфæлдесæг, устур кадгин еу нæ Хуцау, табу дæ хуарзæнхæй. Ковæн дæмæ, корæн ди, – нæ кувд дæмæ хуарзæй фегъусæд; не’ ртæ къерей, нæ бæгæний къос, нæ нивонд нин адгинæй, нæ кувд ба нин æхцæуæнæй райсæ. Устур боз дæ лæварæй куд зæгъæн, нæ царди доги ба нæбæл уотæ æрцæун кæнæ. Нивæ, амонд, рæсугъд, æвæсмон цард; æнæнез, æнæфидбилизæй рæвдуд, лæгæн цæрунмæ ци равардтай, уомæй нæ хайгин æма хаиргин искæнæ. Бунати Барæгон, Бунати Бардарæг, табу дæ хуарзæнхæй. Ковæг бийнонтæ цæрунцæ бундорбæл. Фæрнгун, амондгун, нивгун, федар сæ бундор куд уа. Æнæнез, æнæфидбилизæй, æнæмаст, сæрæгасæй, кæрæдзей берæ уарзгæй, кæрæдзебæл цийнæгæнгæй, се мдзæрæг-æмкосæг адæми хæццæ ба цийнаг æма уарзонæй куд цæронцæ, устур ба фарни хæццæ куд ивулонцæ, еци фарнæ æма син амонд дæр балæвар кæнæ. Аци бундорбæл ци сабийтæ ирæзунцæ æма исæнтæстæнцæ, Уорс Алаурди, табу дæ хуарзæнхæй, æдзох дæр дин дæ къилдунмæ ковдзинæн, де ‘ргом сæмæ макæд рахатæ. Рун æма фидбилизæй хизт куд уонцæ, æрдзæ-амондæй ба –æфсæст, еци нивæй сæ барæвдауæ. Еци сабийтæ æнæнез, æнæфидбилизæй куд исирæзонцæ, царди ба адæми рæнгъити адæмæн фарнæ æма кадæ хæссæгæй куд рацæуонцæ, еци фарнæ дæр син балæвар кæнæ. Бундор Буркудзаути амондæй нивгун уæд, ци хæдзарæ ибæл лæууй, е ба æносмæ кувддонæ хæдзарæ фæууæд. Хуцау, боз де’стур лæварæй. Абони бийнонтæ сæ Бунати Барæгонмæ ковунцæ, иннæ анз ба сæ аци ковæн бон æнæнез, æнæфидбилизæй, æнæмаст, сæрæгасæй, æдасдæр доги æма хуарз хабæртти хæццæ куд æрæййафа æма имæ зæрдæрохсдæрæй куд исковæн, еци амонд нин балæвар кæнæд. Боронт – Хорон, табу дæ хуарзæнхæй. Ду Хуцаумæ цæуæг дæ. Нæ кувд нин дæ хæццæ фæххæссæ. Махæй си хуарзæй ци феронх æй, уой дæхуæдæг
574
бафтауæ. Барст æма æй æхцæуæнæй райсун кæнæ. Хуцауæй хуарздзийнадæй ци æрхæссай, уомæй ба аци ковæг адæми барæвдауæ. Сафа, уæла Сафа, табу дæ хуарзæнхæй. Аци ковæн бони дæбæл ци ковæг бийнонтæ æрæмбурд æнцæ, етæ, кæрæдзей берæ уарзгæй, кæрæдзебæл цийнæгæнгæй, гъазгæ– ходгæй куд цæронцæ, фарни хæццæ ба куд ивулонцæ, еци фарнæ син балæвар кæнæ. Ковæг бийнонтæ, Хуцауи кувди фарнæй æма Бундори арфæй хайгин æма хаиргин уотæ. БИЙНОНТИ КУВД Йа, дуйней радтæг, дуйней дарæг, устур кадгин еунæг Хуцау, табу дæхецæн. Ковæн дæмæ, корæн ди,– нæ кувд дæмæ хуарзæй фегъусæд. Не ‘ртæ къерей нин адгинæй, нæ кувд ба нин барст æма æхцæуæнæй райсæ. Устур боз дæ лæварæй куд зæгъæн, нæ царди ба нæбæл уотæ æрцæун кæнæ. Нивæ, амонд, æнæнез, æнæфидбилизæй рæвдуд; нæ царди доги лæгæн цæрунмæ хуарз фарнæй ци равардтай, уомæй аци ковæг бийнонтæ, муггаг, хæдзарвæндаг, не’гас Дигорæ хайгин æма хаиргин куд уонцæ, еци фарнæ æма нин амонд балæвар кæнæ. Бунати Барæгон, табу дæхецæн. Бийнонтæ цæрунцæ бундорбæл. Фæрнгун, амондгун, нивгун сæ бундор куд уа; æнæнез, æнæфидбилиз, сæрæгасæй ибæл куд цæронцæ, устур фарни хæццæ ба ибæл куд ивулонцæ, еци амондæй сæ хайгин искæнæ. Царди фарнæй æнхæст куд уонцæ, сæ цæуæти дзæбæхæй, сæ бæлццæнтти хорæй рохс æма игъæлдзæг сæ зæрдæ уæд. Хæдзари æма бийнонти хæлар цардæй фæрнгун уæнтæ. Бийнонтæн сæ бæлццæнттæй, идарди ка æй, е Уасгергий иуазæг уогæй, æ гъуддæгтæ дзæбæхæй бакæнгæй, идзаг армæй æ хæдзарæбæл куд исæмбæла. Æ хæдзари æнæнез бийнонтæ хуарз хабæртти хæццæ куд баййафа æма бæлццонæй, бунатонæй кæрæдзей зæрдитæ рохс хабæрттæй куд барæвдауонцæ, еци фарнæ дæр син балæвар кæнæ. Бийнонтæ царди мадзалæн фæндитæ, унæфтæ кæнунцæ. Сæ фæндитæ, сæ унæфтæ кæддæриддæр æвæсмонæй куд æнхæст кæнонцæ, фарни хæццæ сæ къохи æнцонæй куд æфтуйонцæ. Бийнонтæ хъиамæт кæнунцæ, сæ хъиамæтæй сæхе дарунцæ; сæ хъиамæт æнæнезæй куд уа æма си устур ауæ куд уа, фарнæ хæдзари куд ивула. Хæдзарæ ба кувддонæ куд уа, Хуцау, еци фарнæй дæр сæ барæвдауæ. Бийнонтæ дзиллити астæу цæрунцæ. Адæми хæццæ кадæ æма радæй куд цæронцæ, адæмæн сæ цард адгин куд уа, адæм æма Хуцауи лæвæрттæй ба хайгин æма хаиргин куд уонцæ, еци хуарздзийнадæ дæр нин балæвар кæнæ.
575
Кадгин, адгин, хаир цардæн унаффæ, хъиамæт, кадæй уæлдай ма гъæуй нивæ-амонд. Хуцау, табу дæхецæн. Амæндтæ дæумæ æнцæ, ду сæ иуарис. Бийнонти амондæй никкидæр нивгундæр искæнæ. Æ амондмæ æнгъæлдзау ка æй, е ибæл тагъд рæстæги куд исæмбæла, бийнонтæ æма муггагæн ба еумæйаг цийнаг куд уа. Хуцау, боз де’ стур лæварæй. Абони дæмæ бийнонтæ ковунцæ кадæрадæй. Иннæ анз еци ковæн бон сæ æдас доги, гъæздугдæр дзамани, æнæнез, æнæфидбилизæй, æнæмаст, сæрæгасæй куд æрæййафа, рæсугъд, игъæлдзæг хабæртти хæццæ æма имæ зæрдæрохсдæрæй куд исковонцæ, еци хуарздзийнадæ дæр нин балæвар кæнæ. Боронт-Хорон, табу дæхецæн. Ци бийнонтæ дæбæл бамбурд унцæ,– æнæнез, æнæфидбилизæй, æнæмаст, сæрæгасæй куд цæронцæ, устур ба фарни хæццæ куд ивулонцæ, еци фарнæ æма син амонд балæвар кæнæ. – Кæстæртæ, ахуæдæггаг! КИНДЗÆБÆЛ КУВД Дуйней дарæг, дуйней радтæг, не скæнæг, не сфæлдесæг, устур кадгин Хуцау, табу дæ хуарзæнхæй. Ковæн дæмæ, корæн ди,– нæ кувд дæмæ хуарзæй фегъусæд. Не ‘ ртæ къерей, нæ бæгæний къос, нæ нивонд нин адгинæй, нæ кувд нин барст æма æхцæуæнæй райсæ. Устур боз дæ лæварæй куд зæгъæн, нæ царди доги ба нæбæл æй уотæ æрцæун кæнæ. Нивæ, амонд, рæсугъд, æвæсмон цард; æнæнез, æнæфидбилиз, æнæмаст, сæрæгас царди фарнæ,– лæгæн цæрунмæ ци фарнæ равардтай, гъеууомæй мæнæ аци ковæг адæм, уонæн сæ бийнонтæ, сæ уарзон адæм, не’ гас Дигорæн дæр хайгин æма хаиргинæй балæвар кæнæ. Хуцау, не’ гасей исфæлдесæг дæр дæ, не’ гас дæр дæмæ ковæн, амонд ди корæн. Кæд дæ исфæлдист адæмæй еске фæрнæй æ цæрæн хæдзарæбæл исæмбалдæй æма си фæрнæй нийвулдæй, гъеуæд мах киндзи дæр уомæн æмбал фæккæнæ. – Кизгæ, Хуцау дæ уæхæн бони, уæхæн сахатти дæ цæрæн хæдзарæбæл исæмбæлун кæнæд, æма ди дæ кадгин гъæубæстæ, дæ адгин синхбæстæ, дæ ниййергутæ, дæ царди æмбал, дæ къохбæлхуæцгутæ, де скæнгæ мадæ, дæ фæндаги хъозæнттæ æносмæ арфиаг куд уонцæ. Хуцау дæ гъеуæхæн хаир бийнойнаг фæккæнæд, æма дууæ муггагемæн еумæйаг цийнаг куд уай. Дæ фæрци кæрæдзей берæ куд бауарзонцæ, æносмæ куд бахæстæг кæнонцæ, кæрæдзей цъухи загъд æма син уиндæ æхцæуæн куд уа.
576
Дæ райгурæн хæдзарæй дæ цæрæн хæдзарæмæ дæ къах æрæвардтай. Дæ къахи райвæрд уæд фæрнгун, нивгун, амондгун, зæруаймæ федар. Хуцауи арфæй æма царди фарнæй дæбæл дæ царди доги ауæхæн бон макæдбал искæнæд. Дæ райгурæн хæдзари дæ фæсте фарнæ куд ниууадзай, дæ цæрæн хæдзарæмæ устур фарнæ куд бахæссай. Ци муггагмæ цæуис, еци муггаги астæу кадгин куд уай, ци бийнонтæмæ цæуис, уонæн ба адгин куд уай. Дæ цъухи загъд фæлмæн куд уа. Æхсари бæсти дæмæ æфсарæ куд уа. Æгадæдзийнадæй гъæуайгæнæг куд уай, кадæдзийнадæн берæ куд фæразай. Хестæртæн хатиргæнæг куд уай, кæстæрти берæ куд уарзай, уотемæй дæ цæрæн хæдзари устур фарни хæццæ нийвулæ дзиллити астæу. Фидбилизтæй гъæуайгæнæг æма гъæуайгонд уо. Уонæй сæ еуей ном хуннуй зийнадæ,– дæ астæуистæги ма ниххæссæд. Сувæллон исæнтæсун кæнунмæ, исирæзун кæнунмæ, зæрæндтæн, хестæртæн, дæ царди æмбалæн балæггадæ кæнунмæ, иуазæг барæвдаунмæ макæд базийнадæ кæнæ. Дуккаг фидбилизи ном хуннуй налат-фæливд, æдзæсгони биндзæ. Хуцау дин æй дæ цæсгонбæл макæд бабадун кæнæд. Хуцау дæ уотæ макæд фæккæлун кæнæд, æма дæ кади сæрбæттæн исцъумур кæнай. Хуцауи фарнæй дæ зæрдæ зæрдхæлар куд уа. Дæ цæстæ алкæмæндæр хуарздзийнадæ куд уарза. Дзиллити астæу адæми хæццæ кадæ-радæй куд цæрай. Гъеууотемæй, дæ цæрæн хæдзарæбæл кадæ-радæй исæмбæлæ. Кадгин, адгин цардæй си фæццæрæ. Мадæ-Майрæнбæл дæ фæдзæхсæн. Е’ уазæг дæ бакæнæд. Фидбилизæй, рунæй, æнадæ, æгадæ цардæй дæ бахезæд. Кадгин, адгин, æнæнез, сæрæгас царди фарнæй ба дæ хайгин æма хаиргин искæнæд еу нæ Хуцау. Зæнæги гъарæй, зæнæги зæнæги хортæй дæ батавæд. Уотемæй бийнонти астæумæ бийнойнагæн цæуис. Дæхе син берæ бауарзун кæнæ. Дæ уодæй сæ фулдæр бауарзæ. Сæ фудкоййæй сæ багъæуай кæнæ. Сæ рæдуд æма син сæ маст дæ дæлæвзагæй макæд исуадзæ. Уотемæй сæ кадгин, адгин бийнойнаги цардæй бафсадæ. Дæ царди æмбали хæццæ царди фарнæй уæ зæрдæ рохс уæд. Хæдзарæ æма бийнонти хæлар цардæй фæрнгун уотæ. Рæсугъд æма æвæсмонæй уæ еумæйаг царди догæ куд æрветайтæ, еци арфæ уин Хуцау балæвар кодта. Фæлтæрæйфæлтæрмæ устур амонди хæццæ ивулетæ. Йа, Фæндагсар Уасгерги, дæ балций фарни лæвармæ æнгъæлдзауæй, киндзæ æ фæндагбæл нæхстæр кæнуй. Е де’ уазæг, ду æ фæдзæхсæг, фæндараст æй фæккæнæ. Хуарз æмбæлгутæ ибæл рамбæлæд! Фæндараст.
577
АВДÆНБÆТТÆНИ КУВД Нæ Бæсти Барæгон, нæ Рæстæги Догæ, не скæнæг æма нæ дæраг, кадгин еу нæ Хуцау, табу уæ хуарзæнхæй. Лæгæн цæрунмæ хуарз фарнæй ци равардтайтæ, гъе, уомæй мæнæ аци ковæг адæм, сæ бийнонтæ, сæ уарзон адæм, не’ гас Дигорæ дæр хайгин æма хаиргин искæнтæ. Йа, устур, кадгин, еунæг Хуцау, табу дæ хуарзæнхæй. Не’ гасей исфæлдесæг дæр дæ, не ‘нккæт дæр дæмæ ковæн æма ди корæн: кæд де сконд, де сфæлдист адæмæй еске нивæ, амонд æма фарни хæццæ исæнтæстæй, гъеуæд мах нæуæгигурди дæр уомæн æмбал фæккæнæ. Æнæнез, æнæфидбилизæй куд исирæза æ мадæ æма æ фиди фæндон, дзиллити астæу ба адæми хæццæ кадæ æма радæй, рæсугъд æма æвæсмонæй æ царди доги бæнттæ зæруаймæ куд æрвета, еци амонд æма ин фарнæ балæвар кæнæ. Йа, Уорс Алаурди, табу дæ хуарзæнхæй. Æдзох дæр дин дæ къилдунмæ ковдзинан. Нæ нæуæгигурдмæ нин де’ ргом ма рахатæ. Æфсарм æма æгъдауæй, зунд æма хъаурæй, адæмтæн цийнаг æма уарзонæй, кадгин куд уа. Ци мадæ æма фидæн исæнтæстæй, уонæн ба цийнаг æма уарзонæй адгин куд уа. Хуцау, боз де стур лæварæй. Абони дæмæ бийнонтæ ковунцæ кадæ-радæй сæ нæуæгигурди бони фарнæй. Анзæй-анзмæ сæбæл еци ковæн бон дзæбæхæй куд цæуа, рæсугъдæй æй куд æрветонцæ, сæдæ анзей фæсте ба сæ æдас доги, гъæздугдæр дзамани, æнæнез, сæрæгасæй, рæсугъд æма игъæлдзæг хабæртти хæццæ куд æрæййафа. Æма ин æ цæуæти цæуæт ба никкидæр зæрдæрохсдæрæй куд исковонцæ, еци фарнæ дæр нин балæвар кæнæ. Боронт-Хорон, ду Хуцаумæ цæуæг дæ. Нæ кувд нин дæ хæццæ фæххæссæ. Хуарздзийнадæй си махæй ка феронх æй, уой ба дæхуæдæг банхæст кæнæ. Барст æма æхцæуæнæй æй райсун кæнæ. Рун æма фидбилизæй гъæуайгонд куд уа, æрдзæ-амондæй ба – æфсес, еци хуардзийнадæ ин балæвар кæнæ. Йа, сугъдæг сугъзæрийнæ Уасгерги, табу дæ хуарзæнхæй. Ду байраг бæхгæнæг дæ, биццеу ба – лæггæнæг. Нæ нæуæгигурди дæбæл фæдзæхсæн,– дæ иуазæг æй бакæнæ. Æ фидбилиз исæфт куд уа, æ фарнæ ба – уæлахез, бонæйбонмæ хуæздæр куд кæна; сæрæй – зундгин, бæрзæййæй, иуонгæй – тухгин, æнæнезæй – æфсæст, æхсарæй – нифсгун, хуæрифурт æма сиахси æгъдауæй ба – рæвдуд. Æхе бæрцæ æгъдау, æфсарм имæ куд уа, лæгигъæдæ, æнæсайд, нифсхаст, кустуарзонæй кадгин, Хуцау æма адæми фарни лæвæрттæй ба хайгин æма хаиргин куд уа. Дзиллитæн фарни хуасæн куд исирæза, адæмæн кадæ хæссæг куд исуа, ци муггаги астæу исæнтæстæй, уонæн номдар куд исуа. Ци бийнонти астæу
578
исирæза, уонæн ба лæгигъæдæ æма нифсхастæй, кадæ æма радæй сæ цæсти рохс куд рæвдауа. Боронт-Хорон, табу дæхецæн. Ду Хуцаумæ цæуæг дæ. Нæ кувд нин дæ хæццæ фæххæссæ, ке си феронх ан хуарзæй, уони ба дæхуæдæг банхæст кæнæ. Хуцауæй адæмæн хуардзийнадæй ци æрхæссай, уомæй ба мах нæуæгигурди дæр барæвдауæ. Сафа, уæла Сафа, табу дæ хуарзæнхæй. Аци ковæн бони дæбæл ци ковæг адæм æрбамбурд æнцæ,– кæрæдзей берæ уарзгæй, кæрæдзебæл цийнæгæнгæй, гъазгæ æма ходгæй куд цæронцæ, устур ба фарни хæццæ куд ивулонцæ, еци амонд æма син фарнæ балæвар кæнæ. Табу дæхецæн. КЪÆСÆРИ УАСГЕРГИЙ КУВД Йа, Къæсæри Уасгерги, табу дæ хуарзæнхæй. Аци къæсæр фæрнгун, нивгун, амондгун, федар къæсæр куд уа. Фæрнгун, амондгун иуазгутæ ибæл берæ куд æрбахезонцæ. Мах хузæн хуæрзрæвдудæй, арфиагæй ба куд раздæхонцæ, еци амондæй сæ барæвдауæ. Аци къæсæрбæл ци бийнонтæ цæрунцæ, – кæрæдзей берæ уарзгæй, кæрæдзебæл цийнæгæнгæй, гъазгæ-ходгæй куд цæронцæ, фарнæй ба куд ивулонцæ, еци амонд дæр син балæвар кæнæ. Аци къæсæрбæл ци сабийтæ æфсæрунцæ, Уорс Алаурди, табу дæ хуарзæнхæй, де’ ргом сæмæ макæд рахатæ. Æнæнез, æнæфидбилизæй куд ирæзонцæ, адæми рæнгъити ба сæ мадтæлтæ æма фидтæлти фæндон куд рацæуонцæ, еци амондæй сæ барæвдауæ. Йа, Сесаннæ Уасгерги, табу дæ хуарзæнхæй. Аци къæсæр рун æма фидбилиз хæссæг иуазгутæй багъæуай кæнæ. Фарнæ, цийнæ æма бæркад хæссæг иуазгутæй ба æй амондгун искæнæ. Аци къæсæрæй балци ци бæлццон цæуа,– фæндараст куд уа. Æ фæндаг æнцон уогæй, æ гъуддæгтæ дзæбæхæй бакæнгæй, æнæнез, æнæфидбилизæй æ къæсæрбæл куд исæмбæла. Æ хæдзари ба æнæнез бийнонтæ хуарз хабæртти хæццæ куд æййафа, еци амонд дæр нин балæвар кæнæ. Аци къæсæрæй кизгæй киндзи ка нæхстæр кæна,– æ райгурæн къæсæри æ фæсте фарнæ куд ниууадза, æ цæрæн къæсæрмæ фарнæ куд бахæсса. Аци къæсæрмæ кизгæй киндзи къах ка æрбайвæра,– æ къахи æрбайвæрд – фæрнгун, амондгун, зæруаймæ федар. Фарнæ хæссæгæй æма фæлтæрти иуарци фарни лæварæй нивгун уæд.
579
Йа, Фæндагсар Уасгерги, табу дæ хуарзæнхæй. Къæсæрæй, дæ балци фарни лæвармæ æнгъæлдзауæй, нæ фæндагбæл нæхстæр кæнæн. Мах де’уазæг, ду нæ фæдзæхсæг, – фæндараст нæ фæккæнæ. Табу дин уæд. ФÆНДАГСАР УАСГЕРГИЙ КУВД Нæ Бæсти Барæгон, нæ Рæстæги Догæ, не скæнæг æма нæ дарæг еу нæ Хуцау, табу дæ хуарзæнхæй. Лæгæн цæрунмæ ци фарнæ равардтайтæ, уомæй мæнæ аци фæндаггон ковæг адæмæн дæр бахай кæнтæ. Йа, нæ Фæндагар Уасгерги, табу дæ хуарзæнхæй. Дæ рохс ковæндони бунти цæуæн, дæ рохс ковæн бунатæй дæмæ зæрдæй ковæн. Нæ кувд дæмæ хуарзæй фегъусæд. Не ‘ртæ къерей нин адгинæй, нæ кувд ба нин барст æма æхцæуæнæй райсæ. Хуцауи размæ дæмæ ци хъаурæ æма барæ лæвæрд ес, уомæй дæр, Хуцауæй дæр, изæдтæй дæр, идаугутæй дæр, мæлектæй дæр, елиатæй дæр ракорæ, æма нæ балци бæлццони фарнæй барæвдауæ. Нæхе дæбæл фæдзæхсæн, дæ иуазæг нæ бакæнæ. Фæндараст нæ фæккæнæ. Нæ фæндаг æнцонæй куд уа, нæ гъуддæгтæ дзæбæхæй куд бакæнæн, идзагармæй, æнæнез, æнæфидбилизæй, æнæмаст æма сæрæгасæй нæ хæдзæрттæбæл куд исæмбæлæн. Нæ хæдзæртти ба æнæнез бийнонтæ хуарз хабæртти хæццæ куд баййафæн æма бæлццонæй, бунатонæй кæрæдзей хуарз хабæрттæй куд барæвдауæн, еци фарнæ дæр нин балæвар кæнæ. Фидбилизæй, рунæй, æнадæ, æгадæ цардæй нæ багъæуай кæнæ. Кадгин, адгин, æнæнез, æнæфидбилиз, æнæмаст, хаир, сæрæгас царди фарнæй ба нæ хайгин æма хаиргин искæнæ. Дæ балци фарни лæвармæ æнгъæлдзауæй, нæ фæндагбæл нæхстæр кæнæн. Мах – де’ уазæг, ду – нæ фæдзæхсæг. Фæндараст нæ фæккæнæ. Табу дæхецæн. Аци кувдтитæ Темирати Заурбеги дзурдтæй ниффинста Скъодтати Эльбрус. Дзæуæгигъæу, 1996 анз, Комахсæн – Ханси мæйæ.
580
МÆРДÆГЪДАУÆЙ ХÆЛАР КÆНУН Дуйней радтæг æма дуйней дарæг, не скæнæг æма нæ дарæг, кадгин еу нæ Хуцау, табу дæхецæн. Ковæн дæмæ æма ди корæн. Нæ кувд дæмæ хуарзæй фегъусæд. Барст æма æй æхцæуæнæй райсæ. Устур боз дæ лæварæй куд зæгъæн, нæ царди ба нæбал æй уотæ æрцæун кæнæ. Нивæ, амонд, æнæнез, æнæфидбилизæй рæвдуд,– царди медæгæ лæгæн хуарз фарнæй цæрунмæ ци исагкаг кодтай, уомæй нæ хайгин æма хаиргин искæнæ. Хуцау, мах нæ ан дæуæн унафæгæнæг,– ду дæ махæн фæндæгæнæг, табу дæхецæн. «Мæхæмæтæн» уæлæбæл дуйнейбæл фулдæр царди фарнæ нæбал исагкаг кодтай æма æй ци мæрдти бæстæмæ æрветис, еци бæсти хуарзæнхæ æма рохс дзенет ин исагкаг кæнæ. Мæхæмæт, рохсаг уо. Ци мæрдти бæстæмæ бацудтæ, еци мæрдти бæсти дæбæл дæ сигити хай уæд рæуæг. Дæ бунат – рохс, дæ мæрддзаг – уорс, цъæх зæлдæ – дæ гъазæн, æхсири цадæ – дæ найæн, рæстити хæццæ – дæ бадæн, дзæнæти сугъзæрийнæ сауæдонæй де’ донуг уæд саст. Кæд мæрдтæмæ бацудтæ, уæддæр дæ уарзон адæмæй, муггагæй, хæдзарвæндагæй, адгин, хъазар бийнонтæй иурст, иронх, хецæн нæ дæ: ниддин хæлар кодтонцæ назуй къос, фингæ, бæласæ æма дин мæрдти бæсти сугъзæрийнæ фестæнтæ. Цалинмæ хонхи дор тула, будури ба цалх зела, уæдмæ дæ раз идзагæй-идзагдæр кæнæд. Зумæг дин сæлгæ куд нæ кæна, сæрдæ дин симæр куд нæ кæна. Хайгæнæгæн си фæндаги хай бакæндзæнæ. Æнæбари хай си макæмæн бакæнæ, рæстити хæццæ ба æмхуæрдæ, æмниуæзтæ куд уай, Хуцау дин еци хуарздзийнадæ балæвар кæнæд. Дæ хæстæг, дæ къабазæ, дæ уарзон адæм æрæмбурд æнцæ, хъиамæт кæнунцæ. Сæ хъиамæттæ дин хæлар кæнунцæ. Къахи хъиамæтæй, цæстисугæй, фæрзеуæй, æнæуой æгъдауæй дин цидæриддæр хæлар кæнунцæ,– мæрдти бæсти дин хæлар уæнтæ. Дæу хъиамæттæ дæр уæлæбæл дуйнейбæл дæ бийнонтæн, дæ сувæллæнттæн уæнтæ хæлар.
581
Дæ царди доги бийнонтæ искодтай, дæ хъиамæттæ син ниууагътай кадæрадæй, иссæхастай, царди раст фæндагбæл сæ ниввардтай, де’гъдау, дæ фарнæ син ниууагътай. Æносмæ имисуйнаг син уо. Дæ царди доги дæуæн хуарзæй ци нæ бантæстæй, е ба уонæн куд бантæса. Дæ фæсте берæ æнзти, берæ бонти æнæнезæй, æнæфидбилизæй, зæрдæрохс, игъæлдзæгæй, гъазгæ-ходгæй куд фæццæронцæ, устур ба фарни хæццæ куд ивулонцæ,– мæрдти бæстæй син еци хуарздзийнадæбæл бауодæ. «Хъæрæгъастæ», сæ зиани æгъдау хуарзæй сæ къохи бафтуйгæй, сæ зиани æгъдæуттæ фарни æгъдæуттæй, сæ зини фингитæ ба кувди фингитæй куд баййевонцæ, Хуцау, еци фарнæ æма син амонд балæвар кæнæ. Аци фингитæ ка фæррæвдзæ кодта, уонæбæл ка бахъиамæт кодта, уонæн сæ хъиамæттæ сæхе хæдзæртти устур цийнæ æма фарни гъуддæгти фист куд æрцæуонцæ, Хуцау, еци арфæ син ракæнæ. Карди комæй, аги комæй,– цидæриддæр исрæвдзæ кодтонцæ хæлар кæнунмæ, – цæнхæй, донæй, хъурмалæхъæй, фæрзеуæй, уорсагæй, маргъæй, ниуæзтæй, Мæхæмæт, хæлар дин сæ кæнæн. Мах дин сæ куд хæларæй дæдтæн, мæрдти Барастур дин сæ уотæ хæларæй радтæд. Аци фингитæбæл уæлæбæл дуйнебæл мах барæ куд цæуй, мæрдти бæсти сæбæл дæу барæ уотæ куд цæуа, Хуцау дин еци хуардзийнадæ балæвар кæнæд. Рохсаг уо. Ци мæрдти бæсти дæ, еци мæрдти бæсти хуарзæнхæ æма рохс дзæнæт дин Хуцау балæвар кæнæд. Хъиамæтгæнæг адæм, сумах ба Хуцауи арфи фарнæй хайгин æма хаиргин уотæ. Уе ‘гасей хъиамæттæ дæр зианæн уæнтæ хæлар. ФÆНДАГГАГИ ХÆЛАР Мæхæмæт, рохсаг уо. Дæ кадгин, адгин, хъазар каууестæ дин де ‘ цæг – де ‘ носон дуйнеймæ фæндагмæ фæндаггаги хай исрæвдзæ кодтонцæ. Хайгæнæгæн фæндаггаги хай бакæндзæнæ. Æнæбари хай си макæмæн бакæнæ. Рæстити хæццæ ба æмхуæрдæ, æмниуæзтæ куд уай, Хуцау дин еци хуарздзийнадæ балæвар кæнæд. Дæ хæстæг, дæ къабазæ, дæ уарзон адæм æрæмбурд æнцæ, хъиамæт кæнунцæ. Сæ хъиамæттæ дин хæлар кæнунцæ, – къæхти хъиамæтæй, цæстисугæй, фæрзеуæй, уæледарæсæй, æндæр гъуддагæй дин цидæриддæр хæлар кæнунцæ,– хæлар дин уæнтæ мæрдти бæсти. Дæу хъиамæттæ дæр дæ бийнонтæн, дæ сувæллæнттæн уæлæбæл дуйнебæл уæнтæ хаир. Аци рæсугъд æгъдау ка искодта, аци муггаг, сæ зиани æгъдау хуарзæй сæ къохти бафтуйгæй, сæ зиани æгъдæуттæ фарни æгъдæуттæй, сæ зиани фингитæ ба кувди фингитæй куд баййевонцæ, Хуцау, еци арфæ син ракæнæ.
582 36* Заказ №1424
Марди номбæл аци бон цидæриддæр исрæвдзæ кодтонцæ, Мæхæмæт, хæлар дин сæ кæнæн. Мах дин сæ куд хæларæй дæдтæн,– мæрдти Барастур дин сæ уотæ хæларæй радтæд. Аци фингидзагбæл уæлæбæл дуйнейбæл мах барæ куд цæуй,– мæрдти бæсти ибæл дæу барæ уотæ куд цæуа, Хуцау дин еци лæвар бакæнæд. Дæ мæрддзаг дин сæридарæсæй, къахидарæсæй, гуридарæсæй, дæ кири рæвдзæ, дæ хъиамæт, дæ хæзна фæлдесæн. Мах дин сæ куд хæларæй фæлдесæн,– мæрдти Барастур дин сæ уотæ рæсугъдæй радтæд. Мæрдти бæсти дин сугъзæрийнæ фестæнтæ, хуарз-хуæздæртæй сæ æййевæ, сæрдæ си хед куд нæ кæнай, зумæг си ехæн куд нæ кæнай. Уæлæбæл дуйнейбæл дин куд адгин адтæнцæ,– мæрдти бæсти ба дин нигкидæр адгиндæр куд уонцæ, Хуцау дин еци лæвар бакæнæд. Рохсаг уо, мæрдти Барастури иуазæг уо. Ци мæрдти бæсти дæ, еци мæрдти бæсти хуарзæнхæ æма рохс дзенет Хуцау дæуæн балæвар кæнæд. – Хъиамæтгун адæм, сумах ба Хуцауи арфи фарнæй хайгин æма хаиргин уотæ. Уæ хъиамæттæ зианæн хæлар уæнтæ. Темирати Заурбеги дзурдтæй сæ ниффинста Скъодтати Эльбрус. Дзæуæгигъæу, 1996 анз, Амистоли мæйæ.
ФÆЛДЕСУН Гъо, Хуцау! И мард дæр, и ‘гас дæр ду искодтай æма дин табу фæууæд! Ду ба, Цора, рохсаг уо! Мæрдти ци фæдгæ, фæндаг ес, уомæй хуарз ракорæ; лæгъуздзийнадæй, фидбилизæй бахезæ! Мæрдти Барастури лæварæй мæнæ атæ дæ рази лæууæнтæ! Сæрдæ дин симæр ма кæнæнтæ, зумæг ба сæлгæ ма кæнæнтæ! Фунхæй дин ке радтонцæ, е хомбæл бæркад æфтауæд! Сæрæй есгæ ‘ма бунæй æхедгæ дин цæуæнтæ! Цалинмæ будури цалх зела, хонхи ба дор зела, уалинмæ дæ раз идзагæй-идзагдæр кæнæд! Хайфæндагæн хай бакæнæ, æнæбари хай макæмæн бакæнæ! Аци хуæрдæ ‘ма ниуæзтæ дæ рази атемæй истæнтæ! Кæлгæ фингæ ‘ма идзаг синон уо! Рохсаг уо! Ке дин равардтонцæ, е дин Сами-Мисини сикъити адæ кæнæд! Гъæддзарв донæн кæми ниуазунцæ, бодæ цирагъæн кæми содзунцæ, уоми дæ бадæн фæууæд! Ке дæбæл исхарз кодтонцæ, етæ дин фæлдист уæнтæ, æма мæрдти дæ размæ идзагæй-идзагмæ лæууæнтæ! Рохсаг уо! Дæ мæрддзаг – уорс, де ‘нгæн – рохс, дæ над – æхсаст, дæ ком – æвгъанзт, уотемæй мæрдти Барастури размæ, хуæрзтæ, сугъдæгутæ
583
кæми æнцæ, уоми дæ бунат фæууæд! Рохсаг уо! Хуцау дин батæрегъæд кæнæд! Зад хумæ, зад игуæрдæнбæл нин бауодæ! Рохсаг уо! Дзенети фæббадæ! Хохти Махциги дзурдтæй финст. 1900-аг анз, Комахсæни мæйи, 26-аг бон. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «Гарданти Михал. Уадзимистæ», Дзæуæгигъæу, ИР, 2007, 224-225 ф.
ХЪÆПБÆЛВÆЛДЕСÆН Дуйней радтæг æма дуйней дарæг, не скæнæг æма не сфæлдесæг, устур кадгин, еу нæ Хуцау, табу дæ хуарзæнхæй. Ковæн дæмæ, корæн ди, – нæ кувд дæмæ хуарзæй фегъусæд. Барст æма æй æхцæуæнæй райсæ. Устур боз дæ лæварæй куд зæгъæн, нæ царди ба нæбæл æй уотæ æрцæун кæнæ. Нивæ, амонд, рæсугъд, æнæнез, æнæмаст цардæй рæвдуд, нæ царди доги лæгæн цæрунмæ хуарз фарнæй ци равардтай, уомæй зиани фæсте мæнæ аци кадæ æма хъиамæтгæнæг адæм, зиангин муггаг, хæдзарвæндаг, бийнонтæ хайгин æма хаиргин куд уонцæ, еци лæвар нин радтæ. Хуцау, мах нæ ан дæуæн унафæгæнæг. Ду дæ махæн фæндæгæнæг,– сæдæ мин хатти дæ хæццæ арази. Мард дæр, æгас дæр ду равардтай, табу дæхецæн. «Мæхæмæтæн» уæлæбæл дуйнейбæл фулдæр царди фарнæ не сагкаг кодтай æма æй ци мæрдти бæстæмæ барвистай, еци мæрдти бæсти хуарзæнхæ æма рохс дзæнæт ин балæвар кæнæ. Мæхæмæт, рохсаг уо! Ци мæрдти бæстæмæ бацудтæ, уоми дæбæл дæ сигити хай уæд фæлмæн, рæуæг, дæ ингæн – рохс, дæ марддзаг – уорс, рæстити хæццæ – дæ бадæн, æхсири цадæ – дæ найæн, цъæх зæлдæ – дæ гъазæн, дзæнæти сугъзæрийнæ сауæдонæй де’ донуг уæд саст. Абони дæ хъæпбæлвæлдесæн бон æй. Дæ хæстæг, дæ къабазæ, дæ уарзон адæм, дæ кадгин, адгин, хъазар бийнонтæ дин дæ сæридарæс, дæ гуридарæс, дæ къахидарæс, дæ хуссæни рæвдзæ, дæ хæзна, дæ хъиамæттæ кадæ æма рæсугъдæй фæлдесæн. Мах дин сæ куд хæларæй фæлдесæн, – мæрдти Барастур дин сæ уотæ рæсугъдæй радтæд. Уæлæбæл дуйнейбæл дин си бадарунмæ ка нæ бантæстæй, е ба дин мæрдти бæсти куд бантæса, – мæрдти бæсти ба сæбæл дæу барæ уотæ куд цæуа. Мæрдти бæсти дин сугъзæрийнæ фестæнтæ. Хуарз хуæздæртæй æййевæ. Зумæг си ехæн куд нæ кæнай, сæрдæ си хед куд нæ кæнай, уæлæбæл дуйнейбæл дин куд адгин адтæнцæ,– мæрдти бæсти ба дин никкидæр адгиндæр куд уонцæ, Хуцау дин еци хуарздзийнадæ балæвар кæнæд.
584
Рохсаг уо. Мæрдти Барастури иуазæг уо. Ци мæрдти бæсти дæ, еци мæрдти бæсти хуарзæнхæ æма рохс дзæнæт дин Хуцау балæвар кæнæд. Дæ сигити хай дæбæл рæуæг уæд. - Хъиамæтгæнæг адæм, Хуцау уин райарфæ кæнæд. Уæ хъиамæттæ зианæн мæрдти бæсти хæлар уæнтæ. Мæхæмæт, рохсаг уо. ЦИРТÆВДЕСÆН Кадгин муггаги астæу исæнтæстдæ, уæздан æма æгъдаугин бийнонти æхсæн исирæзтдæ, дæ хæстæг, дæ къабазæ, дæ уарзон адæми хæццæ кадæ æма радæй фæццардтæ, адæмæн дæ цард адтæй адгин, Хуцауи фарнæй адтæ хайгин, Хуцау дин уæлæбæл дуйнейбæл фулдæр царди фарнæ нæбал исаккаг кодта, де’ носон дуйнеймæ дæ кадæ æма рæсугъдæй дæ кадгин бийнонтæ, дæ хæстæг, дæ къабазæ, дæ уарзон адæм де’ носон дуйнеййи фæндагбæл, де’ носон дуйнеййи рохс дзенети бунатмæ рæсугъдæй рарвистонцæ. Афæдзи– афæймæ дин нæ Нарти Кæнти æгъдæуттæ рæсугъд æма хæларæй бафистонцæ. Де’ носон хæдзарæ – дæ циртдзæвæн дин уæлæбæл дуйнейбæл исрæвдзæ кодтонцæ. Абони ду бацудтæ зæронд мæрдтæмæ. Зæронд мæрдти хæццæ рохсаг уо. Рохс дзæнæти рæстити хæццæ дæ бунат уæд. Дæ хъазар бийнонтæ, дæ хæстæг, дæ къабазæ, дæ уарзон адæм циртæвдесæн дæбæл кæнунцæ. Ци мæрдти бæсти дæ, еци мæрдти бæстæй сæбæл хуарзæн бауодæ. Дзиллитæ дæбæл ци цæстисуг никкалдтонцæ, аци уæздан адæм дин ци рæсугъд зиани æгъдау равардтонцæ,– дзæнæти рохсæн дин фæууæнтæ, аци зæнхæ дин дæ мади гъæбеси хузæн адгин уæд, циртæвдесæн дæбæл кæнæн, рохсаг уо. Темирати Заурбеги дзурдтæй сæ ниффинста Скъодтати Эльбрус. Дзæуæгигъæу, 1996 анз, Сухи мæйæ.
ГЪАРÆНГИТÆ *** Уæ, цæрунгъæуагæ хор, мондаг уодесæг кæмæ æрбалæууй, уой хæццæ тохæн ка фæккæнуй! Уомæн е ‘нгарæ æ сæргъи ку æрбалæууй, уæд æй фæффæндуй уой хæццæ рагъазун. Уотæ ку фæззæгъуй: «Радзæбæх уодзæнæн!» Карз уодесæг уой нæ фæффæрсуй. Æ бæрзонд исхæссæг фидæн зæрдæ ку байвæруй, дæ цæвæг дин де ‘усхъæй райсдзæнæн, зæгъгæ, уой ма бафæразай!
585
Уæ, дæ зæрди дзубандитæ дæ зæрди ниууадзай! Уæ, мæгур дæ бон! Гъасти рæстæг æрцудæй, дæ рæвдзитæмæ ма рахъæртай! Уæ, уомæн æ бæрзонд исхæсгутæ, æ мадæ, æ фидæ кæугæзæрдæ, дзоргæдзухæй байзайонцæ! Æ фæлмæн ниййерæг уотæ ку фæззæгъуй: æ мæлæтæн цæййасæ рацæй, уордæмæ баирайуй! Æхецæн æй хумæтæг зæрдæ ку февæруй: мæ къустелтæ мин ме ‘усхъæй раййевдзæнæй, мæ уесойнæ мин мæ къохæй райсдзæнæй, зæгъгæ. Карз уодесæг уой ку нæ фæххезуй, мæ бон! Уомæн, гъасти кæронмæ ку рацæуй, æ хъæстæ уæд исресуй: «Уæ, нана! Мæ хъæстæ ресуй!» – Уомæн даргъ уат ку ракæнуй еци сахат, ку фæййаууон уй! – Уæ, нана! Ци мæгур дæ, дæхецæн æй ци зæрдитæ ниввардтай! Уæ, мæгур дæ бон, æ сау ниййерæг! Уомæн е ‘нгартæ кустмæ ку цæуонцæ, хъал лæхъуæнтæ сау ниййерæгбæл ку расерф кæнонцæ, æ уæргутæбæл, бадонуæгæй, е ‘ндæргъцæ уæд бахауй. Уæ, мæгур еунæг! Гъæдæ, дорæй дæр мæгурдæр æй еунæг! Мæгур цæмæн æй? Хæдзари уа ‘ма æндегкæй – кæуйнаг; æндегкæй уа æма хæдзари – кæуйнаг! *** Уæ, берæ косагæ, æвæллайагæ! Уæ, берæ ка зудта, берæ ка куста!.. Уæ, æхцай бони æхцай кисæ к ‘адтæй, фонси бони фонси Фæлвæра к ‘адтæй… Уæ, лæугæ хонх, цæугæ мæсуг æ бунтæй нирреза! Дзиуарвæсхъæ тотæг уонтæ, нарæг астæу, гурведауцæ, саги сесбел хуарз амад к ‘адтæй!.. Æхсæвæ бонау ка хаттæй, æхсæвхæтæг мегъæмбал уа! Цъæх æфсæйнагæй цъæх бæхгин уа!.. Уæ, бæрзонд фæлгæсæнтæ, ниллæг бацæуæнтæ ка скодта, уонæй ка неци фæйдта! Сау лацин, бор уарий æ бунтæй рахъан уа! Уæ, ци мæгур дæ, ци дзæгъæл фудæбæнттæ фæккодтай! Уæ, дæ Дигори хай дзæгъæлæй байзайа! Хуæрзхаст бæх хуæдидонæй ниффардæг уа! Уæ, ци мæгур дæ!.. Æ лæхъуæнæн уосæ ка не ‘рхудта, æ кизгæ киндзи ка нæ рарвиста! Уæ, ци мæгур дæ! Уонæмæ фæббæллай, ма сæ раййафай! *** Уæ, ци мæгур дæ!.. Еунæги фæххизта, æртхотуг сæрæй, фунук къохæй фæббадтæй, æхуæдæг ба, инсæй ниййергæй, инсæййемæй еунæги тасæй фæццардæй. Æхсæвæ сагъæсгæнгæ хустæй, бонæ азæлгæй бадтæй. Еу фуси гъунæй зæлдæ тунæ кодта; даргъ æхсæвæн бонæй тарстæй, даргъ бонæн æхсæвæй тарстæй æ фур косагæй! Уæ, берæ косагæ, æвæллайагæ! Уæ, ци мæгур дæ! Болат кæрдæнгин, мисийраг содзингин, æндон содзийнау дæ астæубæл басæттай! Уæ, æнæ уадæ фæлмæн хор, бийнонти дзиуарæ, дæ нихтæй хумæ фæккæнай! Дæ берæ фæллæнттæй маци фæйнай!
586
Уæ, ци мæгур дæ! Еунæгмæ фæккæсай, уой цийнæ бæнттæ ма раййафай!.. Уæ, мæгур еунæг! Дæ кустадахст мади фæллæнттæ цæмæй бахатдзæнæ?! Уæ, мæгур еунæг, ци мæгур адтæ! Дæ уорс дзоги фæсте хæтунæй ма бафсæдай! Уæ, дæ фиййаулæдзæг дзоги кæронмæ сагъдæй байзайа! Уæ, дæ фиййау лæдзæгæй ма бафсæдай! Де ‘ртæхдзæгъдæн гебена ма раййевай, ма рагæлдзай! Уæ, дæ уорс дзогæ сау гъæди астæу дзæгъæлæй байзайа! Хумидайæни мæйи 15-аг бон. 1901 анз., Мæхческæ. Гарданти Михали къохфинститæй ист. «Гарданти Михал. Уадзимистæ», Дзæуæгигъæу, ИР, 2007, 221-222 ф.
СЕДЗÆРГÆС УОСИ ГЪАРÆНГÆ Мадæ æма бæдолæ кæрæдземæй хъæбæр зин æртæсæн æнцæ. Етæ кæрæдземæй ку фертæсунцæ, кæрæдзей хъури бунтæй гæппæлтæ уæд фæййесунцæ. Уæууæй, уæууæй, уодесæг, ду тæрегъæд куд некæмæн кæнис. Седзæр мæгур æй. Дæ мади бунатмæ фиди уосæ ку æрцæуа, уæд дæ мади фудæбæнттæмæ дуарæй дæ бакæсæн уодзæнæй, зæнхи астæуæй дæ раздæхæн уодзæнæй. Дæ сау цæстисугæй дæхе уæд æхснæндзæнæ. Æргом кæун дæр не ‘ндеудзæнæ. Уох-хай, мæ фиди уоси зæрдæ мæбæл ходгæ кæндзæнæй, æма куд кæуон мæ мадæбæл. Седзæр мæгур æй, цомамæ тагъддæр æй. Уой, мæгур седзæр, уарун бони уæсигæс æй, хор бони итауæнгæс æй. Седзæрæй алке дæр тæрсгæ кæнуй. Дæ мæгурдзийнæдтæ кæмæн æрдзорай, ка дин æртæрегъæд кæндзæнæй! Æнæнсувæр дæр седзæри хузæн æй. Æнсувæр кæмæн нæййес, е ци хъæбæр мæгур æй. Æ фиди хæдзарæ кæмæн бабун уй, уомæн æмбал нæййес. Алке дæр æхецæн бæргæ фенсувæр кæнуй, фал дæ мади бæдолæ ку нæ уа, уæд æнсувæр кæнун неке комуй. Тæходуй æма есге хæдзарæмæ æ бæрзонд æнсувæр кæмæ æрцæуй. Æма ин зæрдиуагонæй фингæ ка искæнуй. Æма уомæн калгæ синон ка раттуй, ‘ма сæ зæрди дзубандитæ, æ мæгур бæнттæ е ‘нсувæрæн ка æрдзоруй, еци хуæрæ ци хъал фæуй! Æнæнсувæр кизгуттæ æнсувæргин кизгуттæмæ хицæгæнгæ фæццæрунцæ. Æнæ мадæ, æнæ æнсувæр – етæ æмхузон мæгур æнцæ. Æнæлæг уосæ, ци хъæбæр мæгур фæууис. Æ царди æмбал кæмæн рамæлуй, е ци мæгур фæууй. Даргъ надæн кæрон нæййес. Даргъ над фæллайагæ æй. Аккаг дæр æй æфхуæруй, æнæ аккаг дæр
587
æй æфхуæруй. Седзæргæс уосæ æма фæндаггон бæласæ æмхузон æнцæ. Аккаг дæр æй цæвгæ кæнуй, æнæ аккаг дæр æй цæвгæ кæнуй. Æма æмхузон уомæй æнцæ. Седзæргæс уосæй алке дæр тæрсгæ кæнуй. Бæхгин лæг ин фестæг нæ кæнуй. Фестæг лæг ба ин «бонхуарз» нæ зæгъуй. А, уæууæй, мæгурдæр фæууай. Баздæхисæ æма æставд бæндæн дæ астæубæл батохисæ. Циргъ æхснеуæн – дæ суйни. Уотемæй сау гъæдæмæ бацæуисæ æма сау гъæди дæ сау зар никкæнисæ æма уæззау уаргъ никкæнисæ. Адт, мæгур седзæргæс, кусти дæ сæрæй хумæ ку фæккæнис, дæ думæггæгтæй ба ласгæ фæккæнис. Фал айфонмæ дæ мæгур сувæллæнттæ дæумæ æнгъæлмæ кæсунцæ. Кæд æризæр уодзæнæй. Уотемæй каурæбунти фæлладæй ку бафунæйтæ унцæ. Уотемæй, адæммæ хицæ гæнгæй дæ дуйней цард æрветис. Райдзурдта Акъоти Зурмæхан. Нийфинста Туати Изетæ, 1975 анз. 30 октябрь, Дзæуæгигъæу.
СЕДЗÆРГÆСИ ГЪАРÆНГÆ Уæ, мæ бон бакæла, уæ, мæ царæ бафтуйа, ци æнагъомæй даргъ надбæл байзадтæн. Уæ, есге дзæбæх лæхъуæн! Хуарзæй мин ке фæдтæ, уони мин ци зин бонæй бахаттай. Уæ, ци уæззау уаргъ мин бакодтай мæ рагъи, уой хæссун мæ бон ку нæ уа, уæд дæу ку рæгоздзæн. Уæ, дæ уарзон сабийтæ дæлдæр-уæлдæрæй мистити къохи дзагæй кæмæн ниууагътай, уæбæл сæ бафæдзахстай, кæбæл син дæ зæрдæ бадардтай, уой ку нæ зонун. Уæ, мæ бон бакæла, етæ мæнæ сæ лæхъуæн фиди ку агоронцæ, уæд æз уони кæдмæ сайдзæнæн. Уæ, мæ хъазар, уæ мæ зинаргъ æмбал, ци зинæй бартæстан кæрæдземæй, сау ингæни дуар ци ‘нæбари байгон кодтай. Райдзурдта Баликъоти Тæйбæт Тæхири кизгæ, 42-анздзуд. Чикола. Нийфинста Лагкути Розæ Рамазани кизгæ. ЦИПУ, уруссаг литератури кафедри архив, 1972 анз. № 39.
АЛЛИХУЗИ ÆРМÆГУТÆ
ЦОППАЙ ЗАР О, алай, о, алай! Алай-цоппай бæстæн хуарз æй, О, алай. Цоппай кæнунцæ æрвдзавдбæл. Гъæуи лæхъуæнтæ ‘ма кизгуттæ рæнгъæй, еуетæ разæй, иннетæ фæстегæй, уотемæй гъæубæл æртæ зилди æркæнунцæ, «цоппай» заргæ. Æрвдзавди сæвæрунцæ иуонгутæбæл ефтигъд уæрдуни æма сæ сæхе барæ рауадзунцæ, кæми ниллæуунцæ, уоми ‘й баивæрунцæ. Бæласæ имæ хæстæг ку фæууй, уæд уой рахонунцæ Елиай бæласæ æма имæ алли анз къеретæ ‘ма косарт хæссунцæ. Фиццæгти уохæн бæлæсти буни ци косарт ракæниуонцæ, уони цæрттæ æдгъелибæл бакæниуонцæ, æма афæдзи афæдзæмæ лæудтæнцæ. Райдзурдта Боронти Гадзи. Нийфинста Туйгъанти Мухарбег, 1900 анз. ЦИГСÆИ-й архив; фольк. 13, 6 п., 76 ф.
589
УАРУН КОРУН Гъе, мæнæ ку ‘рбатæвдитæ уидæ, уарун къуæрегæйттæ ку нæ уидæ, уæд цид, уостити къуар сæхебæл уорс хъæппæлтæ искæниуонцæ – алци дæр сæбæл уорс уидæ: ци – пъолцитæ, ци – сæрбæттæнтæ, ци – цъиндатæ. Ку скæниуонцæ уорс дзаумæттæ, уæд гъæунгæмæ рацæуиуонцæ æма заргæ, кафгæ хæтун райдаиуонцæ. Сæ хæццæ ба ести гъæдин киндзæ рахæссæ-бахæссæ кæниуонцæ, уобæл дæр уорс хъæппæлтæ, уотемæй. Кенæдта сæмæ нæ уидæ уæхæн киндзæ – уотæ дæр уидæ. Æма син-еу адæм сæ зард ку фегъосиуонцæ, уæд сæмæ рацæуиуонцæ, ‘ма, кæмæ ци адтæй, уой син лæвардта. Заргæ ба уотæ кæниуонцæ: «Хуангуассæ уарун коруй! Ей-ей! Ей-ей! Нæ тиллæги уарун гъæуй! Ей-ей! Ей-ей! Танкъуассæ уарун коруй! Ей-ей! Ей-ей! Нæ сувæллæнтти дон гъæуй! Ей-ей! Ей-ей! Дзиллæгуассæ уарун коруй! Ей-ей! Ей-ей! Хуангассæ уарун коруй!» Берæ, цид, фæххæтиуонцæ, фæззариуонцæ, фæкковиуонцæ, уæдта сæ гъæдин киндзи донмæ багæлдзиуонцæ. Ку нæ сæмæ уидæ уæхæн киндзæ, уæдта сæхецæй есге басхуаиуонцæ уайгæ донмæ, ескæци уоси. Сæхе ба донæй сау дессаг бакæниуонцæ, уæлæ гъæуисæрмæ, æма си устур кувд исаразиуонцæ. Фæббадиуонцæ, фæкковиуонцæ Хуцаумæ. Æма, мæ хор, æруаридæ еу къуар боней фæсте… Райдзурдта Гулчети Саса Туйгъани кизгæ, 73-анздзуд, 1975 анз, г. Дигора. Нийфинста Дзотцоти Эллæ. ЦИПУ, уруссаг литератури кафедри архив, 1975 анз, № 20.
590
ЦÆСТИАРФÆ 1. Сувæллонбæл цæстиарфæ Сувæллон ку фæццæстуд уй, уæд цæстиарфæгæнæг уотæ радзоруй сосæгкæй: Мадæ, фиди цæстæ, Æрвадæ, хуæри цæстæ, Ностæ, теуи цæстæ, Синхон, хæстæги цæстæ… Хуфийнæй дон хастон, Æзмесæй бæхснуг бийун. Уони цацæг мæнгæдтæ зæгъун, Уацæг дæ незтæй æрбадзæбæх уо! Æма сувæллонбæл батутæ кæнуй, цæнхи къæртт ба арти ракæнуй æма е ку никъкъæрццитæ кæна, уæдта гъæрæй исдзоруй: – Цæстæгæнæги цæстæ Уоййау фæтътъæпп уæд! 2. Сувæллонбæл цæстиарфæ Саги цæстæ, саги гъос, Мадæ, фиди цæстæ, æсги гъос. Иуазæги, фусуни цæстæ, Синхони, дзилли цæстæ! Майрæни буни авд кизги бадуй: Сугъзæрийнæй къæлæттæ амонунцæ, Царвæй фезонæг кæнунцæ. И рун, и незæй уотæ сугъдæг уо! Цæстæгæнæги цæстæ арти басодзæд! Цæстиарфæгæнæг еци дзурдтæ дзоруй сувæллони гъоси сосæгкæй, фæлмæн
591
фуфугæнгæй ‘ма фæлмæн тутæгæнгæй. Фæстаг дзурдти хæццæ ба цæнхи къæртт арти баниуæрдуй ‘ма е ку никъкъæрцц кæна, уæдта гъæрæй исдзоруй: – Дæ цæстæгæнæги цæстæ Уотæ фæтътъæпп уæд! Уой фæсте ба цæстиарфæгæнæг сувæллон æ дзедзебæл бафтауй ‘ма ин заруй хъахъатæ, уотемæй сувæллони бафунæй кæнуй. Сувæллон æхе мадæ æма фиди цæстæ дæр, кенæ ба хуæрæ æма е ‘нсувæри цæстæ дæр райсуй æма уомæ гæсгæ ба и хецонтæ сæ уарзон сувæллонбæл ку бацийнæ кæнонцæ, уæд гъæуама зæгъонцæ аци дзурдтæ: – Мадæ, фиди цæстæ, Æрвадæ, хуæри цæстæ, Синхон, иуазæги цæстæ Ма байсæ, хæрæги къæлæу, Кудзи къæбула! – æма и сувæллонбæл батутæ кæнæд æма исдзорæд: «Ис-аллах!» 3. Сувæллонбæл цæстиарфæ Цæстиарфæгæнæг райдайуй: Сафа, уæларв Сафа! Аци сувæллон де ‘уазæг! Мади цæстæ, фиди цæстæ, Синхони цæстæ салдар æй! Аци сувæллонмæ фуд цæстæ, Фуд зæрдæ ка бадара, Е фæххæтæд коко синдзæбæл бæгъæмбадæй! Сискъи, хъæсхъæр æ хуæруйнаг, Уæлкъæйсæрбæл æ хунгæндæ, Уæлундугбæл æ хуасгæрцæ! Уонæмæ дон хуфийнæй фæххæссæд, Фæрæти комбæл сæ фæссодзæд! Еци дзурдти фæсте ба цæнхи къæртт рæхиси цæгти æртæ хатти раласæд дзоргæй: «Сафа, уæларв Сафа! Аци сувæллон де ‘уазæг», – æма и цæнхи къæртт цæхæри багæлдзæд æма зæгъæд: – Цæстæгæнæгæн æ цæстæ Уотæ фæтътъæпп уæд!
592
1. Фонсбæл цæстиарфæ Фонс донмистæ ку фæууина, кенæ ба æмезагæ ку фæууа, уæд ниттуппур уй æма рамæлуй, цæстиарфæ ибæл ку нæ фæууа, уæд. Адæм уотæ æнгъæлунцæ, цæмæй и фонс æнæзиан байзайа, уой туххæй ба ибæл гъæуй цæстиарфæ искæнун. Уæлхор æстъалу фæйдтон, Калми комæй хæфсæ байстон, Мæхе комæй мистæ райстон. Нихæси æртæ лæги бадтæй, Етæ– ме ‘вдесæн! Уой цацæг зæгъун, Уацæг хуасæ фæууæд, Ци фонсбæл балихстон, уомæн! Цæстиарфæгæнæг еци дзурдтæ дзоруй сосæгкæй, фонсбæл ба бату кæнуй ‘ма батутæ кæнуй. 2. Фонсбæл цæстиарфæ Гали коми сифæ тайуй, Гъоги коми цæнхæ тайуй. Уæлхонх æстъалу фæйдтон, Калми комæй хæфсæ байстон, Фæйдтон нæ донгон донмистæ. Уой цацæг зæгъун, Уацæг аци фонси æ нез исуадзæд! Цæстиарфæгæнæг фонсбæл балихсуй, батутæ кæнуй ‘ма ин æ къæхти буни сундакъæй æлхийтæ, къумæлхийтæ, æмезаги æлхийтæ райхалуй. Адæмæй æруагæс кæнуй, æ цæстиарфæгæнæг раст ку искова, кенæ ба еци къумæлхийтæ ку бакæна, еци дзурдтæ гæнгæ, æма сæ ку райхала еци-еу рахуæстæй, уæд æваст исдзæбæх уй: æ туппур æй исуадзуй, кенæ ба ниммезуй. Гарданти Михали къохфинститæй. «Гарданти Михал. Уадзимистæ.», Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 240 – 242 ф.
593
ФИДТÆЛТÆЙ БАЙЗАЙГÆ ЗУНДГИН ДЗУРДТÆ, ДÆНЦИТÆ, ÆМБЕСÆНДТÆ Цард тæбæгъи донау æй. Дæ фиди ци лæдзæгæй фæннæмай, е ескæд дæ фурти багъæудзæнæй. Хуæрзгæнæг хуарз кæми иссердта, уордæмæ мæ фæххонæ. Мæгурæй ка исхъал уа, е æ Хуцауи дæр феронх кæнуй. Хæрæги расорæ æма заддæр хуми исмедæг уй. Дон коргæй дин, цæнхæ бадардзæнæй. Хæрæгбæл цæййасæ уæззаудæр уаргъ уа, уоййасæ тагъддæр цæуй. Æлгъистæ – æлгъетæги, фарнæ – игъосæги. Арахъ æ кæнæгæн дæр нæ хатир кæнуй. Нимæт куд фулдæр æууæрдай, уотæ гъунгундæр кæнуй. Хæрæг бакосуй, бæх ба ‘й бахуæруй. Гирццæ кизги лæхъуæн фæцæй. Сæ бæгæни – къосидзаг, Сæ ходуйнаг – коми дзаг. Иской курдиадæ ‘й, *æри-ма* ба тухкорæ ‘й. Хуарз æма фуд æнсувæртæ æнцæ. Гъæу хуарз адæмæй федауй. Хуарз гал ауæдзæ не ‘халуй. Сугъзæрийнæ арти нæ тайуй. Æфсæрмæй мæлæн фæтгæ нæййес. Уат æма арт ласагæ ‘нцæ. Лæгъузæн хуарз ракæнуни бæсти ‘й дони бакалæ. Залиаг калмбæл ма баууæндæ: гъузгæй цæвуй. А кæми рафсæра, уоми кæрдæги халæ нæбал истæхдзæнæй. Фудгъос – хæдзарихалæг. Бости хай – хæлæйфаг. Лæг тохæн райгуруй. Берæгъи æ къæхтæ царунцæ. Гъогæн е ‘хсир е ‘взагбæл æй.
594
Агоргæй Хуцауи хæдзарæ дæр иссердзæнæ. Хуæрун куд зонис, косгæ дæр уотæ кæнæ. Зийнадæ æзнаги хай æй. Нихæс хæдзарæ ихалæг æй. Амонд ратæхæ-батæхæ фæккодта æма хæлеу гъæлæси исмедæг æй. Мæгурæн æ зæрди – ести, æ дзиппи ба – неци. Мæгури дзурд аргъ нæ кæнуй. Гъæздугæн æ фалдзосмæ дæр ма бацо! Мæгури цар федар æй. Фæстон хъалæй маци корæ. Устур киндзи ка гъæуй, минкъий киндзи дæр е гъæуй. Мингий фæрæт устур бæласæ ракалуй. Минкъий лæг Хуцауи хæццæ дæр ерис кæнуй. Дигорон лæгмæ маст æрæгæмæ гъаруй, ку багъара имæ, Уæдта æрæгæмæ исусуй. Ехи буни гъар дон нæ цæуй. Фурдзитæ – æдзитæ. Муд дæр адæбæл хуардæуй. Бон æ афони ивайуй. Мæрдти хуæрæн фæткæ нæййес. Æнафони иуазæг фидбилиз хæссуй. Æрцæун дæр ес, фæццæун дæр ес. Æфсæйнаг æ тæвдæбæл надæуй. Мех дæр есафони тасуй. Дигорон лæгæн æ фиццаг зундæй æ фæстаг зунд хуæздæр æй. Хъадир ку низзайа, уæд дин Мисири циуан уодзæнæй. Кæрдзин дин цалдæн муд исуа, уæдмæ ‘й ма хуæрæ. Фиди лимæн – фурти хæзна. Дууæ æнхуæрифуртемæй арс хункгондмæ ледзуй. Кæрдзини лимæнбæл макæд баууæндæ. Еумæ дзиккайæй хецæн серæ хуæздæр æй. Игъосæг ку уа, уæд дæ зæгъуйнаг зæгъæ. Лæг цæмæй фæттæрсуй, е йбæл æрцæуй. Тæрсагæ лæги куйтæ идардмæ дæр базонунцæ. Донæн æ дууæ фарси дæхе хонæ æма дæ еу фæууа. Хуарз лæг æхе хæдзари дæр иуазæг æй. Силгоймагæн хелаги зæрдихатт ес. Силгоймаг æма хайуанбæл æууæнкæ нæййес.
595
Лæгъуз силгоймаг æнсувæрти æзнæгтæ искæнуй. Уосвæндæ лæг мæрдти нимæдзæй æй. Æнæлæг уосæ – дзурдæфтуд. Дуйнебæл хуарз уосæй хуæздæр неци ес. Уосесæг æма уодесæг еу хузи æнцæ. Хуарз силгоймаг изæди хай æй, лæгъуз ба – сайтани хай. Зунд адæймагæн æ хæццæ райгуруй, ахур ба уой фæсте искæнуй. Бафæрсунæй аййепп нæййес. Арт кæнун ка зона, е метбæл дæр исарт кæндзæнæй. Нæзонаги къох нæресагæ. *Нæ фæууидтон* – еудзурдон, *фæууидтон* – сæддзурдон. Арми уæрццæ арви уæрццæй хуæздæр æй. Куййæн къæбæр ку гæлдзай, уæд дæ фæдбæл цæуй. Алцæмæй – гъæуагæ, нецæмæй ба – æнхæст. Æфсийнæ хæтагæ ку уа, уæд ностæлтæбæл дауæ кæнуй. Хуцауи лæварæй боз ун гъæуй. Ходæскъæфæг æ ходæ æ рони даруй. Фудвæд дæр кудтæй, æвæд дæр кудтæй. Хуæддзо иуазæг кæрдзин ку феййафа, уæддæр гъæуама боз уа. Къинди лæгмæ дæ уоди хуасæ ку уа, уæддæр æй ма ракорæ. Куй си æстæг нæ ратондзæнæй. Анæн се ‘хсæукъæ дæр догъи уайуй. Систи тогмæ тæгæна даруй. Æ фур дессагæй айки дæр æрдо агоруй. Фурзудæ лæг хелагæ дæр фелвасуй бæндæни рæуони. Сугъзæрийни кæрæй мæнæуи кæрæ – хуæздæр. Хуæздæри уарзун фæткæ нæййес. Лæгъуз бæхæй хуарз хæрæг – хуæздæр. Мæгурæн æ уæс галеуæг кæнуй. Уасæнги уастæй бон не ‘вайуй. Цæстисугбæл куройнæ нæ зелуй. Устур дзурди бæсти устур комидзаг никкæнæ. Е ‘лгъистæ карди комау кæрдуй. Бакæнунæй ракой унæй уæлдай нæййес. Гъæдæ уа, дор уа – еунæг мæгур æй. Еунæг къохæй æрдзæф нæййес. Еу зундæй дууæ зунди – хуæздæр. Бери æфсар устур æй.
596
Еу хæран лæг сæдей фесафуй. Еу дзурд сæдæ дзурди ма кæнæ. Берæ – хъæстæн хуарз, минкъий ба – зæрдæн æхцæуæн. Зæронд гали сиуæ хъæбæр æй. Зæрдæн зæронд нæййес. Зæронд бæх берæ байрагдзæрттæ баскъудта. Зæронд берæгъ уæри фид берæ уарзуй. Данкъа ранседуй, куй ба – лæборуй. Хестæр – сибирттæг, кæстæр – лæуирттæг. Уæри фидæй ци кæнис, æ басæй фæстæмæ, Зæронд лæгæй ци кæнис, æ мастæй фæстæмæ. Дон кæстæрæй ниуазтæуй. Айкæ каркæн зунд амудта. Кæстæр кæми нæ уа, уоми хестæр нæййес. Зæронд ихæс зин федæн æй. Зæронд æстауæ, нæуæг ба равзарæ. Хабар уади базуртæбæл бадуй. Зунд мæнгæййæй устури сæрбæл нæ’й. Дони ма найæ, ку си найай, уæдта уордæгмæ гъавæ. Дон æ райдайæнæй лæкъун кæнуй. Фæстехуарзæ хуæздæр æй. Къæрнæх æхе хæдзарæй дæр давуй. Къамбец уорс нæ кæнуй. Сугъзæрийнæ зæнхи буни ку никкæнай, уæддæр сугъзæрийнæй изайуй. Хæрæгбæл æвзестæ саргъ ку уа, уæддæр хæрæг æй. Саст кæрдзин нихæсгæ нæбал кæнуй. Мæрдгини цæстæ уинагæ ‘й. Сирд æ уодæн ку фæттæрса, уæд синдзæмæ ледзуй. Зæрдæ ку реса, уæд курмæ цæстæй дæр цæстисуг цæуй. Мæгури уæс тагъд гал кæнуй. Куй фур тæссæй рæйуй. Ке уæрдуни бадай, уой зар кæнæ. Лæг ку фæммæгур уй, æ зæронд ихæстæбæл уæд фæххæтуй. Арвмæ дæр уæрмæй ку кæсай, уæд си берæ нæ фæууиндзæнæ. Уæллæй бунмæ кæсгæй, алцидæр мингийдæр фæззиннуй. Надгæрон бæласæ – фæрæтæвзарæн. Æхсæвигон дортæбæл дæр гъостæ ес. Муди боцикъай ку бадай, уæд де ‘нгулдзæ куд нæ растæрдзæнæ.
597
Ласæги буни мистæ нæ мæлуй. Хъæрæу цæстæ суг нæ кæнуй. Мæгури мард даргъдæр æй. Берæ ке бауарзай, е дин рæсугъд. Нæуарзонæн æ хуæрун цъæн-цъæн, æ цæун – сæпп-сæпп. Калм кæбæл фæххуæца, е гъолон къимбусæй дæр тæрсгæ кæнуй. Дзурдмæ ка фæрраздæр уа, уой æй. Хути æрдонгæн сæ фæсте ка цæуа, етæ сæ нарддæртæ æнцæ. Зæйи гъæрмæ зæйæ æнкъусуй. Гæбæр бæх гæбæр бæхбæл æхе хафуй. Æнæ ‘нкъаййæй цъеу дæр нæ цæруй. Худур худури æвзагæй зонуй. Файностæ – файности рун. Иуазæг иуазæги нæ уарзта, фусун ба сæ дууей дæр. Файностæ файности нæ уарзта, æфсийнæ ба – сæ дууей дæр. Лæг æ цæуæтæй нивгун æй. Бæдолæ æма мади сигитæй æндæр неци æртасуй. Мади цæф нæ ресуй. Мадæй седзæр – æцæг седзæр, Фидæй седзæр – æрдæг седзæр. Хуарз фурт æ фидæй ихæс даруй. Дæ зæнæги æзнаги хаст искæнæ æма си зæнæги адæ фæууинай. Еудзурдон лæг – æвæсмон. Раст хæранæн – хуаллаггаг. Лæг зæнхæбæл иуазæг æй. Хуцау дæр ма еу хатт зæнхæмæ æрхезуй. Бæласæ дæр цæфæй цæфи астæу уолæфуй. Æнæ еу лæгигъæдæ мæрдтæмæ неке цæуй. Лæгæй тухгиндæр неци ес. Лæги цæстæ нецæмæй æфсæдуй. Æгæр бæрзæндти ка фæттæхуй, е ниллæгмæ дæр æрхауй. Уади фæсте уарун ес. Киндзæ æнæ кæугæ нæ цæуй, мард ба – æнæ ходгæ. Мæ еу къохæй ме ‘нней рамардтон. Лæгъузи дæр хуарз ун фæндуй. Лæгæн æзнаг цæйбæрцæ ес, уойбæрцæ ба ин лимæн дæр ес. Дзæрæхмæти цæвæгау – дууердæмæ кæрдуй. Еу мади зæнæгæй еу фингæбæл гъолон дарун не ‘нгъезуй.
598 37* Заказ №1424
Фудгубунæн кувдæй, хистæй уæлдай нæййес. Хъæрæуæн ци уæлдай æй: фæнди æхсæвæ уæд, фæнди ба бон. Хæстæг хумæ, игуæрдæни нæ зайуй. Хуарз синхон идард хæстæгæй хуæздæр æй. Де ‘рвадæй ку байуарай, уæд си идардмæ фæлледзæ. Бæхæн æ давæг – æ къæхтæ. Мадæ, фидæ æма райгурæн бæстæ уæййаг нæ ‘нцæ. Еске бæстæ – кудзи бæстæ. Цæй тикис æй, æхемæ æстай ка нæ кæсуй?! Еске дзоси дæ къæбæр ма толæ. Хеуон цæсти нæ ахедуй. Еске зианбæл цийнæ кæнун нæ гъæуй. Еске хæдзари – галдзæстæ, æхе хæдзари ба – цъеудзæстæ. Æндагон мистæ медæггаг мисти расурдта. Зингæн игъаугидæр нæ ‘й, æ хеуони содза, еске содза. Бийнонтæ – киндзи цæра, киндзæ дæр – æхе цæра. Æлдар – нæмагæ, мæгур – кæуагæ. Хъæбæр фуди хъæбæр лæг гъæуй. Фæлмæн гъæди калм бахуардта. Арт æма дони хæццæ дæ тухæ ма равзарæ. Хæрæг бæхæн – уаргъ хæссæг. Æфсæйнаг æрмæстдæр зингæй фæлмæн кæнуй. Æлдари фæдбæл куййау хæтун – ходуйнаг . Ех тайун кæнуй зинг, зинг хуссун кæнуй дон. Дзурд уадæбæл бадуй. Цъух зæрди дуар æй. Æнæууилд дзурдтæ ма кæнæ! Дæ зæрдиуаг дзорагæ макæмæн уо. «Ци кæнон, куд кæнон» неци искодта, «Ци фæддæн, уой фæддæн» ба хæдзарæ искодта. Цæвæг æма кæрдæг еумæ сехуар кæнунцæ. Тикиси фунтæ – хъæбунтæ. Давæг талингæ æхсæвæмæ бæллуй. Магоса уарун берæ уарзуй. Берæгъ зингæй идардмæ ледзуй. Халон хуæдмæлхуар æй. Силгоймаг æма хелагæ сугъзæрийнæй фулдæр неци уарзунцæ. Уæрццæ бæласæбæл нæ бадуй.
599
Кудзи губуни муд нæ тайуй. Къуми мистæ нæ мæлуй. Æнæ базуртæй мæргъти хæццæ тæхуй. Федиссаг федисмæ æнхиц æй. Тæрси хускъæн фатхъæди хулуй æндзарæн. Цæстæнгъæл н ‘адтæй, ‘ма «æрфуг, æрфуг» кæнуй. Бадæг кизгæмæ фарнæ кæсуй. Бæх хæрæги фарсмæ ку ниббæттай, уæд хæрæги æгъдау есуй. Адæмæн кæрæдземæй æфсар ес. Сæдæ цъеуи бæласæбæл ку заронцæ, уæд бæласæ дæр заргæ кæнуй. Уасæнгæбæл ихæс æй ниууасун, истун ба алкæмæн æ барæ. Лæгæн æ амонд æ тæрнихбæл финст æй. Бун кæмæн нæ байзайа, е гъæздуг нæ кæнуй. Нивæ дæ уæд æма дæ буни дæр мезæ. Уодесæг арви æрттевагæй дæр тагъддæр æй. Къæрнæхи сæрбæл – зинг. Уосæн зæрдиуаг зæгъун не ‘нгъезуй. Силгоймаг æ думæггæгтæ ку æруадза, уæд дин нæбал басæтдзæнæй. Дони хæццæ гъæбесæй ма хуæцæ. Хуцау топпæй æхсгæ нæ ‘й. Курес содзгæ кодта, къæлмæг ба йбæл ходгæ кодта. Иуазæг – цæттæ, фусун – æдзæттæ. Лæгъуз куй сосæггай хуæцуй. Хуцауи цæстæ ма къахæ. Цæстизол – зæрдизол. Хъуми будури арт адтæй, робас ба ймæ æхе Уазайæй тавта. Сери хуæрдæ – къæсæрмæ, дзиккай хуæрдæ – хонхмæ. Хонх мæгури римæхсæн æй. Хуæнхаг лæги цæун дæ ку нæбал фæндæуа, уæд си ести ракорæ. Адæн кæрæдзебæл ходгæй цæрунцæ. Ходаги халæ игъæндагæ ‘й. Хæдзарæ æнæ еувæндæ ихæлгæ кæнуй. Æцæги над урух æй. Зундбæл дæ фæрсæг ку уа, уæд дæ зунд ма бавгъау кæнæ. – Сæр,ка дæ цæвуй? – Цъух! – Гурæ,билæмæ дæ ка хæссуй? – Къах!
600
Æнæ бæрæг базонгæй дæ сиуæ ма ‘ргъувæ. Лигъз æвзаг æма синдзæ зæрдæ. Айдагъ пайдай надбæл лæги цæун нæ гъæуй. Фудгин нихæси – æстъæлфагæ. Æ нард хуæрдæ – æ цитæ. Бæзгъос – хæдзарихалæг. Бонæй æхсæвæ – фæрнугдæр. Дæ бæх цалдæн мезуй, уалдæн мин – де ‘хсæ. Зæрдæ ци зæгъа, æвзаг дæр уобæл хæтуй. Халон гъæдæмæ гъунæнгъæл фæттахтæй æма æ цæттæ гъун дæр ма гъæди байзадæй. Гал хуасæй рамæлæд. Зæронд гал ауæдзи цæуагæ ‘й. Гал дон баниуазуй, уæс ба ех растæруй. Куййи сæр фингæмæ æрхастæй ‘ма къоли фæззилдæй. Ци фуддæр – гæбæрдæр. Кæд цæфæй нæ мæлис, уæд дин е ба рæхуст. Ка кæмæй уа, уомæй æй хундæуй. Арс уиндæуй, æма ин æ фæд агурдтонцæ. Фур хуæрдæ бугурун æй. Сог-сæттæ æма сог-ауæрдæй неци фадæн. Хæрæг гуделийæй тарстæй æма æ билæбæл æрзадæй. Галгъæдæ уæсийнæбæл бæрæг æй. Гъог фæрсæ ‘ма уæс æлхæнæ. Ахур берæгъ æнахур берæгъæй хуæздæр æй. Гъæууон æзнаг æндагон æзнагæй фуддæр æй. Медгом æзнагæй дæхе нæ багъæуай кæндзæнæ. Арси хæццæ кæрдту ма цæгъдæ. Хуæрдгун – ходагæ, мæстгун – дзорагæ. Амистоли уарун уæри гъуни аргъ æй, Сосæни уарун ба – куййи гъуни аргъ. Бæласæ (халæ) уедагæбæл æвзуруй. Бæласæ (къодах) æ фиццаг цæфæй бæрæг æй. Тагъд дон Терки не ййафуй. Фур дзитæ – æдзитæ. Лалун, дæумæ дзорун, гæбæт, ду ба ‘й бамбарæ. Фудгини цæстæ уинагæ ‘й. Мæсуг æхе дорæй састæуй.
601
Хæрæг, ма фæззелæ, уалдзæг æрцæуй. Дон цæуй, дор ба изайуй. Фуд бон æма фуд лæг берæ нæ хæссунцæ. Еу анз еу бон æй. Æзнаг лæг амайæг æй. Калм дæр ма рони ку бадардæуй. Хæрæги иуарунтæ кæнуй. Хор хуссæги нæ фæрсуй. Бон цæуй ‘ма фарнæ хæссуй. Æхсæвæй бон фæрнгундæр æй. Цæстæбæл ке уиндæуй, уомæй нæ цардæуй. Æнккæтей иуазæг хормæ байзадæй. Иуазæг фарнæ хæссуй. Еу лæг æ хумæн æ кæрæнтти зилдæй, адæм ба æ астæу хаттæнцæ. Еумæйаг хумæ гъазæндонæ ‘й. Цалх дæндаггай зелуй. Уæййаг хумæ хæр-хæрагæ ‘й. Фæрсаг хъæстæ – цæндæбæл хуаст. Сау халон уæрццæ нæ ахæссуй. Гал бæласæмæ нæ хезуй. Æхе цæсти æд къуала бæласæ нæ уинуй, инней цæсти ба æрдо фæууидта. Зунд – хай, бæстæ ба – хай. Халон зеу ракодта, æхуæдæг ба уæлцагъд исбадтæй. Халон лæхæ хуардта, æ базуртæ ба æргъувд дардта! Захъай Зохъо хуæрнæг искодта, Зæрæмæги Зохъо ба æ суйни сæрбæл ниххуæстæй. Берæгъ æ синк-синк нæ уадзуй. Берæгъæн кæндæ киндæй, е ба уæддæр дзогæмæ кастæй. Цард цæрунмæ лæвæрд æй. Хæфсæмæ æ бæдолæ хори тунæ кæсуй. Гъæухуар берæгъæй гъæуи фарнæ фулдæр æй. Идардбæл æрацо æма æгас æрцо; хæстæгбæл рацо æма дæ бæрзæй басæттæ. Рацæуа ‘ма – федиссаг, æрбацæуа ‘ма – кæуйнаг. Цадæ цаддони федауй. Тегъæбæл цадæ нæ лæууй. Дон еу хатт кæми рацæуа, уобæлти ин ескæд æнæ рацæун нæййес. Зинг зæгъунæй ком нæ содзуй.
602
Зæнæги зæнæг уæраги хъанз æй. Зæронд адзали бæрæггæнæн æй. Нез мæлæти нисан æй. Аргæн сæ бæхæргъау ку фæттардæй, уæд син сæ фагусбæл цагъд искодтонцæ. Гъæдæн æ дæргъцæй æ уæрхцæй игъаугидæр нæййес. Губуни ронæ нæ фæллайуй. Æмбони хуаллаг хъæсти ку уа, уæд хуæздæр æй. Хуæрзгæнæги артбæл – дони къос. Ескæмæн – къириндас, æхецæн ба – кауин къæс. Ка кæмæй райгуруй, уой хузæн фæууй. Хуссæги сидзæ æлдар æй. Кокойнæбæл фæткъу нæ зайуй. Хуæддзой къахбæл – тахинон баст. Мадзора лæг кæф есуй, æгæр дзурд ба цæф еруй. Цæстæбæл ке уиндæуй, уомæй нæ цардæуй. Æхсæнккаг хумæ хæлæйфаг æй. Хор дæр æнккæтебæл нæ хъæртуй. Хор адæмæн æниурст æй. Мæгур лæгæн бæрæгбони æ хъæстæ фæрресуй. Уарзонæн е ‘фсес не ‘руагæс кæнуй, нæуарзонæн ба – æ мæлæт. Мæгури дзурд аргъ нæ кæнуй. Зæронд гъæла æй, зæронд гъæла кæнуй. Зæрондæн фиццаг æ фий ниссæрфæ, уæдта ‘й зундбæл бафæрсæ. Зæронд зин дарæн æй. Фуд маргъ фуд анзи низмæлуй. Калм бетъинайæй тарстæй æма æ цъасæбæл æрзадæй. Хуар хæлæмулæй зайуй. Æнгъæлдæн, хуари бони дæр нæ бафсæддзæнæй. Дууæ хонхи кæрæдзебæл не ‘мбæлуй, æндæра дууæ лæгемæн ба кæрæдзебæл æнæ рамбæлун нæййес. Расти дон дæр нæ ласуй. Мæнгæдти къах цубур æй. Мард æгас нæ кæнуй. Мард æгасæн хуæруйнаг æй. Фонсæй сайтан дæр не ‘фсæдуй. Мулк сайтани фонс æй. Игурцæ æма мæлæт æрвадæ ‘нцæ.
603
Игурцæ æма мæлæт æнккæтемæ дæр хъæртунцæ. Хуæрзиуарæг – æнæхай. Уасгергий кардæй дæр кæрдагæдæр æй. Туалти пъиристæф фестæ! Нарон хумæй нæрæмон æй. Фидмондагæй асауæдзæ ма нихъуæрæ. Фур хуæрдæ берæгъæн дæр нæ тайуй. Бæласæ талайæй аразун гъæуй. Хускъæ уес нæ тасуй, хускъбæласæ нæ ласуй. Хускъæ уес кауæ бийгæй сæтгæ кæнуй. Хуарз тасагæ ‘й. Сугъзæрийнæ алли ‘рдæмæ дæр тасуй. Куйбæл дзикка нæ федауй. Къода гал (гъог) æргъауæн биндзсорæг æй. Сабур уæс дууæ мади бададта. Гулу гъог цæвагæ’й. Еске къох синдзæмæ – хæстæг. Фиди уосæ фиди рун æй; фиди уосæ – фиди рун. Фудаг уæс æнæ мадæ байзадæй. Саг æнгъудбæл æнæ думæгæй байзадæй. Дæ фат кæцæй не скъахай, уордæмæ ма ‘хсæ. Уасагæ тикис мистæ нæ ахæссуй. Халон халони идардмæ уинуй. Халæнттæ хуалибæл æмбурд кæнунцæ. Фæстаги хай – хæлæйфаг; лæгъузи хай – хæлæйфаг. Тикис фиумæ нæ хъæрттæй æма ‘й мархуа худта. Тикис æ фуни дæр миститæ уинуй. Сæдæ галемæй сæдæ лимæни хуæздæр æй. Хуарз нæ фæлмæцуй (нæ фæллайуй). Хуарзæн мæлæт нæййес. Æ мадæ кæмæн рамæла, дæ мади мард уомæн радзорæ. Калд идзаг нæбал кæнуй. Куй алли къодахбæл дæр бамезуй. Бæласæ æ рæзæй бæрæг æй. Каркау ин дууæ къахи ес. Сæдæ бони карк уни бæсти еу бон уасæнгæ ун хуæздæр æй. Хуарзæн кæрон нæййес. Лæгъузæн бун нæййес.
604
Лæгъузæн сæдæ къахи ес æма дæбæл æ еу къахæй нифсæрдзæнæй. Донласт хулуййæй нæ тæрсуй. Лæгъуз æхецæй тауæрæхъ гæнагæ ‘й. Хуар – медæгмæ, золкъæ – æндæмæ. Мулдзугæн е ‘сæвд ку æрцæуй, уæд ибæл базуртæ æрзайуй. Мулдзугутæ исæфгæ ку кæнонцæ, уæд еугæйттæ кæнунцæ. Куй æ сайæн ку уадза, уæд æй берæгъ хæссуй. Зæронд берæгъ æ листæн ку ниууадза, уæд ин имæ куй лæборуй. Расти фæстаг не сæфуй. Алли хуари – куройнæ. Кæмæй – къах, кæмæй – къох. Ке хуар зад уа, уой цъеу æй. «Ци бал бахуæронæй» хæтуй. Хæтагæ – ерагæ. Тохагæ галæн æ сиуæ сæттуй. Адæймаги дон ку ласа, уæд синдзи къотæртæбæл дæр ниххуæцуй. Лæги цар федар æй. Зийнадæ мæгури нисан æй. Фурвуд – æвуд. Гъæу æмвуд нæ кæнуй. Хестæри рагъбæл æркъиаг ес. Æмбурдмæ фарнæ кæсуй. Ходагæ – уадзагæ. Сувæллонмæ ходгæ ку кæнай, уæд дæндæгутæ цигъд æнгъæлуй. Уоси хæстæг – къоли сæйраг, лæги хæстæг ба – фæсдуайраг. Æнгъæлдзау нæ фæллайуй. Тог тогæй не ‘хснадæуй. Седзæр æнккæтей иуазæг æй. Федари мадæ нæ кæуй. Тæрсун лæгигъæдæ ‘й, хъарабугъа ба аййепп æй. Бафæрсун ходуйнаг нæй. Фегæр æй: галау дорæй рахизтæй. Нартæ æфсади коймæ нæуæг кодтонцæ. Хæдзаргæнæги мард – æнивард. Адæм – фæдеси, куй ба – фæлгурмæ. Æргом дзурдæй аййепп нæййес. Æргом «нæгъæ» лæварау æй. Къулух сæгъæн уадæ æртæруй.
605
Цардагор цард нæ еруй; цард агоргæй нæ ‘й. Гъæмпæ цæгъдуй, нæмуг ба си нæ хауй. Галдзар нихæси æркъехуар нæ кæнуй. Лæг æма уосæ – фæрæтгъæдæй барст. Алци дæр лæгмæ гæсгæ ‘й. Цъеу кауи мехбæл ирæзуй, карк ба – æфтауæнгъæдæбæл. Уалдзæг рæсугъд æй, фæззæг ба гъæздуг æй. Хахур æвзаг дони бунæй дæр цирен исуадздзæнæй. Фудцæстæ, фудæвзаг рæсог дон дæр ислæкъун кæнуй. Сæ дони бун нæбал рæсог кæнуй. Æ айкæ еу рауæн, æ хъудат ба – иннæ рауæн. Каркау сæбæл æ нихтæ фæххуардта. Æ реуæй хумæ кæнуй, æ думæггæгтæй ба – похци, уотемæй цæруй. Цард царддони федауй. Еу хæдзари бийнонтау кæрæдзебæл фæххуæцетæ. Бæлæутæбæл каудуар ку æрхауа, уæд ибæл æмхуæст искæнæнтæ, кенæ ба еугайтæй æ буни ниммæлдзæнæнцæ. Аци гъуддаг уæларвæй дор æрхауæгау æй. Еу цирти дууæ марди не ‘вардæуй. Æвæстаги цæстæ – зинæфсес. «Дзæбæх» зæгъæ, ‘ма цард фæууиндзæнæ, «Лæгъуз» зæгъæ, ‘ма маст иссердзæнæ. Лацини астъонæ ревæд не ‘зайуй. Дзагурти Губади. «Дигорон адæми уадзæндзурдтæ» («Осетинские (дигорские) народные изречения». Мæску, р. «Наука», 1980 анз. Гарданти Михали къохфинститæй. Къибирти Амурхан æма Скъодтати Эльбруси æмбурдгондæй.
606
БАЦЕУТÆ Нæ тугури сугъзæрийнæ лæдзгутæ. (Хори тунтæ.) Нæ тугури цæхæри кæфойнæ. (Æстъалутæ.) Даргъ лæгбæл цубур ронæ. (Дон æма хед.) Дув-дув кæнуй, биндзæ нæ ‘й, Адгин æй, муд ба нæ ‘й. (Бæдолæ.) Еу мадæн фондз фурти. (Æнгулдзитæ.) Хуарз дзæхæрадони зулун нæстæ. (Дзедзетæ.) Алли хуари куройнæ. (Гъæлæс.) Къолæ хæрди авгин дуæрттæ. (Цæститæ.) Не скъæти халхуартæ. (Фонс.) Нæ дæлтъæрæ гъургъур арс. (Тикис.) Æнæ фæрæт, æнæ дзæбокæй аразуй хæдзарæ. (Зæрбатуг.) Æфтауæн гъæдæбæл фæндур ауигъд. (Уасæнгæ.) Нарти Орæзмæгбæл авдинсæй хæдони. (Къабусга.) Къæдзтæ-мæдзтæ, кумæ цæуис? Къæдзал-мудзул, ци кæнис? (Хъуæцæ æма рæхис.) Арми цæуй, уæрми нæ цæуй. (Зæлдагæ сæрбæттæн.) Минкъий къæбиц æнæ дуар. (Айкæ.) Тæгæла фуркъа тумбултугъд. (Æхсæрфæмбал.) Тар гъæди гулу берæгъ. (Фæрæт.) Донгæнтти хæргути бал. (Курæнттæ.) Нанай размæ уорс уæриккæ кафуй. (Æлхуйнæ.) Нæ фæсдзæгат табедзæгæнагæ ностæ. (Къæндзæг.) Ханти рæсугъд талинги бадуй, Æ дзиккотæ ба гъæунги. (Æпхæ.)
607
Тумбул уосонгæ сау хъæбунтæй идзаг. (Харбуз.) Тобла (дæргъеццон) басмахъ тумбул тугъд. (Къабусга.) Дæлгоммæ уобай къирæй цагъд. (Айкæ.) Нæ къолисæри зæлдагæ хизæ. (Хæлаури тунæ.) Хонхи цъопбæл хуасгæрцæ. (Дзигготæ.) Къолæ хæрди авгин дуæрттæ. (Цæститæ.) Тар адаги уорс уæлитæ. (Цъух æма дæндæгутæ.) Сурх дæркъæ сау сæгъи æстæруй. (Агæ æма арт.) Нæ тугури сау нимæт. (Скъорæ.) Дæндаггин æй, дæндаггин, Гъæлæсæй ба нæ ‘й хайгин. (Хирх.) Сабази хъибилæн цуппар къæдзели. (Сагойнæ.) Губунгин биццеубæл фондз рони. (Боцикъа.) Агмæ фуркъа, сау фуркъа. (Нæзи цирагъдарæн.) Дор-бун, тæли-бун, алли ‘рдæмæ фуркъæгун. (Нæзи цирагъ. Цирагъдарæн.) Минкъий дада хуасæ кæрдуй. (Сæрдасæн.) Минкъий арвæй мет уаруй. (Сарсейнæ.) Æхсæвæ – ласæг, бонæ – дадæг. (Æртдзæстæ.) Сау скъæти сау уæлитæ. (Топп æма топпи хуасæ.) Нæ фæсдуар кæугæ киндзæ. (Уесойнæ.) «ПНТО, в.2», Дзæуæгигъæу, 1927 анз. «ПНТО, Осетинские народные Дзæуæгигъæу, 2000 анз.
608
загадки»,
ÆЛГЪИСТИТÆ, КАКОЛАТÆ ÆМА ФЕДИСТÆ Еминæ бахуæрæ, фуд еминæ дæ хъæсти! Хъанталæу дæ фарси (дæ хорхи)! Хъæсти нез дæ бахуæрæд! Губун рун дин! Фуд талæу дæ хъæсти, фуд губурун дæ хъæсти! Æуадзуг æрбауо! Уодесæг дæмæ фелвæсæд! Фуднез дæ фæххæссæд! Бун бауо, цъен бауо! Дæ арт дæбæл бауазал уæд! Дæ царæ дæбæл нифтуйæд! Дæ хæдзарæ фехæлæд! Царæфтуд фæууо (бауо)! Дæ зинги хай бахуссæд! Æнæбакæнæг фæууо! Æнæбакæнæгæй дзæгъæл фæннæтæ! «Ка мæ бакæна» - бæл фæххæтæ! Дзæгъæл фæххæтæ! Гадздза, нæртон силæ! Гириззаг, нæртон силæ! Дæлуймон, сайтан силæ! Биццеути уосæ, æнæдæмагæ! Дзæгъæл хæтæг, гадздза силæ! Хъирими хасти фæууо! Гандзабæл бамбæлæ, фуд æзнаги хасти фæууо! Ка дæ нæ бафеда, уæхæн дæ рамарæд! Билæй рахауæ! Дон дæ фæлласæд! Дæ мард фесæфæд! Азуймаг фæууо!
609
Ме ‘нæуинон фæууо! Дæ бундор низзелæд (бун бауо)! Фидбилизи хай фæууо! Де ‘зæди хаййæн дин маци скувдæуæд! Хуцау дæ ралгъетæд! Дæ мæрдтæн - а гъæуи хæргутæ æма адзатханатæ! Дæ мард дин хæрæг бахуæрæд! Мæнгард фæууо! Еу никкуйти уо, нихъхъудти уо! Æнæдзурд, æнæхуцау! Æнæхуцау адæймаг, Хуцау дин нæуйнаг! Хуцау дин нæййес, Хуцау! Хуцау дæбæл æ бæллах ниввæрæд! Залум, æлгъистæ! Мæнæ дин бæллах, а дин бæллах! Хуцау дин ма ниххатир кæнæд! Содзагæ мард дæ хæдзари! Иуæрстаг фæддæ! Дæ хай байзайæд! Дор дæ коми! Ухст дæ цæсти, ухст дæ финдзи! Дæ фæрстæй фæннæтæ! Адæми рæнгъи ма рацо! Дæ мадæ дæ ревæдæй байзайæд! Ма ралæг уо! Де ‘нгæртти рæнгъи ма рацо! Дæ ном фесæфæд! Дæ хай фесæфæд! Сау хизи бунæй фæккæсæ! Сау алай дæбæл бакæнæнтæ! Фæркитæ рахауæ! Дæлгом рауо! Фагуси рагъ, цъумур, æнæхснад! Дæлуймон, æвдеу! Хингæнæг, æлгъистæ, фæндагсодзæг хузесæг! Мæ незтæ, мæ рунтæ дæ хъæсти! Адæми сæрбæл хаст фæууо! Нæ финдзи фæууо!
610
Мæ хъæсти незтæ дæ хъæсти! Ци емини фæллад дæ, ци! Фуд æзнаги хасти фæууо! Дордоцæн æма мистæлвинæнмæ фæццæрæ! Мæ фудфунтæ дæ рони! Сау хæппил дæ радавæд! Дæ сау рондз дæ бор гъæлæсæй фæккалæ! Сау тæппæлæнгæ æрбауо! Халерæ дæ губуни! Унги къæйæбæл байзайæ! Тегъ-тегъай фæххауæ! Фудфæндаг фæууо! Хæрæг, хайуан! Гъæла, гъæнгæлæс, синдзæ, пуруса! Куй, гъолон дзæргъæ! Арв дæ ниццæвæд! Елиа дæ ниццæвæд! Æнæдарæг фæууо! Æнæзмæлæг фæууотæ, æнæзмæлæг байзайетæ! Ма рабадæ, æнæрабадгæ фæууо! Æнæракæсæгæй байзайетæ! Кæмæй нæ рабадай, е дæ фарси! Æнирай фæууо! Ма си байрайæ! Къудури фæууо! Фидирай фæууо! Сау дзафт фæууо! Фуд бон дæбæл æрбакæнæд! Фуд Алаурди дæ фæххæссæд! Соцъа, сугъд-иругъд! Ируст, геруз гацца! Гæбæр – гæлæхха! Фуд емини фуд фæлдесæг! Емини фудфæллад! Рондз бахуæрæ! Талæу дæ хъæсти! Тъæппитæ рахауæ, наси фæркитау! Налат, æнæконд!
611
Дæ бон никкæлæд! Æхснад къолæ! Халæнгурти къолæ! Бунхуар! Фæлдисти фæууо! Æнæдарæг байзайæ! Берæгътæ дæ бахуæрæнтæ! Мардхæссæн фæууо! Дæ хæдзари мардæн дæ нивгарстæуæд! Æрдарæ ‘й-æрдарæ’й фæккæнæ æма макæд разæгъæ! Дæ нæтун фæццæуæд! Нана, нана, (баба, баба) фæккæнæ! Хъæрæу хъаз, гъæла хъаз! Къуру бæлæу! Хæрдмæгæсæг, фæрсмæлæхæ! Сæрзелæггун! Æвæстаг фæууо! Фудтæ фæууинæ! Æнирай си фæууо! Хæрани фæстагау фесæфæ! Хæлоргъос! Цъифхуар! Цагъди фæууо! Авд цагъди фæууо! Уагъди фæууо! Кæркнез уæ ниццæгъдæд! Хъæрццигъа уæ фæххæссæд! Усси, цагъди фæцайтæ! Гъомурун дæ бахуæрæд! Мæрдæхсæвæри фæууо! Хист ди искиндæуæд! Дæ хæдзари марди кæнди фæууо! Дæ еунæги дæ финдзи бакæнæ! Фудзæруа фæууо! Дæ мæрдти тог баниуазæ (бахуæрæ)! Ниййибæл къæндзаг æй, бункъæй! Зудæ берæгъ, хомхуар! Бунхуар берæгъ! Цъифхуар робас! Бунхуар, бункъæпп!
612
Къуру бæлæу, гъæла гогуз! Цъумур, æнæхснад. Сайтан, далуймон, дæлагарц. Еминæ мин бавдистай! Дидтой, фагуси рагъ! Де’мбæлттæй бартæсæ! Дæ лæхæ фæккалæ! Сау талæу дæ фæххæссæд! Дæ сæрæй дæ реумæ фæннеуæ! Фæркитæ рахауæ! Цæрунæн дæр ма уо, мæлунæн дæр. Фидбилизи амæттаг фæууо. Йарт дæ хæдзари, йарт дæ къоли. ‘Мæ уодхæссæг! Илгъаг, лæхфадуг! Куййи дингæсæн! Цæстиарфи æлгъиститæ Аци сувæллонмæ фудцæстæ, фудзæрдæ ка бадара, е фæххæтæд бæгъæнбадæй коко-синдзæбæл! Сискъи хъæсхъæр æ хуæруйнаг фæууæд! Уæлæмæ хуфийнæй дон фæххæссæд! Уæлкъæйæбæл æ хумгæндæ уæд! Уæлундугбæл æ хуасгæрцæ, æ игуæрдæн уæд! Фæрæти комбæл байзайæд! Цæстгæнæги цæстæ цæнхау цæхæри фæтътъæпп уæд! Гарданти Михали къохфинститæй ист.
613
УСХЪУНМÆ, ЗÆРДУНГÆГИ, АЙУАН ÆМА ÆВЕРХЪАУ ДЗУРДТÆ Мæ еминæ! Мæ цæстæ ин уой уина! Мæ цæстæ ибæл искастæй! Мæ уорситæ иссау æнцæ. Лæг ду дæ, æндæра ка ‘й? Лæг дæ æма дæхуæдæг! Лæгбæл хуæст фæцан! Берæ дæмæ ес! Берæ лæдæрис! Хуарз загътай! Ци зæгъун дин æй гъæуй! Ци дин æй гъæуй! Де сдзорун – дæ зин! Усс! Мацибал исдзорæ! Раст дзорис! Мадта! Зундгин дæ! Сайдтæн кодтай, ка ин ци зонуй?! Къудури нин куд фæдтæ, гъе! Агоргæй нæ ергæ! Æнæнгъæлтæбæл хуарз нæбæл æрцудæй! Фонс дæр ма кæми хуæздæр æй, уой зонуй! Уодесæг! Ох, езгард! Зундгин, хуарз, гъæздуг ду дæ, æндæра е ба ци ‘й?! Бафæрсун хуарз æй? Нафи кувди бадунтæ кæнис! Фури гъоли бадт кæнуй. Исуйнаг ма ‘й!
614 38* Заказ №1424
Хуарзæн мæлæт ма уа! Мæнимæллæг! Е дин гъазунтæ! Мæнæ дин Уацирохс! Е дин лæгъузи хийнæ! Дæ-дæ-дæй, синдзæ дæ, синдзæ! Дуйней халæ – пихсæ! Еу лæги дууæ уоси! Мæнæ дин еу лæги дууæ æмигирæ уоси! Гъи, мадта царв æма мудау - федауцæ! Сæ хабар дæр уотæ ‘й! Ниуазта… æ мади дзедзейæй… Уæй, уæй, уæй, а ба емини фæллад ку æй. Хæррæгæй дæр хевастдæр æй. Мæнæ æмбадтатæ! (æмбадтгæнгутæ). Ниуæзтæ æ мади дзедзе æй. Ци емини фæллад дæ, ци?! Æмихæсæй рацох æнцæ! А бабæй Уацирохс æй! Мæлæти лæг! Мæлæти бæдæйнаг! Кæмити ан?! Мæнæ дин Елеур æма Абисал! Гъи-гъи, Сидти ‘ма Бидти! Ци хуннагæ – цибæл къæу! А дæлæхсарæй бæгъатæр æй! Цæстæмæ гæсгæ ма уо! Цæстæмæгъос ма уо! Æхсæмæ гæсгæ бæх æй (гал)! Гæррæт æма гуласес! Сингæррæт! Е дин сингæррæт! Е дин гуласес! Сингæррæттæй æма гуласесæй байдзаг æй. Туй, туй, туйт! А ци хæрæги думæг æй! Хæррæги думæг! Е дин хæрæги думæг! Синбуцис, ухæ-ха, дæлалай, мæнæ сагъасарæ!
615
Ухæ-ха ‘ма дæлалай! Ухæ-ха ‘ма сагъасарæ! А дин дæлалай! А дин къелтæги замана æма лазæ! Æм ‘мæ йарт! Мæ арти уазал! Дæ хъæстæ нæ фæрресдзæнæй?! Мархуа дин нæй?! Мæнæ уæйропп! Дæ пихсæ бал рахсæдæ! Дæхе бал нихснæ! Дæхемæ бал æркæсæ! А дин царциати дессаг! Гарданти Михали къохфинститæй ист.
616
ТАБЕДЗÆ ДЗУРДТÆ ÆМА САЛАНЦИТÆ Мæ додо. Мæ дзæбæх. Мæ цæсти рохс. Мæ зæрди фиу. Мæ цæсти гагу. Мæ рæвдауæг. Мæ цийнæ. Мæ нивæ. Мæ зæрдтаг. Мæ хор. Мæ уоди гага. Мæ цæстæ. Мæ уод. Мæ карк. Мæ цъеу, дугусси. Мæ дарæг, Мæ уорамæг. Мæ хори тунæ. Мæ дуйней рохс. Мæ царди радæ. Мæ уоди тагæ. Мæ цæсгоми рохс. Мæ кадæ, мæ радæ. Мæ зæрдæнцон. Табуафси. Бабай хор. Дæ рунтæ мæ хъæсти. Мæ цард. Мæ хори хай. Табу, табу. Табу ‘ма табуафси.
617
Дæ рун бахуæрон. Дæ мадистæн. Уа, мæ уод дин нивонд феста. Дæ фæхъау фæдтæн. Дæ Хуцауи туххæй. Бабай карк. Бабай цъеу. Дæ рунтæй бафсæдон. Дæ незтæй рамæлон. Æгас цо! Дзæбæх уо! Дзæбæх дæ? Дæ гъуддаг раст. Дæ фæндаг раст. Байрайай! Дæ фарнæ берæ уæд. Дæ фарнæ хусгæ ма кæнæд. Дæ мæрдтистæн. Нæ тъæрæбæл зулун дзиуæрттæ. Лæг дзиуарæ ‘й. Хуарзæн мæлæт ма уа. Дæ бон хуарз. Дæ рагисæумæ хуарз. Дæ сæумæ хуарз. Дæ рæфтæ хуарз. Де ‘зæр хуарз. Де ‘хсæвæ хуарз. Ирайгæ рауо. Зæрдирай рауо. Уодфедар уо. Æгас киндзи фæццо. Лæхъуæн дин райгурæд. Хуарз амонд дæ хай. Хуарз уоси имонау фæууо. Ирайтæ фæууинай. Цийнæй – цийной. Е ‘взагæй муд тайуй. Æ билтæй сойнæ тæдзуй.
618
Æ цæститæй хортæ ходуй. Дæ цæрæнбон берæ! Ци хор, ци къæвда (дæ æрхаста)! Ци йзæд, ци йдауæг (дæ æрхаста)! Цæрæ мин! Берæ мин цæрæ! Фесгун фæууо! Фарнæ ами, фарнæ уе ‘мбурди! Фæрнгун фæууо! Хуарзæй байраетæ. Дзæбæх уотæ. Хуæрзизæр кæнтæ. Хуæрзбон рауотæ. Хуæрзæхсæвæ кæнтæ. Не ‘сон нивгундæр уæд. Хуцау дин байагъаз кæнæд. Арфæгонд уо Хуцауæй. Ниви цади исæртайæ. Сæдæ анзи æнæнезæй фæццæрæ. Æ, мæ зæрдæ рахуæрай. Адгин цард фæккæнæ. Лæхъуæнти хуæздæр – дæ хай. Кизгутти хуæздæр – дæ хай. Рæствæндаг уо. Адæни сæр исуо. Хаир. Хаиргун уо. Хæлгар дин уæд. Не ‘сон хуæздæр уæд. Гарданти Михали къохфинститæй ист. Сæ фулдæр хай мухургонд æрцудæй киунуги «Гарданти Михал. Уадзимистæ.», Дзæуæгигъæу, Ир, 2007 анз, 232 – 240 ф.
619
ДЗУРДУАТ А А г г æ л – агæмæ зелæнгæнæг, агæмæ кæсæг А д а г æ – донхуæрд арæхъ А з д о д у н – архайун А з т – рæвдуд А з у н г и н – фудгин А л а с а – бæхи муггаг А р æ с æ н – риндзæ, гъæуайгæнæн А р и н г æ – амæнтæн А р ц æ – рæхуайæн циргъаг А с а у æ д з æ – тасæни æстæги хай, æргъеуæй æмæхгæд (æмб.: фидмондаг асауæдзæ ранихъуардта) А у æ – хъаурæ А у æ д з æ – хумфæлдахт готони еу рацуди А у л – æнсувæртæ рахецæн уогæй, муггаг ба – æнæййивд А х æ р, а х æ р и х ъ и а м æ т – исæфт, дуйней исæфти бон А х ъ æ д æ – гъосгин агæ уорамæн гъæдæ А х ъ у з – хуæнхаг уазал думгæ Æ Æ в д а д з æ – уодихуасæ Æ в д у с т – æфхуæрд, æлхъивд Æ в р а г ъ – мегъæ Æ з н æ м а г æ – æстъæлфагæ (бæх) Æ м и г и р т æ – еу лæги дууæ, кенæ цалдæр уоси Æ н æ д æ н д б æ х – æнæ ахур бæх Æ н г æ с д а р у н – гъæуай кæнун Æ н д а д з æ н – федаргæнæн Æ н д о н – исард
620
Æ н д у р æ, æ р д у н æ – сагъæдахъ, саздахъ, сагъиндахъ Æ н д з а л æ – хæдзари конгъæди сæрбæл тъæпæн гъæдæ Æ н с а р æ – хæлæмулæ Æ н х у æ ц æ й – еумæ Æ р г ъ æ у к и р æ – æрттевгæ æфсæйнагæй, къалайæй конд кирæ Æ р г ъ е у – ка нихъхъæбæр уй уæхæн цар Æ р г ъ о н – уаргъ рагъи хæссунмæ Æ р г ъ о с æ й – рамардæй Æ р к ъ е х у а р – æркъей фагæ цар Æ р м е д а у æ : 1. Куройни инсгæй армæй æвгæнун 2. Хуар къохæй итаун, пурх кæнун Æ р т æ х д з а г ъ д – æртæхæй цъифæ Æ р у æ з – æрдонг, бал Æ р ф æ н – нартион бæх Æ р ф е с т æ г у н – æрхезун Æ р х о т у г – артдзæстæй растъæлфт Æ р х у г о н д – къумайæй æхгæд Æ с т æ й р о н – тугъдон, стæри цæуæг Æ с т æ м æ й - а с т м æ – рæстæгæй-рæстæгмæ, цæйдæр бæрцæ рæстæг Æ т х æ л д , æ т х а л у н – æнхъерæн, уайдзæф Æ ф с а п ъ æ – хуæруйнаггæнæг, хуæлци сæргъи лæууæг (ами) Æ ф с а р г ъ æ – æгъдау Æ ф с æ н г у р д – æфсæйнагæй архайæг курдон Æ ф с о й – галтæ уæрдуни ефтигъд цæмæй фæуунцæ, еци мийгæнæн Æ ф с о р г ъ æ , æ ф с о р х ъ – бæхи муггаг Æ х с æ в е б а д æ н – æхсæвигон бадун ескæмæ Æ х с æ в д з о – æхсæвигæнтти цуд Æ х с е д у н – æндон кæнун Æ х с и й н æ – паддзахи, æлдари уосæ Æ х с и н æ г – гъæддаг бæлæу (ами) Æ х с и р б о р н æ а с т æ у к у æ й – дзедзе дин ку бадардтан, нæ енцег ку дæ Б Б а з у г – цонг Б а й н и с а н к о д т а – райæвгарста (ами) Б а й т а м а л – нецигъон, хомух Б а л е р д з а у т æ – кæсалгдзаутæ
621
Б а р æ у а д з æ – æвзаргæ, хуæздæр Б а р г ъ о н – естигъон, асæ адæймаг Б а р з , б æ р з – туппургонд, зобат Б а с м у х ъ т æ – къахидарæс Б а ф æ л м а с т æ й – бафæллад æй Б æ г ъ д а у о н д к æ н у н – еске бæрагæ бакæнун Б æ к ъ у æ л – инсæй игуæси (авд куреси – игуæс; дæс игуæси – даст) Б æ р ц а г – æмсæр, æмбарæ Б æ х ф æ л л а д æ й – бæхбæл бадтæй фæлладæй (ами) Б æ х ъ д а р т æ – къахидарæси бунбæл æфсæйнаг къæндзутæ федаргонд, ехбæл нæ гуруни туххæй Б и л д о г ъ – нихкъуæрд раттун Б и л и л и у – били лиу-лиу, билæ зир-зир кæнуй Б о л а т к æ р д æ н – æндон кæрдæн Б о л м а с – тæккæ хуæздæр, дессагдæр Б о н а с а д æ н – рæстæгевгъуйæн Б о н в æ р н æ – сæумон æстъалу Б о р æ м æ з æ – циуавæрдæр санс, хуарæн Г Г а л а у а н – федар, устур цæрæнбунат Г æ н д з æ х г и н – къæхгин (цæрæгой) Г е б е н а – сундакъæй конд курæт Г е г æ – нихмæ ун, нæуарзондзийнадæ, æзнаггадæ Г е з е – фагус Г и н о н æ – дзубури сæрккаг хай (дзубур – рагон гъæдин готон) Г о р ц ъ е – гауз Г у з а в æ к æ н у н – тухсун Г у п п у р г и н – тухгин, мæрзæздухт, иуонггин Гъ Г ъ æ у а н з – силæ саг Г ъ о м у р у н – нези хатт Г ъ о с г ъ о н а г æ – сосæггæй хуæцæг Г ъ о с о й – æнæ еу гъос
622
Д Д а н г ъ а ( т а н г ъ а ) – бæрæггæнæн, игакæгонд, мухур Д а х р а н с а л æ – сурх салæ Д æ л а з æ г к æ н у н – дæлдæр кæнун, æфхуæрун Д æ с н и у о с æ – зонæнгин уосæ Д и г и з а – киндзæмбал, исхæссæг мадæ, рæвдауæг Д о б æ р а – гетенæй конд, бæхæн хуар хуæрунмæ къембурбæл даргæ баркъигонд Д о м м а й – гъæддаг гал (ур. зубр) Д о н г и н т æ – бæгæний фæлсодзæнтæ Д о н г о й м а г – билгæройнаг Д о р г æ в д æ с – ревæд кæвдæс Д у д а х ъ – маргъи муггаг (ур. дрофа) Д у д з и х о р – хори æнæхъаурæ тунтæ изæригон Д у м е т о н г – думæги бунти уагъд, саргъуорамæн бæндæн, гæрзæ Дз Д з а л г ъ æ д æ – марггун къотæр (ур. азалия), ирæзуй бæрзæндти Д з а н с а х ъ – хъæлæба Д з а у м а у – гъæдин бæрцуат (50 л.) Д з а х а н – махан – зиндонæ Д з а х а н у м и у с т у р х ъ у м – зиндони цадæ Д з е г е н – хъæзæй бид горцъегонд, гобани буни æвæрунмæ Д з и а н у н – цитгин Д з и г л о – хуæнхаг цъеу (уотæ худтонцæ уæйгутæ нæртонти) Д з и н д з æ р д о – ирд æрдо Д з и р г ъ а г – циргъаг Д з и у а п п – дзуапп Д з и у а р в æ р с к ъ æ – гурведауцæ, фæтæнусхъæ Д з у р у н æ к æ н у н – дæрæн кæнун, пурх кæнун, цæгъдун Е Е в г е д – бæрагæ Е г а р – цауæйнон куй Е м и л л æ г – бадт кæбæл нæма адтæй, уæхæн æнæ ахур бæх
623
Е с а л г ъ æ й – еси кæронæй (алгъ: кæрон – æвзаги,билти, æнгулдзи) Е х æ в р а г ъ – ехи мегъæ З Зам-Зами дон, Д зæм-Д зæми дон – мæрдти дуйнеййи устур цæугæдон З а р о б а – зароба райсун, гъома, тæрегъæдтæбæл æрфæсмон кæнун З а у т и ( з а л т и ) м е т – арф метæруард З æ р д æ х с а й г æ й – æнæуодбарæй (ами) З æ р и н д а г – сугъзæрийнæ, æфсæйнаг халæ З и н д о н и ц а д æ – мæрдти бæсти тæрегъæдгунти цадæ З о л а х ъ ( г ъ о л а х ъ ) ф æ р д у г – мард æгасгæнæг фæрдуг З о н æ н г и н – дæсниадæ кæнæг З о н г у т о н т æ – уæрагисæртæбæл бурун (зиани фæдбæл, хатир коруни уаг) З у г у л – хуарæй конд гул З у г у м о н – зумæги райдæди бæрæгбон З у р æ – хурбун, дорбун зæнхæ И И в æ з н æ – баредзæ, къохти райвæзти дæргъцæ И г ъ а у г и – уæлдай И д а д з æ – фæсте тухласæ кæнун И л æ т – агæ ауиндзæн æфсæйнаг къæлæт (ардигæй – илæтон) И м о н а у – боц И р у г ъ д – æдзæллаг, нецигъон, æруадзгæ И с æ р х у н – хе ефхæссун И х у æ р с т – гъæздуг лæги косæг К К æ л д æ – думгæй хъан бæласæ К æ л м о н ( æ в з а г ) – хийнæйдзаг, маргæйдзаг æвзаг К æ н æ г о й – уадза, хæтагæ адæймаг К æ с т а г – кæстæйраг (кæстæри хай, ниуазæн) К æ с т а у к æ н у н – косарт кæнун К е г ъ æ р е – фæндагамонæг, лæггадæгæнæг К е г ъ о г – зæнхи хай, кенæ азгъунститæбæл арæнгонд
624
К е з æ – дирзæг, гъесæг гъун К е м и – уаги К е р е к е – фат кæми нæ хизтæй, уæхæн згъæр хæдонæ К и й н æ х а т у н – маст есун К и с и л – минкъий К о м æ г и ( ф æ й м æ к о м æ г и æ й ) – нихмæ (фæймæ нихмæ æй) К о м е г о р к æ н у й – коруй (федиси уагбæл) К у н ц æ – курдбадзи цæхæрбæл думæн тæнтæ, мийгæнæн К у н ц г о м – кунци ком К у р – богъа К у р æ т – уæледарæс К у с и й н æ – цолпигод хъалац (3 л.) Къ К ъ а б а з æ ф т у д – къабазиуæхст К ъ а б е л л а г – мæллæг, фудхуз К ъ а л а ц и к ъ а – хумæтæги, некуцон конд дзаумау К ъ а х о й – æнæ еу къах К ъ æ д æ р а т æ – соги æнагъази пихситæ К ъ æ с и б а д æ г у о с æ – хингæнæг, кæлæнгæнæг, дæсни уосæ К ъ æ с м у с т æ – топп æд рæвдзитæ К ъ æ с т æ н – гъæдин къибила (4 л.) К ъ е р о т æ – æнæгъуд хелтæ К ъ о х о й – æнæ еу къох К ъ у л д у н – фæзуат бæрзонд рауæни К ъ у п х и т æ – къумæли лæмарæнтæ Л Л а ц а м а р з – æнæгъудгонд, æнæфснайд, дзæндæл, гумудза Л æ д а р у н – кæун, дзиназун Л æ з æ р у н – фехсуйун Л æ к ъ æ ф – баркъи Л æ с к д з æ р æ н – ескæмæн фонс хезун бадзурд хайбæл Л æ х ц о р æ н – донкæлæн, æхсæрдзæн Л и а г ъ æ – лæгъуздзийнадæ Л и г ъ з г о м – лигъз дзорагæ
625
Л о к о – кæсалгæ (ур. сом) Л у х м а х а к е м – дзæбæхгæнæг, дохтур М М а л х ъ – маргъи муггаг (ур. павлин) М а н г а у – зинаргъ авгæ М а р г а с – рамæлæг уодæн хеуони харзæй фингæгонд М а с т д о н ( м æ с т д о н ) – нæуæгзад гъогæн заддон, кенæ ба сæкæрдон ку раттунцæ, æ залæ рагæлдзунмæ М а х с у м æ – нартихуар, кенæ æндæр хуарæй конд ниуазæн М æ г у р в æ л г æ с æ й – мæгурхузæй М æ р т æ н – бæхи муггаг М е г ъ æ н у а й б æ х – мегъи хузæн цурд уайагæ бæх М е д æ г г о й н æ – хуаллаг æвæрæн бунат, къæбицгонд М е д г ъ у н к æ р ц æ – æ гъун медæгмæ кæмæн æй, уæхæн кæрцæ М е с т æ л т æ – нæлгоймаги салин цъиндатæ М о р з а г – косартæн æ реуæрдæмæ фæрскъити нарддæр рауæн М у д а д з æ – къеуæ (ур. воск) М у р æ – дзæнгæрæг Н Н а л х ъ у т - н а л м а с т æ – хъазар, æрттевагæ дортæ Н æ и б æ л б е д у й – нæ ибæл бæрæг кæнуй Н æ ф а р с и р а х æ т æ – нæхеуонтæбæл рахæтæ Н и м м о р æ к о д т а – басаста Н и у у æ н к æ æ н ц æ – нипъпъура, нимбуд æнцæ Н и х æ г т æ – бæрæггæнæнтæ (лæдзæгбæл) Н о н б æ л м æ л а г æ – кадæбæл мæлагæ У У æ з б у н – дзæндæл У æ л а з г ъ у н с т – хæдзари сæрбæл арæзтгонд Уд з æ л – идардæй игъусæг унæр, дзурд У а д г у р о й н æ – думгæмæ куройнæ Уо д а г ъ а й б а ц æ й – æ уод исæгудзæг æй, фур фæллад бацæй
626
П П а з б у н – хъамил, къотæрти æхсæн П а к а с и у æ – фæтæнсиуæ П у х ц æ – сосхъæдæ гъæди цъари медæггаг, кæниуонцæ си бæндæнтæ Р Р а з д з а у – разæй цæуæг Р а к у р е с æ й – рахъан æй Р а ф æ л г æ с у й – рагъæуæйттæ кæнуй Р а ф æ л и в т а – расайдта Р и с х ъ æ , и р и с х ъ æ – нихидзиуарæ, карнæ, амонд Р о н г – нартион ниуæзтæ Р о н г æ ц æ у – ниуæзти фæдбæл цæрддзогæнæг С С а й н æ а з г ъ у н с т – мæнгæфсон азгъунст С а к ъ а д а х – форди астæу донæй æмæхгæд зæнхи хай С а м и - М и с а н – адæймаг ци бæсти сикъитæй конд æй, е С а т а р – харз, бахуæрд, фесæфт С а у а д æ н – косæг адæн С а у л о х – бæхи муггаг С а ф а – уæлартон рæхис С æ д у о з у г æ й – сæдæгæйттæй С æ л ф х о д æ – æнæзингæ исуни тухæ кæмæ ес, уæхæн ходæ С æ р а г о р – уосгор С æ р в æ т – фонсхезнæ хуæнхбæсти С æ р г у н у æ р д у н – рагон сæрæмбæрзт уæрдун С æ ц и г о н д р æ х и с – æздухтитæ рæхис С и н о н – ниуазæн С и р е – гъæдин хуссæн, дивани хузæн С т æ р – тугъдон балци, лæбурд, æсгæрст С т у г æ ( м е г ъ и ) – цъопп (мегъи) С о б а х ъ , с о в а х ъ – будуйрон сирди муггаг (ур. антилопа) С у г ъ з æ р и й н æ с т у г г и н – сугъзæрийнæ дзигго С у й н а г – цауæйнони фарсбæл баст бæндæн
627
С у н д а к ъ æ – кезæ цъоппæй халæ С у р æ т – ур. икона С у ф ц æ й л а с у н – фæсте хæр-хæрæй ласун С у х с у н ( с æ х ъ с у н ) – бунтон гъос ун Т Т а б æ т – кирæ Т а н г ъ а д а æ м а т а м а с а – ка некæдма адтæй, уæхæн гъуддаг, цау Т а н х ъ а – финкæ Т а у с – дзубанди, кой Т æ г æ л с æ р – дзæбодур Т æ з г ъ æ с т æ г – рæуæстæг, тæссонд æстæг Т æ м æ с – дессаг фæууинуйнаг, фегъосуйнаг Т æ п п æ з т æ – гæндзæхтæ Т æ р а н – бæхи муггаг Т æ т у н – дæттун Т о б л а – дæргъеццон Т о н а у т æ – лæбурди, тугъди уæлахездзау ке байсуй æзнагæй, етæ Т о н г – ефтонг Т о н х – адæймаги бунат дзиллон царди Т о х о н а – хæдзари пеци хъуæцдзæуæн Т о х ъ у л и – хæсгæ нæлфус Т у г ъ д е ф т о н г æ й – тохунмæ цæттæй Т у п п у р – къулдун, устур тегъæ Т у р г – зуст Тъ Т ъ а с х æ – бæрæг, ний тъасхæ кодта, ний бæрæг кодта Т ъ æ п æ н æ г – гъæдин,æфсæйнаг дзаумау (80 л.) Т ъ æ ф с æ ( ц ъ æ п с æ , ц ъ æ ф с æ ) – буйнагин, гæрзин æхсæ, æ кæронбæл – æвзаггонд У У а д æ н д з о – уади, думги хæццæ æндзудгæнæг У а д æ х с и й н æ – уадæ, думгити изæди хай
628
У а д г у р о й н æ – думгин куройнæ У а л л о н ( б а л л о н ) б е р æ г ъ – еу берæгъ берæгъбалæй У а с х æ – артхуæрд, соми, федар дзурдлæвæрд У а ц а й р а г – знаги къохмæ бафтуйæг У а ц а м о н г æ – нартон, сомигæнæн къос У а ц а х æ с с æ н – нивæ ахæссæн, уæларвон тухæй хайгин У а ц æ р о х с – изæдтон, æрвон рохс У æ з б у н – дзæндæл У æ л а з г ъ у н с т – хæдзари сæрбæл арæзтгонд У æ л а с т æ н – уæлæмхасæн, уйнагæй фулдæр У æ л æ ф т а у æ – кæрцæ усхъитæбæл гæлст У æ л б о н и с к о н д и – бони райдæди У æ л е у а т – азгъунсти уæллаг, сæрккаг уат У æ л у н д у г æ ( у н д у г æ ) – астæуарти сæрмæ кауæгонд (цигъд, фид, зад сор кæнунмæ) У æ р ц æ – иуæрцæ, иуарун Уд з æ л – кæцæйдæр игъусæг унæр Уд з е с т æ – хестæр æнгулдзæй кæстæр æнгулдзæмæ барст У н æ у т – æлдари сæрмагонд гъæуайгæнæг, фæсдзæуийнæ Уо б а й – дорæй даст уæлзæнхон цирт Уо г æ р д æ н – игуæрдæн Уо г ъ у р с у з б о н – æнамонд, æлгъистаг бон Уо д а г ъ а й б а ц æ й – æ уод исæгудзæг æй, фур фæллад бацæй Уо л и – хецау, раздзæуæг Уо н æ х с а р æ – бæгъатæр, тугъдон финдздзæуæг Уо р м е г, у о р м е н – теуай гъунæй конд, æнæ дус уæледарæс Уо с æ н с а н с т – уосæфхуæрд Уо с и а т – карз, баргин фæдзæхст У р у н д у х ъ – рагон, зурнæй зилд, гъæдин бадæн Ф Ф а г æ – тиллæги муггаг Ф а с т – раст фæндæ, федауцæ унафæ Ф а с т и х а д з и – раст фæндæгæнæг, тæрхонгæнæг Ф а т м и з д æ – аргъфист еске къохæй рамæлæгбæл Ф æ д е с с а й æ г – æ фæсте фæдес ка расаидæ, е (тугъдон мадзал) Ф æ д ф æ л е в æ н к æ н у н – фæд римæхсæ кæнун
629
Ф æ з г ъ æ л ( ф æ з г ъ æ р ) – хъуæл, фæхцæ, къæрт Ф æ л м а с т – æнæхъаурæ Ф æ л м æ н в а д – тæнзæрдæ, фæлмæн адæймаг Ф æ л м æ ц у н – уæгæ кæнун Ф æ л х а у г и – фæлтауги Ф æ н д а г с о д з æ г х у з е с æ г – фудфæндаггæнæг, цæстæйсодзæг, фудкъах Ф æ р б у н – фæурæ гъæдбун Ф æ с а х с æ н – бæхи къæхбæттæн, гæрзæй конд Ф е д о г – хабар игъосунгæнæг Ф е н с о н æ – фесхуайæ Ф е ц а у н ( р а ф е ц а у н ) – рацæун, рагъæуай кæнгæй Ф и н д з д з æ у æ г – раздзæуæг Ф и н д з о й – æнæ финдз Х Х а й у а н , х æ р с æ н – хæрæг, бæх, хъадир Х а р д – гъулæг, зин Х а х и д о н æ – нивæфтудтæ идонæ Х æ л и н б а р æ г – æнæзингæ бæхгин Х æ р æ м е г ъ æ – æндзæр бадæг, бæзгин мегъæ Х æ т æ л г ъ æ р – топпи гъæр Х и з д а р – хизæй ахæссæг кæсалгдзау Х о й – халон (сунт, хуæдмæлхуар) Х у з м æ – ка фæггæмæх æй, уæхæн къолау Х у л у д з д з а г – дигорон хуари инсад Х у н д æ г и б а д у н – æвзонг силгоймаг цæгатмæ хунди ку уа, е Х у ф и й н æ – тиллæг лæуарæн сарсийнæ, æставд цъæстæ си Хъ Х ъ а л а г ъ у р – тохæнгарзæй ефтонггонд гъæуайгæс Х ъ а м у ц и – нæмæн, тохæн лæдзæг, æ бунккаг кæрон – къоборгонд Х ъ æ з а л æ – нивзалугонд, сугъд Х ъ æ н д з а л ( к а р д ) – æндон, тасагæ кард Х ъ æ с т а р г ъ – курди дзаумау, æфсæйнаг кæбæл надæуй, е Х ъ æ с х ъ æ р – инсад лæуаргæй, сарсийни æризайæнтæ Х ъ о г ъ а н ц æ – готони сигит ракæдзос кæнунмæ æфсæйнаг мийгæнæн
630 39* Заказ №1424
Х ъ о д и г о н д – адæн се ‘хсæнæй ке рацох кæнунцæ Х ъ о й р а г ъ – азгъунсти рауадзгæбæл уагъд къæндзугин гъæдтæ Х ъ у л у т ( м æ с к ъ æ ) – арф (мæскъæ) Х ъ у л х ъ а с х а н – лигъд цагъайраг Х ъ у м а й а г – ихуæрст, æцæгæлон Х ъ у м у з б и л æ – дзедзедай, сувæллон Х ъ у т а с ( х ъ у д а с ) – тумбул мурæ Ц Ц æ л г æ н æ н – хуæруйнаггæнæн авар Ц æ л х æ м б у р д – æмæмбурд Ц æ л х и н с о й н æ – циргъгæнæн тумбул дор Ц æ м а у з т – ехин аузт Ц æ х г æ р – гъæдин дзаумау (100-200 л.) Ц æ х м о р æ – листæг сæститæ Ц е л æ – зайæгой (ур. папоротник) Ц е р х ъ – дууердигæй циргъгонд хуæцæнгарз Ц и л п æ – хъамил, æнæгъудгонд хелæ Ц и х ц и л и – бæласæ (ур. можжевельник) Цъ Ц ъ æ м æ л т æ – тиллæги æнæуод нæмгутæ Ц ъ æ н о д æ – цъимарай зайæг кæрдæг Ц ъ у х т о х æ н – сæрбæттæн
631
БАДЗУРДГОНД НИСАНТÆ æр. – æрфинст в. – выпуск г. – горæт гъ. – гъуддаг д. – дело ДС – Дигорские сказания по записям И.Т. Собиева, К.С. Гарданова и С.А. Туккаева, с переводом и примечаниями Всеволода Миллера. Москва, 1902. ИАС – Ирон адæмы сфæлдыстад (Осетинское народное творчество), т. 1-2. Орджоникидзе, 1960-1961. ид. – идарддæр Изв. – Известия Ир – киунугæуадзæн, рауагъдæдæ «Ирæф» – Цæгат Иристони-Аланти финсгути Цæдеси журнал. Дзæуæгигъæу. к.а. – киунугæ аразгутæ м.æй – мухургонд æй «Нарты» – Нартæ. Ирон адæмы героикон эпос (Осетинский героический эпос). М., 1 ч. – 1990, 2 ч. – 1989, 3 ч. – 1991. НК – Нарты кадджытæ. Ирон адæмы эпос. Дзæуджыхъæу, «Ирыстон», 2003. оп. – опись п. – папка ПНТО – Памятники народного творчества осетин. Владикавказ, 1925, 1927, 1928, 1941. р. – рауагъд
632
с. – сифæ т. – том у. – уотæ ур. – уруссагау ф. – нимæдзи разæй финстæй амонуй фонд, нимæдзи фæсте – фарс, кенæ – фæрстæ. фольк. – фольклор ЦИГСÆИ – Цæгат Иристони гуманитарон æма социалон æртасæнти институт. ЦИППИ – Цæгат Иристони падзахадон педагогон институт ЦИПУ – Цæгат Иристони паддзахадон университет
633
СÆРГÆНДТÆ От научного редактора..................................................................................... 5 Киунугæаразгутæй........................................................................................... 7
I ХАЙ. АДÆМОН ПОЭЗИ................................................................. 11 НАРТИ КАДÆНГИТÆ............................................................................... 13 Уасгерги ‘ма æнæ финдз Маргъуз.................................................................. 13 Нарти Ацæмæзи зар......................................................................................... 25 Урузмæг æма е ‘нæном фурт........................................................................... 35 Сослани рантæсæн........................................................................................... 39 Æлбеги фурт минги Тотраз............................................................................. 41 Зиндони цадæ................................................................................................... 45 Батрази райгурæн............................................................................................. 51 Сослан æма Иуойнони Цалх........................................................................... 53 Сослани мæлæт................................................................................................ 57 Борæфæрнуг..................................................................................................... 60 ХЕЦÆН КАДÆНГИТÆ............................................................................... 63 Еунæги кадæнгæ............................................................................................... 63 Хæлар æма хæрам............................................................................................ 70 Азнаури кадæнгæ............................................................................................. 76 Дзæгъæстухъи фурт Цопеллеуи кадæнгæ...................................................... 81 Хъæрæмсаухалти Хъансаубий зар.................................................................. 84 Хатæги фурт Гуймани зар............................................................................... 92 Уорссæр цæргæси зар....................................................................................... 95 Фæлвæрай фурт Дзудзунай зар....................................................................... 96
634
ИСТОРИОН ЗАРТÆ..................................................................................... 98 Задæлески Нана................................................................................................ 98 Тæтæртуппи фурт Тæтæрхъани уосæ коруни зар......................................... 100 Дигор-Хъабани зар........................................................................................... 101 Айдарухъи зар.................................................................................................. 103 Фæснæли сæри арви дуар................................................................................ 105 Хъайи-фурти зар.............................................................................................. 108 Хъубадти бор Бекмæрзай зар.......................................................................... 111 Цагъди мæрдтæ................................................................................................ 113 Дзагурти Дзанболати зар................................................................................. 114 Гуймани зар...................................................................................................... 115 Гъуцъунати Габици зар................................................................................... 118 Цæу-бодзой зар................................................................................................. 120 Уорс хонх æма Сау хонхи фиййаути зар........................................................ 122 Стур-Дигори фиййаути зар............................................................................. 124 Дзандзирахъи зар............................................................................................. 126 ИЗÆДТÆ ÆМА ИДАУГУТÆБÆЛ ЗАРТÆ............................................ 128 Уасгерги............................................................................................................ 128 Никколай зар..................................................................................................... 129 Æфсатий зар..................................................................................................... 131 Æфсати ‘ма Комиай-фурти зар....................................................................... 134 Хъæрæу Æфсатий рæсугъд кизги зар............................................................. 137 Мадæ-Майрæни зар......................................................................................... 139 Алаурдий зар.................................................................................................... 140 Хуарелдари зар................................................................................................. 141 Тотури зар......................................................................................................... 142 Идауæг............................................................................................................... 143 АЛЛИХУЗИ ЦАРДИУАГОН ЗАРТÆ......................................................... 144 Басилти зар....................................................................................................... 144 Дигорон басилтæ.............................................................................................. 145 Медмоси инайæ................................................................................................ 146 Ес хуар............................................................................................................... 148 Бæгæний зар..................................................................................................... 151
635
Цæлилойтæ æма уæлилойтæ........................................................................... 153 Уонайи зар......................................................................................................... 154 Уостити зар (еумæйаг кусти)........................................................................... 156 Уостити зар (цъопп æхсингæй) ...................................................................... 157 Кизгутти зар..................................................................................................... 158 Зуйлатæ............................................................................................................. 160 Æна.................................................................................................................... 161 Кизгаййи фæззæги зар..................................................................................... 163 Кизгаййи зар..................................................................................................... 164 Гуассæ-рæсугъди зар....................................................................................... 165 Толдзæ............................................................................................................... 167 Терки билæбæл Дзарахан................................................................................ 168 Кепена............................................................................................................... 169 Таукей зар......................................................................................................... 170 Алимæрза-бимæрза.......................................................................................... 172 Нæуæг игурд сувæллонбæл куд зариуонцæ рагон дзамани......................... 173 Сувæллон авдæни бæтгæй зар........................................................................ 174 Хъахъа............................................................................................................... 175 Цæуон гъæутæмæ............................................................................................. 176 Æхсири цигон кæмæн уа................................................................................. 177 Тæрна................................................................................................................ 178 Куййи гагкæ...................................................................................................... 179 Готдза................................................................................................................ 180 Уæлæ халон хъуахъ кæнуй.............................................................................. 181 Седзæрти хор.................................................................................................... 182 Æртайгæй сабийтæ зарунцæ........................................................................... 183 Биллиуй, биллиуй............................................................................................ 184 Сухсун............................................................................................................... 185 Фадæ фæстæ..................................................................................................... 186 Агла, догла........................................................................................................ 187 Агкæ, дугкæ...................................................................................................... 188 БÆХФÆЛДЕСУНИ ÆГЪДАУ, ДАДÆЙ ÆМА ГЪАРÆНГИТÆ........ 189 Дигори бæхфæлдесуни дзубанди.................................................................... 189 Бæхфæлдесун.................................................................................................... 199 Бæхфæлдесун (цубургондæй)......................................................................... 210 Дадæй................................................................................................................ 216 Гъарæнгæ.......................................................................................................... 219 Мади гъарæнгæ æ еунæг кизгæбæл................................................................ 221
636
II ХАЙ. ПРОЗÆ....................................................................................... 223 НАРТИ КАДÆНГИТÆ................................................................................ 225 Нарти рантæсæн............................................................................................... 225 Болат-Хæмиц.................................................................................................... 228 Къантдзи тауæрæхъ.......................................................................................... 230 Деденæги кадæнгæ........................................................................................... 234 Нарти сæлф ходæ.............................................................................................. 237 Сослан æма сæри хъаболæ.............................................................................. 239 Нокари фурт Æхсæ-Будай................................................................................ 243 Нарти Сау робасдзари тауæрæхъ.................................................................... 245 Сослан Гори федар куд басаста...................................................................... 255 Нарти хийнæ Сирдон....................................................................................... 258 Нарти Уацамонгæ............................................................................................ 261 Елæхсæрдтон æма Негор æлдар...................................................................... 263 Нарти Насиран.................................................................................................. 266 Зæронд Уæрхæг................................................................................................ 268 Нарти Сослан уодæгасæй мæрдти куд адтæй................................................ 271 Орæзмæги тауæрæхъ........................................................................................ 277 Адæкези кизгæ Уадзæфтауæ........................................................................... 279 Нарти Орæзмæг................................................................................................ 283 Нартæ æз – хуæздæруонбæл куд дзурдтонцæ ............................................... 285 Сослан Нарти адæми закъитæй кæрцæ куд æскодта..................................... 288 ХЕЦÆН КАДÆНГИТÆ, ТАУРÆХЪТÆ ÆМА АРГЪÆУТТÆ.......... 290 Азуруми цауæйнон........................................................................................... 290 Алибег............................................................................................................... 297 Асæго................................................................................................................. 302 Джабагъи тауæрæхъ......................................................................................... 311 Дууæ файности................................................................................................. 312 Дууæ къурмай................................................................................................... 315 Æртæ ‘нгари...................................................................................................... 317 Æнæцæнгтæ кизги тауæрæхъ.......................................................................... 319 Елух................................................................................................................... 328 Хантæ æма къуæтти лæхъуæн......................................................................... 331 Ханти Фатумай таурæхъ.................................................................................. 336
637
Хани лæхъуæни аргъау.................................................................................... 340 Уодесæг............................................................................................................. 343 Бедзæ хурæ Бинигори таурæхъ....................................................................... 347 Таймораз........................................................................................................... 350 Бетрозти Дзадто............................................................................................... 352 Хъардани тауæрæхъ......................................................................................... 354 Æхсæууон æма нарон къæрнæхтæ.................................................................. 355 Уарзондзийнадæ............................................................................................... 357 Хæлин Барæги аргъау...................................................................................... 358 Цæргæс.............................................................................................................. 371 Цæргæс, Алтур æма Алта................................................................................ 375 Алтуд................................................................................................................. 383 Æртæ æрвади æма уæйуги аргъау................................................................... 388 Цуппар дзурдей аргъау.................................................................................... 390 Седзæргæс уосæ æма берæгъи аргъау............................................................ 393 Нивæ.................................................................................................................. 395 Аргъау............................................................................................................... 397 Айкинсæр, Гъæмпинуæраг æма Халинхъур.................................................. 399 Гал æма хæрæг.................................................................................................. 401 Хæрæг æма берæгъи аргъау............................................................................ 402 Пили тауæрæхъ................................................................................................. 405 Бæгъатæр тикис................................................................................................ 407 Дууæ мисти....................................................................................................... 409 Зæрин мулдзуг æма мистæ.............................................................................. 410 Хæфсæ æма мулдзуг........................................................................................ 412 ИСТОРИОН ТАУРÆХЪТÆ........................................................................ 413 Макъедон Александир..................................................................................... 413 Ахсахъ-Темур (вариант).................................................................................. 416 Ахсахъ-Темур æма Лæдæртæ.......................................................................... 417 Ахсахъ-Темур................................................................................................... 418 Ахсахъ-Темур Дигорæмæ кутемæй æрцудæй................................................ 420 Тæтæртуппи тауæрæхъ.................................................................................... 422 Хантæ æма Урус............................................................................................... 423 Ногъай тауæрæхъ............................................................................................. 424 Хъæрæм-Кермени æфсад морги, сахи æфсад................................................ 425 Седанати мæсуг................................................................................................ 426 Дигори Хъабан................................................................................................. 427 Хъæрæмсаухалти Мустаффæ.......................................................................... 430
638
Хъантемурти Мазухъи тауæрæхъ................................................................... 434 Тæрион Тулабег................................................................................................ 437 Сари Асланбег.................................................................................................. 441 Мæсухъæу æма Дзæрæсте Кетæй цæмæн фестадæнцæ................................ 447 Наурузти Æфсимайхой æрбацуд хонхмæ....................................................... 449 ЛЕГЕНДИТÆ................................................................................................. 451 Уасгергий тауæрæхъ........................................................................................ 451 Уасгергий карди цæф æма мудзурай рæтъузт............................................... 452 Æфсатий тауæрæхъ.......................................................................................... 453 Биндзитæ куд рантæстæнцæ Дигори.............................................................. 455 Руймон.............................................................................................................. 457 Дигорæ сайтани куд басайдтонцæ.................................................................. 459 Туккай рун........................................................................................................ 462 Уæйгутæ............................................................................................................ 464 ДИГОРОН ЦАРДÆЙ..................................................................................... 465 Рагон дигорон царди æгъдæуттæ.................................................................... 465 Дигори анзи бæрæггæнæнтæ, хиститæ æма æгъдауи рахаститæ................. 514 Рагон нарти æмА уонæн сæ фæстагонти – зæронд дигори дин.................. 521 Дуйней Бардаргутæ.......................................................................................... 542 Ковæндæнттæ, Рохс дзиуæрттæ æма бæрæгбæнттæ..................................... 544 Ковунадæ........................................................................................................... 568 Мæрдæгъдауæй................................................................................................ 581 АЛЛИХУЗИ ÆРМÆГУТÆ......................................................................... 589 Цоппай зар........................................................................................................ 589 Уарун корун...................................................................................................... 590 Цæстиарфæ....................................................................................................... 591 Фидтæлтæй байзайгæ зундгин дзурдтæ, дæнцитæ, æмбесæндтæ............... 594 Бацеутæ............................................................................................................. 607 Æлгъиститæ, каколатæ æма федистæ............................................................. 609 Усхъунмæ, зæрдунгæги, айуан æма æверхъау дзурдтæ................................ 614 Табедзæ дзурдтæ æма саланцитæ................................................................... 617 Д з у р д у а т ..................................................................................................... 620 Бадзурдгонд нисантæ....................................................................................... 632
639
Научно-популярное и литературно-художественное издание
ДИГОРСКОЕ НАРОДНОЕ ТВОРЧЕСТВО
Составители: Кибиров Амурхан Яковлевич
Скодтаев Эльбрус Борисович
При составлении книги были использованы архивные материалы СОИГСИ им. В. Абаева. В оформлении книги были использованы картины М.С. Туганова.
Редактор: Т.Т. Тамаев Компьютерный набор: Н.М. Провоторова-Кагермазова Компьютерная верстка: Н.М. Провоторова-Кагермазова Художественный редактор: В.С. Григорян
640